11 «Хӕтындзинад» – алыхуызон нӕфӕтчиаг, хӕлд митӕ
Матфейы 5:32 – грекъ. πορνεία (порне́йа); лат. fornicaʹtio (форника́цио)
Грекъаг дзырд порне́йа амоны бирӕ цӕмӕдӕрты. «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ ӕндӕр рагон чырыстон литературӕйы грекъаг-англисаг дзырдуат» дзырд порне́йа ӕмбарын кӕны афтӕ: «проституци, ӕнӕгъдау митӕ, хӕтындзинад, алыхуызон нӕфӕтчиаг, хӕлд митӕ» («A Greek-English Lexicon of the New Testament and Other Early Christian Literature», В. Бауэр [W. Bauer]; Ф. В. Гингрич [F. W. Gingrich] ӕмӕ Ф. У. Данкеры [F. W. Danker] 2-аг англисаг рауагъд, Чикаго–Лондон, 1979, 693 ф.).
Йесо Чырысти Мф 5:32 ӕмӕ 19:9 цы загъта, уый фӕдыл ӕндӕр дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, «πορνεία [порне́йа] хауы, адӕймагӕн цардӕмбал куы уа ӕмӕ афтӕмӕй искӕимӕ куы хӕта, уымӕ» («Theological Dictionary of the New Testament», 6 т., 592 ф.). Уӕдӕ Фыстады порне́йа хауы, цардӕмбал кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Уыцы дзырдуаты ма, 594 фарсыл, Еф 5:3, 5 фӕдыл фыст ис, зӕгъгӕ, Павел «ӕмбары, алкӕмӕн дӕр кӕй нӕу уый лӕвӕрд, ӕмӕ йӕ буары монцтыл хӕца, 1 К. 7:7. Уый [ома, буары монцтыл хӕцыны лӕвар] кӕмӕ нӕй, ахӕм [ӕнӕус] лӕппу йӕхи хӕтындзинады тӕригъӕдӕй бахизыны тыххӕй хъуамӕ ус ракура, Хуыцауы закъон куыд амоны, афтӕ, 1 К. 7:2». Уӕдӕ ма Фыстады порне́йа хауы, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг искӕимӕ ӕмуат куы ӕрцӕуа ӕмӕ ӕндӕр хӕлд митӕ куы кӕна, уымӕ дӕр. (Кӕс 1 Кр 6:9.)
Б. Ф. Весткотт [B. F. Westcott] (Весткотт ӕмӕ Хорты тексты редактортӕй иу) йӕ чиныджы, «Сыгъдӕг Павелы фыстӕг Ефесӕгтӕм», зӕгъгӕ, Еф 5:3 стихмӕ цы фиппаинаг скодта, уым фыссы, дзырд порне́йа-йӕн Фыстады цы алыхуызон нысаниуджытӕ ис, уый тыххӕй, ӕмӕ зӕгъы: «Ацы дзырд иумӕйагӕй амоны алыхуызон нӕфӕтчиаг, хӕлд митӕм се ’ппӕтмӕ дӕр: 1) цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын: Ос. ii. 2, 4 (LXX.); Матф. v. 32; xix. 9; 2) Хуыцауы закъоны ныхмӕ чи у, ахӕм ӕмкъайад, I Кор. v. I; 3) хӕтындзинад, ӕнӕуи йӕ куыд ӕмбарынц, афтӕмӕй, ам [Еф 5:3] куыд у, афтӕ» («Saint Paul’s Epistle to the Ephesians», Лондон–Нью-Йорк, 1906, 76 ф.). Ам «ӕнӕуи йӕ куыд ӕмбарынц, афтӕмӕй», ӕвӕццӕгӕн, амоны, уыцы дзырд абон куыд ӕмбарынц, уымӕ – ома хауы, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймӕгтӕм.
Ацы комкоммӕ нысаниуӕгӕй дарддӕр ма Чырыстон Грекъаг Фыстыты иуӕй-иу бынӕтты дзырд порне́йа амоны ӕндӕр хъуыддагмӕ дӕр. Уый тыххӕй Ф. Зорелы чиныджы порне́йа-йы фӕдыл сӕргонды фыст ис: «Раст динӕй аздӕхын,– цавӕрдӕр хъуыддаджы, йе та бынтондӕр; иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йахвейыл гадзрахатӕй рацӕуын ӕмӕ ӕндӕр адӕмты хуыцӕуттӕм аздӕхын [4Пд 9:22; Йер 3:2, 9; Ос 6:10 ӕ. а. д., уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ адӕмимӕ цы цӕдис скодта, уый абарӕн уыди ӕмкъайады цӕдисимӕ]: Рар 14:8; 17:2, 4; 18:3; 19:2». (Цыппӕрдигъон къӕлӕттӕ ӕмӕ зулфыст скодта автор.– Ред.; LXX-йы 4Пд чи у, уый масоретаг тексты у 2 Пд.) («Lexicon Graecum Novi Testamenti», F. Zorell, 3-аг рауагъд, 1961, 1106 цӕджындзӕг).
Грекъаг тексты дзырд порне́йа ис мӕнӕ ацы 25 раны: Мф 5:32; 15:19; 19:9; Мч 7:21; Ин 8:41; Хъд 15:20, 29; 21:25; 1Кр 5:1, 1; 6:13, 18; 7:2; 2Кр 12:21; Га 5:19; Еф 5:3; Кл 3:5; 1Фс 4:3; Рар 2:21; 9:21; 14:8; 17:2, 4; 18:3; 19:2.
Уымӕ хӕстӕг мивдисӕг порне́уо «Ног дунейы тӕлмац»-ы у «хӕтындзинадыл бафтын» кӕнӕ «хӕтын» ӕмӕ ис мӕнӕ ацы 8 бынаты: 1Кр 6:18; 10:8, 8; Рар 2:14, 20; 17:2; 18:3, 9.
Уымӕ хӕстӕг мивдисӕг экпорне́уо «Ног дунейы тӕлмац»-ы у «бафтыдысты хӕтыныл». Ис иу ран – Иудӕйы 7.
Уымӕ хӕстӕг номдар по́рне «Ног дунейы тӕлмац»-ы у «хӕтаг сылгоймаг» кӕнӕ «хӕлд сылгоймаг». Ис ацы 12 бынаты: Мф 21:31, 32; Лк 15:30; 1Кр 6:15, 16; Дзт 11:31; Иак 2:25; Рар 17:1, 5, 15, 16; 19:2.
Уымӕ хӕстӕг номдар по́рнос (амоны нӕлгоймагмӕ) ис мӕнӕ ацы 10 бынаты: 1Кр 5:9, 10, 11; 6:9; Еф 5:5; 1Тм 1:10; Дзут 12:16; 13:4; Рар 21:8; 22:15. «Ног дунейы тӕлмац»-ы у «хӕтаг». Х. Лиддел ӕмӕ Р. Скотты «Грекъаг-англисаг дзырдуат» уыцы дзырд ӕмбарын кӕны афтӕ: «Нӕлгоймагимӕ чи цӕры, ахӕм гыццыл лӕппу; нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуы, уый; хӕтаг нӕлгоймаг; мӕнгхуыцауӕн кувӕг» («A Greek-English Lexicon», H. Liddell ӕмӕ R. Scott, 1968, 1450 ф.).