Библийы чиныг 66 – Раргомад
Ныффыста йӕ: апостол Иоанн
Кӕм ӕрцыд фыст: Патмосы
Фыст фӕцис: н. э. 96 азмӕ ӕв.
РАРГОМАДЫ цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон, цымӕ, тӕрсын кӕнынӕн ӕрцыдысты фыст? Пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый хъуамӕ тасы ӕфтауа ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджыты. Фӕлӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сразы уыдзысты, чиныджы райдианы цы ныхӕстӕ ис ӕмӕ зӕд кӕронӕй цы загъта, уыимӕ: «Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый; амондджын сты, чи сӕм хъусы». «Амондджын у, ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый» (Рарг. 1:3; 22:7). Кӕд Раргомады чиныг Иоанны иннӕ цыппар чиныгӕй раздӕр ӕрцыд фыст, уӕддӕр, Библи цы 66 чиныгӕй конд у, уыдонӕй у фӕстаг. Уымӕн ӕмӕ дзуры фидӕныл, ӕмбарын кӕны, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый ӕмӕ ӕргом кӕны Библийы сӕйраг темӕ – Йегъовӕйы ном скадджын уыдзӕн ӕмӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн, йӕ сӕргъы Чырысти кӕмӕн лӕууы, уыцы Паддзахады фӕрцы. Чиныг фӕуд кӕны, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕй.
2 Фыццаг стихмӕ гӕсгӕ, «ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты... Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ уыцы зӕды фӕрцы уыдӕттӕ фӕсномыг нысӕнттӕй равдыста йӕ цагъар Иоаннӕн». Уӕдӕ чиныджы автор Иоанн нӕу, уый йӕ ӕрмӕст фысгӕ ныккодта. Иоанн ницы ӕргом кӕны ӕмӕ уый Иоанны раргомад нӕу (1:1). Грекъаг ӕвзагыл чиныг хуыйны Апокалипсис, ома «ӕргом кӕнын» йе та «раргомад». Хуыцау йӕ цагъарӕн йӕ диссаджы фӕнд кӕй раргом кодта, уымӕ гӕсгӕ йыл йӕ ном хорз фидауы.
3 Чи уыд Иоанн? Библийӕ зонӕм, кӕй уыд Йесо Чырыстийы цагъар, ӕфсымӕр ӕмӕ зын уавӕрты кӕй уыд, стӕй Патмосы сакъадахмӕ ӕрвыст кӕй ӕрцыд. Йӕхи тыххӕй ӕндӕр ницыуал ныффыста, уымӕн ӕмӕ кӕмӕ фыста, уыдон ӕй, ӕввӕццӕгӕн, хорз зыдтой. Уый уыд апостол Иоанн. Раргомад Иоанн кӕй ныффыста, ууыл разы уыдысты бирӕ рагон историктӕ. Папий (йӕ чингуытӕ ныффыста н. э. 2 ӕнусы райдиан) дзырдта, ацы чиныг апостолтӕй чидӕр кӕй ныффыста. Хъизӕмаргӕнӕг Юстин (н. э. 2 ӕнус) йӕ чиныджы ныффыста: «Иоаннӕн, Чырыстийы апостолтӕй иуӕн, цы раргомад ӕрцыд лӕвӕрд, уым загъта»a. Ириней, Александриаг Климент ӕмӕ Тертуллиан дӕр (н. э. 2 ӕнусы кӕрон ӕмӕ 3 ӕнусы райдиан) дзырдтой, Раргомад апостол Иоанн кӕй ныффыста. Ориген (н. э. 3 ӕнусы зындгонд ахуыргонд) та загъта: «Цы зӕгъон Иоанны тыххӕй, Чырыстийы риуыл йӕхи чи бакъул кодта, уый тыххӕй? Ныффыста иу Евангели... ныффыста ма Раргомад дӕр»b.
4 Иоанн йӕ иннӕ чингуыты уарзондзинады тыххӕй бирӕ кӕй фыста, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд Раргомад ныффыссын. Иу хатт Иоанн ӕмӕ йӕ ’фсымӕр Иаков афтӕ тынг смӕсты сты самариаг хъӕуы цӕрджытӕм ӕмӕ сӕ бафӕндыд, цӕмӕй сыл уӕлӕрвтӕй арт ӕрцыдаид. Уый тыххӕй сӕ схыдтой «Воанергес, ома «арвнӕрды фырттӕ» (Марчы 3:17; Лук. 9:54). Иоаннӕн йӕ чингуытӕ ӕмхуызон фыст кӕй не сты, уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Раргомады ныхас ӕндӕр цӕуылдӕр цӕуы. Иоанн загъта, ацы цӕстылуайӕнты хуызӕн раздӕр кӕй никуы федта. Раргомад Библийы иннӕ чингуытимӕ баст кӕй у, уый дӕр бӕлвырд кӕны, Хуыцауы Ныхасы хай кӕй у.
5 Рагон чингуытӕм гӕсгӕ, Иоанн Раргомад ныффыста н. э. 96 азмӕ ӕввахс, Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уымӕй 26 азы фӕстӕ. Ныффыста йӕ паддзах Домицианы хицаудзинады кӕрон. Афтӕ кӕй уыд, уый тыххӕй Ириней дӕр йӕ чиныджы фыста: «Раргомад фыст ӕрцыд нӕ рӕстӕджы хӕдразмӕ, фӕлӕ, зӕгъӕн ис, нӕ рӕстӕджы, Домицианы хицаудзинады кӕрон»c. Евсеви ӕмӕ Иероним дӕр разы уыдысты ацы ныхӕстыл. Домициан уыд Титы ӕфсымӕр; Иерусалиммӕ куы бабырстой, уӕд Тит уыд Ромы ӕфсады хицау. Домициан паддзах сси Титы мӕлӕты фӕстӕ, Раргомад фыст куы нӕма ӕрцыд, уымӕй 15 азы размӕ. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ хуыцауыл нымадтаиккой ӕмӕ йӕхи схуыдта «Доминус эт Деус ностер» («Нӕ хицау ӕмӕ нӕ хуыцау»)d. Мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ паддзахӕн кувыныл разы уыдысты, фӕлӕ фыццаг чырыстӕтты нӕ фӕндыд Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ халын. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдтой Домицианы хицаудзинады кӕрон (н. э. 81–96 азтӕ). Зӕгъынц, зӕгъгӕ, Домициан арвыста Иоанны Патмосмӕ. Домициан н. э. 96 азы куы амард, уӕд ын йӕ бынат бацахста Нервӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый ссӕрибар кодта Иоанны. Иоанн Патмосы ахст куы уыд, уӕд федта, Раргомады чиныджы фыст чи ӕрцыд, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.
6 Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, Иоанн цы федта ӕмӕ йын зӕд ӕмбырдтӕм цы ныффыссын кодта, уыдон хицӕн цӕстылуайӕнтӕ кӕй не сты. Раргомады чиныг райдианӕй кӕронмӕ ӕвдисы, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Цӕстылуайӕнтӕ фӕд-фӕдыл цӕуынц ӕмӕ кӕронӕй бӕстон ӕвдисынц, Хуыцауы йӕ Паддзахады фӕрцы цы саразын фӕнды, уый. Уӕдӕ Раргомады чиныг дзуры иу хъуыддагыл, ӕрмӕст арӕзт у кӕрӕдзийыл баст хицӕн хӕйттӕй, ӕмӕ нын хабӕрттӕ ӕвдисы Иоанны бонтӕй фидӕны онг. Разныхасы фӕстӕ (1:1–9) чиныг адих кӕнӕн ис 16 цӕстылуайӕныл: 1) 1:10–3:22; 2) 4:1–5:14; 3) 6:1–17; 4) 7:1–17; 5) 8:1–9:21; 6) 10:1–11:19; 7) 12:1–17; 8) 13:1–18; 9) 14:1–20; 10) 15:1–16:21; 11) 17:1–18; 12) 18:1–19:10; 13) 19:11–21; 14) 20:1–10; 15) 20:11–21:8; 16) 21:9–22:5. Цӕстылуайӕнты фӕстӕ кӕронбӕттӕн разӕнгард кӕны хъуыддӕгтӕм. Уым дзурынц Йегъовӕ, Йесо, зӕдтӕ ӕмӕ Иоанн – хабӕрттӕ кӕй фӕрцы базыдтам, уыдон (22:6–21).
ЦЫ ПАЙДА У
28 Раргомады чиныг диссаджы кӕронбӕттӕн у Библийӕн! Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты ӕмбӕрст. Ирдӕй дзы уынӕм, райдианы цы уыд, уый ӕмӕ цы диссаджы кӕрон уыдзӕн, уый дӕр. Библийы фӕстаг хай хорз ӕмбарын кӕны, райдианы цы фыст ис, уый. Райдианы 1:1 дзуры, Хуыцау ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх кӕй сфӕлдыста, Раргомады 21:1–4 та дзырд цӕуы ног арв ӕмӕ ног зӕххы тыххӕй ӕмӕ адӕм цы бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уый тыххӕй. Уыдӕттыл ма дзырд цӕуы Исайы 65:17, 18; 66:22 ӕмӕ 2 Петры 3:13. Хуыцау фыццаг адӕймаджы бафӕдзӕхста, ӕгоммӕгӕс куы уа, уӕд кӕй амӕлдзӕн. Коммӕгӕс адӕмӕн та фидарӕй загъта, мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн (Райд. 2:17; Рарг. 21:4). Райдианы Хуыцау загъта, Евӕйы цы калм фӕсайдта, уый сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзысты. Раргомады чиныг та ӕвдисы, залиаг калм, Сайтан Хӕйрӕг, ӕппынфӕстаг сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Райд. 3:1–5, 15; Рарг. 20:10). Ӕгоммӕгӕс адӕмы Едемы цӕхӕрадонӕй ратардтой, цӕмӕй царды бӕласӕй ма бахордтаиккой. Раргомады чиныджы царды бӕлӕстӕ та сты коммӕгӕс адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн (Райд. 3:22–24; Рарг. 22:2). Едемы цы цӕугӕдон уыди, уый цӕхӕрадон донӕй ӕфсӕста, Хуыцауы паддзахбадӕнӕй цы цӕугӕдон цӕуы, уый дӕр дӕтты цард. Уый ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Иезекил цы цӕстылуайӕн федта ӕмӕ Йесо цы загъта, уый: «Гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (Райд. 2:10; Рарг. 22:1, 2; Иез. 47:1–12; Иоан. 4:13, 14). Хуыцау кӕй ратардта, уыцы фыццаг лӕг ӕмӕ усӕй уӕлдай йын иузӕрдион уӕлахиздзаутӕ «уындзысты йӕ цӕсгом» (Райд. 3:24; Рарг. 22:4). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй мах дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсӕм, Раргомады цы цӕстылуайӕнтӕ ис, уыдонмӕ!
29 Хъус ӕрдаринаг у, Раргомады чиныг Вавилоны тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд бӕтты, уый дӕр. Исай цӕстылуайӕны федта, Вавилон куыд ныппырх, уый. Цалымӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ бирӕ раздӕр загъта: «Басаст! Басаст Вавилон» (Ис. 21:9). Иереми дӕр Вавилоны тыххӕй дзырдта пехуымпарӕдтӕ (Йер. 51:6–12). Фӕлӕ Раргомады чиныг «Стыр Вавилон» фӕсномыгӕй хоны «хӕтаг сылгоймӕгты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад». Уый дӕр хъуамӕ ныппарх уа ӕмӕ уыцы хабар Иоанн цӕстылуайӕны федта: «Бабын! Бабын Стыр Вавилон» (Рарг. 17:5; 18:2). Дӕ зӕрдыл ма лӕууы, Данел цы цӕстылуайӕн федта, уый? Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста ӕмӕ иннӕ паддзахӕдтӕ фесафдзӕн, йӕхӕдӕг та «уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Ӕркӕс-ма, куыд баст у, Раргомады уӕлӕрвтӕй цы ныхӕстӕ ӕрыхъуыст, уыдонимӕ: «Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Дан. 2:44; Рарг. 11:15). Данелы цӕстылуайӕн ӕвдисы, уӕларвон мигътимӕ кӕй ӕрбацӕуы чидӕр, адӕймаджы Фырты хуызӕн, цӕмӕй райса хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Раргомады та Йесойы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, у «зӕххон паддзӕхты Паддзах» ӕмӕ «ӕрцӕуы мигътимӕ» ӕмӕ йӕ «алчидӕр фендзӕн» (Дан. 7:13, 14; Рарг. 1:5, 7). Иухуызон ма сты, Данелы ӕмӕ Раргомады цы сырдты кой ис, уымӕй дӕр (Дан. 7:1–8; Рарг. 13:1–3; 17:12). Раргомады чиныджы цы хъуыдытӕ ис, уыдон куы иртасӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн.
30 Хуыцауы Паддзахад диссаджы рӕсугъд ӕвдыст у Раргомады! Ӕмбарын нын кӕны, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рагон пехуымпартӕ, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы загътой, уый. Уынӕм, Йегъовӕйы ном Паддзахады фӕрцы куыд скадджын уыдзӕн, уый: «Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау». Уый у «кад ӕмӕ намысы аккаг... ӕмӕ... стыр тыхы хицау». Йегъовӕ «стыр тых йӕ къухмӕ... райста ӕмӕ паддзах» сси Чырыстийы фӕрцы. Фырт, «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау», цӕгъддзӕн адӕмыхӕттыты ӕмӕ «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фыдӕх ӕмӕ масты сӕндуцӕны цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир»! Библийы сӕйраг темӕ куыд ӕххӕст кӕны – Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый куыд сбӕлвырд уыдзӕн – афтӕ тынгдӕр бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахадимӕ цыдӕриддӕр ӕмӕ чидӕриддӕр баст у, уый сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уа. Уӕрыкк, Йесо Чырысти, «Давиды дӕгъӕл кӕмӕ ис», уый у сыгъдӕг. Сыгъдӕг сты зӕдтӕ дӕр. Фыццаг чи райгас уа, уыдоны тыххӕй та дзуры, зӕгъгӕ, «амондджын ӕмӕ ӕнӕфау сты». «Цъаммар митӕ чи кӕны ӕмӕ чи сайы», уыдон та нӕ бацӕудзысты «сыгъдӕг сахар Иерусалиммӕ». Уӕрыччы тугӕй ӕлхӕд чи у, цӕмӕй сӕ «Хуыцау скӕна паддзахад ӕмӕ сауджынтӕ», уыдон Йегъовӕйы раз хъуамӕ сыгъдӕг уой. «Тынг бирӕ адӕм» дӕр хъуамӕ «сӕ дарӕстӕ ныхсой ӕмӕ сӕ сурс кӕной Уӕрыччы тугӕй», цӕмӕй йын лӕггад кӕной (Рарг. 4:8, 11; 11:17; 19:15, 16; 3:7; 14:10; 20:6; 21:2, 10, 27; 22:19; 5:9, 10; 7:9, 14, 15).
31 Хуыцауы Паддзахад куыд кадджын ӕмӕ сыгъдӕг у, уый хуыздӕр ӕмбарӕм, ӕрмӕстдӕр Раргомады чиныджы цы лыстӕг хабӕрттӕ фыст ис, уыдоны фӕрцы. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Паддзахады бындартӕ Сионы хохыл Уӕрыккимӕ ног зарӕг куыд зарынц, ӕмӕ уыдон йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон у. Ӕрмӕстдӕр нын Раргомады чиныг ӕмбарын кӕны: Паддзахадмӕ бацӕуыны тыххӕй зӕххӕй ӕлхӕд чи ӕрцыди, уыдон сты 144 000, ис сыл «мыхуыр ӕвӕрд» ӕмӕ сты уӕларвон Израилы 12 мыггагӕй. Ӕрмӕст ам кӕсӕм, уыцы сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ (Чырыстиимӕ фыццаг чи райгас) йемӕ «мин азы» паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Ӕвдисы нын, «сыгъдӕг сахар – Ног Иерусалим» куыд арӕзт у, уый: цӕхӕртӕ калы; Йегъовӕ ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ кувӕндон; 12 кулдуары ӕмӕ къултӕн сӕ бындуры дуртӕ; Йегъовӕ рухс кӕндзӕн, ӕнустӕм паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕн (14:1, 3; 7:4–8; 20:6; 21:2, 10–14, 22; 22:5).
32 Фидарӕй зӕгъӕн ис, «ног арв» ӕмӕ «сыгъдӕг сахар – Ног Иерусалимы» тыххӕй цӕстылуайӕн хатдзӕг кӕй кӕны, Паддзахады «байзӕддаджы» тыххӕй Фыстады раджы заманты цы пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст, уыдонӕн. Авраам ӕнхъӕлмӕ каст, «зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр» арфӕгонд кӕй фӕрцы ӕрцыдаиккой, уыцы байзӕддагмӕ ӕмӕ «фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы сахармӕ». Раргомады чиныг ӕвдисы, уыцы арфӕгонд сахар кӕй у «ног арв» – ног хицауад, Хуыцауы Паддзахад, ӕмӕ арӕзт у «Ног Иерусалимӕй» (Чырыстийы «чындз») ӕмӕ йӕ мойагӕй. Иууылдӕр иумӕ рӕстӕй разамынд дӕтдзысты ӕгас зӕххӕн дӕр. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры – йӕ «адӕм суыдзысты», тӕригъӕдӕй фервӕздзысты ӕмӕ цардӕфсӕст уыдзысты, цалынмӕ Едемы Хуыцауы ныхмӕ нӕ рацыдысты, уӕдмӕ куыд уыдысты, афтӕ ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты. Стӕй ма Раргомады дыууӕ хатты дзырдӕуы, Хуыцау кӕй «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» (Райд. 12:3; 22:15–18; Дзут. 11:10; Рарг. 7:17; 21:1–4).
33 Цӕй диссаджы кӕронбӕттӕн ис Фыстадӕн! Куыд диссаг сты, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»! (Рарг. 1:1). «Пехуымпарты дзыхӕй чи дзуры, уыцы Хуыцауы» ном Йегъовӕ у кадджын (22:6). Чиныг нын ӕргом кӕны, 16 ӕнусы дӕргъы цы пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст, уыдон куыд ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ мин азты дӕргъы уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй ӕрцыд ӕвдыст, уыдон кӕй нӕ фӕдзӕгъӕлы сты! «Рагон калм» амард, йе ’фсад дӕр фесӕфт ӕмӕ фыддзинад нал ис (12:9). Хуыцауы Паддзахады хицӕуттӕ, «ног арв», Йегъовӕйы кадджын кӕнынц. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ та зӕхх арфӕгонд у, адӕмӕй байдзаг ӕмӕ дзы диссаджы цӕрӕнбынат сарӕзтой (Райд. 1:28). Ӕцӕгӕйдӕр, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн». Фыстады руаджы Йегъовӕ уыцы диссаджы бонмӕ кӕны, алцыдӕр чи ӕмбары ӕмӕ уырнындзинады алцӕмӕй дӕр цӕттӕ чи у, уыдоны. Уӕдӕ ныр хъӕуы Фыстад ахуыр кӕнын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕна. Цы фӕдзӕхстытӕ дзы ис, уыдон ӕххӕст кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм. Уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн, Библийы фӕстаг чиныджы цы ныхӕстӕ ис, афтӕ зӕгъын: «Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо» (2 Тим. 3:16; Рарг. 22:20).
34 Цӕй диссаджы кад у, кӕй хъусын кӕнӕм, «нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы» цы Паддзахад ис, уый ӕнустӕм кӕй скадджын кӕндзӕн Йегъовӕйы, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы»! (Рарг. 11:15, 17).
[Фиппанӕгтӕ]
a «Диалог с Трифоном иудеем» (пар. 81). Сочинения Св. Иустина, Философа и мученика. Москва: «Университетский типограф», 1892.
b Евсевий Памфил. Церковная история. VI, XXV, 9, 10.
c «Против ересей» (V, xxx). Перевод прот. П. Преображенского.
d Гай Светоний Транквилл. Жизнь двенадцати цезарей. М., 1990. С. 219.