Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 7–19 фф.
  • Январь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Январь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 январь
  • Къуырисӕр, 2 январь
  • Дыццӕг, 3 январь
  • Ӕртыццӕг, 4 январь
  • Цыппӕрӕм, 5 январь
  • Майрӕмбон, 6 январь
  • Сабат, 7 январь
  • Хуыцаубон, 8 январь
  • Къуырисӕр, 9 январь
  • Дыццӕг, 10 январь
  • Ӕртыццӕг, 11 январь
  • Цыппӕрӕм, 12 январь
  • Майрӕмбон, 13 январь
  • Сабат, 14 январь
  • Хуыцаубон, 15 январь
  • Къуырисӕр, 16 январь
  • Дыццӕг, 17 январь
  • Ӕртыццӕг, 18 январь
  • Цыппӕрӕм, 19 январь
  • Майрӕмбон, 20 январь
  • Сабат, 21 январь
  • Хуыцаубон, 22 январь
  • Къуырисӕр, 23 январь
  • Дыццӕг, 24 январь
  • Ӕртыццӕг, 25 январь
  • Цыппӕрӕм, 26 январь
  • Майрӕмбон, 27 январь
  • Сабат, 28 январь
  • Хуыцаубон, 29 январь
  • Къуырисӕр, 30 январь
  • Дыццӕг, 31 январь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 7–19 фф.

Январь

Хуыцаубон, 1 январь

Мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын (2 Тим. 2:2).

Районон цӕстдарджытӕ бафиппайынц, бирӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй хъуамӕ хицӕн кӕной, цӕмӕй ӕфсымӕрты – ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ ацӕргӕты дӕр – ахуыр кӕной, ӕмӕ уыдон дӕр ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайой. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг иуӕй-иу хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд куыннӕ ӕмбардзынӕ, иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у, уый. Ды зоныс, фылдӕр ӕфсымӕртӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй, абон цы ӕмбырдтӕ ис ӕмӕ ма фидӕны цы ног ӕмбырдтӕ фӕзындзӕн, уыдон фидар кӕной (Ис. 60:22). Зоныс ма уый дӕр, ӕмӕ Библи хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъы, цӕмӕй иннӕ ӕфсымӕрты дӕр ахуыр кӕной. Фӕлӕ дын, чи зоны, зын вӕййы уыцы хъуыддагӕн рӕстӕг ссарын. Дӕу хъӕуы дӕ бинонтыл тыхсын ӕмӕ кусын. Уымӕй уӕлдай ма дӕ хъӕуы ӕмбырдыл тыхсын ӕмӕ ма ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр кӕнын. Иудзырдӕй, тынг ӕнӕвдӕлон вӕййыс. Фӕлӕ цӕмӕй ӕфсымӕртӕ ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы ахуыр кӕнын. Ӕмӕ ӕмбырды фылдӕр фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ куы уа, уӕд уый та стыр пайда уыдзӕн алкӕмӕн дӕр. w15 15/4 1:2, 3

Къуырисӕр, 2 январь

Тимофей... у мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы. Уый уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн... алцыдӕр куыд аразын... уый (1 Кор. 4:17).

Кӕд ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ ӕрӕджы бакодтой, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ сӕ ныр, уый размӕ сӕ куыд арӕзтой, афтӕ нӕ, фӕлӕ бынтон ӕндӕрхуызон хъуамӕ араза. Дӕ зӕрдыл дар: ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куыд аразын хъӕуы, уым исты фӕивӕн ис, уый ӕнӕмӕнг куы уа кӕнӕ Йегъовӕйы организаци ахӕм разамынд куы ратта, ӕрмӕстдӕр уӕд. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ ис, уӕд дын цы мадзӕлттӕ бацамыдтой, уыдонӕй куы пайда кӕнай, уӕд равдисдзынӕ, фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕй аргъ кӕныс, ӕмӕ дыл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр ӕууӕнддзысты. Фӕлтӕрдджындӕр куы суай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ аразын, цӕмӕй уе ’мбырд размӕ цӕуа. Ӕмӕ, чи зоны, йӕ афоныл ды дӕр Йегъовӕйы фӕрцы, дӕ ахуыргӕнджытӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтой, уыдонӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразай (Иоан. 14:12). w15 15/4 2:17

Дыццӕг, 3 январь

Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн (Пс. 32:8).

Чи зоны, ахӕм уӕззау уавӕры уай, ӕмӕ дӕм афтӕ кӕса, цыма дӕу дӕр Павелау «домбайы дзыхӕй» фервӕзын кӕнын хъӕуы (2 Тим. 4:17). Ахӕм рӕстӕг уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм. Зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй чидӕр тынг рынчын у ӕмӕ йӕм ды кӕсыс. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕмӕ фӕкувыс, цӕмӕй дын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕна ӕмӕ дын хъарутӕ дӕтта. Уӕдӕ-иу дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнай, Йегъовӕ дын дӕ уавӕр кӕй уыны ӕмӕ дӕ кӕй ӕмбары, уӕд-иу дын фенцондӕр уыдзӕн. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайай. Фӕлӕ дӕм, чи зоны, афтӕ дӕр кӕса, ӕмӕ дын не ’ххуыс кӕны. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дохтыртӕ ма разы кӕной цавӕрдӕр мадзӕлттӕй хос кӕныныл. Кӕнӕ та дӕ ныфс уа, дӕ хиуӕттӕ дын кӕй баххуыс кӕндзысты, фӕлӕ дын уыдон дӕ уавӕр фыддӕр цы фӕкӕной, ӕндӕр дын ӕххуыс мацы бакӕной. Фӕлӕ алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар – уый дын дӕтдзӕн хъарутӕ. Архай, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнай (1 Сам. 30:3, 6). Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кодта, уый, ӕмӕ йӕм уӕд ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. w15 15/4 4:10, 11

Ӕртыццӕг, 4 январь

[Хӕйрӕджы] ныхмӕ фӕлӕуут (1 Пет. 5:9).

Мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, зонӕм, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис. Кӕцӕй? Библийы фыст ис, Евӕимӕ калмы уылты Сайтан кӕй ныхас кодта (Райд. 3:1–5). Йегъовӕйӕн Иовы фыдкой дӕр уый фӕкодта (Иов 1:9–12). Стӕй Йесо Чырыстийы дӕр Хӕйрӕг фӕлвӕрдта (Матф. 4:1–10). Ӕмӕ 1914 азы Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд дӕр, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонимӕ «тох кӕнын» Хӕйрӕг райдыдта (Рарг. 12:17). Уыцы хӕст абоны онг дӕр цӕуы – Хӕйрӕг ныр дӕр архайы, цӕмӕй сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ ӕндӕр фысты Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕна. Цӕмӕй уыцы хӕсты фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Сайтаны ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Хӕйрӕг афтӕ сӕрбӕрзонд у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уыцы фыдгӕнӕг зӕд йӕ ныфс бахаста, цӕмӕй сдзырддаг кодтаид, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, ӕмӕ хицау уа. Стӕй ма ууыл дӕр архайы, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн лӕггад кӕной. Афтӕ чи кӕны, уымӕй сӕрбӕрзонддӕр ма чи хъуамӕ уа! Уӕдӕ цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй нӕхи хизӕм ӕмӕ сӕрныллӕг уӕм (1 Пет. 5:5). w15 15/5 2:3, 4

Цыппӕрӕм, 5 январь

Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн (Ис. 25:8).

Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы фидӕнӕй. Уыцы рӕстӕгыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы ӕмӕ нӕм хъарутӕ фӕзыны, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕ дын зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй ӕвӕры, уыдон куыд сӕххӕст уыдзысты, уый «уыныс»? Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс дын ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр дӕ бон у уыцы диссаджы фидӕн дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Кӕд дын зӕххыл цӕрыны ныфс ис, уӕд-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: де ’мбӕлттимӕ иумӕ кусут, цӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суа. Уыцы куыстмӕ йӕ хъус чи дары, уыдон дӕ хорзыл тыхсынц, ӕмӕ дын алы бон дӕр у стыр цины хос. Дӕ алыварс ис, дӕуау Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕм. Ӕппындӕр дӕ ницы риссы, ницӕуыл тыхсыс ӕмӕ, фӕллад цы у, уый нӕ зоныс. Ӕхсызгон дын у, дӕ курдиӕтты фӕрцы дӕ бон кӕй у иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын, зӕгъӕм, чи райгас, уыдонӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнын (Иоан. 17:3; Хъуыд. 24:15). Ӕппӕт уыдӕттӕ рӕсугъд фынтӕ не сты. Уыцы хабӕрттӕ ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзысты, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Хуыцауы Ныхасы (Ис. 11:9; 33:24; 35:5–7; 65:22). w15 15/5 3:15

Майрӕмбон, 6 январь

Къӕбицы хицау, сӕн цы дон фестад, уымӕй... федта (Иоан. 2:9).

Йесо диссаджы хуызы скодта, бирӕ адӕмы фаг чи суыдаид, уыйбӕрц сӕн (Иоан. 2:6–11). Йесомӕ диссӕгтӕ аразыны тых кӕй уыди, уымӕй йӕхи тыххӕй никуы спайда кодта. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвӕрдта ӕмӕ йын дуртӕй дзултӕ куы аразын кодта, уӕд ӕм Йесо нӕ байхъуыста, кӕд ын тынг ӕххормаг уыд, уӕддӕр (Матф. 4:2–4). Фӕлӕ иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй алкӕддӕр цӕттӕ уыди уыцы тыхӕй спайда кӕнынмӕ. Цымӕ мах та цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йесойау удуӕлдай уӕм? Чырысти загъта, цӕмӕй, цы нӕм ис, уымӕй иннӕтӕн «дӕттӕм» (Лук. 6:38). Зӕгъӕм, нӕ бон у искӕй нӕхимӕ сихормӕ фӕхонын. Нӕ бон ма у, ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕй искӕмӕн йӕ бон у, раныхас чи цӕттӕ кӕны, уыцы ӕфсымӕрмӕ байхъусын ӕмӕ йын зӕгъын, фӕхуыздӕр кӕнын ӕй цы хъӕуы, уый. Йе та, чи зоны, кӕмӕдӕр хъӕуы уацамынды фӕкӕсын, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕна. Иннӕтӕн-иу, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд мах дӕр Йесойау рӕдау уыдзыстӕм. w15 15/6 1:3, 4, 6

Сабат, 7 январь

Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: «Ӕз рынчын дӕн» (Ис. 33:24).

Кӕронмӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд фендзыстӕм ӕппӕты стырдӕр диссӕгтӕй сӕ иу – стыр бӕллӕхы сӕрты куыд ахиздзыстӕм, уый! Армагеддоны фӕстӕ та ноджы фылдӕр диссӕгтӕ фендзыстӕм. Уыцы рӕстӕг адӕм се ’ппӕт дӕр суыдзысты ӕнӕниз (Ис. 35:5, 6; Рарг. 21:4). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, адӕм сӕ кӕсӕнцӕстытӕ, сӕ лӕдзджытӕ, сӕ инвалиды коляскӕтӕ, сӕ хъусӕн аппараттӕ куыд аппардзысты, уый. Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдонӕн бирӕ куыст уыдзӕн – нӕ Зӕххӕй рӕсугъд дзӕнӕт араздзысты! (Пс. 115:16). Библи «тынг бирӕ адӕм» кӕй хоны, уыдонӕн стыр ныфсы хос сты, Йесо рынчынты куыд дзӕбӕх кодта, уыцы хабӕрттӕ (Рарг. 7:9). Уыцы диссӕгтыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ ноджы фидардӕрӕй фӕуырны, фидӕны се ’ппӕт низтӕй дӕр кӕй фервӕздзысты. Уыцы хабӕрттӕй ма бӕрӕг у, Хуыцауы Фырт адӕмы куыд тынг уарзы, уый дӕр (Иоан. 10:11; 15:12, 13). Ӕмӕ Йесо куыд тӕригъӕдгӕнаг уыди, уымӕй та бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр куыд бирӕ уарзы, уый (Иоан. 5:19). w15 15/6 2:16, 17

Хуыцаубон, 8 январь

Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад! (Рарг. 12:12).

1914 азы Европӕйы райдыдта, ӕгас зӕххыл дӕр чи анхъӕвзта, уыцы хӕст. Уый аххосӕй адӕм ӕххормаг ӕййӕфтой. Хӕсты кӕронмӕ ӕввахс та, 1918 азы, сыстад хӕцгӕ низ, «испанкӕ», зӕгъгӕ. Уыцы низӕй фӕцагъды, хӕсты цас амард, уымӕй фылдӕр адӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕй ӕххӕст кодтой, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ бӕлвырд кодтой, 1914 азы Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси (Матф. 24:3–8; Лук. 21:10, 11). Уыцы аз Йесо «рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа» (Рарг. 6:2). Чырысти Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта, абоны стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый. w15 15/6 4:13

Къуырисӕр, 9 январь

Рахиздзынӕн, нӕ Хицау мын цы цӕстылуайӕнтӕ равдыста ӕмӕ мын цы раргом кодта, уыдӕттӕм (2 Кор. 12:1).

Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй иу ӕнус дӕр нӕ рацыд, афтӕ дзы фӕзынди, раст дины ныхмӕ чи сси, ахӕм адӕм (Хъуыд. 20:28–30; 2 Фес. 2:3, 4). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, Хуыцауӕн раст чи лӕггад кӕны, уый базонын зынӕй-зындӕр кодта. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ йе ’вӕрд Паддзах Чырыстийы фӕрцы алцыдӕр раргом кодта. Хуыцау райгонд кӕмӕй у ӕмӕ йын йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны чи лӕггад кӕны, уый ирдӕй рабӕрӕг 1919 азмӕ. Фӕлӕ уыцы адӕмы хъуыди «ссыгъдӕг кӕнын», цӕмӕй сӕ лӕггад Хуыцауӕн ноджы ӕхсызгондӕр уыдаид (Ис. 4:2, 3; Мал. 3:1–4). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдта ӕххӕст кӕнын, бирӕ ӕнустӕ раздӕр апостол Павел цӕстылуайӕны цы федта, уый. Павел цы цӕстылуайӕн федта, уый кой ис 2 Коринфӕгтӕм 12:2–4 стихты. Уыцы цӕстылуайӕны Йегъовӕ Павелӕн равдыста, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. w15 15/7 1:6–8

Дыццӕг, 10 январь

Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады (Матф. 13:43).

Чырыстон динтыл хӕст чи у, уыдонӕй бирӕты уырны, уӕлӕрвтӕм сӕ зӕххон буӕртты кӕй атӕхдзысты. Стӕй ма афтӕ дӕр хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Чырысти куы ’рцӕуа, цӕмӕй ӕгас зӕххы паддзах уа, уӕд ӕй адӕм сӕхи цӕстӕй фендзысты. Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Йесо ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ӕрцӕудзӕн. Матфейы 24:30 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл» ӕмӕ ӕрцӕудзӕн «уӕларвон мигътыл». Библийы ма фыст ис: «Туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы паддзахад бынӕн райсын». Уӕдӕ уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон хъуамӕ «фӕивой ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд» (1 Кор. 15:50–53). Зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ уа, уыдон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты уыцы иу рӕстӕг. w15 15/7 2:14, 15

Ӕртыццӕг, 11 январь

Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн (Пс. 22:22).

Паддзахады зал у, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн бакувынмӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынат. Не ’мбырдтӕ махӕн сты Хуыцауы лӕвар ӕмӕ йӕм уыдоны фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмбырдты нын йӕ организаци разамынд дӕтты ӕмӕ нӕ фидар кӕны. Ӕмӕ нын алы къуыри дӕр «Йегъовӕйы фынгӕй» хӕрыны фадат кӕй вӕййы, уымӕ хъуамӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы кӕсӕм (1 Кор. 10:21). Хуыцауӕн кӕм кувӕм ӕмӕ кӕрӕдзи кӕм фидар кӕнӕм, уыцы ӕмбырдтӕм цӕуын тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ апостол Павелы уылты зӕгъы, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). Уӕдӕ исты хабар ма ӕрцӕуа, ӕндӕр ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмбырдты тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, нӕхи сӕм куы цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд. w15 15/7 4:3, 4

Цыппӕрӕм, 12 январь

Ма бафынӕй ут (Матф. 24:42).

Ацы фӕдзӕхст Чырысти радта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ацы дунейы кӕронмӕ алы бон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йегъовӕйы организаци дӕр ӕдзухдӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ алкӕддӕр... [нӕ] зӕрдыл дарӕм», стӕй ма нын дзуры, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уой, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, ууыл (2 Пет. 3:11–13). Кӕд Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕд мах та хъуамӕ ноджы тынгдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы хабармӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Чырысти цы пехуымпарад загъта, уымӕй бӕрӕг у, 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у ӕмӕ фӕстаг бонты, кӕнӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны», кӕй цӕрӕм, уый. Зӕгъӕм, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ацы дунейы цард кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар та хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр (Матф. 24:3, 7–14). Фӕлӕ, фӕстаг бонтӕ цас рӕстӕг ахӕсдзысты, уый Йесо бӕлвырд нӕ загъта. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы бон дӕр цӕттӕ уӕм. w15 15/8 2:4, 5

Майрӕмбон, 13 январь

Йегъовӕ уӕд де стыр цин (Пс. 37:4).

Ног дунейы нын уыдзӕн, амондджынӕй цӕрынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Фӕлӕ нын ӕппӕты стырдӕр цины хос уыдзӕн, Йегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ кӕй уыдзыстӕм, уый (Матф. 5:3). Уӕд нын сӕйрагдӕр уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нын нӕ лӕггад зӕрдӕрухсы хос уыдзӕн. Уӕдӕ нын абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 6:19–21). Нӕ лӕггад нын фылдӕр цины хос цӕй фӕрцы уыдзӕн? Иу уый, ӕмӕ нӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрӕм. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн раттай. Хорз уаид, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл нӕ литературӕйы ӕрмӕг куы бацагурис. Дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ды дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайай. Хорз ма уаид, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр искӕимӕ куы аныхас кӕнис. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ. Ӕмӕ дӕ уыцы фӕлтӕрддзинад та ног дунейы тынг бахъӕудзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр лӕггад кӕнай. w15 15/8 3:13, 14

Сабат, 14 январь

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый... у уарзондзинад (Гал. 5:22).

Уарзондзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы чырыстонмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр сӕ иу. Фӕлтӕрдджын чырыстон ма вӕййы фӕлмӕн удыхъӕды хицау, стӕй хиуылхӕцгӕ ӕмӕ фӕразон (Гал. 5:23). Уыцы миниуджыты фӕрцы зын уавӕрты дӕр не смӕсты вӕййы ӕмӕ истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййы, уӕд дӕр йӕ ныфс нӕ асӕтты. Фӕлтӕрдджын чырыстон Библи куы фӕахуыр кӕны, уӕд дзы фӕагуры, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарынӕн ын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Афтӕмӕй йе ’фсарм фӕахуыр кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы зондджын уынаффӕтӕ фӕхӕссы. Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг, ӕмӕ фӕзоны, Йегъовӕ цы амоны, уый алкӕддӕр, йӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕны, уымӕй хуыздӕр кӕй вӕййы. Стӕй ма хорз хабар дӕр зынгзӕрдӕйӕ фӕхъусын кӕны ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа. Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ хъуамӕ алчидӕр ахъуыды кӕна: «Цавӕр хъуыддӕгты мӕ хъӕуы мӕхи фӕивын, цӕмӕй Йесойы ноджы хуыздӕр фӕзмон ӕмӕ ноджы фӕлтӕрдджындӕр суон?» w15 15/9 1:6, 7

Хуыцаубон, 15 январь

Кӕм ис дӕ уырнындзинад, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ? (Матф. 14:31).

Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ауыдтой Галилейӕйы денджызы доныл цӕугӕйӕ. Петр ын загъта, зӕгъгӕ мын уыцы хъару ратт, цӕмӕй дӕм доныл бацӕуон. Йесо йын куы загъта, рацу, зӕгъгӕ, уӕд Петр бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм араст. Фӕлӕ иугыццыл куы ацыд, уӕд ныгъуылын райдыдта. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тыхдымгӕ ӕмӕ стыр уылӕнтӕм акаст, ӕмӕ фӕтарст. Петр Йесомӕ ныхъхъӕр кодта, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕм уый дӕр йӕ къух фӕдардта, ацахста йӕ ӕмӕ йын загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон (Матф. 14:24–32). Петрӕн уыди фидар уырнындзинад. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕм Йесо куы бадзырдта, уӕд бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ доныл ацыд. Петры уырныдта, Хуыцау ын ахӕм хъару кӕй ратдзӕн, цӕмӕй уый дӕр Йесойау доныл ацӕуа. Махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Йесо нӕ куы фӕхуыдта, мӕ фӕдыл рацӕут, зӕгъгӕ, уӕд мах дӕр нӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ Йесойыл дӕр баууӕндыдыстӕм, стӕй нӕ бауырныдта, кӕй нын ӕххуыс кӕндзысты, уый (Иоан. 14:1; 1 Пет. 2:21). w15 15/9 3:1, 3

Къуырисӕр, 16 январь

Уый хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны удтӕ, фыдгӕнджыты къухӕй сӕ ирвӕзын кӕны (Пс. 97:10).

Уарзӕгой фыд йӕ бинонты фыдбылызӕй фӕхъахъхъӕны. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ дӕр афтӕ кӕны. Ахъуыды-ма кӕнӕм: Йегъовӕ йӕ адӕмы хъахъхъӕны, адӕймаг йӕ цӕстытӕ куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын йӕ адӕм тынг зынаргъ сты (Зах. 2:8). Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ бауадзы, цӕмӕй йын знӕгтӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты амарой. Зӕгъӕм, афтӕ уыд Стефаны хабар. Фӕлӕ Хуыцау йӕ адӕмы се ’ппӕты фесафын никуы бауадздзӕн. Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны, Хӕйрӕджы хин митӕй нӕ кӕй фӕдзӕхсы, уый фӕрцы (Еф. 6:10–12). Фӕдзӕхсгӕ та нӕ кӕны Библийы уылты ӕмӕ, йӕ организаци цы публикацитӕ уадзы, уыдоны уылты. Уый фӕрцы зонӕм, цӕмӕй тӕссаг у интернет, ӕхца уарзын, стӕй цавӕр зиан хӕссынц, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тыхми кӕм ис, ахӕм кинотӕ, чингуытӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны. w15 15/9 4:15, 17

Дыццӕг, 17 январь

Йегъовӕйы къух цыбыр не сси, цӕмӕй йӕ бон фервӕзын кӕнын ма уа (Ис. 59:1).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабары сӕрыл дзурой ӕмӕ-иу хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕной (Фил. 1:7). Зӕгъӕм, кӕцыдӕр хицауӕдтӕ-иу архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл, фӕлӕ-иу мах тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтам. Ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр рамбылдтам ӕппынкъаддӕр 268 хъуыддаджы. Уыдонӕй 24 хъуыддаджы рамбылдтам Европӕйы тӕрхондоны, ӕмӕ уый ӕрмӕстдӕр 2000 азӕй фӕстӕмӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы къух ничи бауромдзӕн! (Ис. 54:17). Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны (Матф. 24:14; Хъуыд. 1:8). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, фӕлӕ уӕддӕр се ’хсӕн ис иудзинад. Уымӕн дӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы ис гӕнӕн. Дунейы ахӕм иудзинад ӕндӕр никуы ис! Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у! Суанг ма, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон дӕр фӕзӕгъынц: «Хуыцау ӕцӕгдӕр ис уемӕ» (1 Кор. 14:25). Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй ис, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй зыны (Ис. 66:14). w15 15/10 1:13, 14

Ӕртыццӕг, 18 январь

Ма уарзут... дунейы цы ис, уый (1 Иоан. 2:15).

Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейӕ ӕххӕстӕй ма пайда кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕ хауы, ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоныл цас рӕстӕг хардз кӕнӕм, уый дӕр (1 Кор. 7:29–31). Се ’ппӕт ӕвзӕр не сты, фӕлӕ нын, гӕнӕн ис, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг исой. Чи зоны, нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы чингуытӕ кӕсын, алыхуызон цымыдисаг бынӕттӕм цӕуын, дуканитыл разил-базил кӕнын, телевизормӕ кӕсын, йе та, техникӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр зынаргъ дзаумӕттӕй ногӕй цы фӕзынд, уый агурын. Бирӕтӕ уарзынц кӕрӕдзимӕ интернеты уылты фыссын кӕнӕ та ӕдзух сӕ хъус фӕдарынц ног хабӕрттӕм кӕнӕ та цавӕрдӕр спорты чи кӕй рамбылдта, уымӕ. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ уыцы хъуыддӕгтыл афтӕ свӕййынц, ӕмӕ ӕнӕ уыдонӕй нал фӕфӕразынц (Еккл. 3:1, 6). Афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы хардз кӕнӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уымӕн, ома нӕ лӕггадӕн, куы нал аргъ кӕнӕм (Еф. 5:15–17). Хӕйрӕг, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразы, цӕмӕй нын не ’ргом ацы дунейы хъуыддӕгтӕм аздаха ӕмӕ нын нӕ лӕггад ныкъкъуылымпы кӕна. Афтӕ кодта фыццаг ӕнусы, ӕмӕ абон та ууыл ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайы (2 Тим. 4:10). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм, абоны стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ. w15 15/10 3:7, 8

Цыппӕрӕм, 19 январь

Бацамонӕд [нын]... цы кӕнгӕ [нын] у, уый (Тӕрх. 13:8).

Манойы бинойнагӕн хъуамӕ райгуырдаид лӕппу. Уый диссаджы хабар куыннӕ уыди! Манойӕн йӕ бинойнаг уыцы хабар куы радзырдта, уӕд йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Фӕлӕ ма уыимӕ Маной ӕмбӕрста, ныр ыл Йегъовӕйы раз стыр хӕс кӕй ис. Уыцы рӕстӕг Израилы цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ алыхуызон ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдысты. Цымӕ ахӕм уавӕрты сӕ бон куыд уыдаид сӕ сывӕллоны афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы уарза ӕмӕ йын лӕггад кӕна? Маной Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй та сӕм йӕ зӕды рарвыстаид: «Курӕг [дӕ] дӕн, иу хатт ма нӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ нын бацамонӕд, цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый» (Тӕрх. 13:1–8). Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хорз ӕмбарут, Маной Хуыцауӕй уыцы ӕххуыс цӕмӕн ракуырдта. Сымахӕн дӕр уӕ хӕс у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой (Ӕмб. 1:8). Иумӕ Библи куы фӕахуыр кӕнут, уӕд сын Йегъовӕйы ӕмӕ Библи хуыздӕр базонынӕн феххуыс кӕнут. Фӕлӕ семӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнат, уый фаг нӕу (Дык. з. 6:6–9). Уӕ бон сӕ у афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йын лӕггад кӕной? w15 15/11 1:1, 2

Майрӕмбон, 20 январь

Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый (Иоан. 1:47).

