Иоаннӕн лӕвӕрд Раргомад
1 Ам цы хабӕрттӕ ис фыст+, уыдон Хуыцау раргом кодта+ Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн+ равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ+. Уый рарвыста йӕ зӕды+ ӕмӕ уыцы зӕды уылты уыдӕттӕ алыхуызон нысӕнттӕй+ равдыста йӕ цагъар Иоаннӕн+. 2 Иоанн хъусын кодта, Хуыцау цы ныхас загъта+ ӕмӕ Йесо Чырысти цы дзырдта+, уый тыххӕй, хъусын кодта, цытӕ федта, уыдӕтты тыххӕй. 3 Амондджын у+, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы+, уый, стӕй сӕм чи хъусы+ ӕмӕ дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ чи ӕххӕст кӕны+, уыдон дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг ӕрхӕстӕг ис+.
4 Иоанн фыссы Азийы* авд ӕмбырдмӕ+.
Стыр хорзӕх ӕмӕ уын фарн, чи уыд, чи ис ӕмӕ чи ’рцӕуы, уымӕй+ ӕмӕ, йӕ паддзахбадӕны раз чи ис, уыцы авд ӕнӕуынгӕ тыхӕй*+ 5 ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ – иузӕрдион Ӕвдисӕнӕй+, мӕрдтӕй фыццаг чи райгас+ ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах чи у, уымӕй+.
Мах чи уарзы+, нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ йӕ тугӕй чи ссӕрибар кодта+ 6 ӕмӕ нӕ йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды паддзӕхтӕ+ ӕмӕ сауджынтӕ*+ чи скодта, уый у стыр тыхы хицау, ӕмӕ йын кад уӕд ӕнустӕм дӕр!+ Аммен.
7 Уый ӕрцӕудзӕн мигътимӕ+, ӕмӕ йӕ алчидӕр йӕхи цӕстӕй фендзӕн+. Фендзысты йӕ, чи йӕ барӕхуыста+, уыдон дӕр. Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ* дӕр йӕ разы ӕрдиаг кӕндзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты+. О, афтӕ уыдзӕн. Аммен.
8 «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ*+,– зӕгъы Йегъовӕ Хуыцау,– чи уыд, чи ис ӕмӕ чи ’рцӕуы+, уый, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау»+.
9 Ӕз, уе ’фсымӕр Иоанн, Йесойы фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕн+, уый тыххӕй сымахау дӕн зын уавӕрты+, сымахимӕ мын паддзахады+ ис хай ӕмӕ сымахау фидар лӕууын+. Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтон ӕмӕ Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтон, уый тыххӕй ӕрвыст ӕрцыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ+. 10 Ӕз Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн+ ӕмӕ февзӕрдтӕн+ Хицау Йесойы боны+, ӕмӕ мӕ фӕстӕ фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс+, раст цыма сыкъауадындз ныууасыд, уыйау, 11 ӕмӕ мын уый загъта: «Цы уыныс, уый тыхтоны ныффысс+ ӕмӕ йӕ арвит авд ӕмбырдмӕ+: Ефесмӕ+, Смирнӕмӕ+, Пергаммӕ+, Фиатирӕмӕ+, Сардисмӕ+, Филадельфимӕ+ ӕмӕ Лаодикимӕ»+.
12 Фӕстӕмӕ куы акастӕн, чи мӕм дзуры, зӕгъгӕ, уӕд ауыдтон авд сызгъӕрин цырагъдарӕны+. 13 Цырагъдарӕнты ’хсӕн лӕууыд адӕймаджы фырты+ хуызӕн чидӕр, йӕ уӕлӕ – дӕргъӕй-дӕргъмӕ дарӕс, астӕуӕй риумӕ йыл баст уыд сызгъӕрин рон. 14 Йӕ сӕр ӕмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ та уыдысты урс+ къуымбилы хуызӕн, митау урс-урсид, йӕ цӕстытӕ сыгъдысты пиллон артау+, 15 йӕ къӕхтӕ уыдысты, пецы чи сзынг, ахӕм сыгъдӕг ӕрхуыйы+ хуызӕн, йӕ хъӕлӕс+ та нӕрыди бирӕ цӕугӕдӕттау. 16 Йӕ рахиз къухы уыдис авд стъалыйы+, йӕ дзыхӕй цыди даргъ дыууӕкомон цыргъ хъама+, йӕ цӕсгом ирд хурау тӕмӕнтӕ калдта+. 17 Куы йӕ федтон, уӕд йӕ разы мардау ӕрхаудтӕн.
Уӕд мыл йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс+. Ӕз дӕн Фыццаг+ ӕмӕ Фӕстаг+, 18 ӕмӕ дӕн удӕгас+. Ӕз уыдтӕн мард+, фӕлӕ ныр цӕрын ӕнусӕй-ӕнусмӕ+, ӕмӕ мӕм ис мӕлӕт+ ӕмӕ ингӕны*+ дӕгъӕлтӕ. 19 Уӕдӕ цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ уый фӕстӕ цытӕ ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ ныффысс+. 20 Мӕ рахиз къухы кӕй федтай, уыцы авд стъалыйы+, стӕй уӕд авд сызгъӕрин цырагъдарӕны+ сусӕгдзинад* у ахӕм: авд стъалыйы сты авд ӕмбырды зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та сты авд ӕмбырды+.
2 Ефесы+ ӕмбырды зӕдмӕ+ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы+ кӕмӕн ис ӕмӕ авд сызгъӕрин цырагъдарӕны+ ’хсӕн чи рацу-бацу кӕны, уый афтӕ зӕгъы: 2 „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ+, дӕ фыдӕбон ӕмӕ дӕ фидардзинад. Зонын ӕй, ӕвзӕр адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс ӕмӕ, йӕхи апостол чи хоны+, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай+ ӕмӕ, сайгӕ кӕй кӕнынц, уый кӕй базыдтай. 3 Ды фидар дӕ+, мӕ номы тыххӕй+ бирӕ бавзӕрстай, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ+. 4 Фӕлӕ дын хъуамӕ иу цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кӕнон: райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис+.
5 Уӕдӕ цы уыдтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн+ ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ кӕн. Науӕд, куы не ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн+ ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн+ йӕ бынатӕй айсдзынӕн. 6 Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, Никъалайы+ сектӕйы хъуыддӕгтӕй ӕз ме сӕфт куыд уынын+, ды дӕр сӕ де сӕфт афтӕ уыныс. 7 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых*+ ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый: „Уӕлахиздзауӕн+ ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас+ ис, уый дыргътӕй хӕрыны бар“.
8 Смирнӕйы ӕмбырды зӕдмӕ+ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг+, мард чи уыд ӕмӕ чи райгас+, уый: 9 „Зонын дын дӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад,– уӕвгӕ, хъӕздыг+ дӕ. Зонын ӕй, кӕй дӕ фауынц, йӕхи дзуттаг+ чи хоны, уыдон,– уӕвгӕ та дзуттӕгтӕ не сты, фӕлӕ Сайтаны ӕмбырдгӕнӕн*+.10 Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын+, уыдонӕй ма тӕрс. Хӕйрӕг+ сымахӕй кӕйдӕрты ахӕстоны баппардзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуат+ ӕмӕ цӕмӕй фыдӕвзарӕнты+ уат дӕс боны. Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай+, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг* – цард+. 11 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд+, Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый: „Уӕлахиздзауӕн+ дыккаг мӕлӕт ницы ракӕндзӕн“+.
12 Пергамы ӕмбырды зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Даргъ дыууӕкомон цыргъ хъама+ кӕмӕ ис, уый афтӕ зӕгъы: 13 „Зонын ӕй, кӕм цӕрыс – Сайтаны бадӕн кӕм ис, уым. Фӕлӕ мыл уӕддӕр ӕнувыд дӕ*+ ӕмӕ мын мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн+ Антипӕйы, Сайтан кӕм цӕры, уым уӕ разы куы амардтой+, уӕд дӕр мӕ нӕ аздӕхтӕ+.
14 Фӕлӕ дын цалдӕр хъуыддаджы тыххӕй хъуамӕ бауайдзӕф кӕнон: уым дӕм ис, Валаамы+ ахуырӕдтыл фидар чи хӕцы, ахӕм адӕймӕгтӕ. Валаам Валакы+ ахуыр кодта, Израилы фыртты тӕригъӕдыл куыд бафтыдтаид, цӕмӕй мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хордтаиккой ӕмӕ хӕтыдаиккой+. 15 Афтӕ дӕумӕ дӕр ис, Никъалайы+ сектӕйы ахуырӕдтыл фидар хӕст чи у, ахӕмтӕ. 16 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн+, науӕд дӕм тагъд ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ семӕ схӕцдзынӕн+, мӕ дзыхӕй цы даргъ хъама цӕуы, уымӕй+.
17 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырдтӕн цы дзуры+, уый: „Уӕлахиздзауӕн+ ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ+. Ратдзынӕн ма йын урс тымбыл дур дӕр – йӕ уӕлӕ фыст уыдзӕн ног ном+, йӕ райсӕгӕй дарддӕр кӕй ничи зоны, ахӕм“+.
18 Фиатирӕйы+ ӕмбырды зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы Фырт+, йӕ цӕстытӕ пиллон артау+ кӕмӕн судзынц ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сыгъдӕг ӕрхуыйау+ кӕмӕн ӕрттивынц, уый: 19 „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзондзинад+, дӕ уырнындзинад, дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ фидардзинад, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ+ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты+, уый дӕр.
20 Фӕлӕ дын уайдзӕф кӕнын уый тыххӕй, ӕмӕ, йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Йезавелмӕ+ афтӕ кӕй кӕсыс ӕмӕ йын кӕй ницы аразыс. Уый мын мӕ цагъарты+ зыгъуыммӕ зондыл аразы+ – ардауы сӕ хӕтыныл+ ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл+. 21 Ӕз ын радтон рӕстӕг, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна+, фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды йӕ хӕтындзинадыл ӕрфӕсмон кӕнын+. 22 Гъемӕ йыл ахӕм низ бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕлӕмӕ нал стдзӕн. Йемӕ чи хӕты, уыцы адӕймӕгтӕ та, цы митыл сӕ бафтыдта, уыдоныл куы не ’рфӕсмон кӕной, уӕд сӕ стыр масты хай бакӕндзынӕн. 23 Йӕ сывӕллӕттыл дӕр ын фыдниз бафтаудзынӕн ӕмӕ сӕ амардзынӕн. Уӕд ӕмбырдтӕ иууылдӕр базондзысты, ӕз адӕмы уыргтӕм* ӕмӕ зӕрдӕтӕм кӕй кӕсын, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр, цы йын ӕмбӕлы, уый бакӕндзынӕн+.
24 Сымахӕн та, Фиатирӕйы ма чи ис ӕмӕ уыцы ахуырадыл хӕст чи нӕу, „Сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ“+ кӕй хонынц, уыдӕттӕ чи нӕ базыдта, ӕппӕт уыдонӕн зӕгъын: ӕндӕр уаргъ уыл не ’вӕрын+, 25 ӕрмӕст, цалынмӕ не ’рцӕуон, уӕдмӕ фидар хӕцут, цы уӕм ис, ууыл+. 26 Уӕлахиз чи кӕны ӕмӕ, ӕз цы бафӕдзӕхстон, уыдон кӕронмӕ чи ӕххӕст кӕны+, уый ӕз адӕмтӕн хицауӕй сӕвӕрдзынӕн+,– 27 мӕн мӕ Фыд куыд сӕвӕрдта, афтӕ,– ӕмӕ сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй здахдзӕн+, ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау+ базгъӕлӕнтӕ уыдзысты. 28 Ӕмӕ йын ратдзынӕн сӕууон стъалы+. 29 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмбырдтӕн+ цы дзуры, уый“.
3 Сардисы ӕмбырды зӕдмӕ+ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд ӕнӕуынгӕ тыхы+ ӕмӕ авд стъалыйы+ кӕмӕ сты, уый афтӕ зӕгъы: „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ: ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ дӕ мард+. 2 Райхъал у+ ӕмӕ бафидар кӕн+, чи ма дӕм ис, мӕлӕты къахыл лӕуд чи уыд, уыдоны, уымӕн ӕмӕ куыд федтон, афтӕмӕй дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ Хуыцауы раз кӕронмӕ нӕ ахӕццӕ кодтай+. 3 Уӕдӕ цы райстай+ ӕмӕ цы фехъуыстай, уый дӕ зӕрдыл дар+, архай уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн+. Куы нӕ райхъал уай+, уӕд давӕгау+ ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ цы афон ӕрцӕудзынӕн, уый зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзынӕ+.
4 Фӕлӕ дӕм уӕддӕр Сардисы ис цалдӕр адӕймаджы+, йӕ уӕлӕдарӕс чи не счъизи кодта+, ахӕмтӕ. Уыдон мемӕ цӕудзысты урс дарӕсты+, уымӕн ӕмӕ уый аккаг сты+. 5 Уӕлахиздзау+ скӕндзӕн урс уӕлӕдарӕс+, ӕмӕ йын царды чиныгӕй+ йӕ ном никуы сыхалдзынӕн, мӕ Фыд+ ӕмӕ йӕ зӕдты+ раз уый тыххӕй ӕргом зӕгъдзынӕн, ӕз йемӕ дӕн, зӕгъгӕ. 6 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый“.
7 Филадельфийы ӕмбырды зӕдмӕ+ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг+ ӕмӕ ӕцӕг+ чи у, Давиды дӕгъӕл+ кӕмӕ ис ӕмӕ дуӕрттӕ афтӕ чи гом кӕны, ӕмӕ сӕ ничи сӕхгӕндзӕн, дуӕрттӕ афтӕ чи ӕхгӕны, ӕмӕ сӕ ничи байгом кӕндзӕн, уый зӕгъы: 8 „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ+,– ӕз дын дӕ разы дуар+ байгом кодтон, ӕмӕ йӕ никӕй бон бауыдзӕн сӕхгӕнын,– зонын ӕй, хъару дӕм бирӕ нӕй, фӕлӕ мын мӕ ныхас сӕххӕст кодтай ӕмӕ мын мӕ номыл иузӕрдионӕй баззадтӕ+. 9 Сайтаны ӕмбырдгӕнӕнӕй йӕхи дзуттаг+ чи хоны, уӕвгӕ та дзуттаг чи нӕу, фӕлӕ сайгӕ чи кӕны+, уыдонӕн ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дын бакувдзысты+, ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз дӕ кӕй бауарзтон. 10 Ды сӕххӕст кодтай, мӕ фидардзинады+ тыххӕй цы загътон, уый, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз, ӕппӕт адӕмы бафӕлварыны тыххӕй ӕгас зӕххыл дӕр чи ’рцӕудзӕн+, уыцы фӕлварӕны рӕстӕджы* бахъахъхъӕндзынӕн+. 11 Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн+. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц+, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг* мачи байса+.
12 Уӕлахиздзауы ӕз скӕндзынӕн мӕ Хуыцауы+ кувӕндоны+ цӕджындз+, ӕмӕ уырдыгӕй никуыуал рацӕудзӕн, ӕмӕ йыл ныффысдзынӕн мӕ Хуыцауы ном ӕмӕ мӕ Хуыцауы горӕты ном – уӕларвӕй, мӕ Хуыцауӕй чи ӕрцӕуы, уыцы ног Иерусалимы+ ном – ӕмӕ мӕхи ног ном дӕр+. 13 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый“.
14 Лаодикийы+ ӕмбырды зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен+, иузӕрдион+ ӕмӕ ӕцӕг+ ӕвдисӕн+, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг+: 15 „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ: ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. Бӕргӕ, уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис. 16 Уӕдӕ тӕвд+ кӕнӕ уазал+ кӕй нӕ дӕ, фӕлӕ хъӕрмуст, уый тыххӕй дӕ мӕ дзыхӕй ракалдзынӕн. 17 Ды зӕгъыс: „Ӕз хъӕздыг+ дӕн, бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ ӕппындӕр ницӕмӕй цух дӕн“. Фӕлӕ уый нӕ зоныс, ӕмӕ ницӕйаг, тӕригъӕддаг, мӕгуыр, куырм+ ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ. 18 Ӕмӕ дын зӕгъын: мӕнӕй балхӕн, арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сызгъӕрин+, цӕмӕй схъӕздыг уай, ӕмӕ урс уӕлӕдарӕс дӕр, цӕмӕй йӕ скӕнай ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинаг ма зына+, стӕй ма мӕ балхӕн цӕстытӕ сӕрдӕн хос дӕр, цӕмӕй дзы дӕ цӕстытӕ+ байсӕрдай ӕмӕ уынай.
19 Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын+. Уӕдӕ зынгзӕрдӕ у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн+. 20 Мӕнӕ дуары+ раз лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс мын чи фехъуса ӕмӕ мын дуар чи бакӕна+, уымӕ ӕз мидӕмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ ӕхсӕвӕр бахӕрдзынӕн, уый та – мемӕ. 21 Уӕлахиздзауы+ мемӕ мӕ паддзахбадӕныл ӕрбадын кӕндзынӕн+, ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ мӕ Фыдимӕ йӕ паддзахбадӕныл+ куыд ӕрбадтӕн+, афтӕ. 22 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый“»+.
4 Уый фӕстӕ федтон арвы дуар гомӕй, ӕмӕ, фыццаг цы хъӕлӕс фехъуыстон,– сыкъауадындзау+ чи нӕрыд,– уый мын загъта: „Ссу ардӕм+ ӕмӕ дын равдисон, цытӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдӕттӕ“+. 2 Уӕд ӕз ӕвиппайды Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ федтон ахӕм ныв: уӕлӕрвты+ лӕууы паддзахбадӕн+, ӕмӕ паддзахбадӕныл чидӕр бады+. 3 Чи йыл бадти, уымӕн йӕ хуыз+ уыд яшмӕйы+ ӕмӕ зынаргъ сырх дуры хуызӕн, паддзахбадӕны алыварс та уыди арвӕрдын+, изумруды+ хуызӕн.
4 Паддзахбадӕны алыварс уыди дыууын цыппар паддзахбадӕны+ ӕмӕ сыл бадтис дыууын цыппар+ хистӕр лӕджы+. Сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ+, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ+. 5 Паддзахбадӕнӕй цыди арвӕрттывдтытӕ+, хъуысти дзы хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы нӕрын+. Паддзахбадӕны раз та сыгъди авд цырагъы+. Уыцы авд цырагъы ӕвдисынц Хуыцауы авд ӕнӕуынгӕ тыхы+. 6 Паддзахбадӕны раз ма уыд авгӕй денджызы+ хуызӕн цыдӕр, дзӕнхъайау* ирд.
Паддзахбадӕны хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар херувимы+ – разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг. 7 Фыццаг херувим уыд домбайы+ хуызӕн, дыккаг – уӕныджы+ хуызӕн, ӕртыккагӕн+ йӕ цӕсгом уыд адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн, цыппӕрӕм+ та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы+ хуызӕн. 8 Уыцы цыппар херувимӕй+ алкӕмӕн дӕр уыд фӕйнӕ ӕхсӕз базыры+, алырдыгӕй ӕмӕ мидӕгырдыгӕй дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг+. Ӕхсӕвӕй-бонӕй улӕфт нӕ зонынц ӕмӕ дзурынц: „Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ+ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау, чи уыд, чи ис+ ӕмӕ чи ’рцӕуы, уый“.
9 Ӕмӕ херувимтӕ, паддзахбадӕныл чи бады+ ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры+, уымӕн кады, намысы ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ+ куы фӕдзурынц, 10 уӕд дыууын цыппар хистӕр лӕджы+, паддзахбадӕныл чи бады ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры, уый раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йын бакувынц+, паддзахбадӕны раз сӕ кадыхудтӕ ӕрӕппарынц ӕмӕ фӕзӕгъынц: 11 „О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад+ ӕмӕ намысы+ аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау+, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай+ ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ+ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд“»+.
5 Паддзахбадӕныл+ чи бадти, уымӕн йӕ рахиз къухы федтон, дыууӕрдыгӕй+ дӕр фыстытӕ кӕуыл уыдис, ахӕм тыхтон. Тыхтоныл ӕвӕрд уыди+ авд мыхуыры. 2 Ӕмӕ федтон иу тыхджын зӕды хъӕрӕй дзургӕ: «Чи у ацы тыхтоны мыхуыртӕ сисыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?» 3 Фӕлӕ нӕдӕр уӕларвыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын ничи разынд ахӕм, ӕмӕ тыхтон байгом кодтаид ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый федтаид. 4 Ӕмӕ уӕд ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уымӕн ӕмӕ ничи разынд уый аккаг, цӕмӕй тыхтон байгом кодтаид ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый федтаид+. 5 Фӕлӕ мын хистӕр лӕгтӕй иу загъта: «Ма ку. Мӕнӕ Домбай Иудӕйы+ мыггагӕй, Давиды+ бындзӕфхад+, фӕуӕлахиз+, ӕмӕ уый сисдзӕн тыхтоны авд мыхуыры ӕмӕ йӕ байгом кӕндзӕн».
6 Ӕмӕ федтон, паддзахбадӕны+ раз ӕмӕ цыппар херувимы ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ ’хсӕн кӕй лӕууыд уӕрыкк+ – уыди, цыма йӕ ӕргӕвдгӕ акодтой+, уый хуызӕн. Уӕрыккӕн уыдис авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – уыцы цӕстытӕ сты, ӕгас дунемӕ дӕр ӕрвыст чи ’рцыд, Хуыцауы уыцы авд ӕнӕуынгӕ тыхы+. 7 Уӕрыкк бацыд ӕмӕ, паддзахбадӕныл чи бадт+, уымӕн йӕ рахиз къухӕй тыхтон райста. 8 Тыхтон куы райста, уӕд цыппар херувимы ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ Уӕрыччы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Хистӕр лӕгтӕй алкӕмӕ дӕр уыди дыууадӕстӕнон фӕндыр+ ӕмӕ будӕй йедзаг сызгъӕрин къустӕ – уыцы буд+ ӕвдисы сыгъдӕджыты куывдтытӕ+. 9 Ӕмӕ зарыдысты ног зарӕг+: «Ды дӕ уый аккаг, цӕмӕй тыхтон райсай ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисай, уымӕн ӕмӕ ӕргӕвст ӕрцыдтӕ ӕмӕ дӕ тугӕй+ Хуыцауӕн+ балхӕдтай+ адӕймӕгтӕ алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй 10 ӕмӕ сӕ скодтай нӕ Хуыцауы+ паддзӕхтӕ+ ӕмӕ сауджынтӕ+, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ»+.
11 Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахбадӕны алыварс ӕмӕ херувимты ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы алыварс цы бирӕ зӕдтӕ лӕууыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыцы зӕдтӕ уыдысты милуантӕ+ ӕмӕ мин-минтӕ+. 12 Уыдон хъӕрӕй дзырдтой: «Кӕй аргӕвстой+, уыцы Уӕрыкк уый аккаг у, цӕмӕй райса тых, хъӕздыгдзинӕдтӕ, зонд, хъомыс, намыс, кад ӕмӕ арфӕ»+.
13 Ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты, зӕххыл, зӕххы бын+ ӕмӕ денджызы мидӕг Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон се ’ппӕт дӕр, о, се ’ппӕт дӕр, кӕй дзырдтой: «Паддзахбадӕныл чи бады+, стыр тыхы хицау чи у, уымӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн+ уӕд арфӕ, кад+ ӕмӕ намыс+ ӕнусӕй-ӕнусмӕ». 14 Ӕмӕ цыппар херувимы дзырдтой: «Аммен!» Хистӕр лӕгтӕ+ та сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывтой+.
6 Ӕз федтон, Уӕрыкк+ авд мыхуырӕй+ иу кӕй систа, ӕмӕ фехъуыстон, херувимтӕй иу+, цыма арв ныннӕрыд, ахӕм хъӕлӕсӕй кӕй загъта: «Рацу!»+ 2 Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон урс бӕх+. Чи йыл бадт+, уымӕ уыди ӕрдын+. Лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд+, ӕмӕ рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ+, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа+.
3 Дыккаг мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, дыккаг херувим+ кӕй загъта: «Рацу!» 4 Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, сырх-сырхид, бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи марой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди стыр хъама+.
5 Ӕртыккаг мыхуыр куы систа+, уӕд фехъуыстон, херувимтӕй ӕртыккаг+ кӕй загъта: «Рацу!» Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ+. 6 Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс, цыма цыппар херувимы+ ’хсӕнӕй+ чидӕр радзырдта: «Мӕнӕуы къус* динарыл*+. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл. Оливӕйы сой ӕмӕ сӕнмӕ та ма бавнал»+.
7 Цыппӕрӕм мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, херувимтӕй цыппӕрӕм+ куыд загъта: «Рацу!» 8 Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон фӕлурс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ ном уыди Мӕлӕт. Йӕ фӕдыл та цыд ингӕн*+. Ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххӕн йӕ цыппӕрӕм хай хъамайӕ+, ӕххормагдзинадӕй+, фыднизӕй ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕй+ марыны бар.
9 Фӕндзӕм мыхуыр куы систа, уӕд нывондхӕссӕны бын+ федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ, хорз хабар кӕй хъусын кодтой+, уый тыххӕй фыдмард+ кӕй акодтой, уыдоны удтӕ*+. 10 Уыдон хъӕрӕй сдзынӕзтой: «О Дунедарӕг+ Хуыцау, сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг+ Хуыцау, кӕдмӕ у дӕ каст, зӕххы цӕрджытӕн цӕуылнӕ рахӕссыс тӕрхон+ ӕмӕ сӕ нӕ туг+ цӕуылнӕ райсыс?» 11 Ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд даргъ урс+ уӕлӕдарӕс ӕмӕ сын загъд уыди, цӕмӕй ма иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ се ’мбал цагъарты ӕмӕ се ’фсымӕрты нымӕц нӕ баххӕст уа, уӕдмӕ – уыдоны дӕр амардзысты+, адоны куыд амардтой, афтӕ.
12 Ӕхсӕзӕм мыхуыр куы систа, уӕд федтон: зӕхх тынг нынкъуысыд, хур сау хъисынау+ ныттар, мӕй та ӕнӕхъӕнӕй дӕр тугау сырх адардта+, 13 ӕмӕ стъалытӕ арвӕй зӕхмӕ ӕрхаудысты, раст, тыхджын дымгӕ легъуибӕлас куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, афтӕ. 14 Арв, тыхтон куыд стухай, афтӕ стыхт ӕмӕ цыдӕр ӕрбаци+, ӕппӕт хӕхтӕ ӕмӕ сакъадӕхтӕ дӕр сӕ бынӕттӕй фезмӕлыдысты+. 15 Ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ, ӕлдӕрттӕ, ӕфсады сӕргълӕуджытӕ, хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар адӕймаг дӕр лӕгӕтты ӕмӕ къӕдзӕхты+ ’хсӕн бамбӕхстысты. 16 Ӕмӕ дзырдтой хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Ӕркӕлут ныл+ ӕмӕ нӕ бамбӕхсут, паддзахбадӕныл+ чи бады, уый ӕмӕ Уӕрыччы+ фыдӕхӕй, 17 уымӕн ӕмӕ сӕ судзгӕ масты+ стыр бон+ ралӕууыд, ӕмӕ чи бафӕраздзӕн?»+
7 Уый фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды+ зӕххы цыппар кӕроныл лӕугӕйӕ. Уыдон фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл+, цӕмӕй ма дымдтаиккой мадӕр зӕххыл, мадӕр денджызыл, мадӕр бӕлӕстыл+. 2 Федтон ма ӕндӕр зӕды дӕр, хурыскӕсӕнырдыгӕй+ ссӕугӕйӕ, уыди йӕм удӕгас Хуыцауы мыхуыр+. Ӕмӕ уыцы зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕхх ӕмӕ денджызӕн знаггад кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ: 3 «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты ныхтыл+ мыхуыртӕ нӕ сӕвӕрӕм+, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут мадӕр зӕххӕн, мадӕр денджызӕн, мадӕр бӕлӕстӕн».
4 Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыди, уыдоны нымӕц – сӕдӕ цыппор цыппар мины+, Израилы адӕмы+ ӕппӕт мыггӕгтӕй+ дӕр:
5 Иудӕйы+ мыггагӕй мыхуыр+ ӕвӕрд ӕрцыди дыууадӕс миныл;
Рувимы+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Гады+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
6 Асиры+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Неффалимы+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Манассийы+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
7 Симеоны+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Левийы+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Иссахары+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
8 Завулоны+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Иосифы+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл;
Вениамины+ мыггагӕй – дыууадӕс миныл.
9 Уый фӕстӕ акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм+ – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй+, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй+ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй+. Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны+ ӕмӕ Уӕрыччы раз, сӕ уӕлӕ уыди даргъ урс дарӕстӕ+, сӕ къухты та – пальмӕйы къалиутӕ+. 10 Ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау+ – паддзахбадӕныл+ чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!»+
11 Паддзахбадӕны, хистӕр лӕгты+ ӕмӕ цыппар херувимы+ алыварс цы зӕдтӕ+ лӕууыд, уыдон се ’ппӕт дӕр паддзахбадӕны раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывтой+ 12 ӕмӕ загътой: «Аммен! Табу, кад ӕмӕ намыс нӕ зондджын, арфӕйаг, тыхджын+ ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ. Аммен»+.
13 Уӕд мӕ хистӕр лӕгтӕй+ иу бафарста: «Уӕртӕ даргъ урс дарӕстӕ+ кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрбацыдысты?» 14 Ӕз ын уайтагъд загътон: «Мӕ буц хицау, ды йӕ хуыздӕр зоныс». Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Уыдон сты, стыр бӕллӕхы+ сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм. Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой+ Уӕрыччы тугӕй+. 15 Гъе уый тыххӕй лӕууынц Хуыцауы паддзахбадӕны раз+ ӕмӕ йын йӕ кувӕндоны ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц+. Паддзахбадӕныл чи бады+, уый сын сӕ сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ цатыр+. 16 Уыдон нал дӕр ӕххормаг ӕййафдзысты, нал дӕр сын дойны уыдзӕн, хур дӕр сӕ нал судздзӕн, ӕнтӕфӕй дӕр нал тыхсдзысты+, 17 уымӕн ӕмӕ, паддзахбадӕны раз чи лӕууы, уыцы Уӕрыкк+ сӕ хиздзӕн+ ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм+. Ӕмӕ сын Хуыцау ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ»+.
8 Ӕвдӕм мыхуыр+ куы систа+, уӕд уӕлӕрвты иу-ӕрдӕг сахатмӕ бӕстӕ ныссабыр. 2 Ӕмӕ федтон авд зӕды+ – лӕууыдысты Хуыцауы раз, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд авд уадындзы.
3 Ӕрбацыди ма ноджыдӕр иу зӕд ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны+ цур, йӕ къухы сызгъӕрин будсудзӕн, афтӕмӕй. Ӕмӕ йын радтой бирӕ буд+, цӕмӕй йӕ ссыгътаид, паддзахбадӕны раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн уыд, ууыл, сыгъдӕджытӕ иууылдӕр куы куывтаиккой, уӕд. 4 Зӕды къухӕй буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдтытимӕ+ ссыд Хуыцауы размӕ. 5 Уӕд зӕд будсудзӕн райста, нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй+ йӕ айдзаг кодта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ фехста+. Ӕмӕ райхъуыст арвы гыбар-гыбур+ ӕмӕ хъӕлӕстӕ, арв нырттывта+ ӕмӕ зӕхх нынкъуысыд+. 6 Ӕмӕ авд зӕды сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой авд+ уадындзӕй+ ныууасынмӕ.
7 Фыццаг зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыд их ӕмӕ арт+ тугӕмхӕццӕйӕ. Ӕмӕ басыгъд+ зӕххӕн йе ’ртыккаг хай, басыгъд бӕлӕстӕн се ’ртыккаг хай, цъӕх кӕрдӕг+ дӕр иууылдӕр басыгъд.
8 Дыккаг зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы+ хуызӕн цыдӕр, пиллон артӕй судзгӕйӕ, ӕппӕрст ӕрцыд денджызмӕ+. Ӕмӕ денджызӕн йе ’ртыккаг хай туг фестад+. 9 Денджызы цы цӕрӕгойтӕ уыди, уыдонӕн* се ’ртыккаг хай амард+, наутӕн дӕр се ’ртыккаг хай ныппырх ис.
10 Ӕртыккаг зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй+, судзгӕ цырагъау, ӕрхауд стыр стъалы ӕмӕ ӕрхаудис цӕугӕдӕттӕн се ’ртыккаг хайыл ӕмӕ суадӕттыл+. 11 Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Дӕттӕн се ’ртыккаг хай скъӕлдзойау смаст+, ӕмӕ уыцы маст донӕй бирӕ адӕм фӕмард.
12 Цыппӕрӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хурӕн йе ’ртыккаг хай бахъыгдард, афтӕ ма мӕйы ӕртыккаг хай ӕмӕ стъалыты ӕртыккаг хай дӕр, цӕмӕй се ’ртыккаг хай батар уыдаид+ ӕмӕ цӕмӕй боны ӕмӕ ӕхсӕвы ӕртыккаг хай+ талынг уыдаид.
13 Ӕмӕ федтон цӕргӕсы+ арвы бӕрзӕндты+ тӕхгӕ, ӕмӕ фехъуыстон, куыд хъӕр кодта: «Додой, додой, додой+ сӕ къона зӕххыл цӕрджытӕн, ныууасынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы иннӕ ӕртӕ зӕды уадындзты уастӕй!»+
9 Фӕндзӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ федтон, арвӕй зӕхмӕ стъалы+ куыд ӕрхауд. Уыцы стъалыйӕн лӕвӕрд ӕрцыд дӕлдзӕхы+ дӕгъӕл+. 2 Стъалы байгом кодта дӕлдзӕх ӕмӕ дзы скалд фӕздӕг+, стыр пецӕй+ фӕздӕг куыд фӕкӕлы, афтӕ, ӕмӕ уыцы фӕздӕгӕй батар сты+ хур ӕмӕ уӕлдӕф. 3 Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыд мӕтыхтӕ+, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд, зӕххон скорпионтӕм+ цы тых ис, ахӕм тых. 4 Ӕмӕ сын загъд уыди, цӕмӕй знаггад ма кӕной мадӕр зӕххон зайӕгойтӕн, мадӕр цъӕх кӕрдӕгӕн, мадӕр бӕлӕстӕн, ӕрмӕстдӕр – сӕ ныхтыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд+ кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмӕн.
5 Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыд, цӕмӕй сӕ маргӕ ма кӕной, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы хъизӕмарӕй марой+. Ӕмӕ хъизӕмар кодтой, адӕймагыл скорпион+ куы фӕхӕцы, уӕд куыд фӕхъизӕмар кӕны, афтӕ. 6 Уыцы рӕстӕг адӕм агурдзысты мӕлӕт+, фӕлӕ йӕ нӕ ардзысты, фӕнддзӕн сӕ амӕлын, фӕлӕ сӕ мӕлӕт дард лидздзӕн.
7 Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты+ хуызӕн. Сӕ сӕртыл цыма сызгъӕрин кадыхудтӕ уыд, сӕ цӕсгӕмттӕ та уыдысты адӕймаджы цӕсгӕмтты+ хуызӕн, 8 сӕ сӕрыхъуынтӕ – сылгоймаджы сӕрыхъуынты+ хуызӕн, сӕ дӕндӕгтӕ – домбайы дӕндӕгты+ хуызӕн. 9 Сӕ уӕлӕ уыд риуӕмбӕрзӕнтӕ+, ӕфсӕйнаг риуӕмбӕрзӕнты хуызӕн. Сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ уӕрдӕтты ифтыгъдӕй хӕстмӕ куы фезгъорынц+, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц+, раст ахӕм. 10 Сӕ къӕдзилтӕ ӕмӕ фаттӕ уыдысты скорпионты+ къӕдзилтӕ ӕмӕ фатты хуызӕн. Ӕмӕ сӕ къӕдзилты уыди ахӕм тых, цӕмӕй адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕной. 11 Мӕтыхтӕн уыд паддзах – дӕлдзӕхы зӕд+. Дзуттагау йӕ ном у Аваддон*, йӕ грекъаг ном та – Аполлион*+.
