99 Йегъовӕ сси паддзах+. Адӕмтӕ зыр-зыр кӕнӕнт+.
Уый бады херувимтыл+. Зӕхх ризӕд+.
2 Йегъовӕ равдыста, Сионыл стыр Хуыцау кӕй у+.
Уый у бӕрзонд, йӕ бар цӕуы ӕппӕт адӕмтыл дӕр+.
3 Бӕрзонд дын кӕнӕнт дӕ ном+.
Дӕ ном у стыр ӕмӕ адӕймагыл ӕфтауы тас, уый у сыгъдӕг+.
4 Хуыцау хъомысджын паддзахау бауарзта раст тӕрхон+.
Ды ӕрфидар кодтай рӕстдзинад+.
Раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад ӕрӕвӕрдтай Иаковӕн+.
5 Сбӕрзонд кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ бакувут йӕ къӕхтӕвӕрӕны раз+.
Уый у сыгъдӕг Хуыцау+.
6 Моисей ӕмӕ Аарон дӕр уыдысты йӕ сауджынтӕ+,
Ӕмӕ йӕм Самуил дӕр куывта йӕ номӕй+.
Уыдон куывтой Йегъовӕмӕ, ӕмӕ сын дзуапп лӕвӕрдта+.
7 Мигъы хуызӕн цӕджындзӕй ныхас кодта семӕ+.
Уыдон ӕххӕст кодтой йӕ амындтӕ ӕмӕ сын цы закъон радта, уый+.
8 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды сын-иу дзуапп радтай+.
Ды сын уыдтӕ, хатыр дӕр сын чи кодта+
Ӕмӕ-иу сӕ сӕ худинаджы хъуыддӕгты тыххӕй йӕ маст дӕр чи райста, ахӕм Хуыцау+.
9 Сбӕрзонд кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы+
Ӕмӕ бакувут йӕ сыгъдӕг хохы раз+,
Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау+.