Кӕд сымах Йесойау адӕмы зӕрдӕтӕ нӕ уынут, уӕддӕр уӕ бон у, цӕмӕй арфуынӕг уат. Йегъовӕ уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты хорз миниуджытӕ уынат. Уӕ сывӕллон уӕ куы фӕфыдӕнхъӕл кӕна, суанг-иу уӕд дӕр афтӕ макуы зӕгъут, ницӕйаг у кӕнӕ нын масты хос йеддӕмӕ ницы у, зӕгъгӕ. Афтӕ дзы хъуыды дӕр макуы акӕнут. Уый бӕсты йын дзурут, йӕ хорз миниуджытӕ йын кӕй уынут ӕмӕ кӕй зонут, раст цы у, уый аразын ӕй кӕй фӕнды. Цы хъуыддаджы фӕхуыздӕр вӕййы, уый-иу бафиппайут ӕмӕ-иу дзы ӕппӕлгӕ дӕр ракӕнут. Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу ын йӕ бӕрны фылдӕр хъуыддӕгтӕ бакӕнут, ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнут йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ сфидар кӕнынӕн. Йесо дӕр афтӕ кодта. Нафанаилыл фыццаг хатт куы фембӕлд, уымӕй йӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ апостолӕй равзӕрста. Ӕмӕ Нафанаил дӕр уыцы хӕс зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кодта (Лук. 6:13, 14; Хъуыд. 1:13, 14). Уӕдӕ уӕ сывӕллонӕй ӕппӕлут ӕмӕ дзы ныфс уадзут, цӕмӕй йӕм ахӕм хъуыды макуы фӕзына, зӕгъгӕ мӕ ницы рауайдзӕн. Баххуыс ын кӕнут, цӕмӕй бамбара, йӕ бон кӕй у уӕ зӕрдӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр рухс кӕнын, стӕй йӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдоны руаджы Йегъовӕйӕн кад кӕнын. w15 15/11 2:15, 16

Сабат, 21 январь

[Хуыцауӕн] йӕ кувӕндоны ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц (Рарг. 7:15).

1914 азы, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цалдӕр мин йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр, иннӕты кӕй уарзтой ӕмӕ сын сыгъдӕг тых кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой. Цымӕ сын цы бантыст? Абон ӕмбырдгонд цӕуынц, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ ныр ӕнӕхъӕн дунейы дӕр 115 400 ӕмбырдӕй фылдӕры ис 8 000 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ нымӕцыл ӕдзухдӕр ӕфты. Зӕгъӕм, 2014 лӕггады азы донаргъуыд райста 275 500 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы къуыри дӕр донаргъуыд иста иу-5 300 адӕймаджы! Нӕ организаци рӕзы, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ Библи йӕ Ныхасыл кӕй нымайӕм, уый фӕрцы (1 Фес. 2:13). Ӕмӕ нӕ кӕд «ацы цардӕвӕрды хуыцау», Хӕйрӕг, йе сӕфт уыны ӕмӕ нӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны (2 Кор. 4:4). w15 15/11 4:12, 14, 16

Хуыцаубон, 22 январь

Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм (Ис. 40:8).

Библи иртасджытӕ лӕмбынӕг раиртӕстой мингай къухфыстытӕ, къухфыстыты хӕйттӕ ӕмӕ Библийы рагон тӕлмацтӕ. Куы сӕ абарстой, уӕд сбӕрӕг кодтой, кӕрӕдзийӕ чи хицӕн кӕны, ахӕм стихтӕ дзы гыццыл кӕй ис, ӕмӕ уыцы хицӕндзинӕдты тыххӕй дӕр сӕ хъуыды кӕй нӕ ивы. Фӕлӕ Библийӕн йӕ сӕйраг хъуыды нӕ фӕивта. Уыдӕтты фӕрцы, Библи сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи ахуыр кӕны, уыдон фидарӕй зонынц, абон нӕм цы Библи ис, уый ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы Ныхас кӕй у. Кӕд знӕгтӕ Библийы ныхмӕ тох кодтой, уӕддӕр тӕлмацгонд ӕрцыд 2 800 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Ӕмӕ кӕд адӕмӕй бирӕтӕ Хуыцауыл не ’ууӕндынц, уӕддӕр, йӕ Ныхас куыд парахат у, афтӕ парахат иу чиныг дӕр никуы уыд. Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕ ӕнцонкӕсӕн не сты кӕнӕ дзы алцыдӕр бынтон раст нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ис, ирвӕзындзинад ӕмӕ ӕнусон цардӕй ныфс чи ӕвӕры, уыцы хабар. w15 15/12 1:13, 14

Къуырисӕр, 23 январь

Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау (Ӕмб. 12:18).

Нӕ ныхӕстӕ адӕймагӕн, чи зоны, йӕ зӕрдӕ скъахой, чи зоны та йын ӕвдадзы хос фӕуой. Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕм ницы кӕсы искӕй зӕрдӕ ныхасӕй фӕриссын кӕнын. Сӕ ныхӕстӕ вӕййынц, иннӕтӕн масты хос чи фӕвӕййы ӕмӕ сын сӕ ныфс чи асӕтты, ахӕм цыргъ «фатты» кӕнӕ «хъаматы» хуызӕн (Пс. 64:3). Бирӕтӕ ахӕм ныхӕстыл ахуыр кӕнынц, цы кинотӕм ӕмӕ цы телепередачӕтӕм фӕкӕсынц, уыдонӕй. Фӕлӕ чырыстӕттӕ, суанг хынджылӕгӕй дӕр, иннӕтӕн зӕрдӕрыст ӕмӕ масты хос чи фӕуа, ахӕм ныхӕстӕ никуы кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, худӕг ныхӕстӕ кӕнын ӕвзӕр нӕу. Худӕг ныхас кӕнын чи зоны, уымӕ хъусын дӕр ӕхсызгондӕр вӕййы. Фӕлӕ иннӕты ахудын кӕныны тыххӕй искӕмӕн ӕлхыскъ ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм, ома, кӕй тыххӕй сӕфсӕрмы уа кӕнӕ йӕ зӕрдӕ кӕмӕй фӕрисса, ахӕм цыдӕртӕ нӕ дзурдзыстӕм. Библи чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ» ма кӕной. Фыст ма дзы ис: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Еф. 4:29, 31). w15 15/12 3:10

Дыццӕг, 24 январь

Адӕттӕй уӕхи куы хъахъхъӕнат, уӕд уыдзыстут фӕрнӕйдзаг. Дзӕбӕх ут! (Хъуыд. 15:29).

Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет ӕмбырдтӕм ахсджиаг фыстӕг арвыста, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхстаид, сӕхи кӕмӕй хъуамӕ хызтаиккой, уыцы хъуыддӕгтӕй. Уыцы фыстӕджы кӕрон разамонӕг совет ныффыста, абоны стихы ныхӕстӕ. Иуӕй-иу ӕвзӕгтыл ацы стихы фӕстаг ныхӕстӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты, «ӕнӕниз ут», зӕгъгӕ, ӕмӕ сын ис ахӕм нысаниуӕг дӕр, «фидар ут», зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды, цӕмӕй «дзӕбӕх уӕм» ӕмӕ нӕ бон уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу нӕхи алы низӕй дӕр бахизын. Ӕмӕ куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фидӕны нӕ Хуыцау ӕппӕт низтӕй куы сдзӕбӕх кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Раргомады 22:1, 2 стихты апостол Иоанн ныффыста, адӕм ӕнӕниз кӕй фӕрцы суыдзысты, уыцы «царды дон» ӕмӕ «царды бӕлӕсты» тыххӕй. Уыдон, ӕнӕниздзинадӕн хорз чи у ӕмӕ абон чи ис кӕнӕ ног дунейы чи уыдзӕн, уыцы кӕрдӕджытӕм нӕ амонынц, фӕлӕ, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цыдӕриддӕр сараздзысты, уымӕ (Ис. 35:5, 6). w15 15/12 4:17, 18

Ӕртыццӕг, 25 январь

Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис (Зах. 8:23).

Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Захарийы уылты загъта: «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23). Ацы стихы «дзуттаг лӕг» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыдонмӕ. Библи ма сӕ «Хуыцауы Израил» дӕр хоны (Гал. 6:16). «Дӕс адӕймаджы» та амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыдон зонынц, Йегъовӕ сӕрстыты къордӕн кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, семӕ йын иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый. Пехуымпар Захарийау Чырысти дӕр загъта, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн. Уый загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дыууӕ къорды кӕй уыдзысты, «гыццыл дзуг» ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ», фӕлӕ се ’ппӕт дӕр иумӕ «иу дзуг» кӕй уыдзысты ӕмӕ сын «иу фыййау» кӕй уыдзӕн (Лук. 12:32; Иоан. 10:16). w16.01 4:1, 2

Цыппӕрӕм, 26 январь

Уыдӕттыл хъуыды кӕнут ӕдзухдӕр (Фил. 4:8).

Мах хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл ацы дунейы зондахаст ӕнцонтӕй фӕзыны. Ацы дунейы зондахаст абарӕн ис цӕугӕдонимӕ: дон кӕцырдӕм цӕуы, уыцырдӕм дӕ ласдзӕн, куы нӕ дӕ фӕнда, уӕддӕр. Цӕмӕй дӕ доны гуылфӕнтӕ ма ахӕссой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй йӕ ныхмӕ ленк кӕнай. Раст афтӕ, хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй ныл Хӕйрӕджы дунейы зондахаст ма фӕзына. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ вӕййынц, ахсджиаг ӕмӕ хорз цы у, ууыл, нӕ уырнындзинад кӕй тыххӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ. Хъусын кӕныны хъуыддаг нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Стӕй ма уый фӕрцы нӕ хорз миниуджытӕ дӕр нӕ сафӕм, ӕмӕ нӕ уыдон та ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй Хӕйрӕгӕй ӕмӕ йӕ дунейӕ нӕхи бахъахъхъӕнӕм (Еф. 6:14–17). Ӕмбырды хъуыддӕгты куы фӕархайӕм, уӕд дӕр нӕхи фӕхъахъхъӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр мӕт кӕнынӕн рӕстӕг нӕ вӕййы. w16.01 5:12, 13

Майрӕмбон, 27 январь

Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр (Руф 1:16).

Дӕ хъус-ма ӕрдар, Руф Йегъовӕйы куыд уарзта, уымӕ. Фӕстӕдӕр дзы Вооз дӕр раппӕлыд, йӕхи Йегъовӕйы базыры бын кӕй бакодта, уый тыххӕй (Руф 2:12). Воозы ныхӕстӕ нын, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, гыццыл цъиу йӕ фыды базыры бын куыд бамбӕхсы, уый (Пс. 36:7; 91:1–4). Раст афтӕ Йегъовӕ Руфӕн сси ныййарӕджы хуызӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта. Йегъовӕ йын йӕ уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта, ӕмӕ Руф, цы уынаффӕ рахаста, ууыл никуы фӕфӕсмон кодта. Абон бирӕтӕ Йегъовӕйы тыххӕй базонынц, фӕлӕ, сӕхи йӕ дӕлбазыр бакӕной, уымӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Сӕхи йын снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой, ууыл фӕстӕ фӕкӕнынц. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд ахъуыды кӕн, цы дӕ хъыгдары, ууыл. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр алы адӕймаг дӕр кӕнӕ иу хуыцауӕн лӕггад кӕны, кӕнӕ иннӕмӕн (Йес. Н. 24:15). Ӕмӕ уӕд хуыздӕр нӕу ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын? Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд равдисдзынӕ, дӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарыс. Ӕмӕ дын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн, цы дзырд ын раттай, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлай, уӕддӕр. Раст афтӕ Йегъовӕ ӕххуыс кодта Руфӕн дӕр. w16.02 2:6, 7

Сабат, 28 январь

Бауадз мӕ, ӕмӕ йӕ арцӕй иу цӕфӕн зӕхмӕ ныххуыйон, ӕмӕ мӕ дыккаг цӕф нал бахъӕудзӕн (1 Сам. 26:8).

Авессӕ Саулы марынмӕ куы хъавыд, уӕд рабӕрӕг, иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл хъуамӕ уа, уый раст кӕй не ’мбары. Фӕлӕ Давид зыдта, «Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгӕн» ӕвзӕрдзинад саразын кӕй не ’мбӕлы, ӕмӕ йӕ паддзахы амарын нӕ бауагъта (1 Сам. 26:9–11). Уыцы хабарӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл уыдзыстӕм, уый аскъуыддзаг кӕнын нӕ куы хъӕуа, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ уавӕры нын Библийӕ кӕцы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, ууыл. Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ иузӕрдион вӕййы, кӕй уарзы, ууыл, зӕгъӕм, йе ’мбалыл кӕнӕ йӕ бинонтӕй искӕуыл. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ хатгай нӕ зӕрдӕ фӕсайы (Йер. 17:9). Уымӕ гӕсгӕ, кӕй уарзӕм, уыдонӕй исчи исты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы араза кӕнӕ рӕстдзинад куы ныууадза, уӕд хъуамӕ ма рох кӕнӕм, фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ уӕм иузӕрдион (Матф. 22:37). w16.02 4:5, 6

Хуыцаубон, 29 январь

Уӕхицӕн бӕлвырд кӕнут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст (Ром. 12:2, фип.).

Библийӕ-ма иу цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм. Тимофей Фыстад хорз зыдта, уымӕн ӕмӕ йын ӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕмбарын кодтой. Фӕлӕ Павел Тимофейы баразӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр фидар хӕцыдаид, «цӕуыл сахуыр ис ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыд», ууыл (2 Тим. 3:14, 15, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Тимофейы хъуамӕ фидарӕй уырныдтаид, рӕстдзинад Фыстады кӕй ис. Уый рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста, йӕ мад ӕмӕ йын ӕй йӕ мадымад кӕй бацамыдтой, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, цы базыдта, ууыл йӕхӕдӕг арф кӕй хъуыды кодта ӕмӕ йыл фидарӕй кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй (Ром. 12:1). Ды дӕр Библи арф куы иртасай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алыхуызон фарстатӕн дзуапп дӕттай, дызӕрдыг ма кӕнай ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндай (Хъуыд. 17:11). w16.03 2:3, 4, 7

Къуырисӕр, 30 январь

[Уыдон] алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ (Лук. 2:41).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, раджы заманты-иу израилӕгтӕ бӕрӕгбоны рӕстӕг Иерусалимы Йегъовӕйы куыд кадджын кодтой. Цӕмӕй-иу уырдӕм ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди балцмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ фӕндагыл дӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын. Стӕй кувӕндоны дӕр Йегъовӕйы иумӕ кадджын кодтой. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕ хъуыди кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕнын. Абон мах дӕр стӕм фӕндагыл – ног дунемӕ цӕуӕм, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийыл хӕцӕм ӕмӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Ацы дунейы адӕм кӕрӕдзиимӕ нӕ фидауынц ӕмӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй тох дӕр кӕнынц. Фӕлӕ мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, рӕстдзинад кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ не ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый тыххӕй! Ӕгас дунейы дӕр ын йӕ адӕм лӕггад кӕнынц йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕлдайдӕр ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн хъуамӕ уа иудзинад. Исай ӕмӕ Михей куыд ныффыстой, афтӕ не ’ппӕт дӕр иумӕ «цӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ» (Ис. 2:2–4; Мих. 4:2–4). Куыд амондджын уыдзыстӕм фидӕны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы ’хсӕн дӕр иудзинад куы уа ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕной! w16.03 3:16, 17

Дыццӕг, 31 январь

Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон (Еккл. 3:1).

Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зын вӕййы ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарын. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнынц: «Ӕмбырды ис, бирӕ ахсджиагдӕр чи у ӕмӕ ӕвӕстиатӕй бакӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын фӕстӕдӕр куы райдайон, уӕддӕр уый ӕмбырдӕн ницы зиан ӕрхӕсдзӕн». Фӕлӕ цымӕ раст хъуыды кӕнынц? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕвӕстиатӕй ӕркӕсын кӕмӕ фӕхъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕныныл куы фӕстӕ кӕнай, уӕд уый, чи зоны, ӕмбырды уырнындзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзына. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ӕвӕстиатӕй бакӕной. Фӕлӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕныныл куы фӕстӕ кӕной, уӕд, абон уа ӕви райсом, ӕмбырдыл чи тыхса, ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ нӕ фаг кӕндзӕн. Уӕдӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы кӕс. Йе ’мбырды сомбоныл чи тыхсы ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг чи ссары, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты схонӕн ис зондджын лӕггадгӕнджытӕ. Уыдон ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр стыр арфӕдзинад сты (1 Пет. 4:10). w15 15/4 1:4, 6, 7

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын