Хъуыддӕгтӕ
19 Аполлос+ Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел та ацыд, денджызӕй дард чи уыди, уыцы фӕндагыл ӕмӕ ӕрцыд Ефесмӕ+. Уым ахуыргӕнинӕгтӕй кӕйдӕрты ссардта 2 ӕмӕ сӕ бафарста: «Уырнджытӕ куы систут, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ схайджын стут?» Уыдон ын загътой: «Мах сыгъдӕг тыхы тыххӕй хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтам»+. 3 Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уӕд цавӕр аргъуыд райстат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы аргъуыд»+. 4 Уӕд Павел загъта: «Иоанн адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдта, сӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодтой+, уый номыл ӕмӕ сын дзырдта, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ чи ӕрцӕуы, ууыл+, ома Йесойыл». 5 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Хицау Йесойы номыл донаргъуыд райстой+. 6 Ӕмӕ сыл Павел йӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдта+, уӕд сыл Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд, ӕмӕ райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын+. 7 Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты дыууадӕсы бӕрц.
8 Павел ӕртӕ мӕйы дӕргъы цыди ӕмбырдгӕнӕнмӕ+ ӕмӕ ныфсджынӕй дзырдта, ныхасы-иу рацыдис ӕмӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Хуыцауы паддзахады+ тыххӕй. 9 Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур кодтой ӕмӕ кӕй не ’ууӕндыдысты+, стӕй адӕмы раз ацы Фӕндаг+ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ Павел ныууагъта+, ахуыргӕнинӕгты йемӕ ракодта+ ӕмӕ-иу алы бон дӕр ныхасы рацыд Тиранны скъолайы. 10 Афтӕ рацыд дыууӕ азы+, ӕмӕ Азийы+ адӕм се ’ппӕт дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр, фехъуыстой Хуыцауы ныхас.
11 Хуыцау Павелы къухӕй арӕзта ӕнахуыр стыр диссӕгтӕ*+. 12 Суанг-иу ын йӕ къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ йӕ раздарӕнтӕ дӕр рынчынтӕм бахастой+, ӕмӕ-иу сӕ низтӕй сдзӕбӕх сты, стӕй-иу адӕмӕй дӕлимонтӕ рацыдысты+. 13 Алы рӕтты чи рацу-бацу кодта ӕмӕ хӕйрӕджыты+ чи сырдта, уыцы дзуттӕгтӕй дӕр чидӕртӕ фӕлвӕрдтой Хицау Йесойы+ номӕй хӕйрӕджыты сурын – сӕ мидӕг дӕлимонтӕ кӕмӕн уыди, уыдоны раз-иу загътой: «Павел кӕй тыххӕй хъусын кӕны, уыцы Йесойы номӕй дын зӕгъын+: рацу дзы». 14 Афтӕ кодтой сауджынты хистӕры, дзуттаг лӕг Скевӕйы, авд фырты дӕр. 15 Фӕлӕ сын дӕлимон загъта: «Йесойы+ зонын, стӕй Павелы+ дӕр, фӕлӕ сымах та чи стут?» 16 Ӕмӕ сыл уӕд, дӕлимон кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕг йӕхи ныццавта+, иу иннӕйы фӕдыл сӕ фӕбынӕй кодта ӕмӕ сыл фӕтых ис, ӕмӕ уыдон дӕр, бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй, уыцы хӕдзарӕй лидзынмӕ фесты. 17 Уыцы хабар базыдтой Ефесы цӕрӕг адӕм иууылдӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ се ’ппӕты дӕр тас бацыд+, ӕмӕ Хицау Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта+. 18 Чи баууӕндыд, уыдонӕй бирӕтӕ цыдысты ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтыл састысты+ ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕргом дзырдтой. 19 Кӕлӕнгӕнджытӕй+ та бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой. Сӕ аргъ сын куы банымадтой, уӕд рауад фӕндзай мин ӕвзист ӕхцайы. 20 Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта+.
21 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Павел сфӕнд кодта*, йӕ фӕндаг Македони+ ӕмӕ Ахайыл кӕй акӕндзӕн ӕмӕ стӕй Иерусалиммӕ+ кӕй ацӕудзӕн, ӕмӕ загъта: «Уый фӕстӕ хъуамӕ Роммӕ дӕр ацӕуон»+. 22 Гъемӕ йе ’ххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофей+ ӕмӕ Ерасты+, Македонимӕ арвыста, йӕхӕдӕг та ма иуцасдӕр баззад Азийы.
23 Уыцы рӕстӕг ацы Фӕндаджы+ тыххӕй адӕм тынг сызмӕстой+. 24 Иу лӕг, Димитрий, зӕгъгӕ, ӕвзисты куыстгӕнӕг, ӕвзистӕй кодта Артемидӕйы кувӕндоны хуызӕн гыццыл кувӕндӕттӕ, ӕмӕ уый фӕрцы иннӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕ дӕр хорз ӕхца куыстой+. 25 Димитрий ӕрӕмбырд кодта уыцы ӕрмгуыстгӕнджыты, стӕй ма ахӕм куыст чи кодта, уыдоны дӕр+ ӕмӕ загъта: «Хорз адӕм, сымах ӕй зонут, мах ацы куысты фӕрцы кӕй схъӕздыг стӕм+. 26 Стӕй ма уый дӕр уынут ӕмӕ хъусут, уыцы Павел ӕрмӕст Ефесы+ нӕ, фӕлӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕгас Азийы дӕр бирӕты зонд кӕй схӕццӕ кодта, баууӕндын сӕ кодта, зӕгъгӕ, дам, адӕймаджы къухӕй конд+ хуыцӕуттӕ хуыцӕуттӕ не сты. 27 Ӕмӕ ныр ӕрмӕст уымӕй нӕу тӕссаг, нӕ куыстӕн кад кӕй нал уыдзӕн, фӕлӕ ма цытджын хуыцау Артемидӕйы+ кувӕндон дӕр адӕмы цӕсты ницыуал уыдзӕн ӕмӕ, Артемидӕйӕн ӕгас Азийы ӕмӕ ӕппӕт дунейы дӕр цы стыр кад ис, уый дӕр фесӕфдзӕн». 28 Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ хъӕр систой: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!»
29 Гъемӕ горӕт хъӕр-хъӕлӕба сси, ӕмӕ адӕм Павелы ӕмбӕлттыл, македойнаг Гай ӕмӕ Аристархыл+, фӕхӕцыдысты ӕмӕ иууылдӕр театрмӕ агуылф кодтой. 30 Павел хъавыд адӕмы ’хсӕнмӕ бацӕуынмӕ, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой. 31 Суанг ма йӕм бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ аразджытӕй дӕр чидӕртӕ, хорз зӕрдӕ йӕм чи дардта, уыдон, арвыстой ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодтой, ма бацу театрмӕ, дӕхи фыдбылызы ма баппар, зӕгъгӕ. 32 Адӕмӕй та иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ – ӕндӕр+, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой, стӕй сӕ фылдӕр, цӕмӕн ӕрӕмбырд сты, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтой. 33 Уӕд дзуттӕгтӕ адӕмы ’хсӕнӕй расхуыстой Алыксандры ӕмӕ йӕ разӕй ӕрлӕууын кодтой. Алыксандр йӕ къухӕй ацамыдта, фӕндыди йӕ адӕмимӕ аныхас кӕнын. 34 Фӕлӕ, дзуттаг кӕй у, уый куы бамбӕрстой, уӕд се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй дыууӕ сахаты бӕрц хъӕр кодтой: «Табу+ Ефесы Артемидӕйӕн!»
35 Ӕппынфӕстаг горӕты сӕргълӕууӕг адӕмы ӕрсабыр кодта+ ӕмӕ загъта: «Ефесӕгтӕ, цымӕ иу ахӕм адӕймаг дӕр ис, ӕмӕ, горӕт Ефес цытджын Артемидӕйы кувӕндон хъахъхъӕнӕг кӕй у ӕмӕ, уӕларвӕй чи ’рхауд, уыцы нывӕн кӕй табу кӕны, уый чи нӕ зоны? 36 Ӕмӕ кӕд уый дызӕрдыггаг нӕу, уӕд хъуамӕ сабыр уат ӕмӕ ӕнӕзонд митӕ ма кӕнат+. 37 Сымах кӕй ӕрбакодтат, уыдон та нӕдӕр кувӕндӕттӕй исты радавтой, нӕдӕр нын нӕ хуыцауы фаудтой. 38 Гъемӕ сӕ кӕд Димитрий+ ӕмӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕ истӕмӕй аххосджын кӕнынц, уӕд ис, тӕрхон+ кӕд фӕкӕнынц, ахӕм бонтӕ ӕмӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ чи ’взары, ахӕм хицӕуттӕ*+. 39 Кӕд ма дзы ӕндӕр исты хъуыддаг ис, уӕд уый та закъонмӕ гӕсгӕ равзарӕн ис адӕмон ӕмбырды. 40 Науӕд тӕссаг у, абон цытӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй нӕ куы фӕаххосджын кӕной, зӕгъгӕ, хицауады ныхмӕ цӕут, уымӕн ӕмӕ, уыйбӕрц адӕм цӕмӕн змӕнтынц, уымӕн ницы ӕфсон ссардзыстӕм». 41 Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ+ адӕмы арвыста+.