Йереми
52 Седеки+ паддзах куы сси+, уӕд ыл цыди дыууын иу азы ӕмӕ иуӕндӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+. (Йӕ мад хуынди Хамутал+, Йеремийы чызг, ӕмӕ уыд Ливнӕйӕ+.) 2 Уый дӕр Иоакимау+ арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 3 Иерусалимы ӕмӕ Иудӕйы цы хабӕрттӕ цыд, уый тыххӕй сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг йӕ разӕй фесӕфта+. Седеки рацыд Вавилоны паддзахы ныхмӕ+. 4 Ӕппынфӕстаг, Седеки фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд+, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ Иерусалиммӕ ’рцыдысты+, ӕмӕ горӕты раз ӕрбынат кодтой, ӕртыхстысты йыл ӕмӕ йын йӕ алыварс къул самадтой+. 5 Ӕмӕ горӕты алыварс лӕууыдысты, Седеки иуӕндӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕдмӕ+.
6 Цыппӕрӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фарӕстӕм бон+, горӕты тынг ӕххормаг заман куы уыд ӕмӕ адӕмӕн дзул куы нал уыд, уӕд+, 7 горӕты къул ратыдтой+, ӕмӕ ӕхсӕвы хӕстонтӕ се ’ппӕт дӕр горӕтӕй лидзынмӕ фесты+: паддзахы цӕхӕрадоны раз дыууӕ къулы ’хсӕн цы кулдуар уыд, ууылты алыгъдысты+. Халдейтӕ та горӕты алыварс лӕууыдысты. Ӕмӕ ацыдысты, Аравӕмӕ цы фӕндаг цыди, ууыл+. 8 Халдейаг ӕфсад паддзах Седекийы фӕстейӕ асырдтой+ ӕмӕ йӕ+ Иерихоны быдырты баййӕфтой. Йе ’фсад та алырдӕмты ныппырх сты ӕмӕ йӕ иунӕгӕй ныууагътой+. 9 Гъемӕ паддзахы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Вавилоны+ паддзахмӕ, Хаматы+ зӕххыл чи ис, уыцы горӕт Ривлӕмӕ+ ӕркодтой, цӕмӕй йын стӕрхон кодтаид+. 10 Ривлӕйы Вавилоны паддзах Седекийӕн йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз+ амардта. Паддзах ма Ривлӕйы амардта Иудӕйы кънйӕзты се ’ппӕты дӕр+. 11 Вавилоны паддзах Седекийӕн йӕ цӕстытӕ скъахта+, стӕй йыл ӕрхуы хъадамантӕ бакодта, Вавилонмӕ+ йӕ акодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны дардта суанг йӕ мӕлӕты онг.
12 Фӕндзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, ома Навуходоносор+ нудӕсӕм аз куы уыд Вавилоны паддзах, уӕд, хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+, Вавилоны паддзахӕн чи лӕггад кодта, уый, Иерусалиммӕ ’рцыд. 13 Ӕмӕ Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+. 14 Хъахъхъӕнджыты хистӕримӕ цы халдейаг ӕфсад уыд, уыдон Иерусалимы къултӕ кӕрӕй-кӕронмӕ ныппырх кодтой+.
15 Хуымӕтӕг адӕмӕй кӕйдӕрты ӕмӕ ма горӕты чи баззад, уыцы адӕмы+, стӕй, Вавилоны паддзахы ’рдӕм чи ралыгъд, уыдоны ӕмӕ ма дзы дӕсны кусджытӕй чи баззад, уыдоны дӕр хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан уацары акодта+. 16 Ӕрмӕст ма хуымӕтӕг адӕмӕй кӕйдӕрты ныууагъта, цӕмӕй сӕнӕфсирдӕттӕм зылдаиккой ӕмӕ алы куыстытӕ кодтаиккой+.
17 Йегъовӕйы хӕдзары цы ӕрхуы цӕджындзтӕ+ уыд, уыдон, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары цы уӕрдӕттӕ+ ӕмӕ ӕрхуы денджыз+, ома тымбыл аг, уыд, уыдон дӕр халдейтӕ ныцъцъӕл кодтой ӕмӕ уыцы ӕрхуы иууылдӕр Вавилонмӕ ахастой+. 18 Ахастой ма, фӕнык кӕдӕм ӕвгӕдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ, белтӕ+, цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ+, къустӕ+, стӕй нуазӕн къустӕ ӕмӕ, кувӕндоны кӕмӕй архайдтой, уыцы ӕрхуы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр+. 19 Хъахъхъӕнджыты хистӕр ахаста+, сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзистӕй+ конд чи уыд, уыцы ӕгтӕ+, зынгхӕссӕнтӕ, къустӕ+, фӕнык кӕдӕм ӕвгӕдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ, цырагъдарӕнтӕ+, нуазӕн къустӕ ӕмӕ ӕнӕуи къустӕ. 20 Соломон Йегъовӕйы хӕдзарӕн+ кӕй скодта, уыцы дыууӕ цӕджындзы+, денджыз+ ӕмӕ йӕ бынмӕ чи лӕууыд, уыцы дыууадӕс ӕрхуы галы+, стӕй уӕрдӕттӕ цы ӕрхуыйӕ конд уыдысты, уый уыйбӕрц уыди, ӕмӕ йӕ баргӕ дӕр не скодтой+.
21 Цӕджындзтӕ+ уыдысты ӕстдӕс ӕлмӕрины* бӕрзӕндӕн ӕмӕ дыууадӕс ӕлмӕрины стӕвдӕн+. Сӕ фӕрстӕ уыдысты цыппар ӕнгуылдзы стӕвдӕн, мидӕгӕй та уыдысты афтид. 22 Алы цӕджындзыл дӕр уыд ӕрхуыйӕ сӕр+, йӕ бӕрзӕнд уыд фондз ӕлмӕрины+. Уыцы сӕрыл кӕрӕй-кӕронмӕ+ цы хыз ӕмӕ гранаттӕ уыди, уыдон дӕр уыдысты ӕрхуыйӕ. Афтӕ конд уыд иннӕ цӕджындз дӕр йӕ гранаттимӕ+. 23 Кӕрӕй-кӕронмӕ йыл цы гранаттӕ уыд, уыдон* уыдысты нӕуӕдз ӕхсӕз, ӕдӕппӕтӕй та хызыл уыд сӕдӕ гранаты+.
24 Хъахъхъӕнджыты хистӕр акодта хистӕр сауджын Серайӕйы+, ӕххуысгӕнӕг сауджын Софонийы+ ӕмӕ ӕртӕ дуаргӕсы+ дӕр. 25 Горӕтӕй ма акодта паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иуы – ӕфсӕддонты хистӕр чи уыд, уый, стӕй ма, паддзахы уынаффӕгӕнджытӕй горӕты чи уыд, уыдонӕй авд адӕймаджы+, ӕфсады хистӕрӕн йӕ писыры, адӕмы ӕфсадмӕ чи фыста, уый, ӕмӕ ма ӕнӕуи адӕмӕй горӕты чи баззад, уыдонӕй ӕхсай адӕймаджы+. 26 Адоны се ’ппӕты дӕр хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+ ӕркодта Ривлӕмӕ+, Вавилоны паддзахмӕ. 27 Ӕмӕ сӕ Вавилоны паддзах Ривлӕйы+, Хаматы+ зӕххыл, амардта+. Афтӕ Иудӕйы адӕм сӕ зӕххӕй хауӕггаг фесты+.
28 Мӕнӕ, Навуходоносор ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд уацары кӕй акодта, уыцы адӕм – ӕртӕ мин дыууын ӕртӕ дзуттаджы+.
29 Навуходоносор+ ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Иерусалимӕй уацары акодтой астсӕдӕ ӕртын дыууӕ адӕймаджы*.
30 Навуходоносор дыууын ӕртыккӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд та хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан уацары акодта авдсӕдӕ цыппор фондз дзуттаджы+.
Иууылдӕр иумӕ та уыдысты цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.
31 Иудӕйы паддзах Йехони+ уацары ӕртын ӕвдӕм аз куы уыд, уӕд, дыууадӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууын фӕндзӕм бон, Вавилоны паддзах Евилмеродах Иудӕйы паддзах Йехонийӕн ахӕм хорздзинад ракодта*+, ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Уый уыд, Евилмеродах паддзах куы сси, уыцы аз. 32 Вавилоны паддзах йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн, Вавилоны ма йемӕ чи уыд, уыцы паддзӕхты паддзахбадӕнтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта+. 33 Йехони раласта йӕ ахӕстоны дарӕс+ ӕмӕ, цалынмӕ цард+, уӕдмӕ Вавилоны паддзахимӕ иу фынгӕй хордта+. 34 Вавилоны паддзахӕй йын лӕвӕрд цыд, хӕринагӕй йӕ цы хъуыд, уый, ӕмӕ афтӕ – алы бон дӕр, суанг йӕ мӕлӕты онг+, цалынмӕ цард, уӕдмӕ.