12 Иу додойаг хабар аивгъуыдта. Ӕмӕ ма мӕнӕ йӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы ноджыдӕр дыууӕ+.
13 Ӕхсӕзӕм зӕд+ йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ Хуыцауы раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ ис, уымӕн йӕ сыкъатӕй райхъуыст хъӕлӕс+ 14 ӕмӕ, ӕхсӕзӕм уадындз кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн загъта: «Стыр цӕугӕдон Евфраты+ цур баст+ чи у, уыцы цыппар зӕды+ суӕгъд кӕн». 15 Ӕмӕ уыцы сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодтой, уыцы цыппар зӕды уагъд ӕрцыдысты, цӕмӕй адӕмӕн се ’ртыккаг хай амардтаиккой.
16 Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц – дыууӕсӕдӕ милуаны. 17 Цӕстылуайӕны бӕхтӕ ӕмӕ барджыты федтон ахӕмтӕй: барджытыл уыди сырх-сырхид, ӕрвхуыз ӕмӕ сондонау бур згъӕрхӕдӕттӕ; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты+ сӕрты хуызӕн, ӕмӕ сӕ дзыхтӕй цыди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон+. 18 Уыцы ӕртӕ бӕллӕхӕй – сӕ дзыхтӕй цы арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон цыди, уыдонӕй,– амарди адӕмӕн се ’ртыккаг хай. 19 Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ тых уыди сӕ дзыхты ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты+ хуызӕн, уыди сын сӕртӕ, ӕмӕ уыдонӕй знаггад кодтой.
20 Уыцы бӕллӕхтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕм та сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой+ ӕмӕ нӕ ныууагътой хӕйрӕджытӕн кувын+ ӕмӕ сӕхи къухӕй конд мӕнгхуыцӕуттӕн табу кӕнын – нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи кӕны+, уыцы сызгъӕрин, ӕвзист+, ӕрхуы, дур ӕмӕ хъӕдӕй арӕзт мӕнгхуыцӕуттӕн. 21 Не ’рфӕсмон кодтой, адӕмы кӕй марынц+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕй кӕнынц+, кӕй хӕтынц ӕмӕ кӕй давынц, ууыл.
10 Ӕмӕ федтон ӕндӕр тыхджын зӕды+ уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ, мигъы+ мидӕг, йӕ сӕрмӕ уыд арвӕрдын, йӕ цӕсгом уыди хуры+ хуызӕн, йӕ къӕхтӕ+ та – судзгӕ цӕджындзты хуызӕн. 2 Йӕ къухы уыди гыццыл тыхтон гомӕй. Йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу та – зӕххыл+, 3 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай+ куыд ныббогъ кӕны, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд райхъуыст авд арвнӕрды+ хъӕлӕс.
4 Авд арвнӕрды дзырд куы фесты, уӕд мӕхи ӕрцӕттӕ кодтон фыссынмӕ, фӕлӕ мӕм уӕларвӕй+ ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд арвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн*+, ма йӕ ныффысс». 5 Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ цы зӕды федтон, уый йӕ рахиз къух арвмӕ сдардта+ 6 ӕмӕ расомы кодта, ӕнусӕй-ӕнусмӕ+ чи цӕры+, уымӕй,– арв ӕмӕ арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ зӕххыл цы ис+, денджыз ӕмӕ денджызы цы ис+, уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, уымӕй: «Уый фӕстиат нал бакӕндзӕн+. 7 Фӕлӕ ӕвдӕм зӕд+ уадындзӕй ныууасынмӕ+ йӕхи куы ’рцӕттӕ кӕна, уӕд кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕгдзинад+ – йӕ цагъар-пехуымпартӕн+ цы хорз хабар фехъусын кодта, уый».
8 Ӕмӕ та мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс+, ӕмӕ мын загъта: «Ацу, денджызыл ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уымӕн йӕ къухӕй гом тыхтон райс»+. 9 Ӕз дӕр зӕдмӕ бацыдтӕн ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мын уыцы гыццыл тыхтон радтаид. Ӕмӕ мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр+. Дӕ ахсӕн дзы смаст уыдзӕн, фӕлӕ дӕ дзыхы уыдзӕн мыдау адджын». 10 Ӕмӕ уыцы гыццыл тыхтон зӕды къухӕй райстон ӕмӕ йӕ бахордтон+. Ӕмӕ мӕ дзыхы уыди мыдау+ адджын, фӕлӕ йӕ куы бахордтон, уӕд дзы мӕ ахсӕн смаст. 11 Ӕмӕ мын загътой: «Ды хъуамӕ дарддӕр пехуымпариуӕг кӕнай адӕмыхӕттыты, адӕмты, ӕвзӕгты ӕмӕ бирӕ паддзӕхты тыххӕй»+.
11 Стӕй мӕм радтой барӕн лӕдзӕджы+ хуызӕн хъӕзы зӕнг ӕмӕ мын загътой: «Сыст ӕмӕ сбар Хуыцауы кувӕндоны+ сыгъдӕг бынат, нывондхӕссӕн ӕмӕ, сыгъдӕг бынаты чи кувы, уыдоны. 2 Кувӕндонӕн йе ’ддаг+ кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ уый лӕвӕрд у адӕмтӕн+, ӕмӕ уыдон цыппор дыууӕ мӕйы+ дӕргъы сыгъдӕг горӕт+ сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты. 3 Ӕмӕ ӕз арвитдзынӕн мӕ дыууӕ+ ӕвдисӕны, ӕмӕ иу мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны пехуымпариуӕг кӕндзысты+ хъисыны»+. 4 Уыдоны ӕвдисынц дыууӕ оливӕбӕласы+ ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны+ ӕмӕ лӕууынц зӕххы Бардарӕджы раз+.
5 Искӕй уыдонӕн исты фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ дзыхӕй арт рацӕудзӕн ӕмӕ се знӕгты аныхъуырдзӕн+. Ахӕм мӕлӕтӕй хъуамӕ амӕла, исты фыдбылыз сын ракӕнын кӕй бафӕнда, уый. 6 Уыдонмӕ ис арв+ сӕхгӕныны тых, цӕмӕй, пехуымпариуӕг куы кӕной, уӕд къӕвда ма уара+. Ис сӕм уыцы тых дӕр, цӕмӕй дон туг+ фестын кӕной ӕмӕ сӕ цал хатты бафӕнда, уал хатты зӕхх алыхуызон бӕллӕхты хай фӕкӕной.
7 Хъусын кӕнын куы фӕуой, уӕд, дӕлдзӕхӕй+ чи ссӕуы, уыцы сырд семӕ стох кӕндзӕн, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн+. 8 Ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ ӕппӕрст уыдзысты, сӕ Хицауы дӕр сын хъӕдыл кӕм байтыгътой+ ӕмӕ фӕсномыгӕй Содом+ ӕмӕ Египет чи хуыйны, уыцы стыр горӕты сӕйраг уынджы. 9 Ӕмӕ сын адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй ӕмӕ адӕмтӕй+ бирӕтӕ сӕ мӕрдтӕм кӕсдзысты ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕг+, ӕмӕ сӕ зӕппӕдзты бавӕрын нӕ бауадздзысты. 10 Зӕххыл цӕрӕг адӕм сын сӕ мӕлӕтыл цин кӕндзысты+, бӕрӕгбон скӕндзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн лӕвӕрттӕ ӕрвитдзысты+, уымӕн ӕмӕ уыцы дыууӕ пехуымпары хъизӕмарӕй мардтой зӕххыл цӕрӕг адӕмы.
11 Ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕджы+ фӕстӕ сӕ Хуыцау цард бауагъта+, ӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууыдысты. Чи сӕм касти, уыдоны та стыр тас бацыд. 12 Ӕмӕ уӕларвӕй фехъуыстой тыхджын хъӕлӕс+: «Ардӕм ссӕут»+. Уыдон дӕр мигъыл уӕларвмӕ ссыдысты, ӕмӕ сӕм се знӕгтӕ кастысты. 13 Раст уыцы сахат зӕхх тынг нынкъуысыд ӕмӕ горӕтӕн йӕ дӕсӕм хай+ ныппырх. Ӕмӕ зӕххӕнкъуыстӕй фӕмард авд мин адӕймаджы, иннӕтӕ та фӕтарстысты ӕмӕ уӕларвон Хуыцауы скадджын кодтой+.
14 Дыккаг додойаг хабар+ аивгъуыдта. Мӕнӕ, ӕртыккаг дӕр тагъд ӕрбахӕццӕ уыдзӕн.
15 Ӕвдӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕстӕ: «Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы*+ ӕмӕ йӕ Чырыстийы*+ къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»+.
16 Хуыцауы алыварс сӕ паддзахбадӕнтыл цы дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ бадти, уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+ ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывтой+ 17 ӕмӕ загътой: «О Йегъовӕ, чи уыд ӕмӕ чи ис+, уыцы Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау! Арфӕ дын кӕнӕм+, де стыр тых+ дӕ къухмӕ кӕй райстай ӕмӕ паддзах кӕй сдӕ+, уый тыххӕй. 18 Фӕлӕ адӕмтӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ ӕрцыд дӕ судзгӕ масты бон, ӕмӕ ралӕууыд рӕстӕг мӕрдтӕн стӕрхон кӕнынӕн ӕмӕ дӕ цагъар-пехуымпартӕн+, сыгъдӕджытӕн ӕмӕ дын дӕ номӕй чи тӕрсы, уыцы хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд+ адӕмӕн хорзӕх+ раттынӕн ӕмӕ, зӕхх чи сафы+, уыдоны та фесафынӕн»+.
19 Ӕмӕ уӕлӕрвты байгом Хуыцауы кувӕндоны+ сыгъдӕг бынат+, ӕмӕ дзы зынди йӕ бадзырды чырын+. Арв нырттывта, райхъуыст хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуысыд ӕмӕ ставд их ныууарыд.
12 Ӕмӕ уӕлӕрвты федтон стыр диссаг+. Федтон, йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыди, ахӕм сылгоймаджы+. Йӕ къӕхты бын уыди мӕй, йӕ сӕрыл та – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ. 2 Сылгоймаг уыд сывӕрджын ӕмӕ аргӕ-арын йӕ рыстытӕй+ хъӕр кодта.
3 Федтон ма уӕлӕрвты ӕндӕр диссаг дӕр: сырх-сырхид залиаг калм+ авд сӕримӕ ӕмӕ дӕс сыкъаимӕ, йӕ сӕртыл та – авд кадыхуды. 4 Йӕ къӕдзилӕй+ раласта уӕларвон стъалытӕн се ’ртыккаг хай+ ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста+. Залиаг калм арӕг+ сылгоймаджы+ раз лӕууыд, цӕмӕй, куы ныййардтаид, уӕд ын йӕ сывӕллоны аныхъуырдтаид+.
5 Сылгоймагӕн райгуырд лӕппу+, фырт – уый ӕппӕт адӕмты дӕр здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй+. Ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ сывӕллон уайтагъд хаст ӕрцыд Хуыцаумӕ, йӕ паддзахбадӕнмӕ+. 6 Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, цӕмӕй йӕ уым иу мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны+ ӕфсӕстаиккой+.
7 Ӕмӕ уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил+ ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ, ӕмӕ залиаг калм дӕр йӕ зӕдтимӕ семӕ хӕцыд, 8 фӕлӕ сыл нӕ фӕтых, ӕмӕ сын уӕлӕрвты бынат нал разынд. 9 Гъемӕ стыр залиаг калм+, Хӕйрӕг+ ӕмӕ Сайтан+ чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы+, уыцы рагон калм+, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд+. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр. 10 Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс:
«Ныр нӕ Хуыцау адӕмӕн ирвӕзындзинад+ ӕрхаста, йӕ тых+ раргом, йӕ паддзахад сфидар+ ӕмӕ йӕ Чырыстийы хицаудзинад райдыдта+, уымӕн ӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд не ’фсымӕртыл фауӕвӕрӕг, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз фаутӕ чи ӕвӕры, уый!+ 11 Ӕмӕ йыл уыдон фӕуӕлахиз сты+ Уӕрыччы тугӕй+ ӕмӕ, цы хабар хъусын кодтой, уымӕй+. Ӕмӕ-иу кӕд мӕлӕты цӕстытӕм дӕр кастысты, уӕддӕр сӕ удтӕ*+ не ’вгъау кодтой. 12 Уӕдӕ цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!+ Додой+ зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!»+
13 Залиаг калм уый куы федта, ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрстой+, уӕд, лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы+ фӕдыл зилын райдыдта. 14 Фӕлӕ сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы+ дыууӕ базыры, цӕмӕй атахтаид ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, уым ын цы бынат уыд цӕттӕ, уырдӕм. Уым ӕй ӕфсаддзысты+ рӕстӕг, рӕстӕджытӕ ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбис+, ӕмӕ йын калмӕй тӕссаг нӕ уыдзӕн+.
15 Залиаг калм та сылгоймаджы фӕдыл йӕ хъӕлӕсӕй цӕугӕдонау ракалдта дон+, цӕмӕй дзы аныгъуылдаид+. 16 Фӕлӕ зӕхх сылгоймагмӕ ӕххуысмӕ фӕзынд+: йӕ ком байгом кодта ӕмӕ, залиаг калм йӕ хъӕлӕсӕй цы цӕугӕдон ракалдта, уый аныхъуырдта. 17 Ӕмӕ залиаг калм сылгоймагмӕ+ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ ацыд, сылгоймаджы цотӕй ма чи баззад, уыдонимӕ тох кӕнынмӕ – Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны+ хӕс кӕуыл ис, уыдонимӕ.
13 Ӕмӕ ӕрлӕууыд денджызы был змисыл+.
Ӕмӕ федтон денджызӕй+ иу сырды+ схизгӕ, дӕс сыкъаимӕ+ ӕмӕ авд сӕримӕ+. Йӕ сыкъатыл уыди дӕс кадыхуды, йӕ сӕртыл та – Хуыцауы фауӕн+ нӕмттӕ. 2 Цы сырды федтон, уый уыди фыранчы+ хуызӕн, фӕлӕ йӕ дзӕмбытӕ уыдысты арсы+ дзӕмбыты хуызӕн, йӕ дзых та – домбайы+ дзыхы хуызӕн. Уыцы сырдӕн залиаг калм+ радта йӕ тых, йӕ паддзахбадӕн ӕмӕ стыр бартӕ+.
3 Йӕ сӕртӕй иу цыма мӕлӕтдзаг цӕф уыди, афтӕ мӕм зынди, фӕлӕ йын уыцы мӕлӕтдзаг цӕф+ байгас. Ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр сырдыл дис кодта ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд. 4 Ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, уымӕн ӕмӕ сырдӕн радта бартӕ. Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ загътой: «Чи у ацы сырды хуызӕн? Кӕй бон у йемӕ схӕцын?» 5 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг хъал ныхӕстӕ кӕнынӕн+ ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн+. Лӕвӕрд ын уыди бар, цӕмӕй цыппор дыууӕ мӕйы+ дӕргъы архайа. 6 Ӕмӕ сырд райдыдта Хуыцауы фауын+. Фаудта йын йӕ ном ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат – уӕлӕрвты чи цӕры, уыдоны+. 7 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыд бар+, цӕмӕй сыгъдӕджытимӕ тох кӕна ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз уа+. Лӕвӕрд ма йын ӕрцыд тых дӕр, цӕмӕй йӕ бар цӕуа алы мыггагыл, алы адӕмыхаттыл, алы ӕвзагыл ӕмӕ алы адӕмыл дӕр. 8 Ӕмӕ йын зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр кувдзысты. Дунейы фӕзындӕй*+ фӕстӕмӕ уыдонӕй иуы ном дӕр, ӕргӕвст+ чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыччы царды тыхтоны фыст не ’рцыд+.
9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд+. 10 Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый уацары ацӕудзӕн+. Хъамайӕ искӕй чи амара, уый хъуамӕ хъамайӕ мард ӕрцӕуа+. Уӕдӕ сыгъдӕджытӕ+ хъуамӕ уой фидар+ ӕмӕ сӕм уа уырнындзинад+.
11 Ӕмӕ федтон ӕндӕр сырды+ зӕххы хуылфӕй сцӕйцӕугӕ+. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы, фӕлӕ дзургӕ та скодта залиаг калмау+. 12 Уый, фыццаг сырдмӕ+ цы бартӕ ис, ӕппӕт уыцы бартӕй архайы фыццаг сырды цӕстыты раз. Ӕмӕ зӕхх ӕмӕ йыл чи цӕры, уыдоны кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы фыццаг сырдӕн+. 13 Ӕмӕ ӕвдисы ахӕм стыр диссӕгтӕ+, ӕмӕ адӕмы цӕстыты раз арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны.
14 Ӕмӕ йын сырды раз цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмы сайы ӕмӕ сын дзуры, цӕмӕй, хъамайӕ+ цӕф чи уыд, фӕлӕ чи райгас, уыцы сырды ныв+ скӕной. 15 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди бар, цӕмӕй цард бауадза сырды нывы ӕмӕ цӕмӕй уыцы ныв дзыхӕй дзура ӕмӕ, сырды нывӕн+ чи нӕ кува, уыдоны се ’ппӕты дӕр марын кӕна.
16 Ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕй дӕр+ – хуымӕтӕгтӕй ӕмӕ номдзыдтӕй, хъӕздгуытӕй ӕмӕ мӕгуыртӕй, сӕрибар адӕмӕй ӕмӕ цагъартӕй – домы, цӕмӕй сын сӕ рахиз къухтыл кӕнӕ сӕ ныхтыл нысан сӕвӕрой+ 17 ӕмӕ цӕмӕй уыцы нысан кӕуыл уа, ома сырды ном+ кӕнӕ йӕ номы нымӕц+, уыдон йеддӕмӕ макӕй бон уа ӕлхӕнын дӕр ӕмӕ уӕй кӕнын дӕр. 18 Ам хъӕуы зонд: ӕмбаргӕ чи у, уый сырды нымӕц банымайӕд, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймаджы+ нымӕц. Уыцы нымӕц та у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз+.
14 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ Сионы+ хохыл лӕууы Уӕрыкк+, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины+, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном+ сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон. 2 Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст уынӕр – уыди бирӕ цӕугӕдӕтты+ хъӕры ӕмӕ тыхджын арвнӕрды гыбар-гыбуры хуызӕн. Ӕмӕ цы уынӕр фехъуыстон, уый уыди, цыма зарӕггӕнджытӕ сӕ дыууадӕстӕнон фӕндырты+ цагъдмӕ зарыдысты, ахӕм. 3 Ӕмӕ паддзахбадӕны раз, цыппар херувимы+ ӕмӕ хистӕр лӕгты+ раз цы зарыдысты+, уый уыди ног зарӕджы+ хуызӕн. Ӕмӕ никӕй бон уыди уыцы зарӕг сахуыр кӕнын, зӕххӕй ӕлхӕд+ чи ӕрцыди, уыцы сӕдӕ цыппор цыппар мины+ йеддӕмӕ. 4 Уыдон сӕхи сылгоймӕгтӕй нӕ фӕчъизи кодтой+, сты сыгъдӕг*+. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл+. Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй фыццаг*+ уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд+. 5 Иу мӕнг ныхас дӕр никуы загътой+. Уыдон сты ӕнӕфау+.
6 Ӕмӕ федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ+ – уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар+, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн, хъусын кӕна цины хабар+, 7 ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй+ ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут+, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат!+ Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ+ Сфӕлдисӕгӕн!»+
8 Уыцы зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд, дыккаг, ӕмӕ дзырдта: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд+ Стыр Вавилонӕн+, йӕ масты сӕнӕй, йӕ хӕтындзинады сӕнӕй+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр чи бануазын кодта, уымӕн!»+
9 Уыдоны фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд, ӕртыккаг, ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдӕн+ ӕмӕ йӕ нывӕн+ чи кувы, йӕ ныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан ӕвӕрын чи бауагъта+, 10 уый дӕр нуаздзӕн Хуыцауы фыдӕхы сӕнӕй, Хуыцауы масты къусы чи ис, уыцы сыгъдӕг сӕнӕй+, ӕмӕ рухс зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕн+ арты ӕмӕ сондоны+. 11 Сӕ хъизӕмары фӕздӕг цӕудзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+. Сырдӕн ӕмӕ йӕ нывӕн чи кувы, йӕ номы нысан+ йӕ уӕлӕ ӕвӕрын чи бауагъта, уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕнынц. 12 Уӕдӕ сыгъдӕджытӕ+, ома Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны+ ӕмӕ Йесойыл чи ӕууӕнды+, уыдон, хъуамӕ уой фидар».
13 Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ныффысс: амондджын сты, нырӕй фӕстӕмӕ+ Хицау Йесоимӕ+ иудзинады чи амӕлы, уыдон+. О, Хуыцауы сыгъдӕг тых зӕгъы, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ баулӕфӕнт сӕ фыдӕбӕттӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ фӕдыл цӕуынц».
14 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон урс мигъ. Мигъыл бадти адӕймаджы фырты+ хуызӕн чидӕр. Йӕ сӕрыл уыд сызгъӕрин кадыхуд+, йӕ къухы та – цыргъ ӕхсырф.
15 Ӕмӕ ӕндӕр зӕд рахызти кувӕндоны сыгъдӕг бынатӕй ӕмӕ, мигъыл чи бадт, уымӕ ныхъхъӕр кодта: «Де ’хсырф рауадз ӕмӕ ӕркӕрд+, уымӕн ӕмӕ кӕрдыны афон+ ӕрцыд – зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты»+. 16 Уӕд, мигъыл чи бадт, уый йе ’хсырф зӕххыл рауагъта ӕмӕ зӕхх карст ӕрцыд.
17 Уӕларвон кувӕндоны сыгъдӕг бынатӕй+ ма рахызт ноджыдӕр иу зӕд, ӕмӕ уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф.
18 Нывондхӕссӕны цурӕй ма рахызт ноджыдӕр иу зӕд – уымӕн йӕ бар цыди артыл+. Ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уымӕ ныхъхъӕр кодта: «Дӕ цыргъ ӕхсырф рауадз ӕмӕ зӕххон сӕнӕфсиры цупӕлттӕ+ ӕрӕмбырд кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ гагатӕ срӕгъӕд сты». 19 Ӕмӕ уыцы зӕд+ дӕр йе ’хсырф зӕххыл рауагъта, ӕмӕ зӕххон сӕнӕфсир+ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ ныккалдта Хуыцауы масты стыр сӕндуцӕны+. 20 Ӕмӕ сӕнӕфсир лӕмӕрст ӕрцыд горӕты ӕдде+ сӕндуцӕны, ӕмӕ сӕндуцӕнӕй ракалд туг ӕмӕ бӕхты+ идӕтты къӕбӕлты онг схӕццӕ ӕмӕ аивылд иу мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы*+.
15 Ӕмӕ уӕлӕрвты федтон ӕндӕр диссаг+, стыр ӕмӕ ӕнахуыр: авд зӕды+ авд бӕллӕхимӕ+. Уыцы бӕллӕхтӕ сты фӕстӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы маст+ фӕуыдзӕн уыдонӕй+.
2 Ӕмӕ федтон авгӕй денджызы+ хуызӕн цыдӕр, цыма артимӕ хӕццӕ уыд, афтӕ. Федтон, сырдыл, йӕ нывыл+ ӕмӕ йӕ номы нымӕцыл+ чи уӕлахиз кӕны+, уыдон кӕй лӕууыдысты авгӕй денджызы цур+, Хуыцауы дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+ сӕ къухты, афтӕмӕй. 3 Ӕмӕ зарыдысты Хуыцауы цагъар Моисейы+ зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы+ зарӕг:
«Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ+, о Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ+, ӕнусты Паддзах!+ 4 Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн дӕуӕй+, о Йегъовӕ+, ӕмӕ дын дӕ ном чи не скадджын кӕндзӕн?+ Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион!+ Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ӕрцӕудзысты ӕмӕ кувдзысты дӕ разы+, уымӕн ӕмӕ раргом сты дӕ раст тӕрхӕттӕ»+.
5 Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕлӕрвты+ байгом цатыры*+ сыгъдӕг бынат, 6 ӕмӕ уырдыгӕй рахызт авд зӕды+ авд бӕллӕхимӕ+. Зӕдтыл уыди сыгъдӕг, цӕхӕркалгӕ кӕттаг дарӕс+, астӕуӕй риумӕ сыл баст уыд сызгъӕрин рӕттӕ. 7 Ӕмӕ цыппар херувимӕй+ сӕ иу ацы авд зӕдмӕ радта, ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры+, уыцы Хуыцауы мастӕй дзаг авд сызгъӕрин къусы+. 8 Ӕмӕ сыгъдӕг бынат байдзаг фӕздӕгӕй, Хуыцауы кад+ ӕмӕ тыхӕй, ӕмӕ никӕй бон уыди сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуын, цалынмӕ, авд зӕдмӕ цы авд бӕллӕхы+ уыди, уыдон нӕ фесты, уӕдмӕ.
16 Ӕмӕ фехъуыстон, авд зӕдмӕ сыгъдӕг бынатӕй чидӕр хъӕрӕй+ кӕй радзырдта: «Ацӕут ӕмӕ Хуыцауы масты авд къусы зӕххыл акалут»+.
2 Фыццаг зӕд+ ацыд ӕмӕ йӕ къус зӕххыл акалдта+. Ӕмӕ уӕд, сырды нысан кӕуыл уыд+ ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта+, уыцы адӕмыл фӕзынд риссаг ӕмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ+.
3 Дыккаг зӕд+ йӕ къус акалдта денджызыл+. Ӕмӕ денджыз туг фестади+, мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ денджызы+ удӕгасӕй ницыуал баззад*.
4 Ӕртыккаг зӕд+ йӕ къус акалдта цӕугӕдӕттыл+ ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты+. 5 Ӕмӕ фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд кӕй загъта: «Раст дӕ ды, чи уыд+ ӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау, иузӕрдион+ Хуыцау, ахӕм тӕрхӕттӕ кӕй рахастай+, 6 уымӕн ӕмӕ уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты+ туг ныккалдтой, ӕмӕ сын ды туг+ бануазын кодтай. Уыдон уый аккаг сты»+. 7 Ӕмӕ фехъуыстон, нывондхӕссӕн афтӕ кӕй загъта: «О Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау, дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст»+.
8 Цыппӕрӕм зӕд+ йӕ къус акалдта хурыл, ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй адӕмы артӕй сыгътаид+. 9 Ӕмӕ адӕм фыртӕвдӕй сыгъдысты, фӕлӕ уӕддӕр фаудтой Хуыцауы ном+ – ацы бӕллӕхтыл кӕй бар цӕуы+, уый ном, ӕмӕ не ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ йӕ не скадджын кодтой+.
10 Фӕндзӕм зӕд йӕ къус акалдта сырды паддзахбадӕныл+, ӕмӕ йӕ паддзахад нытталынг+, ӕмӕ адӕм фыррыстӕй се ’взӕгтыл дӕндагӕй хӕцын райдыдтой. 11 Фӕлӕ сӕ рыст ӕмӕ сӕ хъӕдгӕмтты тыххӕй ӕлгъыстой+ уӕларвон Хуыцауы ӕмӕ сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой.
12 Ӕхсӕзӕм зӕд+ йӕ къус акалдта Евфраты+ стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ йӕ дон бахус+, цӕмӕй хурыскӕсӕйнаг паддзӕхтӕн+ фӕндаг цӕттӕ уа.
13 Ӕмӕ федтон, залиаг калмы+ дзыхӕй, сырды+ дзыхӕй ӕмӕ мӕнг пехуымпары+ дзыхӕй кӕй рацыд хӕфсыты+ хуызӕн ӕртӕ ӕлгъаг пехуымпар-ныхасы+. 14 Уыцы ныхӕстӕ цӕуынц+ хӕйрӕджытӕй ӕмӕ аразынц диссӕгтӕ+. Уыдон рацыдысты ӕгас дунейы+ паддзӕхтӕм+, цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцауы стыр боны+ чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ+.
15 «Мӕнӕ, фӕцӕуын давӕгау+. Амондджын у, чи нӕ бафынӕй+ ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс чи хъахъхъӕны, цӕмӕй бӕгънӕгӕй ма цӕуа ӕмӕ йын адӕм йӕ худинаг ма феной»+.
16 Ӕмӕ паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон*+ чи хуыйны, уыцы бынатмӕ.
17 Ӕвдӕм зӕд йӕ къус акалдта уӕлдӕфмӕ+, ӕмӕ сыгъдӕг бынатӕй, паддзахбадӕнӕй, чидӕр хъӕрӕй+ радзырдта: «Сӕххӕст!» 18 Ӕмӕ арв нырттывта, райхъуыст хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы нӕрын, ӕмӕ зӕхх тынг нынкъуысыд+. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ+ ахӕм стыр, ахӕм тыхджын зӕххӕнкъуыст+ никуыма уыди. 19 Ӕмӕ стыр горӕт+ ӕртӕ дихы фӕци, адӕмты горӕттӕ дӕр ныппырх сты. Ӕмӕ Хуыцауы зӕрдыл ӕрлӕууыд Стыр Вавилон+, цӕмӕй йын бануазын кӕна йӕ фыдӕхы, йӕ масты сӕны къус+. 20 Ӕмӕ сакъадӕхтӕ иууылдӕр фӕцыдӕр сты, хӕхтӕ дӕр ӕрбайсӕфтысты+. 21 Адӕмыл арвӕй ныууарыд тынг стыр их+, алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз уыди дыууын килӕйы бӕрц*, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой+ уыцы бӕллӕхы тыххӕй, ома ихы+ тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕнахуыр стыр бӕллӕх.
17 Авд къусы+ кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады+, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаджы+ цы тӕрхон баййафдзӕн, уый. 2 Йемӕ хӕтыдысты зӕххон паддзӕхтӕ+, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм срасыг сты йӕ хӕтындзинады сӕнӕй»+.
3 Ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ руаджы ахаста ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Ӕмӕ федтон иу сылгоймаджы сырх-сырхид сырдыл+ бадгӕ. Сырд йедзаг уыди Хуыцауы фауӕн нӕмттӕй+, уыдис ын авд сӕры+ ӕмӕ дӕс сыкъайы. 4 Сылгоймаджы уӕлӕ уыди тарсырх+ ӕмӕ сӕнтсырх+ дарӕс, сызгъӕринтӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ налхъуыттӕ*+, йӕ къухы та уыд сызгъӕрин къус+, йӕ хӕтындзинады ӕлгъаг+ ӕмӕ чъизи митӕй йедзаг+. 5 Йӕ ныхыл фыст уыди сусӕг ном+: «Стыр Вавилон, хӕтаг сылгоймӕгты+ ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад»+. 6 Ӕмӕ федтон, уыцы сылгоймаг кӕй уыд расыг сыгъдӕджыты тугӕй+ ӕмӕ Йесойы ӕвдисӕнты тугӕй+.
Куы йӕ федтон, уӕд тынг бадис кодтон+. 7 Ӕмӕ мын уӕд зӕд загъта: «Цӕуыл дис кӕныс? Ӕз дын зӕгъдзынӕн ацы сылгоймаджы сусӕгдзинад+ ӕмӕ, кӕуыл бады, уыцы авдсӕрон ӕмӕ дӕссыкъаджын сырды сусӕгдзинад+: 8 кӕй федтай, уыцы сырд уыд+ ӕмӕ нал ис, фӕлӕ тагъд схиздзӕн дӕлдзӕхӕй+ ӕмӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн. Зӕххыл цӕрӕг адӕм уый куы феной, ӕмӕ сырд кӕй уыд, кӕй нал ис ӕмӕ та кӕй уыдзӕн, уӕд дисы бафтдзысты. Уыдоны нӕмттӕ дунейы фӕзындӕй* фӕстӕмӕ+ царды тыхтоны фыст не ’рцыдысты+.
9 Ам хъӕуы ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд+: авд сӕры+ сты, сылгоймаг кӕуыл бады, уыцы авд хохы+. 10 Уыдон ма ӕвдисынц авд паддзахы: фондз дзы бабын сты+, иу дзы ис+ ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд+, фӕлӕ куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн+. 11 Чи уыд ӕмӕ чи нал ис, уыцы сырд+ ма йӕхӕдӕг у ӕстӕм паддзах дӕр, фӕлӕ равзӕрд авд паддзахӕй ӕмӕ цӕуы сӕфтмӕ.
12 Цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты, паддзахад чи нӕма райста, уыцы дӕс паддзахы+. Уыдон сырдимӕ иумӕ райсдзысты паддзахы бартӕ, фӕлӕ ӕрмӕст иу сахаты ӕмгъуыдмӕ. 13 Уыдонмӕ ис иу фӕнд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ тых ӕмӕ сӕ бартӕ дӕттынц сырдӕн+. 14 Ӕмӕ стох кӕндзысты Уӕрыккимӕ+, фӕлӕ сыл Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах+. Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ»+.
15 Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хӕтаг сылгоймаг кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ – уыдон сты адӕмыхӕттытӕ, дзыллӕтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ+. 16 Цы дӕс сыкъайы+ ӕмӕ сырды+ федтай, уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты+, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты+, 17 уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын+, ома уыдонӕн сӕ иумӕйаг фӕнд сӕххӕст кӕнын: сӕ паддзахад сырды къухмӕ раттын+, цалынмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ+. 18 Цы сылгоймаджы+ федтай, уый та у, зӕххон паддзӕхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыцы стыр горӕт»+.
18 Уый фӕстӕ федтон ӕндӕр зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ, уыдис ӕм стыр бартӕ+. Ӕмӕ йӕ кадӕй зӕхх ныррухс+. 2 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта+: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд Стыр Вавилонӕн+ ӕмӕ сси хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат, маргджын уӕлдӕф кӕм ис, ахӕм бынат+, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъы ӕмбӕхсӕн!+ 3 Йӕ масты сӕнӕй, йӕ хӕтындзинады сӕнӕй, се сӕфт ӕрцыд ӕппӕт адӕмтӕн дӕр+, ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ хӕтыдысты+ йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ+ схъӕздыг сты, ӕнӕфсармӕй кӕй фембырд кодта, уыцы хъӕздыгдзинӕдтӕй»+.
4 Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут дзы, мӕ адӕм+, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕ сымахыл дӕр ма уой+ ӕмӕ уыл йӕ бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой, 5 уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ суанг арвмӕ схӕццӕ сты+, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдыл ӕрлӕууыдысты йӕ фыдхъуыддӕгтӕ+. 6 Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут+. Йӕхӕдӕг цы митӕ кодта, ахӕм митӕ йын дыууӕ хатты фылдӕр бакӕнут, о, дыууӕ хатты фылдӕр+. Сӕн цы къусы+ хӕццӕ кодта, уым ын схӕццӕ кӕнут дыууӕ хатты фылдӕр+. 7 Йӕхи бӕрзӕндты цас хаста ӕмӕ ӕнӕфсарм хъалцард цас кодта, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕстытӕ+, уымӕн ӕмӕ йӕхинымӕр дзуры: „Ӕз бадын паддзахау+, идӕдз нӕ дӕн+ ӕмӕ маст никуы фендзынӕн“+. 8 Уый тыххӕй йыл иу бонмӕ ӕрцӕудзысты йӕ бӕллӕхтӕ+: мӕлӕт, маст ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ басудздзӕн арты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, тӕрхон ын чи хӕссы, уый, тыхджын у+.
9 Йемӕ чи хӕтыд ӕмӕ ӕнӕфсарм хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ+ кӕудзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты+, цы арты судзы, уый фӕздӕгмӕ+ кӕсгӕйӕ. 10 Йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф ран ӕмӕ дзурдзысты+: „Мӕгуыр дӕ бон, мӕгуыр дӕ бон, стыр горӕт+, фидар горӕт Вавилон! Иу сахатмӕ дӕ тӕрхон баййӕфта!“+
11 Зӕххон сӕудӕджертӕ+ дӕр ыл кӕуынц ӕмӕ йыл хъыг кӕнынц+, уымӕн ӕмӕ сын ничиуал ӕлхӕны сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ+: 12 сызгъӕрин, ӕвзист, зынаргъ дуртӕ, налхъуыт*, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг, тарсырх, зӕлдаг ӕмӕ сӕнтсырх хъуымӕцтӕ, алыхуызон дзауматӕ хӕрздӕф бӕласӕй, пылыстӕгӕй, тӕккӕ зынаргъдӕр хъӕдӕрмӕгӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ мраморӕй+, 13 стӕй корицӕ, индиаг хъацӕн, буд, хӕрздӕф сой, урс буд, сӕн, оливӕйы сой, хорз ссад, мӕнӕу, стуртӕ, фыстӕ, бӕхтӕ, уӕрдӕттӕ, цагъартӕ ӕмӕ адӕмы удтӕ*+. 14 Цы адджын дыргътӕм мондаг кодтай+, уыдон дын нал сты, хуыздӕрӕй ӕмӕ дӕм ӕвзаргӕйӕ цы уыди, уыдон дын иууылдӕр фесӕфтысты, ӕмӕ сӕ никуыуал уыдзӕн ссарӕн+.
15 Ӕппӕт адӕттӕ чи уӕй кодта, йӕ фӕрцы чи схъӕздыг, уыцы сӕудӕджертӕ+ йӕ хъизӕмӕртты тасӕй дӕрддзӕф лӕудзысты, кӕудзысты ӕмӕ хъыг кӕндзысты+ 16 ӕмӕ дзурдзысты: „Мӕнӕ бӕллӕх, мӕнӕ бӕллӕх... Стыр горӕтӕн+ йӕ дарӕс уыд ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй, тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх хъуымӕцтӕй, хъӕздыг арӕзт уыди сызгъӕринтӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ налхъуыттӕй+. 17 Фӕлӕ йӕ бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй иу сахатмӕ ницыуал аззад!“+
Науты хистӕртӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ алы рӕттӕй+ цӕуӕг адӕм иууылдӕр, наудзаутӕ ӕмӕ, денджызы фӕрцы ӕхца чи кусы, уыдон иууылдӕр лӕууыдысты дӕрддзӕф+ 18 ӕмӕ, цы арты сыгъд, уый фӕздӕгмӕ кӕсгӕйӕ хъарӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: „Кӕм ма ис ацы стыр горӕты хуызӕн?“+ 19 Сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой+, хъарджытӕ кодтой, куыдтой, хъыг кодтой+ ӕмӕ дзырдтой: „Мӕнӕ бӕллӕх, мӕнӕ бӕллӕх... Стыр горӕты хъӕздыгдзинады фӕрцы сбонджын сты+, денджызы наутӕ кӕмӕн ис, уыдон иууылдӕр+. Фӕлӕ иу сахатмӕ ӕнӕ ницӕмӕй аззад!“+
20 Цин кӕнут ууыл, уӕлӕрвтӕ+, ӕмӕ сымах, сыгъдӕджытӕ+, апостолтӕ+ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау стӕрхон кодта, сымах тыххӕй йӕ бафхӕрдта!»+
21 Ӕмӕ иу тыхджын зӕд систа куыройыдуры йас дур+, денджызмӕ йӕ фехста+ ӕмӕ загъта: «Афтӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн стыр горӕт Вавилон ӕмӕ йӕ никуыуал ничи ссардзӕн+. 22 Ӕмӕ дӕ никуыуал райхъуысдзӕн, дыууадӕстӕнон фӕндырты цагъдмӕ чи зары, уыдоны хъӕлӕс ӕмӕ алыхуызон цӕгъдджыты цагъд; никуыуал дӕ райхъуысдзӕн+ уадындзты цагъд ӕмӕ сыкъауадындзты уаст; никуыуал дӕм уыдзӕн ницавӕр ӕрмгуыстгӕнӕг; никуыуал дӕ цӕудзӕн куыройыдуры уынӕр; 23 никуыуал дӕ ракӕлдзӕн цырагъы рухс, никуыуал дӕ райхъуысдзӕн сиахсы ӕмӕ чындзы хъӕлӕс+, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕудӕджертӕ+ уыдысты зӕххон ӕлдӕрттӕ+, ӕмӕ дӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕй+ ӕппӕт адӕмты дӕр фӕсайдтай. 24 О, ацы горӕты ныккалд пехуымпарты+ ӕмӕ сыгъдӕджыты+ туг+ ӕмӕ, зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой, уыдоны туг»+.
19 Уый фӕстӕ уӕлӕрвты фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс+, цыма тынг бирӕ адӕм дзырдтой: «Кадджын кӕнут Йагъы*!+ Нӕ Хуыцау у Ирвӕзынгӕнӕг+. Уый у кадджын Хуыцау ӕмӕ стыр тыхы хицау+, 2 уымӕн ӕмӕ йӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст+. Уый бафхӕрдта, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у ӕмӕ йӕ хӕтындзинадӕй зӕхх чи фесӕфта, уыцы хӕтаг сылгоймаджы ӕмӕ дзы йӕ цагъарты туг райста»+. 3 Ӕмӕ та дыккаг хатт дӕр загътой: «Кадджын кӕнут Йагъы!+ Уыцы горӕтӕн та йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»+.
4 Ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ ӕмӕ цыппар херувимы+ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ, паддзахбадӕныл чи бады+, уыцы Хуыцауӕн бакуывтой ӕмӕ загътой: «Аммен! Кадджын кӕнут Йагъы!»+
5 Паддзахбадӕнӕй дӕр райхъуыст хъӕлӕс: «Кадджын кӕнут нӕ Хуыцауы, йӕ цагъартӕ иууылдӕр+, чи дзы тӕрсы, уыдон – хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕм!»+
6 Ӕмӕ фехъуыстон, цыма тынг бирӕ адӕм хъӕрӕй дзырдтой, ӕмӕ цыма бирӕ цӕугӕдӕттӕ нӕрыдысты ӕмӕ арв тынг гыбар-гыбур кодта. Уыдон дзырдтой: «Кадджын кӕнут Йагъы+, уымӕн ӕмӕ нӕ Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау Йегъовӕ сси паддзах!+ 7 Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ йӕ скадджын кӕнӕм+, уымӕн ӕмӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв+ ӕрхӕццӕ+, ӕмӕ йӕ усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта+. 8 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй скӕна цӕхӕркалгӕ, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг ӕвдисы сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ»+.
9 Ӕмӕ мын зӕд загъта: «Ныффысс: амондджын сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ+ хуынд+ чи у, уыдон». Ноджыдӕр ма мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ загъта Хуыцау, ӕмӕ сты раст»+. 10 Уӕд ӕз йӕ разы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакувон ын+, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын уый загъта: «Ма бакӕн афтӕ!+ Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууы, уыдонӕн+. Бакув Хуыцауӕн+, уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхӕстӕ сты Йесойы тыххӕй ӕвдисӕнӕн»+.
11 Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх+. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион+ ӕмӕ Ӕцӕг+, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй+. 12 Йӕ цӕстытӕ судзынц пиллон артау+, йӕ сӕрыл та ис бирӕ кадыхудтӕ+. Фыст ыл ис, ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном+. 13 Йӕ уӕлӕ ис тугӕйдзаг дарӕс+, йӕ ном та у Хуыцауы Дзырд+. 14 Йӕ фӕдыл цыдысты уӕларвон ӕфсӕдтӕ урс бӕхтыл. Сӕ уӕлӕ уыди урс, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс. 15 Йӕ дзыхӕй цӕуы даргъ цыргъ хъама+, цӕмӕй дзы адӕмты ныццӕгъда. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй+. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы+ фыдӕх ӕмӕ масты сӕндуцӕны+ цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир. 16 Йӕ уӕлӕдарӕсыл, йӕ синыл, фыст ис ном: паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау+.
17 Федтон ма иу зӕды хуры астӕу лӕугӕ. Уый ныхъхъӕр кодта, арвы бӕрзӕндты чи тӕхы, уыцы мӕргътӕм+ се ’ппӕтмӕ дӕр: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр ӕхсӕвӕрмӕ, 18 ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ+, ӕфсады сӕргълӕуджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ+, бӕхты+ ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт адӕмы мӕрдтӕ: сӕрибарты ӕмӕ цагъарты, хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты».
19 Ӕмӕ федтон, сырд+ ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ+ се ’фсӕдтимӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл+ чи бады, уыимӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой+. 20 Ӕмӕ ӕрцахстой сырды+ ӕмӕ, сырды нысан чи райста+ ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта+, уыдоны сайынӕн йӕ разы диссӕгтӕ+ чи ӕвдыста, уыцы мӕнг пехуымпары+ дӕр. Сӕ дыууӕ дӕр удӕгасӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты сондонӕй судзгӕ цады+. 21 Иннӕтӕ та, бӕхыл бадӕгӕн+ йӕ дзыхӕй цы даргъ хъама цыд+, уымӕй фӕцагъды сты. Ӕмӕ мӕргътӕ+ иууылдӕр сӕ мӕрдтӕй+ бафсӕстысты+.
20 Ӕмӕ федтон уӕларвӕй иу зӕды ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыд дӕлдзӕхы+ дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс. 2 Уыцы зӕд ӕрцахста залиаг калмы+, Хӕйрӕг+ ӕмӕ Сайтан+ чи у, уыцы рагон калмы+, ӕмӕ йӕ мин азмӕ сбаста. 3 Дӕлдзӕхмӕ+ йӕ ныппӕрста, сӕхгӕдта йӕ ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдта, цӕмӕй адӕмты мауал сайа, цалынмӕ мин азы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн+.
4 Ӕмӕ федтон паддзахбадӕнтӕ+ ӕмӕ сыл чи сбадт, уыдоны. Ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд тӕрхон кӕныны бар+. Федтон ма, Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтой ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдтой, уыдоны удтӕ дӕр, ома, нӕдӕр сырдӕн+, нӕдӕр йӕ нывӕн+ чи нӕ бакуывта ӕмӕ йӕ ныхыл ӕмӕ йӕ къухыл нысан+ сӕвӕрын чи нӕ бауагъта, уыдоны удтӕ. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ+ уыдысты мин азы. 5 (Иннӕ мӕрдтӕ+ нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы нӕ рацыд, уӕдмӕ.)+ Уый у фыццаг+ райгасы хабар. 6 Амондджын+ ӕмӕ ӕнӕфау*+ сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон – дыккаг мӕлӕты+ бар сыл нӕ цӕуы+, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ+, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы+.
7 Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд Сайтан йӕ ахӕстонӕй уагъд ӕрцӕудзӕн. 8 Ӕмӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй фӕсайа зӕххӕн йӕ цыппар кӕроны цӕрӕг адӕмты – Гогы ӕмӕ Магогы – ӕмӕ сӕ цӕмӕй хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕна. Сӕ нымӕц уыдзӕн денджызы змисау+. 9 Ӕмӕ рацыдысты ӕгас зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты сыгъдӕджыты+ лӕууӕн бынатыл ӕмӕ уарзон горӕтыл+. Фӕлӕ арвӕй ӕрцыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+. 10 Чи сӕ сайдта, уыцы Хӕйрӕг+ та ӕппӕрст ӕрцыд судзгӕ сондоны цады, сырд+ дӕр ӕмӕ мӕнг пехуымпар+ дӕр кӕм уыдысты, уырдӕм, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хъизӕмар кӕндзысты.
11 Ӕмӕ федтон стыр урс паддзахбадӕн ӕмӕ йыл чи бадти, уый дӕр+. Уымӕн йӕ разӕй фӕлыгъдысты зӕхх ӕмӕ арв+, ӕмӕ сын бынат нал разынд. 12 Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты+, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон+. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтӕтты сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ+. 13 Ӕмӕ денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн* дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты+, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ тӕрхонгонд ӕрцыд+. 14 Мӕлӕт+ ӕмӕ ингӕн та ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады. Уыцы судзгӕ цад+ нысан кӕны дыккаг мӕлӕт+. 15 Царды чиныджы+ фыст чи нӕ уыд, уыдон дӕр ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады+.
21 Ӕмӕ федтон ног арв+ ӕмӕ ног зӕхх+. Раздӕры арв+ ӕмӕ раздӕры зӕхх+ та нал сты, нал ис денджыз+ дӕр. 2 Федтон ма ноджыдӕр, уӕларвӕй+, Хуыцауӕй, кӕй ӕрцӕйцыд сыгъдӕг горӕт+ – Ног Иерусалим – йӕ мойагӕн+ чындзау рӕсугъд арӕзтӕй+. 3 Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр+ ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн+ семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм+. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ+. 4 Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ+, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт+, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст+. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта»+.
5 Уӕд, паддзахбадӕныл чи бадт+, уый загъта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»+ Ӕмӕ мын афтӕ: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг». 6 Стӕй ма мын загъта: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон+. Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн дон царды суадонӕй+. 7 Уӕлахиздзау уыдӕттӕй райсдзӕн хай*, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн йӕ Хуыцау+, уый та уыдзӕн мӕ фырт+. 8 Ӕнӕныфсхаст чи у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй+, цъаммар митӕ чи кӕны+, лӕгмар чи у+, хӕтгӕ чи кӕны+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы+, уыдонӕн ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны+, ӕппӕт уыдонӕн та сӕ бынат уыдзӕн судзгӕ+ сондоны цады+. Уый нысан кӕны дыккаг мӕлӕт»+.
9 Фӕстаг авд бӕллӕхӕй+ дзаг авд къусы цы авд зӕдмӕ уыдысты, уыдонӕй мӕм иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын равдисон чындзы, Уӕрыччы усаджы»+. 10 Ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы руаджы ахаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ+ ӕмӕ мын равдыста сыгъдӕг горӕт+ Иерусалим, уӕларвӕй, Хуыцауӕй, чи ӕрцӕйцыд+ 11 ӕмӕ Хуыцауы кадӕй тӕмӕнтӕ чи калдта, уый+. Уыцы горӕт цӕхӕртӕ калдта тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, ӕрттывта сыгъдӕг дзӕнхъайы хуызӕн яшмӕйау+. 12 Уыдис ын стыр ӕмӕ бӕрзонд къул+ ӕмӕ дыууадӕс кулдуары, кулдуӕртты раз лӕууыди дыууадӕс зӕды, ӕмӕ кулдуӕрттыл фыст уыд израилӕгты дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ+. 13 Ӕртӕ кулдуары дзы уыди скӕсӕнырдыгӕй, ӕртӕ кулдуары – цӕгатырдыгӕй, ӕртӕ кулдуары – хуссарырдыгӕй ӕмӕ ӕртӕ кулдуары – ныгуылӕнырдыгӕй+. 14 Горӕты къулӕн йӕ бындуры уыди дыууадӕс дуры+, уыдоныл та фыст уыд Уӕрыччы дыууадӕс апостолы+ дыууадӕс номы.
15 Мемӕ чи ныхас кодта, уымӕн йӕ къухы уыди барӕн – сызгъӕрин хъӕз лӕдзӕг+, цӕмӕй сбарстаид горӕт, кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул+. 16 Горӕт у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд хъӕз лӕдзӕгӕй горӕт сбарста+, ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы*. Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон. 17 Сбарста горӕты къул дӕр, ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины*, адӕймаджы нымадӕй дӕр ӕмӕ зӕды нымадӕй дӕр. 18 Горӕты къул арӕзт уыд яшмӕйӕ+, горӕт йӕхӕдӕг та – ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй. 19 Къулты бындуртӕ+ рӕсугъд арӕзт уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй+: фыццаг бындур – яшмӕйӕ+, дыккаг – сапфирӕй+, ӕртыккаг – халцедонӕй, цыппӕрӕм – изумрудӕй+, 20 фӕндзӕм – сардониксӕй, ӕхсӕзӕм – сердоликӕй, ӕвдӕм – хризолитӕй+, ӕстӕм – бериллӕй, фарӕстӕм – топазӕй+, дӕсӕм – хризопразӕй, иуӕндӕсӕм – гиацинтӕй, дыууадӕсӕм – аметистӕй+. 21 Дыууадӕс кулдуары та уыдысты дыууадӕс налхъуыты*, алы кулдуар дӕр – иу налхъуытӕй+. Горӕты стыр уынг та уыд ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.
22 Кувӕндон та дзы нӕ федтон+, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау Йегъовӕ+ ӕмӕ Уӕрыкк+ сты йӕ кувӕндон+. 23 Горӕты нӕдӕр хуры рухс хъӕуы, нӕдӕр мӕйы рухс, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы кад рухс кодта+, Уӕрыкк та уыд йӕ цырагъ+. 24 Адӕмтӕ цӕудзысты йӕ рухсы+, ӕмӕ йӕм зӕххон паддзӕхтӕ хӕсдзысты сӕ кад+. 25 Йӕ кулдуӕрттӕ йын бонӕй никуы ӕхгӕндзысты+, ӕхсӕв дзы ӕппындӕр нӕ уыдзӕн+. 26 Ӕмӕ йӕм хӕсдзысты адӕмты кад ӕмӕ намыс+. 27 Сыгъдӕг цы нӕу, уый, стӕй цъаммар митӕ чи кӕны+ ӕмӕ чи сайы+, уыдон уырдӕм нӕ бацӕудзысты+. Уырдӕм бацӕудзысты, Уӕрыччы царды тыхтоны фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон+.
22 Зӕд мын равдыста царды доны цӕугӕдон+, дзӕнхъайау сыгъдӕг. Уыцы цӕугӕдон калди Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы паддзахбадӕнӕй+ 2 горӕты стыр уынджы астӕуты. Цӕугӕдонӕн йӕ дыууӕ фарс дӕр уыди царды бӕлӕстӕ+, ӕмӕ уыцы бӕлӕстӕ дыргъ дӕттынц афӕдз дыууадӕс хатты, алы мӕй дӕр+. Сӕ сыфтӕр та у адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн+.
3 Горӕты ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн+. Уым уыдзӕн Хуыцауы+ ӕмӕ Уӕрыччы+ паддзахбадӕн, ӕмӕ дзы Хуыцауӕн йӕ цагъартӕ лӕггад кӕндзысты+. 4 Уыдон ын уындзысты йӕ цӕсгом+, ӕмӕ йӕ ном фыст уыдзӕн сӕ ныхтыл+. 5 Горӕты нал уыдзӕн ӕхсӕв+, ӕмӕ сӕ нӕ хъӕудзӕн нӕдӕр цырагъы рухс, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Йегъовӕ Хуыцау+, ӕмӕ уыдон уыдзысты паддзӕхтӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ+.
6 Ӕмӕ мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг+. Йегъовӕ, пехуымпарты+ уылты чи дзуры+, уыцы Хуыцау, рарвыста йӕ зӕды, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдӕттӕ+. 7 Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн+. Амондджын у, ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый»+.
8 Ӕз, Иоанн, фехъуыстон ӕмӕ федтон уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд мын уыдӕттӕ чи равдыста, уыцы зӕды раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакувон ын, зӕгъгӕ+, 9 фӕлӕ мын уый загъта: «Ма кӕ, афтӕ ма бакӕн! Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, пехуымпартӕн+, ӕмӕ, ацы тыхтоны ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн. Хуыцауӕн бакув»+.
10 Стӕй ма мын загъта: «Ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстыл мыхуыр ма сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг ӕрхӕстӕг ис+. 11 Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый дарддӕр дӕр фыдхъуыддӕгтӕ кӕнӕд+, чъизи чи у, уый дарддӕр дӕр йӕхи чъизи кӕнӕд+. Рӕстгӕнӕг+ та дарддӕр дӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ, сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр дӕр йӕхи сыгъдӕг кӕнӕд+.
12 „Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн+. Цы хорзӕхӕй+ хайджын кӕнын, уый мемӕ ис, цӕмӕй, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый раттон+. 13 Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ+, фыццаг ӕмӕ фӕстаг+, райдиан ӕмӕ кӕрон. 14 Амондджын сты, йӕ дарӕс чи ныхсадта+, уыдон, цӕмӕй сын уа царды бӕлӕсты+ дыргътӕй хӕрыны бар ӕмӕ горӕтмӕ кулдуарыл бацӕуыны бар+. 15 Ӕддейӕ та сты хӕлд адӕм*+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны+, хӕтгӕ чи кӕны+, лӕгмар чи у, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, сайын чи уарзы ӕмӕ чи сайы, уыдон“+.
16 „Ӕз, Йесо, арвыстон мӕ зӕды, цӕмӕй уын ацы хабӕрттӕ фехъусын кӕна ӕмӕ ӕмбырдтӕн пайда ӕрхӕссой. Ӕз дӕн Давиды бындзӕфхад+, йӕ байзӕддаг+, тӕмӕнтӕкалгӕ сӕууон стъалы“»+.
17 Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмӕ чындз+ дзурынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!»+ Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд+, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд+.
18 «Ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: адӕттӕм исчи исты куы бафтауа+, уӕд ыл Хуыцау бафтаудзӕн, тыхтоны кӕй кой ис, уыцы бӕллӕхтӕ+, 19 ӕмӕ ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕй исчи исты куы аппара, уӕд ӕй Хуыцау, тыхтоны цы фыст ис, уымӕй ӕнӕхай фӕкӕндзӕн – нӕ йын ратдзӕн царды бӕлӕсты+ дыргътӕй хӕрыны бар ӕмӕ сыгъдӕг горӕтмӕ+ бацӕуыны бар.
20 Ацы хабӕрттӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, уый зӕгъы: „О, тагъд ӕрцӕудзынӕн“»+.
«Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо».
21 Сыгъдӕджытӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын уӕнт+.
[Фиппаинӕгтӕ]
Кӕс Хъд 2:9, фип.
Комк. «паддзахад, сауджынтӕ».
Комк. «мыггӕгтӕ».
Ома райдиан ӕмӕ кӕрон. «Альфӕ» ӕмӕ «Омегӕ» сты грекъ. алфавиты фыццаг ӕмӕ фӕстаг дамгъӕтӕ.
Комк. «гадесы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «синагогӕ».
Комк. «кадыхуд».
Комк. «мӕ номыл фидар хӕцыс».
Кӕнӕ «арфӕмбӕхст хъуыдытӕм».
Комк. «сахат».
Комк. «кадыхуд».
«Дзӕнхъа» – уырыс. «хрусталь». Кӕс Рар 21:11; 22:1 дӕр.
Грекъ. хи́никс. Уӕзбарӕн, у литрӕй гыццыл фылдӕр.
Кӕс Мф 20:2, фип.
Комк. «гадес». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд кӕмӕн уыд, уыцы цӕрӕгойтӕн».
Дзут. нысан кӕны «Сӕфындзинад».
Грекъ. нысан кӕны «Сафӕг».
Комк. «ууыл мыхуыр сӕвӕр».
Кӕнӕ «Хицауы». Грекъ. Ки́риос.
Кӕс Мф 2:4, фип.
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «Мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.
Ам цы грекъ. дзырд ис, уый амоны, сылгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, ахӕм нӕлгоймӕгтӕм.
Комк. «фыццаг тыллӕгӕн».
300 км бӕрц. Рагон грекъӕгтӕ дӕргъ барстой стадитӕй, иу стади уыд 185 м.
Комк. «ӕвдисӕнады цатыры».
Кӕнӕ «иу цӕрӕг уд дӕр нал баззад»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Грекъ. Хармагедо́н – афтӕ хъуысы грекъ. ӕвзагыл дзут. дзырдбаст «Мегиддойы хох».
Комк. «йӕ уӕз уыд иу талант». Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Кӕнӕ «дзындзытӕ»; уырыс. «жемчуг».
Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.
Кӕнӕ «дзындз»; уырыс. «жемчуг».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «Аллилуйа». Кӕс 3, 4, 6 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 3.
Комк. «сыгъдӕг».
Комк. «гадес». Кӕс 14 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «уыдӕттӕ бынӕн райсдзӕн».
2 200 км бӕрц. Кӕс Рар 14:20, фип.
64 м бӕрц.
Кӕнӕ «дзындзы»; уырыс. «жемчуг».
Комк. «куыйтӕ».