34 сӕр
Йесо ӕвзары йӕ апостолты
АРГЪАУӔГ Иоанн Йесойы Хуыцауы Уӕрыкк куы схуыдта ӕмӕ Йесо адӕмы ’хсӕн йӕ лӕггаддзинад куы райдыдта, уымӕй рацыд афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц. Уыцы рӕстӕджы Андрей, Симон Петр, Иоанн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иаков (Иоанны ӕфсымӕр), стӕй ма Филипп ӕмӕ Нафанаил дӕр (хонынц ма йӕ Варфоломей дӕр) систы йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ. Рӕстӕг куыд цыдис, афтӕ ма сӕм ӕрбаиу сты ӕндӕртӕ дӕр ӕмӕ уыдон дӕр цыдысты Чырыстийы фӕдыл.
Ныр Йесойӕн йӕ бон у йӕ апостолты равзарын. Уыдон уыдзысты йе ’ввахс ӕмбӕлццӕттӕ, сӕрмагондӕй кӕй ахуыр кӕндзӕн, уыдон. Фӕлӕ уал раздӕр Йесо ацыд хохмӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кодта кувгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕй куырдта зонд ӕмӕ арфӕдзинад. Куы сбон, уӕд фӕсидт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ дзы 12 равзӕрста. Фӕлӕ ма сӕ дарддӕр дӕр кӕй ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ хуыйнынц йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ.
Йесо кӕй равзӕрста, уыдонӕй ӕхсӕз сты, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдонмӕ хауы Матфей дӕр, кӕцымӕ Йесо ӕрсидт, хъалонӕмбырдгӕнӕны куы бадт, уӕд. Иннӕ фондз та сты: Иудӕ (хонынц ма йӕ Фаддей дӕр), Иудӕ Искариотаг, Симон Кананит, Фома ӕмӕ Алфейы фырт Иаков. Хонынц ма йӕ кӕстӕр Иаков дӕр, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ апостол Иаковӕй кӕстӕр кӕнӕ ныллӕгдӕр кӕй у, уый тыххӕй.
Ацы 12 раздӕр дӕр уыдысты Йесоимӕ ӕмӕ сӕ тынг хорз зоны. Чидӕртӕ дзы сты йӕ хӕстӕджытӕ дӕр. Иаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоаннимӕ, ӕвӕццӕгӕн, дыууӕ хойы зӕнӕг сты. Уӕдӕ Алфей дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыд Йесойы схъомылгӕнӕг фыд Иосифы ӕфсымӕр. Ӕмӕ уӕд Алфейы фырт Иаков та у йӕ фыдыфсымӕры лӕппу.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойӕн зын нӕу йӕ апостолты нӕмттӕ бахъуыды кӕнын. Фӕлӕ сӕ ды хъуыды кӕныс? Бахъуыды кӕн: дыууӕйӕ хуыйнынц Симон, дыууӕйӕ — Иаков, дыууӕйӕ та — Иудӕ, Симоны ӕфсымӕры хонынц Андрей, Иаковы ӕфсымӕры та — Иоанн. Афтӕ ис бахъуыдыгӕнӕн апостолтӕй асты нӕмттӕ. Иннӕ цыппар та сты: хъалонисӕг (Матфей), фӕстӕдӕр чи фӕдызӕрдыг, уый (Фома), бӕласы бын кӕмӕ ӕрсидт, уый (Нафанаил) ӕмӕ йе ’мбал Филипп.
Апостолтӕй иуӕндӕс сты Йесойы райгуырӕн бӕстӕ Галилейӕ. Нафанаил у Канӕйӕ. Филипп, Петр ӕмӕ Андрей рацыдысты Вифсаидӕйӕ, уыимӕ Петр ӕмӕ Андрей фӕстӕдӕр ӕрцардысты Капернаумы, ӕвӕццӕгӕн, Матфей кӕм цард, уым. Иаков ӕмӕ Иоанн уыдысты кӕсагахсджытӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдон дӕр цардысты Капернаумы, кӕнӕ уырдӕм хӕстӕг. Куыд зыны, афтӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йесойыл гадзрахатӕй чи рацыд, уыцы апостол Иудӕ Искариотаг у Иудейӕ. Маркы 3:13—19; Лукайы 6:12—16.
▪ Апостолтӕй кӕцытӕ сты Йесойы хӕстӕджытӕ?
▪ Куыд хуыйнынц Йесойы апостолтӕ ӕмӕ ӕнцондӕр куыд уыдзӕн сӕ нӕмттӕ бахъуыды кӕнын?
▪ Кӕцӕй рацӕугӕ сты апостолтӕ?