Библийы чиныг 65 – Иудӕ
Ныффыста йӕ: Иудӕ
Кӕм ӕрцыд фыст: Палестинӕйы (?)
Фыст фӕцис: н. э. 65 азмӕ ӕв.
ИУДӔЙЫ чырыстон ӕфсымӕртӕ уыдысты тӕссаг уавӕры! Йесо Чырыстийы мӕлӕты ӕмӕ райгасы фӕстӕ цы рӕстӕг рацыд, уӕдмӕ ӕмбырды фӕзынд знаг. Уыцы знаджы фӕндыд чырыстӕтты уырнындзинад фесафын. Уымӕй фӕдзӕхста апостол Павел дӕр 14 азы размӕ (2 Фес. 2:3). Цы аразын хъуыд ӕфсымӕрты, цӕмӕй къӕрцхъус уыдаиккой ӕмӕ уыцы знагӕй сӕхи бахызтаиккой? Иудӕйы фыстӕг сын бӕлвырд дзуапп радта. 3 ӕмӕ 4 стихты бамбарын кодта, зӕгъгӕ, ахсджиагыл банымадтон ныффыссын, не ’хсӕнмӕ кӕй ӕрбахъуызыдысты ӕнӕхуыцау адӕймӕгтӕ ӕмӕ сын нӕ Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй ӕнӕгъдау митӕ кӕной. Сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдауӕн уыд тӕссаг. Иудӕйы фӕндыд ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уыдаид сӕ уырнындзинадыл тох кӕнын.
2 Фӕлӕ чи уыд Иудӕ? Фыстӕджы райдианы кӕсӕм, кӕй йӕ ныффыста «Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕ, Иаковы ӕфсымӕр». Йесойы 12 апостолӕй дыууӕйӕ хуындысты Иудӕтӕ. Фӕлӕ цымӕ Иудӕ апостол уыд? (Лук. 6:16). Иудӕ йӕхи апостол нӕ хуыдта, ӕмӕ апостолты кой кӕм кодта, уым загъта, «уыдон», зӕгъгӕ (Иудӕ 17, 18). Стӕй ма йӕхи хуыдта «Иаковы ӕфсымӕр», ӕвӕццӕгӕн, дзырдта, Йесойы ӕфсымӕр чи уыд ӕмӕ Иаковы фыстӕг чи ныффыста, уый тыххӕй (1 стих). Уымӕн ӕмӕ Иаков уыд, Иерусалимы «ӕмбырд кӕуыл лӕууыд», уыдонӕй иу ӕмӕ йӕ бирӕтӕ хорз зыдтой. Уӕдӕ Иудӕ дӕр уыд Йесойы ӕфсымӕр, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн ахӕм номимӕ ӕфсымӕр ӕцӕгӕйдӕр уыд (Гал. 1:19; 2:9; Матф. 13:55; Марчы 6:3). Фӕлӕ Иудӕ Йесойы ӕфсымӕр кӕй уыд, уый тыххӕй ницы дзырдта, ныффыста, уырнындзинады «Йесо Чырыстийы цагъар» кӕй уыд, ӕрмӕст уый (1 Кор. 7:22; 2 Кор. 5:16; Матф. 20:27).
3 Ацы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бӕрӕг у, йӕ кой Мураторийы скъуыддзаджы кӕй ис, уымӕй (н. э. 2 ӕнус). Стӕй йӕ Александриаг Климент дӕр (н. э. 2 ӕнус) нымадта Фыстады хайыл. Ориген ацы фыстӕджы тыххӕй ныффыста: «Кӕд цалдӕр рӕнхъ ахсы, уӕддӕр дзы ис, Хуыцауы хорзӕхыл дзурӕг чи у, бирӕ ахӕм хорз ныхӕстӕ»a. Тертуллиан дӕр ӕй нымадта Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныгыл. Ӕнӕдызӕрдыгӕй, ацы фыстӕг дӕр у Фыстады хай.
4 Иудӕ фыста «хуындтытӕм», ӕмӕ цавӕрдӕр ӕмбырд кӕнӕ адӕймаджы кой нӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фыстӕг фыст у чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныффыста Палестинӕйы, кӕд уый тыххӕй ницы фыссы, уӕддӕр. Кӕд ӕй ныффыста, уый дӕр зын сбӕрӕг кӕнӕн у. Фӕлӕ уӕдмӕ чырыстон ӕмбырд рагӕй уыд, уымӕн ӕмӕ дзырдта, «Хицау Йесо Чырыстийы апостолтӕ» раздӕр кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ бӕрӕг у, 2 Петры 3:3 кӕй ӕрхаста (Иудӕ 17, 18). Уымӕй уӕлдай, Иудӕйы фыстӕг ӕмӕ 2 Петры 2 сӕр ӕмхуызон сты. Уый та ууыл дзурӕг у, Иудӕ Петримӕ иу рӕстӕг кӕй фыста ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр тынг кӕй тыхстысты ӕмбырды тӕссаг уавӕрыл. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ацы фыстӕг н. э. 65 азы фыст кӕй ӕрцыд. Афтӕ кӕй у, уый ма бӕлвырд кӕны, Иудӕ кӕй ницы фыссы, н. э. 66 азы иудейтӕ куы змӕстой, уӕд сӕм Цести Галл кӕй ӕрцыд ӕмӕ н. э. 70 азы Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, уый тыххӕй. Хуыцау тӕригъӕдджынтӕн кӕй тӕрхон кодта, уый тыххӕй Иудӕ бӕлвырд хабӕртты тыххӕй ныффыста. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иудӕ куы фыста, уӕдмӕ Иерусалим куы ныппырх кодтаиккой, уӕд уый тыххӕй ныффыстаид, цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ сбӕлвырд кодтаид, уымӕн ӕмӕ Иерусалимы тыххӕй Йесо дӕр дзырда (Иудӕ 5–7; Лук. 19:41–44).
ЦЫ ПАЙДА У
8 Иудӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ Фыстад пайда у, цӕмӕй «уарзон ӕфсымӕрты» фӕдзӕхса, фидар сӕ кӕна ӕмӕ сӕ раст кӕна. Ӕмбырды цы ӕнӕхуыцау адӕм фӕзынд, уыдоны тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнгӕйӕ сын ӕрхаста цӕвиттонтӕ Дзуттаг Фыстытӕй. Зӕгъӕм, Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы израилӕгты, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы зӕдты ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты. Ӕмӕ Иудӕ загъта, чидӕриддӕр тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны дӕр ахӕм тӕрхон кӕй баййафдзӕн. Иудӕ фыдгӕнджыты абарста фосимӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, Валаамау адзӕгъӕл сты, ӕмӕ Корейау кӕй змӕнтынц, уый тыххӕй сӕфынц. Стӕй ма ӕрдзӕй дӕр цӕвиттонтӕ ӕрхаста. Иудӕйы фыстӕг йӕхӕдӕг дӕр сси Фыстады хай, цӕмӕй уый дӕр Библийы иннӕ чингуытимӕ ахуыр кӕной ӕмӕ разӕнгард кӕны ацы «фӕстаг бонты» рӕстӕй цӕрынмӕ (Иудӕ 17, 18, 5–7, 11–13; Нымӕц. 14:35–37; Райд. 6:4; 18:20, 21; 19:4, 5, 24, 25; 4:4, 5, 8; Нымӕц. 22:2–7, 21; 31:8; 16:1–7, 31–35).
9 Чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдтой ӕмӕ сын алы зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарын кодтой, уый сӕ нӕ бакъуылымпы кодта ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Фӕлӕ ӕмбырды ӕгъдаухалджытӕ кӕй фӕзынд, уыдон, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн тӕссаг уыдысты ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр. Иудӕ уый ӕмбӕрста ӕмӕ фидарӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй уырнындзинады сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй дӕр тох кодтаиккой. Йӕ фыстӕг уӕд куыд афоныл уыд, афтӕ абон дӕр. Уыцы фӕдзӕхстытӕ ныр дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуынц. Уырнындзинадыл хъӕуы тох кӕнын, ӕнӕгъдаудзинад ӕдуидаг тонын, ӕмӕ кӕд гӕнӕн ис, уӕд дызӕрдыггӕнджытӕн фӕлмӕнзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ «арты дзыхӕй» скъӕфын. Цӕмӕй абон чырыстӕттӕ се ’гъдау бахъахъхъӕной, сӕ лӕггад ӕнтыстджын уа ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа, уый тыххӕй сӕ хъӕуы сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, Библи цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ цӕрын, Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ ӕмбырды «сӕргълӕуджытӕн» аргъ кӕнын (Иудӕ 3, 23, 8).
10 Тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ «Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕмӕ нӕ хӕццӕ кӕны», уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. Уыдон тӕссаг сты, ӕнусон царды фӕндагыл чи цӕуы, уыдонӕн (Иудӕ 19; Гал. 5:19–21). Хъуамӕ сӕ ӕмбырд йӕхи хиза ӕмӕ сӕ йе ’хсӕнӕй фесафа! Уӕд ӕфсымӕртӕ хайджын уыдзысты «хорзӕх, фарн ӕмӕ уарзтӕй», ӕмӕ афтӕмӕй, «Хицау Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй сӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзысты». Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау йӕ Паддзахады бындарты «йӕ кады раз ӕнӕфауӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн». Уыдон дӕр разы сты Иудӕимӕ, зӕгъгӕ, «кад, намыс ӕмӕ бартӕ» Хуыцауӕн Йесо Чырыстийы уылты (Иудӕ 2, 21, 24, 25).
[Фиппаинаг]
a Мецгер Б. М. Канон Нового Завета. 1998. С. 139.