Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2066–2067 фф.
  • 9 «Гееннӕ» – амоны ӕнустӕм фесӕфын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 9 «Гееннӕ» – амоны ӕнустӕм фесӕфын
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
9 «Гееннӕ» – амоны ӕнустӕм фесӕфын

9 «Гееннӕ» – амоны ӕнустӕм фесӕфын

дзут. גי הנם (ге хинно́м, «Енномы дӕлвӕз»); грекъ. γέεννα (ге́енна); лат. gehenna (гехе́нна)

Грекъаг дзырд «гееннӕ» равзӕрд дзуттаг дзырдбаст ге хинно́м-ӕй, нысан та кӕны «Енномы дӕлвӕз». ЙсН 18:16 «Енномы дӕлвӕз» кӕм ис фыст, уым LXX-йы фыст ис «гееннӕ». Ацы дзырд Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмбӕлы 12 хатты, фыццаг хатт – Мф 5:22. «Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы грекъаг дзырд уыцы бынӕттӕй алкӕцыйы дӕр тӕлмац у дзырд «гееннӕ»-йӕ: Мф 5:22, 29, 30; 10:28; 18:9; 23:15, 33; Мч 9:43, 45, 47; Лк 12:5; Иак 3:6.

Енномы дӕлвӕз уыди рагон Иерусалимӕн ныгуылӕнырдыгӕй ӕмӕ хуссарырдыгӕй (ЙсН 15:8; 18:16; Йер 19:2, 6). Иудӕйы фӕстаг паддзӕхты рӕстӕджы уыцы ран куывтой мӕнгхуыцау Молохӕн, нывондӕн ын хастой адӕмы – арты-иу сӕ басыгътой (2Аз 28:3; 33:6; Йер 7:31, 32; 32:35). Иузӕрдион паддзах Иоси уыцы бынат, сӕйраджыдӕр та, Тофет кӕй хуыдтой, уыцы хай, фегад кодта, цӕмӕй дзы ахӕм хъуыддӕгтӕ макуыуал кодтаиккой (2Пд 23:10).

Дзуттаг иртасӕг Давид Кимхи (David Kimḥi) (1160?–1235?) Пс 27:13 фӕдыл цы фыссы, уым дзырд «гехинном»-ы тыххӕй фыссы ахӕм рагон хабӕрттӕ: «Уыцы бынат ис Иерусалимы тӕккӕ цур, ӕмӕ у тынг ӕлгъаг бынат, уырдӕм ӕппарынц алы чъизитӕ ӕмӕ мӕрдтӕ. Стӕй дзы ӕдзухдӕр судзы арт, ӕмӕ уыцы чъизитӕ ӕмӕ мӕрдты стджытӕ уыцы арты басудзынц. Уымӕ гӕсгӕ, фыдадӕмы цы тӕрхон баййафдзӕн, уый дӕр фӕсномыгӕй хуыйны гехинном».

Енномы дӕлвӕз сси, Иерусалимӕй бырӕттӕ ӕмӕ алы чъизитӕ кӕдӕм калдтой ӕмӕ сӕ кӕм сыгътой, ахӕм бынат. Хӕдмӕл фосы дӕр уырдӕм ӕппӕрстой, ӕмӕ-иу уым арты басыгъдысты. Арт цӕмӕй ма ахуыссыдаид, уый тыххӕй та дзы калдтой сондон. Уырдӕм ма ӕппӕрстой, кӕй-иу амардтой ӕмӕ-иу зӕппадзы бавӕрыны аккагыл кӕй нӕ нымадтой, уыцы фыдгӕнджыты мӕрдтӕ дӕр. Сӕ мӕрдтӕ-иу артмӕ куы ныххаудысты, уӕд-иу басыгъдысты, фӕлӕ-иу ӕрхы фахсыл куы ӕрхаудысты, уӕд-иу скӕлм сты, ӕмӕ уыцы кӕлмытӕ нӕ мардысты, цалынмӕ-иу сын сӕ буары фыд нӕ бахордтой ӕмӕ-иу сӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницыуал ныууагътой, уӕдмӕ.

Гееннӕмӕ удӕгас адӕмы кӕнӕ цӕрӕгойты не ’ппӕрстой, цӕмӕй удӕгасӕй басыгъдаиккой кӕнӕ хъизӕмар кодтаиккой. Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй уыцы бынат фӕсномыгӕй ӕвдыстаид, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ адӕмы удтӕ ӕцӕг арты судзгӕйӕ ӕнустӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц кӕнӕ сӕ ӕдзухдӕр ӕнӕмӕлгӕ кӕлмытӕ кӕм хӕрынц, ахӕм бынат. Уырдӕм цы фыдгӕнджыты мӕрдтӕ ӕппӕрстой, уыдон зӕппӕдзты бавӕрыны аккагыл нымад кӕй нӕ уыдысты, ӕмӕ зӕппадзы бавӕрын та райгасы ныфс кӕй ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырд «гееннӕ»-йӕ ӕмбарын кодтой, адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфдзӕн, кӕнӕ йӕ «дыккаг мӕлӕт» кӕй баййафдзӕн, уый.

Уӕдӕ искӕй мард гееннӕмӕ аппарын нымад уыди ӕппӕты фыддӕр тӕрхоныл. Гееннӕ йӕхӕдӕг цы уыд ӕмӕ адӕм ацы дзырды цы хъуыды ӕвӕрдтой, уымӕй равзӕрд ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр – «сондонӕй судзгӕ цад» (Рар 19:20; 20:10, 14, 15; 21:8).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын