Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 55–67 фф.
  • Май

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Май
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 май
  • Дыццӕг, 2 май
  • Ӕртыццӕг, 3 май
  • Цыппӕрӕм, 4 май
  • Майрӕмбон, 5 май
  • Сабат, 6 май
  • Хуыцаубон, 7 май
  • Къуырисӕр, 8 май
  • Дыццӕг, 9 май
  • Ӕртыццӕг, 10 май
  • Цыппӕрӕм, 11 май
  • Майрӕмбон, 12 май
  • Сабат, 13 май
  • Хуыцаубон, 14 май
  • Къуырисӕр, 15 май
  • Дыццӕг, 16 май
  • Ӕртыццӕг, 17 май
  • Цыппӕрӕм, 18 май
  • Майрӕмбон, 19 май
  • Сабат, 20 май
  • Хуыцаубон, 21 май
  • Къуырисӕр, 22 май
  • Дыццӕг, 23 май
  • Ӕртыццӕг, 24 май
  • Цыппӕрӕм, 25 май
  • Майрӕмбон, 26 май
  • Сабат, 27 май
  • Хуыцаубон, 28 май
  • Къуырисӕр, 29 май
  • Дыццӕг, 30 май
  • Ӕртыццӕг, 31 май
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 55–67 фф.

Май

Къуырисӕр, 1 май

Цы ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта, уыдоныл дис кодтой (Лук. 4:22).

Адӕмӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн фӕлмӕн ныхас кӕнын. Йесо дӕр адӕммӕ ахӕм зӕрдӕ дардта. Зӕгъӕм, иухатт ӕм байхъусынмӕ дардӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ «сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:34). Суанг-иу ын адӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кодтой, уӕддӕр сӕ Йесо ныхасӕй никуы бафхӕрдта (1 Пет. 2:23). Фӕлмӕн ныхас кӕнын нын, чи зоны, уӕлдай зындӕр уа, хорз кӕй зонӕм, уыдонимӕ, зӕгъӕм, нӕ бинонтӕй искӕимӕ кӕнӕ нын ӕмбырды цы ’ввахс ӕмбӕлттӕ ис, уыдонӕй искӕимӕ. Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ сын нӕ бон у алцыдӕр комкоммӕ дзурын. Фӕлӕ Йесо суанг йе ’мбӕлтты дӕр ныхасӕй никуы фӕхъыг кодта. Чидӕртӕ сӕ, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл куы быцӕу кодтой, уӕд сӕ фӕлмӕнӕй бараст кодта ӕмӕ сын цӕвиттонӕн сывӕллоны ӕрхаста, цӕмӕй сын сӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кодтаид (Мар. 9:33–37). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Йесойы фӕзмынц, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн уынаффӕтӕ уӕзданӕй кӕй фӕдӕттынц, уымӕй (Гал. 6:1). w15 15/12 3:15, 16

Дыццӕг, 2 май

Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут (Дзут. 13:1).

Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй кӕрӕдзийы дарддӕр дӕр ӕфсымӕртау уарзӕм? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ афтӕ Йегъовӕйы фӕнды. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты куы нӕ уарзӕм, уӕд нӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзӕм (1 Иоан. 4:7, 20, 21). Нӕ кӕрӕдзийы ма ноджыдӕр уымӕн хъуамӕ уарзӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийы хъӕуӕм, уӕлдайдӕр та, зын уавӕрты куы вӕййӕм, уӕд. Павел дзуттаг чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд зыдта, тагъд сӕ кӕйдӕрты сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ исбон ныууадзын кӕй бахъӕудзӕн. Уыцы рӕстӕг куыд уӕззау уыдзӕн, уый тыххӕй дзырдта Йесо Чырысти (Мар. 13:14–18; Лук. 21:21–23). Уӕдӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ уыцы чырыстӕтты хъуыди, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ноджы ӕнгомдӕр бауыдаиккой (Ром. 12:9). Тагъд райдайдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх (Мар. 13:19; Рарг. 7:1–3). Алы къуыри иумӕ ӕмбырд кӕнын фаг нӕу. Павел дзуттаг чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕмбырды кӕрӕдзийы «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» кӕй хъуамӕ разӕнгард кӕной (Дзут. 10:24, 25). w16.01 1:6–8

Ӕртыццӕг, 3 май

Се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты (Хъуыд. 2:4).

Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй 120 адӕймаджы Иерусалимы уӕллаг уаты ӕрӕмбырд сты ӕмӕ иумӕ Хуыцаумӕ куывтой (Хъуыд. 1:13–15). Уымӕй аст ӕнусы раздӕр уый тыххӕй ныффыста пехуымпар Иоил (Иоил 2:28–32; Хъуыд. 2:16–21). Уыцы бон Хуыцау уыцы чырыстӕттыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруагъта ӕмӕ афтӕмӕй систы сӕрст чырыстӕттӕ (Хъуыд. 1:8). Уый фӕстӕ, кӕм уыдысты, уыцы хӕдзары раз дуне адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ сын ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой, цы диссӕгтӕ федтой ӕмӕ фехъуыстой, уый тыххӕй дзурын. Апостол Петр бамбарын кодта, цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыд, уый. Ӕмӕ стӕй адӕмӕн загъта: «Цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл донаргъуыд райсӕд. Ӕмӕ уӕд райсдзыстут лӕвар – Хуыцауы сыгъдӕг тых». Уыцы бон 3 000 адӕймаджы бӕрц донаргъуыд райста, ӕмӕ уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты (Хъуыд. 2:37, 38, 41). w16.01 3:1–3

Цыппӕрӕм, 4 май

Кӕд исчи, аккаг нӕу, афтӕмӕй уыцы дзулӕй хӕры кӕнӕ Хицауы сӕны къусӕй нуазы, уӕд ууыл уыдзӕн тӕригъӕд Хицауӕн йӕ буар ӕмӕ йӕ туджы ныхмӕ (1 Кор. 11:27).

Цымӕ ацы ныхӕстӕй Павелы цы зӕгъын фӕндыд? Сӕрст чырыстон Йегъовӕйӕ куы адард уа, уӕд Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй аходыны аккаг нал уыдзӕн (Дзут. 6:4–6; 10:26–29). Уыцы фӕдзӕхст сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, сӕ хӕрзиуӕг кӕй нӕма райстой. Уыдон хъуамӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт хъарутӕй сӕ нысанмӕ тырной, «цӕмӕй райсой Хуыцауы хӕрзиуӕг, Йесо Чырыстийы фӕрцы... [сӕ] кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон цард» (Фил. 3:13–16). Павел сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Ӕз, нӕ Хицауы тыххӕй ахст лӕг, лӕгъстӕ кӕнын: цӕрут, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уымӕн аккагӕй». Цымӕ уый сӕ къухы цӕй фӕрцы хъуамӕ бафтыдаид? Павел бамбарын кодта: «Алкӕддӕр ут сӕрныллӕг, фӕлмӕн, бирӕфӕразон, уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут, зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма уой, фӕлӕ сӕрныллӕг (Кол. 3:12). w16.01 4:5, 6

Майрӕмбон, 5 май

Хуыцау сфӕнд кодта Авраамы бафӕлварын (Райд. 22:1).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, 125-аздзыд Авраам хохмӕ уӕззау цыд куыд фӕкӕны, уый. Йӕ фӕстӕ фӕцӕуы йӕ фырт Исахъ, цӕуы йыл 25 азы бӕрц. Исахъ фӕхӕссы сугтӕ, Авраам та – кард ӕмӕ, арт ссудзынӕн цы хъӕуы, уый. Ӕвӕццӕгӕн, Авраамы царды уыцы балцӕй уӕззаудӕр балц нӕ уыд. Фӕлӕ йын уӕззау уый тыххӕй нӕ уыд, ӕмӕ ацӕргӕ уыди – Аврааммӕ нырма бирӕ хъарутӕ уыд. Зын ын уымӕн уыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй йӕ фырты нывондӕн ӕрхастаид! (Райд. 22:1–8). Авраамы уырнындзинад ӕппӕты тынгдӕр, ӕвӕццӕгӕн, ацы хатт ӕрцыд фӕлвӕрд. Афтӕ зӕгъӕн дзы нӕй, ӕмӕ йын Хуыцау цы дзырдта, уый арӕзта, хъуыды дӕр ыл нӕ кодта, афтӕмӕй. Уый Йегъовӕйы коммӕ уымӕн каст, ӕмӕ йӕм уыди ӕцӕг уырнындзинад. Стӕй зыдта, сраст кӕнӕн кӕмӕн нӕ уыдаид, ахӕм хъуыддаг ын Йегъовӕ кӕй никуы саразын кодтаид. Авраам зыдта, коммӕгӕс куы уа, уӕд ын Йегъовӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбулӕн дӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Цымӕ йӕм ахӕм фидар уырнындзинад цӕй фӕрцы уыди? Цы зыдта ӕмӕ йӕ царды цы уыдта, уыдӕтты фӕрцы. w16.02 1:3, 4

Сабат, 6 май

Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд (Лук. 1:38).

Марийӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы бын хастаид ӕмӕ стӕй ныййардтаид ӕмӕ схъомыл кодтаид Хуыцауы Фырты! Марийӕйы кой куы фӕкӕнӕм, уӕд арӕхдӕр фӕдзурӕм, цӕй стыр кад ӕм ӕрхауд, ууыл. Фӕлӕ уыцы кадджын хъуыддаг цӕимӕ баст уыд ӕмӕ цӕуылты мӕт кодтаид, уый та нӕ, чи зоны, айрох вӕййы. Зӕгъӕм, зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат не ’рцӕудзынӕ, афтӕмӕй басывӕрджын уыдзынӕ. Фӕлӕ, хабар йӕ бинонтӕн ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн дӕр кӕй бамбарын кӕндзӕн, уымӕй Марийӕйӕн ницы ныфс бавӕрдта. Ӕмӕ уӕд уыдон цы ахъуыды кодтаиккой? Иосиф куыд хъуамӕ баууӕндыдаид, Марийӕ йыл гадзрахатӕй кӕй нӕ рацыд, ууыл? Стӕй, Хуыцауы Фырты хъомыл кӕнай ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай, уый дӕр цӕй стыр хӕс уыди! Гавриилы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ Марийӕйы сӕры цавӕр хъуыдытӕ зилдух кодтой, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, уый фӕстӕ куыд бакодта, уый. Марийӕ зӕдӕн загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон (Лук. 1:26–37). w16.02 2:13, 14

Хуыцаубон, 7 май

Йӕ размӕ рацыд архитаг Хуси, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыл сыджыт байзӕрста, афтӕмӕй (2 Сам. 15:32).

Хуси уыди паддзах Давиды иузӕрдион ӕмбал. Адӕм Авессаломы паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Хусийы хъуыди хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Давидыл ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадаид. Уый зыдта, Авессалом Иерусалиммӕ йе ’фсӕдтимӕ кӕй бацыд ӕмӕ Давиды алидзын кӕй бахъуыд (2 Сам. 15:13; 16:15). Цымӕ Хуси куыд бакодта? Давиды ныууагъта ӕмӕ Авессаломы фарс рахӕцыд? Нӕ. Кӕд Давид ацӕргӕ уыд ӕмӕ йӕ бирӕтӕ марынвӕнд кодтой, уӕддӕр ыл Хуси иузӕрдион уыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзах уыди. Уымӕ гӕсгӕ Хуси Давиды размӕ Оливӕбӕлӕсты къуылдыммӕ ацыд (2 Сам. 15:30). Давид Хусийӕн загъта, цӕмӕй Иерусалиммӕ аздӕхтаид ӕмӕ йӕхи афтӕ дардтаид, цыма Авессаломы ӕмбал у, цӕмӕй Авессалом Ахитофелы уынаффӕмӕ нӕ, фӕлӕ уый уынаффӕмӕ байхъуыстаид. Хуси уыди хъӕбатыр адӕймаг ӕмӕ цӕттӕ уыд йӕ цард тӕссаг уавӕры баппарынмӕ дӕр, цӕмӕй Давидмӕ байхъуыстаид ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид. Давид Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй Хусийӕн баххуыс кодтаид, ӕмӕ йын уый дӕр йӕ куывд фехъуыста – Авессалом Ахитофелмӕ нӕ, фӕлӕ Хусимӕ байхъуыста (2 Сам. 15:31; 17:14). w16.02 4:15, 16

Къуырисӕр, 8 май

Дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кӕй хъусдзынӕ, уый тыххӕй дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ уыдзысты дӕ хай (Дык. з. 28:2).

Йегъовӕ Закъоны цы амындтӕ радта, уыдонӕй махӕн нӕ бон у пайда райсын. Цымӕ куыд? Куы-иу ӕрлӕууӕм ӕмӕ-иу куы ӕркӕсӕм, Закъон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт у, уымӕ. Кӕд абон мах уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, уӕддӕр нын дзы бирӕтӕ нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады стыр ӕххуыс сты. Йегъовӕ уыцы закъӕттӕ Библийы дзӕгъӕлы нӕ ныффыссын кодта. Уый фӕрцы нӕ бон у уыцы закъӕттӕй ахсджиаг цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы уагӕвӕрдтыл арӕзт сты, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Стӕй ма уый фӕрцы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, Йесо нын хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы бацамыдта, уымӕн. Закъоны цы фыст ис, уыимӕ абаргӕйӕ Йесойы фӕдзӕхстыты арфдӕр хъуыды ис. Байхъус-ма, Йесо цы загъта, уымӕ: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма хӕт“. Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг». Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи ӕрмӕст хӕтындзинадӕй ма хизӕм, фӕлӕ ма ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕй дӕр (Матф. 5:27, 28). w16.03 4:6, 8

Дыццӕг, 9 май

Паддзах [нын] сӕвӕр, цӕмӕй нын уый тӕрхон кӕна (1 Сам. 8:5).

Самуилы нӕ фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕн паддзах сӕвӕрдтаид, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕртӕ хатты бахъуыд Самуилӕн зӕгъын, цӕмӕй адӕммӕ байхъуыстаид (1 Сам. 8:7, 9, 22). Фӕлӕ йӕм кӕд ахӕм ӕнкъарӕнтӕ уыд, уӕддӕр, йӕ бӕсты разамонӕг чи хъуамӕ уыдаид, уыцы адӕймагмӕ нӕ хӕлӕг кодта ӕмӕ йӕм знаджы цӕстӕй дӕр нӕ касти. Йегъовӕ йын куы загъта, цӕмӕй Саулы байсӕрстаид, уӕд уыцы хъуыддаг ӕнӕзивӕгӕй бакодта. Самуил Йегъовӕйы коммӕ бакаст, уый йӕ хӕс кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ уарзгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. Абон дӕр бирӕ фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Самуилы фӕзмынц ӕмӕ ӕфсымӕрты хӕларзӕрдӕйӕ ахуыр кӕнынц (1 Пет. 5:2). Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕ ӕфсымӕрты ӕнӕзивӕгӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ нӕ тӕрсынц, сӕ бӕрны цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ уыцы ӕфсымӕрты бар бакӕнын кӕй хъӕудзӕн, уымӕй. Уыдон ӕмбарынц, уыцы ӕфсымӕртӕ сын хорз «ӕмкусджытӕ» кӕй уыдзысты ӕмӕ сын ӕмбырды хъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кӕндзысты (2 Кор. 1:24; Дзут. 13:16). Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ сын тынг ӕхсызгон вӕййы, сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ курдиӕттӕй куы фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн ӕххуыс кӕной (Хъуыд. 20:35). w15 15/4 1:16, 17

Ӕртыццӕг, 10 май

Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн (Йер. 30:11).

Паддзах Азари арӕзта, «Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый». Фӕлӕ Йегъовӕ Азарийыл хъотыр бафтыдта (2 Пад. 15:1–5). Цӕмӕн? Уый фӕдыл Библийы уыцы ран бӕлвырд ницы ис фыст. Уӕдӕ, Йегъовӕ раст кӕй бакодта, ууыл дызӕрдыг кӕндзыстӕм? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хорз куы зонӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, йӕ зондамынд алкӕддӕр раст кӕй вӕййы. Паддзах Азарийӕн йӕ иннӕ ном у Ози (2 Пад. 15:7, 32). 2 Азфыстыты 26:3–5, 16–21 стихтӕм гӕсгӕ, кӕд Азари, «Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» арӕзта, уӕддӕр, рӕстӕг куы рацыд, уӕд «йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта». Паддзах сфӕнд кодта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн чи ’мбӕлд, ахӕм хъуыддаг бакӕнын. Уӕд ӕстай иу сауджыны йӕ разы ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын загътой, уыцы хъуыддаг бакӕнын ын кӕй не ’мбӕлы. Цымӕ Азари сӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст? Афтӕ сӕрбӕрзонд уыд, ӕмӕ сӕм «мӕстӕй рафыхт»! Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕ йыл хъотыр кӕй бафтыдта! w15 15/4 3:8, 9

Цыппӕрӕм, 11 май

Стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд (Рарг. 12:9).

Абоны стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Сайтан хуыйны «Хӕйрӕг», ӕмӕ ацы дзырд та нысан кӕны «фыдкойгӕнӕг». Хӕйрӕг Хуыцауӕй дзуры, мӕнг ныхӕстӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф калы. Дзырдбаст «рагон калм» нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хӕйрӕг Евӕйы асайыны тыххӕй калмӕй кӕй спайда кодта, уый. Дзырдбаст «стыр залиаг калм» та хорз ӕвдисы, ӕгъатыр ӕмӕ фыдзӕрдӕ кӕй у, уый. Йӕ бӕллиц у Йегъовӕйы фӕнд бакъуылымпы кӕнын ӕмӕ йын йӕ адӕмы фесафын. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хӕйрӕгӕй тӕссагдӕр нын кӕй никӕмӕй у, уымӕн ӕмӕ уый ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Библи дӕр нӕ уымӕн фӕдзӕхсы: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Пет. 5:8). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд Хӕйрӕгӕн йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Уый йын вӕййы замманай фадат, цӕмӕй Хуыцауӕн бафидис кӕна (Ӕмб. 27:11). w15 15/5 1:3, 4, 10

Майрӕмбон, 12 май

Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ (1 Тим. 6:10).

Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй царды исты цух ӕййафӕм, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Адам ӕмӕ Евӕйы диссаджы рӕсугъд дзӕнӕты кӕй ӕрцӕрын кодта, уымӕй (Райд. 2:9). Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ мулкмӕ сцыбӕл кӕна, ӕмӕ нӕ «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайа» (Матф. 13:22). Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, цӕмӕй адӕймаг амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уа бирӕ ӕхца ӕмӕ мулк. Кӕд мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхӕдӕг нӕхи сайӕм ӕмӕ нын тӕссаг у, зынаргъдӕрӕй нӕм цы ис, уымӕй нӕхи ӕнӕхай куы фӕкӕнӕм, ома Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куы нал уӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Кӕд хъӕздыгдзинады «цагъартӕ» стӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕнӕм. Хӕйрӕджы та растдӕр уый фӕнды! Уӕдӕ дын ӕхца кӕнӕ, ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕ, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр макуы суӕнт. Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм (1 Тим. 6:6–10). w15 15/5 2:12

Сабат, 13 май

Буары уӕнгтӕй иуӕн зын куы вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕн дӕр зын вӕййы (1 Кор. 12:26).

Иннӕты зын бамбарын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та кӕд ахӕм уавӕры никуы уыдыстӕм, уӕд. Зӕгъӕм, бирӕтӕ тыхсынц цавӕрдӕр низтӕй кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Чидӕртӕ рынчын сты депрессийӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низӕй. Чидӕртӕ та, кӕддӕр ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой, уый тыххӕй сты зӕрдӕрыст. Иннӕтӕ та сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕнынц кӕнӕ та сӕ бинонтӕй чидӕр Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны. Алы адӕймагӕн дӕр ис йӕхи зындзинӕдтӕ, ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕн сӕ фылдӕр мах никуы бавзӕрстам. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм. Куыд? Адӕймагмӕ-иу лӕмбынӕг байхъусӕм ӕмӕ-иу, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл бацархайӕм. Уӕд зондзыстӕм, хуыздӕр ын куыд ис баххуыс кӕнӕн, уый. Адӕмы уавӕртӕ ӕмхуызон не сты, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ сын Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм ӕмӕ сын хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕзмдзыстӕм (Ром. 12:15; 1 Пет. 3:8). w15 15/5 4:6, 7

Хуыцаубон, 14 май

Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых (1 Кор. 1:24).

Чырыстимӕ цы тых уыди, уый йын радта Йегъовӕ. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый. Зӕгъӕм, Доны хъаймӕты размӕ Йегъовӕ загъта: «Авд боны фӕстӕ ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда, ӕмӕ уардзӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы» (Райд. 7:4). Рацыды 14:21 стихы та фыст ис: «Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта». Ионӕйы 1:4 стихы дӕр кӕсӕм: «Йегъовӕ денджызы тыхджын дымгӕ сыстын кодта. Гъемӕ денджызы ахӕм уад сыстад, ӕмӕ нау, гыццыл ма, ӕмӕ ныппырх уыдаид». Куыд ӕхсызгон нын у, ног дунейы Йегъовӕ ӕрдзы тыхтӕм йӕ хъус кӕй дардзӕн! Ӕрдзон бӕллӕхтӕ адӕмӕн зиан нал хӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы цатыр уыдзӕн адӕмы ’хсӕн»! (Рарг. 21:3, 4). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, миназон хицаудзинады рӕстӕг Йегъовӕ Йесойӕн уыцы хъомыс кӕй ратдзӕн, цӕмӕй ӕрдзы тыхтыл йӕ бар цӕуа. w15 15/6 1:15, 16

Къуырисӕр, 15 май

Дӕхи дзы [хӕлд сылгоймагӕй] дард лас, йӕ хӕдзары къӕсӕрмӕ йын хӕстӕг дӕр ма цу (Ӕмб. 5:8).

Ацы уынаффӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын куыд тӕссаг у, уый ирдӕй зыны Ӕмбисӕндты 7 сӕры фыст хабарӕй. Иу ӕрыгон лӕппу изӕрыгон фӕцӕйцыд ӕнӕгъдау сылгоймаджы хӕдзары рӕзты. Лӕппу йе ’взӕр фӕнды фӕдыл ацыд, ӕмӕ сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцыд. Бӕргӕ, уыцы хӕтаг сылгоймаджы хӕдзарӕй йӕхи дард куы ластаид! (Ӕмб. 7:6–27). Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр уыцы ӕрыгон лӕппуйау нӕхи ахӕм уавӕры баппарӕм, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ сцырен уой? Зӕгъӕм, ӕхсӕвыгон телевизоры арӕхдӕр февдисынц алыхуызон ӕнӕгъдау передачӕтӕ ӕмӕ кинотӕ, ӕмӕ ахӕм рӕстӕг тӕссаг вӕййы телевизоры каналтӕ ракъӕпп-бакъӕпп кӕнын, цымӕ дзы цы ’вдисынц, зӕгъгӕ. Тӕссаг ма у, интернеты цавӕрдӕр сайты цы ис, уый бӕлвырдӕй куы нӕ зонай, афтӕмӕй дзы куы бахизай. Уый зӕгъӕн ис, ӕнӕгъдау рекламӕ кӕм вӕййы, стӕй, порнографийы сайттӕм чи кӕны, уыцы социалон сетьтӕ ӕмӕ сайттӕй дӕр. Ахӕм телепередачӕты, киноты ӕмӕ сайтты, гӕнӕн ис, ӕмӕ фенӕм, нӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕй тыххӕй фӕзындзӕн, ахӕм нывтӕ, ӕмӕ нын уӕд тӕссагдӕр уыдзӕн, Йегъовӕйы раз куы фӕрӕдийӕм, уымӕй. w15 15/6 3:8, 9

Дыццӕг, 16 май

Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ (Матф. 6:12).

Чырысти загъта: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ [кӕнӕ «нӕ хӕстӕ»]» (Матф. 6:12, фип.; Лук. 11:4). Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хӕсты хуызӕн сты. 1951 азы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы ахизӕм ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ разы хӕсджын свӕййӕм. [...] Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Хуыцауӕн уый бар ис, ӕмӕ нын нӕ цард дӕр байса. [...] Йӕ бон у, ӕмӕ нӕ хӕлар мауал уа, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй ӕнӕхай фӕкӕна, цы фарнӕй нӕ схайджын кодта, уымӕй. [...] Мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ уый, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй ӕвдисӕм; тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд та йын уыцы хӕс нӕ бафидӕм, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕд чи аразы, уый Хуыцауы нӕ уарзы» (1 Иоан. 5:3). Алы бон дӕр кӕй рӕдийӕм, уый тыххӕй нын ӕдзухдӕр хъӕуы хатыр кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй фӕрцы ис ныххатыр кӕнӕн, уыцы аргъ кӕй бафыста – Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ кӕд Чырысти иу-2 000 азы размӕ амарди, уӕддӕр нын йӕ нывонд абон дӕр хӕссы пайда. Уыцы диссаджы лӕвары тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм. Ӕнӕххӕст адӕмӕй иуӕн дӕр йӕ бон никуы бауыдаид, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фӕрцы ссӕрибар уыдаиккам, ахӕм аргъ бафидын (Пс. 49:7–9; 1 Петры 1:18, 19). w15 15/6 5:9, 10

Ӕртыццӕг, 17 май

Ӕз скадджын кӕндзынӕн мӕ къӕхтӕвӕрӕн бынат (Ис. 60:13).

Ахъуыды-ма кӕнӕм, фӕстаг рӕстӕг нӕ организаци цавӕр публикацитӕ уадзы, ууыл. Ныр дзы вӕййы бирӕ рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ къамтӕ, стӕй дзы вӕййы, адӕмӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ. Ахӕм литературӕ парахат кӕнын дын ӕхсызгон куыннӕ у! Хорз хабар цавӕр мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы дӕр цыдӕртӕ фӕивта. Зӕгъӕм, нӕ организацийӕн интернеты цы сайт ис, уый фӕрцы нӕ бон у ноджы фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр ссарой, царды сӕ тынг чи хъӕуы, уыцы разамынд. Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ адӕмыл куыд тынг тыхсы ӕмӕ сӕ куыд тынг уарзы, уый. Не ’мбырды фембӕлдты дӕр ивындзинӕдтӕ арӕзт кӕй ӕрцыд, уый дӕр хуымӕтӕджы нӕ уыд – уый фӕрцы нын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ кӕнӕ нӕхӕдӕг Библи ахуыр кӕнӕм. Нӕ конгрессты программӕ кӕй фӕивта, уымӕн дӕр тынг аргъ кӕнӕм. Азӕй-азмӕ нӕ конгресстӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй кӕнынц, уыимӕ нӕ чи не сразы уыдзӕн?! Тынг бузныг ма стӕм, нӕ организацийы цы бирӕ скъолатӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Ӕппӕт уыцы ивындзинӕдтӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ, абон зӕххыл цы «дзӕнӕт» ис, уый рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕй кӕны! w15 15/7 1:16, 17

Цыппӕрӕм, 18 май

Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Лук. 10:27).

Политикӕимӕ баст фарстаты макӕй фарс рахӕцай, уый дын зын куы уа, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цымӕ Йесо та куыд бакодтаид?» Йесо зӕххыл куы царди, уыцы рӕстӕг Иудейӕйы, Галилейӕйы ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ фидыдтой ӕмӕ-иу се ’хсӕн змӕстытӕ дӕр рауад. Ахъуыды-ма кӕнӕм цалдӕр хабарыл. Дзуттӕгтӕ ӕмӕ самариӕгтӕ кӕрӕдзимӕ нӕ дзырдтой (Иоан. 4:9). Фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ бирӕ фарстаты фӕдыл кӕрӕдзиимӕ разы нӕ уыдысты (Хъуыд. 23:6–9). Дзуттӕгтӕй Моисейы закъон хорз чи зыдта, уыдон сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадтой (Иоан. 7:49). Стӕй ма сӕ бирӕтӕ се сӕфт уыдтой хъалонисджытӕй ӕмӕ ромӕгтӕй (Матф. 9:11). Фӕлӕ Йесо уыцы хабӕртты никӕй фарс хӕцыд. Кӕд Хуыцауы рӕстдзинады сӕрыл дзырдта ӕмӕ, израилӕгтӕ Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты, уый зыдта, уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ никуы дзырдта, иннӕтӕй хуыздӕр стут, зӕгъгӕ (Иоан. 4:22). Йесо сӕ ахуыр кодта, цӕмӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзой. w15 15/7 3:5

Майрӕмбон, 19 май

Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг? Йегъовӕ у мӕ фарс, чи мын ӕххуыс кӕны, уыдонимӕ иумӕ (Пс. 118:6, 7).

Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй искӕй уарзой ӕмӕ сын сӕхи дӕр исчи уарза. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ ныфс ӕнцонтӕй асӕтты, цардамӕлттӕ кӕнын ын куы фӕзын вӕййы, йе ’нӕниздзинад куы фӕцуды йе та уацамынды йӕ фыдӕбон тыллӕг куы нӕ фӕхӕссы, уӕд. Ахӕм уавӕры нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нал уарзы. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, зынаргъ ын кӕй стӕм ӕмӕ нын зын рӕстӕг дӕр нӕ «рахиз къухыл» кӕй хӕцы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ никуы ферох кӕндзӕн (Ис. 41:13; 49:15). Нӕ хо Брижитӕн йӕ лӕг фӕзиан, ӕмӕ дыууӕ сывӕллоны иунӕгӕй хъомыл кодта. Брижит зӕгъы: «Хӕйрӕджы дунейы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын тынг зын у, уӕлдайдӕр та иунӕгӕй. Фӕлӕ-иу кӕд арӕх мӕхи цӕссыгӕй ӕхсадтон ӕмӕ-иу маст кодтон, уӕддӕр Йегъовӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уыди. Мӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауыдаид, ахӕм зындзинад бавзарын мӕ никуы бауагъта. Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фидарӕй уырны, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы» (1 Кор. 10:13). w15 15/8 1:1–3

Сабат, 20 май

Ӕнхъӕлмӕ [йӕм] кӕс (Ав. 2:3).

Пехуымпар Аввакум хъусын кодта, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты, уый тыххӕй ӕмӕ уыцы хабармӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ касти. Йӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдон дӕр уый тыххӕй бирӕ азты дӕргъы хъусын кодтой. Аввакум уыдта, йӕ алыварс фыддзинад ӕмӕ хӕрамдзинад, куыд никуыма, афтӕ кӕй апарахат сты. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: «О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн?» Йегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 1:1–4). Ахъуыды-ма кӕн, Аввакум ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй куы бафӕлладаид ӕмӕ куы загътаид: «Иерусалим кӕд ныппырх кӕндзысты, уымӕ ныр цал азы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн. Нал хъусын кӕндзынӕн. Уыцы куыст ӕндӕр исчи кӕнӕд». Цымӕ афтӕтӕ куы хъуыды кодтаид, уӕд йӕ хабар куыд рауадаид? Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдаид. Ӕмӕ кӕроны ӕрцыдмӕ цӕттӕ куы нӕ разындаид, уӕд, чи зоны, йӕхи дӕр бабын кодтаид. w15 15/8 2:12, 13

Хуыцаубон, 21 май

Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц (1 Кор. 15:33).

Цӕмӕй нӕ хорз ӕгъдӕуттӕ ма фесафӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, ахӕм адӕмӕй. Уыдонмӕ хауынц, йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, фӕлӕ йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыцы адӕм дӕр. Ахӕм адӕмӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд нын йемӕ иумӕйагӕй ницыуал уыдзӕн (Ром. 16:17, 18). Адӕймаджы фӕфӕнды, цӕмӕй йе ’мбӕлтты зӕрдӕ балхӕна ӕмӕ йын аргъ кӕной. Ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, ахӕм адӕмимӕ нӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, мах дӕр, уыдон цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын куы райдайӕм, уымӕй. Зӕгъӕм, ӕнӕгъдау цард чи кӕны, нӕ рӕстӕг ахӕм адӕмимӕ куы ’рвитӕм, уӕд мах дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдоны хуызӕн суӕм. Ахӕм хабар ӕрцыд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутыл, ӕмӕ сӕ чи не ’рфӕсмон кодта, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кодтой (1 Кор. 5:11–13). Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы нӕ раздӕхой, уӕд сыл, Петр кӕй кой кодта, уыдоны хабар акӕндзӕн (2 Пет. 2:20–22). w15 15/8 4:4–6

Къуырисӕр, 22 май

Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ (Иоан. 15:14).

Йесо, йе ’ввахс ӕмбал чи уыдзӕн, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ касти. Йе ’мбӕлттӕ уыдысты, ӕнувыд ыл чи уыд ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цыди, стӕй Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, уыдон. Дӕуӕн дӕр де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынц? Цымӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? Хотӕ ӕмӕ дӕ ’фсымӕртӕ сӕ уарзондзинадӕй, сӕ зӕрдӕйы хъармӕй кӕй тавынц, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суай. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс, дарддӕр дӕ цард куыд саразай, ууыл. Зондыл дзурӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн дзӕвгар рӕстӕг чи лӕггад кӕны ӕмӕ ӕмбырды иудзинадӕн чи ахъаз кӕны, дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ уыдоны ’хсӕн куы агурай. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ царды бирӕ федтой, стӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Ӕмӕ дын уыдон царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзарынӕн баххуыс кӕндзысты. Дӕ рӕстӕг ахӕм чырыстӕттимӕ куы ’рвитай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ фӕлтӕрддзинадмӕ тырнын (Дзут. 5:14). w15 15/9 1:14, 15

Дыццӕг, 23 май

[Хӕйрӕджы] ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут (1 Пет. 5:9).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидар кодта ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр (Мар. 11:20–24). Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ иннӕты уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд нӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзӕн (Ӕмб. 11:25). Кӕмӕн хъусын кӕныс кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсс, Хуыцау кӕй ис, кӕй ныл тыхсы ӕмӕ Библи йӕ Ныхас кӕй у, уымӕн. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дӕр ӕххуыс кӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Зӕгъӕм сӕ исчи бӕрнон ӕфсымӕртыл хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдайа, уӕд-иу дзы уайтагъд дӕхи дард ласын ма райдай, фӕлӕ-иу ын фӕлмӕнӕй баххуыс кӕн йӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн (Иуд. 22, 23). Кӕд скъоладзау дӕ ӕмӕ эволюцийы теори ахуыр кӕнут, уӕд та-иу, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сӕрыл хъӕбатырӕй дзур. Дӕ ныхӕстӕ иннӕтыл, чи зоны, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ дӕ, афтӕ фӕзыной. Йегъовӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «уырнындзинады фидар уӕм» (1 Пет. 5:10). Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын фӕхъӕуы, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ схайджын кӕндзӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕй! w15 15/9 3:20, 21

Ӕртыццӕг, 24 май

Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, йӕ къухты фыдӕбоны тыххӕй дзуры арв (Пс. 19:1).

Абон нын Йегъовӕ бирӕ цыдӕртӕ раргом кодта йе сконд дунейы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй. Ацы дуне адӕймаджы разӕнгард кӕны уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ. Фӕлӕ уыцы ахуыры аххосӕй бирӕтӕн сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ Хуыцауы раздӕрау нал фӕуарзынц. Йегъовӕ та нын ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нын ӕххуыс дӕр кӕны, цӕмӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ суӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ бон уа, цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын, уымӕн ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда хӕсдзӕн (Ӕмб. 4:5–7). Зӕгъӕм, фӕнды йӕ, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн ӕмӕ фервӕзынӕн» (1 Тим. 2:4). Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕм цы диссаджы фӕнд ис, уый тыххӕй куы дзурӕм, уӕд (Пс. 66:16, 17). w15 15/9 5:10, 11

Цыппӕрӕм, 25 май

Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн (Ром. 15:4).

Илийа Йегъовӕйыл куыд тынг ӕууӕндыд, уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, ацы хабӕрттӕй: 1) Илийа паддзах Ахавӕн фехъусын кодта, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ хус рӕстӕг кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ йын фидарӕй загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы удӕгас Хуыцауы раз дын сомы кӕнын: ацы цалдӕр азы зӕххыл нӕдӕр ӕртӕх уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда ӕруардзӕн» (1 Пад. 17:1). 2) Илийа фидарӕй ӕууӕндыд, хус рӕстӕг куы скӕна, уӕд Йегъовӕ ууыл дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджытыл дӕр кӕй батыхсдзӕн (1 Пад. 17:4, 5, 13, 14). 3) Илийа ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ идӕдз сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл (1 Пад. 17:21). 4) Фидарӕй ӕууӕндыд, Кармилы хохыл цы нывонд ӕрхаста, ууыл Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй арт кӕй ӕруадздзӕн (1 Пад. 18:24, 37). 5) Къӕвда кӕй ӕруардзӕн, уый бӕрӕг дӕр куы нӕма уыд, уӕд Илийа Ахавӕн фидарӕй загъта: «Ацу, хӕр ӕмӕ нуаз, уымӕн ӕмӕ тӕрккъӕвдайы уынӕр хъуысы» (1 Пад. 18:41). Хорз уаид, ацы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ нӕ алчидӕр куы ахъуыды кӕнид: «Цымӕ мӕнӕн дӕр мӕ уырнындзинад Илийайы уырнындзинады хуызӕн фидар у?» w15 15/10 2:4, 5

Майрӕмбон, 26 май

Уыдӕттыл хъуыды кӕн (1 Тим. 4:15).

Нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар (Пс. 139:14; Рарг. 4:11). Фӕлӕ ма нын Хуыцау ноджыдӕр скодта, цӕрӕгойтӕй кӕй фӕрцы хицӕн кӕнӕм, ӕндӕр ахӕм лӕвар дӕр. Адӕймаг конд у «Хуыцаумӕ гӕсгӕ», ӕмӕ йын ис уый бар, цӕмӕй уынаффӕтӕ йӕхӕдӕг хӕсса. Уӕдӕ йӕ бон у ахӕм уынаффӕ дӕр рахӕссын, цӕмӕй йӕ дзыхыныхасы фӕрцы Йегъовӕйы кадджын кӕна (Райд. 1:27). Йегъовӕ нын балӕвар кодта Библи, ӕмӕ нын уыцы чиныджы ӕмбарын кӕны, нӕ бон ӕй кадджын кӕнын куыд у, уый. Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 2 800 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзыстӕм (Пс. 40:5; 92:5; 139:17). Уый фӕрцы та суыдзыстӕм зондджын ӕмӕ схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй (2 Тим. 3:14–17). Хъуыды кӕнын нысан кӕны дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр иу цӕмӕдӕр саразын, фӕнды хорз уа, фӕнды – ӕвзӕр (Пс. 77:12; Ӕмб. 24:1, 2). Ӕппӕты стырдӕр пайда нын ӕрхӕсдзӕн, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базонӕм, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм (Иоан. 17:3). w15 15/10 4:2–4

Сабат, 27 май

Йӕхи бинонтӕн чи нӕ зоны уынаффӕ кӕнын, уый Хуыцауы ӕмбырдӕн цы хъуамӕ баххуыс кӕна? (1 Тим. 3:5).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кодта ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр (Лук. 22:27). Йӕ апостолтӕ уыдтой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй ӕмӕ иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй Йесо цӕттӕ кӕй уыд йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уыдон дӕр ахуыр кодтой удуӕлдайдзинадыл. Сымахӕн дӕр уӕ бон у уӕ сывӕллӕтты уӕхи цӕвиттонӕй ахуыр кӕнын. Дыууӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм хо, Дебби, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ цардӕмбал хистӕр нӕлгоймаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-иу ын бирӕ рӕстӕг ацыд ӕмбырды иннӕтӕн баххуыс кӕныныл, фӕлӕ ӕз ууыл никуы мӕсты кодтон. Ӕз ӕй зыдтон, мах, йӕ бинонты, йӕ сӕр куы бахъӕуа, уӕд нын рӕстӕг ӕнӕмӕнг кӕй ссардзӕн». Цымӕ Дебби ӕмӕ йӕ цардӕмбал Пранасы цӕвиттон сӕ сывӕллӕттыл куыд фӕзынд? Пранас загъта: «Нӕ сывӕллӕттӕ алкӕддӕр цӕттӕ уыдысты конгрессты балӕггад кӕнынмӕ. Тынг амондджын уыдысты, хорз ӕмбӕлттӕ сын фӕзынд, стӕй ӕмбӕрстой, сӕ хотӕ ӕмӕ сӕ се ’фсымӕртӕ бирӕ кӕй уарзынц». Ныртӕккӕ уыцы бинонтӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. Сымах дӕр сӕрныллӕг ӕмӕ удуӕлдай куы уат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ дӕр иннӕтӕн ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнын ахуыр кӕндзысты. w15 15/11 1:9

Хуыцаубон, 28 май

Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ [Хуыцауы] уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты (Ром. 1:20).

Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Дун-дуне куыд стыр ӕмӕ куыд рӕсугъд у, ууыл! Дун-дунейы ис миллиардгай галактикӕтӕ, ӕмӕ алы галактикӕйы та ис миллиардгай стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ. Нӕ галактикӕйы, Ӕрфӕны фӕды, цы стъалытӕ ис, уыдонӕй иу у Хур. Хур куы нӕ уаид, уӕд Зӕххыл цард дӕр нӕ уаид. Уыдӕттӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис. Стӕй ма, куыд конд сты, уымӕй бӕрӕг сты Сфӕлдисӕгӕн йӕ миниуджытӕ дӕр, зӕгъӕм, йӕ тых, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Йегъовӕ зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл нӕ бон уа цӕрын. Зӕххыл алцыдӕр конд у адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты пайдайӕн. Хуыцау адӕмӕн скодта, сӕ уды дзӕбӕхӕн кӕм цардаиккой, ахӕм рӕсугъд бынат. Стӕй ма сӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сын уыди ӕххӕст зонд ӕмӕ ӕххӕст буар, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын (Рарг. 4:11). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау абон дӕр адӕмыл тыхсы. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Алкӕмӕн дӕр хӕринаг... дӕтты. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт» (Пс. 136:25). w15 15/11 3:7, 8

Къуырисӕр, 29 май

Ӕз... уыдзынӕн уемӕ (Матф. 28:20).

Нӕ Паддзах нын радта, адӕмӕн хорз хабар сӕ зӕрдӕтӕм айсынӕн кӕй фӕрцы ӕххуыс кӕнӕм, ахӕм кусӕнгӕрзтӕ. Уыцы кусӕнгӕрзтӕй кӕцыдӕртӕй пайда кодтам цыбыр рӕстӕг, кӕцыдӕртӕй та ныронг дӕр пайда кӕнӕм. Фӕлӕ нын се ’ппӕт дӕр стыр ӕххуыс фесты, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм. 1933 азы хъусынгӕнджытӕ райдыдтой пайда кӕнын уацамынды карточкӕтӕй. Уый фӕрцы бирӕтӕн ӕнцондӕр уыди адӕмимӕ ныхас кӕнын райдайын. Уацамынды карточкӕтӕ хъусынгӕнджытӕн хорз ӕххуыс уыдысты. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ уыдысты ӕфсӕрмыгӕнаг, ӕмӕ сӕ кӕд хъусын кӕнын тынг фӕндыди, уӕддӕр, цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой. Иннӕ хъусынгӕнджытӕ та-иу цыдӕриддӕр зыдтой, уый-иу адӕймагӕн цалдӕр минутмӕ радзырдтой, фӕлӕ-иу хатгай ӕгӕр ӕргомдзырд уыдысты. Уацамынды карточкӕтӕ та хъусынгӕнджыты бӕсты «дзырдтой» бӕлвырд ӕмӕ хуымӕтӕг ныхӕстӕй. w15 15/11 5:3–6

Дыццӕг, 30 май

Кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном (Пс. 148:13).

Библийы бирӕ стихтӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ном тынг ахсджиаг кӕй у ӕмӕ йын кад кӕнын кӕй хъӕуы (Рац. 3:15; Пс. 83:18; Ис. 42:8; 43:10; Иоан. 17:6, 26; Хъуыд. 15:14). Йегъовӕйы фӕндӕй Библийы фысджытӕ рагон тыхтӕтты йӕ ном ныффыстой цалдӕр мин хатты (Йез. 38:23). Уӕдӕ тӕлмацгӕнджытӕ Библийы Хуыцауы ном куы нӕ ныффыссынц, уӕд уымӕй равдисынц, Йегъовӕйӕн кӕй нӕ кад кӕнынц. Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ зонӕм, уымӕн абон ноджы фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. 2013 азы кӕй рауагътой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ӕмбӕлы 7 216 хатты. 1984 азы кӕй рауагътой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-имӕ абаргӕйӕ дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлы ноджыдӕр ӕхсӕз хатты. Фондз ран ӕй ныффыстой, Мард денджызы тыхтӕтты уыцы бынӕтты кӕй ӕмбӕлы, уый тыххӕй. Уыцы бынӕттӕ сты 1 Самуилы 2:25; 6:3; 10:26; 23:14, 16. Ӕмӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ӕндӕр ахӕм рагон Библийы къухфыстытӕ куы раиртӕстой, уӕд ма йӕ ныффыстой Тӕрхонгӕнджыты 19:18 стихы дӕр. w15 15/12 2:5, 6

Ӕртыццӕг, 31 май

Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут (Дзут. 13:1).

Нӕ кӕрӕдзийыл цы уарзондзинады тӕгтӕй баст стӕм, уыдон хъуамӕ ныр фидар кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын уый фӕрцы фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтӕ сфӕразын ӕнцондӕр уыдзӕн. Абон дӕр, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм. Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕн стыр зиан ӕрхӕссынц зӕххӕнкъуыстытӕ, донивылдтӕ, тыхдымгӕтӕ, цунамитӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Кӕйдӕрты та сӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ фӕдыл зилынц (Матф. 24:6–9). Уымӕй уӕлдай ма нын ацы фыддунейы цардамӕлттӕ кӕнын дӕр зын у (Рарг. 6:5, 6). Фӕлӕ уыцы зындзинӕдтӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр фадӕттӕ нын фӕзыны, цӕмӕй хъуыддагӕй равдисӕм, не ’фсымӕрты куыд тынг уарзӕм, уый. Ӕмӕ кӕд «адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал», уӕддӕр мах хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (Матф. 24:12). w16.01 1:8, 9

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын