Исай
6 Паддзах Ози куы амард+, уыцы аз ӕз федтон Йегъовӕйы+. Уый бадти бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл+, ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕй кувӕндон байдзаг+. 2 Йӕ алыварс лӕууыдысты серафимтӕ+. Алкӕцыйӕн дӕр дзы уыди ӕхсӕз базыры. Дыууӕ базырӕй сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмбӕрзтой+, дыууӕ базырӕй – сӕ къӕхтӕ, дыууӕ базырӕй та кодтой тӕхгӕ. 3 Уыдон кӕрӕдзийӕн хъӕрӕй дзырдтой: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ!+ Ӕгас зӕхх дӕр дзаг у йӕ кадӕй!» 4 Ӕмӕ, чи дзырдта, уыдоны хъӕлӕсӕй бахизӕнты дуӕртты ӕвдузӕнтӕ+ базмӕлыдысты, ӕмӕ хӕдзар иууылдӕр фӕздӕгӕй байдзаг+.
5 Ӕмӕ ӕз загътон: «Бабын дӕн! Ныр удӕгасӕй нал баззайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕймаг+, ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕнын, сӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕмы ’хсӕн+. Ӕмӕ ӕз федтон Паддзахы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы!»+
6 Уӕд мӕм серафимтӕй иу ӕрбатахт, йӕ къухы та уыди, нывондхӕссӕнӕй ӕртыскӕнӕй кӕй райста+, ахӕм судзгӕ зынг+. 7 Ӕмӕ мын мӕ былтыл андзӕвыд+ ӕмӕ загъта: «Кӕсыс, ай дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ ныр дӕ фыдракӕндӕй ссӕрибар дӕ, дӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг дӕ»+.
8 Уӕд ӕз фехъуыстон Йегъовӕйы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?»+ Ӕз загътон: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»+. 9 Уый мын загъта: «Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъусдзыстут, фӕлӕ ницы бамбардзыстут, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фендзыстут, фӕлӕ ницы базондзыстут“+. 10 Уыцы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кӕн+, сӕ хъустӕ сын бакъуырма кӕн+ ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕ сӕхгӕн, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма уыной, хъусӕй дӕр ма хъусой ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма ӕмбарой, ӕмӕ мӕм ма раздӕхой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой»+.
11 Уӕд ӕз бафарстон: «О Йегъовӕ, кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?»+ Уый мын загъта: «Цалынмӕ горӕттӕ нӕ ныппырх уой, цӕрӕг дзы куыд нал баззайа, хӕдзӕртты иу адӕймаг дӕр куыд нал уа ӕмӕ цалынмӕ зӕхх дӕр ӕдзӕрӕг быдыр нӕ феста+, 12 цалынмӕ Йегъовӕ адӕмы нӕ фӕсура ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн не суа, уӕдмӕ+. 13 Фӕлӕ ма дзы уӕддӕр баззайдзӕн дӕсӕм хай+, ӕмӕ уый дӕр арты хай бауыдзӕн – уый уыдзӕн стыр, пӕлӕхсар бӕласы хуызӕн, куы йӕ акалай+ ӕмӕ ма дзы бындзӕфхад куыд баззайа, афтӕ+. Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг чи у, уыцы байзӕддаг уыдзӕн йӕ бындзӕфхад»+.