Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-2 24–25 фф.
  • Библийы чиныг 63 – 2 Иоанны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 63 – 2 Иоанны
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
bsi08-2 24–25 фф.

Библийы чиныг 63 – 2 Иоанны

Ныффыста йӕ: апостол Иоанн

Кӕм ӕрцыд фыст: Ефесы кӕнӕ уырдӕм ӕввахс

Фыст фӕцис: н. э. 98 азмӕ ӕв.

ИОАННЫ дыккаг фыстӕг кӕд цыбыр у, ӕвӕццӕгӕн, фыст уыд папирусы иу сыфыл, уӕддӕр тынг ахсджиаг у. Фыст у «ӕвзӕрст сылгоймагмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм». Уыцы рӕстӕг ном Кириа арӕх кӕй уыд (грекъагау «ӕхсин»), уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Иоанн фыста цавӕрдӕр сылгоймагмӕ. Ӕндӕр ахуыргӕндтӕ та зӕгъынц, Иоанн чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй фыста, уымӕн ӕмӕ йӕ схуыдта «ӕвзӕрст сылгоймаг». Ӕвӕццӕгӕн, Иоанн афтӕ уый тыххӕй ныффыста, цӕмӕй йӕ се знӕгтӕ ма бамбӕрстаиккой. Уӕд, фӕстаг стихы «дӕ хойы сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ, кӕй хоны, уый та у ӕндӕр ӕмбырд. Уымӕ гӕсгӕ, Иоанн йӕ дыккаг фыстӕг, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста иу адӕймагмӕ йе та ӕмбырдмӕ (1 стих).

2 Ацы фыстӕг Иоанн кӕй ныффыста, ууыл дызӕрдыг кӕнӕн нӕй. Йӕ фыссӕг йӕхи хоны «хистӕр нӕлгоймаг». Ацы ныхӕстӕ Иоаннмӕ хауынц, ацӕргӕ кӕй уыд, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ «ӕмбырд кӕуыл лӕууыд, уыдонӕй» кӕй уыд (Гал. 2:9). Стӕй уыд фӕстаг удӕгас апостол ӕмӕ ӕмбырды «хистӕр нӕлгоймаг». Иоанны бирӕтӕ хорз зыдтой ӕмӕ йын йӕ фыстӕг чи каст, уыдоны уӕлдай бӕлвыргӕнӕнтӕ нӕ хъуыд, йӕхи фыст кӕй уыд, уымӕн. Ацы фыстӕг Иоанн кӕй ныффыста, уый ма бӕрӕг у, фыццаг фыстӕг ӕмӕ Иоанны Евангелиимӕ иу ӕвзагӕй фыст кӕй сты, уымӕй. Фыццаг фыстӕгау, дыккаг фыстӕг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд н. э. 98 азы Ефесы кӕнӕ уырдӕм ӕввахс. Дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг фыстӕджы тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Дыууӕ фыстӕджы ӕмхуызон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, фыццаг фыстӕджы хӕдфӕстӕ сӕ Ефесы кӕй ныффыста. Дыууӕ фыстӕджы дӕр бӕлвырд цауты фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыцы уагӕвӕрдтыл бӕстон дзырд цӕуы фыццаг фыстӕджы»a. Иоанны дыккаг фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый ма бӕлвырд кӕны, Ириней ӕмӕ Александриаг Климент дзы скъуыддзӕгтӕ кӕй хастой, уый (дыууӕ дӕр цардысты н. э. 2 ӕнусы)b. Стӕй ма Иоанны фыстӕджыты кой ис Мураторийы скъуыддзаджы дӕр.

3 Иоанн йӕ фыццаг фыстӕг цӕмӕн ныффыста, уый тыххӕй ныффыста дыккаг дӕр – мӕнг ахуыргӕнджытӕ чырыстон дины ныхмӕ систы. Иоанны фӕндыд ӕфсымӕрты бафӕдзӕхсын, цӕмӕй-иу сӕ базыдтаиккой ӕмӕ сӕ сӕхи хызтаиккой, уырнындзинады фӕндагыл дарддӕр цыдаиккой ӕмӕ кӕрӕдзи уарзтаиккой.

ЦЫ ПАЙДА У

5 Ӕвӕццӕгӕн, абон куыд у, афтӕ Иоанны рӕстӕджы дӕр уыд, Чырыстийы хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ахуырӕдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн нӕ цыдысты, ахӕм адӕм. Хъуыди сӕ, сӕ хивӕнд зӕрдӕ сын чи ӕлхӕдтаид, чи сӕ скадджын кодтаид ӕмӕ дунейы ахуыргӕндтау зындгонд цӕй фӕрцы уыдаиккой, ахӕм ахуырӕдтӕ. Цӕмӕй сӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕ къухы бафтыдаиккой, уый тыххӕй цӕттӕ уыдысты чырыстон ӕмбырд фегад кӕнын ӕмӕ йӕ ныддихтӕ кӕнынмӕ. Иоанн стыр аргъ кодта ӕмбырды иудзинадӕн, уымӕн йӕ бындуры уыд уарзондзинад ӕмӕ, Фыд ӕмӕ Фыртимӕ иудзинады чи ис, уыцы раст ахуырад. Мах дӕр хъуамӕ архайӕм ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕныныл, нӕхи дард хизӕм, Фыстад чи зыгъуыммӕ кӕны, уыдонӕй ӕмӕ сын салам дӕр ма дӕттӕм. Дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд нӕ ныфс уӕд, «хайджын [кӕй] уыдзыстӕм нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй, стӕй уӕд ӕцӕгдзинад ӕмӕ уарзтӕй дӕр» (3 стих). Ӕцӕгдӕр, Иоанны дыккаг фыстӕг ӕвдисы, цы стыр арфӕдзинад у, чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый.

[Фиппаинӕгтӕ]

a «McClintock and Strong’s Cyclopedia», 1981 reprint, Vol. IV, p. 955.

b «New Bible Dictionary», second edition, 1986, edited by J. D. Douglas, p. 605.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын