Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 67–79 фф.
  • Июнь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июнь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 июнь
  • Майрӕмбон, 2 июнь
  • Сабат, 3 июнь
  • Хуыцаубон, 4 июнь
  • Къуырисӕр, 5 июнь
  • Дыццӕг, 6 июнь
  • Ӕртыццӕг, 7 июнь
  • Цыппӕрӕм, 8 июнь
  • Майрӕмбон, 9 июнь
  • Сабат, 10 июнь
  • Хуыцаубон, 11 июнь
  • Къуырисӕр, 12 июнь
  • Дыццӕг, 13 июнь
  • Ӕртыццӕг, 14 июнь
  • Цыппӕрӕм, 15 июнь
  • Майрӕмбон, 16 июнь
  • Сабат, 17 июнь
  • Хуыцаубон, 18 июнь
  • Къуырисӕр, 19 июнь
  • Дыццӕг, 20 июнь
  • Ӕртыццӕг, 21 июнь
  • Цыппӕрӕм, 22 июнь
  • Майрӕмбон, 23 июнь
  • Сабат, 24 июнь
  • Хуыцаубон, 25 июнь
  • Къуырисӕр, 26 июнь
  • Дыццӕг, 27 июнь
  • Ӕртыццӕг, 28 июнь
  • Цыппӕрӕм, 29 июнь
  • Майрӕмбон, 30 июнь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 67–79 фф.

Июнь

Цыппӕрӕм, 1 июнь

Фӕлмӕн ӕвзаг стӕг дӕр асӕтты (Ӕмб. 25:15).

Исчи нӕ куы смӕсты кӕна, суанг уӕд дӕр хорз уыдзӕн, фӕлмӕн ныхас куы кӕнӕм (Ӕмб. 15:1). Ӕркӕсӕм, йӕ лӕппуйы иунӕгӕй чи хъомыл кодта, иу ахӕм хойы хабармӕ. Йӕ лӕппу йӕхи афтӕ ӕвдыста, цыма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр кодта. Ӕмӕ иухатт мадӕн иу хо йӕ хорззӕрдӕйӕ загъта: «Хъыг мын у, дӕ лӕппуйы хорз схъомыл кӕнын дын кӕй нӕ бантыст». Лӕппуйы мад ахъуыды кодта ӕмӕ йын загъта: «Раст зӕгъыс, ныртӕккӕ алцы бынтон хорз нӕу, фӕлӕ мын йӕ хъомыл кӕнынӕн нырма рӕстӕг ис. Ацы хъуыддагыл Армагеддоны фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм – уӕд алцыдӕр сбӕрӕг уыдзӕн». Кӕй нӕ рамӕсты ӕмӕ фӕлмӕн ныхас кӕй кодта, уый фӕрцы дарддӕр дӕр кӕрӕдзимӕ хӕлар зӕрдӕ дардтой. Стӕй ма лӕппу дӕр фехъуыста мады ныхӕстӕ ӕмӕ бамбӕрста, йӕ мад ыл йӕ къух кӕй нӕ систа. Уый йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’взӕр ӕмбӕлтты ныууагътаид, стӕй донаргъуыд райста ӕмӕ ма фӕстӕдӕр Вефилы дӕр лӕггад кодта. Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ныхас кӕнӕм ӕви нӕ бинонтӕй искӕимӕ йе та ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ – нӕ «дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Кол. 4:6). w15 15/12 3:15, 17

Майрӕмбон, 2 июнь

Арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕй... алкӕуыл дӕр иу ӕрцыд (Хъуыд. 2:3).

Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны уӕллаг уаты цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыд, уыдонӕй уыцы бон никуы ферох уыдаид. Йегъовӕ сӕ схайджын кодта ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиатӕй. Ӕмӕ уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты, ууыл (Хъуыд. 2:6–12). Фӕлӕ уый фӕстӕ ахӕм хуызы сӕрст ничиуал ӕрцыд. Зӕгъӕм, уыцы бон фӕстӕдӕр Иерусалимы донаргъуыд цы мингай адӕймӕгтӕ райстой, уыдоны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ нӕ фӕзынд. Уыдон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, донаргъуыд куы райстой, уӕд (Хъуыд. 2:38). Чидӕртӕ та сыгъдӕг тыхӕй сӕрст донаргъуыды рӕстӕг дӕр не ’рцыдысты. Самариӕгтыл сыгъдӕг тых ӕрцыд, донаргъуыд куы райстой, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ (Хъуыд. 8:14–17). Иухатт та ахӕм хабар дӕр ӕрцыд, ӕмӕ Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, донаргъуыд нӕма райстой, афтӕмӕй (Хъуыд. 10:44–48). w16.01 3:3, 5

Сабат, 3 июнь

Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрут ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй (Еф. 4:3).

Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты. Уыдон зонынц, Йегъовӕ сын сыгъдӕг тых иннӕ лӕггадгӕнджытӕй фылдӕр кӕй нӕ дӕтты. Уӕдӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Библийы рӕстдзинад алкӕмӕй хуыздӕр ӕмӕ арфдӕр ӕмбарынц. Иннӕ чырыстӕттӕй дӕр афтӕ никӕмӕн фӕдзурынц, зӕгъгӕ, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын райдай, уымӕн ӕмӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ды дӕр сӕрст чырыстон дӕ. Сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарынц, адӕмы уӕлӕрвты цӕрынмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй хоны. Сӕрст чырыстӕттӕ иннӕтӕй сӕхицӕн уӕлдай кад нӕ агурынц (Еф. 1:18, 19; Фил. 2:2, 3). Стӕй ма зонынц, Йегъовӕ сӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уӕд уый тыххӕй алкӕмӕн кӕй нӕ фехъусын кодта. Уӕдӕ сӕм диссаг дӕр нӕ фӕкӕсы, кӕйдӕр уайтагъд куы нӕ бауырны, ныр сӕрст кӕй сты, уый. Библи нын афтӕ зӕгъы, цӕмӕй-иу уайтагъд ма баууӕндӕм, Хуыцау мӕ ахсджиаг хъуыддагӕн равзӕрста, зӕгъгӕ, чи дзура, ууыл (Рарг. 2:2). w16.01 4:6, 7

Хуыцаубон, 4 июнь

О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! (Ром. 11:33).

Йегъовӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйы ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты диссаджы хуызы бахъахъхъӕдта (Райд. 12:10–20; 20:2–7, 10–12, 17, 18). Уыдӕттӕ уынгӕйӕ Авраамӕн йӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кодтаид! Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм? Куыннӕ! Авраамау мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйы тыххӕй базонын. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у уыцы зонындзинӕдтӕ ссарын ӕмӕ нӕхи царды уынын, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Авраамимӕ абаргӕйӕ абон мах бирӕ фылдӕр зонӕм (Дан. 12:4). Хуыцауы Ныхас йедзаг у, «арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы» базонӕн кӕй фӕрцы ис, уыцы зонындзинӕдтӕй (Райд. 14:22). Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы бауарзынӕн ӕмӕ йын аргъ кӕнынӕн. Ӕмӕ нӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ та разӕнгард кӕнынц Хуыцауы коммӕ кӕсынмӕ. Йегъовӕмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд фӕуынӕм, куыд нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын куыд арфӕ кӕны. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн удӕнцой, фарн ӕмӕ циндзинад (Пс. 34:8; Ӕмб. 10:22). Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр базонӕм ӕмӕ йын йе ’ххуыс нӕ царды цас арӕхдӕр уынӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. w16.02 1:7, 8

Къуырисӕр, 5 июнь

[Уый] ӕрцыд ӕххуысмӕ... Израилмӕ... нӕ фыдӕлтӕн куыд загъта, афтӕ (Лук. 1:54, 55).

Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Марийӕ Фыстад хорз кӕй зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сты Самуилы мад Аннӕйы куывды ныхӕсты хуызӕн (1 Сам. 2:1–10). Куыд зыны, афтӕмӕй Марийӕ 20 хатты спайда кодта Хуыцауы Ныхасы фыст ныхӕстӕй. Бӕрӕг у, Марийӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй цыди, йе ’ппӕты хуыздӕр Хӕлар Йегъовӕйӕ кӕй зыдта, уыцы диссаджы хабӕрттыл ныхас кӕнын. Чи зоны, иуӕй-иу хатт махмӕ дӕр, Марийӕйау, тынг зын фӕкӕсы, Йегъовӕ нын цы бахӕс кӕны, уый сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ-иу уыйау сӕрныллӕгӕй нӕхи Йегъовӕйы бар бакӕнӕм, ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Марийӕйы ма бафӕзмдзыстӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ, цы базонӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уымӕй дӕр. Ӕмӕ стӕй уыйау иннӕтӕн дӕр цингӕнгӕйӕ дзурдзыстӕм, Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй цы зонӕм, уый (Пс. 77:11, 12; Лук. 8:18; Ром. 10:15). w16.02 2:17, 18

Дыццӕг, 6 июнь

Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ? (Лук. 14:28).

Алы аз дӕр ӕрыгӕттӕй мингӕйттӕ донаргъуыд кӕй исынц, уый нын цины хос куыннӕ у (Еккл. 12:1). Сӕ ныййарджыты дӕр ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр фӕнды, цӕмӕй уыцы къахдзӕф аразой, уый сӕхи кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ, стӕй цӕмӕй хорз ӕмбарой, донаргъуыд райсын цы нысан кӕны, уый. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ног цардӕй цӕрын райдайы. Уый та, иуӕй, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, иннӕмӕй та – Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзӕн (Ӕмб. 10:22; 1 Пет. 5:8). Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн амоной, Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый цӕуыл дзурӕг у, уый. Кӕд сывӕллонӕн йӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ не сты, уӕд та йын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнӕй ӕххуыс кӕндзысты уыцы хъуыддаг бамбарынӕн (Лук. 14:27–30). Хӕдзар кӕронмӕ саразынӕн алцыдӕр бацӕттӕ кӕнын куыд фӕхъӕуы, афтӕ ӕрыгӕттӕ дӕр хъуамӕ донаргъуыд райсынмӕ сӕхи хорз бацӕттӕ кӕной, цӕмӕй Йегъовӕйӕн «кӕронмӕ» иузӕрдионӕй лӕггад кӕной (Матф. 24:13). w16.03 1:1, 2

Ӕртыццӕг, 7 июнь

Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг (Хъуыд. 10:34, 35).

Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Моисейы уылты радта Закъон, ӕмӕ сын уыцы Закъоны фӕрцы бамбарын кодта, куыд хъуамӕ цардаиккой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, уый. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы Хуыцауы адӕм ӕрмӕст иу адӕмыхаттӕй нал уыдысты. Уыдон уыдысты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, ӕмӕ хуындысты Хуыцауы Израил. Уыцы адӕмимӕ, чырыстон ӕмбырдимӕ, арӕзт ӕрцыд ног бадзырд. Йегъовӕ сын радта ног ӕмӕ бӕлвырд разамынд, куыд хъуамӕ цӕрой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кӕной, уый фӕдыл. Хуыцауы ног адӕм ӕххӕст кодтой «Чырыстийы закъон» – уыцы закъон сӕйраджыдӕр уагӕвӕрдтыл арӕзт уыд ӕмӕ фыст ӕрцыд къӕйдуртыл нӕ, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтыл. Чырыстӕттӕ кӕмфӕнды ма цардаиккой, уӕддӕр хъуамӕ уыцы закъон ӕххӕст кодтаиккой, ӕмӕ сын уӕд пайда хастаид (Гал. 6:2). Хуыцауы Израилӕн стыр пайда хаста, Йегъовӕ сын Йесойы уылты цы разамынд лӕвӕрдта, уый. Ног бадзырд йӕ тыхы куы нӕма бацыд, уӕд Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг баст уыд хорз хабар хъусын кӕнынимӕ, дыккаг та – чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ архайой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой, уыимӕ. Уыцы фӕдзӕхстытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц, фӕнды нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уа, фӕнды – зӕххыл. w16.03 4:10, 11

Цыппӕрӕм, 8 июнь

Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд (Ром. 12:10).

Цалынмӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕндӕр ӕфсымӕры ахуыр кӕнын нӕ райдайа, уӕдмӕ уал хъуамӕ йемӕ балымӕн уа. Уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймаг цы араздзӕн, уый кӕнгӕ уыдзӕн, сӕ бӕстӕйы цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ цы уавӕртӕ ис, уымӕй. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма цӕрай ӕмӕ цыфӕнды ӕнӕвдӕлон ма уай, уӕддӕр-иу дӕ ахуыргӕнинагӕн рӕстӕг ссар, ӕмӕ уӕд зондзӕн, кӕй йын аргъ кӕныс, уый. Дзырд дӕр ыл нӕй, дӕ ахуыргӕнинаг дӕ тынг бузныг уыдзӕн, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсыс ӕмӕ йын дӕ рӕстӕг кӕй не ’вгъау кӕныс, уый тыххӕй. Хорз ахуыргӕнӕг фӕуарзы ӕрмӕст амонын нӕ, фӕлӕ ма, кӕй ахуыр кӕны, уыцы адӕймаджы дӕр. (Абар Иоанны 5:20.) Цымӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ахуыргӕнинаг куы ’мбара, ӕцӕгӕй йыл кӕй тыхсыс, уӕд зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕндзӕн. Уӕдӕ нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕппӕт тыхтӕй архайут, цӕмӕй уӕ ахуыргӕнинӕгты ӕрмӕст ахуыр ма кӕнат, фӕлӕ ма сын хорз хӕлӕрттӕ дӕр уат (Ӕмб. 17:17; Иоан. 15:15). w15 15/4 1:19, 20

Майрӕмбон, 9 июнь

Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ паддзахыл хъотыр бафтыдта, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг уыд хъотырджын (2 Пад. 15:5).

Зӕгъӕм, паддзах Азарийы (паддзах Ози) хабары тыххӕй Библийы алцы бӕстон фыст не ’рцыд, уӕд куыд ахъуыды кӕнис? (2 Пад. 15:7, 32; 2 Аз. 26:3–5, 16–21). Стӕй ма Библийы ноджыдӕр бирӕ хабӕрттӕ сты цыбыртӕй фыст. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсыс, уӕд, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр раст кӕй бакодта, ууыл фӕдызӕрдыг кӕныс? Ӕви дӕхицӕн фӕзӕгъыс, зӕгъгӕ, Библийы цы фыст ис, уый фаг у, цӕмӕй ӕууӕндӕм, Хуыцау алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл? (Дык. з. 32:4). Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый цас хуыздӕр зонай, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ йыл ӕууӕндгӕ дӕр тынгдӕр кӕндзынӕ. Ӕмӕ уӕд, Хуыцау цавӕрдӕр уавӕрты афтӕ ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый дын алы хатт дӕр ӕмбарын кӕнын нӕ хъӕудзӕн. Библи кӕсгӕйӕ фидарӕй зондзынӕ, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Пс. 77:12, 13). w15 15/4 3:8, 10

Сабат, 10 июнь

Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йӕ зӕдтӕ, хъомысджынтӕ, йӕ ныхас ын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ чи хъусы, уыдон (Пс. 103:20).

Зӕдтӕ сты «хъомысджын». Уыдон адӕмӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ сӕ хъаруйӕ пайда кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Зӕгъӕм, ассириӕгтӕ израилӕгты ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕйы зӕдтӕй иу ныццагъта 185 000 ассириаг ӕфсӕддоны. Адӕймагӕн иунӕгӕй уый бакӕнын йӕ бон нӕ бауыдаид, стӕй ӕнӕхъӕн ӕфсадӕн дӕр зын уыдаид (2 Пад. 19:35). Ӕндӕр хатт та зӕд йӕ хъару ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы Йесойы апостолты ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Кӕд хъахъхъӕнджытӕ уым уыдысты, уӕддӕр нӕ федтой, зӕд дуар куыд бакодта, апостолты куыд рауагъта ӕмӕ та стӕй дуар куыд сӕхгӕдта, уый (Хъуыд. 5:18–23). Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ сӕ хъаруйы фӕрцы аразынц хорз хъуыддӕгтӕ, Хӕйрӕг та – фыдхъуыддӕгтӕ. Хӕйрӕг у стыр тыхы хицау ӕмӕ йӕ бон у адӕмы зондыл ӕндавын. Библи йӕ хоны «ацы дунейы хицау» ӕмӕ «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (Иоан. 12:31). w15 15/5 1:5, 6

Хуыцаубон, 11 июнь

Тӕригъӕд [уӕ] йӕ фӕдыл макӕй асайӕд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уӕд (Дзут. 3:13).

Бинонтӕ дын ис ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайай, цӕмӕй дӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизай. Цымӕ уый ӕнцон у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Зӕгъӕм, кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, скъолайы фехъусыс, де ’мкъласӕгтӕ сӕхицӕй куыд феппӕлынц, кӕимӕ сӕ бафӕнды, уыимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уымӕй. Чи зоны ма феппӕлынц, кӕрӕдзимӕ цы ’нӕгъдау СМС-тӕ ӕмӕ цы хӕлд къамтӕ фервитынц, уыдонӕй дӕр. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты уыцы хъуыддаг нымад у сывӕллӕтты порнографи парахат кӕныныл. Библийы фыст ис: «Хӕтгӕ чи кӕны, уый... йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы» (1 Кор. 6:18). Адӕймаг ӕнӕгъдау цард куы фӕкӕны, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕрынчын уа хӕцгӕ низтӕй. Ӕмӕ бирӕтӕ уыцы низтӕй фӕхъизӕмар кӕнынц ӕмӕ мӕлгӕ дӕр акӕнынц. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, фӕлӕ кӕимӕдӕр ӕмуат чи ’рцыд, уыцы ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, ууыл кӕй фӕсмон кӕнынц. Ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоны хӕтындзинад афтӕ ӕвдисынц, цыма дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы ахиза, уӕд ын ницы уыдзӕн. Ахӕм мӕнг хъуыдытыл чи баууӕнды, уыдоны «тӕригъӕд йӕ фӕдыл... асайы» ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджы бахауынц. w15 15/5 2:14

Къуырисӕр, 12 июнь

Иунӕг Стыр Хуыцау... хорздзинад чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у (Лук. 6:35).

Йесо уыцы хъуыддаджы йӕ Фыды хуызӕн у. Цымӕ йын цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй адӕммӕ хӕларзӕрдӕ уыдаид? Йесо-иу хъуыды кодта, цы зӕгъдзӕн ӕмӕ цы сараздзӕн, уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, иухатт ӕм ӕрбацыд, тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, иу ахӕм сылгоймаг. Уыцы сылгоймаг афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ цӕссыгӕй Йесойы къӕхтӕ ’хсадта. Йесо уыдта, сылгоймаг йе ’взӕр хъуыддӕгтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ зыдта, тызмӕг ӕм куы сдзура, уӕд ын йӕ зӕрдӕйы рыст кӕй фӕтынгдӕр кӕндзӕн. Гъемӕ йын уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ дзы раппӕлыд ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Афтӕ кӕй бакодта, уый фарисейы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ Йесо йемӕ дӕр хӕларзӕрдӕйӕ ныхас кодта (Лук. 7:36–48). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ уӕм? Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, чырыстон хъуамӕ «хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн [кӕнӕ «уӕздан; сабыр», фип.]» (2 Тим. 2:24). Нӕхи-иу иннӕты бынаты куы сӕвӕрӕм ӕмӕ сыл нӕ ныхӕстӕ куыд фӕзындзысты, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕйӕ архайдзыстӕм (Ӕмб. 15:28). w15 15/5 4:8, 9

Дыццӕг, 13 июнь

Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн (Ӕмб. 3:27).

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи цавӕрдӕр бӕллӕхы куы бахауа, уӕд сӕм нӕ бон у истӕмӕй фӕкӕсын, стӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауын (Ӕмб. 17:17). Ахӕм ӕххуыс сӕ бахъӕуы, зӕгъӕм, цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ. Тыхдымгӕйы фӕстӕ йӕ хӕдзар цалцӕг кӕнын кӕмӕн бахъуыд, иу ахӕм идӕдз хо загъта: «Ӕз тынг амондджын дӕн, Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕн. Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ зын сахат мӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыдысты, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг дӕн. Ӕмӕ сӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ ма мын мӕ уырнындзинад кӕй бафидар кодтой, уый тыххӕй дӕр». Моймӕдзыд чи нӕу, иу ахӕм хойӕн дӕр тыхдымгӕ йӕ хӕдзар ныппырх кодта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс асаст. Ӕфсымӕртӕ йын ӕй куы сцалцӕг кодтой, уӕд хо загъта: «Уый стыр диссаг у! Мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый уын мӕ бон зӕгъын дӕр нӕу! [...] Бузныг дын, Йегъовӕ!» Ӕцӕгдӕр, тынг ӕхсызгон нын у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ кӕрӕдзийыл афтӕ зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц. Ноджы стырдӕр цины хос та нын у, Йегъовӕ ӕмӕ ныл Йесо Чырысти кӕй тыхсынц, уый. w15 15/6 1:17

Ӕртыццӕг, 14 июнь

Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл (1 Тим. 5:2).

Библи нын амоны, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзиимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый, ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ ма фӕзына. Чырыстон хъуамӕ уарзоны цӕстӕй кӕса ӕрмӕстдӕр йӕ цардӕмбалмӕ кӕнӕ, йӕ цард баиу кӕнынмӕ кӕимӕ хъавы, уымӕ. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ искӕимӕ дӕхи афтӕ куы дарай, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕмӕ уый дӕ ныхасы уагӕй, дӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ де уӕнгты змӕлдӕй куы ’вдисай, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис, къухӕй йӕм ма ’внал, уый йеддӕмӕ. Фӕлӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи ахӕм уагахастӕй хизой, уымӕн ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы сӕхи афтӕ куы дарой, уӕд сӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзындзӕн, ӕмӕ сӕ уый та, чи зоны, хӕтындзинадмӕ дӕр ӕркӕна. Ахӕм хабӕрттӕ-иу раздӕр дӕр ӕрцыд, ӕмӕ ныр дӕр, гӕнӕн ис, ӕрцӕуой. Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Иосиф. Потифары ус ыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ йын дзырдта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Иосиф ын нӕ разы кодта, фӕлӕ йӕ уый уӕддӕр уӕгъд нӕ уагъта – алы бон дӕр ын дзырдта, цӕмӕй «йемӕ иунӕгӕй... баззадаид» (Райд. 39:7, 8, 10). Фӕлӕ йын Иосиф йӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыста ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сылгоймаджы ’ргом йӕхимӕ не здӕхта. Уый фӕрцы Иосиф нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзындаид. w15 15/6 3:10, 11

Цыппӕрӕм, 15 июнь

Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ (Матф. 6:12).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕмӕ сын йемӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл хъуыды кӕнӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ исчи нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд ын хъуамӕ йӕ рӕдыд уайтагъд ныххатыр кӕнӕм. Арӕхдӕр уый вӕййы гыццыл рӕдыд, ӕмӕ-иу сын куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Стӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, кӕй аргъ кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уымӕн (Кол. 3:13). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын иуӕй-иу хатт зын вӕййы, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыдонӕн хатыр кӕнын (Лев. 19:18). Кӕй нӕ фӕхъыг кодтой, уый тыххӕй ӕмбырды иннӕтӕн куы дзурӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр нӕ фарс рахӕцой, ӕмӕ уӕд ӕмбырды иудзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг уыдзӕн. Уыцы хъуыддагӕн кӕрон куы не скӕнӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн ӕмӕ Чырыстийы нывондӕн нӕ аргъ кӕнӕм (Матф. 18:35). Иннӕтӕн куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон нӕ уыдзӕн махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын (Матф. 6:14, 15). Стӕй нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уӕд хъуамӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ ма аразӕм (1 Иоан. 3:4, 6). w15 15/6 5:9–11

Майрӕмбон, 16 июнь

Паддзах райгонд вӕййы ӕмбаргӕ лӕггадгӕнӕгӕй (Ӕмб. 14:35).

Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ нӕ бон у, абон цы диссаджы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый ноджы рӕсугъддӕр кӕнын. Фӕлӕ йӕ цымӕ цӕй фӕрцы рӕсугъд кӕнӕм? Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы. Ӕмӕ искӕмӕн рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд уыцы «дзӕнӕтӕн» йӕ арӕнтыл «ахӕцӕм» (Ис. 26:15; 54:2). Нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕныныл кӕй архайӕм, уый фӕрцы дӕр, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый рӕсугъддӕр кӕнӕм. Уый руаджы уыцы «дзӕнӕт» адӕмы цӕст йӕхимӕ тынгдӕр ӕлвасы. Арӕх адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы, Библийӕ сын цы дзурӕм, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ нӕ хорз ӕгъдау дӕр, ӕмӕ сӕ уӕд бафӕнды нӕ организацийы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕстӕ та Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базонын. Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ Йесойӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдӕтӕ тынг барухс вӕййынц, абон цы диссаджы рӕсугъд «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕ куы фӕкӕсынц, уӕд. Уыцы «дзӕнӕт» рӕсугъддӕр кӕнгӕйӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ уыцы цинӕн абарӕн дӕр нӕй, фидӕны нӕм цы стыр циндзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ – уӕд зӕрдиагӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй Зӕхх ӕгасӕй дӕр дзӕнӕт суа. w15 15/7 1:18–20

Сабат, 17 июнь

Суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Райд. 3:5).

Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй адӕм баууӕндыдаиккой, Хуыцауӕй зондджындӕр кӕй у ӕмӕ цыфӕнды хъуыддаг дӕр Хуыцауӕй хуыздӕр кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн. Алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у, кӕй фарс уыдзӕн, уый. Фӕлӕ дӕуӕй цы зӕгъӕн ис? Йегъовӕйы фарс дӕ? Уырны дӕ, цыфӕнды хъуыддаг ма уа, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ дӕуӕй хуыздӕр кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн? Нӕ дызӕрдыг кӕныс, адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон? Ӕви дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ хорз хицау уа? Зӕгъӕм дӕ чидӕр фӕрсы, кӕцыдӕр парти кӕнӕ политикон организацийы тыххӕй цы хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп ратдзынӕ? Чи зоны, уыцы партитӕй кӕнӕ организацитӕй кӕйдӕрты зӕрдиагӕй фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ мах зонӕм, адӕмы зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Стӕй ӕмбырды хъуыддӕгтӕ дӕр аразӕм Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ, нӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы не ’мбырдты ис иудзинад. w15 15/7 3:7, 8

Хуыцаубон, 18 июнь

Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл (Пс. 77:12).

Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый бамбарӕн ис, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы акӕсӕм, уӕд (Ром. 1:20). Зӕхх афтӕ конд у, ӕмӕ йыл адӕймагӕн йӕ бон у ӕдасӕй цӕрын, стӕй йыл Хуыцау алцыдӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нын цард циндзинад дӕр хӕсса. Зӕгъӕм, цӕмӕй адӕймаг цӕра, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хӕрын. Ӕмӕ нын цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕхсызгон уа, уый тыххӕй нын Йегъовӕ уыйбӕрц алыхуызон хӕринӕгтӕ радта, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй (Еккл. 9:7). Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райа, ахӕм куыст кӕнын ӕмӕ нӕ фыдӕбоныл цин кӕнын (Еккл. 2:24). Хуыцау адӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй зӕхх сӕ цотӕй байдзаг кӕной ӕмӕ зӕхмӕ, кӕсӕгтӕм, мӕргътӕм ӕмӕ иннӕ цӕрӕгойтӕм зилой (Райд. 1:26–28). Стӕй ма нӕ схайджын кодта рӕсугъд миниуджытӕй, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы нӕ бон у фӕзмын (Еф. 5:1). w15 15/8 1:4, 5

Къуырисӕр, 19 июнь

Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ... ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат (Лук. 21:34, 35).

Мах ирдӕй уынӕм, Библийы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс кӕй у. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, «дӕс сыкъайы» ӕмӕ «сырд» сӕхи Стыр Вавилоныл, ома мӕнг динтыл, куы ныццӕвой, уымӕ (Рарг. 17:16). Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хабармӕ нырма бирӕ хъӕуы. Рох нӕ ма уӕд, мӕнг динтӕ ныппырх кӕныны фӕнд сын сӕ зӕрдӕты Хуыцау кӕй бавӕрдзӕн, ӕмӕ уыцы хабар, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвиппайды, стӕй кӕцыфӕнды бон дӕр ӕрцӕуа (Рарг. 17:17). Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, абоны стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдонмӕ гӕсгӕ (Рарг. 16:15). Уӕдӕ къӕрцхъус уӕм, Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау кӕй «архайы... чи [йӕм] ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны тыххӕй» (Ис. 64:4). w15 15/8 2:17

Дыццӕг, 20 июнь

Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр (Мар. 3:35).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрын. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдон хъуамӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ уой. Уӕдӕ раст нӕ уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕймагимӕ ӕмбӕлын куы райдайа, уӕд. Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыдонӕн сӕ хорзӕх ссарыны бӕсты бирӕ ахсджиагдӕр у Хуыцауы хорзӕх ссарын. Хъуамӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ уой, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕм. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ бӕллӕхмӕ кӕй ӕркӕнынц, уый бӕрӕг у рагон Израилы хабарӕй (Рац. 23:24, 25). Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион нӕ разындысты (Пс. 106:35–39). Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ йӕ адӕмыл нал нымадта ӕмӕ уыдоны бӕсты йӕхицӕн равзӕрста ног адӕм – чырыстон ӕмбырд (Матф. 23:38; Хъуыд. 2:1–4). w15 15/8 4:7, 8

Ӕртыццӕг, 21 июнь

Ацы фӕдзӕхстӕн... йӕ нысан уый у, цӕмӕй нӕм уа, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, сыгъдӕг цӕсгомӕй... чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад (1 Тим. 1:5).

Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы ахӕм сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, ӕмӕ йӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ радта ӕххуысгӕнӕг – ӕфсарм. Ӕфсарм у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕвзарын нӕ бон кӕй фӕрцы у, уыцы миниуӕг. Не ’фсарм нын, раст цы у, уый куы амона, уӕд хорз хъуыддӕгтӕ араздзыстӕм ӕмӕ нӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хиздзыстӕм. Ӕфсарм нӕм кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй хорздзинад аразӕм. Абон иуӕй-иутӕ, кӕд Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ зонынц, уӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразынц ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт уынынц (Ром. 2:14, 15). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕм ӕфсарм ис. Ӕфсарм бирӕты уромы алыхуызон ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй. Ахъуыды-ма кӕн, адӕммӕ ӕфсарм куы нӕ уыдаид, уӕд дуне цы уавӕры уыдаид! Йегъовӕйӕ бузныг куыннӕ стӕм, адӕмы ӕфсармӕй кӕй схайджын кодта, уый тыххӕй! w15 15/9 2:1, 2

Цыппӕрӕм, 22 июнь

Ахъуыды-ма кӕнут, Фыд нӕ куыд тынг бауарзта! (1 Иоан. 3:1).

Апостол Иоанны ныхӕстӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы стыр уарзондзинадыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы ӕмӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ не ’мбарынц, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ сӕ Хуыцау уарза. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау адӕммӕ уазал зӕрдӕ дары ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр уый домы, цӕмӕй дзы тӕрсой ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой. Иуӕй-иу мӕнг ахуырӕдты тыххӕй чидӕртӕ Хуыцауӕй афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕгъатыр у ӕмӕ йӕ уарзӕн нӕй. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та Хуыцау адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзы, цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр. Фӕлӕ Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад базыдтам. Базыдтам, уарзондзинад йӕ сӕйрагдӕр миниуӕг кӕй у ӕмӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:8). w15 15/9 4:1, 2

Майрӕмбон, 23 июнь

Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд... [ӕм] хъыг фӕкӕсы (Дзут. 12:11).

Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ зондамындмӕ хъусын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ дарддӕр загъта: «Уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ». Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймагӕн уынаффӕ куы раттой, уӕд афтӕ никуы хъуыды кӕндзӕн, уый мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын цы загътой, уый йӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуа, уӕд дӕр мӕсты нӕ кӕндзӕн. Абон адӕм сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕрмӕст сӕхиуыл хъуыды кӕнынц. Бирӕтӕ нӕ уарзынц, исчи сын куы бауайдзӕф кӕны кӕнӕ сын уынаффӕ куы ратты. Ӕмӕ сӕ кӕд исчи уынаффӕмӕ байхъусы, уӕддӕр ӕвӕндонӕй. Фӕлӕ мах хъуамӕ уыдоны хуызӕн ма уӕм. Библи нын дзуры, «ацы дуне мауал фӕзмут», зӕгъгӕ. Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый аразӕм (Ром. 12:2). Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты афоныл фӕдӕтты алыхуызон уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг кӕрӕдзиимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куыд хъуамӕ ӕвзарӕм ӕмӕ нӕ фӕллад куыд хъуамӕ уадзӕм, уый фӕдыл. Йегъовӕйы уынаффӕтӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд равдисдзыстӕм, йӕ разамынды тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм (Иоан. 14:31; Ром. 6:17). w15 15/9 5:13, 15

Сабат, 24 июнь

Уырнындзинад мын кӕм нӕ фаг кӕны, уым... мын ыл бафтау (Мар. 9:24).

Махӕн нӕ бон нӕу нӕ уырнындзинад нӕхи хъаруйы фӕрцы фидар кӕнын. Уырнындзинад у, адӕймагмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй иу (Гал. 5:22). Уӕдӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, Йесойы уынаффӕмӕ куы байхъусӕм ӕмӕ Хуыцауӕй алкӕддӕр сыгъдӕг тых куы курӕм. Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта, Йегъовӕ кӕй «ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн» (Лук. 11:13). Адӕймаг Хуыцауыл куы баууӕнда, уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр йӕ уырнындзинад фидар кӕна. Уырнындзинад ис артимӕ абарӕн. Арт куы скӕнӕм, уӕд райдианы тынг фӕсудзы. Фӕлӕ дзы суг куы не ’вӕрӕм, уӕд сабыргай ахуысдзӕн ӕмӕ дзы ӕппынфӕстаг фӕнык йеддӕмӕ ницыуал баззайдзӕн. Ӕдзухдӕр дзы суг куы калӕм, уӕд та судздзӕн ӕмӕ судздзӕн. Афтӕ у нӕ уырнындзинады хабар дӕр. Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Библи дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ уырнындзинад хъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ фидардӕр кӕндзыстӕм. w15 15/10 2:6, 7

Хуыцаубон, 25 июнь

Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл (Пс. 77:12).

Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй адӕймагӕн, цы кӕсы, уый бахъуыды кӕнын ӕнцондӕр вӕййы, хъӕрӕй куы фӕкӕсы, уӕд. Не Сфӕлдисӕг дӕр уый зоны, ӕмӕ Йесо Навинӕн дӕр уымӕн загъта, Закъоны чиныг «дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс», зӕгъгӕ (Йес. Н. 1:8). Библи хъӕрӕй куы кӕсай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, цы кӕсыс, уымӕ саразын ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕнын дӕр. Цӕмӕй дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, цы ахуыр кӕныс, уымӕ саразай ӕмӕ йыл арф ахъуыды кӕнай, уый тыххӕй бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын фӕхъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ-иу арф ахъуыды кӕнынӕн равзар, фӕллад куы нӕ уай, ахӕм рӕстӕг ӕмӕ дӕ кӕм ничи ӕмӕ ницы хъыгдардзӕн, ахӕм бынат. Псаломзарӕггӕнӕг Давид-иу Хуыцауыл хъуыды кодта, ӕхсӕв-иу ӕй хуыссӕг куы нӕ ахста, уӕд (Пс. 63:6). Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди, фӕлӕ-иу уый дӕр ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ скувынӕн равзӕрста сабыр бынат (Лук. 6:12). w15 15/10 4:4, 6, 7

Къуырисӕр, 26 июнь

Зыдта, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый (Иоан. 2:25).

Иухатт Йесо Галилейӕйы куы уыд, уӕд адӕм Капернауммӕ йӕ агурӕг ӕрцыдысты (Иоан. 6:22–24). Йесо ӕмбӕрста, сӕйраджыдӕр ӕм хӕринаджы тыххӕй кӕй ӕрцыдысты, цы амыдта, уый та сӕ афтӕ тынг кӕй нӕ цымыдис кодта. Сӕ зӕрдӕтӕ сын уыдта, ӕмӕ сын фӕразонӕй бамбарын кодта, сӕ зондахасты сӕ фӕивын цы хъӕуы, уый (Иоан. 6:25–27). Ныййарджытӕ, кӕд сымах зӕрдӕтӕ нӕ уынут, уӕддӕр уӕ бон у, ӕмӕ арфуынӕг уат. Зӕгъӕм, уӕ бон у, уӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕнынмӕ цы зӕрдӕ дарынц, уый бамбарын. Ахъуыды кӕнут: «Сӕ зӕрдӕмӕ хъусын кӕнын цӕуы ӕви уацамынды рӕстӕг аулӕфын ӕмӕ исты ахӕрын?» Уӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕнын кӕй нӕ уарзынц, уый куы бамбарат, уӕд бацархайут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг сӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдайа. Уацамынды-иу сын исты хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕнут, цӕмӕй йӕ уыной, хорз ӕххуысгӕнджытӕ уын кӕй сты. w15 15/11 1:10, 11

Дыццӕг, 27 июнь

Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта (Рарг. 21:4).

Нӕ уарзӕгой Хуыцау цы фӕаразы, уый алы хатт дӕр вӕййы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты пайдайӕн. Библи нын дзуры: «Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». Цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауы уарзондзинадӕн чи аргъ кӕны, уыцы коммӕгӕс адӕммӕ! Библийы фыст ис: «Дӕ хъус дар ӕнӕфау адӕймагмӕ ӕмӕ, рӕстзӕрдӕ чи у, уымӕ лӕмбынӕг кӕс, уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ фидӕн уыдзӕн фӕрнӕйдзаг. Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон та бындзагъд фӕуыдзысты» (Пс. 37:37, 38). «Ӕнӕфау адӕймаг» у, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты чи базыдта ӕмӕ Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй чи ӕххӕст кӕны, уый (Иоан. 17:3). Ахӕм адӕймаджы фидарӕй уырны, 1 Иоанны 2:17 цы фыст ис, уый: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм». Ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ йӕ фӕндагыл цӕуӕм (Пс. 37:34). w15 15/11 3:11, 12

Ӕртыццӕг, 28 июнь

Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл (Матф. 9:37).

Паддзах Йесойы разамындӕй Хуыцауы адӕм пайда кодтой алыхуызон мадзӕлттӕй, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кодтаиккой. Уыцы мадзӕлттӕ сын стыр ӕххуыс уыдысты, уӕлдайдӕр та, «кусджытӕ» гыццыл куы уыди, уӕд. Зӕгъӕм, 20-ӕм ӕнусы райдианы хорз хабар хъуыстгонд цыди газетты фӕрцы. Алы къуыри дӕр-иу ӕфсымӕр Чарлз Тейз Расселл ног хабӕртты агентствомӕ арвыста Библийыл арӕзт раныхас. Стӕй-иу уыдон уыцы раныхас арвыстой Канадӕйы, Европӕйы ӕмӕ Иугонд Штатты газетты редакцитӕм. 1913 азмӕ ӕфсымӕр Расселлы раныхӕстӕ ныммыхуыр кодтой 2 000 алыхуызон газеты ӕмӕ сӕ бакаст 15 000 000 адӕймаджы бӕрц! Хорз хабар хъусын кӕнынӕн ма стыр ӕххуыс уыди радио. 1922 азы 16 апрелы ӕфсымӕр Рутерфордӕн радиойы цы раныхас уыди, уымӕ байхъуыста 50 000 адӕймаджы бӕрц. Уый уыди, радиойӕ кӕй радзырдта, уыцы раныхӕстӕн сӕ фыццӕгтӕй. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нын фӕзынд нӕхи радиостанци – Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы радиостанци (WBBR). Фыццаг программӕ уыди 1924 азы 24 февралы. w15 15/11 5:10, 11

Цыппӕрӕм, 29 июнь

Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый (Рац. 3:14).

Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, цы йӕ фӕфӕнды, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ Ной сси науаразӕг, Веселеил – дӕсны ӕрмгуыстгӕнӕг, Гедеон – диссаджы ӕфсӕддон, Павел та – миссионер. Хуыцауы адӕм ӕмбарынц, йӕ номы арф хъуыды кӕй ис, уый. Ӕмӕ йӕ Ног дунейы тӕлмацы комитет дӕр йӕ тӕлмацы уый тыххӕй ныффыста. Хуыцауы ном кӕм нӕ ныффыссынц, ахӕм Библийы тӕлмацтӕ кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр. Йӕ номы бӕсты йын ныффыссынц «Хицау» кӕнӕ бынӕттон хуыцауы ном. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет сӕйраджыдӕр уый тыххӕй загъта, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн дӕр уа, Хуыцауы ном чи кадджын кӕны, ахӕм Библи (Мал. 3:16). Ӕмӕ абон, Йегъовӕйы ном чи кадджын кӕны, уыцы тӕлмац – «Ног дунейы тӕлмац» – ис 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл. w15 15/12 2:7–9

Майрӕмбон, 30 июнь

Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: «Ӕз рынчын дӕн» (Ис. 33:24).

Йегъовӕмӕ ис уыцы хъару, цӕмӕй адӕмы ӕнӕниздзинадыл бандава. Адӕймаджы бафхӕрыны тыххӕй-иу ыл низ бафтыдта, зӕгъӕм, Авраамы рӕстӕджы фараоныл ӕмӕ фӕстӕдӕр та Моисейы хо Мариамыл (Райд. 12:17; Ным. 12:9, 10; 2 Сам. 24:15). Кӕнӕ-иу ыл израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕ куы сивтой, уӕд-иу сыл «низтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ» бафтыдта (Дык. з. 28:58–61). Ӕндӕр хӕттыты та-иу Йегъовӕ йӕ адӕмы низтӕй хъахъхъӕнгӕ бакодта (Рац. 23:25; Дык. з. 7:15). Ӕмӕ ма-иу кӕйдӕрты сӕ низӕй дӕр фервӕзын кодта. Зӕгъӕм, Иов тынг рынчын куы уыд ӕмӕ мӕлӕтмӕ куы бӕллыд, уӕд ӕй Йегъовӕ сдзӕбӕх кодта (Иов 2:7; 3:11–13; 42:10, 16). Ӕцӕгдӕр, Хуыцаумӕ ис уыцы хъару, цӕмӕй рынчын адӕймаджы сдзӕбӕх кӕна. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис йӕ Фыртӕй дӕр. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд дзӕбӕх кодта хъотырджынты, куырмыты, стӕй, суртӕ чи кодта кӕнӕ паралич кӕй ныццавта, уыдоны (Матф. 4:23, 24; Иоан. 9:1–7). Уыцы хабӕртты тыххӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у, Йесо ног дунейы цы диссӕгтӕ скӕндзӕн, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. w15 15/12 4:3, 4

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын