Февраль
Ӕртыццӕг, 1 февраль
Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).
Кӕд донаргъуыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ, уӕд хайджын дӕ стыр хорзӕхӕй – Хуыцау у де ’ввахс ӕмбал. Фӕлӕ, Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй уыцы хӕлардзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый алкӕддӕр уа фидар. Йегъовӕ дын ӕцӕгдӕр удӕгас Хуыцау у? Де ’мбалыл ӕй нымайыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый ноджы фидардӕр уа? Уый тыххӕй дӕ цы аразын хъӕуы, уый фыст ис нӕ абоны стихы, Иаковы 4:8 стихы. Куыд зыны, афтӕмӕй, Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбал уыдзынӕ ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у дӕуӕй дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕ дӕр. Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕныныл куы архайай, уӕд дӕм уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕм куыд ӕввахсдӕр кӕнай, афтӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ, удӕгас Хуыцау кӕй у, уый. Йегъовӕимӕ афтӕ ӕнгом суыдзынӕ, ӕмӕ йыл Йесойау фидарӕй ӕууӕнддзынӕ. Уый загъта, зӕгъгӕ мӕ «чи рарвыста, уый ӕцӕгдӕр ис», ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз... [Хуыцауы] зонын» (Иоан. 7:28, 29). w15 15/4 3:1, 2
Цыппӕрӕм, 2 февраль
Зындзинӕдты фидар лӕуут. Ӕппынӕдзух кувут (Ром. 12:12).
Зӕгъӕм дын дӕ бинонтӕй кӕйдӕр ӕмбырдӕй ацух кодтой. Библи кӕй ахуыр кӕныс, уымӕ гӕсгӕ зоныс, ахӕм адӕймагимӕ дӕхи куыд хъуамӕ дарай, уый (1 Кор. 5:11; 2 Иоан. 10). Фӕлӕ уыцы адӕймаджы кӕй уарзыс, уымӕ гӕсгӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библийы фӕдзӕхстмӕ хъусын тынг зын у кӕнӕ уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй. Цымӕ ахӕм уавӕры фидарӕй ӕууӕнддзынӕ, дӕ уӕларвон Фыд дын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсай? Ӕмбардзынӕ йӕ, уыцы уавӕр хорз фадат кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай? Мыййаг, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕ хӕстӕджыты ма уарзӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр хъуамӕ уарзӕм Йегъовӕйы (Матф. 22:37, 38). Уӕвгӕ, Йегъовӕйы алкӕмӕй тынгдӕр куы уарзӕм, уӕд уый стыр пайда уыдзӕн нӕ хиуӕттӕн дӕр, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куы нӕ уой, уӕддӕр. Кӕд дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой ӕмӕ йыл тынг тыхсыс, уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Фил. 4:6, 7). w15 15/4 4:14, 16
Майрӕмбон, 3 февраль
Мах Хуыцауы ӕмбырдты сымахӕй сӕрыстыр стӕм, уымӕн ӕмӕ... стут фидар ӕмӕ уӕм ис уырнындзинад (2 Фес. 1:4).
Адӕймаг иннӕты хорз хъуыддӕгтыл цин кӕна ӕмӕ йӕхицӕй сӕрыстыр уа, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Мах нӕ бинонтӕй, нӕ адӕмыхаттӕй ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы ма кӕнӕм (Хъуыд. 21:39). Фӕлӕ адӕймаг сӕрбӕрзонд куы суа, уӕд ын иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын зын уыдзӕн. Ӕппӕты стырдӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар дӕр нал уыдзӕн. Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн хъыг вӕййы, уынаффӕ йын куы фӕдӕттынц, уӕд, ӕмӕ йӕм хъусгӕ дӕр нӕ бакӕны (Пс. 141:5). Стӕй йӕхицӕй хъал вӕййы ӕмӕ иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ фӕкӕсы, уымӕн ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ уыдонӕй хуыздӕр у, кӕд ӕцӕгӕй афтӕ нӕ вӕййы, уӕддӕр. Йегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй йе сӕфт уыны (Йез. 33:28; Амос 6:8). Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн та ӕхсызгон вӕййы, адӕм уыйау сӕхицӕй хъал куы вӕййынц ӕмӕ сӕхицӕй куы феппӕлынц, уӕд. Ахъуыды-ма кӕн, Нимрод, фараон ӕмӕ Авессалом сӕ фырсӕрбӕрзондӕй сӕхицӕй куы ӕппӕлыдысты, уӕд Хӕйрӕг куыд цин кодтаид! (Райд. 10:8, 9; Рац. 5:1, 2; 2 Сам. 15:4–6). w15 15/5 2:5, 6
Сабат, 4 февраль
Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый (Пс. 145:16).
Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд растдӕр йӕ Фыды хуызӕн архайдта, ӕмӕ адӕмӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта (1 Кор. 1:24). Ӕмӕ афтӕ уый тыххӕй нӕ кодта, цӕмӕй йӕ тых равдыстаид, фӕлӕ адӕмыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсти, уый тыххӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Матфейы 14:14–21 цы фыст ис, ууыл. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ хибар ранмӕ куы ацыд, уӕд горӕттӕй дуне адӕм йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты. Куы ӕризӕр, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, адӕм бафӕлладысты ӕмӕ сӕххормаг сты, ӕмӕ сӕ арвит, цӕмӕй сӕхицӕн хӕринаг балхӕной (Матф. 14:13). Цымӕ Йесо цы сарӕзта? Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы фӕрцы Йесо бафсӕста иу-5 000 лӕджы ӕмӕ ма дзы цы сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыди, уыдоны дӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй хӕринаг тынг бирӕ уыди, уымӕн ӕмӕ уыйбӕрц адӕм се ’ппӕт дӕр «бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты». Уый руаджы сӕм фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхыны фаг хъарутӕ фӕзынди, цӕуын та сӕ бирӕ хъуыди (Лук. 9:10–17). Адӕм иууылдӕр куы бафсӕстысты, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой, цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон, ӕмӕ рауадысты 12 чыргъӕды. w15 15/6 1:8, 9
Хуыцаубон, 5 февраль
Адӕймаджы фырттӕм кадджын сты ӕнаккаг митӕ (Пс. 12:8).
Йегъовӕйы фӕрцы ацы хӕлд дунейы дӕр нӕ бон у, ӕмӕ сыгъдӕг, ӕгъдауджын цард кӕнӕм. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, йе сӕфт цӕмӕйдӕриддӕр уыны, уымӕй. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзына ӕмӕ нӕ сӕ фӕдыл асайой, растдӕр, кӕсагахсӕн ӕнгуырыл цы бакӕнынц, уый кӕсаджы йӕхимӕ куыд ӕрбасайы, афтӕ. Уӕдӕ адӕймагмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд сӕ хъуамӕ уайтагъд йӕ сӕрӕй фӕсура. Афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд йӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ сцырен уыдзысты, ӕмӕ йын фадат куы фӕзына, уӕд тӕригъӕд дӕр ракӕндзӕн. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Фӕнд... уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ» (Иак. 1:14, 15). Ӕвзӕр фӕндтӕ тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ зӕрдӕйы цавӕр фӕндтӕ фӕзыны, уымӕ. Ӕнӕгъдау фӕндтӕн-иу нӕ зӕрдӕйы уидаг ауадзыны бар куы нӕ раттӕм, уӕд ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ се ’взӕр фӕстиуджытӕй хызт уыдзыстӕм (Гал. 5:16). w15 15/6 3:1–3
Къуырисӕр, 6 февраль
Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр (Матф. 6:10).
Иу-6 000 азы размӕ зӕххыл алцыдӕр уыди Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Йегъовӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта, зӕгъгӕ, алцыдӕр «тынг хорз» у (Райд. 1:31). Уый фӕстӕ Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ рацыд, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауӕн йӕ фӕндон не ’ххӕст кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр абон аст милуан адӕймагӕй фылдӕр лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн. Уыдон Хуыцаумӕ кувынц, цӕмӕй йӕ фӕндон зӕххыл уа. Стӕй ма йын йӕ фӕндон ӕххӕст дӕр кӕнынц – Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц ӕмӕ йын йӕ Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц. Цалынмӕ Йегъовӕ, зӕххыл ын цы знӕгтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр не скуынӕг кӕна, уӕдмӕ йӕм мах кувдзыстӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон зӕххыл уа. Ӕппынфӕстаг зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ райгас уыдзӕн миллиардгай адӕм (Иоан. 5:28, 29). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кӕндзыстӕм, чи нын амард, уыдон та цардмӕ куы раздӕхой, уӕд! w15 15/6 4:15, 17
Дыццӕг, 7 февраль
Ӕз скадджын кӕндзынӕн мӕ къӕхтӕвӕрӕн бынат (Ис. 60:13).
Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндон иу не сты. Ӕнӕуынгӕ кувӕндон арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй нӕ бон уа ӕцӕг Хуыцауӕн йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый фӕрцы та базонӕн ис, Хуыцау райгонд кӕмӕй у ӕмӕ йын йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмы (Мал. 3:18). 1919 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн уый фадат дӕтты, цӕмӕй, зӕххыл абон дӕр цы «дзӕнӕт» ис, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕной ӕмӕ йӕ рӕсугъддӕр кӕной. Уыцы хъуыддаг нын стыр цины хос у! Ды дӕр архайыс уыцы диссаджы куысты? Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ йын ам, зӕххыл, кад хӕссын дӕ бон кӕй у, уымӕн аргъ кӕныс? w15 15/7 1:10, 11
Ӕртыццӕг, 8 февраль
Сӕ цӕстыты раз дӕуыл, Гог, мӕ кад... равдисдзынӕн ӕмӕ мӕ ном... срухс кӕндзынӕн (Йез. 38:16).
Сӕрст чырыстӕттӕй ма чидӕртӕ зӕххыл куы уой, уӕд Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн. Цымӕ Хуыцауы адӕм уыцы рӕстӕг сӕхи куыд дардзысты? Уыдон архайдзысты ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Ацы хатт сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ... Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут» (2 Аз. 20:17). Фӕлӕ уӕлӕрвты уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзысты. Раргомады 17:14 стихы фыст ис, сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уӕлӕрвты куы уой, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕмы знӕгтыл цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Стох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, фӕлӕ сыл Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах. Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ». Афтӕмӕй Йесо ӕмӕ ма йемӕ уӕлӕрвты цы 144 000 сӕрст паддзахы уыдзӕн, уыдон иумӕ Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзысты. w15 15/7 2:16
Цыппӕрӕм, 9 февраль
Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон (Еккл. 3:1).
Ӕмбырдтӕм нӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг хоны, ӕмӕ, куыд конд вӕййӕм ӕмӕ нӕхи куыд фӕдарӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йын кад кӕнӕм, уый. Уыцы хъуыддӕгты хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ уазджытӕн дӕр ӕхсызгон уа Паддзахады залмӕ ӕрбацӕуын. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’мбырдты кад дӕлӕмӕ кӕнӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдтӕм куыдфӕндыйы кондӕй нӕ фӕцӕуӕм, фембӕлды рӕстӕг СМС-тӕ нӕ фӕфыссӕм, нӕ фӕныхас кӕнӕм, стӕй хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм. Ныййарджытӕ та хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕной, Паддзахады залы хъазын ӕмӕ ралидз-балидз кӕнын кӕй не ’мбӕлы. Йесо Хуыцауы кувӕндоны уӕйгӕнджыты куы федта, уӕд смӕсты, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардта (Иоан. 2:13–17). Нӕ Паддзахады зал дӕр у, Йегъовӕйӕн кӕм фӕкувӕм ӕмӕ нӕ кӕм фӕахуыр кӕны, ахӕм бынат. Уӕдӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтӕ нӕ лӕггадмӕ куы нӕ хауой, уӕд сӕ уым кӕнын не ’мбӕлы. (Абар Неемийы 13:7, 8.) w15 15/7 4:7, 8
Майрӕмбон, 10 февраль
Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (2 Тим. 3:1).
Библийы фыст ис, «фӕстаг бонты» зӕхх фыддзинадӕй кӕй байдзаг уыдзӕн (2 Тим. 3:13; Матф. 24:21; Рарг. 12:12). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ дунейы уавӕр дарддӕр дӕр фыддӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, «стыр бӕллӕхы» размӕ дунейы уавӕр цас фыддӕр хъуамӕ фӕуа? Чидӕртӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ алы бӕстӕйы дӕр цӕудзӕн хӕст, алы адӕймаг дӕр хӕринагцух ӕййафдзӕн ӕмӕ алы хӕдзары дӕр уыдзӕн рынчын (Рарг. 7:14). Зӕгъгӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр, суанг, Библийыл чи не ’ууӕнды, уыдон дӕр бамбардзысты, Библийы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны. Фӕлӕ Йесо загъта, фӕстаг бонты сӕ фылдӕрмӕ «нымады дӕр ницы уыдзӕн», зӕгъгӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм сӕ царды хабӕрттӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы стыр бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафдзӕн (Матф. 24:37–39). Уӕдӕ хъуамӕ уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» размӕ цард афтӕ уӕззау суыдзӕн, ӕмӕ адӕм бар-ӕнӕбары дӕр бамбардзысты, кӕрон ӕввахс кӕй у (Лук. 17:20; 2 Пет. 3:3, 4). w15 15/8 2:6, 7
Сабат, 11 февраль
Де ’нувыд уарзт у цардӕй зынаргъдӕр (Пс. 63:3).
Нӕ рӕстӕг ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕныныл кӕй хардз кӕнӕм, уый тыххӕй, мыййаг, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон нӕхи хорз цӕмӕйдӕр ӕнӕхай кӕнӕм? Ницы хуызы! Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр царды фӕндагӕн скӕнӕн нӕй! Мах Хуыцауӕн уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нын уый исчи тыхӕй аразын кӕны. Стӕй йын ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр нӕ лӕггад кӕнӕм, цӕмӕй стыр бӕллӕхы рӕстӕг аирвӕзӕм. Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый руаджы нӕ цард дӕр у хуыздӕр ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр амондджындӕр стӕм. Уӕвгӕ, Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕна. Хуыцауы уарзтӕй хайджын уай ӕмӕ дӕ цард йӕ разамындмӕ гӕсгӕ аразай, уымӕй хуыздӕр ницы ис (Пс. 63:1, 2). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы, уый базоныны тыххӕй нӕ ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы – уыцы арфӕдзинӕдтӕй ныр дӕр стӕм хайджын. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдон ӕй сӕхицӕй зонынц, уый царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй у (Пс. 1:1–3; Ис. 58:13, 14). w15 15/8 3:16
Хуыцаубон, 12 февраль
Сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады руаджы (Еф. 2:8).
Уырнындзинады фӕрцы нӕ бон свӕййы, адӕймаджы хъуыдымӕ гӕсгӕ гӕнӕн цӕмӕн нӕй, уый бакӕнын (Матф. 21:21, 22). Зӕгъӕм, чидӕртӕ нӕ сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ уагахаст афтӕ тынг аивтой, ӕмӕ сӕ раздӕр чи зыдта, уыдон сӕ нал базонынц. Йегъовӕ нын баххуыс кодта уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдта, кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый (Кол. 3:5–10). Нӕ уырнындзинад нӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй нӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтаиккам. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ къухы бафтыд, нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ къухы чи никуы бафтыдаид, уыцы хъуыддаг – Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ систӕм. Нӕ уырнындзинад нӕ стыр хъарутӕ уадзы. Зӕгъӕм, ӕххуыс нын кӕны, махӕй бирӕ тыхджындӕр чи у, уыцы знагимӕ, Хӕйрӕгимӕ, тох кӕнынӕн (Еф. 6:16). Стӕй ма, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ зындзинӕдты рӕстӕг афтӕ тынг нӕ фӕтыхсӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта: куы йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ нын йӕ Паддзахад царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд нӕ цух ницӕмӕй ныууадздзӕн (Матф. 6:30–34). Сӕйраджыдӕр та, уырнындзинад нӕм куы уа, уӕд нӕ Йегъовӕ схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй, ӕмӕ уый та у, адӕймаг йӕхӕдӕг кӕй никуы самал кӕндзӕн, ахӕм лӕвар (Иоан. 3:16). w15 15/9 3:4, 5
Къуырисӕр, 13 февраль
Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта (1 Иоан. 4:19).
Цымӕ нӕ Йегъовӕ «фыццаг» кӕй бауарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Павел загъта: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:8). Уарзондзинад у Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг. Уӕдӕ зынбамбарӕн нӕу, Йесойы куы бафарстой, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ цӕмӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» уарзӕм. Искӕй кӕнӕ исты уымӕй фылдӕр куы уарзӕм, уӕд ын уый хъыг уыдзӕн. Фӕлӕ нын уыцы уарзондзинад ӕрмӕст зӕрдӕйы хъуамӕ ма уа. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ «ӕппӕт зондӕй» ӕмӕ «ӕппӕт хъаруйӕ» дӕр уарзӕм. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ уарзондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыдытӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр (Мих. 6:8). w15 15/9 5:1–3
Дыццӕг, 14 февраль
Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй (Иов 42:5).
Иуӕй-иу хатт, чи зоны, Йегъовӕйы къух нӕ царды нӕ фӕуынӕм. Цымӕ афтӕ цӕмӕн рауайы? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ, чи зоны, айрох вӕййы, Йегъовӕ нын уый размӕ дӕр бирӕ хӕттыты кӕй баххуыс кодта. Ахӕм хабар ӕрцыд Илийайыл дӕр. Илийа хъӕбатыр уыд, фӕлӕ йӕ ус-паддзах Йезавел марынмӕ куы хъавыд, уӕд тынг фӕтарст. Уыцы рӕстӕг ӕй айрох, Йегъовӕ йын раздӕр куыд ӕххуыс кодта, уый. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Илийа йӕхицӕн мӕлӕт курын райдыдта (1 Пад. 19:1–4). Цымӕ йӕ цы бафидар кодтаид? Илийайы хъуыди Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын! (1 Пад. 19:14–18). Иов дӕр йӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал уыдта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нӕ уыд йӕ уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын (Иов 42:3–6). Иуӕй-иу хатт махӕн нӕ зындзинӕдты тыххӕй, чи зоны, зын вӕййы Хуыцауы уынын, ома алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын. Цымӕ нын уӕд цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ зындзинӕдты тыххӕй Фыстад цы дзуры, ууыл. w15 15/10 1:15, 16
Ӕртыццӕг, 15 февраль
Хорз лӕг, мӕн сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ бынтӕ уарӕгӕй чи сӕвӕрдта? (Лук. 12:14).
Йесо уый бар никуы ницӕмӕн радта, цӕмӕй йӕ хъусын кӕнын хъыгдардтаид. Зӕгъӕм, хъусын кӕнын куы райдыдта, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр горӕт Капернаумы цӕрджыты фӕндыд, цӕмӕй сӕм фылдӕр баззадаид. Цымӕ Йесо куыд бакодта? Уый сын загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:42–44). Чырысти-иу тынг дард рӕттӕм дӕр бахӕццӕ, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кодтаид. Фӕлӕ кӕд ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр-иу фӕллайгӕ дӕр бакодта ӕмӕ-иу ӕй хъуыди баулӕфын, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдӕбон кодта (Лук. 8:23; Иоан. 4:6). Фӕстӕдӕр, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу ахсджиаг хъуыддаг куы ’мбарын кодта, уӕд ӕм иу нӕлгоймаг бацыд, ӕмӕ загъта: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззад, уыдон мемӕ адих кӕна». Йесо уыцы адӕймаджы хъуыддаг скъуыддзаг кӕнынмӕ нӕ фӕци (Лук. 12:13–15). w15 15/10 3:10, 11
Цыппӕрӕм, 16 февраль
Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоан. 4:8).
Йегъовӕмӕ цы бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ ис, уыдонӕй сӕйраг у уарзондзинад. Йегъовӕ ӕрмӕст уарзгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма йӕхӕдӕг у уарзондзинад. Куыд ӕхсызгон нын у, Дун-дунейы ӕмӕ дзы удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕн йе Сфӕлдисӕг уарзӕгой Хуыцау кӕй у! Цыфӕнды ма араза, алцӕмӕн дӕр йӕ рахӕцӕн у уарзондзинад. Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдоны фӕлмӕн уарзтӕй уарзы. Ӕмӕ уый руаджы фидарӕй зонӕм, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕса, уыдон амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Зӕгъӕм, йӕ уарзондзинад ӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй «снысан кодтаид, йе ’взӕрст лӕджы [Йесо Чырыстийы] къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон» (Хъуыд. 17:31). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы тӕрхоны бон ӕнӕмӕнг кӕй ралӕудзӕн. Коммӕгӕс адӕмӕн уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм диссаджы рӕсугъд цард кӕндзысты. w15 15/11 3:1, 2
Майрӕмбон, 17 февраль
Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ (Кол. 4:6).
Кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдон нӕм алыхуызон цӕстӕй ракӕсынц. Иуӕй-иутӕ нӕм байхъусынц, иннӕтӕ та, цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уымӕй се сӕфт уынынц. Цымӕ Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? Адӕм хорз хабармӕ цыфӕнды цӕстӕй ма кӕсой, уӕддӕр хъуамӕ хъусӕм Библийы фыст уынаффӕмӕ. Нӕ уырнындзинады сӕрыл куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй адӕмӕн «дзуапп дӕттӕм сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй», уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм (1 Пет. 3:15). Адӕм нӕм куы рамӕсты вӕййынц ӕмӕ нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр-иу сӕм уарзондзинад равдисӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы бафӕзмӕм. Йесойӕн «алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ... куы кодтой, уӕд сӕ уый не ’фхӕрдта. Хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрста, уӕд не ’ртхъирӕн кодта, хъизӕмӕрттӕ йын чи ӕвзарын кодта, уыдонмӕ». Йесо йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта (1 Пет. 2:23). Уӕдӕ алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ хъусӕм Петры уынаффӕмӕ: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут» (1 Пет. 3:8, 9). w15 15/11 4:17, 18
Сабат, 18 февраль
Ахӕм зондыл [сӕ] араз, цӕмӕй... сӕ сывӕллӕтты уарзой (Тит. 2:4).
Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн арӕх дзырдта, кӕй сӕ уарзы, уый тыххӕй (Иоан. 15:9). Стӕй семӕ рӕстӕг дӕр бирӕ ӕрвыста (Мар. 6:31, 32; Иоан. 2:2; 21:12, 13). Сымах дӕр уӕ сывӕллӕттӕн дзурут, кӕй сӕ уарзут, ӕмӕ сын хъуыддагӕй ӕвдисут, тынг зынаргъ уын кӕй сты (Ӕмб. 4:3). Австралийӕ иу ӕфсымӕр, Сэмюэл, загъта: «Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мын мӕ фыд алы изӕр дӕр касти библион радзырдтӕ. Мӕ фарстатӕн-иу мын дзуапп радта, ахъӕбыс-иу мын кодта ӕмӕ-иу мын фынӕйы размӕ апъа кодта. Фӕстӕдӕр базыдтон, мӕ фыд цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уым пъатӕ-хъӕбыстӕ кӕнын ахуыр кӕй нӕ уыдысты, ӕмӕ мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Фӕлӕ мӕ фыд архайдта, цӕмӕй мӕ йӕ уарзтӕй рӕвдыдтаид. Уый фӕрцы тынг ӕнгом уыдыстӕм ӕмӕ уыдтӕн амондджын, стӕй йӕ алкӕддӕр зыдтон, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр мӕ фыд мӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн». Ныййарджытӕ, архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ дӕр рӕвдыдцух ма уой – арӕх сын дзурут, кӕй сӕ уарзут. Уӕ пъатӕ ӕмӕ сын уӕ хъӕбыстӕ ма ’вгъау кӕнут. Семӕ ныхас кӕнут, иумӕ хӕрут, стӕй-иу семӕ исты хъӕзтытӕй дӕр ахъазут. w15 15/11 1:3, 4
Хуыцаубон, 19 февраль
Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта? (Матф. 24:45).
1919 азы Библииртасджыты гыццыл къорд ӕвӕрд ӕрцыд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй». Уыцы рӕстӕг ӕууӕнкджын цагъар Хуыцауы адӕмимӕ сӕйраджыдӕр ныхас кодта англисаг ӕвзагыл. Фӕлӕ абон Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ис 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уӕдӕ бӕлвырд уыди: Хуыцауы адӕмы хъуыди, раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн чи уыдаид, ахӕм Библийы тӕлмац. Уымӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд Ног дунейы тӕлмацы комитет, ӕмӕ 1950 азӕй 1960 азмӕ уыцы комитет хайгай рауагъта Библийы ног тӕлмац. Уыцы тӕлмацы ӕхсӕз томӕй фыццаджы тыххӕй фехъусын кодтой 1950 азы 2 августы. Ӕфсымӕр Норр загъта, Хуыцауы адӕмы кӕй хъуыди нырыккон ӕвзагыл фыст, раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн тӕлмац, цӕмӕй сӕ бон уыдаид рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбарын. w15 15/12 1:15, 17
Къуырисӕр, 20 февраль
Адӕмы ӕмбырдгӕнӕг архайдта, зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ ссарыныл ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый раст ныффыссыныл (Еккл. 12:10).
Мыййаг дын «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон» ныхӕстӕ ссарын зын вӕййы? Кӕд о, уӕд дӕ, чи зоны, дӕ дзырдты къӕбиц фӕхъӕздыгдӕр кӕнын хъӕуы. Уый тыххӕй дӕ бон у, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы ныхӕстӕ ӕмбӕлынц, уыдонмӕ дӕ хъус дарын. Кӕй нӕ зоныс, ахӕм ныхӕстӕ-иу куы бакӕсай, уӕд-иу сын сӕ нысаниуӕг базон. Цӕмӕй дӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уой, уымӕн ма дын стыр ӕххуыс уыдзӕн Йесойы цӕвиттон дӕр. Йесо зыдта, кӕд цы зӕгъын хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бацамыдта, «фӕллад адӕймаджы ныхасӕй куыд барӕвдауа», уый (Ис. 50:4). Ахсджиаг ма у, нӕ ныхӕстӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, ууыл хъуыды кӕнын дӕр (Иак. 1:19). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕ ныхӕстӕй адӕймаг бамбардзӕн, цы зӕгъын мӕ фӕнды, уый? Мӕ ныхӕстӕ йыл куыд фӕзындзысты?» w15 15/12 3:12
Дыццӕг, 21 февраль
Иерусалимӕн... йе сӕфт... ӕрхӕстӕг (Лук. 21:20).
Иерусалимыл «ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхсдзысты», уый Иудейӕйы ӕмӕ, уӕлдайдӕр та, Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ куы федтаиккой, уӕд хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайдтаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ Йесо бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, куыддӕр ацы хабӕрттӕ фенат, афтӕ-иу уырдыгӕй алидзут (Лук. 21:21–24). Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй рацыд 28 азы. Израилы чи цард, уыцы чырыстӕттӕн уӕдмӕ дӕр сӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ бирӕ ӕфхӕрд баййӕфтой, фӕлӕ уӕддӕр иузӕрдионӕй баззадысты (Дзут. 10:32–34). Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Павел зыдта, разӕй сӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр фӕлвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:20, 21; Дзут. 12:4). Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕм цӕттӕ уыдаиккой. Уыцы чырыстӕтты уӕдӕй тынгдӕр никуы хъуыдаид фидардзинад ӕмӕ уырнындзинад, цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ уый фӕрцы сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой (Дзут. 10:36–39). Гъемӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Павел уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фыстӕг ныффыста, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид. Абон уыцы фыстӕг у Библийы чингуытӕй сӕ иу ӕмӕ хуыйны Фыстӕг Дзуттӕгтӕм. w16.01 1:1, 2
Ӕртыццӕг, 22 февраль
Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, кӕд нӕ Хуыцау афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:11).
Кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕд нӕ хӕс у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр уарзын (1 Иоан. 3:16). Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый? Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, иннӕты куыд хъуамӕ уарзӕм, уый. Зӕххыл куы уыди, уӕд адӕмӕн ӕххуыс кодта, уӕлдайдӕр та мӕгуыртӕн. Дзӕбӕх кодта рынчынты, къуылыхты, куырмыты, къуырматы ӕмӕ ӕгомыгты (Матф. 11:4, 5). Дины разамонджытӕй уӕлдай, Йесойӕн ӕхсызгон уыд, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдоны ахуыр кӕнын (Иоан. 7:49). Уый уарзта мӕгуыр адӕмы ӕмӕ бирӕ фыдӕбон кодта, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид (Матф. 20:28). Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, уӕлдайдӕр та ацӕргӕтӕн, баххуыс кӕнын. Хуыцауы уарзт дӕ разӕнгард кӕнӕд де ’фсымӕрты уарзынмӕ. w16.01 2:12–14
Цыппӕрӕм, 23 февраль
Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. [...] Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау (Иоан. 10:16).
Абон зӕххыл цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдоны «ӕндӕр фыстӕ» хъуамӕ се ’ппӕты дӕр номгай зоной? Нӕ. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ цалынмӕ сӕ хӕрзиуӕг нӕ райсой, уӕдмӕ никӕй бон у фидарӕй зӕгъын, уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзысты. Кӕд сӕ Хуыцау уӕлӕрвтӕм фӕхуыдта, уӕддӕр сӕ хӕрзиуӕг райсдзысты, кӕронмӕ йыл иузӕрдионӕй куы баззайой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Хӕйрӕг дӕр уый зоны, ӕмӕ «мӕнг пехуымпарты» уылты архайы, «цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайа» (Матф. 24:24). Цалынмӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты аккагыл нӕ банымайа, уӕдмӕ сӕ бон нӕу фидарӕй зӕгъын, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Аккагыл сӕ кӕй банымадта, уый бӕрӕг уыдзӕн, фӕстаг мыхуыр сыл куы сӕвӕра, уӕд. Ӕмӕ уый уыдзӕн сӕ мӕлӕты размӕ йе та «стыр бӕллӕхы» райдианы хӕдразмӕ (Рарг. 2:10; 7:3, 14). Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй 144 минмӕ чи хаудзӕн, уый абон базонӕн нӕй ӕмӕ ууыл рӕстӕг хардз кӕнын дӕр ницы пайда у. w16.01 4:2, 3
Майрӕмбон, 24 февраль
Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг (Ис. 55:11).
Ахъуыды-ма кӕн, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд баст у, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уыимӕ. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цардаиккой, ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ фӕивта, Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уый фӕстӕ дӕр. Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ нын фӕзынд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны фадат. Уый тыххӕй Йесо зӕхмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ цард нывондӕн радта. Фӕлӕ цӕмӕй йӕ нывонд пайда ӕрхастаид, уый тыххӕй хъуамӕ адӕм Хуыцауы коммӕ кастаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Чырысти адӕмӕн амыдта, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ кодтаиккой. Ӕмӕ абон адӕмӕн Хуыцауимӕ бафидауынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд Хуыцауимӕ ӕмгуыст фӕкӕнӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа – адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой. Уымӕй ма февдисӕм, уыдоны дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр кӕй уарзӕм. Хуыцауы «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). w16.01 5:15, 16
Сабат, 25 февраль
[Ахаз] йӕ фыртты арты басыгъта (2 Аз. 28:3).
Ахазы фыдхъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ Езекийӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын райдыдтаид ӕмӕ йӕ ныхмӕ суыдаид. Езеки цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕн сӕ дӕсӕм хай дӕр чи нӕ бавзӕрста, уыдонӕй чидӕртӕ Йегъовӕмӕ кӕнӕ йӕ организацимӕ цӕйдӕрты тыххӕй мӕсты кӕнынц (Ӕмб. 19:3). Чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, ӕвзӕр бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл сты, уый тыххӕй сӕхи цард дӕр рӕстмӕ кӕй никуы уыдзӕн кӕнӕ сӕ ныййарджыты фӕндагыл кӕй ацӕудзысты (Йез. 18:2, 3). Фӕлӕ цымӕ раст хъуыды кӕнынц? Езекийы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц. Адӕймагӕн уый ӕфсон никуы уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ мӕсты кӕна, уымӕн ӕмӕ, ацы фыддунейы адӕмыл цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдон Хуыцауӕй не сты (Иов 34:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттыл сӕ ныййарджыты цӕвиттон иуӕй-иу хатт тынг фӕзыны – йе хорзырдӕм, йе та ӕвзӕрырдӕм (Ӕмб. 22:6; Кол. 3:21). Фӕлӕ уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл стӕм, уымӕй кӕнгӕ у, хорз адӕймӕгтӕ нӕ рауайдзӕн ӕви ӕвзӕр. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр схайджын кодта диссаджы лӕварӕй – нӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын, цавӕр фӕндагыл цӕудзыстӕм ӕмӕ цавӕр адӕймӕгтӕ уыдзыстӕм, уый (Дык. з. 30:19). w16.02 2:8–10
Хуыцаубон, 26 февраль
Ӕгъатыр адӕм мӕ хъавынц марынмӕ (Пс. 54:3).
Кӕд Авенир зыдта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй Саулы фӕстӕ Израилы паддзах Давид уа, уӕддӕр Саулӕн Давиды амарынӕн ӕххуыс кодта (1 Сам. 26:1–5). Саул куы амард, уӕд Авенир Давиды фарсмӕ нӕ балӕууыд. Уый архайдта, цӕмӕй паддзах суыдаид Саулы фырт Йевосфей. Фӕстӕдӕр та Авениры, ӕвӕццӕгӕн, бафӕндыд, цӕмӕй йӕхӕдӕг суыдаид паддзах ӕмӕ паддзах Саулы номылустытӕй иуимӕ ӕмуат дӕр уымӕн ӕрцыдаид (2 Сам. 2:8–10; 3:6–11). Авенир сӕрныллӕг ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион нӕ разнынд. Давиды фырт Авессалом дӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм сӕрныллӕгдзинад нӕ уыди. Уый фӕндыд паддзахы бынат бацахсын, ӕмӕ уый тыххӕй «йӕхицӕн самал кодта бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй ма фӕндзай адӕймаджы дӕр, йӕ разӕй чи згъордтаид, ахӕмтӕ» (2 Сам. 15:1). Стӕй ма израилӕгтӕй дӕр бирӕты йӕхирдӕм фӕкодта. Суанг ма йӕ фыды амарынмӕ дӕр хъавыд, кӕд ӕй зыдта, Давиды паддзахӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта, уӕддӕр (2 Сам. 15:13, 14; 17:1–4). Адӕймаг сӕрныллӕг куы нӕ вӕййы кӕнӕ фылдӕр бартӕм бӕллын куы райдайы, уӕд ын зын вӕййы, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Авенир ӕмӕ Авессаломау хиуарзон ӕмӕ фыдзӕрдӕ уӕм. w16.02 4:9–11
Къуырисӕр, 27 февраль
Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у (Иак. 2:17).
Кӕд, Библийы цы фыст ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндыс, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн дӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕрыгӕттӕн дӕр хъуамӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, сыгъдӕг цард кӕй кӕнынц (2 Пет. 3:11). Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕныс, уый тыххӕй дӕм хъуамӕ ӕнӕгъдаудзинадӕн йӕ кой дӕр ма уа. Ахъуыды-ма кӕн фӕстаг ӕрдӕг азыл. «Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» кӕй сахуыр дӕ, уый-иу дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд? (Дзут. 5:14). Цавӕр уавӕрты-иу дын рауад де ’взӕр фӕндты ныхмӕ кӕнӕ де ’мгӕртты ныхмӕ фидар фӕлӕууын? Скъолайы дӕ уагахаст иннӕтӕн фӕзминаг у? Йегъовӕйыл иузӕрдион дӕ ӕви фӕархайыс, цӕмӕй де ’мкъласӕгтӕй мацӕмӕй хицӕн кӕнай, ӕмӕ дӕ ма хынджылӕг кӕной? (1 Пет. 4:3, 4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст нӕ ничи у. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ хатгай фефсӕрмы кӕнынц иннӕтӕн сӕ уырнындзинады тыххӕй дзурын. Фӕлӕ йӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уый хъуамӕ сӕрыстыр уа, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уымӕй, ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа йӕ сыгъдӕг уагахастӕй. w16.03 2:10, 11
Дыццӕг, 28 февраль
Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл (Ис. 30:21).
Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ сын лӕвӕрдта бӕлвырд разамынд. Зӕгъӕм, Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕйӕн бӕстон бамбарын кодта, цы хъуамӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой (Райд. 2:15–17). Фӕлӕ уыдон сӕ уарзӕгой Фыды разамынд ницӕмӕ ӕрдардтой. Евӕ байхъуыста калммӕ (афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йемӕ калм ныхас кӕны), Адам та байхъуыста Евӕмӕ. Уый сӕ цӕмӕ ӕркодта? Сӕ дыууӕ дӕр цӕрӕнбонты хъизӕмар кодтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Ӕмӕ райгас уой, уый ныфс дӕр сын нӕй. Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый тыххӕй сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр мӕлӕты фӕндагыл ныллӕууыдысты. Абон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы разамынд дӕтты, уый сӕ кӕны ӕнусон цардмӕ ӕмӕ сӕ бӕллӕхтӕй хъахъхъӕны. Йӕ фысты чи уарзы, ахӕм фыййау фысты хорз хизӕнтӕм фездахы ӕмӕ сӕ тӕссаг бынӕттӕй фӕхъахъхъӕны, ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр абарӕн ис ахӕм фыййауимӕ. w16.03 4:2, 3