Библийы чиныг 64 – 3 Иоанны
Ныффыста йӕ: апостол Иоанн
Кӕм ӕрцыд фыст: Ефесы кӕнӕ уырдӕм ӕввахс
Фыст фӕцис: н. э. 98 азмӕ ӕв.
АЦЫ фыстӕг Иоанн ныффыста Гаймӕ, тынг кӕй уарзта, уыцы иузӕрдион чырыстонмӕ. Ном Гай тынг арӕх уыд фыццаг ӕнусы. Чырыстон Грекъаг Фыстыты цыппар хатты ӕмбӕлы алы рӕтты ӕмӕ амоны ӕртӕ, йе та цыппар алыхуызон адӕймагмӕ (Ап. хъ. 19:29; 20:4; Ром. 16:23; 1 Кор. 1:14). Фӕлӕ бӕрӕг нӕу, Иоанн кӕмӕ фыста, уыцы Гай уыдонӕй уыд ӕви нӕ. Гайы тыххӕй зонӕм, кӕй уыд чырыстон ӕмбырдӕй ӕмӕ Иоанны хорз ӕмбал ӕмӕ йӕ фыстӕг уымӕ кӕй ныффыста, уый бӕрӕг у, алы ран дӕр «ды», зӕгъгӕ, кӕй фыссы, уымӕй.
2 Иоанны дыккаг фыстӕг цы ныхӕстӕй райдайы ӕмӕ фӕвӕййы, афтӕ райдайы ӕмӕ фӕвӕййы йе ’ртыккаг фыстӕг дӕр, стӕй йӕ фыссӕг йӕхи хоны «хистӕр нӕлгоймаг» (2 Иоан. 1). Уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыггаг нӕу, апостол Иоанн ӕй кӕй ныффыста. Йӕ фыстӕджы цӕй тыххӕй ӕмӕ йӕ цы ӕвзагӕй фыссы, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, иннӕ дыууӕ фыстӕджы кӕм ныффыста, уым фыст кӕй ӕрцыд – ома йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста н. э. 98 азы Ефесы, йе та уырдӕм ӕввахс. Цыбыр фыстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы рагон фысджытӕ скъуыддзӕгтӕ арӕх нӕ хастой, фӕлӕ уӕддӕр ис Фыстады рагон каталогты Иоанны дыккаг фыстӕгимӕ.
3 Ацы фыстӕджы Иоанн Гайӕн зӕрдиагӕй бузныг загъта, ӕфсымӕрты-иу кӕй суазӕг кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма йӕм фыста, Диотрефы сӕрбӕрзонддзинад сын цы зындзинӕдтӕ хаста, уый тыххӕй дӕр. Иоанн ма ныффыста Димитрийы тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн ӕй ацы фыстӕгимӕ арвыста Гаймӕ. Димитри хъуамӕ Гаймӕ ӕрлӕууыдаид, ӕмӕ йӕм ацы фыстӕджы фӕрцы хорз цӕстӕй ракастаид. Ацы фыстӕджы цы кӕсӕм, уымӕй дарддӕр ницы ис базонӕн нӕдӕр Гайы, нӕдӕр Диотреф ӕмӕ Димитрийы тыххӕй. Фӕлӕ Иоанны ӕртыккаг фыстӕгӕй бӕрӕг у, фыццаг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд кӕй уыдысты, уый. Стӕй ма сӕм уыд ахӕм ӕгъдау: «йӕ номы тыххӕй-иу» сӕм чи ӕрцыд, уый иу суазӕг кодтой, кӕд-иу йемӕ зонгӕ нӕ уыдысты, уӕд дӕр (7 стих).
ЦЫ ПАЙДА У
5 Апостол Иоанн ӕмбырд ӕвзӕр зондахастӕй бахъахъхъӕныныл куыд зӕрдиагӕй архайдта, уымӕй бӕрӕг у, хорз цӕстдарӕг кӕй уыд. Ӕмбырды цы уарзондзинад ӕмӕ уазӕгуарзондзинад уыд, уый уыд раппӕлинаг. Хъуамӕ уыцы зӕрдӕйы уаг ма фесӕфтаиккой, цӕмӕй ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ, «кӕй нӕ зыдтой, уыдон-иу» сӕм куы ӕрцыдысты, уӕд уыдонимӕ дӕр «ӕцӕгдзинады уыдаиккой ӕмкусджытӕ» (5, 8 стихтӕ). Фӕлӕ Йегъовӕ цы миниуӕг нӕ уарзы, ахӕм миниуӕг уыд Диотрефмӕ – уыди хъал ӕмӕ ницӕмӕ дардта, Хуыцау ӕмбырды цы уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый, суанг ма апостол Иоанны фыдкой дӕр кодта (Ӕмб. 6:16, 17). Стӕй ма ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕ уагъта, цӕмӕй-иу ӕфсымӕрты суазӕг кодтаиккой. Уӕдӕ диссаг нӕу, Иоанн ӕргом кӕй дзырдта ахӕм миты ныхмӕ ӕмӕ чырыстӕтты кӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕмбырды кӕрӕдзи уарзтаиккой. Мах дӕр, Иоанн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм, ӕцӕгдзинады фӕндагыл цӕуӕм, иннӕты уарзӕм ӕмӕ рӕдау уӕм: «Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый у Хуыцауӕй. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый Хуыцауы нӕ федта» (3 Иоан. 1–14).