Йезекил
20 Ӕвдӕм азы, фӕндзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Израилы хистӕр лӕгтӕй цалдӕрӕй ӕрбацыдысты Йегъовӕйы бафӕрсынмӕ+ ӕмӕ мӕ разы ӕрбадтысты+. 2 Уӕд мын Йегъовӕ загъта: 3 «Адӕймаджы фырт, Израилы хистӕр лӕгтӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Мӕн бафӕрсынмӕ ӕрбацыдыстут?+ „Сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй, нӕ уын ратдзынӕн дзуапп+, куы мӕ фӕрсат, уӕд“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.
4 Цӕй, цӕттӕ дӕ, цӕмӕй сын тӕрхон кӕнай? Цӕттӕ дӕ, цӕмӕй сын тӕрхон кӕнай, адӕймаджы фырт?+ Радзур сын сӕ фыдӕлты ӕлгъаг миты тыххӕй+. 5 Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы адӕмы куы равзӕрстон+, уыцы бон, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ+, Иаковы байзӕддӕгтӕн расомы кодтон+ ӕмӕ сын Египеты зӕххыл мӕхи раргом кодтон+. О, ӕз сын, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон: „Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“+. 6 Уыцы бон сын ӕз, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ+, расомы кодтон, кӕй сӕ ракӕндзынӕн Египеты зӕххӕй ӕмӕ сӕ кӕй бакӕндзынӕн, уыдоны тыххӕй кӕй басгӕрстон, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ+. Уый уыд ӕппӕт зӕххыты фидыц+. 7 Ӕмӕ сын загътон: „Алчидӕр уӕ аппарӕд, йе ’ргом здӕхт кӕмӕ у, уыцы ӕлгъаг хуыцӕутты+, ӕмӕ уӕхи Египеты фаджыс-хуыцӕуттӕй ма чъизи кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“+.
8 Фӕлӕ уыдон мӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ сӕ нӕ бафӕндыд мӕнмӕ хъусын. Иу дӕр сӕ нӕ аппӕрста, йе ’ргом здӕхт кӕмӕ уыд, уыцы ӕлгъаг хуыцӕутты ӕмӕ Египеты фаджыс-хуыцӕутты дӕр нӕ ныууагътой+. Ӕмӕ уӕд ӕз загътон, мӕ судзгӕ маст сыл кӕй ныккалдзынӕн, мӕ маст сыл иууылдӕр Египеты кӕй ныккалдзынӕн+. 9 Ӕмӕ архайын райдыдтон мӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй, кӕй ӕхсӕн уыдысты, уыцы адӕмты раз мӕ ном ма фӕчъизи уыдаид+, уымӕн ӕмӕ сӕ Египеты зӕххӕй куы рацӕйкодтон, уӕд сын мӕхи раргом кодтон адӕмты раз+. 10 Ӕз сӕ ракодтон Египеты зӕххӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакодтон ӕдзӕрӕг быдырмӕ+.
11 Ӕмӕ сын радтон мӕ закъӕттӕ+, фехъусын сын кодтон мӕ тӕрхӕттӕ+, цӕмӕй сӕ чи ӕххӕст кодтаид, уый цардаид уыдоны фӕрцы+. 12 Радтон сын закъон сабатбоны тыххӕй дӕр+, цӕмӕй уый уыдаид нысан мӕн ӕмӕ уыдоны ’хсӕн+ ӕмӕ йӕ цӕмӕй зыдтаиккой, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау.
13 Фӕлӕ уыдон, Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг быдыры мӕ ныхмӕ рацыдысты+. Уыдон нӕ цардысты мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ+ ӕмӕ сӕ къух систой мӕ тӕрхӕттыл+,– фӕлӕ сӕ адӕймаг куы ’ххӕст кӕна, уӕд уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Ӕмӕ мын мӕ сабат дӕр бынтон хынджылӕггаг скодтой+. Ӕмӕ уӕд ӕз загътон, ӕдзӕрӕг быдыры сыл мӕ судзгӕ маст кӕй ныккалдзынӕн ӕмӕ сӕ кӕй ныццӕгъддзынӕн+. 14 Фӕлӕ ӕз архайдтон мӕ номы тыххӕй, цӕмӕй сӕ кӕй цӕстыты раз ракодтон, уыцы адӕмты раз мӕ ном ма фӕчъизи уыдаид+. 15 Ӕмӕ сын, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, ӕдзӕрӕг быдыры расомы кодтон+, кӕй сӕ нӕ бакӕндзынӕн, кӕй сын радтон, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ+,– уый у ӕппӕт зӕххыты фидыц+,– 16 уымӕн ӕмӕ сӕ къух систой мӕ тӕрхӕттыл. Уыдон нӕ цардысты мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ ӕмӕ мын мӕ сабат хынджылӕггаг скодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ цыд сӕ фаджыс-хуыцӕутты фӕдыл+.
17 Фӕлӕ сын фӕтӕригъӕд кодтон, ӕмӕ мӕ уый баурӕдта, цӕмӕй сӕ ма фесӕфтаин+, ӕмӕ сӕ нӕ ныццагътон ӕдзӕрӕг быдыры. 18 Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры сӕ фырттӕн загътон+: „Сымах уӕ фыдӕлты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ма цӕрут+, сӕ тӕрхӕттыл сын ма хӕцут+ ӕмӕ уӕхи сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй ма чъизи кӕнут+. 19 Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+. Цӕрут мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ+, фидар хӕцут мӕ тӕрхӕттыл+ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. 20 Мӕ сабат мын нымайут табуйагыл+. Сабат уыдзӕн нысан мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн, цӕмӕй йӕ зонат, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“+.
21 Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр мӕ ныхмӕ рацыдысты+. Уыдон нӕ цардысты мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ, мӕ тӕрхӕттыл нӕ хӕцыдысты ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кодтой,– фӕлӕ сӕ адӕймаг куы ’ххӕст кӕна, уӕд уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Мӕ сабат мын хынджылӕггаг скодтой+. Ӕмӕ уӕд ӕз загътон, мӕ судзгӕ маст сыл кӕй ныккалдзынӕн, мӕ маст сыл иууылдӕр кӕй ныккалдзынӕн ӕдзӕрӕг быдыры+. 22 Фӕлӕ ӕз мӕ къух иуварс айстон+ ӕмӕ архайдтон мӕ номы тыххӕй, цӕмӕй сӕ кӕй цӕстыты раз ракодтон, уыцы адӕмты раз мӕ ном ма фӕчъизи уыдаид+. 23 Стӕй сын, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, ӕдзӕрӕг быдыры расомы кодтон+, адӕмты ’хсӕн сӕ кӕй ныппырх кӕндзынӕн, алы бӕстӕтыл сӕ кӕй ныххӕлиу кӕндзынӕн+, 24 уымӕн ӕмӕ уыдон не ’ххӕст кодтой мӕ тӕрхӕттӕ+, сӕ къух систой мӕ закъӕттыл+, мӕ сабат мын хынджылӕггаг скодтой+ ӕмӕ сӕ цӕстытӕ кастысты сӕ фыдӕлты фаджыс-хуыцӕуттӕм+. 25 Ӕмӕ сӕ ӕз дӕр бауагътон, цӕмӕй цардаиккой, чи нӕ бӕззыд, ахӕм уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, цард сын чи нӕ радтаид, ахӕм тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+. 26 Бауагътон сӕ, цӕмӕй фӕчъизи уыдаиккой сӕ нывӕндтӕй,– алы фыццаггуырды дӕр-иу арты куы басыгътой*, уӕд+,– цӕмӕй сын мацыуал ныууагътаин ӕмӕ йӕ цӕмӕй базыдтаиккой, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.
27 Уымӕ гӕсгӕ, адӕймаджы фырт, афтӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн+: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уӕ фыдӕлтӕ мӕ фаудтой, гадзрахатӕй мыл куы рацыдысты, уӕд+. 28 Ӕз сӕ ӕрбакодтон, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодтон+, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ+. Фӕлӕ-иу бӕрзонд къуыбыр+ кӕнӕ къалиуджын бӕлас кӕм федтой, уым-иу райдыдтой сӕ нывӕндтӕ ӕмӕ сӕ ӕнад кувинӕгтӕ хӕссын+, хастой сӕ нывӕндтӕ, цӕмӕй сӕ тӕф ӕхсызгон уыдаид+, ӕмӕ-иу рауагътой сӕ кувинаг нозт+. 29 Уӕд сын ӕз загътон: „Кӕдӕм фӕцӕут, уый цавӕр кувӕн бынат у, цӕмӕй абоны онг дӕр Кувӕн бынат хуыйна?“+
30 Уымӕ гӕсгӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сымах дӕр уӕ фыдӕлтау уӕхи нӕ чъизи кӕнут+, се ’лгъаг хуыцӕутты фӕдыл нӕ цӕут ӕмӕ семӕ нӕ хӕтут?+ 31 Нывӕндтӕ кӕй хӕссут – уӕ фыртты арты кӕй судзут+,– уымӕй суанг абоны онг дӕр уе ’ппӕт фаджыс-хуыцӕутты тыххӕй уӕхи нӕ чъизи кӕнут?+ Ӕмӕ уын уӕд, Израилы адӕм, дзуапп куыд хъуамӕ раттон, куы мӕ фӕрсат, уӕд?“+
„Сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– нӕ уын ратдзынӕн дзуапп, куы мӕ фӕрсат, уӕд+. 32 Цы хъуыдытӕ уӕм фӕзыны+, уыдон нӕ сӕххӕст уыдзысты+. Сымах дзурут: „Цӕй ӕмӕ бафӕзмӕм иннӕ адӕмты, иннӕ бӕстӕты цӕрӕг адӕмыхӕттыты+ ӕмӕ кувӕм хъӕд ӕмӕ дуртӕн“»+.
33 «„Сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕз уыдзынӕн уӕ паддзах ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзынӕн фидар къухӕй, тыхджын цонгӕй+ ӕмӕ судзгӕ маст калгӕйӕ+. 34 Адӕмты ’хсӕнӕй уӕ ракӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уыдонӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн фидар къухӕй, тыхджын цонгӕй ӕмӕ судзгӕ маст калгӕйӕ+. 35 Ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн адӕмты ӕдзӕрӕг быдырмӕ+ ӕмӕ уым комкоммӕ уӕ ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕудзынӕн+.
36 Египеты зӕххыл ӕдзӕрӕг быдыры уӕ фыдӕлты ныхмӕ куыд ӕрлӕууыдтӕн тӕрхоны+, афтӕ тӕрхоны ӕрлӕудзынӕн уӕ ныхмӕ дӕр,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– 37 Фыййауы лӕдзӕджы бынты уӕ ахизын кӕндзынӕн+ ӕмӕ уемӕ сфидар кӕндзынӕн бадзырд*+. 38 Ӕз уын уе ’хсӕнӕй фесафдзынӕн, мӕ ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ мӕ разы фыдракӕндтӕ чи аразы+, уыдоны. Ӕз сӕ ракӕндзынӕн, ӕрцӕуӕггаг кӕм сты, уыцы зӕххӕй, фӕлӕ Израилы зӕхмӕ не ’рцӕудзысты+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.
39 Израилы адӕм, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Цӕут ӕмӕ уӕ алчидӕр кувӕд йӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн+. Ӕмӕ уый фӕстӕ, куы нӕ мӕм хъусат, уӕд мын мӕ сыгъдӕг ном уӕ нывӕндтӕй ӕмӕ уӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй нал чъизи кӕндзыстут“+.
40 „Уымӕн ӕмӕ мын уыдон, Израилы адӕм иууылдӕр, ӕгасӕй дӕр, уыцы зӕххы+ лӕггад кӕндзысты мӕ сыгъдӕг хохыл, Израилы бӕрзонд хохыл+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Уым сӕ мӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн, ӕмӕ уын уым зӕгъдзынӕн, цӕмӕй ӕрбахӕссат мысайнӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт сыгъдӕг кувинӕгтӕн сӕ хуыздӕртӕ+. 41 Уӕ нывӕндты тӕф мын уыдзӕн ӕхсызгон+ ӕмӕ уӕ уый тыххӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн. Уый уыдзӕн, адӕмты ’хсӕнӕй уӕ куы ’рбакӕнон ӕмӕ уӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уыдонӕй куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд+. Ӕмӕ сымахӕн куыд дӕн, уымӕй адӕмты цӕстыты раз равдисдзынӕн мӕ сыгъдӕгдзинад“+.
42 „Ӕмӕ уӕ куы ’рбакӕнон Израилы зӕхмӕ+, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 43 Уым уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ, уӕхи кӕмӕй чъизи кодтат+, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр уӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты+, ӕмӕ уӕхицӕн фенад уыдзыстут уе ’ппӕт ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй+. 44 Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+, мӕ номы тыххӕй архайын куы райдайон+, уӕд – цы саразон, уый нӕ уыдзӕн уе ’взӕр фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ уӕ хӕлд хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+, Израилы адӕм“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».
45 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: 46 «Адӕймаджы фырт, азил+ хуссарырдӕм ӕмӕ дзур+ хуссармӕ, пехуымпариуӕг кӕн хуссары хъӕдӕн. 47 Зӕгъ хуссары хъӕдӕн: „Байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дыл арт бандзардзынӕн+, ӕмӕ дын уый аныхъуырдзӕн дӕ алы цъӕх бӕлас дӕр ӕмӕ дӕ алы хус бӕлас дӕр+. Уыцы пиллон арт нӕ ахуысдзӕн+ ӕмӕ хуссарӕй цӕгатмӕ се ’ппӕты цӕсгӕмттӕ дӕр* басудздзӕн+. 48 Ӕмӕ йӕ иууылдӕр фендзысты, ӕз, Йегъовӕ, кӕй ссыгътон уыцы арт, ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн“»+.
49 Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Уыдон мӕнӕй афтӕ зӕгъынц, ӕмбисӕндтӕ йеддӕмӕ, дам, ницы дзуры»+.