Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 43–55 фф.
  • Апрель

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апрель
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 апрель
  • Хуыцаубон, 2 апрель
  • Къуырисӕр, 3 апрель
  • Дыццӕг, 4 апрель
  • Ӕртыццӕг, 5 апрель
  • Цыппӕрӕм, 6 апрель
  • Майрӕмбон, 7 апрель
  • Сабат, 8 апрель
  • Хуыцаубон, 9 апрель
  • Къуырисӕр, 10 апрель
  • Ӕрымысӕн изӕр
    хурныгуылды фӕстӕ
    Дыццӕг, 11 апрель
  • Ӕртыццӕг, 12 апрель
  • Цыппӕрӕм, 13 апрель
  • Майрӕмбон, 14 апрель
  • Сабат, 15 апрель
  • Хуыцаубон, 16 апрель
  • Къуырисӕр, 17 апрель
  • Дыццӕг, 18 апрель
  • Ӕртыццӕг, 19 апрель
  • Цыппӕрӕм, 20 апрель
  • Майрӕмбон, 21 апрель
  • Сабат, 22 апрель
  • Хуыцаубон, 23 апрель
  • Къуырисӕр, 24 апрель
  • Дыццӕг, 25 апрель
  • Ӕртыццӕг, 26 апрель
  • Цыппӕрӕм, 27 апрель
  • Майрӕмбон, 28 апрель
  • Сабат, 29 апрель
  • Хуыцаубон, 30 апрель
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 43–55 фф.

Апрель

Сабат, 1 апрель

Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (1 Пет. 5:8).

Кӕддӕр уыцы зӕд уыд Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бафӕндыд, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой. Уыцы ӕвзӕр фӕнд йӕ зӕрдӕйӕ уайтагъд бындзарӕй не стыдта, ӕмӕ йӕ уый ӕппынфӕстаг ӕркодта тӕригъӕдмӕ (Иак. 1:14, 15). Уыцы зӕдӕн фыццаг цавӕр ном уыд, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ йӕ абон хонӕм Сайтан кӕнӕ Хӕйрӕг. Уый «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд», Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ сси «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44). Сайтан Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ у йе стырдӕр знаг, стӕй ӕппӕт адӕмы знаг дӕр у. Библийы Сайтаны тыххӕй цы фыст ис, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ӕцӕгӕй куыд сӕфт у, уый. Дзырд «Сайтан» нысан кӕны «ныхмӕлӕууӕг», ӕмӕ хорз ӕвдисы, уыцы ӕвзӕр зӕд Хуыцауы хицаудзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй йӕ ныхмӕ кӕй тох кӕны. Сайтан бӕллы Йегъовӕйы хицаудзинады кӕрон фенынмӕ. w15 15/5 1:1, 2

Хуыцаубон, 2 апрель

Кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы, уӕд уыцы адӕймаджы... Хуыцау зоны (1 Кор. 8:3).

Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, нӕ лӕггады нӕ фӕхуыздӕр кӕнын цы хъӕуы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ йӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Ӕмӕ Хуыцауы цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас тынгдӕр нӕ уарздзӕн уый дӕр. Афтӕмӕй та фидардӕр кӕндзӕн, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Цӕмӕй Библи кӕсгӕйӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ разы хъуамӕ ӕвӕрӕм раст нысан. Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоан. 17:3). Уӕдӕ Библи кӕсгӕйӕ нӕ сӕйраг нысан хъуамӕ уа ног цыдӕртӕ базонын нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый «базонын» (Рац. 33:13; Пс. 25:4). Библийы иуӕй-иу хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый дзы цӕуылнӕ ис фыст, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Хуыцауы хорз куы зонӕм, уӕд ахӕм фарстатыл ӕгӕр тынг нӕ мӕт кӕндзыстӕм. w15 15/4 3:6–8

Къуырисӕр, 3 апрель

[Тимофей] уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийӕн кусгӕйӕ алцыдӕр куыд аразын – алы ран дӕр, алы ӕмбырды дӕр куыд амонын, уый (1 Кор. 4:17).

Ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ хорз чи арӕхсы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иуты ӕрӕджы бафарстой, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын цӕй фӕрцы сты, уымӕй. Кӕд уыцы ӕфсымӕртӕ алыхуызон уавӕрты цӕрынц, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр радтой иухуызон дзуапп. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕн ис «алы ран дӕр, алы ӕмбырды дӕр». Фыццаджыдӕр ахуыргӕнӕг хъуамӕ йӕ ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕна. Цымӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? Зӕхкусӕг зайӕгойтӕ ныссадзыны размӕ зӕхх куыд бацӕттӕ кӕны, афтӕ ахуыргӕнӕг дӕр хъуамӕ фыццаг йӕ ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕна, ӕмӕ йын уый фӕстӕ ног цыдӕртӕ бацамона. Ӕмӕ цымӕ ахуыргӕнӕгӕн йӕ бон куыд у ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, йӕ бон у пехуымпар Самуилы бафӕзмын. Хуыцау Саулы Израилӕн разамонӕгӕй куы равзӕрста, уӕд ӕй Самуил уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта (1 Сам. 9:15–27; 10:1). w15 15/4 1:11, 12

Дыццӕг, 4 апрель

Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19).

Ацы дуне адӕймаджы цӕмӕ разӕнгард кӕны, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ сты Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дунейы цы ис, уымӕй алцы ӕвзӕр нӕу. Фӕлӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Хӕйрӕг кӕй архайдзӕн, цӕмӕй нын, йӕ къухы цы дуне ис, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ афтӕ сцыбӕл кӕна, ӕмӕ тӕригъӕд саразӕм. Йе та архайдзӕн, цӕмӕй ацы дуне бауарзӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ мауал лӕггад кӕнӕм (1 Иоан. 2:15, 16). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ ацы дуне бауарзтой. Зӕгъӕм, Павел ныффыста: «Димас бауарзта ацы дуне, ӕмӕ мӕ ныууагъта» (2 Тим. 4:10). Димас ацы дунейы афтӕ тынг цы бауарзта, цӕмӕй Павелы ныууагътаид, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Чи зоны, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй фылдӕр бауарзта мулк ӕмӕ ӕхца. Кӕд йӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд йӕхи ӕнӕхай фӕкодта, Хуыцауы хъуыддаджы йӕм цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕй. Ӕмӕ цӕй тыххӕй? Йегъовӕ йӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодтаид, уыдонӕй хуыздӕр ын ацы дуне ницы радтаид! (Ӕмб. 10:22). w15 15/5 2:10, 11

Ӕртыццӕг, 5 апрель

Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг (Пс. 103:8).

Йесо иннӕты рыст ӕмбӕрста, кӕд сӕ уавӕры никуы уыд, уӕддӕр. Зӕгъӕм, уыцы рӕстӕг мӕгуыр адӕм тарстысты дины разамонджытӕй. Уыцы разамонджытӕ сӕ сайдтой ӕмӕ, сӕхӕдӕг цы бирӕ ӕгъдӕуттӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдон сын ӕххӕст кӕнын кодтой (Матф. 23:4; Мар. 7:1–5; Иоан. 7:13). Ӕмӕ кӕд Чырысти уыцы дины разамонджытӕй никуы тарст ӕмӕ сын сӕ мӕнг ныхӕстыл никуы ӕууӕндыд, уӕддӕр адӕмы ӕмбӕрста. Куы-иу сӕ федта, уӕд-иу сын «фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау» (Матф. 9:36). Йесо йӕ Фыдӕй сахуыр адӕмы уарзын ӕмӕ уыйау уыди «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг». Куы-иу федта, адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, уӕд-иу сын баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзта. Афтӕмӕй Йесо фӕзмыдта йӕ Фыды. Зӕгъӕм, иухатт Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ бирӕ куы фӕхъусын кодтой, уӕд бафӕлладысты ӕмӕ сӕ фӕндыд баулӕфын. Фӕлӕ Чырысти федта, бирӕ адӕм ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ бамбӕрста, йе ’ххуыс сӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ кӕд фӕллад уыд, уӕддӕр сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:30, 31, 34). w15 15/5 4:3, 4

Цыппӕрӕм, 6 апрель

Ме стыр цин уыдысты зӕххон адӕм (Ӕмб. 8:31).

Хуыцауы Фыртӕй хуыздӕр ничи равдыста Йегъовӕйы ӕгӕрон зонд. Йесо йӕ Фыды фарсмӕ уыд «дӕсны кусӕг». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ Фыд «арв куы цӕттӕ кодта» ӕмӕ «зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдта», уӕд Йесо куыд цин кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй Йесо ӕппӕты тынгдӕр цин кодта «зӕххон адӕмыл» (Ӕмб. 8:22–31). Ӕцӕгдӕр, Йесо адӕмы уарзы, Хуыцау сӕ куы сфӕлдыста, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ. Фӕстӕдӕр Йесо уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ’рцыд ӕмӕ сси адӕймаг, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ Фыды кӕй уарзы ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй у, стӕй ма равдыста, адӕмы дӕр тынг кӕй уарзы, уый. Йесо афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ цард «бирӕты балхӕныны тыххӕй» радтаид (Фил. 2:5–8; Матф. 20:28). Уымӕй стырдӕр уарзондзинад ма цы хъуамӕ уа! w15 15/6 2:1, 2

Майрӕмбон, 7 апрель

Хуыцау... йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм (1 Иоан. 4:9).

Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг дӕ? Кӕд о, уӕд раст бакӕндзынӕ, дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай. Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай, уӕд ын дзырд ратдзынӕ, ӕнустӕм ын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ. Цымӕ ахӕм дзырд раттынӕй тӕрсын хъӕуы? Нӕ! Йегъовӕйы зӕрдӕ нын зӕгъы, хуыздӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый, ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдоны ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн (Дзут. 11:6). Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ цард хуыздӕр цы фӕуа, ӕндӕр фыддӕр нӕ фӕуыдзӕн. Йегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый тынг хицӕн кӕны, Хӕйрӕг нӕм цы зӕрдӕ дары, уымӕй. Мах Хӕйрӕджы ӕрмӕстдӕр уымӕн хъӕуӕм, цӕмӕй йӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕххӕст кӕна. Йӕ фӕдыл куы ацӕуай, уӕд дын хорзӕй ницы ратдзӕн. Уӕвгӕ, йӕхимӕ цы нӕй, уый дын куыд хъуамӕ ратта? w16.03 2:16, 18, 19

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 19:29–44

Сабат, 8 апрель

Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай. Ӕниу ӕй ӕз зыдтон, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс (Иоан. 11:41, 42).

Цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбӕлттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойы цӕвиттоныл. Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыдта, Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты, уый. Зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр йӕ уӕларвон Фыдмӕ куывта ӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом кодта. Иухатт суанг ӕнӕхъӕн ӕхсӕв дӕр фӕкуывта (Лук. 6:12; 22:40–46). Цымӕ Йесо куы зыдтаид, Хуыцау куывдтытӕ кӕй нӕ хъусы, уӕд ӕм куывтаид? Йесо ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр бацамыдта, Йегъовӕмӕ кувын куыд хъӕуы, уый. Цымӕ Йегъовӕ куывдтытӕ куы нӕ хъуыстаид, уӕд сын уыдӕттӕ амыдтаид? Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо кӕй зыдта, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы (Пс. 65:2). w15 15/4 3:11, 13

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 19:45–48; Матфейы 21:18, 19; 21:12, 13

Хуыцаубон, 9 апрель

Аввӕ, мӕ Фыд, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр у – курын дӕ, ацы къус мын ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Мар. 14:36).

Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй кӕй кувут, уый уынгӕйӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр ахуыр кӕндзысты сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Бразилийы чи цӕры, иу ахӕм хо, Анӕ, загъта: «Зындзинӕдты рӕстӕг, зӕгъӕм, мӕ мадымад ӕмӕ мӕ мадыфыд рынчын куы уыдысты, уӕд-иу мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын уыцы зындзинад сфӕразынӕн хъарутӕ ратта ӕмӕ сын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕна. Тынг уӕззау фӕлварӕныл-иу куы сӕмбӕлдысты, уӕд дӕр-иу алцыдӕр бакодтой Йегъовӕйы бар. Уый фӕрцы ӕз дӕр сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын». Хуыцаумӕ кувгӕйӕ ӕххуыс ӕрмӕст уӕ сывӕллӕттӕн ма курут, фӕлӕ уӕхицӕн дӕр, зӕгъӕм, Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад курут, цӕмӕй уӕ сыхагӕн хорз хабар радзурат кӕнӕ уӕ куысты хицауӕй уӕхи конгресмӕ ракурат. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уындзысты, уӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарут, ӕмӕ уыдон дӕр ууыл ахуыр кӕндзысты. w15 15/11 1:7, 8

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 20:1–47

Къуырисӕр, 10 апрель

Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй (Матф. 22:37).

Йегъовӕйы тынгдӕр кӕй фӕрцы уарздзынӕ, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у, Хуыцауы стырдӕр лӕварыл, ома Чырыстийы нывондыл, лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай (2 Кор. 5:14, 15; 1 Иоан. 4:9, 19). Чырыстийы нывондыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй, уыцы диссаджы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй равдисай. Уый бамбарӕн ис иу цӕвиттоны фӕрцы. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ныгъуылыс ӕмӕ дӕ чидӕр фервӕзын кодта. Цымӕ уӕд, цыма ницы ’рцыди, уыйау хӕдзармӕ ацӕудзынӕ, дӕ дзаумӕттӕ раивдзынӕ ӕмӕ, уыцы адӕймаг дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый хъуыды дӕр нал ӕркӕндзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уыцы адӕймаг дын дӕ цард кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй дзы алкӕддӕр бузныг уыдзынӕ! Раст афтӕ мах дӕр уыцы нывонды тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг уӕм. Мах сӕ стыр хӕс дарӕм. Бирӕ нӕ кӕй уарзынц, уый руаджы нын ис ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрыны ныфс! w16.03 2:16, 17

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:1–6; Марчы 14:1, 2, 10, 11

Ӕрымысӕн изӕр
хурныгуылды фӕстӕ
Дыццӕг, 11 апрель

Чырысти нӕ сӕрвӕлтау... амард (Ром. 5:8).

Чырысти Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты бирӕ ӕнусты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы Йегъовӕ фидарӕй зыдта, зӕххыл дӕр ыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Зӕххыл Йесо стыр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр суанг мӕлӕты онг дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Уый алкӕддӕр лӕууыд Хуыцауы хицаудзинады фарс. Куыд бузныг хъуамӕ уӕм, Йесо мах тыххӕй уыцы стыр аргъ кӕй бафыста, цӕмӕй нын Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрыны фадат уа! Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид» (1 Иоан. 4:9, 10). w15 15/11 3:13, 14

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:7–13; Марчы 14:12–16 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Лукайы 22:14–65

Ӕртыццӕг, 12 апрель

Мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд (Ром. 5:12).

Не ’ппӕт дӕр Адамӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт, ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕгъын, зӕгъгӕ, мӕн тыххӕй нывонд хӕссын нӕ хъуыди. Адӕймаг Хуыцауыл цыфӕнды иузӕрдион куы уа, уӕддӕр ӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Чырыстийы нывонд. Не ’ппӕтӕн дӕр хатыргонд ӕрцыд тынг стыр хӕс! Уӕдӕ нӕ Йегъовӕйы уарзт ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной? Мыййаг дӕ ӕфсымӕртӕй исчи фӕхъыг кодта? Зын дын у ныххатыр кӕнын? Хъуамӕ нӕ хатыргӕнаг Хуыцау Йегъовӕйы бафӕзмӕм (Неем. 9:17; Пс. 86:5). Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр иннӕтӕм фӕлмӕн зӕрдӕ дардзыстӕм ӕмӕ сын зӕрдӕбынӕй хатыр кӕндзыстӕм. Не ’фсымӕрты куы нӕ уарзӕм ӕмӕ сын куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ дӕр нӕ уарздзӕн ӕмӕ нын нӕ хатыр кӕндзӕн (Матф. 6:14, 15). Адӕймагӕн кӕй ныххатыр кӕндзыстӕм, уымӕй, цы ’рцыди, уый нӕ фӕивдзӕн, фӕлӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕм уӕд хуыздӕр фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн. w16.01 2:5, 15–17

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:66–71

Цыппӕрӕм, 13 апрель

Сымах... мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл ӕмӕ тӕрхон кӕндзыстут Израилы дыууадӕс мыггагӕн (Матф. 19:28).

Йесо ацы ныхӕстӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыды кодтаиккой, фидӕны цы диссаджы куыст кӕндзысты, ууыл. Уый фӕрцы сӕ бон уыди сӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ куыд уыдзысты ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст суой. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ уырнындзинад алкӕддӕр фидар уыд, йӕ зӕрдӕвӕрдтыл-иу ын кӕй хъуыды кодтой, уый фӕрцы. Авел-иу йӕ цӕстытыл ауайын кодта, Йегъовӕ зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы диссаджы фидӕн. Ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрдыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы Йегъовӕйы хорзӕх ссардта. Авраам-иу хъуыды кодта, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» кӕд фӕзындзӕн, уыцы рӕстӕгыл, ӕмӕ уый фӕрцы суанг зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйы коммӕ касти (Райд. 3:15). Моисейӕн «йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл», ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзта ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕндыд (Дзут. 11:26). Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры, уыцы цардыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр фӕуарзӕм. w15 15/5 3:17, 18

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66

Майрӕмбон, 14 апрель

Чырысти... уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).

Кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суа, уӕд хъуамӕ Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст уӕлӕнгӕйтты ма зона, фӕлӕ йӕ Йесойау хорз ӕмбара. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи ӕдзухдӕр лӕмбынӕг ахуыр кӕна, уымӕн ӕмӕ «хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн» (Дзут. 5:14). Фӕлтӕрдджын чырыстоны фӕнды, Библи цы дзуры, уый «бӕлвырдӕй зонын» (Еф. 4:13). Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Библи алы бон дӕр фӕкӕсыс? Алы къуыри дӕр ӕй дӕхӕдӕг, стӕй дӕ бинонтимӕ фӕахуыр кӕныс? Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу архай, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Уый тыххӕй-иу ахъуыды кӕн, цы кӕсыс, уым цавӕр уагӕвӕрдтӕ ис, ууыл. Ӕмӕ-иу стӕй уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архай. Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. w15 15/9 1:5, 9, 10

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 24:1–12

Сабат, 15 апрель

Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых (1 Кор. 1:24).

Йесо тынг хорз зоны, зӕхх куыд конд у, уый. Йесо зоны, ӕрдзы тыхтӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый. Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста, йӕ бар ӕрдзы тыхтыл дӕр кӕй цӕуы, ӕмӕ афтӕмӕй дӕр раргом кодта «Хуыцауы тых». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл хойынц ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй йедзаг кӕны. Абухгӕ денджыз ӕмӕ тыхдымгӕйы уынӕрӕй ницыуал хъуысы, уылӕнтӕ бӕлӕгъ хус къӕцӕлау дыууӕрдӕм раппар-баппар кӕнынц, Йесо та фынӕй кӕны, уымӕн ӕмӕ тынг бафӕллад. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты, райхъал ӕй кодтой ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Хицау... сӕфӕм!» (Матф. 8:25). Йесо сыстад ӕмӕ тыхдымгӕ ӕмӕ денджызӕн загъта: «Банцай! Ныссабыр у!» (Мар. 4:39). Ӕмӕ уӕд тыхдымгӕ банцад ӕмӕ «бӕстӕ ныссабыр». Ӕцӕгдӕр, Йесомӕ уыди диссаджы тых! w15 15/6 1:12–14

Хуыцаубон, 16 апрель

Ратт нын къӕбӕр абоны фаг (Матф. 6:11).

Чырысти йӕ куывды афтӕ куы загъта, «ратт нын къӕбӕр абоны фаг», зӕгъгӕ, уӕд кодта, царды нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый кой. Адӕмӕн сӕ хъус ӕрдардта, Йегъовӕ быдырон дидинджытӕ куыд рӕсугъд скодта, уымӕ ӕмӕ загъта: «Уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?». Ӕмӕ та стӕй загъта: «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут» (Матф. 6:30–34). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын хъуамӕ мулк ӕмӕ ӕхца царды сӕйраг ма суой. Фӕлӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый нын куы уа, уӕд уый хъуамӕ фагыл нымайӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у Хуыцауӕй курын, цӕмӕй нын уа, кӕм цӕрӕм, уый ӕмӕ, нӕ бинонты кӕй фӕрцы фӕдарӕм, ахӕм куыст. Ноджыдӕр ма дзы нӕ бон у курын зонд дӕр, цӕмӕй не ’нӕниздзинадимӕ баст фарстаты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Фӕлӕ ис, уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр чи у ӕмӕ кӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм, ахӕм хъуыддаг. Йесо загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кувӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл дӕтта. w15 15/6 5:4, 7, 8

Къуырисӕр, 17 апрель

Ма нӕ баппар фӕлварӕны (Матф. 6:13).

Ӕдзухдӕр Хуыцауӕй ӕххуыс кур, цӕмӕй фӕлварӕныл сӕмбӕлгӕйӕ ма фӕрӕдийай ӕмӕ дӕхи ма фӕчъизи кӕнай. Рӕстдзинад куы нӕма зыдтам, уӕдмӕ, чи зоны, нӕ зӕрдӕмӕ цыди, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, цӕмӕй фӕивӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Зӕгъӕм, паддзах Давид Вирсавиимӕ ӕмуат куы ’рцыд, уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ... ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон» (Пс. 51:10, 12). Уӕдӕ дӕ кӕд ныр дӕр ӕнӕгъдау фӕндтимӕ тох кӕнын фӕхъӕуы, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнда йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ, раст цы у, уый аразын. Чи зоны, цавӕрдӕр ӕнӕгъдау фӕндтӕ нӕ зӕрдӕйы ахӕм арф уидӕгтӕ ауагътой, ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма ныл тых кӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын хъарутӕ ратта, цӕмӕй нӕ хъуыдытыл нӕ бар цӕуа ӕмӕ ныл «мацы ӕвзӕрдзинад фӕтых уа» (Пс. 119:133). w15 15/6 3:5, 6

Дыццӕг, 18 апрель

Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый у ирвӕзындзинад (Ӕмб. 24:6).

Не ’мбырдты цы ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай ноджы рӕсугъддӕр кӕй фӕрцы кодта, уыцы ивындзинӕдтӕ. Уыдон хъуыды кӕнынц, алы ӕмбырды дӕр уынаффӕтӕ хистӕр нӕлгоймӕгты совет нӕ, фӕлӕ ӕмбырды лӕггадгӕнӕг кӕй хаста. Хъуыды ма кӕнынц, алыхуызон бӕстӕты-иу филиалы комитет нӕ, фӕлӕ филиалы лӕггадгӕнӕг куы уыди, стӕй Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадӕн та разамынд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет нӕ, фӕлӕ президент куы лӕвӕрдта, уый дӕр. Кӕд-иу уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуысгӕнджытӕ уыди, уӕддӕр-иу, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕмбырдты, филиалты ӕмӕ сӕйраг хайады хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг иунӕгӕй хастой. Фӕлӕ 1970-ӕм азты уыцы ӕгъдау фӕивта, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕм уынаффӕтӕ фӕхӕссы иу адӕймаг нӕ, фӕлӕ цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы. Уыцы ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыдысты, уыцы хабӕртты фӕдыл Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. Ныр, цавӕр уынаффӕ ӕрцӕудзӕн хаст, уый иу адӕймагӕй кӕнгӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ цалдӕр хистӕр нӕлгоймагӕй. Библи Хуыцауы лӕвӕрттӕ кӕй хоны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ сӕ хорз миниуджыты фӕрцы нӕ организацийӕн ахъаз уой (Еф. 4:8). w15 15/7 1:14, 15

Ӕртыццӕг, 19 апрель

Уыдон... ацы дунейӕ не сты (Иоан. 17:16).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хӕстмӕ нӕ цӕуынц ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайынц. Стӕй сӕхи хизынц, адӕмы, цы адӕмыхаттӕй сты кӕнӕ цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уымӕ гӕсгӕ чи дихтӕ кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уарзынц, иузӕрдион ыл сты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц (1 Иоан. 5:3). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ кӕцӕйфӕнды ма уӕм, уӕддӕр цӕрӕм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Махӕн уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион уӕм (Матф. 6:33). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, «ацы дунейӕ не стӕм», зӕгъгӕ (Ис. 2:4; Иоан. 17:11, 15, 16). Ацы дунейы бирӕтӕ иузӕрдион сты сӕ бӕстӕйыл, сӕ адӕмыхаттыл, се ’гъдӕуттыл кӕнӕ та суанг цавӕрдӕр спортивон командӕйыл. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уый тыххӕй иутӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл фӕнымайынц, кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон свӕййынц ӕмӕ ма кӕрӕдзи цӕгъдын дӕр райдайынц. Мыййаг, афтӕ нӕ рауайы, ӕмӕ кӕйдӕр фарс рахӕцыс? w15 15/7 3:1, 2

Цыппӕрӕм, 20 апрель

Алцыдӕр [уӕм] уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл (1 Кор. 14:40).

Мах лӕггад кӕнӕм сыгъдӕг Хуыцауӕн, уаг ӕмӕ ӕгъдау чи уарзы, уыцы Хуыцауӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Паддзахады зал дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ аив (1 Кор. 14:33). Стӕй ма нӕ цӕмӕй Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕст нӕ лӕггад, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ма уой сыгъдӕг, фӕлӕ нӕ буар дӕр (Рарг. 19:8). Нӕ Паддзахады зал сыгъдӕг ӕмӕ аив куы уа, уӕд адӕмы не ’мбырдтӕм хонын не ’фсӕрмы кӕндзыстӕм. Куы ’рбацӕуой ӕмӕ нын нӕ зал куы феной, уӕд ӕй бамбардзысты, адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕй кӕнӕм. Бамбардзысты, сыгъдӕг Хуыцауӕн, тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕххыл дӕр рӕсугъд дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уымӕн, кӕй лӕггад кӕнӕм (Ис. 6:1–3; Рарг. 11:18). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ нӕ алыварс адӕм сыгъдӕгдзинадмӕ куыдфӕнды ма кӕсой, уӕддӕр хъуамӕ нӕ Паддзахады залмӕ зилӕм, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ аив уа. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат (Дык. з. 23:14). w15 15/7 4:13–15

Майрӕмбон, 21 апрель

Ма бафынӕй ут (Мар. 13:35).

Йесо 1914 азы паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уый куы бамбӕрстой, уӕд ма бамбӕрстой уый дӕр, ӕмӕ кӕрон кӕцыфӕнды бон дӕр ӕрцӕудзӕн. Уыдон райдыдтой сӕхи уыцы хабармӕ цӕттӕ кӕнын – хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтой. Фӕлӕ Йесо загъта, йӕ бон кӕй у, ӕмӕ фӕстӕдӕр ӕрцӕуа – «кӕркуасӕнты ӕви боныцъӕхтыл». Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы рауадаид, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъуамӕ архайдтаиккой? Йесо загъта: «Ма бафынӕй ут!» Уӕдӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн кӕнӕ йӕ мах не ’рӕййафдзыстӕм. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ног дунейы дӕ. Йегъовӕ фӕстаг бонты тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уый куы сӕххӕст уа, уӕд ыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, зӕрдӕ ма цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр кӕй сараздзӕн (Йес. Н. 23:14). Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдзынӕ, ацы дунейӕн кӕрон йӕ афоныл кӕй скодта ӕмӕ нӕ кӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уыдаиккам (Хъуыд. 1:7; 1 Пет. 4:7). w15 15/8 2:10, 11, 14

Сабат, 22 апрель

Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12).

Абон адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи аирхӕфсыны тыххӕй фӕкӕсынц, тыхми, ӕнӕгъдаудзинад кӕнӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕм вӕййы, ахӕм цӕмӕдӕрты йе та сӕхӕдӕг дӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц. Интернеты, телепередачӕты, киноты, чингуыты ӕмӕ журналты арӕх тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад афтӕ февдисынц, цыма дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Раздӕр худинагыл нымад цы уыди, уыдӕттӕн ныр кӕцыдӕр бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ бар ис. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм хабӕрттӕм хорз цӕстӕй кӕсы (Ром. 1:28–32). Фыццаг ӕнусы дӕр адӕм уарзтой, тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад кӕм уыд, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ. Фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи ахӕм цӕмӕйдӕрты хызтой, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цардысты. Уый тыххӕй сыл адӕм «дис кодтой» – худтысты сыл ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой (1 Пет. 4:4). ww15 15/8 4:2, 3

Хуыцаубон, 23 апрель

Буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы куса, уӕд буар ӕгасӕй дӕр рӕздзӕн ӕмӕ фидар кӕндзӕн уарзондзинады (Еф. 4:16).

Фӕлтӕрдджын чырыстон фӕархайы, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа (Еф. 4:1–6, 15). Махӕн нӕ нысан у, цӕмӕй «кӕрӕдзийыл хӕцӕм», ома иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕй нӕм ахӕм иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Фӕлтӕрдджын чырыстон иннӕты ӕнӕххӕстдзинад куы фӕуыны, уӕддӕр сӕрныллӕгӕй фӕархайы ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕныныл. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй исчи куы фӕрӕдийы, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсыс? Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд куыд бакӕныс? Йемӕ нал фӕныхас кӕныс ӕви бафидауыныл бацархайыс? Ӕндӕр ныхасӕй, уе ’хсӕн къул амайын райдайыс ӕви хид? Фӕлтӕрдджын чырыстон фӕархайы къултӕ нӕ, фӕлӕ хидтӕ аразыныл. Дӕуӕн дӕр дӕ нысан уый у? w15 15/9 1:12, 13

Къуырисӕр, 24 апрель

Дӕ ныхас у рӕстдзинад (Иоан. 17:17).

Йесо фидарӕй ӕууӕндыд, Фыстад Хуыцауы Ныхас кӕй у ӕмӕ дзы ӕппӕты хуыздӕр разамынд кӕй ис. Цӕмӕй мах дӕр ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсӕм, ахуыр ӕй кӕнӕм ӕмӕ-иу, цы базонӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуамӕ дзуапп бацагурӕм, цы фарстатӕ нӕм фӕзыны, уыдонӕн. Зӕгъӕм, ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕцӕгдӕр ӕввахс кӕй у, уый дӕ цӕмӕй ноджы фидардӕрӕй уырна, уый тыххӕй дӕ бон цы у саразын? Бӕстон раиртас, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый чи бӕлвырд кӕны, уыцы пехуымпарӕдтӕ. Цӕмӕй, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл тынгдӕр ӕууӕндай, уый тыххӕй та лӕмбынӕг ӕркӕс, ныронг цы бирӕ пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уыдонмӕ. Библийы фӕрцы йӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕмӕн фӕивта, уыдоны цӕвиттонтӕм куы ’ркӕсай, уӕд та нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Библи нын абон дӕр царды стыр ӕххуыс кӕй у, ууыл (1 Фес. 2:13). Дӕ бон ма куыд у Йесойы фӕзмын? Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдоныл-иу хъуыды кӕн (Дзут. 12:2). Фидӕны арфӕдзинӕдтӕм ахӕм цӕстӕй кӕс, цыма сӕ Хуыцау ӕрмӕст иннӕты тыххӕй нӕ, фӕлӕ дӕу тыххӕй дӕр ӕрцӕттӕ кодта. w15 15/9 3:16, 17

Дыццӕг, 25 апрель

Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый (Ӕмб. 3:9).

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый равдисын нӕ бон куыд у? Зӕгъӕм, нӕ мысайнӕгты фӕрцы нӕ бон у не ’мбырды хъуыддӕгтӕн ӕмӕ, ӕнӕхъӕн зӕххыл цы куыст цӕуы, уымӕн ӕххуыс кӕнын. Бирӕ нӕм уа ӕви гыццыл, уӕддӕр афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый (2 Кор. 8:12). Фӕлӕ ма нӕ уарзондзинад равдисынӕн ис ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй фыццаджыдӕр агурой Хуыцауы Паддзахад, хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл та ӕгӕр ма тыхсой. Нӕ уӕларвон Фыд зоны, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, уымӕй нӕ цух кӕй никуы ныууадздзӕн (Матф. 6:31–33). Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйы уарзӕм, уӕд уыцы зӕрдӕвӕрдыл дӕр ӕууӕнддзыстӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймаг кӕй фӕуарзы, ууыл ӕууӕндгӕ дӕр фӕкӕны (Пс. 143:8). Уӕдӕ нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Царды цӕмӕ тырнын, стӕй мӕ рӕстӕг ӕмӕ мӕ хъарутӕ цӕуыл хардз кӕнын, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзын? Мӕ царды алы бонӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕххуысыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнын?» w15 15/9 5:7, 8

Ӕртыццӕг, 26 апрель

Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй (Дзут. 11:6).

Чи зоны, искуы ахъуыды кодтай: «Цымӕ мӕ Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг фервӕзын кӕндзӕн?» Нӕ ирвӕзындзинад баст у, нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕви нӕ, ууыл. Апостол Петр дзырдта «фӕлвӕрд уырнындзинады» тыххӕй (1 Пет. 1:7). Стыр бӕллӕх бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинады фӕрцы «нӕ цард бахъахъхъӕнӕм» (Дзут. 10:39). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм нӕ уырнындзинад фидар кӕныныл, цӕмӕй нӕ Паддзах Йесо Чырысти куы раргом уа, уӕд мах дӕр схорзӕхджын кӕна. Ӕмӕ иухатт иу нӕлгоймаг Йесойӕ фылдӕр уырнындзинад куыд куырдта, афтӕ мах дӕр, чи зоны, Хуыцауӕй фӕкурӕм: «Уырнындзинад мын кӕм нӕ фаг кӕны, уым... мын ыл бафтау» (Мар. 9:24). Кӕнӕ та, чи зоны, Йесойы апостолтау фӕзӕгъӕм: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл» (Лук. 17:5). w15 15/10 2:1, 2

Цыппӕрӕм, 27 апрель

Нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый (Дзут. 12:1).

Апостол Павел йе ’ргом иууылдӕр, «ахсджиагдӕр цы у, уымӕ» сарӕзта. Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайдта ӕмӕ, кӕм нӕ балӕууыд, ахӕм бынат нал баззад, зӕгъӕм, Сирийы, Къаннӕг Азийы, Македонийы ӕмӕ Иудейӕйы. Павелӕн йӕ хъуыдытӕ уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл. Ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ. Ӕз ӕппӕт хъарутӕй тырнын мӕ нысанмӕ» (Фил. 1:10; 3:8, 13, 14). Павелӕн бинонтӕ нӕ уыд, ӕмӕ уый фӕрцы «ӕдзухдӕр Хицауӕн лӕггад кодта... [ницы йӕ] хъыгдардта, афтӕмӕй» (1 Кор. 7:32–35). Павелау абон дӕр иуӕй-иу чырыстӕттӕ бинонтӕ не скӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы сӕ бон фылдӕр аразын уа (Матф. 19:11, 12). Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн бинонджынтӕй къаддӕр хӕстӕ вӕййы. Фӕлӕ нын бинонтӕ ис ӕви нӕ, уӕддӕр не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у «нӕхицӕй аппарын, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый», ома нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы къуылымпы кӕны, уыдӕттӕ аиуварс кӕнын. Уый тыххӕй нӕ, чи зоны, хъӕуа, бирӕ рӕстӕг нын кӕуыл ацӕуы, уыцы хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын ӕмӕ нӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразӕм. w15 15/10 3:15, 16

Майрӕмбон, 28 апрель

Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр (2 Тим. 3:13).

Библийы фыст ис: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йер. 10:23). Рӕстӕг равдыста, ацы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты. Йегъовӕ адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, стӕй сын уый бар дӕр нӕ радта, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уой. Йегъовӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ фыддзинад кӕй бауагъта, уый руаджы ма сбӕлвырд, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы хицаудзинады дӕлбар кӕй уыдзӕн алкӕмӕн дӕр хорз. Фидӕны Хуыцау фесафдзӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уый фӕстӕ ма искуы исчи Йегъовӕйы хицаудзинад куы сдзырддаг кӕна, уӕд ӕй рӕстӕг дӕттын нал хъӕудзӕн, цӕмӕй та уыцы фарста сбӕлвырд уа, уымӕн ӕмӕ цард равдыста, адӕмы хицаудзинад зиан йеддӕмӕ кӕй ницы хӕссы. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн йӕ бон уыдзӕн уыцы змӕнтджыты уайтагъд фесафын, цӕмӕй фыддзинад мауал апарахат уа. w15 15/11 3:5, 6

Сабат, 29 апрель

Фарны Хуыцау [уӕ]... схайджын кӕнӕд алы хорздзинадӕй, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнат (Дзут. 13:20, 21).

Чырысти уарзта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын. Библийӕ бӕрӕг у, йӕ лӕггады арӕхдӕр уыцы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдта – йӕ кой скодта 100 хаттӕй фылдӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесойӕн Хуыцауы Паддзахад тынг ахсджиаг уыди (Матф. 12:34). Йесо куы райгас, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фембӕлд 500 адӕймагӕй фылдӕримӕ (1 Кор. 15:6). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар уыди, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «ӕппӕт адӕмтӕн» хъусын кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд. Уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыди! Йесо сын загъта, хъусын кӕныны хъуыддаг бирӕ рӕстӕг кӕй ахӕсдзӕн, суанг «ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ». Уӕдӕ хорз хабар куы фӕхъусын кӕныс, уӕд феххуыс кӕныс, цӕмӕй уыцы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕной (Матф. 28:19, 20). Мах дӕр Хуыцау схайджын кодта «алы хорздзинадӕй», цӕмӕй нын баххуыс кӕна ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынӕн. w15 15/11 5:1–3

Хуыцаубон, 30 апрель

Уый у мӕ ном ӕнустӕм (Рац. 3:15).

Хуыцауы ном рагон къухфыстыты у цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ фыст, хонынц ӕй тетраграмматон. Тетраграмматон ӕмбӕлы бирӕ рагон дзуттаг тыхтӕтты, зӕгъӕм, Мард денджызы тыхтӕтты. Фенӕн ма йӕ ис грекъаг Септуагинтӕйы иуӕй-иу къопиты дӕр. Уыцы къопитӕ конд ӕрцыдысты н. э. размӕ 2 ӕнусӕй н. э. 1 ӕнусмӕ. Бирӕтӕ тынг фӕдис кӕнынц, рагон тыхтӕтты Хуыцауы ном куыд арӕх ӕмбӕлы, ууыл. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы ном хъуамӕ Библийы уа. Фӕлӕ бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном нӕй. 1952 азы рацыд, ногӕй кӕуыл бакуыстой, Библийы ӕндӕр ахӕм тӕлмац (American Standard Version). 1901 азы йӕ фыццаг хатт куы рауагътой, уӕд дзы Хуыцауы ном уыди, фӕлӕ йӕ 1952 азы ногӕй куы рауагътой, уӕд дзы Хуыцауы ном нал уыд. Цымӕ цӕуылнӕ? Чи йӕ тӕлмац кодта, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном фыссын «ӕппындӕр не ’мбӕлы». Ӕмӕ бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ афтӕ кӕнын райдыдтой, англисаг ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕндӕр ӕвзӕгтӕм чи тӕлмац кӕны, уыдон дӕр. w15 15/12 2:3–5

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын