Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йезекил 37
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Йезекил 37:1

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 1:3
  • +Йез 3:14; Рар 21:10
  • +Рар 11:9

Йезекил 37:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 37:11

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    3/2016, 29, 30 фф.

Йезекил 37:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 32:39; 1См 2:6; Ро 4:17; 2Кр 1:9

Йезекил 37:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 2:7; Пс 104:30; Йез 37:14

Йезекил 37:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рар 11:11
  • +Ил 2:27

Йезекил 37:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 37:10

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    3/2016, 29–31 фф.

Йезекил 37:8

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    3/2016, 29–31 фф.

Йезекил 37:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рар 11:7
  • +Пс 104:30

Йезекил 37:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рар 11:11

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    3/2016, 29–31 фф.

Йезекил 37:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 36:10
  • +Пс 141:7; Ис 49:14

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    3/2016, 29, 30 фф.

Йезекил 37:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 66:14; Рар 11:11
  • +Йез 11:17; 20:42; 36:24; Ам 9:14

Йезекил 37:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 126:2; Йез 37:6

Йезекил 37:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 32:15; Йез 36:27; 37:5
  • +Нм 23:19; Йез 36:36

Йезекил 37:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 17:2; Йез 37:19
  • +2Аз 15:9; 30:11
  • +1Пд 12:20
  • +1Пд 11:31

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2022, 22 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2018, 14 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    7/2016, 31, 32 фф.

Йезекил 37:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 11:13; Йер 3:18; 50:4

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2022, 22 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2018, 14 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    7/2016, 31, 32 фф.

Йезекил 37:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 12:9

Йезекил 37:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 50:4; Зх 10:6

Йезекил 37:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 12:3

Йезекил 37:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 30:3; Ис 11:12; Йер 16:15; 23:3; Ам 9:14

Йезекил 37:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 3:18; Ос 1:11
  • +Рд 49:10; Пс 2:6; Ис 9:6; Йер 23:5; Лк 1:32
  • +Йез 37:16; Зх 10:6

Йезекил 37:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 2:18; Йез 11:18; 20:43; Ос 14:8; Зх 13:2
  • +Лв 20:7
  • +Рд 17:7; Йер 31:33; Йез 36:28

Йезекил 37:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 23:5; 30:9; Ос 3:5; Лк 1:32
  • +Ин 10:16; 1Пт 5:4
  • +Пс 25:9
  • +Д.з 30:10
  • +Йер 32:39; Йез 36:27

Йезекил 37:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 30:3; Йез 28:25
  • +Ил 3:20
  • +Ис 60:21; Ам 9:15
  • +Йез 34:24; Лк 1:32; Ин 12:34

Йезекил 37:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 34:25
  • +Ис 55:3; Йер 32:40
  • +Йер 30:19; Зх 8:5; Дзт 6:14
  • +Лв 26:11; 2Кр 6:16

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/3/2010, 27, 28 фф.

Йезекил 37:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рар 21:3
  • +Лв 26:12; Йез 11:20; 36:28; 43:7; Ос 2:23

Йезекил 37:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 20:12
  • +Йез 36:23

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Йез. 37:1Йез 1:3
Йез. 37:1Йез 3:14; Рар 21:10
Йез. 37:1Рар 11:9
Йез. 37:2Йез 37:11
Йез. 37:3Д.з 32:39; 1См 2:6; Ро 4:17; 2Кр 1:9
Йез. 37:5Рд 2:7; Пс 104:30; Йез 37:14
Йез. 37:6Рар 11:11
Йез. 37:6Ил 2:27
Йез. 37:7Йез 37:10
Йез. 37:9Рар 11:7
Йез. 37:9Пс 104:30
Йез. 37:10Рар 11:11
Йез. 37:11Йез 36:10
Йез. 37:11Пс 141:7; Ис 49:14
Йез. 37:12Ис 66:14; Рар 11:11
Йез. 37:12Йез 11:17; 20:42; 36:24; Ам 9:14
Йез. 37:13Пс 126:2; Йез 37:6
Йез. 37:14Ис 32:15; Йез 36:27; 37:5
Йез. 37:14Нм 23:19; Йез 36:36
Йез. 37:16Нм 17:2; Йез 37:19
Йез. 37:162Аз 15:9; 30:11
Йез. 37:161Пд 12:20
Йез. 37:161Пд 11:31
Йез. 37:17Ис 11:13; Йер 3:18; 50:4
Йез. 37:18Йез 12:9
Йез. 37:19Йер 50:4; Зх 10:6
Йез. 37:20Йез 12:3
Йез. 37:21Д.з 30:3; Ис 11:12; Йер 16:15; 23:3; Ам 9:14
Йез. 37:22Йер 3:18; Ос 1:11
Йез. 37:22Рд 49:10; Пс 2:6; Ис 9:6; Йер 23:5; Лк 1:32
Йез. 37:22Йез 37:16; Зх 10:6
Йез. 37:23Ис 2:18; Йез 11:18; 20:43; Ос 14:8; Зх 13:2
Йез. 37:23Лв 20:7
Йез. 37:23Рд 17:7; Йер 31:33; Йез 36:28
Йез. 37:24Йер 23:5; 30:9; Ос 3:5; Лк 1:32
Йез. 37:24Ин 10:16; 1Пт 5:4
Йез. 37:24Пс 25:9
Йез. 37:24Д.з 30:10
Йез. 37:24Йер 32:39; Йез 36:27
Йез. 37:25Йер 30:3; Йез 28:25
Йез. 37:25Ил 3:20
Йез. 37:25Ис 60:21; Ам 9:15
Йез. 37:25Йез 34:24; Лк 1:32; Ин 12:34
Йез. 37:26Йез 34:25
Йез. 37:26Ис 55:3; Йер 32:40
Йез. 37:26Йер 30:19; Зх 8:5; Дзт 6:14
Йез. 37:26Лв 26:11; 2Кр 6:16
Йез. 37:27Рар 21:3
Йез. 37:27Лв 26:12; Йез 11:20; 36:28; 43:7; Ос 2:23
Йез. 37:28Йез 20:12
Йез. 37:28Йез 36:23
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Йезекил 37:1–28

Йезекил

37 Мӕныл уыди Йегъовӕйы къух+, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ йӕ тыхы* фӕрцы ахаста+ ӕмӕ мӕ ӕрӕвӕрдта дӕлвӕзы астӕу. Дӕлвӕз та уыди стджытӕй йедзаг+. 2 Уый мӕ дӕлвӕзы стджыты астӕу фӕразил-базил кӕнын кодта. Уыди дзы тынг бирӕ стджытӕ ӕмӕ уыдысты тынг хус+. 3 Ӕмӕ мӕ бафарста: «Адӕймаджы фырт, гӕнӕн ис, ӕмӕ ацы стджытӕ райгас уой?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Уый ды зоныс, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ»+. 4 Уӕд мын уый загъта: «Пехуымпариуӕг кӕн ацы стджыты тыххӕй, зӕгъ сын: „О хус стджытӕ, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ:

5 „Ацы стджытӕн афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз уӕ улӕфт бауадздзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут+. 6 Ӕз уыл ӕрӕвӕрдзынӕн нуӕрттӕ, афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл фыд фӕзындзӕн, бамбӕрздзынӕн уӕ цармӕй ӕмӕ уӕ улӕфт бауадздзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.

7 Ӕмӕ ӕз дӕр пехуымпариуӕг кодтон, загъд мын куыддӕриддӕр уыди, афтӕ+. Ӕмӕ куы пехуымпариуӕг кодтон, уӕд райхъуыст цыдӕр уынӕр, гыбар-гыбур, ӕмӕ стджытӕ кӕрӕдзиимӕ, иу стӕг иннӕимӕ, иу кӕнын райдыдтой. 8 Ӕмӕ дын сыл нуӕрттӕ ӕмӕ фыд куы фӕзынид, стӕй сыл царм дӕр куы рацӕуид. Фӕлӕ сӕ мидӕг улӕфт нӕ уыди.

9 Ӕмӕ мын дарддӕр загъта: «Пехуымпариуӕг кӕн дымгӕйӕн. Пехуымпариуӕг кӕн, адӕймаджы фырт, ӕмӕ дымгӕйӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Дымгӕ, рацу цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй ӕмӕ баулӕф ацы мӕрдтыл+, цӕмӕй райгас уой“»+.

10 Ӕмӕ ӕз дӕр пехуымпариуӕг кодтон, куыддӕриддӕр мын загъта, афтӕ. Ӕмӕ сӕ бацыд улӕфт, ӕмӕ райгас сты ӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууыдысты+ – уыдысты тынг стыр ӕфсад.

11 Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, ацы стджытӕ сты Израилы адӕм иууылдӕр+. Уыдон афтӕ зӕгъынц: „Не стджытӕ бахус сты, ницыуал ныфс нӕ ис+. Иннӕтӕй бынтон фӕхицӕн стӕм“. 12 Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „О мӕ адӕм, ӕз уын уӕ ингӕнтӕ байгом кӕндзынӕн+ ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн уӕ ингӕнтӕй. Ӕмӕ уӕ ’ркӕндзынӕн Израилы зӕхмӕ+. 13 Ӕмӕ уын, мӕ адӕм, уӕ ингӕнтӕ куы байгом кӕнон ӕмӕ уӕ уырдыгӕй куы ракӕнон, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+. 14 „Ӕз уӕ мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут+. Ӕмӕ уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн уӕ зӕххыл. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, уый кӕй загътон ӕз, Йегъовӕ, ӕмӕ йӕ кӕй сӕххӕст кодтон“,– зӕгъы Йегъовӕ»+.

15 Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 16 «Ды та, адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг+ ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, Израилы фырттӕн“+. Стӕй райс ӕндӕр лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иосифӕн – Ефремы+ лӕдзӕгӕн – ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, ӕгас Израилы адӕмӕн“+. 17 Уыцы дыууӕ лӕдзӕджы баиу кӕн, ӕмӕ дӕ къухы бауыдзысты иу лӕдзӕг+. 18 Ӕмӕ дын дӕ адӕмы фырттӕ куы зӕгъой, ӕппӕт адӕттӕ цы нысан кӕнынц, уый нын нӕ зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ+, 19 уӕд-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз райсдзынӕн Иосифы лӕдзӕг, Ефремы къухы чи ис, уый. Уыцы лӕдзӕг ӕвдисы Израилы мыггӕгтӕ дӕр, Ефремы ӕмбӕлтты. Ӕмӕ уыцы мыггӕгтӕ сӕвӕрдзынӕн ууыл, ома Иудӕйы лӕдзӕгыл, ӕмӕ сӕ иу лӕдзӕг скӕндзынӕн+. Ӕмӕ мӕ къухы бауыдзысты иу лӕдзӕг“. 20 Кӕуыл ныффысдзынӕ, уыцы лӕдзджытӕ хъуамӕ уой дӕ къухы сӕ цӕстыты раз+.

21 Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы фырттӕ цы адӕмтӕм фӕцыдысты, уыдоны ’хсӕнӕй сӕ ракӕндзынӕн, алы рӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. 22 Ӕмӕ сӕ уыцы зӕххыл, Израилы хӕхтыл, скӕндзынӕн иу адӕм+, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн иу паддзах+. Уыдон дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, дыууӕ паддзахадыл нал уыдзысты дих+. 23 Ӕмӕ сӕхи нал чъизи кӕндзысты сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй, се ’наккагдзинӕдтӕй ӕмӕ се ’ппӕт фыдракӕндтӕй+. Ӕз сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, сӕ цӕрӕнбынӕтты цы тӕригъӕдджын митӕ кодтой, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн+. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау+.

24 Уыдонӕн паддзах уыдзӕн мӕ лӕггадгӕнӕг Давид+, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн иу фыййау+. Уыдон цӕрдзысты мӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+, фидар хӕцдзысты мӕ закъӕттыл+ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзысты+. 25 Уыдон цӕрдзысты, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаковӕн кӕй радтон, уӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, уыцы зӕххыл+. О, цӕрдзысты йыл ӕнустӕм+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ сӕ фыртты фырттӕ дӕр+, мӕ лӕггадгӕнӕг Давид та ӕнустӕм уыдзӕн сӕ сӕргълӕууӕг+.

26 Ӕз семӕ скӕндзынӕн фарны бадзырд+. Семӕ конд ӕрцӕудзӕн ӕнусон бадзырд+. Сӕ зӕххыл сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, сбирӕ сӕ кӕндзынӕн+ ӕмӕ мӕ кувӕндон ӕнустӕм се ’хсӕн сӕвӕрдзынӕн+. 27 Мӕ цатыр уыдзӕн сӕ сӕрмӕ+, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм+. 28 Ӕмӕ мӕ кувӕндон ӕнустӕм се ’хсӕн куы уа+, уӕд ӕй адӕмтӕ базондзысты, ӕз, Йегъовӕ+, кӕй сыгъдӕг кӕнын Израилы“».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын