Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2070–2072 фф.
  • 12 Чырыстийы ӕрцыд (парусиа)

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 12 Чырыстийы ӕрцыд (парусиа)
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
12 Чырыстийы ӕрцыд (парусиа)

12 Чырыстийы ӕрцыд (парусиа)

Матфейы 24:3 – грекъ. τὸ σημεῖον τῆς σῆς παρουσίας (то семе́йон тес сес паруси́ас)

Грекъаг номдар паруси́а комкоммӕ нысан кӕны «искӕй цур уӕвын» ӕмӕ арӕзт у раздзырдӕй пара́ («цур») ӕмӕ уси́а («уӕвын»). Дзырд паруси́а Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмбӕлы 24 хатты, мӕнӕ ацы стихты: Мф 24:3, 27, 37, 39; 1Кр 15:23; 16:17; 2Кр 7:6, 7; 10:10; Флп 1:26; 2:12; 1Фс 2:19; 3:13; 4:15; 5:23; 2Фс 2:1, 8, 9; Иак 5:7, 8; 2Пт 1:16; 3:4, 12; 1Ин 2:28. Ацы 24 бынаты «Ног дунейы тӕлмац»-ы дзырд паруси́а тӕлмац у ахӕм дзырдтӕй: «ӕрцӕуын», «ӕрцыд» ӕмӕ «(кӕимӕдӕр) уӕвын» (алы афонты ӕмӕ алы хауӕнты).

Уымӕ хӕстӕг мивдисӕг па́рейми комкоммӕ нысан кӕны «искӕй цур уӕвын». Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмбӕлы 24 хатты, мӕнӕ ацы стихты: Мф 26:50; Лк 13:1; Ин 7:6; 11:28; Хъд 10:21, 33; 12:20; 17:6; 24:19; 1Кр 5:3, 3; 2Кр 10:2, 11; 11:9; 13:2, 10; Га 4:18, 20; Кл 1:6; Дзт 12:11; 13:5; 2Пт 1:9, 12; Рар 17:8. Ацы бынӕтты «Ног дунейы тӕлмац»-ы дзырд па́рейми тӕлмац цӕуы ахӕм дзырдтӕй: «(кӕмдӕр, кӕимӕдӕр, кӕмӕдӕр, кӕйдӕр фарсмӕ, кӕйдӕр раз) уӕвын», «ӕрцӕуын», «ӕрбацӕуын», «лӕууын», «бацӕуын», «(кӕйдӕр раз) фестын», «ӕрхӕццӕ уын» ӕмӕ «ис» (алы афонты ӕмӕ алы хауӕнты).

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ паруси́а ӕнӕуи «ӕрцӕуын» нӕ нысан кӕны. Вайны (W. E. Vine) дзырдуаты фыст ис: «ПАРУСИА... нысан кӕны, чидӕр кӕдӕмдӕр кӕй ӕрцыд, уый дӕр ӕмӕ, уый фӕстӕ уым кӕй ис, уый дӕр. Зӕгъӕм, иу папирусыл [грекъаг ӕвзагыл] фыст ис иу сылгоймаджы фыстӕг, ӕмӕ дзы зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, цӕмӕй мӕ исбонимӕ баст хъуыддӕгтӕм ӕркӕсон, уый тыххӕй хъуамӕ уым уон [паруси́а]» («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words», 1981, 1 т., 208, 209 фф.). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, грекъаг ӕвзагыл цы фыстытӕ баззад, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, ацы грекъаг дзырдӕн йӕ хъуыды цы у, уый бамбарынӕн. Фӕлӕ нын ацы хъуыддаджы ноджы стырдӕр ӕххуыс у, уыцы дзырд Библийӕн йӕхимидӕг куыд ӕмбӕлы, уый. Зӕгъӕм, Флп 2:12 стихы Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕн дзуры, зӕгъгӕ, сымах коммӕгӕс уыдыстут, «уемӕ куы уыдтӕн [паруси́а], ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ уӕлдайдӕр ныр, уемӕ куы нӕ дӕн [апуси́а], уӕд». Афтӕ 2Кр 10:10, 11 дӕр Павел, афтӕ дзы чи дзырдта, «йӕ фыстӕджыты ис стыр уӕз ӕмӕ тых, ам немӕ куы вӕййы [паруси́а], уӕд та вӕййы лӕмӕгъ, ӕмӕ йӕ ныхас дӕр – ницӕйаг», зӕгъгӕ, уыдоны кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Ахӕм адӕймаг ӕй зонӕд: уемӕ куы нӕ вӕййӕм [апо́нтес], уӕд фыстӕджыты куыд фӕзӕгъӕм, афтӕ кӕнгӕ дӕр бакӕндзыстӕм, уемӕ куы уӕм [паро́нтес], уӕд». (Абар ма Флп 1:24–27 дӕр.) Уӕдӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ам ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрд цӕуынц, кӕмдӕр уай ӕмӕ ма уай, уый, кӕдӕмдӕр ӕрцӕуай ӕмӕ ацӕуай, уый нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй дзырд паруси́а-йӕн йӕ хъуыды раст ӕвдыст ӕрцӕуа, уый тыххӕй «Ног дунейы тӕлмац»-ы, уавӕр кӕм куыд домы, уымӕ гӕсгӕ тӕлмац цӕуы афтӕ, цӕмӕй дзы ирдӕй зына, чидӕр кӕдӕмдӕр куыд ӕрцыд, уый нӕ, фӕлӕ йе ’рцыды фӕстӕ уым кӕй ис, уый.

Дзырд паруси́а хицӕн кӕны ӕндӕр грекъаг дзырдӕй, э́леусис («ӕрцыд»), зӕгъгӕ. Ацы дзырд грекъаг тексты ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу хатт, Хъд 7:52, уым у эле́усеос (лат. адве́нту). Дзырдтӕ паруси́а ӕмӕ э́леусис иу иннӕмӕй баивӕн нӕй. Иу библион дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, «дзырдтӕ [па́рейми ӕмӕ паруси́а] никуы ӕвдисынц ахӕм хъуыды, ӕмӕ Чырысти адӕймаджы хуызы кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ παρουσία-йӕн никуы ис ӕрыздӕхыны хъуыды. Паруси́а иу хаттӕй фылдӕр кӕй уыдзӕн, уыцы хъуыды фыццаг хатт фӕзынд ӕрмӕстдӕр фӕстӕдӕры Аргъуаны [фӕлӕ Юстинӕй раздӕр нӕ, н. э. 2 ӕнус]... Цӕмӕй, рагон чырыстӕттӕ куыд хъуыды кодтой, уый бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бынтондӕр ссӕрибар уӕм ацы хъуыдыйӕ [ома, паруси́а иу хаттӕй фылдӕр кӕй уыдзӕн, уыцы хъуыдыйӕ]» («Theological Dictionary of the New Testament», 5 т., 865 ф.).

Ацы дзырд цы амоны, уый тыххӕй иу ахуыргонд, Израил П. Уоррен (Israel P. Warren) йӕ чиныджы, «Парусиа», зӕгъгӕ, ныффыста: «Мах арӕх фӕдзурӕм „дыккаг ӕрцыд“, „дыккаг хатт ӕрцӕуыны“ тыххӕй ӕ. а. д., фӕлӕ Фыстады „дыккаг Парусиа“-йы кой никуы ис. „Парусиа“ цавӕрфӕнды ма уыдаид, уый ницӕимӕ ис абарӕн: уый размӕ дӕр никуы уыд, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуыуал уыдзӕн. Уыцы ӕрцыд хъуамӕ хицӕн кодтаид, адӕммӕ-иу иннӕ хӕттыты куыд фӕзынд, уымӕй, ӕмӕ хъуамӕ уыдаид уыдонӕй диссагдӕр» («The Parousia», Портленд, Мэн, 1879, 12–15 фф.).

Афтӕ ма «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ ӕндӕр рагон чырыстон литературӕйы грекъаг-англисаг дзырдуат»-ы фыст ис, зӕгъгӕ, дзырд паруси́а «сси ахӕм дзырд, ӕмӕ дзы пайда кодтой, стыр бынат чи ахсы, ахӕм адӕймаджы ӕрбацыдыл дзургӕйӕ, уӕлдайдӕр та, паддзӕхтӕ ӕмӕ императортӕ сӕ бӕстӕйы зӕххытӕ куы бӕрӕг кодтой, ууыл дзургӕйӕ» («A Greek-English Lexicon of the New Testament and Other Early Christian Literature», В. Бауэр [W. Bauer]; Ф. В. Гингрич [F. W. Gingrich] ӕмӕ Ф. У. Данкеры [F. W. Danker] 2-аг англисаг рауагъд, Чикаго–Лондон, 1979, 630 ф.). Мф 24:3 стихы, стӕй ма ӕндӕр стихты дӕр, зӕгъӕм, 1Фс 3:13 ӕмӕ 2Фс 2:1, дзырд паруси́а амоны, Йесо Чырысти Паддзах цы рӕстӕджы у, ома ацы дунейы фӕстаг бонты паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕдӕй фӕстӕмӕ цы рӕстӕг цӕуы, уымӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын