Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 92–104 фф.
  • Август

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Август
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дыццӕг, 1 август
  • Ӕртыццӕг, 2 август
  • Цыппӕрӕм, 3 август
  • Майрӕмбон, 4 август
  • Сабат, 5 август
  • Хуыцаубон, 6 август
  • Къуырисӕр, 7 август
  • Дыццӕг, 8 август
  • Ӕртыццӕг, 9 август
  • Цыппӕрӕм, 10 август
  • Майрӕмбон, 11 август
  • Сабат, 12 август
  • Хуыцаубон, 13 август
  • Къуырисӕр, 14 август
  • Дыццӕг, 15 август
  • Ӕртыццӕг, 16 август
  • Цыппӕрӕм, 17 август
  • Майрӕмбон, 18 август
  • Сабат, 19 август
  • Хуыцаубон, 20 август
  • Къуырисӕр, 21 август
  • Дыццӕг, 22 август
  • Ӕртыццӕг, 23 август
  • Цыппӕрӕм, 24 август
  • Майрӕмбон, 25 август
  • Сабат, 26 август
  • Хуыцаубон, 27 август
  • Къуырисӕр, 28 август
  • Дыццӕг, 29 август
  • Ӕртыццӕг, 30 август
  • Цыппӕрӕм, 31 август
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 92–104 фф.

Август

Дыццӕг, 1 август

Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн? (Райд. 18:25).

Авраам алкӕддӕр, суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр, Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кодтой. Авраам ӕмбӕрста, йӕ бон кӕй у Йегъовӕимӕ цӕуылфӕнды дӕр аныхас кӕнын ӕмӕ дзы ӕххуыс ракурын, цыфӕнды зын фарста йӕ ма тыхсын кӕна, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕ куы загъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ кӕй фесафдзӕн, уӕд Авраам стыхсти. Цӕмӕн? Уый тарсти, хорз адӕм дӕр фыдгӕнджытимӕ куы фесӕфой. Ӕвӕццӕгӕн, Авраам тыхсти, Содомы йын чи цард, уыдоныл – йе ’фсымӕры лӕппу Лотыл ӕмӕ йӕ бинонтыл. Авраам йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕгыл», ӕмӕ йын сӕрныллӕгӕй йӕ сагъӕстӕ раргом кодта. Йегъовӕ дӕр йӕ хӕларӕн фӕразонӕй бамбарын кодта, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ, тӕрхон куы фӕкӕны, суанг уӕд дӕр зӕрдӕтӕм кӕй фӕкӕсы ӕмӕ хорз адӕмы кӕй нӕ фесафы (Райд. 18:22–33). Бӕрӕг у, Авраам, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта ӕмӕ йӕ царды цы уыдта, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кодта. w16.02 1:11, 12

Ӕртыццӕг, 2 август

Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕмӕ мӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты ’хсӕн (1 Сам. 20:42).

Йе ’мбалыл иузӕрдион чи у, ахӕм адӕймагӕн кӕмфӕнды дӕр стыр аргъ ис. Фӕлӕ цымӕ Ионафанӕн ӕрмӕст уый тыххӕй аргъ кӕнӕм, ӕмӕ Давидыл иузӕрдион уыд? Нӕ. Ионафанӕн йӕ царды, Йегъовӕйыл иузӕрдион уа, уымӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Ӕмӕ Давидыл дӕр иузӕрдион уымӕн уыд, стӕй йӕм знаджы цӕстӕй кӕсын дӕр уымӕн нӕ райдыдта, кӕд Давид йӕ бӕсты хъуамӕ паддзах суыдаид, уӕддӕр. Ионафан ма Давидӕн ӕххуыс дӕр кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаид. Сӕ дыууӕ дӕр иузӕрдион уыдысты Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийыл дӕр. Уыдон цардысты, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уымӕ гӕсгӕ. Мах дӕр хъуамӕ иузӕрдион уӕм нӕ бинонтыл, не ’мбӕлттыл ӕмӕ нын ӕмбырды цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдоныл (1 Фес. 2:10, 11). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй иузӕрдион уӕм Йегъовӕйыл. Уый у нӕ Царддӕттӕг! (Рарг. 4:11). Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд. Ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион хъуамӕ уӕм суанг уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр. w16.02 3:3, 4

Цыппӕрӕм, 3 август

Данел йӕхицӕн фидарӕй загъта... йӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кӕндзӕн (Дан. 1:8).

Фӕлтӕрдджын ӕрыгон адӕймаг, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл зын уавӕрты дӕр фидар хӕцдзӕн. Уый ахӕм нӕу, ӕмӕ Паддзахады залы Хуыцауы хӕлар у, скъолайы та – ацы дунейы лымӕн. Уый фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайы (Еф. 4:14, 15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст нӕ ничи у, ӕмӕ кӕстӕртӕ дӕр ӕмӕ хистӕртӕ дӕр иуӕй-иу хатт фӕрӕдийынц (Еккл. 7:20). Фӕлӕ уӕддӕр, кӕд донаргъуыд райсын фӕнд кӕныс, уӕд хорз уаид, куы ахъуыды кӕнис, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын дӕ зӕрдиагӕй фӕнды ӕви нӕ, ууыл. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн: «Йегъовӕмӕ кӕй хъусын, уый хъуыддагӕй ӕвдисын?» Ӕрхъуыды-ма кӕн, дӕ уырнындзинад фӕстаг рӕстӕг фӕлвӕрд куы цыди, уӕд-иу дӕхи куыд дардтай. Уыцы уавӕрты-иу растдӕр куыд бакӕнӕн уыд, афтӕ-иу бакодтай? Мыййаг, Данелау дӕу дӕр, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй чидӕртӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй дын ацы дунейы цы фадӕттӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнай? Дӕ уырнындзинад ахӕм цӕмӕйдӕрты фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» фембарыс? (Еф. 5:17). w16.03 1:7–9

Майрӕмбон, 4 август

Уыцы бонты уыдзӕн, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм бӕллӕх (Мар. 13:19).

Мах ныр цӕрӕм «фӕстаг бонты», ӕмӕ тагъд рӕстӕджы райдайдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм бӕллӕх (2 Тим. 3:1). Уымӕй уӕлдай, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ’ппӕрст ӕрцыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц (Рарг. 12:9, 12). Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар, ӕмӕ йӕ абон куыд бирӕ адӕмӕн ӕмӕ куыд бирӕ ӕвзӕгтыл хъусын кӕнӕм, афтӕ никуыма! Цӕмӕй нын Хуыцау арфӕ кӕна, уый тыххӕй-иу хъуамӕ хъусӕм, ӕмбырды уылты нын цы разамынд дӕтты, уымӕ. Уыцы разамындмӕ абон куы хъусӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, «стыр бӕллӕхы» рӕстӕджы нын цы разамынд дӕтдзӕн, уымӕ хъусын дӕр. Уӕд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:21). Ног дунейы Хуыцауы адӕмы хъӕудзӕн ног разамынд. w16.03 4:16, 18

Сабат, 5 август

Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыд мӕтыхтӕ (Рарг. 9:3).

Фыццаг ӕнусы апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, авд зӕды уадындзтӕй куыд уасынц, уый. Фӕндзӕм зӕд йӕ уадындзӕй куы ныууасыд, уӕд Иоанн федта, «арвӕй зӕхмӕ стъалы куыд ӕрхауд», уый. Уыцы стъалыйӕн лӕвӕрд ӕрцыд дӕлдзӕхы дӕгъӕл. Фыццаг уал дӕлдзӕхӕй скалд фӕздӕг, стӕй фӕздӕгӕй рацыд тынг бирӕ мӕтыхтӕ. Уыдон зиан хастой зайӕгойтӕн нӕ, фӕлӕ, «сӕ ныхтыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕмӕн» (Рарг. 9:1–4). Иоанн зыдта, мӕтыхтӕ тынг стыр зиан кӕй хӕссынц. Зӕгъӕм, афтӕ уыди Египеты Моисейы рӕстӕджы (Рац. 10:12–15). Иоанн кӕй федта, уыцы мӕтыхтӕ амонынц сӕрст чырыстӕттӕм – уыдон хъусын кӕнынц, мӕнг динты цы тӕрхон баййафдзӕн, уый тыххӕй. Уыцы хъуыддаджы семӕ ӕмгуыст кӕнынц, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм дӕр. Афтӕ иумӕ хъусын кӕнгӕйӕ бирӕтӕн баххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕнг дин ныууадзой ӕмӕ Хӕйрӕджы уацарӕй ссӕрибар уой. w16.03 3:3

Хуыцаубон, 6 август

Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй уынон, дӕ закъоны цы диссӕгтӕ ис, уыдон (Пс. 119:18).

Афтӕ фӕлтӕрд чи нӕма у, ахӕм ӕфсымӕры зӕрдӕйы ӕмӕ зонды рӕстдзинад уидӕгтӕ куыд арф ауагъта, уый базоныны тыххӕй йӕ хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у бафӕрсын: «Дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый дӕ цардыл куыд фӕзынд?» Ахӕм фарстайы фӕрцы уын, чи зоны, хорз ныхас рауайа, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын нӕ бон куыд у, уый фӕдыл (Мар. 12:29, 30). Уӕ ныхасы кӕрон йӕ бон у Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых ракурын, цӕмӕй йын ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕна. Ӕфсымӕр куы фехъуса, хистӕр нӕлгоймаг уый тыххӕй кӕй кувы, уӕд ӕй фылдӕр аразын куыннӕ бафӕнддзӕн! Хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕры ахуыр кӕнын куы райдайа, уӕд уал хорз уыдзӕн, йемӕ Библийӕ цалдӕр цӕвиттоныл куы аныхас кӕна, цӕмӕй уыцы цӕвиттонты фӕрцы ӕфсымӕр бамбара, адӕймаг ӕнӕзивӕг, ӕууӕнкджын ӕмӕ сӕрныллӕг уа, уый ахсджиаг кӕй у (1 Пад. 19:19–21; Неем. 7:2; 13:13; Хъуыд. 18:24–26). Сыджытыл хъацӕнтӕ кӕнын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ӕфсымӕрмӕ ацы миниуджытӕ уой. Уыдоны фӕрцы тагъддӕр рӕздзӕн ӕмӕ-иу йӕ цӕстытӕ «байгом... кӕндзӕн», цӕмӕй-иу, Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы хъуыдытӕ ис, уыдон фена. w15 15/4 2:3, 4

Къуырисӕр, 7 август

Баввахс ут Хуыцаумӕ (Иак. 4:8).

Цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕввахс ӕмбӕлттӕ уат, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр ныхас кӕнат. Фӕлӕ цымӕ дӕ бон куыд у Хуыцауимӕ ныхас кӕнын? Йегъовӕимӕ фӕныхас кӕныс, куы йӕм фӕкувыс, уӕд (Пс. 142:2). Ӕмӕ, Йегъовӕ цы дзуры, уый та дӕ бон куыд у хъусын? Ӕдзухдӕр ын йӕ Ныхас, Библи, куы кӕсай ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнай (Ис. 30:20, 21). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый, чи зоны, алы хатт бӕрӕг ма уа. Фӕлӕ йӕм бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй куы кувӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн бӕлвырдӕй фенын, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп куыд дӕтты, ӕмӕ йыл уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн куы дзурай, уӕд дӕм уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн. Адӕймаг хъуамӕ Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна цӕрӕнбонты. Цӕй уӕдӕ ӕдзухдӕр Библи кӕсӕм, ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъусӕм, стӕй йӕм ӕдзухдӕр кувӕм, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм. Уый фӕрцы, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕндзӕн, ӕмӕ нын уый хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм. w15 15/4 3:3, 14, 16

Дыццӕг, 8 август

Уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (1 Пет. 5:8).

Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Хӕйрӕг куыд ӕгъатыр ӕмӕ куыд фыдзӕрдӕ у, уый! Ӕгас дуне ӕнӕуи дӕр йӕ къухы ис, фӕлӕ йын уый фаг нӕу – ноджы фылдӕр амӕттӕгтӕ йӕ хъӕуы. Йӕ нысан у Йегъовӕйы адӕмы фесафын. Ӕмӕ фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ цы ’фхӕрд ӕййафынц, уымӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг куыд ӕгъатыр у, уый. Ӕххормаг домбай йӕ амӕттаджы куы ’рцахсы, уӕд ын нӕ фӕтӕригъӕд кӕны, ӕмӕ йӕ куы амары, уӕд ууыл дӕр нӕ фӕфӕсмон кӕны. Раст афтӕ Хӕйрӕг дӕр, йӕ ныхтӕ кӕй мидӕг ныссадзы, уыдонӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕны. Дӕумӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕ-иу ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл куы бафтыдысты кӕнӕ-иу зыд кӕнын куы райдыдтой, уӕд-иу Хӕйрӕг цы хъуыды кодта? Зӕгъӕм, Зимри ӕнӕгъдау хъуыддаг кӕй бакодта кӕнӕ Гиези кӕй зыд кодта, уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм. Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, уыдӕттӕ уынгӕйӕ Хӕйрӕг куыд цин кодтаид? (Ным. 25:6–8, 14, 15; 2 Пад. 5:20–27). w15 15/5 1:8, 9

Ӕртыццӕг, 9 август

Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн (Иак. 4:7).

Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм? Йесо загъта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лук. 21:19). Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу махӕн ахӕм зиан ракӕнын, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕй нӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн, уый нӕхӕдӕг куы нӕ бауадзӕм, уӕд (Ром. 8:38, 39). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй исчи мӕлгӕ куы акӕна, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕг фӕуӕлахиз. Йегъовӕ уыцы адӕймаджы райгас кӕндзӕн (Иоан. 5:28, 29). Хӕйрӕгмӕ та хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ацы фыддуне сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд 1 000 азмӕ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:1–3). Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон Хӕйрӕг цыбыр рӕстӕгмӕ «йӕ ахӕстонӕй уагъд ӕрцӕудзӕн» ӕмӕ фӕстаг хатт бафӕлвардзӕн ӕххӕст адӕмы фӕсайын. Ӕмӕ уый фӕстӕ сӕфт ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:7–10). Хӕйрӕгӕн йӕ бонтӕ нымад сты, дӕумӕ та диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уӕдӕ йӕ ныхмӕ лӕуу ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн (1 Пет. 5:9). Дӕуӕн дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уай! w15 15/5 2:1, 18

Цыппӕрӕм, 10 август

Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц (Ӕмб. 22:3).

Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕхи хизы, зиан ын чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм хъуыдытӕй. Хъуыдытӕ абарӕн ис артимӕ: кӕнӕ дын пайда ӕрхӕсдзысты, кӕнӕ та – зиан. Артмӕ дӕ хъус лӕмбынӕг куы дарай, уӕд ыл ис хӕринаг сфыцӕн, фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уай, уӕд дын арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ хӕдзар басудза ӕмӕ ма дӕхӕдӕг дӕр бабын уай. Раст афтӕ, Йегъовӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ ӕнӕгъдау митыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куыд аразӕм, уый нӕ цӕстытыл куы уайын кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнгӕ дӕр бакӕнӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ нал уыдзыстӕм (Иак. 1:14, 15). Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу нӕ цӕстытыл ма уайын кӕнӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ куыд аразӕм, уый. Чырысти загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матф. 5:28). w15 15/5 4:11, 12, 14

Майрӕмбон, 11 август

Ме стыр цин уыдысты зӕххон адӕм (Ӕмб. 8:31).

Йесо хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыста, адӕмыл куыд тынг тыхсы, уый. Иухатт Йесо иу горӕты фембӕлд хъотырӕй рынчын лӕгыл (Мар. 1:39, 40). Уыцы ӕвзӕр низ ыл афтӕ стых, ӕмӕ дохтыр Лука ныффыста, «йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй... нал зынд», зӕгъгӕ (Лук. 5:12). Рынчын лӕг «Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Мӕ буц Хицау, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ“». Уыцы нӕлгоймаг зыдта, Йесомӕ ахӕм тых кӕй ис, ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕна. Фӕлӕ, Йесойы йе сдзӕбӕх кӕнын фӕндыд ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕхицӕй зыдта, фарисейтӕ хъотырджын адӕмыл ӕлгъ кӕй кодтой. Цымӕ Йесо та куыд хъуыды кодта? Йесо йӕм йӕ къух бадардта ӕмӕ йыл андзӕвыд. Стӕй йын фидарӕй, фӕлӕ фӕлмӕнӕй загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ «лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт» (Лук. 5:13). Ӕцӕгдӕр, Йесо равдыста, адӕмы куыд тынг уарзы, уый (Лук. 5:17). w15 15/6 2:3–5

Сабат, 12 август

Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый... цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ (Ӕмб. 18:1).

Чи зоны дын ӕнцон ма уа дӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй искӕимӕ ныхас кӕнын, фӕлӕ ӕххуыс ракурын тынг ахсджиаг у (Дзут. 3:12, 13). Фӕлтӕрд чырыстон дын баххуыс кӕндзӕн, фӕивын дӕ цы хъӕуы, уый бамбарынӕн. Йӕ уынаффӕмӕ йын куы байхъусай ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ куы скӕнай, уӕд Йегъовӕйы уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзынӕ. Уӕлдай тынгдӕр та нын баххуыс кӕндзысты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Иак. 5:13–15). Кӕд порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр дӕ, уӕд дӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы ӕххуыс ракурын, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Цас фылдӕр фӕстиат кӕнай, уыйас дын тӕссагдӕр уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕнд уидаг куы ауадза ӕмӕ дӕ тӕригъӕдмӕ куы ’ркӕна, уымӕй. Ӕмӕ уӕд иннӕты зӕрдӕтӕ дӕр фӕриссын кӕндзынӕ ӕмӕ Йегъовӕйы ном дӕр фӕхудинаг кӕндзынӕ. Бирӕтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдтой ӕмӕ сын сӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной ӕмӕ дарддӕр дӕр чырыстон ӕмбырды уой (Иак. 1:15; Пс. 141:5; Дзут. 12:5, 6). w15 15/6 3:15–17

Хуыцаубон, 13 август

Уыцы бон пехуымпартӕй алкӕмӕ дӕр худинаг ӕркӕсдзӕн, цы цӕстылуайӕн федта, уый тыххӕй. Цармӕй дарӕсы нал цӕудзысты ӕмӕ адӕмы нал сайдзысты (Зах. 13:4).

Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд цымӕ мӕнг динтыл хӕст адӕм се ’ппӕт дӕр сӕфт ӕрцӕудзысты? Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ. Дины разамонджытӕй чидӕртӕ сӕ дин ныууадздзысты ӕмӕ дзурдзысты, ӕз уыцы динмӕ никуы ницы бар дардтон, зӕгъгӕ (Зах. 13:5, 6). Цымӕ Хуыцауы адӕмӕн та сӕ хабар куыд уыдзӕн? Йесо загъта: «Уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр уой, уӕд ничи фервӕздзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй фӕцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ» (Матф. 24:22). Фыццаг ӕнусы Иерусалимы цы бӕллӕх уыд, уымӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр», ӕмӕ уый руаджы «ӕвзӕрстытӕн», ома сӕрст чырыстӕттӕн, фӕзынд алидзыны фадат. Раст афтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр «ӕвзӕрстыты» тыххӕй стыр бӕллӕхы фыццаг хай «фӕцыбыр уыдзӕн». Хуыцау политикон хицӕуттӕн, «дӕс сыкъайӕн», уый бар нӕ ратдзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фесафой (Рарг. 17:16). Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы уыдзӕн сабыр. w15 15/7 2:5, 6

Къуырисӕр, 14 август

Хӕйрӕг [ӕм] ӕрбацыд (Матф. 4:3).

Фӕлварӕны куыд бакӕндзыстӕм, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у – алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, фӕлварӕны ныхмӕ фӕлӕудзӕн ӕви нӕ (Матф. 6:13; Иак. 1:13–15). Зӕгъӕм, Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд-иу ын Йесо уайтагъд Хуыцауы Ныхасӕй дзуапп радта. Чырысти Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Фӕлӕ йӕ Хӕйрӕг ууыл нӕ ныууагъта – ӕнхъӕлмӕ касти, «ӕндӕр хорз фадат ын кӕд фӕуыдзӕн, уӕдмӕ» (Лук. 4:13). Хӕйрӕг цыфӕнды ма арӕзтаид, уӕддӕр Йесо алкӕддӕр Хуыцауы йӕ Хицауыл нымадта ӕмӕ йӕ коммӕ касти. Фӕлӕ Хӕйрӕг фӕлвары Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты, цӕмӕй сӕ фӕрӕдийын кӕна, ӕмӕ дзы ды дӕр рох нӕ дӕ. Йегъовӕйы хицаудзинады тыххӕй цы фарста сӕвзӕрд, уымӕн ныр дӕр ма хъӕуы дзуапп раттын. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн нырма уый бар дӕтты, цӕмӕй нӕ фӕлвара, фӕлӕ нӕ йӕхӕдӕг фӕлварӕны никуы баппары. Хуыцау нӕ дызӕрдыг кӕны, нӕ бон ыл иузӕрдионӕй баззайын кӕй у, ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ дӕр алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы. Фӕлӕ, раст цы у, уый нын тыхӕй никуы фӕаразын кӕны,– рох дзы нӕу, сӕрибардзинадӕй нӕ кӕй схайджын кодта. Уымӕ гӕсгӕ нын уый бар фӕдӕтты, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм, иузӕрдион ыл уыдзыстӕм ӕви нӕ. Цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм дыууӕ хъуыддаджы: архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм, стӕй йӕм ӕдзухдӕр кувӕм. w15 15/6 5:13, 14

Дыццӕг, 15 август

Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн ницӕмӕй стӕм, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа (2 Кор. 6:3).

Адӕм арӕх сӕрыстыр вӕййынц сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕ зондахаст ивӕм ӕмӕ не ’фсарм ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй ахӕм хабӕрттӕм ацы дунейы цӕстӕй ма кӕсӕм (Ром. 14:19). Ӕркӕсӕм иу хойы, Мирьетӕйы, цӕвиттонмӕ. Уый царди, Югослави чи хуынди, уыцы бӕстӕйы. Кӕм хъомыл кодта, уыцы ран сербӕгтӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кастысты. Мирьетӕ Йегъовӕйы тыххӕй куы базыдта, уӕд бамбӕрста, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны ӕмӕ уый Хӕйрӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзимӕ ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсой. Мирьетӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид. Фӕлӕ, кӕм царди, уым алыхуызон адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзиимӕ хӕцын куы райдыдтой, уӕд та фӕстӕмӕ сербӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Уыцы адӕмӕн ӕй хорз хабар хъусын кӕнын дӕр нӕ фӕндыд. Мирьетӕ зыдта, уый хорз кӕй нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кодтаид. Мирьетӕ загъта: «Ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс мын фӕци, ӕдзухдӕр мӕ лӕггадыл кӕй хъуыды кодтон, уый. Хъусын кӕнгӕйӕ архайдтон, цӕмӕй адӕммӕ дарон, Йегъовӕ сӕм цы зӕрдӕ дары, ахӕм зӕрдӕ. Ӕмӕ сабыргай мӕ зондахаст фӕивтон». w15 15/7 3:11–13

Ӕртыццӕг, 16 август

Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса (2 Аз. 16:9).

Ахъуыды-ма кӕнӕм Иудӕйы паддзах Иосафаты хабарыл. Иухатт Иосафат ӕвзӕр уынаффӕ рахаста – Израилы паддзах Ахавимӕ баиу. 400 мӕнг пехуымпары Ахавӕн загътой, тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы пехуымпар Михей загъта, хӕстмӕ куы ацӕуой, уӕд кӕй фӕхӕрд уыдзысты, ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Ахав тохы фӕмард, Иосафат та тыххӕй аирвӕзт. Тохы фӕстӕ Йегъовӕ Ииуйы уылты Иосафатӕн йӕ рӕдыды тыххӕй бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ ма Ииуй паддзахӕн афтӕ дӕр загъта: «Хуыцау [дӕм] хорздзинад дӕр федта» (2 Аз. 18:4, 5, 18–22, 33, 34; 19:1–3). Ӕмӕ кӕд фӕстӕдӕр Иосафат ӕвзӕр уынаффӕ рахаста, уӕддӕр Йегъовӕ нӕ ферох кодта, Иосафат уый размӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон (2 Аз. 17:3–10). Уыцы цӕвиттон нын удӕнцойы хос у, уымӕн ӕмӕ мах дӕр иуӕй-иу хатт фӕрӕдийӕм. Фӕлӕ нӕ лӕггады, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ уарздзӕн ӕмӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ никуы ферох кӕндзӕн. w15 15/8 1:8, 9

Цыппӕрӕм, 17 август

Амон сын, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой... цӕмӕй фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл (1 Тим. 6:18, 19).

Нӕ бон куыд у нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуын фӕнд кӕнӕм, уӕд нӕхи куыд бацӕттӕ кӕниккам? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы бӕстӕйы цы ’взагыл дзурынц, уый ахуыр кӕнын райдаиккам. Стӕй ма дзы цы ’гъдӕуттӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр фылдӕр базониккам. Чи зоны ма сын сӕ хӕринӕгтӕй дӕр кӕцыдӕртӕ фенӕм. Афтӕмӕй зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ, уыцы бӕстӕйы ацӕрын афӕлвӕрдтам. Раст афтӕ, ног дунейы куыд цӕрдзыстӕм, уымӕ дӕр нӕ бон у абон цӕттӕ кӕнын. Уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм афтӕ цӕрын, цыма ныридӕгӕн дӕр ног дунейы стӕм. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг хӕсджын нӕу, цӕмӕй искӕмӕ хъуса ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ кӕса. Цымӕ уыцы зондахаст цӕмӕ ’ркодта? Бирӕ мӕстытӕм ӕмӕ ӕвирхъау бӕллӕхтӕм (Йер. 10:23). Куыд тынг бӕллӕм, алы адӕймаг дӕр нӕ уарзӕгой Хицау Йегъовӕйы коммӕ куы кӕса, уыцы рӕстӕгмӕ! w15 15/8 3:4, 5

Майрӕмбон, 18 август

Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут (2 Кор. 6:14).

Чырыстӕттӕй бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг кӕсой, сӕ рӕстӕг кӕимӕ фервитынц, уымӕ. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй смой кӕнын кӕнӕ ус ракурын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи зӕгъы, цӕмӕй сӕхицӕн цардӕмбалӕн равзарой, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст ахӕм адӕймаджы, ома, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, донаргъуыд чи райста ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕймаджы (1 Кор. 7:39). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймагимӕ дӕ цард куы баиу кӕнай, уӕд дын уыдзӕн, Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн дын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм цардӕмбал. Йегъовӕ зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый, ӕмӕ бинонтӕ скӕныны тыххӕй цы уынаффӕ радта, уый дӕр нӕ пайдайӕн у. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы уынаффӕ ног цыдӕр нӕу. Зӕгъӕм, нӕ бон у нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уыцы адӕмты тыххӕй израилӕгтӕн цы загъд уыд, уый. Моисейы уылты сӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста: «Хӕстӕгӕн... [сӕ] ма агурут. Уыдон уын уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты» (Дык. з. 7:3, 4). w15 15/8 4:12, 13

Сабат, 19 август

Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут. Уӕд уӕм... фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ иннӕтӕн цӕлхдур нӕ уыдзыстут (Фил. 1:10).

Нӕ бон куыд у не ’фсарм ахуыр кӕнын? Хъуамӕ ӕдзухдӕр Библи кӕсӕм, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн. Уӕдӕ Библийы фыст хабӕрттӕ ӕмӕ закъӕттӕ зонын фаг нӕу. Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ нысан хъуамӕ уа Йегъовӕйы хуыздӕр базонын. Хъуамӕ базонӕм, цавӕр Хуыцау у, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ нын уый фӕрцы бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарын. Не ’фсарм цас фылдӕр ахуыр кӕнӕм, уыйас нын хуыздӕр уайдзӕн, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Чи зоны, иуӕй-иу хатт нӕ фембарӕм, ӕмбырды чидӕр, ӕрмӕстдӕр йӕхимӕ чи хауы, уыцы хъуыддаджы фӕдыл цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахаста, уый. Цымӕ уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? Хъуамӕ-иу ын уайтагъд тӕрхон кӕнынмӕ ма фӕуӕм кӕнӕ йын йӕ хъуыды аивыныл ма архайӕм. Чи зоны йӕ нырма йе ’фсарм ахуыр кӕнын хъӕуы кӕнӕ та йын, чи зоны, бирӕ цӕмӕндӕрты бар нӕ дӕтты (1 Кор. 8:11, 12). w15 15/9 2:4, 8, 10

Хуыцаубон, 20 август

Зӕхх... радта адӕймаджы фырттӕн (Пс. 115:16).

Хуыцау цы планетӕтӕ скодта, уыдонӕй зӕххӕй диссагдӕр никӕцы у. Уый зӕхх ӕрмӕст афтӕ не скодта, цӕмӕй йыл цӕрӕн уа, фӕлӕ ма йыл цӕмӕй алцыдӕр уа рӕсугъд ӕмӕ йыл нӕ бон уа зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын (Ис. 45:18). Нӕ Фыд Йегъовӕ нын цы диссаджы хӕдзар скодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый (Иов 38:4, 7; Пс. 8:3–5). Фӕлӕ нын кӕд Йегъовӕ рӕсугъд хӕдзар радта, уӕддӕр зоны, ӕрмӕст уый фаг кӕй нӕу, цӕмӕй амондджын уӕм. Цӕмӕй сывӕллон амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ зона, йӕ ныййарджытӕ йӕ кӕй уарзынц. Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ скодта – афтӕ сӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у, кӕй сӕ уарзы, уый ӕмбарын ӕмӕ йын йӕхи дӕр уарзын (Райд. 1:27). Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матф. 5:3). Йегъовӕ нын парахатӕй дӕтты, «циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у уарзӕгой ӕмӕ рӕдау Фыд (1 Тим. 6:17; Пс. 145:16). w15 15/9 4:6, 7

Къуырисӕр, 21 август

Вӕййы ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ (Ӕмб. 14:12).

Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тынг уарзта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр дардта. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы. О мӕ Хуыцау, мӕ уд ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси. Уый тыххӕй дӕ ӕрымысын» (Пс. 42:5, 6). Ды дӕр Йегъовӕмӕ ахӕм зӕрдӕ дарыс? Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ уарзыс ӕмӕ йыл ӕууӕндыс? Кӕд «о» зӕгъдзынӕ, уӕддӕр дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй йыл дӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарай. Библи нын дзуры: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6). Йегъовӕ нӕ фыццаг кӕй бауарзта, уымӕй нын равдыста, куыд ӕй хъуамӕ уарзӕм, уый (1 Иоан. 4:19). Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр хъуыды кӕнӕм, Хуыцау мах тыххӕй цас сарӕзта ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, ууыл. Ӕмӕ алкӕддӕр бӕрӕг уӕд, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ йӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй уарзӕм, уый (Мар. 12:30). w15 15/9 5:17–19

Дыццӕг, 22 август

Ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн (Йес. Н. 24:15).

Нӕ уырнындзинад фӕфидар кӕнӕм, адӕмӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд. Фыццаг чырыстӕттау мах дӕр ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ цавӕрфӕнды уавӕры дӕр уӕндонӕй дзурӕм (Хъуыд. 4:17–20; 13:46). Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый куы фӕуынӕм, уӕд дӕр нӕ уырнындзинад фӕфидар кӕны. Афтӕ уыди Халев ӕмӕ Йесо Навины хабар дӕр. Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый бӕрӕг уыди, Зӕрдӕвӕрд зӕхх сгарынмӕ куы ацыдысты, уӕд. Уый фӕстӕ дӕр, Йегъовӕ сын алы хатт дӕр куыд ӕххуыс кодта, уый уынгӕйӕ сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо Навин израилӕгтӕн фидарӕй афтӕ цӕмӕн загъта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты». Стӕй ма загъта: «Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут ӕмӕ йын ӕнаиппӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут» (Йес. Н. 23:14; 24:14). Нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы фӕдарӕм ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр фӕкӕны (Пс. 34:8). w15 15/10 2:10, 11

Ӕртыццӕг, 23 август

Ездрӕ йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кодта (Езд. 7:10).

Кӕд ӕмбырды ӕмӕ конгрессты раныхӕстӕ цыбыртӕй фӕфыссыс, уӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уыцы фыстытӕм ӕркӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн: «Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ йӕ организацийӕ цы базыдтон?» Алы мӕй дӕр цы брошюрӕтӕ райсӕм, стӕй конгресмӕ цы публикацитӕ рауадзынц, уыдоны дӕр вӕййы бирӕ ног хъуыдытӕ, ӕмӕ уыдоныл дӕр нӕ бон у хъуыды кӕнын. «Ӕрвылазон чиныджы»-иу исты хабар куы бакӕсай, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ-иу ыл ахъуыды кӕн – афтӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайдзӕн. Цы публикаци кӕсай, уым дӕ, чи зоны, бафӕнда сӕйраг хъуыдытӕ бахахх кӕнын кӕнӕ та йын йӕ фӕрстыл исты афыссын. Уый дын хорз ӕххуыс фӕуыдзӕн, адӕймагмӕ ногӕй бацӕуынмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд. Кӕд ӕфсымӕр дӕ, уӕд ма дын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, ӕмбырды искӕй бабӕрӕг кӕнынмӕ куы хъавай кӕнӕ раныхас куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕр. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ-иу кӕсгӕ-кӕсын куы ’рлӕууай ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕнай, уӕд-иу дын, цы бакӕсай, уый дӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр бахъардзӕн, стӕй-иу дын фадат уыдзӕн, цы хорз хъуыдытӕ базыдтай, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъын. w15 15/10 4:9, 10

Цыппӕрӕм, 24 август

Йесо... зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй (Лук. 2:52).

Ныййарджытӕн сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы, сӕ сывӕллон донаргъуыд куы райсы, уӕд. Береникӕйӕн ис цыппар сывӕллоны ӕмӕ сӕ цыппар дӕр донаргъуыд райстой, 14 азы сыл куы нӕма цыди, уӕд. Береникӕ загъта: «Уымӕй тынгдӕр ницӕуыл цин кодтам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уый тыххӕй сӕ тынг райгонд уыдыстӕм. Фӕлӕ ма зыдтам, нӕ сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кӕной, афтӕ фылдӕр зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, уый дӕр». Сывӕллӕтты психологи чи иртасы, иу ахӕм профессор загъта, ныййарджытӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ хъӕддаг кӕнӕ бынтон ӕвӕлтӕрд сты. Уыцы профессор загъта, уыцы кары сывӕллӕттӕм бирӕ ног хъуыдытӕ кӕй фӕзыны, бирӕ цыдӕртӕ саразын сӕ кӕй фӕфӕнды, стӕй алцыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй фӕисынц ӕмӕ сӕ се ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитын кӕй фӕфӕнды. Уӕдӕ цалынмӕ уӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары сты, уӕдмӕ дӕр сӕ бон у, ӕмӕ Йесойау се ’рыгонӕй Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбӕлттӕ суой. w15 15/11 2:1, 2

Майрӕмбон, 25 август

Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр (Матф. 6:10).

Хуыцауы уарзондзинад бӕрӕг у, йӕ Паддзахад кӕй сфидар кодта, уымӕй. Куыд? Йегъовӕ уыцы Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта, адӕмы тынг чи уарзы ӕмӕ хорз хицау чи у, уый – Йесо Чырыстийы (Ӕмб. 8:31). Хуыцау равзӕрста 144 000 адӕймаджы, цӕмӕй уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой. Куы райгас вӕййынц, уӕд сӕ нӕ ферох вӕййы, адӕймаг уай, уый цы у, ӕмӕ сын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмӕн ӕххуыс кӕнын (Рарг. 14:1). Цалынмӕ Йесо зӕххыл уыди, уӕдмӕ адӕмӕн дзырдта сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр ахуыр кодта, цӕмӕй уыцы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоны тыххӕй кувын. Библи нын куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад 1914 азы уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста. Уый фӕстӕ Йегъовӕ райдыдта ӕмбырд кӕнын, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны ӕмӕ фӕстӕдӕр та «тынг бирӕ адӕмы», ома ацы дунейы кӕрон чи аирвӕздзӕн ӕмӕ ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдоны (Рарг. 7:9, 13, 14). w15 15/11 3:16, 18

Сабат, 26 август

Дӕ хорзӕхӕй, байхъус, цы дзурдзынӕн, уымӕ (Иов 42:4).

Фыццаг уал Йегъовӕ сфӕлдыста, апостол Иоанн «Дзырд» кӕй схуыдта, уый, ома Йесойы (Иоан. 1:1; Рарг. 3:14). Йегъовӕ йемӕ ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом кодта (Иоан. 1:14, 17; Кол. 1:15). Апостол Павел «зӕдты ӕвзаджы» кой кӕй ракодта, уымӕй бӕрӕг у, зӕдтӕн дӕр сӕ бон кӕй у ныхас кӕнын. Уый у, адӕмы ӕвзагӕй тынг чи хицӕн кӕны, ахӕм ӕвзаг (1 Кор. 13:1). Йегъовӕ, цы миллиардгай зӕдтӕ ӕмӕ адӕмы сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр зоны. Йӕ бон у, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг хъуса милуангай адӕймӕгты куывдтытӕм, ӕмӕ йӕм цыфӕнды ӕвзагыл ма кувой – ӕмбары сӕ. Ӕмӕ ма уыцы иу рӕстӕг йӕ бон вӕййы йӕ зӕдтимӕ дӕр ныхас кӕнын ӕмӕ сын разамынд дӕттын. Уӕдӕ бӕрӕг у, йӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ йе ’взаг дӕр адӕмы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕвзагӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты (Ис. 55:8, 9). Уымӕ гӕсгӕ, адӕмимӕ куы фӕныхас кӕны, уӕд фӕпайда кӕны, ӕнцон бамбарӕн сын чи уа, ахӕм ӕвзагӕй. w15 15/12 1:1, 2

Хуыцаубон, 27 август

Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ (Ис. 11:9).

Бирӕ бӕстӕты Библи у зынаргъ кӕнӕ зын ссарӕн, ӕмӕ йӕ чи самал кӕны, уый йӕхи амондджын фӕхоны. Руандӕйӕ цы писмо райстам, уым фыст уыди: «Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдон рӕстдзинады фӕндагыл размӕ нӕ цыдысты, Библи сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Сӕ къух дӕр сӕ нӕ амыдта, цӕмӕй, бынӕттон аргъуан кӕй рауагъта, уыцы Библи балхӕдтаиккой. Арӕх-иу сӕ бон нӕ уыд кӕцыдӕр стихтӕн сӕ хъуыды бамбарын, ӕмӕ сын уый дӕр къуылымпыйы хос уыди». Цыппар сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм руандӕйаг бинонтӕ, се ’взагыл «Ног дунейы тӕлмац» кӕй рацыд, уый тыххӕй загътой: «Мах тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, стӕй ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй, Библи нын кӕй балӕвар кодтой, уый тыххӕй. Тынг мӕгуыр цӕрӕм, ӕмӕ нӕм уыйбӕрц ӕхца нӕ уыд, цӕмӕй нӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр Библи балхӕдтаиккам. Фӕлӕ нӕ ныр алкӕмӕн дӕр ис йӕхи Библи. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй йӕ алы бон дӕр ӕгас бинонтӕй фӕкӕсӕм». w15 15/12 2:15, 16

Къуырисӕр, 28 август

О Йегъовӕ, батӕригъӕд мын кӕн. Мӕ уд мын сдзӕбӕх кӕн (Пс. 41:4).

Давид ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста, йӕ фырт Авессалом ын йӕ паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд. Уыцы рӕстӕг Давид уӕззау рынчын уыди ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд Авессаломы бауромын. Уый ӕмбӕрста, йӕ бинонтыл уыцы ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуынц, Вирсавиимӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй (2 Сам. 12:7–14). Давид зыдта, Йегъовӕ йын йӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кодта, ӕмӕ йӕ фидар ныфс уыд, рынчын куы уа, уӕд дӕр ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Давид Хуыцаумӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, ӕмӕ йӕ диссаджы хуызы сдзӕбӕх кӕндзӕн. Ныфс ӕй уыди, Хуыцау ын кӕй баххуыс кӕндзӕн, «мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймагӕн» куыд баххуыс кӕны, афтӕ (Пс. 41:3). Давид уыд Йегъовӕйы хӕлар, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди Йегъовӕйӕ удӕнцой агурын ӕмӕ йӕ рынчынӕй кӕй фидар кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ноджыдӕр ма Давид Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уыдаид (Пс. 103:3). Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй кувын. w15 15/12 4:8, 9

Дыццӕг, 29 август

Сыгъдӕг тыхы фӕрцы [уӕ] Хуыцау йӕхицӕн скодта фырттӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тых разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» (Ром. 8:15).

Хуыцау уӕлӕрвты цӕрынмӕ кӕй ӕрхоны, уыдоны нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй ма сын ӕндӕр исчи зӕгъа, сӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй. Йегъовӕ сӕ ахӕм фидар ныфс бауадзы, ӕмӕ йыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц. Апостол Иоанн сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Сымах Сыгъдӕг Хуыцау байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут рӕстдзинад». Ӕмӕ ма стӕй загъта: «Сымах тыххӕй... мӕ уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ уӕ Хуыцау цы сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, уый ис уӕ мидӕг ӕмӕ уый хъуаг нал стут, цӕмӕй уӕ исчи ахуыр кӕна. Кӕй уӕ байсӕрста, уыцы хъуыддаг у ӕцӕг, мӕнг нӕу, ӕмӕ уӕ уый фӕрцы ахуыр кӕны ӕппӕтыл дӕр. Ӕмӕ уӕ куыддӕриддӕр сахуыр кодта, афтӕ йемӕ иудзинады ут» (1 Иоан. 2:20, 27). Сӕрст чырыстӕтты дӕр хъӕуы, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна, иннӕты куыд ахуыр кӕны, афтӕ. Фӕлӕ сӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын исчи бӕлвырд кӕна, сӕрст кӕй сты, уый. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын кӕй ис, уый сын Йегъовӕ бамбарын кӕны ӕппӕты хъомысджындӕр тыхы руаджы – йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы! w16.01 3:9, 10

Ӕртыццӕг, 30 август

Цы уын ис, уый фагыл нымайут (Дзут. 13:5).

Цы нын ис, уый фагыл нымайдзыстӕм, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд. Цымӕ нын ахӕм зондахаст куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм? Цы нын ис, уый фагыл куы нымайӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, ӕхцайӕ балхӕнӕн цытӕ ис, уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй сты Йегъовӕ ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ (1 Тим. 6:6–8). Ӕмӕ уӕд не ’мчырыстӕттӕм фаутӕ нӕ хӕсдзыстӕм, нӕ царды уавӕртӕй нӕ хъаст кӕндзыстӕм, стӕй хӕлӕг кӕнӕ зыд дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Цы нын ис, уый фагыл куы нымайӕм, уӕд уыдзыстӕм рӕдау (1 Тим. 6:17–19). Стӕй ма нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр ныфсджын уыдзыстӕм (Дзут. 13:6). Ныфсджын куы уӕм, уӕд нӕ къухтӕ никуы ӕруадздзыстӕм ӕмӕ не ’мчырыстӕтты дӕр фидар кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, ӕцӕгдӕр сӕ ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм (1 Фес. 5:14, 15). Суанг стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр нӕ бон уыдзӕн размӕ ныфсджынӕй кӕсын, уымӕн ӕмӕ зондзыстӕм, нӕ ирвӕзындзинад кӕй ӕрхӕстӕг (Лук. 21:25–28). w16.01 1:16, 17

Цыппӕрӕм, 31 август

Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты (2 Тим. 2:19).

Бирӕ азты дӕргъы, Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй чи ахуыста, уыдоны нымӕц къаддӕр кодта. Фӕлӕ фӕстаг азты сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Цымӕ нӕ уый мӕты хъуамӕ ӕфтауа? Нӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм цалдӕр хъуыддагыл. Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй чи фӕаходы, уыдоны чи фӕнымайы, уыцы ӕфсымӕртӕ, Йегъовӕйӕ уӕлдай, нӕ фӕзонынц, ӕцӕгдӕр сӕрст чырыстӕттӕ сты ӕви нӕ. Кӕй банымайынц, уыдоны ’хсӕн вӕййы, афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ сӕрст у, фӕлӕ ӕцӕгӕй чи нӕу, уыдон дӕр. Зӕгъӕм, сӕн ӕмӕ дзулӕй чи ахуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цасдӕры фӕстӕ нал ахуыстой. Чидӕртӕ та нервытимӕ баст низтӕй рынчын сты, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу, зӕххыл цал сӕрст чырыстоны ис, уый. Стӕй, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд цал уыдзысты, уый дӕр дзы фыст нӕй. w16.01 4:12–14

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын