Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 30–43 фф.
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Ӕртыццӕг, 1 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 2 мартъи
  • Майрӕмбон, 3 мартъи
  • Сабат, 4 мартъи
  • Хуыцаубон, 5 мартъи
  • Къуырисӕр, 6 мартъи
  • Дыццӕг, 7 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 8 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 9 мартъи
  • Майрӕмбон, 10 мартъи
  • Сабат, 11 мартъи
  • Хуыцаубон, 12 мартъи
  • Къуырисӕр, 13 мартъи
  • Дыццӕг, 14 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 15 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 16 мартъи
  • Майрӕмбон, 17 мартъи
  • Сабат, 18 мартъи
  • Хуыцаубон, 19 мартъи
  • Къуырисӕр, 20 мартъи
  • Дыццӕг, 21 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 22 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 23 мартъи
  • Майрӕмбон, 24 мартъи
  • Сабат, 25 мартъи
  • Хуыцаубон, 26 мартъи
  • Къуырисӕр, 27 мартъи
  • Дыццӕг, 28 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 29 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 30 мартъи
  • Майрӕмбон, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 30–43 фф.

Мартъи

Ӕртыццӕг, 1 мартъи

Райсом [уыл] цы ’рцӕудзӕн, уый... нӕ зонут (Иак. 4:14).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕн амоной, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнгӕйӕ сӕхӕдӕг цӕуыл сахуыр сты, уыдӕттӕ (Пс. 71:17, 18). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад уымӕн сты, ӕмӕ сӕ фыдӕбоны руаджы ӕмбырд фидар кӕны. Уыдоны фӕрцы фылдӕр ӕфсымӕртӕ цӕттӕ вӕййынц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уой. Ацы фӕстаг бонты уый тынг ахсджиаг у, ӕмӕ ноджы ахсджиагдӕр та уыдзӕн, тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы рӕстӕг (Йез. 38:10–12; Мих. 5:5, 6). Уӕдӕ, нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, абонӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр рӕстӕг арут, цӕмӕй ӕфсымӕрты ахуыр кӕнат. Мах ӕмбарӕм, ӕмбырды ахсджиаг хъуыддӕгтыл уын бирӕ рӕстӕг кӕй цӕуы ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕвдӕлон кӕй вӕййут. Уӕдӕ уӕ, чи зоны, бахъӕуа, уыцы хъуыддӕгтӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕнут, уымӕй ратонын, цӕмӕй ӕфсымӕрты ахуыр кӕнат (Еккл. 3:1). Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕндзыстут ӕмӕ уый ӕмбырдӕн фидӕны стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. w15 15/4 1:8–10

Цыппӕрӕм, 2 мартъи

Дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (Ис. 30:21).

Куыд зонӕм, афтӕмӕй Библийы фыст ис, Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы дзуры, уый. Фӕлӕ цымӕ Библи дӕуӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай? Куыннӕ! Библи куы кӕсай, уӕд-иу дӕхимӕ ратт ахӕм фарстатӕ: «Цы бакастӕн, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнын? Цы базыдтон, уымӕй мӕ бон куыд у царды спайда кӕнын?» Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕйӕн фадат дӕтдзынӕ, цӕмӕй демӕ ныхас кӕна, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Дзут. 4:12; Иак. 1:23–25). Зӕгъӕм, дӕ бон у бакӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын Йесойы ныхӕстыл, «зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут», зӕгъгӕ. Кӕд ӕнӕуи дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайыс, цӕмӕй дын Йегъовӕ царды фыццаг бынаты уа, уӕд уыцы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ бамбардзынӕ, Хуыцау дӕ райгонд кӕй у. Фӕлӕ, чи зоны, уыцы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ бамбарай, дӕ цард дӕ фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын кӕй хъӕуы ӕмӕ дӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр хъарутӕ раттын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ кӕд афтӕ уа, уӕд дын уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдзысты, ӕмӕ дын Йегъовӕ амоны, цы дӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй йӕм баввахс уай (Матф. 6:19, 20). w15 15/4 3:3–5

Майрӕмбон, 3 мартъи

Нӕ Хицау уыди мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй хорз хабар бӕстон фехъусын кодтаин ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъуыстаиккой, ӕмӕ мӕ нӕ Хицау домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта (2 Тим. 4:17).

Йегъовӕ нын бахӕс кодта «хорз хабар хъусын кӕнын» ӕмӕ нӕ хоны йе ’мкусджытӕ (1 Фес. 2:4; 1 Кор. 3:9). Мах дӕр Павелау уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нӕ фидар ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ нын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый (Матф. 6:33). Стӕй ма нын ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕд ратдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр. Уӕдӕ алы бон дӕр архай, цӕмӕй дын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕна. Фӕлварӕны куы бахауай ӕмӕ куы тыхсай, уӕд-иу дӕ уавӕр нымай, Йегъовӕмӕ кӕй фӕрцы баввахсдӕр уыдзынӕ, ахӕм фадатыл. Хуыцауы Ныхас Библи кӕс, иртас ӕй ӕмӕ йыл хъуыды кӕн. Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд фидар ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ныр кӕуыл ӕмбӕлыс ӕмӕ ма, чи зоны, фидӕны кӕуыл сӕмбӕлай, уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай. w15 15/4 4:17, 18

Сабат, 4 мартъи

Уӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуыл хӕцут ӕмӕ цӕуыл хыл кӕнут? (Иак. 4:1).

Сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй ӕмбырды фарнӕн фехӕлынӕй тӕссаг у. Нӕ зӕрдӕйы арф кӕмдӕр иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл куы нымайӕм, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй фӕхъыг кӕнӕм (Ӕмб. 12:18). Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр стӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ «хъалзӕрдӕ адӕймагӕй» йе сӕфт кӕй уыны (Ӕмб. 16:5). Стӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф ныккӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Кӕд нӕхи уыдонӕй хуыздӕрыл нымайӕм, уӕд рох кӕнӕм, Хуыцау «иу адӕймагӕй [кӕй] рауагъта ӕппӕт адӕмты» (Хъуыд. 17:26). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм иу адӕмыхаттӕй, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр рацыдысты Адамӕй. Уӕдӕ куыд ӕнӕзонд ми у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ кӕцыдӕр адӕмыхӕттытӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты! Мах дӕр ахӕм хъуыдыйыл хӕст куы уӕм, уӕд Хӕйрӕгӕн фадат дӕтдзыстӕм, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ кӕна, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ цы иудзинад ис, уый (Иоан. 13:35). Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ сӕрбӕрзонддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уа (Ӕмб. 16:18). w15 15/5 2:8, 9

Хуыцаубон, 5 мартъи

Хуыцауы фӕзмут (Еф. 5:1).

Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы фидӕнӕй – хъизӕмӕрттӕ кӕм нал уыдзӕн, ахӕм фидӕнӕй. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕнустӕм цӕрдзысты уӕлӕрвты, «ӕндӕр фыстӕ» та – зӕххыл (Иоан. 10:16; 17:3; 1 Кор. 15:53). Фӕлӕ абон зындзинӕдтӕй хызт не стӕм, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмбары, уыцы зындзинӕдты тыххӕй цы маст ӕвзарӕм, уый. Раджы заманты йӕ адӕм Египеты куы хъизӕмар кодтой, уӕд-иу уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕ рысти – «уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» (Ис. 63:9). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕ кувӕндон цалцӕг кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ рацыдысты. Йегъовӕ ӕмбӕрста, йӕ адӕм сӕ кӕй тӕрсынц, ӕмӕ сын загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы» (Зах. 2:8). Мад йӕ хъӕбулы куыд уарзы, раст афтӕ уарзы Йегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны (Ис. 49:15). Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕхи иннӕты бынаты сӕвӕрын ӕмӕ мах дӕр ахӕм курдиатӕй схайджын кодта (Пс. 103:13, 14). w15 15/5 4:2

Къуырисӕр, 6 мартъи

Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты (Матф. 26:11).

Мыййаг, Йесо уый кой кодта, ӕмӕ зӕххыл мӕгуыр адӕм алкӕддӕр уыдзӕн? Нӕ. Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ мӕгуырдзинад дӕр уыдзӕн. Нӕ рӕстӕджы ӕнӕфсис ӕмӕ гӕртамхор хицӕутты аххосӕй сӕдӕгай милуантӕ мӕгуыр цард кӕнынц. Фӕлӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн Хуыцау тынг тагъд кӕрон скӕндзӕн! (Пс. 72:16). Чырысти цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны фӕрцы фидарӕй зонӕм, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй нын йӕ тыхы фӕрцы нӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕива (Матф. 14:14–21). Йесойӕ уӕлдай махӕн нӕ бон нӕу диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ нӕ бон у адӕмӕн зӕрдиагӕй хъусын кӕнын, Библи нын зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй. Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, уый нӕ хӕс дӕр у (Ром. 1:14, 15). Тагъд рӕстӕджы Чырысти цы сараздзӕн, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурӕм (Пс. 45:1; 49:3). w15 15/6 1:7, 10, 11

Дыццӕг, 7 мартъи

Ныхсут уӕ къухтӕ... ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кӕнут (Иак. 4:8).

Йегъовӕйы нӕ хуыздӕр Хӕларыл куы нымайӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй йын ӕхсызгон уой ӕрмӕст нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма нӕ хъуыдытӕ дӕр. Нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг куы уой, уӕд нӕ зӕрдӕ дӕр уыдзӕн сыгъдӕг (Пс. 24:3, 4; 51:6; Фил. 4:8). Йегъовӕ ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нӕм иуӕй-иу хатт ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕр кӕй фӕзыны. Фӕлӕ ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты зонгӕ-зонын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзыстӕм (Райд. 6:5, 6). Уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй-иу уыцы ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй фӕсурӕм. Ацы хъуыддаг нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ноджы тынгдӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой. Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йӕ разы сыгъдӕг уӕм. w15 15/6 3:4, 5

Ӕртыццӕг, 8 мартъи

Ратт нын къӕбӕр абоны фаг (Матф. 6:11).

Йесо кувын куы ахуыр кодта, уӕд афтӕ нӕ загъта, «ратт мын къӕбӕр», зӕгъгӕ, фӕлӕ загъта: «Ратт нын къӕбӕр». Африкӕйы районон цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Виктор, загъта: «Арӕх Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй бузныг фӕзӕгъын, иннӕ хатт цы бахӕрдзыстӕм кӕнӕ фатеры мызд цӕмӕй бафиддзыстӕм, ууыл нӕ мӕ бинойнагимӕ тыхсын кӕй нӕ фӕхъӕуы. Не ’фсымӕртӕ ныл алы бон дӕр батыхсынц. Фӕлӕ Хуыцауӕй фӕкурын, цӕмӕй, махыл чи тыхсы, уыдонӕн цардамӕлттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кӕна». Чи зоны, махӕн хӕринаг парахатӕй ис, фӕлӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ мӕгуыр сты, чидӕртӕ та сӕ ӕрдзон бӕллӕхы бахауынц. Мах хъуамӕ уыдоны тыххӕй ӕрмӕст кувгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у, цы нӕм ис, уымӕй сын хай кӕнын. Стӕй ма нӕ бон у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕдзухдӕр мысайнӕгтӕ дӕттын. Мах зонӕм, нӕ мысайнӕгтӕ ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты (1 Иоан. 3:17). w15 15/6 5:4–6

Цыппӕрӕм, 9 мартъи

Хуыцау у нӕ Хуыцау ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ. Уый йӕхӕдӕг уыдзӕн нӕ фӕндагамонӕг, цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ (Пс. 48:14).

Пехуымпар Исай ныффыста, Хуыцауы организацийы зӕххон хайы бирӕ диссаджы ивындзинӕдтӕ кӕй цӕудзӕн (Ис. 60:17). Ӕрыгон чи у кӕнӕ ӕмбырдтӕм ӕрӕджы чи райдыдта цӕуын, уыдон уыцы ивындзинӕдты тыххӕй ӕрмӕстдӕр кӕсгӕ бакодтой кӕнӕ хъусгӕ фӕкодтой. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ уыцы ивындзинӕдтӕ сӕхи цӕстӕй федтой! Уыцы иузӕрдион чырыстӕтты фидарӕй уырны, Хуыцау нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы руаджы йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты. Сӕ царды хабӕрттӕм хъусгӕйӕ дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дардзынӕ. Ӕмбырды рагӕй стӕм ӕви ӕрӕджы,– не ’ппӕт дӕр хъуамӕ иннӕтӕн дзурӕм Йегъовӕйы организацийы тыххӕй. Ацы хӕлд ӕмӕ ӕгъатыр дунейы мах, фарн ӕмӕ иудзинад кӕм ис, уыцы «дзӕнӕты» кӕй цӕрӕм, уый диссаг куыннӕ у! w15 15/7 1:12, 13

Майрӕмбон, 10 мартъи

Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ (Рарг. 16:16).

Йегъовӕйы сыгъдӕг ном Армагеддоны хӕсты фӕрцы скадджын уыдзӕн. Сӕгътыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон иууылдӕр сӕ мӕлӕт ссардзысты, ӕмӕ зӕххыл фыддзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Матф. 25:31–33, 46). «Тынг бирӕ адӕм» та Армагеддоны хӕсты фервӕздзысты. Тагъд рӕстӕджы нӕм цы диссаджы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонгӕйӕ нӕ алчидӕр цы хъуамӕ араза? Йегъовӕ апостол Петрӕн ныффыссын кодта: «Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд-ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ. [...] Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:11, 12, 14). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ лӕггад Хуыцауы цӕсты уа сыгъдӕг, ӕмӕ Фарны Паддзах Йесо Чырыстийы фарс лӕууӕм! w15 15/7 2:17, 18

Сабат, 11 мартъи

Хӕдзар Йегъовӕ куы нӕ араза, уӕд дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц йӕ аразджытӕ (Пс. 127:1).

Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы адӕм стыр фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй Паддзахады залтӕ арӕзт цӕуой. Барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ проекттӕ скӕнынц, залтӕ фӕаразынц ӕмӕ сӕ фӕцалцӕг кӕнынц. Нӕ организаци ма скодта сӕрмагонд программӕ, цӕмӕй Паддзахады залтӕ арӕзт цӕуой мӕгуыр бӕстӕты дӕр. Ӕмӕ 1999 азы 1 ноябрӕй абоны онг ӕгас дунейы дӕр арӕзт ӕрцыд 28 000 рӕсугъд Паддзахады залӕй фылдӕр. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ 15 азы дӕргъы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы бон дӕр арӕзт цыди фондз залы! Паддзахады залтӕ аразын кӕм фӕхъӕуы, уырдӕм Йегъовӕйы организаци арвиты барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй дӕр баххуыс кӕны. Ӕмӕ уый у Библийы фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, бирӕ кӕмӕ ис, уыдон фӕкӕсӕнт, хъуаг чи ӕййафы, уыдонмӕ (2 Кор. 8:13–15). Уый фӕрцы, сӕхи тыхтӕй зал саразын кӕмӕн никуы бантыстаид, ахӕм ӕмбырдтӕн фӕзынди рӕсугъд Паддзахады залтӕ. w15 15/7 4:9–11

Хуыцаубон, 12 мартъи

Ӕнхъӕлмӕ [йӕм] кӕс (Ав. 2:3).

Йесойы ныхӕстӕ фӕстаг бонты тыххӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый хъуамӕ афтӕ бӕлвырд уыдаид, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстаиккой, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый ӕмӕ къӕрцхъус уыдаиккой (Матф. 24:27, 42). Ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йесойы пехуымпарад ӕцӕгдӕр ӕххӕст кӕны. Мах фидарӕй уырны, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» рӕстӕджы кӕй цӕрӕм. Йегъовӕ ныридӕгӕн дӕр аскъуыддзаг кодта, Хӕйрӕджы фыддуне кӕд фесафдзӕн, уый (Матф. 24:3). Уӕдӕ ацы дунейы кӕронмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Уымӕн ӕмӕ нын уый Йесо Чырысти бафӕдзӕхста. Уымӕй уӕлдай ма уынӕм, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы хабӕрттӕ радзырдта, уыдон нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕнынц. Кӕрон ӕввахс кӕй у, уый нӕ фидарӕй уырны, алкӕй ныхасыл дӕр кӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Библийы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр къӕрцхъус уӕм ӕмӕ алы бон дӕр ацы дунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. w15 15/8 2:8, 9

Къуырисӕр, 13 мартъи

Алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый (Пс. 145:16).

Дзӕнӕты нӕ бон уыдзӕн, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмӕ нӕхи ирхӕфсын. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон вӕййы, исты нын куы бантысы, уӕд. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ног дунейы «алкӕмӕн дӕр [кӕй] ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Еккл. 2:24). Алы адӕймаджы дӕр хъӕуы улӕфын ӕмӕ йӕхи ирхӕфсын. Фӕлӕ нын уыдӕттӕ фылдӕр циндзинад фӕхӕссынц, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нын царды фыццаг бынаты куы вӕййы, уӕд. Ӕмӕ ног дунейы дӕр хабар афтӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурӕм ӕмӕ нын нӕ лӕггад цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм (Матф. 6:33). Махӕн нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу, ног дунейы цард куыд диссаг уыдзӕн, уый. Гъемӕ уӕдӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, «ӕцӕг цардмӕ» куыд тынг бӕллӕм, уый – нӕхи йӕм цӕттӕ кӕнӕм. w15 15/8 3:17, 18

Дыццӕг, 14 мартъи

Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ (Еф. 4:24).

Йесо Чырысти уыд ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ царди ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн. Йӕ ныййарджытӕ, стӕй йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр ӕнӕххӕст уыдысты. Суанг ма-иу йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ дӕр хатгай иннӕ адӕмау сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон разындысты. Зӕгъӕм, Йесойы мӕлӕты размӕ ’хсӕв «апостолты ’хсӕн рауад карз быцӕу... уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лук. 22:24). Фӕлӕ кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕй суыдзысты ӕмӕ сӕ фӕрцы, иудзинад кӕм уыдзӕн, ахӕм ӕмбырд кӕй сырӕздзӕн. Уыцы изӕр Йесо йӕ уӕларвон Фыдӕй куырдта, цӕмӕй йӕ апостолты ’хсӕн иудзинад уыдаид, ӕмӕ загъта: «Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр уӕнт немӕ иудзинады... цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой» (Иоан. 17:21, 22). w15 15/9 1:10, 11

Ӕртыццӕг, 15 мартъи

Йесо йын загъта: «Рацу!» Ӕмӕ Петр дӕр бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм араст (Матф. 14:29).

Петр доныл куы цыди, уӕд цы тыхдымгӕ ӕмӕ уылӕнтӕй фӕтарсти, уыдон абарӕн ис, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлӕм, уыдонимӕ. Ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕ тынг карз куы вӕййынц, уӕд дӕр Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын. Фӕлӕ-ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Петрыл цы ’рцыд, уый. Петр ныгъуылын уый тыххӕй нӕ райдыдта, ӕмӕ йӕ тыхдымгӕ ӕмӕ уылӕнтӕ хостой. Библийы фыст ис: «Йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст» (Матф. 14:24–32). Петр Йесомӕ нал касти, фӕлӕ, йӕ алыварс цытӕ цыди, уымӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ уырнындзинад фӕцудыдта. Мах дӕр нӕ зындзинӕдтыл куы суӕм, уӕд, чи зоны, дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕнӕн мӕ уырнындзинад никуы ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййы, уый кой кӕнгӕйӕ Библи дзуры, зӕгъгӕ, уый у, адӕймаджы «ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд» (Дзут. 12:1). Петры цӕвиттонӕй куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг йе ’ргом, цӕмӕ нӕ хъӕуы, уымӕ куы аздаха, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ уырнындзинад тагъд ӕрлӕмӕгъ уа. w15 15/9 3:1, 6, 7

Цыппӕрӕм, 16 мартъи

Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ чи скодта... уыцы Фыдӕй (Иак. 1:17).

Исчи дын лӕвар куы скӕны, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, равдисыс, бузныг дзы кӕй дӕ. Ӕмӕ уыцы лӕварӕн куы аргъ кӕнай, уӕд дзы пайда дӕр кӕндзынӕ. Йегъовӕ нын алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй цӕрӕм ӕмӕ амондджын уӕм, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм. Уый та нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ мах дӕр уарзӕм. Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтой. Ӕнусты дӕргъы сын йӕ закъӕтты фӕрцы разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ цух ницӕмӕй уагъта (Дык. з. 4:7, 8). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цардаиккой, уӕд бӕрӕг уыдаид, бузныг дзы кӕй сты. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн-иу нывондӕн хъуамӕ ӕрбахастаиккой, сӕ зӕххӕй-иу «фыццаг цы тыллӕг систой, уымӕн йӕ хуыздӕр хай» (Рац. 23:19). Израилӕгтӕ зыдтой, Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсой ӕмӕ сӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын куы дӕттой, уӕд сын дарддӕр дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн (Дык. з. 8:7–11). w15 15/9 5:5, 6

Майрӕмбон, 17 мартъи

Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты (Матф. 5:8).

Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы ӕххуысы къух фенын? Ахъуыды-ма кӕн, чи зоны, ӕмбарыс, рӕстдзинад кӕй базыдтай, уый Йегъовӕйы разамынд кӕй уыд. Йе та дын, чи зоны, афтӕ уыди, ӕмӕ ӕмбырды раныхасмӕ хъусгӕйӕ ахъуыды кодтай: «Ай мӕнӕ мӕн тыххӕй куы у!» Кӕнӕ та федтай, Йегъовӕ дын дӕ куывдӕн дзуапп куыд радта, уый. Науӕд дӕ, чи зоны, фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ стӕй федтай, Йегъовӕ дын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафтыдаид. Кӕнӕ, чи зоны, дӕ куыст ныууагътай, уымӕн ӕмӕ-иу дын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг нал баззад. Ӕмӕ стӕй дӕхи цӕстӕй федтай, Йегъовӕ афтӕ кӕй загъта, «никуы дӕ ныууадздзынӕн», зӕгъгӕ, уыдон афтид ныхӕстӕ кӕй не сты (Дзут. 13:5). «Сыгъдӕгзӕрдӕ» ӕмӕ Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд-иу фендзыстӕм, бирӕ хъуыддӕгты нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Цымӕ цы хъӕуы, цӕмӕй «сыгъдӕгзӕрдӕ» уӕм? Хъуамӕ нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой ӕмӕ, раст цы нӕу, ахӕмӕй мацы аразӕм (2 Кор. 4:2). Нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм ӕмӕ рӕстӕй куы цӕрӕм, уӕд мах дӕр Хуыцауы уындзыстӕм. w15 15/10 1:17, 19

Сабат, 18 мартъи

Мӕнӕн чи лӕггад кӕна, уымӕн мӕ Фыд скад кӕндзӕн (Иоан. 12:26).

Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд, уыцы адӕмы ’хсӕн уыди грекъӕгтӕ дӕр. Уыдон федтой, Йесо цы сарӕзта, уый ӕмӕ Филиппӕн загътой, кӕй сӕ фӕнды йемӕ фембӕлын. Фӕлӕ Йесо не сразы, уымӕн ӕмӕ зыдта, разӕй йӕм бирӕ ахсджиагдӕр хабӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый йӕхицӕн адӕмы раз ном скӕныныл нӕ архайдта, зӕгъгӕ мӕ фарс рахӕцдзысты ӕмӕ мӕ ме знӕгтӕй бахъахъхъӕндзысты. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, тагъд ӕй кӕй амардзысты, стӕй, йӕ фӕдыл чи цӕуа, уыдон рӕстдзинады тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой. Загъта сын: «Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ сафгӕ кӕны, йӕ удӕй ацы дунейы йе сӕфт чи уыны, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕнусон цардӕн». Ӕмӕ сын стӕй загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон. Ӕмӕ Филипп дӕр уыцы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ уыцы грекъӕгтӕн куыннӕ радзырдтаид (Иоан. 12:20–25). Кӕд Йесойӕн йе ’ргом иууылдӕр хорз хабар хъусын кӕнынмӕ здӕхт уыди, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕндӕр ницы арӕзта. w15 15/10 3:13, 14

Хуыцаубон, 19 мартъи

Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын (Рарг. 3:19).

Йесойӕн-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ арӕх быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Йесо уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы ракаст – ногӕй ӕмӕ та-иу сын ногӕй фӕразонӕй сӕ рӕдыд бацамыдта. Фӕлӕ Йесо алкӕддӕр уыди хӕларзӕрдӕ, ӕмӕ-иу сын уынаффӕ радта, хуыздӕр-иу куы уыди, уӕд ӕмӕ-иу хуыздӕр кӕм уыди, уым (Мар. 9:33–37). Кӕд уӕ сывӕллӕтты уарзут, уӕд сын хъуамӕ зонд дӕр амонат. Иуӕй-иу хатт фаг вӕййы сывӕллонӕн ныхасӕй бамбарын кӕнын, цавӕрдӕр хъуыддаг хорз кӕнӕ ӕвзӕр цӕмӕн у, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр уӕ коммӕ нӕ кӕсынц, уӕд та? (Ӕмб. 22:15). Йесо уын фӕзминаг уӕд. Дарддӕр сын фӕразонӕй уынаффӕтӕ дӕттут, ахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ ӕмбарын кӕнут. Зонд-иу сын бацамонут фӕлмӕнӕй, хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд ӕмӕ хуыздӕр кӕм уыдзӕн, уым. Хуссар Африкӕйӕ иу хо, Элейн, радзырдта: «Мӕ ныййарджытӕ мын-иу зонд мӕстыйӕ никуы амыдтой, стӕй-иу мын алкӕддӕр бамбарын кодтой, цӕй тыххӕй мӕ бафхӕрдтой, уый». Йӕ ныййарджытӕ йӕ афтӕ кӕй хъомыл кодтой, уый фӕрцы зыдта, кӕй йӕ уарзынц, уый. w15 15/11 1:5, 6

Къуырисӕр, 20 мартъи

Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоан. 4:16).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсид, Хуыцау адӕмы куы нӕ уарзид, уӕд. Адӕм дарддӕр дӕр кӕрӕдзийыл хицауиуӕг кӕниккой ӕмӕ сӕ дарддӕр дӕр йӕ зондыл аразид, уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр кӕмӕ нӕй ӕмӕ иннӕтӕй йе сӕфт чи уыны, уыцы хуыцау, Хӕйрӕг (2 Кор. 4:4; 1 Иоан. 5:19; Рарг. 12:9, 12). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нӕ куы нӕ уарзид, уӕд нӕ фидӕн уаид кӕуинаг! Хӕйрӕг Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ куы рацыд, уӕд сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа. Хӕйрӕджы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕхӕдӕг хуыздӕр хицау уыдзӕн (Райд. 3:1–5). Йегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕгӕн цасдӕр рӕстӕг радта, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, раст у ӕви нӕ. Ӕмӕ рӕстӕг равдыста, нӕдӕр адӕмӕн ӕмӕ нӕдӕр Хӕйрӕгӕн сӕ бон кӕй нӕу, цӕмӕй хорз хицӕуттӕ уой. w15 15/11 3:3, 4

Дыццӕг, 21 мартъи

Уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп... дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй (1 Пет. 3:15).

Сӕрныллӕгдзинад нын баххуыс кӕндзӕн, Йесо Чырысти цы ахсджиаг уагӕвӕрд бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн. Уый загъта: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Иннӕты уарз, фӕлӕ де знагӕй де сӕфт уын“. Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:43–45). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не знӕгты дӕр уарзӕм, цыфӕнды ӕвзӕр нын куы уой, уӕддӕр. Нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр кӕй уарзӕм. Ӕмӕ кӕд адӕм нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц, уӕддӕр сӕ не ’ххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд сӕ фарсмӕ балӕууӕм. w15 15/11 4:17, 19, 20

Ӕртыццӕг, 22 мартъи

Цы [сын] бакастысты, уый бамбӕрстой (Неем. 8:12).

Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ, сӕ бон ныхас кӕнын кӕй у, уый фӕрцы Йегъовӕйы кадджын кӕнынц ӕмӕ йын йӕ фӕндоны тыххӕй иннӕтӕн дзурынц. Фӕстаг рӕстӕг та Хуыцауы адӕм Библи алыхуызон ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр адӕм базоной. Библийӕн ис мингай тӕлмацтӕ, фӕлӕ се ’ппӕт раст тӕлмац нӕ сты. Уымӕ гӕсгӕ 1940-ӕм азты арӕзт ӕрцыд Ног дунейы тӕлмацы комитет. Уыцы комитетӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй Библи раст ратӕлмац кодтаиккой. Библи тӕлмацгӕнгӕйӕ уыцы комитет архайдта ӕртӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: 1) Хуыцауы ном рагондӕр къухфыстыты цал хатты ӕмбӕлы, уал хатты йӕ ныффыссын ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн йӕ ном скадджын кӕнын (Мат. 6:9). 2) Къухфыстыты тексты, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы дзырд дӕр комкоммӕ ратӕлмац кӕнын. Гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд та йын йӕ хъуыды ратӕлмац кӕнын. 3) Ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн куыд уа, афтӕ йӕ ратӕлмац кӕнын (Неем. 8:8). w15 15/12 2:1, 2

Цыппӕрӕм, 23 мартъи

Хӕстон уадындз куы ныууаса, фӕлӕ, цӕмӕ сиды, уый бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд йӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕнын чи райдайдзӕн? (1 Кор. 14:8).

Уадындзы уасын бӕлвырд куы нӕ уыдаид, уӕд ӕфсадыл цы ’рцыдаид! Библи дӕр ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕ бары, дзӕбӕх чи хъуысы, ахӕм уадындзы уасынимӕ. Цы зӕгъын нӕ фӕнды, уый хорз куы не ’мбарын кӕнӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, адӕм ма бамбарой кӕнӕ, раст цы нӕу, ууыл баууӕндой (1 Кор. 14:9). Мах фӕнды нӕ хъуыдытӕ хорз ӕмбарын кӕнын, фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй схуыст ныхас ма кӕнӕм ӕмӕ-иу нӕ ныхӕстӕй макӕй фӕхъыг кӕнӕм. Матфейы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ цы фыст ис, уымӕй зыны, Йесо ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй кӕй пайда кодта. Адӕмы дисы бафтауыны тыххӕй йӕ ныхасы зынӕмбарӕн кӕнӕ, раст бамбарӕн кӕй нӕ уыд, ахӕм ныхӕстӕй нӕ пайда кодта. Стӕй, иннӕты зӕрдӕ чи фӕриссын кодтаид, ахӕм ныхӕстӕ дӕр нӕ дзырдта. Ӕмӕ кӕд, Йесо цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ амыдта, уыдонӕн арф хъуыды уыди, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн уыдысты. Зӕгъӕм, Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕнын, алы бон дӕр цы хӕрой, ууыл тыхсын сӕ кӕй нӕ хъӕуы. Ӕмӕ сын цӕвиттонӕн ӕрхаста, Йегъовӕ ӕдзухдӕр мӕргъты куыд ӕфсады, уый. Стӕй сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» (Матф. 6:26). Уыцы хуымӕтӕг ныхӕстӕй сын ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта. w15 15/12 3:13, 14

Майрӕмбон, 24 мартъи

Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут (Дзут. 13:1).

Кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзын цы нысан кӕны? Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, филадельфи́а, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ нысан кӕны «ӕфсымӕрыл ӕнувыд». Уый у, ӕнгом бинонты кӕнӕ ӕввахс ӕмбӕлтты ’хсӕн чи вӕййы, ахӕм арф ӕнкъарӕн (Иоан. 11:36). Мах нӕ кӕрӕдзийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрмӕст хонгӕ нӕ кӕнӕм – мах ӕцӕгдӕр стӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Матф. 23:8). Кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд стӕм, уый хорз ӕвдисынц Павелы ныхӕстӕ: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» (Ром. 12:10). Нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ зӕрдӕты ис, Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад, ага́пе, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис, ӕввахс ӕмбӕлтты ’хсӕн чи вӕййы, уыцы иудзинад. Ӕцӕг чырыстӕттӕ цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр иууылдӕр сты ӕфсымӕртӕ (Ром. 10:12). Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзын (1 Фес. 4:9). w16.01 1:5, 6

Сабат, 25 мартъи

Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт (2 Кор. 5:14).

Йесойы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнӕм (Матф. 28:19, 20; Лук. 4:43). Дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнай ӕмӕ 30 кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнай? 84 азы кӕуыл цыди, иу ахӕм идӕдз ӕфсымӕр хъуыды кодта, ацӕргӕ кӕй у, стӕй йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕм ӕввахс чи цард, уыцы пионертӕ сфӕнд кодтой, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой. Уыдон бацархайдтой, цӕмӕй йӕ машинӕйыл ластаиккой ӕмӕ йын ссардтой, хъусын кӕнын ын ӕнцондӕр кӕм уыдаид, ахӕм участок. Ӕмӕ ӕфсымӕрӕн йӕ нысан йӕ къухы бафтыд – уыцы мӕй 30 сахаты хъусын кодта. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у искӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй мартъи кӕнӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕна? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон нӕу пионерӕй лӕггад кӕнын, фӕлӕ нӕ бон у нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ уымӕ саразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр балӕггад кӕнӕм. w16.01 2:7, 11

Хуыцаубон, 26 мартъи

Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис (Зах. 8:23).

Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй «ӕндӕр фыстӕ» абон сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ зоной, уӕд сӕ бон куыд у семӕ «цӕуын»? Библийы фыст ис: «Дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“». Ӕмӕ кӕд ацы стихы иу дзуттаджы кой ис, уӕддӕр дзы дарддӕр ӕмбӕлы номивӕг, «уемӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый та ӕрмӕст иу адӕймагмӕ нӕ амоны. Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «дзуттаг лӕг» амоны сӕрст чырыстӕтты ӕнӕхъӕн къордмӕ дӕр. «Ӕндӕр фыстӕ» уый зонынц, ӕмӕ уыцы къордимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕй алкӕй ном дӕр зоной ӕмӕ сӕ алкӕй фӕдыл дӕр цӕуой. Махӕн нӕ Разамонӕг у Чырысти ӕмӕ нын Библи зӕгъы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр йӕ фӕдыл цӕуӕм (Матф. 23:10). w16.01 4:4

Къуырисӕр, 27 мартъи

Ды... Израил, ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг – ды, Иаков, кӕй равзӕрстон, уый, мӕ хӕлар Авраамы байзӕддаг (Ис. 41:8).

Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ йӕ райгуырӕн бонӕй йӕ мӕлӕты бонмӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ исчи уарза. Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст уарзон нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ хӕлӕрттӕ дӕр. Ӕппӕты тынгдӕр та йӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ уарза. Бирӕты нӕ уырны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн уа, дыууӕ хорз ӕмбалы ’хсӕн чи вӕййы, ахӕм хӕлардзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау махӕй бирӕ хъомысджындӕр у. Фӕлӕ мах зонӕм, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый! Библийӕ бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ-иу Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй систы. Ӕмӕ нын уыцы адӕм сты фӕзминаг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау дӕ хӕлар суа, царды уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ӕркӕсӕм-ма Авраамы цӕвиттонмӕ (Иак. 2:23). Авраам Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы сси? Сӕйраджыдӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы. Ӕмӕ Библи дӕр Авраамы, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» уымӕн хоны (Ром. 4:11). w16.02 1:1, 2

Дыццӕг, 28 мартъи

Уый хуызӕн ничи уыд (2 Пад. 18:5).

Кӕд Езекийӕн йӕ фыд Иудӕйы ӕвзӕрдӕр паддзӕхтӕй сӕ иу уыди, уӕд йӕхӕдӕг та сси ӕппӕты хуыздӕр паддзӕхтӕй сӕ иу (2 Пад. 18:6). Езеки райдыдта, йӕ фыды аххосӕй бӕстӕ цы ӕвзӕр уавӕрмӕ ӕрцыд, уый хуыздӕрырдӕм ивын. Кувӕндон ссыгъдӕг кодта, Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид, ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цыдӕриддӕр мӕнгхуыцӕуттӕ уыди, уыдон фесӕфта (2 Аз. 29:1–11, 18–24; 31:1). Фӕстӕдӕр, Ассирийы паддзах Сеннахирим Иерусалимы ныхмӕ рацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд Езеки равдыста диссаджы хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад. Уый фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ йӕ адӕмы ныфс бауагъта (2 Аз. 32:7, 8). Иуафон Езеки ссӕрбӕрзонд, фӕлӕ йын Йегъовӕ куы бауайдзӕф кодта, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Аз. 32:24–26). Уӕдӕ нын Езеки фӕзминаг куыннӕ у: уый нӕ бауагъта, цӕмӕй, цы уавӕрты схъомыл, уый йӕ цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындаид. Езеки хъуыддагӕй ӕвдыста, Йегъовӕйы хӕлар кӕй уыд, уый. w16.02 2:11

Ӕртыццӕг, 29 мартъи

Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сымах, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, бацархайут ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый аразут фӕлмӕнӕй (Гал. 6:1).

Хӕларзӕрдӕ куы уай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл хъуамӕ уай, уый равзарынӕн. Зӕгъӕм, базыдтай, кӕцыдӕр ӕфсымӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта. Чи зоны йыл тынг ӕнувыд дӕ, уӕлдайдӕр та кӕд дӕ хорз ӕмбал кӕнӕ дӕ бинонтӕй у, уӕд. Фӕлӕ ма зоныс уый дӕр, ӕмӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл хъуамӕ уай иузӕрдион. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ хъус, фӕлӕ де ’фсымӕримӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у. Зӕгъ ын, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагура. Ууыл куы фӕстӕ кӕна, уӕд хъуамӕ дӕхӕдӕг хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ. Стӕй ма равдисдзынӕ, де ’фсымӕрмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ кӕй дарыс, уымӕн ӕмӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Уыдон ын йӕ зондахаст фӕлмӕнӕй сраст кӕндзысты (Лев. 5:1). w16.02 4:14

Цыппӕрӕм, 30 мартъи

Ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат (2 Пет. 3:11).

Хуыцауыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕ цы хауы? Уымӕ хауынц ӕмбырдимӕ баст хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын. Ноджыдӕр ма уымӕ хауынц, иннӕтӕ кӕй нӕ уынынц, уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын. Йӕ цард Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уымӕн ацы хъуыддӕгтӕ уаргъы хуызӕн не сты. Ахӕм адӕймаг разы у паддзах Давиды ныхӕстимӕ: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8). Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дын Хуыцау суыдзӕн хорз хӕлар. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый хъуамӕ дӕ ныййарджытыл кӕнӕ ӕндӕр искӕуыл баст ма уа. Сыгъдӕг цард куы кӕнай ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, фидарӕй дӕ кӕй уырны, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй лӕууыс, уый ӕмӕ дӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ цӕттӕ уыдзынӕ донаргъуыд райсынмӕ. w16.03 2:10, 12, 15

Майрӕмбон, 31 мартъи

Цалынмӕ уырнындзинад нӕ фӕзынд, уӕдмӕ закъон хъахъхъӕнӕгау лӕууыд нӕ уӕлхъус... Афтӕмӕй нын Закъон сси сывӕллонгӕсы хуызӕн ӕмӕ нӕ кодта Чырыстимӕ (Гал. 3:23, 24).

Моисейы закъон израилӕгты хъахъхъӕдта, сӕ алыварс адӕм цы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл ӕмӕ цы мӕнг динтыл хӕст уыдысты, уыдонӕй. Ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ куы хъуыстой, уӕд-иу сын уый арфӕ кодта. Куы нӕ-иу ӕм хъуыстой, уӕд та-иу сыл стыр бӕллӕхтӕ ’рцыд (Дык. з. 28:1, 2, 15). Израилӕгты ма ног амындтӕ хъуыди ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр. Закъоны фӕрцы уыдон цӕттӕ уыдаиккой, Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн тынг ахсджиаг чи уыд, уыцы хабармӕ – Мессийӕйы, ома Йесо Чырыстийы, ӕрцыдмӕ. Закъон израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый. Стӕй ма уый фӕрцы ӕмбӕрстой, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ кӕронмӕ чи ссыгъдӕг кодтаид, ахӕм ӕххӕст нывонд сӕ кӕй хъуыд (Гал. 3:19; Дзут. 10:1–10). Закъон ӕххуыс кодта, Мессийӕ кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг бахъахъхъӕнынӕн. Стӕй ма уый фӕрцы израилӕгтӕн сӕ бон уыдаид, Мессийӕ чи у, уый базонын дӕр. Уӕдӕ сын Закъон ӕцӕгдӕр уыди «сывӕллонгӕсы» кӕнӕ «хъахъхъӕнӕджы» хуызӕн, ӕмӕ сӕ кодта Чырыстимӕ. w16.03 4:6, 7

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын