Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 79–91 фф.
  • Июль

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июль
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 июль
  • Хуыцаубон, 2 июль
  • Къуырисӕр, 3 июль
  • Дыццӕг, 4 июль
  • Ӕртыццӕг, 5 июль
  • Цыппӕрӕм, 6 июль
  • Майрӕмбон, 7 июль
  • Сабат, 8 июль
  • Хуыцаубон, 9 июль
  • Къуырисӕр, 10 июль
  • Дыццӕг, 11 июль
  • Ӕртыццӕг, 12 июль
  • Цыппӕрӕм, 13 июль
  • Майрӕмбон, 14 июль
  • Сабат, 15 июль
  • Хуыцаубон, 16 июль
  • Къуырисӕр, 17 июль
  • Дыццӕг, 18 июль
  • Ӕртыццӕг, 19 июль
  • Цыппӕрӕм, 20 июль
  • Майрӕмбон, 21 июль
  • Сабат, 22 июль
  • Хуыцаубон, 23 июль
  • Къуырисӕр, 24 июль
  • Дыццӕг, 25 июль
  • Ӕртыццӕг, 26 июль
  • Цыппӕрӕм, 27 июль
  • Майрӕмбон, 28 июль
  • Сабат, 29 июль
  • Хуыцаубон, 30 июль
  • Къуырисӕр, 31 июль
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 79–91 фф.

Июль

Сабат, 1 июль

Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый (Дзут. 13:2).

Дзырд «уазӕгуарзон»-ӕй чи ’рцыд тӕлмац, уыцы дзырд нысан кӕны, адӕймаг ӕцӕгӕлӕттӕм, ома, кӕй нӕ зоны, уыдонмӕ, хӕларзӕрдӕ куы вӕййы, уый. Ӕмӕ нын уый, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна Авраамы ӕмӕ Лоты. Сӕ дыууӕ дӕр хӕларзӕрдӕйӕ суазӕг кодтой, кӕй нӕ зыдтой, уыдоны. Ӕмӕ уыцы уазджытӕ та зӕдтӕ разындысты (Райд. 18:2–5; 19:1–3). Цымӕ нӕ бон куыд у уазӕгуарзондзинад равдисын? Нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй искӕй нӕхимӕ фӕхонын, цӕмӕй иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм кӕнӕ ӕнӕуи аныхӕстӕ кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнӕм. Не ’мбырд нын районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уӕд ӕй нӕ бон у йӕ цардӕмбалимӕ сихормӕ фӕхонын, семӕ хорз зонгӕ куы нӕ уӕм, уӕддӕр (3 Иоан. 5–8). Искӕй суазӕг кӕныны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ стыр фынгтӕ ӕрӕвӕрӕм кӕнӕ бирӕ ӕхца бахардз кӕнӕм. Нӕ нысан хъуамӕ уа, не ’фсымӕрты, цы нӕм ис, уымӕй дисы бафтауын нӕ, фӕлӕ сӕ бафидар кӕнын. Стӕй нын нӕ хорздзинад йӕ бон бафидын кӕмӕн у, ӕрмӕст ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕ хондзыстӕм (Лук. 10:42; 14:12–14). Алы бон дӕр нын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ ӕнӕвдӕлон хъуамӕ ма уӕм, ӕмӕ нӕ бон искӕй суазӕг кӕнын ма уа! w16.01 1:11, 12

Хуыцаубон, 2 июль

Сымахыл... Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мыхуыр сӕвӕрдта, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй,– сыгъдӕг тых у, Хуыцау нын цы бынтӕ скодта, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн (Еф. 1:13, 14).

Ахӕм чырыстӕттӕн Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бӕлвырдӕй бамбарын кӕны, уӕлӕрвты цӕрынӕн сӕ кӕй равзӕрста, уый. Афтӕмӕй сын сыгъдӕг тых вӕййы «ӕвдисӕн», кӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн, фидӕны ӕнустӕм зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты (2 Кор. 1:21, 22; 5:5). Ахӕм чырыстон бӕлвырдӕй фӕзоны, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй у. Фӕлӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Петр уыцы хабар афтӕ бамбарын кодта: «Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут. Ӕмӕ уӕд ахӕм стыр арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, ӕмӕ бацӕудзыстут нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ» (2 Пет. 1:10, 11). Уӕдӕ сӕрст чырыстон хъуамӕ уый бар мацӕмӕн ратта, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын хъыгдара. Кӕд уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд ӕрцыд, уӕддӕр, Хуыцауыл иузӕрдион куы нал уа, уӕд йӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн (Дзут. 3:1; Рарг. 2:10). w16.01 3:6, 7

Къуырисӕр, 3 июль

Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн (Матф. 23:12).

Раст нӕ уыдзӕн адӕймагӕн ӕгӕр кад кӕнын, суанг Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕр куы уа, уӕддӕр. Библи хистӕр нӕлгоймӕгты кой кӕм кӕны, уым нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фӕзмӕм, фӕлӕ ма нын дзуры, цӕмӕй адӕмӕй нӕхицӕн разамонӕг макӕй скӕнӕм (Дзут. 13:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Фыстад нын афтӕ дӕр дзуры, зӕгъгӕ, иуӕй-иуты «уӕлдай кады аккагыл» нымайын хъӕуы. Фӕлӕ кады аккаг уый тыххӕй не сты, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ сты, фӕлӕ «хорз разамынд» кӕй дӕттынц ӕмӕ «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы... [кӕй] фыдӕбон кӕнынц», уый тыххӕй (1 Тим. 5:17). Сӕрст чырыстӕттӕн ӕгӕр куы кад кӕнӕм ӕмӕ сӕм не ’ргом ӕгӕр куы здахӕм, уӕд-иу сӕ сӕфсӕрмы кӕндзыстӕм. Уымӕй фыддӕр та, гӕнӕн ис, ӕмӕ мах аххосӕй ссӕрбӕрзонд уой (Ром. 12:3). Ӕмӕ махӕй та никӕй фӕнды, цӕмӕй Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй искӕй фӕрӕдийын кӕна! (Лук. 17:2). w16.01 4:9

Дыццӕг, 4 июль

Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).

Адӕймагӕн хорз ӕмбалимӕ цы хӕлардзинад вӕййы, уый у зынаргъ хӕзнайы хуызӕн. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр рӕсугъдӕн кӕй фӕдарынц, ахӕм зынаргъ вазӕйы хуызӕн нӕу. Абарӕн ӕй ис рӕсугъд дидинӕгимӕ – цӕмӕй дидинӕг кала, уый тыххӕй йыл хъӕуы дон кӕнын ӕмӕ йӕм зилын. Авраам дӕр уыцы хӕлардзинад хъахъхъӕдта ӕмӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид. Цымӕ куыд? Авраамӕн алкӕддӕр йӕ зӕрдӕйы уыди Хуыцауы тас ӕмӕ йӕ коммӕ касти. Зӕгъӕм, йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ Ханааны куы уыд, уӕд алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы разамынд агуырдта. Исахъы райгуырдмӕ иу аз куы хъуыди, уӕд Йегъовӕ 99-аздзыд Авраамӕн загъта, цӕмӕй, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдонӕн сунӕт скодтаид. Цымӕ Авраам Йегъовӕйы ныхӕстыл дызӕрдыг кодта кӕнӕ ӕфсӕнттӕ агуырдта, цӕмӕй йӕм ма байхъуыстаид? Нӕ! Авраам Йегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕмӕ йын «тӕккӕ уыцы бон» йӕ ныхасмӕ байхъуыста (Райд. 17:10–14, 23). w16.02 1:9, 10

Ӕртыццӕг, 5 июль

Сывӕллонӕн йӕ митӕм гӕсгӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, цы аразы, уый сыгъдӕг ӕмӕ раст у ӕви нӕ (Ӕмб. 20:11).

Сывӕллонӕн дӕр йӕ бон у ӕмбарын, раст цы у, уый, стӕй, йӕхи йе Сфӕлдисӕгӕн снывонд кӕна, уый цы нысан кӕны, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ фӕлтӕрддзинад хъуыддагӕй чи равдыста ӕмӕ йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, ахӕм ӕрыгон адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ уыцы ахсджиаг къахдзӕф сараза, ома донаргъуыд райса (Ӕмб. 20:7). Фӕлтӕрдджын уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Фӕлтӕрддзинад, адӕймагыл цал азы цӕуы, алы хатт ууыл баст нӕ вӕййы. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, фӕлтӕрд адӕймаг «йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын... сахуыр кодта» (Дзут. 5:14). Фӕлтӕрд адӕймаг зоны, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый, ӕмӕ йӕхицӕн загъта, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайдзӕн. Ахӕм адӕймаджы ӕвзӕрдзинадыл бафтауын зын у, стӕй йӕ уый сӕр дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ ӕдзух исчи разӕнгард кӕна, раст цы у, уый аразынмӕ. Уӕдӕ, донаргъуыд чи райста, ахӕм ӕрыгон адӕймаг дӕр хъуамӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайа, йӕ ныййарджытӕ кӕнӕ иннӕ хистӕртӕ йӕ фарсмӕ куы нӕ уой, уӕд дӕр (Фил. 2:12). w16.02 1:4, 5

Цыппӕрӕм, 6 июль

Ма тӕрс... Ды уыдзынӕ Израилы паддзах, ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг (1 Сам. 23:17).

Ионафаны, ӕвӕццӕгӕн, дисы бафтыдта, ӕрыгон Давид куыд хъӕбатыр разынди, уый. Давид амардта богал Голиафы ӕмӕ уыцы «филистимаджы сӕр» Ионафаны фыдмӕ, Израилы паддзах Саулмӕ, ӕрбахаста (1 Сам. 17:57). Ионафан нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау Давидимӕ кӕй ис, ууыл, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Ионафан ӕмӕ Давид систы тынг ӕввахс ӕмбӕлттӕ. Уыдон ныхас радтой, кӕрӕдзийыл алкӕддӕр иузӕрдион кӕй уыдзысты (1 Сам. 18:1–3). Гъемӕ цӕрӕнбонты Ионафан Давидыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Йегъовӕ Израилы ног паддзахӕй Ионафаны нӕ, фӕлӕ Давиды куы равзӕрста, уӕд дӕр ӕм Ионафан уазал зӕрдӕ дарын нӕ райдыдта. Ӕмӕ Саул Давиды амарыныл куы архайдта, уӕд Ионафан йе ’мбалӕн ӕххуыс кодта. Уый зыдта, Давид Хорешмӕ ӕввахс ӕдзӕрӕг быдыры кӕй ӕмбӕхсы, гъемӕ йӕм уырдӕм араст, цӕмӕй йӕ «Хуыцауы ныфсӕй бафидар кодтаид». Уым ын Ионафан загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон (1 Сам. 23:16). w16.02 3:1, 2

Майрӕмбон, 7 июль

Ӕз уыдтӕн... [Йегъовӕйы] фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг. Ӕз уыдтӕн йе стыр цин алы бон дӕр (Ӕмб. 8:30).

Йегъовӕ Йесойы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ се ’хсӕн ис иудзинад. Хуыцау ӕппӕты фыццаг уый сфӕлдыста, ӕмӕ уый фӕстӕ Йесо йемӕ ӕмгуыст кодта. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр-иу ӕмгуыст кодтой, цӕмӕй-иу сын Хуыцау цы бахӕс кодта, уый сарӕзтаиккой. Зӕгъӕм, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ иумӕ нау арӕзтой. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ ӕмгуыст кодтой, ӕдзӕрӕг быдыры-иу цатыр куы сӕвӕрдтой, стӕй-иу ӕй куы райхӕлдтой ӕмӕ-иу ӕй ӕндӕр ранмӕ куы ахастой, уӕд. Кувӕндоны дӕр Йегъовӕйы сӕ рӕсугъд цагъд ӕмӕ зардӕй иумӕ кадджын кодтой. Йегъовӕйы адӕмӕн ӕппӕт уыдӕттӕ сӕ къухы ӕфтыдысты, ӕмгуыст кӕй кодтой, уый фӕрцы (Райд. 6:14–16, 22; Ным. 4:4–32; 1 Аз. 25:1–8). Фыццаг ӕнусы дӕр чырыстӕттӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕмгуыст кодтой. Апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, кӕд алыхуызон курдиӕттӕй хайджын уыдысты ӕмӕ сыл алыхуызон хӕстӕ уыд, уӕддӕр се ’хсӕн уыди иудзинад. Се ’ппӕт дӕр цыдысты сӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл. Павел сӕ абарста буаримӕ: кӕд буары бирӕ алыхуызон уӕнгтӕ ис, уӕддӕр иумӕ ӕмгуыст кӕнынц (1 Кор. 12:4–6, 12). w16.03 3:1, 2

Сабат, 8 июль

Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).

Раджы заман-иу ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уыдон-иу хъуамӕ Израилмӕ ӕрцыдаиккой (1 Пад. 8:41–43). Фӕлӕ стӕй Йесо бафӕдзӕхста бынтон ӕндӕр хъуыддаг кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис абоны стихы. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕхӕдӕг цыдаиккой ӕппӕт адӕмтӕм дӕр. Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Йегъовӕ равдыста, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххыл дӕр. Уыцы бон, ног чырыстон ӕмбырды чи уыд, уыцы 120 адӕймаджы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой – дзуттӕгтимӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр йӕхи ӕвзагыл дзырдтой (Хъуыд. 2:4–11). Уый фӕстӕ самариӕгтӕн дӕр райдыдтой хъусын кӕнын. Ӕмӕ фӕстӕдӕр та, нӕ эрӕйы 36 азы – ӕндӕр адӕмтӕй сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдонӕн дӕр. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмӕн дӕр хъусын кодтаиккой. w16.02 4:12

Хуыцаубон, 9 июль

Мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн (2 Тим. 2:2).

Хуыцауы адӕм алкӕддӕр зыдтой: цӕмӕй адӕймаг цавӕрдӕр хъуыддаджы ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ахуыр кӕна. Зӕгъӕм, Лоты уацары куы акодтой, уӕд Аврам амбырд кодта, «йӕ адӕмӕй хӕцынмӕ дӕсны чи уыди, уыдоны», ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодтой (Райд. 14:14–16). Паддзах Давиды рӕстӕджы та зарӕггӕнджыты «сахуыр кодтой», Йегъовӕйы кӕй фӕрцы кадджын кодтаиккой, уыцы зарджытӕ зарын (1 Аз. 25:7). Нӕ рӕстӕджы кой куы кӕнӕм, уӕд мах та хъӕуы Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дунейы ныхмӕ тох кӕнын (Еф. 6:11–13). Стӕй нӕ хъӕуы зӕрдиагӕй архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм – адӕмӕн йӕ номы тыххӕй дзурӕм (Дзут. 13:15, 16). Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм. Йегъовӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕной. Цалынмӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕрӕн ног цыдӕртӕ бацамона, уӕдмӕ уал ӕй, чи зоны, бахъӕуа йемӕ Библийӕ иуӕй-иу уагӕвӕрдтыл аныхас кӕнын. Уый фӕрцы ӕфсымӕр, цы базона, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагдӕрӕй архайдзӕн (1 Тим. 4:6). w15 15/4 2:1, 2

Къуырисӕр, 10 июль

[Йесо] йӕ мӕлӕты руаджы йӕ тых асӕтдзӕн, мӕлӕт хӕссыны хъомыс кӕмӕ ис, уымӕн, ома Хӕйрӕгӕн (Дзут. 2:14).

Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алы адӕймаджы мӕлӕты дӕр Хӕйрӕг у аххосджын. Фӕлӕ Хӕйрӕджы аххосӕй ацы дунейы адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц ӕмӕ сты ӕгъатыр. Стӕй ма, Евӕ Сайтаны мӕнг ныхӕстыл кӕй баууӕндыд ӕмӕ Адам ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй адӕм се ’ппӕт дӕр сты тӕригъӕдджын ӕмӕ мӕлынц (Ром. 5:12). Чырысти дӕр ӕй «лӕгмар» хуымӕтӕджы не схуыдта (Иоан. 8:44). Дзырд дӕр ыл нӕй, Хӕйрӕг хъомысджын знаг у. Мах ӕрмӕст Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕууын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма, йӕ фарс чи хӕцы ӕмӕ Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ чи у, уыдонӕн се ’ппӕты ныхмӕ дӕр. Уыдонмӕ хауынц, Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ дӕр. Библи сӕ хоны дӕлимонтӕ, ӕмӕ сты тынг бирӕ (Рарг. 12:3, 4). Дӕлимонтӕ адӕмӕй тыхджындӕр кӕй сты, уый бирӕ хӕттыты равдыстой, стыр хъизӕмӕрттӕ сын кӕй ӕвзарын кодтой, уымӕй (Матф. 8:28–32; Мар. 5:1–5). Уӕдӕ макуы рох кӕнӕм, дӕлимонтӕ ӕмӕ сӕ хицау куыд хъомысджын сты, уый (Матф. 9:34). Ӕнӕ Йегъовӕйӕ Сайтаныл никуы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм. w15 15/5 1:6, 7

Дыццӕг, 11 июль

Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ; нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты (1 Кор. 6:9, 10).

Кӕд дӕ дӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕнӕгъдау ми бакӕнынмӕ цыбӕл кӕнынц, уӕд дӕ бон цы у саразын? Уыцы хъуыддаджы дын дӕхиуыл хӕцын зын кӕй у, ууыл дӕхи раз басӕтт (Ром. 7:22, 23). Хуыцаумӕ кув ӕмӕ дзы хъарутӕ кур (Фил. 4:6, 7, 13). Дӕхи хиз, ӕнӕгъдаудзинадмӕ дӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм уавӕртӕй (Ӕмб. 22:3). Ӕмӕ дӕ исты кӕнӕ исчи куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу дзы уайтагъд «алидз» (Райд. 39:12). Фӕлварӕнты рӕстӕг фидар лӕууын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын диссаджы цӕвиттон ныууагъта Йесо Чырысти. Хӕйрӕг ын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдта, уыдӕттӕй йын йӕхи сайын нӕ бауагъта. Йӕ ныхӕстыл ын рахъуыды-бахъуыды нӕ кодта, фӕлӕ йын уайтагъд загъта: «Фыст у» (Матф. 4:4–10). Йесо хорз зыдта Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыди фӕлварӕны рӕстӕг дзуапп Фыстадӕй раттын. Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ уый бар ма раттӕм, ӕмӕ нӕ сцыбӕл кӕна, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми саразӕм. w15 15/5 2:15, 16

Ӕртыццӕг, 12 июль

Хуыцауы фӕзмут (Еф. 5:1).

Йегъовӕйы зондӕн абарӕн дӕр ницӕимӕ ис. Куы йӕ бафӕнда, уӕд йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый базонын дӕр. Кӕд махмӕ ахӕм курдиат нӕй, уӕддӕр нӕ бон у зондӕй архайын. Куыд? Цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал нӕ бон у ахъуыды кӕнын, уыцы уынаффӕ нӕхиуыл кӕнӕ иннӕтыл куыд фӕзындзӕн. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм, ӕмӕ зондӕй архайӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рагацау ахъуыды кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл. Зӕгъӕм, кӕд искӕимӕ ӕмбӕлыс, уӕд ма рох кӕн: кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ буары монцтыл хӕцын зын вӕййы. Уӕдӕ макуы сараз, Йегъовӕйӕ дӕ чи адард кӕна, ахӕм хъуыддаг! Хуыцау нын цы уынаффӕ дӕтты, уымӕ хъус: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмб. 22:3). w15 15/5 4:10, 11

Цыппӕрӕм, 13 июль

Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг (Матф. 5:28).

Раст ахӕм хабар ӕрцыд паддзах Давидыл. Иухатт «хӕдзары сӕрӕй федта иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ» (2 Сам. 11:2). Фӕлӕ йӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм нӕ азылдта ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕмӕдӕр нӕ сарӕзта. Ӕмӕ кӕд уыцы сылгоймаг кӕйдӕр ус уыди, уӕддӕр ӕм Давид монцӕй ссыгъд ӕмӕ ӕппынфӕстаг йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Цӕмӕй ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бафӕзмӕм Иовы. Уый загъта: «Ӕз мӕ цӕстытимӕ скодтон бадзырд» (Иов 31:1, 7, 9). Уӕдӕ Иовау мах дӕр хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, искӕмӕ кӕсгӕйӕ нӕ сӕрмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ кӕй нӕ бауадздзыстӕм. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, компьютеры, рекламӕйы, журналы кӕнӕ ӕндӕр искуы ӕнӕгъдау ныв федтам, уӕд-иу нӕ цӕстытӕ уайтагъд иннӕрдӕм азилдзыстӕм. Кӕд дӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд уыцы хъуыддагмӕ ӕвӕстиатӕй бавнал! Хуыцауы Ныхас Библийы фыст уынаффӕтӕм куы хъусай, уӕд дӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй бахиздзынӕ ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг уыдзынӕ (Иак. 1:21–25). w15 15/6 3:12–14

Майрӕмбон, 14 июль

Ма нӕ баппар фӕлварӕны (Матф. 6:13).

Чырысти йӕ куывды загъта, «ма нӕ баппар фӕлварӕны», зӕгъгӕ. Ӕмӕ нын йӕ ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ йыл цы хабар ӕрцыд, уый. Хуыцауы сыгъдӕг тых Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй йӕ «уым Хӕйрӕг фӕлвӕрдтаид» (Матф. 4:1). Цымӕ нӕм уый диссаг хъуамӕ кӕса? Нӕ. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Хуыцауы Фырт зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый. Йесо хъуамӕ дзуапп радтаид, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы фарстатӕ фӕзынд, уыдонӕн: Йегъовӕ адӕмы цавӕрдӕр хъӕндзинадимӕ сфӕлдыста? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕххӕст адӕймаг, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвара, уӕд дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайа? Адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд куы дӕттой, уӕд хуыздӕр нӕ уыдзӕн? (Райд. 3:4, 5). Уыцы фарстатӕн дзуапп раттынӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг, фӕлӕ уый фӕрцы, уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чидӕриддӕр ис, уыдон бамбардзысты, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй. w15 15/6 5:12

Сабат, 15 июль

Уыдзӕн... стыр бӕллӕх (Матф. 24:21).

Стыр бӕллӕх цӕмӕй райдайдзӕн? Мӕнг динтӕ иууылдӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕй. Библи мӕнг динтӕ хоны «Стыр Вавилон, хӕтаг сылгоймӕгты... мад» (Рарг. 17:5–7). Цымӕ йын ахӕм ном цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ мӕнг динты разамонджытӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой. Чырыстийӕн ӕмӕ йӕ Паддзахадӕн не ’ххуыс кӕнынц, фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕн. Ӕмӕ сын цӕмӕй фылдӕр бартӕ уа, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы, Библийы, уагӕвӕрдты сӕрты дӕр ахизынц. Сӕрст чырыстӕтты лӕггадӕй уӕлдай сӕ лӕггад Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг нӕу (2 Кор. 11:2; Иак. 1:27; Рарг. 14:4). Фӕлӕ Стыр Вавилон чи фесафдзӕн? Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, «сырх-сырхид сырдыл» цы «дӕс сыкъайы» ис, уыдон ын «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзысты». «Сырх-сырхид сырд» амоны Иугонд Нациты Организацимӕ, «дӕс сыкъайы» та амонынц, уыцы организацийӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы политикон хицӕуттӕм (Рарг. 17:3, 16–18). w15 15/7 2:3, 4

Хуыцаубон, 16 июль

Чи [уӕ] афтӕ дзуры: «Ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», чи – «ӕз Аполлосы», чи – «ӕз Кифӕйы», чи та – «ӕз Чырыстийы» (1 Кор. 1:12).

Уыцы хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ тӕссаг уыд, ӕмбырды фарн куы фехӕла, уымӕй. Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта: «Ме ’фсымӕртӕ... фӕдзӕхсын [уын]: уе ’ппӕт дӕр дзурут ӕмхуызон, къордтыл ма дихтӕ кӕнут, фӕлӕ ут иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнут» (1 Кор. 1:10, 11, 13). Афтӕ у абон дӕр – ӕмбырд хъуамӕ къордтыл ма дихтӕ кӕна (Ром. 16:17, 18). Павел сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ «бӕстӕ» уӕлӕрвты кӕй ис ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ «зӕххон хъуыддӕгтыл» хъуыды кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Фил. 3:17–20). Сӕрст чырыстӕттӕ сты, Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы номӕй чи дзуры, уыцы минӕвӕрттӕ. Минӕвары цы бӕстӕмӕ арвитынц, уыцы бӕстӕйы хъуыддӕгты ӕмӕ политикӕйы нӕ фӕархайы. Раст афтӕ сӕрстытӕн дӕр ацы дунейы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ политикӕимӕ хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уа (2 Кор. 5:20). Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм дӕр Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион сты ӕмӕ ацы дунейы змӕстыты никӕй фарс хӕцынц. w15 15/7 3:9, 10

Къуырисӕр, 17 июль

Уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Сӕ рӕдыд-иу сын ныххатыр кодта ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта. Бирӕ хӕттыты-иу йӕ маст баурӕдта ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдӕх иууылдӕр нӕ ныккалдта (Пс. 78:38).

Ацы стихыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕ мах дӕр кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Уӕдӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ (1 Пет. 5:6, 7). Махӕн Библи хъуамӕ уа хӕзнайау зынаргъ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ немӕ уый фӕрцы ныхас кӕны. Ныййарӕг ӕмӕ сывӕллон ӕргом кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы кӕрӕдзи тынгдӕр фӕуарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл тынгдӕр феууӕндынц. Йегъовӕ дӕр у нӕ уарзӕгой Фыд. Ӕмӕ йӕ кӕд никуы федтам ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс никуы фехъуыстам, уӕддӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ немӕ ныхас кӕны Библийы уылты, ӕмӕ йӕм хъуамӕ «хъусӕм» (Ис. 30:20, 21). Йегъовӕйы фӕнды, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕн разамынд дӕттын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хуыздӕр зонӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм (Пс. 19:7–11; Ӕмб. 1:33). w15 15/8 1:6, 7

Дыццӕг, 18 июль

Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).

Ног дунейы хорздзинӕдтӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ нын ӕппӕты стырдӕр цины хос уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы номӕн куы табу кӕной ӕмӕ йӕ сӕ Хицауыл куы нымайой, уӕд цард куыд хорз уыдзӕн (Матф. 6:9, 10). Цӕй стыр цины хос нын уыдзӕн, Хуыцауы ӕппӕты райдианӕй куыд фӕндыд, афтӕ зӕхх ӕххӕст адӕмӕй куы байдзаг уа. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, ӕххӕстдзинадмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куы кӕнӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд нын цас ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕмӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнын! (Пс. 73:28). Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ ацы диссӕгтӕ иууылдӕр ӕнӕмӕнг кӕй сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матф. 19:25, 26). Фӕлӕ нӕ кӕд ног дунейы цӕрын фӕнды, уӕд хъуамӕ абон «фидар ныххӕцӕм» ӕнусон цардыл (1 Тим. 6:19). Мах зонӕм, кӕрон тынг ӕввахс кӕй у, ӕмӕ хъуамӕ нӕ цардӕй бӕрӕг уа, алы бон дӕр ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ныртӕккӕ у уыцы рӕстӕг, цӕмӕй нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнӕм. w15 15/8 3:2, 3

Ӕртыццӕг, 19 июль

Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы (Иоан. 17:3).

Абон телеуынынады кӕнӕ интернеты цы ’вдисынц, стӕй чингуытӕ ӕмӕ газетты цы фыссынц, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаджы уырнындзинадӕн стыр зиан ӕрхӕсса. Уыдӕттӕ уый тыххӕй арӕзт не ’рцӕуынц, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл тынгдӕр ӕууӕндын райдайой, фӕлӕ цӕмӕй Хӕйрӕджы фыддунейыл ӕууӕндой. Уӕдӕ хъуамӕ тынг лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй, «зӕххон монцтӕ» цы цырен кӕны, ахӕмӕй мацӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ мацӕмӕ хъусӕм (Тит. 2:12). Хӕйрӕджы дунейӕ уӕлдай нын Йегъовӕйы организаци ӕххуыс кӕны, цӕмӕй абон афтӕ цӕрӕм, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны аккаг уӕм. Зӕгъӕм, ис нын бирӕ брошюрӕтӕ, чингуытӕ, видеотӕ ӕмӕ сайт, ӕмӕ нын ӕппӕт уыдӕттӕ стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕгас зӕххыл дӕр ис 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Уыцы ӕмбырдты, стӕй конгрессты цы базонӕм, уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл (Дзут. 10:24, 25). w15 15/8 4:9, 11

Цыппӕрӕм, 20 июль

Закъоны хъуыды сӕ зӕрдӕты фыст... ис, ӕмӕ семӕ иумӕ ууыл дзурӕг у се ’фсарм дӕр (Ром. 2:15).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕнды, цӕмӕй сын се ’фсарм, раст цы у, уый амона, уымӕн ӕмӕ сын уӕд ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Мах фӕнды, цӕмӕй-иу нын не ’фсарм нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый тыххӕй Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон. Фӕлӕ цӕмӕй не ’фсарм ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын, раст цы у, уый амона, уый тыххӕй, Библи цы дзуры, уый ӕрмӕст зонын фаг нӕу. Хъуамӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ уарзӕм ӕмӕ, нӕ пайдайӕн кӕй сты, уый ӕмбарӕм. Павел ныффыста: «Ацы фӕдзӕхстӕн... йӕ нысан уый у, цӕмӕй нӕм уа, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ ӕнӕхин уырнындзинадӕй чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад» (1 Тим. 1:5). Не ’фсарм куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Стӕй ма уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕимӕ тынг ӕнгом кӕй стӕм ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын тынг кӕй фӕнды. Не ’фсарм нын цы фӕдзуры, уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. w15 15/9 2:2, 3

Майрӕмбон, 21 июль

Ахъуыды-ма кӕнут, Фыд нӕ куыд тынг бауарзта (1 Иоан. 3:1).

Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бамбарыны тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, не Сфӕлдисӕг кӕй у, уый. Цард нын уый радта (Пс. 100:3–5). Библи дӕр фыццаг адӕймаг Адамы «Хуыцауы фырт» уымӕн хоны (Лук. 3:38). Ӕмӕ Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты Хуыцаумӕ афтӕ кувын ахуыр кодта, «нӕ уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ (Матф. 6:9). Уӕдӕ Йегъовӕ у нӕ Фыд ӕмӕ адӕмы уарзы, хорз фыд йӕ сывӕллӕтты куыд фӕуарзы, афтӕ. Фыды кой кӕнгӕйӕ кӕмӕндӕрты зын у сӕ цӕстытыл уарзӕгой фыды ауайын кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ, чи зоны, гыццылӕй сӕ фыд тынг ӕфхӕрдта ӕмӕ зӕрдӕрыст сты. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ сывӕллӕтты никуы фефхӕры. Уый ӕппӕты хуыздӕр Фыд у (Пс. 27:10). Хуыцау нӕ тынг уарзы ӕмӕ ныл алы хъуыддаджы дӕр тыхсы. Ӕмӕ уый цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас ӕй нӕхӕдӕг дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Иак. 4:8). w15 15/9 4:3, 4

Сабат, 22 июль

Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).

Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй дзы ӕххуыс фӕагурӕм ӕмӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ базонӕм, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый. Иухатт Самуилы рӕстӕджы израилӕгтӕ филистимӕгтимӕ схӕцыдысты, фӕлӕ сӕ уыдон ныддӕрӕн кодтой. Уӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйы бафӕрсыны бӕсты сӕхи зондӕй аскъуыддзаг кодтой, дарддӕр куыд кӕндзысты, уый. Уыдон загътой: «Цом, ӕмӕ Силомӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын рахӕссӕм, цӕмӕй не ’хсӕн уа ӕмӕ нӕ не знӕгты къухӕй ирвӕзын кӕна». Цымӕ дарддӕр хабар куыд рауад? «Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди – ӕртын мин фистӕг хӕстоны. Хуыцауы бадзырды чырын дӕр байстой» (1 Сам. 4:2–4, 10, 11). Израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ бадзырды чырын се ’хсӕн куы уа, уӕд сын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн. Фӕлӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕн йӕхицӕй нӕ ракуырдтой, стӕй, уый цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл дӕр нӕ бацархайдтой. Уыдон бакодтой, сӕхимӕ растдӕр куыд касти, афтӕ, ӕмӕ сын уый стыр зиан ӕрхаста (Ӕмб. 14:12). w15 15/9 5:16, 17

Хуыцаубон, 23 июль

Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл (Лук. 17:5).

Дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? Донаргъуыды размӕ цы базыдтай, уый фагыл ма нымай (Дзут. 6:1, 2). Дарддӕр дӕр иртас, Библийы пехуымпарӕдтӕй чи сӕххӕст, уыдон. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай. Дӕ бон ма у Библийы фӕрцы бамбарын, дӕ уырнындзинад ӕцӕгдӕр фидар у ӕви нӕ (Иак. 1:25; 2:24, 26). Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, сӕ бон кӕй у, цӕмӕй «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар» уой (Ром. 1:12). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Нӕ рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ, уӕлдайдӕр та «фӕлвӕрд уырнындзинад» кӕмӕн ис, уыдонимӕ, куы фервитӕм, уӕд нӕ бон вӕййы кӕрӕдзи уырнындзинад фидар кӕнын (Иак. 1:3). Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ уырнындзинад халгӕ кӕнынц, хорз ӕмбӕлттӕ та – фидар (1 Кор. 15:33). Ӕмӕ нын Хуыцау дӕр уымӕн дзуры, цӕмӕй «не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм» (Дзут. 10:24, 25). w15 15/10 2:2, 8, 9

Къуырисӕр, 24 июль

Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз (1 Тим. 4:15).

Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕ бон у уыцы адӕймагыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ хъуыддагмӕ чи баразӕнгард кӕндзӕн, ахӕм фарста кӕнӕ цӕвиттон бацӕттӕ кӕнын. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзӕн, стӕй уый фӕрцы адӕмимӕ дӕр Библи хуыздӕр ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕндзынӕ. Хъусын кӕнынмӕ ацӕуыны размӕ дӕр дӕ бон у дӕ «зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын», ома ахъуыды кӕнын (Езд. 7:10). Зӕгъӕм, дӕ бон у Хъуыддӕгты чиныгӕй искӕцы сӕр бакӕсын, цӕмӕй дӕ «зӕрдӕйы зынг» тынгдӕр ссудза. Стӕй ма дӕ бон у ахъуыды кӕнын, уыцы бон Библийӕ цы стихтӕй спайда кӕнинаг дӕ ӕмӕ дӕ цы публикацитӕ раттын фӕнды, уыдоныл дӕр (2 Тим. 1:6). Ахъуыды-иу кӕн, дӕ участокы цавӕр адӕм цӕры ӕмӕ сӕ цавӕр фарстатӕ бацымыдис кӕндзысты, ууыл. Дӕхи афтӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ӕнтыстджынӕй хъусын кӕндзынӕ ӕмӕ «[дӕ] ныхӕсты зындзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъару» (1 Кор. 2:4). w15 15/10 4:9

Дыццӕг, 25 июль

Кӕд [дӕ] дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах (Матф. 5:29).

Ахъуыды кӕнут: «Нӕ сывӕллӕттӕ зонынц, порнографимӕ кӕсын тӕссаг цӕмӕн у, уый? Сывӕллӕтты порнографимӕ кӕсын цӕй тыххӕй бафӕнды? Искуы сӕ, мыййаг, ахӕм цӕмӕдӕр бакӕсын куы бафӕнда, уӕд мын уый тыххӕй радзурын бауӕнддзысты?» Сывӕллон бынтон гыццыл куы уа, суанг ын уӕд дӕр ис зӕгъӕн: «Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй интернеты исты куы фенай ӕмӕ дӕ уымӕ бакӕсын куы бафӕнда, уӕд-иу мын ӕй зӕгъ. Тӕрсгӕ кӕнӕ-иу ӕфсӕрмы ма кӕн. Мӕн фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕнон». Арфуынӕг куы уат, уӕд лӕмбынӕг хъуыды кӕндзыстут, уӕхицӕн цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарут, ууыл дӕр. Иу фыд, Пранас, загъта: «Уӕ бон у, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты бирӕ фӕдзурат, фӕлӕ уӕ сывӕллӕттӕ уӕддӕр сымахмӕ кӕсдзысты ӕмӕ, сымах цы аразут, уый араздзысты». Цы музыкӕмӕ хъусут, цы чингуытӕ кӕсут ӕмӕ цы кинотӕм фӕкӕсут, уыдоны кӕд ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕхицӕн хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзардзысты (Ром. 2:21–24). w15 15/11 1:12–14

Ӕртыццӕг, 26 июль

Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн (Пс. 32:8).

Хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнынӕн хорз мадзал у, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын: автобусты остановкӕты ӕмӕ ӕфсӕнвӕндаг станцӕты, машинӕты лӕууӕндӕтты, стыр дуканиты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм рӕтты. Мыййаг, ахӕм рӕтты хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс нӕ фӕхӕссыс? Уӕд Хуыцаумӕ скув ӕмӕ ахъуыды кӕн цӕуӕг цӕстдарӕг Анжело Манерӕйы ныхӕстыл: «Алы ног мадзал дӕр нымадтам, нӕ бон Йегъовӕйы кадджын кӕнын кӕй фӕрцы у, ахӕм фадатыл, ӕнувыд ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисыны фадатыл. Мах алкӕддӕр цӕттӕ уыдыстӕм, цы мадзӕлттӕ нын амоны, уыдонӕй пайда кӕнынмӕ». Зынгомау нӕм чи фӕкӕсы, суанг ахӕм мадзӕлттӕй дӕр кӕй фӕпайда кӕнӕм, уый фӕрцы сахуыр вӕййӕм нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын ӕмӕ хуыздӕр хъусынгӕнджытӕ свӕййӕм (2 Кор. 12:9, 10). Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ адӕмӕн фӕдзурынц нӕ сайты тыххӕй. Адӕм хорз хабар фехъусынц нӕ сайты фӕрцы, суанг дард рӕтты чи цӕры, уыдон дӕр. w15 15/11 5:12, 13, 15

Цыппӕрӕм, 27 июль

Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та – адӕймаджы (Ӕмб. 27:17).

«Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагӕй ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Зӕгъӕм, англисагау Екклесиасты 9:10 стихы ӕмӕ ма ӕндӕр стихты ӕмбӕлд дзуттаг дзырд «шеол». Уыцы дзырд ӕмбӕлы ӕндӕр англисаг Библиты дӕр. Фӕлӕ йӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл ныффыссӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, стӕй сӕ дзырдуӕтты дӕр нӕй, чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый цавӕрдӕр бынат у. Уымӕ гӕсгӕ тӕлмацгӕнджытӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес»-ы бӕсты фыссой «ингӕн». Ахӕм тӕлмац раст дӕр у ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн дӕр. Зӕронд англисаг дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ баивтой, адӕм ныр кӕмӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй ӕмӕ уый фӕрцы текст сси ӕнцонкӕсӕн ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн, фӕлӕ йӕ хъуыды нӕ фӕивта. Уӕдӕ Библи ӕндӕр ӕвзӕгтӕм кӕй тӕлмац кодтой, уый баххуыс кодта англисаг текст фӕхуыздӕр кӕнынӕн. w15 15/12 2:10, 12

Майрӕмбон, 28 июль

Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг. Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн (Пс. 41:1, 2).

Кӕд, мыййаг, рынчын дӕ, уӕд дӕ фидар ныфс уӕд, Йегъовӕ Хуыцау дын удӕнцой кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, раздӕр-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ. Паддзах Давид, уӕлдӕр цы ныхӕстӕ ис, уыдон куы ныффыста, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ уӕды заман мӕгуыртӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы хорз адӕймӕгтӕн мӕлӕтӕй тӕссаг нӕ уыд. Уӕдӕ сын уӕд Йегъовӕ цы хуызы ӕххуыс кодта? Давид бамбарын кодта: «Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Рынчынӕй йӕ ды фидар кӕндзынӕ» (Пс. 41:3). Йегъовӕ бӕлвырдӕй фӕзоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕй хъӕрзынц, уый ӕмӕ йӕ рох нӕ вӕййынц. Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ сӕ фидар кӕна ӕмӕ сӕ зондӕй хайджын кӕна. Стӕй ма Йегъовӕ адӕймаджы буар дӕр афтӕ скодта, цӕмӕй йӕхӕдӕг йӕхи дзӕбӕх кӕна. w15 15/12 4:7

Сабат, 29 июль

Уӕ зӕрдыл дарут, ахӕстоны чи ис, уыдоны (Дзут. 13:3).

Ацы ран Павел ӕнӕуи ахст адӕмы кой нӕ кодта, фӕлӕ, йӕ дины тыххӕй ахст чи уыд, уыцы ӕфсымӕрты кой. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕхӕдӕг дӕр цыппар азы бӕрц уыди ахӕстоны (Фил. 1:12–14). Павел ӕфсымӕртӕй раппӕлыди, ахӕстоны чи уыд, уыдоны зын сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый тыххӕй (Дзут. 10:34). Уыцы дзуттаг чырыстӕттӕ дард уыдысты, ӕмӕ йын уӕд куыд хъуамӕ баххуыс кодтаиккой? Уыдонӕн сӕ бон уыди Павелы тыххӕй зӕрдиагӕй кувын (Дзут. 13:18, 19). Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сӕ дины тыххӕй ахӕстоны бадынц. Ӕввахс сӕм чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ис фадат, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кӕной ӕмӕ сӕм истӕмӕй фӕкӕсой. Фӕлӕ сӕ, зӕгъӕм, дард стӕм, уӕд та сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? Уыцы иузӕрдион ӕфсымӕрты нӕ зӕрдыл куы дарӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ уыдоны тыххӕй куы кувӕм. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, сӕ зын сын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм. w16.01 1:13, 14

Хуыцаубон, 30 июль

Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн (Ром. 8:16).

Хуыцау адӕмы сфӕлдыста ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕн, уӕлӕрвты нӕ, фӕлӕ (Райд. 1:28; Пс. 37:29). Фӕлӕ Йегъовӕ кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уой. Ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрды, уӕд, цы ныфс сын уыди, уый дӕр ӕмӕ сӕ зондахаст дӕр фӕивы, ӕмӕ райдайынц уӕларвон цардмӕ бӕллын (Еф. 1:18, 19). Фӕлӕ цымӕ адӕймаг, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, куыд базоны, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй ӕрцыд? Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Павел Ромы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕн, «сыгъдӕджытӕ» кӕй схуыдта, уыдонӕн, цы загъта, уымӕ. Павел сӕм ныффыста: «Цы сыгъдӕг тыхӕй схайджын стӕм, уый нӕ цагъартӕ нӕ аразы ӕмӕ нӕ ногӕй тасы не ’фтауы. Фӕлӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцау йӕхицӕн скодта фырттӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тых разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм: „Аввӕ, нӕ Фыд!“» (Ром. 1:7; 8:15). Йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы Хуыцау адӕймагӕн бӕлвырд бамбарын кӕны, хуынд кӕй ӕрцыд, цӕмӕй уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзах уа (1 Фес. 2:12). w16.01 3:8, 9

Къуырисӕр, 31 июль

Иннӕты хъуыддӕгты уӕхи ма тъыссут (1 Фес. 4:11).

Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыцы чырыстӕттӕн кӕй кад кӕнӕм? Куы нӕ сӕ фӕрстытӕ кӕнӕм, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куыд ӕрцыдысты, уымӕй. Уый у, адӕймагӕн ӕрмӕстдӕр йӕхимӕ чи хауы, ахӕм хъуыддаг (2 Фес. 3:11). Стӕй йын йӕ цардӕмбалы, йӕ ныййарджыты кӕнӕ иннӕ хиуӕтты дӕр нӕ фӕрсдзыстӕм, уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст сты ӕви нӕ. Кӕд бинонтӕй чидӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст у, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис (1 Фес. 2:12). Стӕй хъуамӕ ахӕм фарстатӕ дӕр ма дӕттӕм, адӕймаджы зӕрдӕ чи фӕриссын кӕна. Зӕгъӕм, йӕ лӕг сӕрст чырыстон кӕмӕн у, ахӕм хойы нӕ фӕрсдзыстӕм, зӕххыл ӕнустӕм ӕнӕ уымӕй куыд цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ. Мах фидарӕй зонӕм: ног дунейы Йегъовӕ «алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16). Сӕрст чырыстӕтты куы нӕ хъулон кӕнӕм, уӕд нӕхи бахъахъхъӕндзыстӕм. Тӕссаг нын нӕ уыдзӕн, ӕмбырды йӕхи сӕрст чырыстон чи хоны, уыцы «мӕнг ӕфсымӕрты» фӕдыл кӕй ацӕудзыстӕм, уымӕй (Гал. 2:4, 5; 1 Иоан. 2:19). w16.01 4:10, 11

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын