Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2072–2075 фф.
  • 13 «Хъизӕмӕртты хъӕд»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 13 «Хъизӕмӕртты хъӕд»
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
13 «Хъизӕмӕртты хъӕд»

13 «Хъизӕмӕртты хъӕд»

грекъ. σταυρός (стауро́с); лат. crux (крукс)

Мф 27:40 цы «хъизӕмӕртты хъӕды» кой ис, уый баст у, Йесойы куыд амардтой, уыимӕ (уыцы хабар ӕрцыд, Голгофӕ, ома Сӕрыкӕхц, цы бынат хуыдтой, уым). Ацы стихы грекъаг дзырд стауро́с крест (дзуар) кӕй амоны – ома, Чырыстийӕ бирӕ ӕнустӕ раздӕр ӕндӕр адӕмыхӕттыты дины чи уыдис, уыцы нысан,– уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй.

Классикон грекъаг ӕвзаджы дзырд стауро́с нысан кодта ӕрмӕстдӕр ӕмраст хъӕд, мих, кӕнӕ та цӕджындз – быцӕуӕн кӕй ӕвӕрдтой, ахӕм. Мивдисӕг стауро́о нысан кодта быру кӕнӕ ӕмбонд кӕнын. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи ныффыста, уыдон фыстой иумӕйаг грекъаг ӕвзагыл (койне́) ӕмӕ дзырд стауро́с-ы ӕвӕрдтой, классикон грекъаг ӕвзаджы йын цы хъуыды уыди, уый, ома ӕнӕуи хъӕд кӕнӕ мих, ӕнӕ цӕхгӕрмӕ кӕнӕ къулгонд хуыд хъӕдӕй. Уыцы дзырды ӕндӕр хъуыды кӕй ӕвӕрдтой, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Апостолтӕ Петр ӕмӕ Павел пайда кодтой ӕндӕр дзырдӕй дӕр, кси́лон, зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй амыдтой, Йесойы цӕуыл ныххуыдтой, уымӕ. Ӕмӕ амӕй бӕрӕг у, уый ӕмраст хъӕд кӕй уыди, ӕнӕ цӕхгӕрмӕ хуыд хъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ растдӕр уыцы хъуыды ис дзырд кси́лон-ӕн (Хъд 5:30; 10:39; 13:29; Га 3:13; 1Пт 2:24). LXX-йы та дзырд кси́лон ис Езд 6:11 (1Езд 6:11) – уым дзырд цӕуы, фыдгӕнджыты кӕуыл хъуамӕ ауыгътаиккой, ахӕм хъӕдыл. Ахӕм хъуыды ис, Хъд 5:30; 10:39 цы дзырд фыст ис, уымӕн дӕр.

Дзырд стауро́с цы нысан кӕны, уый тыххӕй У. Е. Вайн (W. E. Vine) йӕ дзырдуаты фыссы: «СТАУРОС (σταυρός) сӕйраджыдӕр нысан кӕны ӕмраст мих кӕнӕ хъӕд. Ахӕмтыл-иу зӕгӕлтӕй ныххуыдтой фыдгӕнджыты. Ацы номдар дӕр ӕмӕ мивдисӕг стауро́о дӕр, ома хъӕдыл кӕнӕ цӕджындзыл ныффидар кӕнын, сӕ фыццаг хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр ӕмхуызон не сты аргъуаны дзуаримӕ, кӕрӕдзийыл цӕхгӕрмӕ хуыд дыууӕ хъӕдӕй конд чи у, уыимӕ. Ахӕм дзуар фӕзынд рагон Халдейӕйы. Уым ӕмӕ сыхаг бӕстӕты, уыимӕ Египеты дӕр, уыцы дзуар уыди, хуыцау Таммузы чи ӕвдыста, ахӕм нысан (бӕлвырдӕй уыд йӕ номы фыццаг дамгъӕ „Тау“-ы хуызӕн конд). Н. э. 3 ӕнусы ӕмбисмӕ аргъуантӕ чырыстон уырнындзинады иуӕй-иу ахуырӕдтыл кӕнӕ сӕ къух систой, кӕнӕ та дзы цыдӕртӕ фӕивтой. Афтӕмӕй Хуыцауы раст динӕй аздӕхтысты. Ӕмӕ сын цӕмӕй фылдӕр адӕмы ’хсӕн уыдаид кад, уый тыххӕй ӕндӕр адӕмыхӕттыты аргъуантӕм истой, сӕ зӕрдӕты-иу сын уырнындзинад нӕ сырӕзын кодтой, афтӕмӕй, ӕмӕ сын бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ раздӕры дины нысӕнттӕ ӕмӕ дзауматӕй дарддӕр дӕр пайда кодтаиккой. Афтӕмӕй нысан Тау, кӕнӕ Т, фылдӕр хатт ӕй куыд ӕвдыстой, ахӕм хуызы (йӕ цӕхгӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд – дӕлдӕр ӕвӕрдӕй) ӕрбайстӕуыд чырыстон динмӕ ӕмӕ нымад ӕрцыд Чырыстийы дзуарыл» («An Expository Dictionary of New Testament Words», 1966 азы ног рауагъд, 1 т., 256 ф.).

Льюис (Lewis) ӕмӕ Шорты (Short) латинаг дзырдуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй дзырд крукс сӕйраджыдӕр нысан кӕны «бӕлас, ауындзӕн кӕнӕ ӕндӕр хъӕдын мигӕнӕнтӕ мӕлӕты тӕрхон сӕххӕст кӕнынӕн, фыдгӕнджыты-иу кӕуыл ныххуыдтой, йе та ӕрцауыгътой, уыдон». «Дзуар», зӕгъгӕ, уыцы хъуыды та дзы райдыдтой ӕвӕрын фӕстӕдӕр. Фыдгӕнӕджы-иу кӕуыл ӕрцауыгътой, уыцы хъӕд латинагау хуынди crux simplex (крукс си́мплекс). Иу ахӕм хъизӕмӕртты хъӕды ныв скодта Юстус Липсиус (Justus Lipsius) (1547–1606) йӕ чиныджы, ӕмӕ уыцы ныв ам мыхуыр кӕнӕм («De cruce libri tres», Антверпен, 1629, 19 ф.).

Херман Фульдайы (Hermann Fulda) чиныджы, «Дзуар ӕмӕ дзуарыл байтындзын», зӕгъгӕ, 109 фарсыл дзырдӕуы: «Фыдгӕнджыты ауындзынӕн-иу цы бынӕттӕ равзӕрстой, уым-иу алы ран бӕлӕстӕ нӕ уыд, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ зӕххы ныссагътой ӕнӕуи хъӕд. Ӕмӕ-иу ыл фыдгӕнӕджы, йӕ къухтӕ уӕлӕмӕ, афтӕмӕй бабастой, йе та-иу ӕй зӕгӕлтӕй ныххуыдтой. Арӕх та-иу ын ныббастой кӕнӕ ныххуыдтой йӕ къӕхтӕ дӕр». Уымӕн Фульда ӕрхаста бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ 219, 220 фӕрстыл скодта ахӕм хатдзӕг: «Йесо амард ӕнӕуи хъӕдыл, мӕлӕты хъӕдыл; уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты: а) Скӕсӕны уӕды рӕстӕджы мӕлӕты тӕрхон ӕххӕст кӕнынӕн ахӕм мадзалӕй кӕй пайда кодтой, уый, ӕ) Йесо куыд хъизӕмар кодта, уыцы хабар йӕхӕдӕг ӕмӕ б) рагон аргъуаны фыдӕлты ныхӕстӕй бирӕтӕ» («Das Kreuz und die Kreuzigung», Бреславль, 1878).

Пауль Вильгельм Шмидт (Paul Wilhelm Schmidt), Базелы университеты профессор чи уыд, уый, лӕмбынӕг раиртӕста грекъаг дзырд стауро́с йӕ чиныджы, «Йесойы царды хабӕрттӕ», зӕгъгӕ («Die Geschichte Jesu», 2 т., Тюбинген–Лейпциг, 1904, 386–394 фф.). Уыцы чиныджы 386 фарсыл уый зӕгъы: «σταυρός [стауро́с] у цыфӕнды цӕхгӕр лӕууӕг хъӕд кӕнӕ бӕласы зӕнг». Йесойӕн цы тӕрхон рахастой, уый тыххӕй та 387–389 фӕрстыл ныффыста: «Евангелитӕм гӕсгӕ, Йесойы ехсӕй фӕнадтой. Уыцы ӕфхӕрдӕй дарддӕр ма дзы ныхас цӕуыл цӕуы, уый уыдаид, ромӕгтӕ искӕй байтындзынӕн цы хуымӕтӕг мадзалӕй пайда кодтой, уый – бӕгънӕг адӕймаджы-иу хъӕдыл ӕрцауыгътой. Уыцы хъӕд ма Йесойы, кӕм ӕй хъуамӕ амардтаиккой, уыцы бынатмӕ хӕссын кӕнӕ йӕ фӕдыл ласын дӕр бахъуыди, цӕмӕй йын уыцы ӕгады ӕфхӕрд ноджы уӕззаудӕр суыдаид. [...] Уыцы хъуыддаг ӕнӕуи ӕрцауындзынӕй дарддӕр исты уыдаид, уый зӕгъӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ-иу афтӕ арӕх уыцы иу рӕстӕг амардтой тынг бирӕ адӕмы, зӕгъӕм: Вар (2 000 адӕймаджы иу хаттӕн) (Флавий, „Иудейские древности“ XVII 10. 10); Квадрат („Иудейская война“ II 12. 6); прокуратор Феликс („Иудейская война“ II 15. 2 [13.2]); Тит („Иудейская война“ VII. 1 [V 11. 1])».

Уӕдӕ Йесо Чырыстийы кӕрӕдзийыл цӕхгӕрмӕ хуыд дыууӕ хъӕдыл кӕй байтыгътой, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕппындӕр нӕй. Мах нӕ фӕнды Хуыцауы Ныхасмӕ исты бафтауын, ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ нӕ бахастам дзуары тыххӕй ахуырад – ӕндӕр адӕмыхӕттыты динты чи уыд, уыцы ахуырад,– фӕлӕ стауро́с ӕмӕ кси́лон ратӕлмац кодтам сӕ сӕйрагдӕр хъуыдымӕ гӕсгӕ. Йесо ма дзырд стауро́с-ӕй пайда кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕм цы фыдӕвзарӕнтӕ, худинаг ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдоны кой кӕнгӕйӕ (Мф 16:24), ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ стауро́с ратӕлмац кодтам «хъизӕмӕртты хъӕд»-ӕй, цӕмӕй хицӕн кӕна кси́лон-ӕй. Кси́лон та ратӕлмац кодтам «хъӕд»-ӕй.

[Ныв 2074 фарсыл]

Нывы crux simplex

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын