8 «Шеол», «гадес» – ингӕн фӕсномыгӕй, ома зӕхх, сыджыт;
дзут. שאול (шео́л); грекъ. ᾅδης (ха́дес); лат. infernus (инфе́рнус); сир. шиул
Дзырд «шеол» кӕм ӕмбӕлы, уыцы 66 бынаты
Дзуттаг дзырд «шеол» «Ног дунейы тӕлмац»-ы Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 66 хатты, бӕлвырдӕй та Рд 37:35; 42:38; 44:29, 31; Нм 16:30, 33; Д.з 32:22; 1См 2:6; 2См 22:6; 1Пд 2:6, 9; Иов 7:9; 11:8; 14:13; 17:13, 16; 21:13; 24:19; 26:6; Пс 6:5; 9:17; 16:10; 18:5; 30:3; 31:17; 49:14, 14, 15; 55:15; 86:13; 88:3; 89:48; 116:3; 139:8; 141:7; Ӕм 1:12; 5:5; 7:27; 9:18; 15:11, 24; 23:14; 27:20; 30:16; Ек 9:10; Сл.з 8:6; Ис 5:14 [7:11]; 14:9, 11, 15; 28:15, 18; 38:10, 18; 57:9; Йез 31:15, 16, 17; 32:21, 27; Ос 13:14, 14; Ам 9:2; Ион 2:3; Ав 2:5.
Дзырд «шеол» Дзуттаг Фыстыты масоретаг тексты ӕмбӕлы 65 хатты, ӕмӕ иу хатт та Ис 7:11 – ацы стихы дзуттаг тексты ис дзырд шеа́ла («ракур»), фӕлӕ хъӕлӕсонты нысӕнттӕ гыццыл куы аивай, уӕд дзы рауайдзӕн шео́ла («шеолы ’рдӕм» кӕнӕ «шеолмӕ»), ӕмӕ уый у, рагон тӕлмацтӕй иуӕй-иуты куыд у, афтӕ. Ирон ӕвзагыл «Ног дунейы тӕлмац»-ы дзуттаг дзырд шео́л сӕйраг тексты алы ран дӕр тӕлмац у дзырд «ингӕн»-ӕй, «шеол» та фыст у фиппаинӕгты. Грекъаг Септуагинтӕйы шео́л фылдӕр хатт ивд у ха́дес-ӕй.
Дзуттаг дзырд шео́л-ы равзӕрды тыххӕй уыд цалдӕр алыхуызон хъуыдыйы, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, равзӕрдис дзуттаг мивдисӕгӕй שׁאל (шаа́л) – «курын» кӕнӕ «домын». Уӕдӕ уӕд «шеол» нысан кӕны ахӕм бынат (уавӕр нӕ), йӕхицӕн алкӕй дӕр чи куры кӕнӕ домы: адӕмӕй алкӕй дӕр йӕхимӕ райсы, куы амӕлынц, уӕд. Уыцы бынат ис зӕххы, алкӕддӕр баст вӕййы мӕрдтимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕсномыгӕй нысан кӕны ингӕн, ома сыджыт кӕнӕ зӕхх (денджыз нӕ), мӕрдтӕ кӕм сты, уый. Дзуттаг дзырд ке́вер та нысан кӕны иу хицӕн ингӕн йе та, марды кӕм бавӕрынц, ӕндӕр ахӕм бынат (Рд 23:4, 6, 9, 20).
Дзырд «гадес» кӕм ӕмбӕлы, уыцы 10 бынаты
Дзырд «гадес», ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «ӕнӕуынгӕ бынат». «Ног дунейы тӕлмац»-ы Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмбӕлы 10 хатты, бӕлвырдӕй та Мф 11:23; 16:18; Лк 10:15; 16:23; Хъд 2:27, 31; Рар 1:18; 6:8; 20:13, 14 (кӕс фиппаинӕгтӕ).
Хъд 2:27 Петр загъта Пс 16:10 фыст ныхӕстӕ, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, «гадес» ӕмӕ «шеол» сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ иу кӕй сты – фӕсномыгӕй ингӕн, ома зӕхх кӕнӕ сыджыт (иу хицӕн ингӕнмӕ та амоны ӕндӕр грекъаг дзырд та́фос). Латинаг ӕвзаджы та дзырд инфе́рнус (иуӕй-иу хатт – и́нферус) йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ у «гадес»-ы хуызӕн. Уыцы дзырд нысан кӕны «бынӕй цы ис, уый; ӕппӕты дӕлдӕр бынат», ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ахӕссӕн ис ӕппӕт мӕрдты ингӕнмӕ, ома сыджытмӕ. Уӕдӕ ацы дзырд дӕр йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕввахс лӕууы грекъаг ӕмӕ дзуттаг дзырдтӕм.
Хуыцауы Ныхасы дзырдтӕ «гадес» ӕмӕ «шеол» баст сты цардимӕ ӕмӕ удӕгӕстимӕ нӕ, фӕлӕ мӕлӕтимӕ ӕмӕ мӕрдтимӕ (Рар 20:13). Ацы дзырдты мидӕг ахӕмӕй ницы ис, ӕхцондзинад исын кӕнӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынмӕ цы амона – ахӕм хъуыдытӕн дзы сӕ кой дӕр нӕй.