33 сӕр
Исайы пехуымпарады сӕххӕст
ЙЕСО куы базыдта, фарисейтӕ ӕмӕ Ироды партийы фарсхӕцджытӕ йӕ марынвӕнд кӕй скодтой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕхи айста Галилейы денджызырдӕм. Уырдӕм ӕм цӕуынц бирӕ адӕм Палестинӕйӕ ӕмӕ ма ӕндӕр бынӕттӕй дӕр. Бирӕты дзӕбӕх кӕны, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй уӕззау рынчынтӕ сӕхи ивазынц, цӕмӕй йыл аныдзӕвой.
Адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры, цӕмӕй бӕлӕгъ цӕттӕ дарой. Уый бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ чысыл аленк кодта, афтӕмӕй йӕхи бахызта адӕмӕй. Ныр йӕ бон у бӕлӕгъӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ ма иннӕ былмӕ аленк кӕнын дӕр, цӕмӕй уым дӕр амона адӕмӕн.
Ахуыргӕнинаг Матфей фыссы, зӕгъгӕ, Йесойы хъуыддӕгтӕй ӕххӕст кӕны «пехуымпар Исайы сӕрты [уылты] загъд дзырд». Уый фӕстӕ Матфей цитатӕ ӕрхаста, Йесойыл чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпарадӕй: «Мӕнӕ Мӕ Лӕппу, Кӕцыйы Ӕз равзӕрстон, Мӕ Уарзон, Кӕцыйӕн хӕрзаудӕн кӕны Мӕ Уд; сӕвӕрдзынӕн Мӕ Уд Ууыл ӕмӕ фехъусын кӕндзӕн адӕмтӕн тӕрхон [«рӕстдзинад», НФ]; ныхмӕ нӕ дзурдзӕн, нӕдӕр хъӕр кӕндзӕн ӕмӕ ничи фехъусдзӕн уынгты Йӕ хъӕлӕс; цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, ӕмӕ мынӕг судзгӕ гӕн нӕ ахуыссын кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинады тӕрхон нӕ ӕрхӕсса уӕлахиздзинад; ӕмӕ Йӕ номӕй ныфсджын уыдзысты адӕмтӕ».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо у Хуыцауы уарзон фырт кӕнӕ цагъар. Ӕмӕ Йесо иттӕг хорз ӕмбарын кӕны, мӕнгдинон ӕгъдӕутты аххосӕй адӕм кӕй нал ӕмбарынц, уыцы ӕцӕг рӕстдзинад. Фарисейтӕ Хуыцауы закъон раст кӕй не ’мбарынц, уымӕ гӕсгӕ сабаты рынчын адӕймагӕн нӕ баххуыс кӕндзысты. Хуыцауы рӕстдзинад ӕцӕгӕй цы нысан кӕны, уый ӕмбарын кӕнгӕйӕ, Йесо адӕмы сӕрибар кӕны фыдӕлты ӕгъдӕутты уӕззау уаргъӕй, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй дины разамонджытӕ марынмӕ хъавынц.
Фӕлӕ цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, «ныхмӕ нӕ дзурдзӕн, нӕдӕр хъӕр кӕндзӕн, ӕмӕ ничи фехъусдзӕн уынгты Йӕ хъӕлӕс»? Йесо адӕмы куы сдзӕбӕх кӕны, уӕд „тызмӕгӕй фӕдзӕхсы уыдонӕн, цӕмӕй Йӕ ма ӕргом кӕной“. Йесойы нӕ фӕнды, цӕмӕй уынгты йӕ кой кӕной кӕнӕ адӕм дам-думтӕ хъусой.
Уымӕй уӕлдай, Йесо цъӕл хъӕзау гуыбыр ӕмӕ ссӕст адӕмӕн хъусын кӕны зӕрдӕфидаргӕнӕн хабар. Уыдон сты мынӕг судзгӕ гӕны хуызӕн, кӕцыйӕн фӕхуыссы йӕ фӕстаг зынг. Йесо нӕ сӕтты, афтӕмӕй дӕр цъӕл чи у, уыцы хъӕз ӕмӕ нӕ хуыссын кӕны судзгӕ гӕны мынӕг зынг. Уый бӕсты фӕлмӕнӕй ӕмӕ уарзонӕй фидар кӕны сабырты. Ӕцӕгдӕр Йесо у, адӕмтӕн сӕ бон сӕ ныфс дарын кӕуыл у, ахӕм адӕймаг. Матфейы 12:15—21; Маркы 3:7—12; Исай 42:1—4.
▪ Йесо ӕцӕг рӕстдзинад куыд хъусын кӕны ӕмӕ ныхмӕ куыд нӕ дзуры кӕнӕ йын уынгты йӕ хъӕлӕс куыд ничи хъусы?
▪ Чи сты цъӕл хъӕз ӕмӕ мынӕг судзгӕ гӕны хуызӕн ӕмӕ сӕм Йесо цавӕр ахаст дары?