Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 116–128 фф.
  • Октябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Октябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 октябрь
  • Къуырисӕр, 2 октябрь
  • Дыццӕг, 3 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 4 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 5 октябрь
  • Майрӕмбон, 6 октябрь
  • Сабат, 7 октябрь
  • Хуыцаубон, 8 октябрь
  • Къуырисӕр, 9 октябрь
  • Дыццӕг, 10 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 11 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 12 октябрь
  • Майрӕмбон, 13 октябрь
  • Сабат, 14 октябрь
  • Хуыцаубон, 15 октябрь
  • Къуырисӕр, 16 октябрь
  • Дыццӕг, 17 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 18 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 19 октябрь
  • Майрӕмбон, 20 октябрь
  • Сабат, 21 октябрь
  • Хуыцаубон, 22 октябрь
  • Къуырисӕр, 23 октябрь
  • Дыццӕг, 24 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 25 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 26 октябрь
  • Майрӕмбон, 27 октябрь
  • Сабат, 28 октябрь
  • Хуыцаубон, 29 октябрь
  • Къуырисӕр, 30 октябрь
  • Дыццӕг, 31 октябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 116–128 фф.

Октябрь

Хуыцаубон, 1 октябрь

Бирӕ раздӕр кӕй тыххӕй загъта, уыдоны хонгӕ дӕр ӕркодта (Ром. 8:30).

Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ӕвзарын райдыдта, Йесо куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст уыдысты. Уый фӕстӕ ӕнусты дӕргъы хабар афтӕ уыд, ӕмӕ йӕхи Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг чи хуыдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр мӕнг чырыстӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ-иу уыцы рӕстӕг дӕр Йегъовӕ иуӕй-иу иузӕрдион чырыстӕтты йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыдон уыдысты, хӕмпӕлгӕрдӕджы ’хсӕн чи сзади, ахӕм мӕнӕуы хуызӕн (Матф. 13:24–30). Фӕстаг бонты дӕргъы дӕр Йегъовӕ ӕмбырд кӕны, 144 минмӕ чи хаудзӕн, уыцы адӕмы. Уӕдӕ Йегъовӕ кӕроны хӕдразмӕ кӕйдӕрты йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрда, уӕд дӕр нӕ ничи дызӕрдыг кӕндзӕн, раст кӕй архайы, ууыл (Ис. 45:9; Дан. 4:35; Ром. 9:11, 16). Хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕсномыг ныхасы кӕй кой ис, уыцы кусджытау хъуыр-хъуыр кӕнын ма райдайӕм, нӕ Хицау куыд архайы, ууыл – уыцы кусджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой, сӕ хицау кусынмӕ фӕстагмӕ кӕй баххуырста, уыдонӕн цас бафыста, ууыл (Мат. 20:8–15). w16.01 4:15

Къуырисӕр, 2 октябрь

Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы, ӕмӕ ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн ӕрхӕсс (Райд. 22:2).

Абон Йегъовӕ махӕй никӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕ сывӕллоны нывондӕн ӕрхӕсса, фӕлӕ нын зӕгъы, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. Хатгай, чи зоны, нӕ фембарӕм, цавӕрдӕр фӕдзӕхстытӕ цӕмӕн хъӕуынц кӕнӕ нӕм зынӕххӕстгӕнӕн фӕкӕсынц. Мыййаг, дӕумӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы? Кӕмӕндӕрты зын у хъусын кӕнын. Чи зоны, ӕфсӕрмыгӕнаг сты, ӕмӕ сын зын у ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Чидӕртӕ та тӕрсынц, скъолайы кӕнӕ куысты иннӕтӕй куы хицӕн кӕной, уымӕй (Рац. 23:2; 1 Фес. 2:2). Мыййаг дӕм искуы афтӕ фӕкӕсы, цыма ды дӕр Авраамау хохмӕ фӕцӕуыс ӕмӕ дӕ хъӕуы, тынг зын дӕм чи кӕсы, уыцы хъуыддаг бакӕнын? Кӕд о, уӕд дын Авраамы фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинад фӕзминаг уӕнт. Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм ӕмӕ нӕ Хӕлар Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм (Дзут. 12:1, 2). w16.02 1:3, 14

Дыццӕг, 3 октябрь

Саул йӕ фырт Ионафанӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта, Давиды амарын хъӕуы, зӕгъгӕ (1 Сам. 19:1).

Саул Давиды амарын куы сфӕнд кодта, уӕд Ионафан уӕззау уавӕры бахауд – иуӕй Давидимӕ бадзырд скодта, иннӕмӕй та хъуамӕ йӕ фыды коммӕ кастаид. Фӕлӕ Ионафан зыдта, Хуыцау Саулимӕ нӕ, фӕлӕ Давидимӕ кӕй ис. Гъемӕ аскъуыддзаг кодта, Давидыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Ионафан Давиды бафӕдзӕхста, цӕмӕй бамбӕхстаид ӕмӕ стӕй Саулӕн Давиды хорзы кой кӕнын райдыдта (1 Сам. 19:1–6). Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, цавӕрдӕр спортивон командӕ, скъола кӕнӕ нын нӕ бӕстӕ Хуыцауӕй ахсджиагдӕр куы суой. Зӕгъӕм, Генри тынг уарзта шахмӕттӕй хъазын. Се скъола-иу алы хатт дӕр ерысты рамбылдта, ӕмӕ Генрийы фӕндыд, цӕмӕй уыцы ном ма фӕчъизи кодтаид. Фӕлӕ алы сабат-хуыцаубон дӕр шахмӕттӕй кӕй хъазыд, уый тыххӕй йын уацамындӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕн фаг рӕстӕг нал уыд. Генри куыд загъта, афтӕмӕй йын скъола Хуыцауӕй зынаргъдӕр сси. Гъемӕ аскъуыддзаг кодта, йе скъолайы командӕйы кӕй нал хъаздзӕн (Матф. 6:33). w16.02 3:10, 12

Ӕртыццӕг, 4 октябрь

Дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ (Пс. 110:3).

Ӕрыгӕттӕн донаргъуыд райсыны фӕнд сӕ зӕрдӕйӕ цӕуы ӕви нӕ, уый базонын сӕ бон у, зӕгъӕм, сӕ куывдтытыл куы ахъуыды кӕной, уӕд. Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувыс? Бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй йӕм фӕкувыс? Ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕимӕ ӕнгом дӕ ӕви нӕ (Пс. 25:4). Хуыцау нын нӕ куывдтытӕн арӕх дзуапп фӕдӕтты Библийы фӕрцы. Уӕдӕ, Библи куыд фӕахуыр кӕныс, уымӕ гӕсгӕ дӕр ис базонӕн, зӕрдиагӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай ӕмӕ йын лӕггад кӕнай, ӕви нӕ (Йес. Н. 1:8). Ахъуыды кӕн: «Библи ӕдзухдӕр фӕахуыр кӕнын? Бинонты ахуыр нын куы вӕййы, уӕд дзы зӕрдиагӕй фӕархайын?» Ацы фарстатӕн цы дзуапп раттай, уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзынӕ, донаргъуыд райсын дӕхи фӕнд у ӕви нӕ. w16.03 1:11, 13

Цыппӕрӕм, 5 октябрь

[Чырыстийӕ] рӕзы ӕгас буар дӕр: буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл хӕцынц ӕмӕ иумӕ сӕ куыст кӕнынц (Еф. 4:16).

Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, «Ӕрвылазон чиныджы» куы бакӕсӕм, ӕгас дунейы дӕр нын цы бантыст, уый тыххӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, конгресстӕ дӕр нӕ куыд иу кӕнынц, ууыл. Уым цы раныхӕстӕ, драмӕтӕ ӕмӕ равдыстытӕ вӕййы, уыдон нӕ баразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый. Ноджыдӕр ма нӕ иу хабар иу кӕны – ӕгас дунейы дӕр Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр кӕй фӕбӕрӕг кӕнӕм, уый (1 Кор. 11:23–26). Алы аз дӕр 14 нисаны хурныгуылды фӕстӕ иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕй дзы бузныг кӕй стӕм ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусӕм. Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры размӕ дӕр цалдӕр къуырийы дӕргъы ӕмгуыст фӕкӕнӕм – адӕмы фӕхонӕм, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хабар махимӕ сбӕрӕг кӕной. Иугӕйттӕй нӕ бон нӕу хорз хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр фехъусын кӕнын. w16.03 3:4, 6, 7

Майрӕмбон, 6 октябрь

Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт (Матф. 3:17).

Ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыддаг кӕмӕн бахӕс кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕн хъӕуы ӕмбарын кӕнын, афтӕ кӕй хъуамӕ кӕной цавӕрдӕр уагӕвӕрдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Библимӕ гӕсгӕ афтӕ раст кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕртӕй искӕмӕн куы бахӕс кӕна, цӕмӕй йӕ хъус дара, залмӕ бахизӕн сыгъдӕг ӕмӕ ӕдас куыд уа, уымӕ, уӕд ын йӕ бон у Титмӕ 2:10 стих равдисын ӕмӕ йын бамбарын кӕнын, йӕ фыдӕбоны фӕрцы «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад [куыд] рӕсугъд кӕндзӕн», уый. Йӕ бон ма у ӕфсымӕры баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй ахъуыды кӕна ӕмбырды ацӕргӕтыл ӕмӕ сын уыцы хъуыддаг цы ’ххуыс уыдзӕн, ууыл. Афтӕ йӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд фылдӕр хъуыды кӕндзӕн цавӕрдӕр уагӕвӕрдтыл нӕ, фӕлӕ адӕмыл. Ӕмӕ куы уына, йӕ фыдӕбон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы пайда хӕссы, уый, уӕд ын иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕхсызгондӕр уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма ахсджиаг у, цӕмӕй-иу хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕрӕй раппӕла, йӕ уынаффӕтӕм ын кӕй хъусы, уый тыххӕй. Цӕмӕй зайӕгой рӕза, уый тыххӕй йыл хъӕуы дон кӕнын. Раст афтӕ ӕфсымӕрӕй дӕр хъӕуы ӕппӕлын, цӕмӕй рӕза ӕмӕ йын фылдӕр ӕнтыса. w15 15/4 2:7, 8

Сабат, 7 октябрь

Нӕ Хицау мӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй дӕр (2 Тим. 4:18).

Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дын дӕ зындзинады чи баххуыс кӕна, уый нӕй? Чи зоны, ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ кӕнӕ дӕ скъолайы де ’мгӕрттӕ ӕфхӕрдтой. Йе та, чи зоны, тынг фӕрынчын дӕ кӕнӕ ӕндӕр уӕззау фӕлварӕны бахаудтӕ. Чи зоны, кӕмӕйдӕрты ӕххуыс куырдтай, фӕлӕ фӕфыдӕнхъӕл дӕ, уымӕн ӕмӕ дын нӕ баххуыс кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ахӕм зындзинӕдтӕ, ӕмӕ сӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу аиуварс кӕнын. Ахӕм зындзинадыл куы сӕмбӕлай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл» (Ӕмб. 3:5, 6). Фӕлӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн ис? Куыннӕ! Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ. Зын сахат дын адӕм куы нӕ баххуыс кӕной, уӕд-иу мӕсты кӕныны бӕсты Павелау дӕ уавӕр нымай, дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый равдисыны фадатыл. Ахӕм уавӕр ма дын хорз фадат уыдзӕн, Хуыцау дын куыд ӕххуыс кӕны, уый фенынӕн. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардзынӕ ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. w15 15/4 4:3–5

Хуыцаубон, 8 октябрь

Ацы цардӕвӕрды хуыцау сӕ сӕрызонд... бакуырм кодта... ӕнӕуырнджытӕн (2 Кор. 4:4).

Цӕмӕй Хӕйрӕг адӕмы нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна, уый тыххӕй мӕнгардӕй архайы (1 Иоан. 4:8). Адӕмы сайы, цӕмӕй ма ’мбарой, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый (Матф. 5:3). «Сӕ сӕрызонд сын бакуырм кодта, цӕмӕй сӕм ма бакӕла, Хуыцауы хуызӕн чи у, уыцы Чырыстийы тыххӕй диссаджы хорз хабары рухс». Хӕйрӕгӕн адӕмы сайын ӕппӕты тынгдӕр ӕнтысы мӕнг дины руаджы. Уый зоны, Йегъовӕ адӕмӕй кӕй домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион (Рац. 20:5). Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, Сайтан куыд фӕцин кӕны, адӕм Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр куы фӕкувынц, зӕгъӕм, сӕ фыдӕлтӕн, ӕрдзӕн кӕнӕ цӕрӕгойтӕн. Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцауӕн раст кувы, уыдонӕй бирӕтӕ мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕндынц ӕмӕ сты алыхуызон ӕнӕпайда ӕгъдӕуттыл хӕст. Исайы рӕстӕг израилӕгты хабар дӕр афтӕ уыд. Ӕмӕ сын Йегъовӕ Исайы уылты загъта: «Уӕ зӕрдӕ цӕмӕй нӕ райы, ууыл цӕмӕн фыдӕбон кӕнут? Лӕмбынӕг мӕм хъусут ӕмӕ дзаджджын хӕринӕгтӕй уӕ мондӕгтӕ уадзут» (Ис. 55:2). w15 15/5 1:14, 15

Къуырисӕр, 9 октябрь

Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ (Райд. 3:15).

Авел-иу, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы ныхӕстыл бирӕ хъуыды кодта. Чи зоны-иу хъуыды кодта, калм кӕуыл фӕхӕцдзӕн ӕмӕ адӕмы ӕххӕстдзинадмӕ чи ’ркӕндзӕн, уый чи уыдзӕн, зӕгъгӕ. Авелы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ нывонд куы ’рхаста, уӕд дзы Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс ӕмӕ йын йӕ нывонд айста (Райд. 4:3–5; Дзут. 11:4). Ной дӕр ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый фӕрцы Доны хъаймӕты аирвӕзт (Дзут. 11:7). Доны хъаймӕты фӕстӕ йӕ йӕ уырнындзинад баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фосы нывӕндтӕ ӕрхастаид (Райд. 8:20). Авелау уый дӕр ӕууӕндыд, фидӕны адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты, ууыл. Ӕмӕ фӕстӕдӕр Нимрод адӕмӕн йӕхи куы схицау кодта ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы скодта, уӕд дӕр Ной йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардта ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд (Райд. 10:8–12). Ӕвӕццӕгӕн-иу йӕ цӕстытыл ауайын кодта, ӕгъатыр хицӕуттӕ, стӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт куы нал уа, уыцы рӕстӕг. Ныр уыцы рӕстӕг тынг ӕввахс у, ӕмӕ йыл махӕн дӕр нӕ бон у хъуыды кӕнын (Ром. 6:23). w15 15/5 3:4, 6

Дыццӕг, 10 октябрь

Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы (Ӕмб. 12:25).

Иуӕй-иутӕ ӕдзухдӕр фӕтыхсынц, мыййаг сыл исты ӕвзӕр хабӕрттӕ куы ӕрцӕуа, ууыл. Фӕлӕ ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзына. Мах хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм абоны стихы ныхӕстӕ. Кӕд истӕуыл тыхсыс, уӕд аныхас кӕн, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ дӕ хорз чи зоны, ахӕм адӕймагимӕ, зӕгъӕм, дӕ ныййарджытимӕ, дӕ цардӕмбалимӕ кӕнӕ дӕ хорз хӕларимӕ. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарай ӕмӕ къаддӕр тыхсай. Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, цӕуыл тыхсӕм, уый ӕмӕ нӕ уымӕй хуыздӕр ничи ӕмбары. Павел ныффыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнынӕн дын чи ’ххуыс кӕны, уыдоныл – дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртыл, хистӕр нӕлгоймӕгтыл, ӕууӕнкджын цагъарыл, зӕдтыл, Йесойыл ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйыл. w15 15/5 4:16, 17

Ӕртыццӕг, 11 октябрь

Уым уыди, ӕртын аст азы рынчын чи уыд, иу ахӕм адӕймаг (Иоан. 5:5).

Иерусалимы кувӕндонӕн йӕ цӕгат хайы уыди найӕн бынат, Вифездӕ, зӕгъгӕ. Уырдӕм цыди дуне рынчын ӕмӕ ӕнӕбон адӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс уыд, доны куы ныххизой, уӕд сӕ низӕй диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх уыдзысты. Ӕмӕ уыцы ран Йесо федта, йӕхӕдӕг зӕххыл цас цард, уымӕй фылдӕр рӕстӕг рынчын чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаджы (Иоан. 5:6–9). Йесо йӕ бафарста, фӕнды дӕ, цӕмӕй та дӕ къахыл слӕууай, зӕгъгӕ. Лӕг ын ӕнкъардӕй загъта, зӕгъгӕ мӕ бӕргӕ фӕнды, фӕлӕ мын доны ныххизынӕн чи баххуыс кӕна, уый нӕй. Уӕд ын Йесо загъта, цӕмӕй сарӕзтаид, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый: «Сис дӕ хуыссӕн, ӕмӕ цу». Лӕг дӕр уайтагъд йӕ хуыссӕн фелвӕста ӕмӕ цӕуын райдыдта! Ацы диссагӕй ирдӕй зыны, Чырысти ног дунейы цы сараздзӕн, уый. Стӕй ма дзы нӕ бон у базонын, Йесо адӕмӕн куыд тынг тӕригъӕд кӕны, уый дӕр. Йесо-иу агуырдта, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны. Мах дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ, кӕм фӕхъусын кӕнӕм, уым агурӕм, ацы дунейы ӕвирхъау хабӕртты тыххӕй зӕрдӕсаст чи у, уыцы адӕмы. w15 15/6 2:8–10

Цыппӕрӕм, 12 октябрь

Кувгӕ... кӕнут афтӕ (Матф. 6:9).

Йесо йӕ куывды райдианы загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд». Уыцы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, ӕгас зӕххыл нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕ сӕ Фыд кӕй у (1 Пет. 2:17). Йегъовӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ кӕй равзӕрста, уыдонӕй йӕхицӕн скодта фырттӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ у сӕ Фыд (Ром. 8:15–17). Зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдонӕн дӕр ӕй сӕ бон у сӕ «Фыд» хонын, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у сӕ царддӕттӕг, уарзы сӕ ӕмӕ сын дӕтты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый. Уыдон «Хуыцауы сывӕллӕттӕ» суыдзысты, алцӕмӕй ӕххӕст куы суой ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд (Ром. 8:21; Рарг. 20:7, 8). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн куы бамбарын кӕнынц, Йегъовӕ сӕ уӕларвон Фыд кӕй у ӕмӕ сӕ кувын куы сахуыр кӕнынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн стыр лӕвар скӕнынц. Куы сын бамбарын кӕной, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ сӕ бон кӕй у, ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суой, уӕд сын уый уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр лӕвар. w15 15/6 4:4–6

Майрӕмбон, 13 октябрь

Фыдбылызӕй нӕ фервӕзын кӕн (Матф. 6:13).

Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ нӕ «Фыдбылызӕй... фервӕзын кӕна», уый нӕ кӕй фӕнды? Хъуамӕ Хӕйрӕджы дунейӕ ма уӕм ӕмӕ ма уарзӕм нӕдӕр «дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый» (Иоан. 15:19; 1 Иоан. 2:15–17). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй алы бон дӕр хъӕуы нӕ тых, нӕ бонӕй тох кӕнын. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ Хӕйрӕджы дӕр ӕмӕ ацы фыддуне дӕр фесафдзӕн, ӕмӕ уӕд сулӕфдзыстӕм! Уӕдмӕ та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ тынг мӕсты кӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад. Гъемӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразы, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕгӕй хъахъхъӕна (Рарг. 12:12, 17). Фӕнды дӕ, цӕмӕй, Хӕйрӕг кӕм нал уыдзӕн, уыцы дунейы цӕрай? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр кув, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, Хуыцауӕн йӕ ном срухс уа ӕмӕ йӕ фӕндон зӕххыл дӕр уа. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар – уый дын дӕтдзӕн, цӕрынӕн ӕмӕ дӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрай (Матф. 6:9–13). w15 15/6 5:12, 17, 18

Сабат, 14 октябрь

Уыдзӕн... стыр бӕллӕх (Матф. 24:21).

Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, уыцы фӕлварӕны рӕстӕг нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ цард ӕнцон нӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕ хъӕудзӕн нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Цӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ удӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй сӕ бахъуыди сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ зындзинӕдтӕн быхсын (Мар. 13:15–18). Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттӕм: «Цӕттӕ дӕн, ме ’хца ӕмӕ мӕ мулк кӕй фесафдзынӕн, уымӕ? Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайон, уый тыххӕй, цыдӕриддӕр бахъӕуа, уый сараздзынӕн?» Ахъуыды-ма кӕн, уыцы рӕстӕг мах йеддӕмӕ Хуыцауӕн ничиуал лӕггад кӕндзӕн! Ӕмӕ уымӕй нӕ уавӕр уыдзӕн пехуымпар Данелы уавӕры хуызӕн – уый Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр (Дан. 6:10, 11). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнын нал хъӕудзӕн. Уыцы хабар хъусын кӕныны рӕстӕг аивгъуыйдзӕн. Уый уыдзӕн «кӕроны» рӕстӕг! (Матф. 24:14). Уӕд Хуыцауы адӕм хъӕбатырӕй хъусын кӕндзысты ӕндӕр хабар – адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр чи хаудзӕн, уыцы тӕрхоны хабар. Уыцы хабар, ӕвӕццӕгӕн, уыдзӕн, Хӕйрӕджы дуне тынг тагъд сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. w15 15/7 2:3, 8, 9

Хуыцаубон, 15 октябрь

Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты (Иоан. 17:16).

Чырысти нӕ фӕдзӕхста, ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый тыххӕй нӕм адӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кӕй кӕсдзысты. Нӕ ныхмӕ чи у, уыдонӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ зонынц. Уымӕ гӕсгӕ не ’мбарынц, ацы дунейы хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайӕм ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион уӕм, уый нын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у. Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, иннӕтӕ нӕм куы ӕртхъирӕн кӕной, уӕддӕр (Дан. 3:16–18). Ӕрыгӕттӕн уӕлдай зындӕр вӕййы иннӕтӕй хицӕн кӕнын. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй скъолайы ныфсджын уой. Чи зоны, уӕ сывӕллон, гимн цӕуылнӕ зары кӕнӕ бӕрӕгбӕтты цӕуылнӕ архайы, уый зӕгъын нӕ уӕнды. Уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг-иу аныхас кӕнут, уыцы хъуыддӕгтӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Амонут сын, куыд ис уӕзданӕй бамбарын кӕнӕн, цӕуыл ӕууӕндынц, уый (Ром. 1:16). Стӕй, куы хъӕуа, уӕд-иу ахуыргӕнджытимӕ дӕр аныхас кӕнут ӕмӕ-иу сын бамбарын кӕнут, цӕуыл ӕууӕндут, уый. w15 15/7 3:15, 16

Къуырисӕр, 16 октябрь

Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты (Иоан. 3:16).

Йегъовӕ нын стыр лӕвар скодта – Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста, «цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм» (1 Иоан. 4:9). Хуыцауы стыр уарзт уыцы хъуыддагӕй куыд рабӕрӕг, уый кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Чырысти ӕмгъуыды бон амард ӕнӕхуыцау адӕмы тыххӕй. Ӕнӕуи зын зӕгъӕн у, ӕмӕ рӕстгӕнӕджы тыххӕй дӕр исчи амӕла, кӕд хӕрзгӕнӕджы тыххӕй уа исчи мӕлӕтмӕ цӕттӕ, ӕндӕр. Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый та ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:6–8). Хуыцауы уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр уыцы нывондӕй рабӕрӕг, ӕмӕ уыцы нывонды фӕрцы адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой. Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы. Кӕд нын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, ног дунейы нын диссаджы цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕй уӕдӕ Чырыстийы нывондӕн, Хуыцауы ӕнувыд уарзт ӕппӕты тынгдӕр кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы нывондӕн, аргъ кӕнӕм. w15 15/8 1:13, 15

Дыццӕг, 17 октябрь

Маст ма кӕнут (Неем. 8:10).

Ног дунейы Йегъовӕйӕн йӕ Паддзахады дӕлбар лӕггад кӕнын у, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад. Мах уый ӕмбарӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон дӕр Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ хъусӕм ӕмӕ ныл цы хӕстӕ ис, уыдон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уавӕртӕ, чи зоны, ивой. Зӕгъӕм, Иугонд Штатты Вефилы чи лӕггад кодта, уыдонӕй иуӕй-иуты снысан кодтой ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕй. Цӕуӕг цӕстдарджытӕй та кӕйдӕрты, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Фӕлӕ уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ ног хӕслӕвӕрдтӕй райгонд сты ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕны. Мах дӕр Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, ӕххуыс дзы куы курӕм, нӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ нӕ хӕстӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд (Ӕмб. 10:22). Цымӕ ног дунейы та куыд уыдзӕн? Зӕгъӕм, цавӕрдӕр бынаты тыххӕй хъуыды кӕнӕм, мӕнӕ мӕ ам фӕнды цӕрын, зӕгъгӕ, фӕлӕ нын загътой, цӕмӕй ӕндӕр ран ӕрцӕрӕм. Куыд бакӕндзыстӕм уӕд? Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы рӕстӕг кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ цыфӕнды куыст ма кӕнӕм, уӕддӕр Хуыцауӕй тынг бузныг кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр кӕй нӕ уыдзӕн. w15 15/8 3:8

Ӕртыццӕг, 18 октябрь

Ной... йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд (Райд. 6:9).

Ной цард фыддзинадