Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 104–116 фф.
  • Сентябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сентябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 сентябрь
  • Сабат, 2 сентябрь
  • Хуыцаубон, 3 сентябрь
  • Къуырисӕр, 4 сентябрь
  • Дыццӕг, 5 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 6 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 7 сентябрь
  • Майрӕмбон, 8 сентябрь
  • Сабат, 9 сентябрь
  • Хуыцаубон, 10 сентябрь
  • Къуырисӕр, 11 сентябрь
  • Дыццӕг, 12 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 13 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 14 сентябрь
  • Майрӕмбон, 15 сентябрь
  • Сабат, 16 сентябрь
  • Хуыцаубон, 17 сентябрь
  • Къуырисӕр, 18 сентябрь
  • Дыццӕг, 19 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 20 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 21 сентябрь
  • Майрӕмбон, 22 сентябрь
  • Сабат, 23 сентябрь
  • Хуыцаубон, 24 сентябрь
  • Къуырисӕр, 25 сентябрь
  • Дыццӕг, 26 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 27 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 28 сентябрь
  • Майрӕмбон, 29 сентябрь
  • Сабат, 30 сентябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 104–116 фф.

Сентябрь

Майрӕмбон, 1 сентябрь

[Авраам] араст... ӕцӕг Хуыцау ын кӕдӕм бацамыдта, уырдӕм (Райд. 22:3).

Авраам, йемӕ цы лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдонӕн загъта: «Сымах ам баззайут, хӕрӕджы дӕр ам уадзын, ӕз ӕмӕ лӕппу та уӕлӕ уырдӕм ацӕудзыстӕм, уым Хуыцауӕн бакувдзыстӕм ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм» (Райд. 22:5). Цымӕ Авраамы цы зӕгъын фӕндыд? Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куы хъавыд, уӕд ма сын афтӕ цӕмӕн загъта, иумӕ ӕрыздӕхдзыстӕм, зӕгъгӕ? Мыййаг сӕ сайгӕ кодта? Нӕ. Библийӕ базонӕн ис, Авраам куыд хъуыды кодта, уый (Дзут. 11:19). Авраам «афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ [Исахъы] Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн». Уӕдӕ Авраам райгасдзинадыл ӕууӕндыд. Уый зыдта, Саррӕимӕ сын зӕронды бонты фырт Йегъовӕйы фӕрцы кӕй райгуырд (Дзут. 11:11, 12, 18). Авраам ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, уыцы бон цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын Йегъовӕ йӕ зынаргъ фырты кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй йын зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый сӕххӕст уа. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библийы Авраамы тыххӕй афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр у сӕ фыд»! (Ром. 4:11). w16.02 1:3, 13

Сабат, 2 сентябрь

Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн йе стыр номы тыххӕй (1 Сам. 12:22).

Паддзах Саул Йегъовӕмӕ нал хъуыста ӕмӕ йыл Йегъовӕ дӕр йӕ къух систа (1 Сам. 15:17–23). Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ Саулӕн уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй паддзах уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн зын уыди, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ паддзах, «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» чи бадт, уый, арӕзта бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (1 Аз. 29:23). Фӕлӕ Саулы фырт Ионафан Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Махӕн дӕр нӕ бон у Ионафаны бафӕзмын ӕмӕ, гӕнӕн кӕм уа, уым, нӕ бӕстӕйы хицауады коммӕ кӕсын. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй ныл хицӕутты бар цӕуа, ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ нымайӕм (Ром. 13:1, 2). Кӕд хицӕуттӕй чидӕр раст нӕ фӕархайы, зӕгъӕм, гӕртӕмттӕ фӕисы, уӕддӕр ӕй хъуамӕ нымайӕм, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕу, уӕддӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны коммӕ куы кӕсӕм, уӕд, ӕнӕуи хицӕуттӕ уой, бинонты хистӕртӕ ӕви, ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ (1 Кор. 11:3; Дзут. 13:17). w16.02 3:5, 6, 8

Хуыцаубон, 3 сентябрь

Дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ (Пс. 110:3).

Библийы фыст ис, Йегъовӕйӕн йӕ адӕм, уыимӕ ӕрыгӕттӕ дӕр, зӕрдиагӕй ӕмӕ барвӕндонӕй кӕй лӕггад кӕндзысты. Уӕдӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыцы адӕймаг хъуамӕ фидарӕй зона, уый йӕхи фӕнд кӕй у. Цӕмӕй дӕуӕн дӕр дӕ бон уа афтӕ зӕгъын, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсай, уӕлдайдӕр та кӕд рӕстдзинад гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс, уӕд. Куыд стыр кодтай, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдтай, бирӕтӕ донаргъуыд куыд исынц, уый. Чи зоны, се ’хсӕн де ’мгӕрттӕ кӕнӕ дӕ хӕрз хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уыдысты. Фӕлӕ дӕхи хиз ахӕм хъуыдыйӕ, ӕмӕ донаргъуыд хъуамӕ райсай, уал ӕмӕ дыл уал азы кӕй сӕххӕст кӕнӕ иннӕтӕ се ’ппӕт дӕр донаргъуыд кӕй исынц, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй донаргъуыдмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай? Донаргъуыд райсын ахсджиаг цӕмӕн у, ууыл-иу ахъуыды кӕн. w16.03 1:11, 12

Къуырисӕр, 4 сентябрь

Чи хъусы, уый... зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд (Рарг. 22:17).

Хъуамӕ Библийы фыст рӕстдзинад амонӕм, йӕ базонын кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдонӕн. Фӕлӕ уый нӕ къухы ӕфтдзӕн, «кӕрӕдзийыл [куы] хӕцӕм» ӕмӕ не ’мбырдимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (Еф. 4:16). Цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ хорз пълан кӕнӕм. Ӕмӕ нын уымӕн стыр ӕххуыс сты, ӕмбырдты, зӕгъӕм, уацамындон фембӕлдты, цы уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдон. Уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ байуарӕм милуангай публикацитӕ. Иуӕй-иу хатт нын вӕййы зиутӕ дӕр. Ахӕм зиуты куы фӕархайӕм, уӕд ӕмгуыст фӕкӕнӕм, ӕгас зӕххыл нын цы милуангай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ. Ӕмгуыст ма фӕкӕнӕм зӕдтимӕ дӕр – уыдон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Рарг. 14:6). w16.03 3:4, 5

Дыццӕг, 5 сентябрь

Тыхтӕттӕ байгом сты (Рарг. 20:12).

Библийы фыст ис, ног разамынд кӕм уыдзӕн, ахӕм тыхтӕттӕ кӕй райсдзыстӕм. Уыцы тыхтӕттӕ ахуыр кӕнгӕйӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, уыимӕ, чи райгас уа, уыдон дӕр, базондзысты, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Тыхтӕтты цы фыст уыдзӕн, уый фӕрцы фылдӕр базондзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй. Стӕй ма Библи дӕр хуыздӕр бамбардзыстӕм. Ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы Дзӕнӕты адӕм иууылдӕр кӕрӕдзи уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕндзысты (Ис. 26:9). Ахъуыды-ма кӕн, нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы разамынды фӕрцы нӕхӕдӕг дӕр куыд бирӕ базондзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр нӕ бон цас цыдӕртӕ уыдзӕн бацамонын! Уыцы тыхтӕтты цы фыст уа, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын нӕ нӕмттӕ «царды тыхтоны» ӕнустӕм ныффысдзӕн. Нӕ разы уыдзӕн ӕнусон цард! w16.03 4:19, 20

Ӕртыццӕг, 6 сентябрь

Ды дӕ мӕ ныфс, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ (Пс. 71:5).

Фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ахсджиаг у ӕфсымӕрты суанг хӕрзӕрыгонӕй ахуыр кӕнын. Уӕдӕ сын дӕ бон у бахӕс кӕнын, сӕ кармӕ гӕсгӕ сӕ бон саразын кӕй бауыдзӕн, ахӕм хъуыддаг. Ӕфсымӕры йе ’рыгонӕй куы ахуыр кӕнай, уӕд ын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй, куы фестырдӕр уа ӕмӕ бирӕ цӕлхдуртыл куы ’мбӕла, уӕд дӕр йӕ нысӕнттӕм тырна (Пс. 71:17). Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕры лӕггад кӕнынмӕ сразӕнгард кӕна, уый тыххӕй фаг нӕу, цы аразын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй йын дзура. Хъуамӕ ма йын бамбарын кӕна, афтӕ кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у, уый дӕр. Афтӕмӕй фӕзмдзысты ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесойы. Уый йӕ апостолтӕн бахӕс кодта хъусын кӕнын. Фӕлӕ уал сын фыццаджыдӕр бамбарын кодта, хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Йесо загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:18, 19). w15 15/4 2:5, 6

Цыппӕрӕм, 7 сентябрь

Нӕ Хицау уыди мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын хъару лӕвӕрдта... ӕмӕ мӕ... домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта (2 Тим. 4:17).

Фыццаг ӕнусы Ромы чырыстӕттӕ уыдысты тынг тӕссаг уавӕры. Н. э. 64 азы горӕтыл зынг кӕй сирвӕзт, уый уыдоны аххос фӕкодтой, ӕмӕ уый тыххӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Уыцы уӕззау рӕстӕг апостол Павел ахӕстоны уыди. Ӕмӕ, чи зоны, дызӕрдыг кодта, ӕфсымӕртӕ йӕм ӕххуысмӕ кӕй фӕзындзысты, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый размӕ ахӕм уавӕры куы уыд, уӕд йӕ фарсмӕ ничи балӕууыд (2 Тим. 4:16). Фӕлӕ Йегъовӕ Павелӕн Чырыстийы уылты баххуыс кодта. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын уыйбӕрц хъарутӕ кӕй ратдзӕн, цӕмӕй ныр дӕр фидар фӕлӕууа ӕмӕ ма фидӕны кӕуыл сӕмбӕла, уыцы зындзинӕдты рӕстӕг дӕр ма фӕцуда. Афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Нӕ Хицау мӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй дӕр» (2 Тим. 4:18). Павел фидарӕй зыдта: йе ’фсымӕртӕ йын баххуыс кӕнынхъом куы нӕ уой, уӕддӕр йӕ бон у йӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Фыртыл дарын. w15 15/4 4:1–3

Майрӕмбон, 8 сентябрь

Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Райд. 3:15).

Йесо куы райгуырд, уӕд Хӕйрӕг зыдта, уыцы сывӕллон куы сыстыр уа, уӕд зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй суыдзӕн. Цымӕ Хӕйрӕг афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы сывӕллоны амарын ӕгъатыр ми уыдзӕн? Нӕ. Уымӕ зынгӕ дӕр нӕ кӕны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Хӕйрӕг уайтагъд архайын райдыдта, цӕмӕй гыццыл Йесойы амардтаид. Куыд? Паддзах Иродӕн стъалыдӕснытӕ куы загътой, дзуттӕгты паддзах кӕй райгуырд, уӕд Ирод мӕстӕй рафыхт ӕмӕ сфӕнд кодта уыцы сывӕллоны амарын (Матф. 2:1–3, 13). Йӕ адӕмы Вифлееммӕ ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕм арвыста, цӕмӕй, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр ныццагътаиккой (Матф. 2:13–18). Йесо уыцы фыдбылызӕй аирвӕзт. Фӕлӕ, цымӕ, уыцы хабарӕй не знаг Хӕйрӕджы тыххӕй цы базонӕн ис? Уый адӕмыл ӕппындӕр нӕ ауӕрды, суанг ӕй сывӕллӕтты мӕт дӕр нӕй. Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр «богътӕгӕнаг домбай» у (1 Пет. 5:8). Макуы рох кӕн, куыд ӕгъатыр у, уый! w15 15/5 1:10, 12, 13

Сабат, 9 сентябрь

Хуыцау [сын] зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты... Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой (Дзут. 11:13).

Йегъовӕ нӕ схайджын кодта диссаджы курдиатӕй – нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, цы нӕ федтам, уый. Ахӕм курдиат нӕм кӕй ис, уый фӕрцы нӕ бон у фидӕны хорз цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын, нӕ хъуыддӕгтӕ рагацау пълан кӕнын ӕмӕ нӕхи зындзинӕдтӕй хизын. Йегъовӕ зоны, фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ йӕ Ныхасы ӕргом кӕны. Кӕд уыцы хабӕрттӕ нӕ уынӕм, уӕддӕр сӕ нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сыл фидарӕй ӕууӕндӕм (2 Кор. 4:18). Самуилы мад Аннӕйы куы ’рхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу уымӕн йӕ цӕстытыл уади, ӕрцӕуӕн кӕмӕн уыд, ахӕм хабар – йӕ фырты кувӕндонмӕ куыд акӕндзӕн ӕмӕ уым Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ уый ӕрмӕст бӕллиц нӕ уыд, фӕлӕ кӕй спълан кодта, уыцы хъуыддаг. Аннӕ-иу уыдӕттӕ йӕ цӕстытыл кӕй ауайын кодта, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодтаид (1 Сам. 1:22). Мах дӕр, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ нӕ цӕстытыл куы фӕуайын кӕнӕм, уӕд фӕхъуыды кӕнӕм, ӕнӕмӕнг чи ’рцӕудзӕн, ахӕм хабӕрттыл (2 Пет. 1:19–21). Рагзаманты-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ цӕстытыл ауайын кодтой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ. w15 15/5 3:1–3

Хуыцаубон, 10 сентябрь

Хъӕздыгӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сты йӕ фидар горӕт, афтӕ йӕм кӕсы, ӕмӕ йӕ фидар къулау хъахъхъӕнынц (Ӕмб. 18:11).

Библи нын дзуры, нӕ хъуыдытӕ кӕй хъуамӕ уой, куыд схъӕздыг уӕм, ууыл нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм, ууыл. Чырысти загъта, йӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты кӕмӕн нӕй ӕмӕ йӕхицӕн бирӕ хӕзнатӕ чи ӕмбырд кӕны, уыцы адӕймаг ӕнӕзонд кӕй у. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг нӕу (Лук. 12:16–21). «Хӕзнатӕ» уӕлӕрвты куы ӕмбырд кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр амондджын уыдзыстӕм (Матф. 6:20; Ӕмб. 27:11). Ӕмӕ, Йегъовӕ не ’ввахс ӕмбал уа, уымӕй стырдӕр хӕзна нӕй! Ацы дунейы куыд схъӕздыг уӕм, ууыл куы архайӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстыты хай бакӕндзыстӕм (Матф. 6:19). Чырысти загъта, зӕгъгӕ, ӕдзухдӕр ӕхцайы мӕт чи кӕны, уымӕн зын уыдзӕн Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын (Матф. 13:18, 19, 22). w15 15/5 4:15, 16

Къуырисӕр, 11 сентябрь

Адӕм... куы федтой, ӕмӕ ӕгомыгтӕ дзурынц, къуылыхтӕ цӕуынц ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй уынынц, уӕд дис кодтой (Матф. 15:31).

Хуыцауы тыхы фӕрцы Йесо сарӕзта бирӕ алыхуызон ӕмӕ стыр диссӕгтӕ. Ӕмӕ ӕрмӕст хъотырджынты нӕ дзӕбӕх кодта, фӕлӕ ма, ӕндӕр низтӕй рынчын чи уыд, уыдоны дӕр. Абон дохтыртӕ иуӕй-иу хатт рынчынӕн йӕ хъыгдард хуылфыдзаумӕттӕ баивынц, ӕндӕр адӕймагӕй кӕй сисынц, ахӕм хуылфыдзаумӕттӕй. Фӕлӕ-иу Йесо рынчынӕн йӕхи уӕнгтӕ сдзӕбӕх кодта! Стӕй-иу сӕ ӕвиппайды сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ-иу хатгай рынчын йӕ разы дӕр нӕ уыд, фӕлӕ дард кӕмдӕр (Иоан. 4:46–54). Цымӕ уыцы диссаджы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ уӕларвон Паддзах Йесо Чырыстимӕ ис уыцы тых, стӕй йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй рынчын адӕмы се ’ппӕты дӕр сӕ низтӕй фервӕзын кӕна. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ фидар ныфс ис, ног дунейы Библийы фыст пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн: «Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн» (Пс. 72:13). Йесо сараздзӕн, тынг цӕмӕ бӕллы, уый – адӕмы се ’ппӕт хъизӕмӕрттӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн. w15 15/6 2:6

Дыццӕг, 12 сентябрь

Срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).

Адӕмӕй бирӕтӕ хорз зонынц, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы куывды ныхӕстӕ, фыст сты Матфейы 6:9–13. Ӕмӕ мах дӕр куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд арӕх уыцы куывды ныхӕсты фӕрцы адӕймагӕн бамбарын кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у ӕмӕ уыцы хицауады фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Уыцы куывды ма цы ныхӕстӕ ис, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ, уыдоны фӕрцы та фембарын кӕнӕм, Хуыцауӕн ном кӕй ис ӕмӕ йӕ табуйагыл нымайын кӕй хъӕуы. Цымӕ Йесойы уый фӕндыд, ӕмӕ Хуыцаумӕ кувгӕйӕ ӕдзухдӕр уыцы иу ныхӕстӕ кӕнӕм? Абон бирӕтӕ растдӕр афтӕ фӕкувынц. Фӕлӕ Йесо загъта: «Куы кувай, уӕд-иу... уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ма дзур» (Матф. 6:7). Фӕстӕдӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, кувын куыд хъӕуы, уый ногӕй куы амыдта, уӕд дӕр та сын загъта, уый размӕ кӕй бацамыдта, уыцы куывды ныхӕстӕ, фӕлӕ гыццыл ӕндӕрхуызон (Лук. 11:1–4). Уӕдӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбарой, Хуыцаумӕ цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй ис кувӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр кӕцы у, уый. w15 15/6 4:1, 2

Ӕртыццӕг, 13 сентябрь

Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа (1 Кор. 10:12).

Йегъовӕ нӕ хайджын кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм. Йӕ Ныхасы фӕрцы ӕмӕ нӕ ӕмбырдты фӕрцы та фӕдзӕхсы, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ, цӕмӕй, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг, ӕгӕр бирӕ ӕхца ӕмӕ ӕгӕр бирӕ тыхтӕ ма хардз кӕнӕм. Эспен ӕмӕ Янне раздӕр лӕггад кодтой пионертӕй, фӕлӕ сын ныр ис дыууӕ сывӕллоны. Эспен загъта: «Ныр Хуыцауы хъуыддӕгты раздӕрау нал архайӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувӕм, цӕмӕй нын уый фӕлварӕн ма суа. Ӕххуыс дзы фӕкурӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уа нӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын». Фидар фӕлӕууын кӕй ныхмӕ фӕхъӕуы, уыцы фӕлварӕнтӕй ма иу у порнографи. Чидӕртӕ порнографимӕ кӕсын райдыдтой, ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ кӕй нӕ тох кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ бон баци уыцы фӕлварӕны ныхмӕ фидар фӕлӕууын, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн (1 Кор. 10:13). w15 15/6 5:15, 16

Цыппӕрӕм, 14 сентябрь

Зӕххон паддзӕхтӕ, ӕлдӕрттӕ, ӕфсады сӕргълӕуджытӕ, хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар адӕймаг дӕр лӕгӕтты ӕмӕ къӕдзӕхты ’хсӕн бамбӕхстысты (Рарг. 6:15).

Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ цы уыдзӕн? Уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый. Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты зӕххон организацитӕм, Библи «къӕдзӕхтӕ» кӕй хоны, уыдонмӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕмӕн та се скаст уыдзӕн сӕ Хуыцаумӕ. Фыццаг ӕнусы Ромы ӕфсад Иерусалимӕй куы ацыд, уӕд уыцы тохӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр». Фӕлӕ уӕд дзуттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕвиппайды чырыстон диныл нӕ ныххӕцыдысты. Уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕн уыди фадат, цӕмӕй Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ Иерусалимӕй алыгъдаиккой. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фидӕны Стыр Вавилоны ныхмӕ куы рацӕуой ӕмӕ уыцы хабар куы «фӕцыбыр уа», уӕд дӕр адӕм раст динмӕ нӕ агуылф кӕндзысты. Уыцы рӕстӕг ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый равдисын ӕмӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын (Матф. 25:34–40). w15 15/7 2:7

Майрӕмбон, 15 сентябрь

Кӕд исчи, цӕмӕй Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй зындзинӕдтӕн быхсы ӕмӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у (1 Пет. 2:19).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иу адӕм сты, ӕмӕ нӕм хъуамӕ афтӕ макуы кӕса, цыма кӕцыдӕр бӕстӕ иннӕмӕй хуыздӕр у. Фӕлӕ дын, чи зоны, дӕ бинонтӕ кӕнӕ, кӕй ӕхсӕн схъомыл дӕ, уыцы адӕм афтӕ дзырдтой, нӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ хуыздӕр нӕй ӕмӕ йӕ хъуамӕ уарзай, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй, чи зоны, иуӕй-иу хатт ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсыс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст чи у кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонмӕ. Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ зондахаст фӕивынӕн? Ахъуыды-иу кӕн, йӕ бӕстӕйӕ сӕрыстыр чи у кӕнӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр у, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Уыцы фарстайы фӕдыл-иу нӕ литературӕйы ӕрмӕг бацагур. Стӕй Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй ды дӕр адӕммӕ кӕсай, уый сӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй (Ром. 12:2). Афтӕ хъуамӕ уый тыххӕй кӕнӕм, ӕмӕ нӕ алчидӕр, абон уа ӕви райсом, ахӕм уавӕры бахаудзӕн, ӕмӕ йын йе ’фсарм, иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ бакӕныны бар нӕ ратдзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй не ’мкусджытӕй, не ’мкъласӕгтӕй, нӕ сыхӕгтӕй ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй хицӕн кӕндзыстӕм. Ӕмӕ сӕ, уӕвгӕ, хъуамӕ хицӕн кӕнӕм! w15 15/7 3:14, 15

Сабат, 16 сентябрь

Кӕсаджы хуылфы Ионӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скуывта (Ионӕ 2:1).

Йегъовӕ нын нӕ зӕрдиаг куывдтытӕм фӕхъусы, ӕмӕ нӕ ӕппындӕр куы ничи ӕмбара, уӕддӕр нӕ уый бамбардзӕн. Нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй дӕтты, уымӕй бӕрӕг у, ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы. Библийы цы куывдтытӕ ӕрцыдысты фыст, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Хорз уаид, уыцы куывдтытӕй-иу кӕцыдӕртӕм бинонты ахуыры рӕстӕг куы ’ркӕсиккам. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты зӕрдиаг куывдтытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ куывдтытӕ дӕр фӕхъӕздыгдӕр кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, ахъуыды-иу кӕнут, Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд сӕрныллӕгӕй куыд куывта, ууыл (Ионӕ 1:17–2:10). Кӕнӕ та-иу ӕркӕсут, Соломон Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ (1 Пад. 8:22–53). Ахъуыды-иу кӕнут, Йесо кувын куы ахуыр кодта, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдоныл дӕр (Матф. 6:9–13). Ӕмӕ сӕйрагдӕр та, Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр кувут ӕмӕ дзы «курут, цы уӕ хъӕуы, уый». Уӕд уын «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). w15 15/8 1:11, 12

Хуыцаубон, 17 сентябрь

Хъусут [сӕм] (Дзут. 13:17).

Ног дунейы нын Йегъовӕйы организаци разамынд дӕтдзӕн, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр рӕсугъд дзӕнӕт фестын кӕнӕм ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕнӕм. Ӕмӕ нын уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайын тынг ӕхсызгон уыдзӕн. Фӕлӕ нын, мыййаг, нӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд та? Коммӕгӕс разындзыстӕм? Уыцы хъуыддаг саразыныл ӕппӕт тыхтӕй ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бацархайдзыстӕм? Ацы фарстатӕн нӕ фылдӕр, о, зӕгъгӕ, зӕгъдзысты. Фӕлӕ, цымӕ, абон та куыд архайӕм? Йегъовӕйы организаци нын цы разамынд дӕтты, уымӕ хъусӕм? Кӕд о, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕхи цӕттӕ кӕнӕм Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрынмӕ. Цӕмӕй нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ хъусын фаг нӕу. Хъуамӕ сахуыр уӕм ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ нын цы ис, уымӕн аргъ кӕнын дӕр. Зӕгъӕм, исты хъуыддаг нын куы бахӕс кӕнынц, уӕд-иу хъуамӕ сразы уӕм ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй сӕххӕст кӕнӕм. Йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнын абон куы сахуыр уӕм, уӕд нын ног дунейы иумӕ лӕггад кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. w15 15/8 3:6, 7

Къуырисӕр, 18 сентябрь

[Соломонӕн] йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой ӕмӕ... райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын (1 Пад. 11:4, 6).

Соломон йӕхицӕн ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕй равзӕрста, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн раст нал куывта (1 Пад. 11:1–6). Уӕдӕ йӕ цард, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймагимӕ баиу кӕныныл чи хъуыды кӕны, уыцы чырыстӕттӕн Соломоны хабар зондзонӕн у! Фӕлӕ, зӕгъӕм, адӕймаг ус ракуырдта кӕнӕ чындзы ацыд, Йегъовӕйӕн куы нӕма лӕггад кодта, уӕд. Ахӕм чырыстӕттӕ та куыд хъуамӕ архайой? Библийы фыст ис: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс» (1 Пет. 3:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ хауынц, йӕ бинойнаг Йегъовӕйӕн кӕмӕн нӕ лӕггад кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй дзуры: дӕ цардӕмбалӕн хорз бинойнаг кӕнӕ хорз сӕрыхицау у ӕмӕ, Хуыцау бинонты цардӕн цы уагӕвӕрдтӕ скодта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр. Ӕмӕ дӕ цардӕмбал, хуыздӕрырдӕм кӕй ивыс, уый куы уына, уӕд, чи зоны, уый дӕр бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ахӕм хабар бирӕ бинонтыл ӕрцыд. w15 15/8 4:15, 16

Дыццӕг, 19 сентябрь

Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл (Ӕмб. 14:15).

Абон цы низтӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн хос нӕма ӕрхъуыды кодтой. Ӕмӕ нын, чи зоны, исчи цавӕрдӕр хосӕй кӕнӕ хос кӕныны мадзалӕй дзура, зӕгъгӕ, уыцы низӕй дзӕбӕх кӕны. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы нӕ уа, афтӕмӕй сыл куы баууӕндӕм, уӕд уый зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Павел ныффыста: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Фил. 4:5). Ӕмбаргӕдзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын царды сӕйрагдӕр не ’нӕниздзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ ма уой, фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Не ’нӕниздзинад нын ӕппӕты ахсджиагдӕр куы суа, уӕд ӕрмӕст нӕхиуыл мӕт кӕнын райдайдзыстӕм (Фил. 2:4). Мах зонӕм, ацы дунейы ӕппындӕр ма рынчын кӕнӕм, уый гӕнӕн кӕй нӕй. Уымӕ гӕсгӕ нын сӕйрагдӕр хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Фил. 1:10). Махӕй алчидӕр хъуамӕ йе ’нӕниздзинадимӕ баст фарстатӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕн дзуапп йӕхӕдӕг дӕтта. w15 15/9 2:8, 10

Ӕртыццӕг, 20 сентябрь

Рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ рӕстдзинад. Уыдон мын амонӕнт фӕндаг (Пс. 43:3).

Йегъовӕ Хуыцау у «рӕстдзинады Хуыцау» (Пс. 31:5). Уый йӕ сывӕллӕтты уарзы ӕмӕ сын рӕстдзинады рухсы фӕрцы царды алы хъуыддаджы дӕр раст фӕндаг амоны, уӕлдайдӕр та йын кувын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы. Цымӕ нын Йегъовӕ цавӕр рӕстдзинад раргом кодта ӕмӕ уымӕй куыд зыны, кӕй нӕ уарзы, уый? Фыццаг уый, ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕхи тыххӕй рӕстдзинад раргом кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонӕм (Иак. 4:8). Йӕ ном дӕр нын уый тыххӕй раргом кодта. Уӕвгӕ, Библийы Хуыцауы ном цал хатты ӕмбӕлы, уал хатты дзы иу ном дӕр не ’мбӕлы. Стӕй ма нын Йегъовӕ дзуры, цавӕр Хуыцау у, уый дӕр. Цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы фӕкӕсӕм, уӕд бамбарӕм, стыр тых ӕмӕ зонды хицау кӕй у, уый (Ром. 1:20). Библи кӕсгӕйӕ та базонӕм, ӕнӕхӕрам Хуыцау кӕй у ӕмӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Ӕмӕ Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд ӕм тынгдӕр баввахс вӕййӕм. w15 15/9 4:8, 9

Цыппӕрӕм, 21 сентябрь

Йегъовӕйы къух раргом уыдзӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕн (Ис. 66:14).

Абон бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн цӕрынц, Хуыцау та – йӕхӕдӕг йӕхицӕн. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ, адӕмыл цытӕ цӕуы, уый Хуыцауы ӕппындӕр не ’ндавы. Зӕгъӕм, 2013 азы ноябры Филиппинты астӕуккаг хайыл тыхдымгӕ «Хайян» куы рацыд ӕмӕ бӕстӕ куы ныппырх кодта, уӕд иу стыр горӕты мэр загъта: «Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг Хуыцау ӕндӕр кӕмдӕр уыди». Чидӕртӕ та афтӕ цӕрынц, цыма сӕ Хуыцау нӕ уыны (Ис. 26:10, 11; 3 Иоан. 11). Апостол Павелы рӕстӕджы дӕр уыди ахӕм адӕм. Уыдоны тыххӕй Павел загъта: «Хуыцау чи у, уый сӕ бӕлвырдӕй базонын... нӕ бафӕндыд». Уыцы адӕм уыдысты «хӕрам ӕмӕ ӕнӕхуыцау, зыд» ӕмӕ «фыдзӕрдӕ» (Ром. 1:28, 29). Махӕн та куыд у нӕ хабар? Цы адӕмы кой ракодтам, уыдонӕй уӕлдай мах зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ алы къахдзӕф дӕр кӕй уыны. Фӕлӕ ныл кӕй тыхсы, уый дӕр нӕ, цымӕ, афтӕ фидарӕй уырны? w15 15/10 1:1–3

Майрӕмбон, 22 сентябрь

Ӕз... дын мӕ уырнындзинад равдисдзынӕн мӕ хъуыддӕгтӕй (Иак. 2:18).

Нӕ уырнындзинад равдисынӕн диссаджы мадзал у хъусын кӕнын. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, фидарӕй нӕ кӕй уырны, ацы фыддунейы кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн ӕмӕ кӕй «нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3). Нӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уый бамбарыны тыххӕй ахъуыды кӕнӕм: «Хъусын кӕнын мын цас ахсджиаг у? Мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурон? Мӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куыд уа, уымӕн фадӕттӕ фӕагурын?» (2 Кор. 13:5). Ирвӕзындзинады тыххӕй «ӕргом куы дзурӕм», ома хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уырнындзинад фидар кӕй у (Ром. 10:10). Нӕ уырнындзинад ма бӕрӕг вӕййы, зындзинӕдты рӕстӕг нӕ къухтӕ куы не ’руадзӕм, уӕд дӕр. Кӕд исты низӕй фӕрынчын стӕм, нӕ ныфс цӕйдӕр тыххӕй асаст, мӕгуыр цард кӕнӕм кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо «бахъуаджы сахат» кӕй баххуыс кӕндзысты, ууыл (Дзут. 4:16). Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд уый дӕр уырнындзинадыл дзурӕг вӕййы. w15 15/10 2:12–14

Сабат, 23 сентябрь

Сыгъдӕг тых... уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр (Иоан. 14:26).

Зӕгъӕм дын иубон дӕ Библи байстой, уӕд куыд кӕндзынӕ? Цы бахъуыды кодтай, уыдӕттыл хъуыды кӕныны фадат дын никуы ничи байсдзӕн. Ӕмӕ бахъуыды кӕнын та дӕ бон у, зӕгъӕм, тынг кӕй уарзыс, уыцы стихтӕ кӕнӕ Паддзахады зарджыты ныхӕстӕ (Хъуыд. 16:25). Стӕй дын Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цытӕ зыдтай, уыдӕттӕ ӕрхъуыды кӕнынӕн. Дӕ бон куыд у Библи кӕсын? Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй Библи алы къуыри дӕр кӕсай ӕмӕ йыл хъуыды кӕнай. Рӕстӕг ма-иу ссар, цӕмӕй Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕ кӕсай, ӕмӕ, Йесо цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, ууыл хъуыды кӕнай (Ром. 10:17; Дзут. 12:2; 1 Пет. 2:21). Стӕй ма нын ис, Йесойы зӕххон царды хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, ахӕм чиныг дӕр. Ӕмӕ дын уыцы чиныг Евангелитӕ кӕсгӕйӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн (Иоан. 14:6). w15 15/10 4:11, 12

Хуыцаубон, 24 сентябрь

[Ӕз] уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон (Иоан. 15:15).

Йесо йӕ апостолтӕн ӕрмӕст хицау нӕ уыд, фӕлӕ ма сӕ хӕлар дӕр. Раджы заманты-иу хицау йӕ цагъартӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ нӕ дзырдта. Фӕлӕ Йесо йӕ апостолты йӕ цагъартыл нӕ нымадта – бирӕ сӕ уарзта ӕмӕ йӕ рӕстӕг семӕ ӕрвыста. Ӕхсызгон-иу ын уыди, йӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ цӕуыл хъуыды кодта, уыдӕттӕ сын дзурын ӕмӕ-иу сӕм йӕхӕдӕг дӕр лӕмбынӕг хъуыста (Мар. 6:30–32). Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕргом кӕй ныхас кодтой, уый фӕрцы хорз ӕмбӕлттӕ систы ӕмӕ апостолтӕ цӕттӕ уыдысты, фидӕны Хуыцауы хъуыддаджы цы куыст хъуамӕ кодтаиккой, уымӕ. Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕной ӕмӕ ӕдзухдӕр хорз хабар куы хъусын кӕной, уӕд тынг амондджын кӕй уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн (Матф. 28:19, 20). w15 15/11 2:3, 5

Къуырисӕр, 25 сентябрь

Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Матф. 22:39).

Уарзондзинад у Йегъовӕ Хуыцауы сӕйраг миниуӕг (1 Иоан. 4:16). Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста Йесойы. Уый миллиардгай азты дӕргъы йӕ Фыдимӕ уӕлӕрвты уыди ӕмӕ базыдта, Йегъовӕ куыд уарзӕгой Хуыцау у, уый (Кол. 1:15). Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы уарзондзинад ӕвдыста, уӕлӕрвты куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ зӕххыл куы цард, уӕд дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн сӕ хицаудзинад алкӕддӕр уарзондзинадыл арӕзт кӕй уыдзӕн. Иухатт иу нӕлгоймаг Йесойы бафарста, сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын уый загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матф. 22:37–39). Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иннӕты уарзын кӕй хъӕуы, уымӕй сӕйрагдӕр у, Хуыцауы кӕй хъуамӕ уарзӕм, ӕрмӕстдӕр уый. Уӕдӕ бӕрӕг у, уыцы хъуыддаг тынг ахсджиаг кӕй у. w15 15/11 4:1–3

Дыццӕг, 26 сентябрь

Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн (Ром. 15:4).

Йегъовӕ адӕмимӕ ӕрмӕст дзуттаг ӕвзагыл нӕ ныхас кодта. Израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд сӕ чидӕртӕ дзырдтой арамейаг ӕвзагыл. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Данелӕн, Йеремийӕн ӕмӕ Ездрӕйӕн сӕ чингуытӕй кӕцыдӕр хӕйттӕ арамейаг ӕвзагыл растдӕр уый тыххӕй ныффыссын кодта. Фӕстӕдӕр Македойнаг Алыксандр дунейӕн йӕ фылдӕр хай бацахста, ӕмӕ бирӕ бӕстӕты адӕм райдыдтой дзурын иумӕйаг грекъаг ӕвзагыл, «койне», зӕгъгӕ. Дзуттӕгтӕй дӕр бирӕтӕ райдыдтой грекъаг ӕвзагыл дзурын, ӕмӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд Дзуттаг Фыстытӕ дӕр грекъаг ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты. Уыцы тӕлмац хуыйны Септуагинтӕ. Уый уыди Библийӕн йӕ фыццаг тӕлмац ӕмӕ йын ис стыр ахадындзинад. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Септуагинтӕйыл куыста 72 адӕймаджы. Уыдонӕй чидӕртӕ Дзуттаг Фыстытӕ тӕлмац кодтой дзырдӕй-дзырдмӕ, чидӕртӕ та – нӕ. Уый тыххӕй Септуагинтӕ иу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕлмацгонд нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ Септуагинтӕ нымадтой Хуыцауы Ныхасыл. w15 15/12 1:4–6

Ӕртыццӕг, 27 сентябрь

Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ нӕ хъӕуы (Иак. 3:5).

Иаков дарддӕр загъта: «Ӕвзаг дӕр у зынг» (Иак. 3:6). Ацы стихы «ӕвзаг» амоны нӕ дзыхыныхасмӕ. Артау нӕ ныхӕстӕ дӕр, гӕнӕн ис, фыдбылыз расайой. Библийы ма афтӕ дӕр ис фыст: «Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзаджы къухы сты» (Ӕмб. 18:21). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, искӕй фӕхъыг кӕныны тӕссӕй хъуамӕ ӕппындӕр мауал дзурӕм. Зӕгъӕм, кӕд артӕн йӕ бон зиан ӕрхӕссын у, уӕддӕр дзы фӕпайда кӕнӕм. Сӕйраг у, цӕмӕй йӕм нӕ хъус дарӕм. Уый руаджы нӕ бон уыдзӕн хӕринаг скӕнын, нӕхи схъарм кӕнын, талынджы та нын рухс дӕр кӕндзӕн. Уӕдӕ цы дзурӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын, стӕй нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уыдзысты (Пс. 19:14). Йегъовӕ нӕ ахӕм курдиатӕй схайджын кодта, ӕмӕ нӕ бон у, нӕ хъуыдыйы ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн ӕргом кӕнын, фӕнды дзургӕйӕ, фӕнды – къухӕй амонгӕйӕ. Фӕлӕ уыцы диссаджы курдиатӕй хъумӕ афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй иннӕты фидар кӕнӕм (Иак. 3:9, 10). w15 15/12 3:1–3

Цыппӕрӕм, 28 сентябрь

Салӕмттӕ уын ӕрвиты нӕ уарзон ӕфсымӕр, дохтыр Лука (Кол. 4:14).

Ӕвӕццӕгӕн, Лука Павелӕн цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ амыдта ӕмӕ Павелӕн йӕхи ӕмӕ ма йемӕ уацамындон балцыты чи цыди, уыдоны дзӕбӕх кодта (Гал. 4:13). Йесо загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (Лук. 5:31). Уӕдӕ-иу сӕ Лукайы ӕххуыс дӕр уымӕн хъуыди. Лука уыди дохтыр, ӕнӕуи цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ амонын чи уарзта, ахӕм адӕймаг нӕ, фӕлӕ. Библийы бӕлвырд фыст нӕй, дохтырыл кӕм ӕмӕ кӕд сахуыр кодта, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм Лукайы номӕй ӕрвыста салӕмттӕ. Уӕдӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ Лука ахуыр кодта, Колосстӕм ӕввахс, горӕт Лаодикийы, дохтыртыл кӕм ахуыр кодтой, уыцы скъолайы. Лука дохтыр кӕй уыди, уый ма бӕрӕг у, йӕ Евангелийы ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныджы, дохтыртӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, ахӕм ныхӕстӕй кӕй пайда кодта, уымӕй дӕр. Стӕй, Йесо адӕмы куыд дзӕбӕх кодта, уый тыххӕй Лукайӕ фылдӕр ничи ныффыста. w15 15/12 4:11, 12

Майрӕмбон, 29 сентябрь

Бузныг Хуыцауӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы лӕвары тыххӕй! (2 Кор. 9:15).

Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр уый фӕрцы равдыста. Ӕмӕ уымӕй стырдӕр лӕварӕн скӕнӕн дӕр нӕ уыд! (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9, 10). Апостол Павел уыцы лӕвар схуыдта, «зӕгъӕн кӕмӕн нӕй... уыцы лӕвар», зӕгъгӕ. Павел зыдта, Йесойы нывонд ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты (2 Кор. 1:20). Уӕдӕ «зӕгъӕн кӕмӕн нӕй... уыцы лӕвармӕ» ӕрмӕст Чырыстийы нывонд нӕ хауы, фӕлӕ нӕм Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт цы хъуыддӕгтӕй ӕвдисы ӕмӕ мах тыххӕй цы хорздзинӕдтӕ аразы, уыдон иууылдӕр. Уыцы диссаджы лӕвар куыд зынаргъ у, уый ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕн дӕр нӕй. Цымӕ уыцы лӕвармӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна? Уыцы лӕварыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ куыннӕ бафӕнддзӕн дӕ цардыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ цыдӕртӕ фӕивын. Ӕвӕццӕгӕн дӕ уый сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй рӕдаудӕр уай, иннӕты тынгдӕр уарзай ӕмӕ дын ӕвзӕрдзинад чи ракодта, уыдонӕн ныххатыр кӕнай. Макуы дӕ уӕд рох, Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уыцы лӕварӕй зынаргъдӕр кӕй нӕй (1 Пет. 3:18). w16.01 2:1, 2, 4, 5

Сабат, 30 сентябрь

Дымгӕ дымы, кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм, ӕмӕ йын йӕ уынӕр хъусыс, фӕлӕ кӕцӕй ӕмӕ кӕцырдӕм дымы, уый та нӕ зоныс. Афтӕ у йӕ хабар, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр (Иоан. 3:8).

Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцыд, уый, чи зоны, хъуыды кӕна: «Йегъовӕ ӕндӕр кӕйдӕр нӕ, фӕлӕ мӕн цӕмӕн равзӕрста?» Чи зоны ма дис дӕр кӕна, Хуыцау ӕй уыцы кады аккаг кӕй скодта, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй фӕзоны, Йегъовӕ йӕ кӕй равзӕрста, уый. Ахӕм адӕймаг вӕййы тынг амондджын ӕмӕ уыцы стыр лӕвары тыххӕй Хуыцауӕй бузныг вӕййы. Сӕрст чырыстӕттӕ хорз ӕмбарынц, Петрӕн йӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыди, афтӕ куы загъта: «Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мах ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый фӕрцы, цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ. Уыцы бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн» (1 Пет. 1:3, 4). Сӕрст чырыстӕттӕ ацы ныхӕстӕ куы фӕкӕсынц, уӕд бӕлвырдӕй фӕзонынц, сӕ уӕларвон Фыд сӕ уыдонӕн кӕй дзуры. w16.01 3:11, 1

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын