Левит
26 Ма аразут уӕхицӕн ницӕйаг хуыцӕуттӕ+, уӕхицӕн ма ӕвӕрут гуымирытӕ+ кӕнӕ кувӕн дуртӕ ӕмӕ уӕ зӕххыл ма ӕрӕвӕрут дуртӕ нывтимӕ+ ӕмӕ-иу сӕ разы уӕ зонгуытыл ма ӕрхаут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. 2 Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ мын мӕ кувӕн бынатӕн кад кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
3 Кӕд дарддӕр дӕр мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрат, кӕд мын мӕ фӕдзӕхстытыл фидар хӕцат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат+, 4 уӕд уын ӕз къӕвдатӕ дӕтдзынӕн сӕ афоныл+, ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн тыллӕг+, бӕлӕстӕ дӕтдзысты дыргъ+. 5 Най кӕнын-иу нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ-иу ӕрхӕццӕ уыдзӕн сӕнӕфсир тоныны афон, уӕ сӕнӕфсир-иу нӕма ӕртондзыстут, афтӕ-иу ӕрхӕццӕ уыдзӕн хуымтӕ тауыны афон. Хӕринаг уын уыдзӕн, цас уӕ хъӕуы, уыйбӕрц+ ӕмӕ уӕ зӕххыл цӕрдзыстут ӕдасӕй+. 6 Ӕз уын уыцы зӕххыл ратдзынӕн сабырдзинад+, ӕмӕ-иу куы схуыссат, уӕд никӕмӕй тӕрсдзыстут+. Уыцы зӕххӕй фӕсурдзынӕн тугдзых сырдты+ ӕмӕ уӕм хъама ничи сисдзӕн+. 7 Сымах уе знӕгты фӕстейӕ асурдзыстут+, ӕмӕ уӕ хъамайӕ цагъды кӕндзысты. 8 Фондзӕй асурдзыстут сӕдӕйы, сӕдӕйӕ та асурдзыстут дӕс мины, ӕмӕ уе знӕгтӕ уӕ хъамайӕ цагъды кӕндзысты+.
9 Ӕз уӕм ме ’ргом раздахдзынӕн+ ӕмӕ уын ратдзынӕн бирӕ зӕнӕг, уӕ байзӕддӕгты уын сбирӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ афтӕмӕй, уемӕ цы бадзырд скодтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн+. 10 Сымах хӕрдзыстут ивгъуыд азы тыллӕг+ ӕмӕ-иу зӕронд тыллӕг ӕддӕмӕ рахӕсдзыстут, цӕмӕй ногӕн бынат уа. 11 Ӕз мӕ цатыр сӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн+ ӕмӕ мӕ удӕн ӕнад нӕ уыдзыстут+. 12 Ӕз уыдзынӕн уе ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау+, сымах та уыдзыстут мӕ адӕм+. 13 Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй сын цагъартӕ мауал уыдаиккат+, ныссастон уын уе ’фсондз, ӕмӕ сӕмраст стут ӕмӕ уӕ сӕртыл схӕцыдыстут+.
14 Фӕлӕ мӕм куы нӕ хъусат ӕмӕ ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ куы не ’ххӕст кӕнат+, 15 мӕ закъӕттыл мын уӕ къух куы сисат+, мӕ тӕрхӕттӕ уӕ удтӕн афтӕ ӕнад куы уой, ӕмӕ мын ме ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ ма ӕххӕст кӕнат, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕ бадзырд куы халат+, 16 уӕд уӕ ӕз бафхӕрдзынӕн: уӕ зӕрдӕты уын тас бауадздзынӕн, бафтаудзынӕн уыл рӕуджыты низ*+ ӕмӕ тӕфсӕг, ӕмӕ уӕ цӕстырухс батайдзӕн+ ӕмӕ уӕ уд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн+. Уӕ хуымтӕ таудзыстут дзӕгъӕлы, уымӕн ӕмӕ-иу дзы цы ’рзайа, уый-иу уе знӕгтӕ бахӕрдзысты+. 17 Ӕз суыдзынӕн уӕ ныхмӕ, ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Йе сӕфт уӕ чи уыны, уыдон уӕ ныссӕнддзысты+, ӕмӕ уӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут+.
18 Фӕлӕ мӕм уӕддӕр куы нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. 19 Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ уӕ хъару ӕмӕ уын уӕ сӕрмӕ арв скӕндзынӕн ӕфсӕйнаджы хуызӕн+, уӕ къӕхты бын зӕхх та – ӕрхуыйы хуызӕн. 20 Уӕ фыдӕбон уыдзӕн дзӕгъӕлы, уымӕн ӕмӕ зӕхх тыллӕг нӕ дӕтдзӕн+, бӕлӕстӕ нӕ дӕтдзысты дыргъ+.
21 Фӕлӕ уӕддӕр мӕ ныхмӕ куы цӕуат ӕмӕ мӕм уӕддӕр куы нӕ хъусат, уӕд уӕ ӕз уӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ авд хатты фылдӕр бӕллӕхты хай бакӕндзынӕн+. 22 Хъӕддаг сырдты уыл сардаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ уӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай фӕкӕндзысты+, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты ӕмӕ уӕ бирӕ нал баззайдзӕн, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл змӕлӕг нал уыдзӕн+.
23 Фӕлӕ та мӕм уыдӕтты фӕстӕ дӕр куы нӕ байхъусат ӕмӕ куы нӕ аиват+ ӕмӕ дарддӕр мӕ ныхмӕ куы цӕуат, 24 уӕд ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ+ ӕмӕ уӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй авд хатты ӕрцӕвдзынӕн+. 25 Мӕ бадзырд+ мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уыл мастисӕг+ хъама рауадздзынӕн. Уӕ горӕттӕм лидздзыстут, фӕлӕ уыл ӕз фыдниз бафтаудзынӕн+ ӕмӕ знаджы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзыстут+. 26 Уӕ гуылтӕ* цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон уын куы ныссӕттон+, уӕд уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй дзул фыцдзысты иу пецы ӕмӕ уын ӕй дӕтдзысты барстӕй+. Ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут+.
27 Фӕлӕ та мӕм уый фӕстӕ дӕр куы нӕ байхъусат ӕмӕ дарддӕр мӕ ныхмӕ куы цӕуат+, 28 уӕд ӕз карзӕй рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ+ ӕмӕ уӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй авд хатты бафхӕрдзынӕн+. 29 Сымах хӕрдзыстут уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты+. 30 Ӕз уын ныппырх кӕндзынӕн уӕ кувӕн бынӕттӕ*+ ӕмӕ уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ, ӕмӕ уын уӕ мӕрдтӕ уӕ фаджыс-хуыцӕутты мӕрдтыл ныккалдзынӕн+. Сымах мӕ удӕн уыдзыстут ӕнад+. 31 Уӕ горӕттӕ уын хъамайы амӕттаг фӕкӕндзынӕн+, уӕ кувӕндӕттӕ уын ныппырх кӕндзынӕн+ ӕмӕ мын уӕ нывӕндты тӕф ӕхсызгон нӕ уыдзӕн+. 32 Ӕз уыцы зӕхх ӕдзӕрӕг фӕкӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕм уе знӕгтӕ, чи дзы ’рцӕра, уыдон, дисгӕнгӕ кӕсдзысты+. 33 Сымах та ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+, уӕ горӕттӕй дур дурыл нал баззайдзӕн.
34 Сымах уе знӕгты зӕххыл куы уат, уӕд уӕ зӕхх улӕфдзӕн йӕ сабаттӕ иууылдӕр, ӕдзӕрӕг цас уа, уыйбӕрц. Уыцы рӕстӕг зӕхх улӕфдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сабаттӕ иууылдӕр хъуамӕ баулӕфа+. 35 Ӕдзӕрӕг цас уа, уыйбӕрц кӕндзӕн улӕфгӕ, сымах ыл куы цардыстут, уӕд уӕ сабатты кӕй нӕ улӕфыд, уый тыххӕй.
36 Чи ма уӕ баззайа ӕмӕ уе знӕгты зӕххытыл чи цӕра+, уыдонӕн та сӕ зӕрдӕты тас бауадздзынӕн, ӕмӕ, дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, уыцы сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр-иу лидзынмӕ фӕуыдзысты. Лидздзысты, цыма сӕ фӕстейӕ хъамаимӕ сурынц, афтӕ ӕмӕ хаудзысты, ничи сӕ сурдзӕн, афтӕмӕй+. 37 Кӕрӕдзийы сӕрты хаудзысты, цыма сӕ фӕстейӕ хъамаимӕ сурынц, уыйау, сургӕ та сӕ ничи кӕндзӕн. Уӕ бон нӕ уыдзӕн уе знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. 38 Ӕмӕ адӕмты ’хсӕн фесӕфдзыстут+, ӕмӕ уӕ уе знӕгты зӕхх аныхъуырдзӕн. 39 Чи ма уӕ баззайа, уыдон та уе знӕгты зӕххытыл сӕ тӕригъӕды тыххӕй удхарӕй мӕлдзысты+. О, сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй+ удхарӕй мӕлдзысты, сӕ фыдӕлтӕ куыд мардысты, афтӕ. 40 Ӕмӕ сӕ фыдӕлтау мӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыдысты+ ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы тӕригъӕд кӕй арӕзтой, ууыл басӕтдзысты+. 41 Уӕд мӕн бахъуыд сӕ ныхмӕ рацӕуын+ ӕмӕ сӕ се знӕгты зӕхмӕ акӕнын+.
Зӕгъын, кӕд сӕ дурзӕрдӕтӕ*+ ӕрсӕттиккой+ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафидиккой. 42 Ӕмӕ ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, Иаковимӕ цы бадзырд скодтон, уый+. Ӕрхъуыды кӕндзынӕн, Исахъимӕ цы бадзырд скодтон+ ӕмӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодтон+, уый, ӕмӕ уыцы зӕхх дӕр ӕрхъуыды кӕндзынӕн. 43 Уыдон сӕ зӕхх ныууадздзысты, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы уыдзӕн ӕдзӕрӕг ӕмӕ улӕфдзӕн йӕ сабаттӕ+, уыдон та фиддзысты сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ, о, уымӕн ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттыл сӕ къух систой+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ сӕ удтӕн уыдысты ӕнад+. 44 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, се знӕгты зӕххыл куы цӕрой, уыцы рӕстӕг нӕ ныууадздзынӕн+. Афтӕ ӕнад мын не суыдзысты+, цӕмӕй сӕ фесафон ӕмӕ, семӕ цы бадзырд скодтон, уый фехалон+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау. 45 Уыдоны тыххӕй ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд скодтон, уый+. Уыдоны ӕз ракодтон Египеты зӕххӕй иннӕ адӕмты цӕстыты раз+, цӕмӕй уон сӕ Хуыцау. Ӕз дӕн Йегъовӕ“».
46 Адон сты, Йегъовӕ йӕхи ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн Синайы хохыл Моисейы уылты кӕй сфидар кодта+, уыцы уагӕвӕрдтӕ, тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ.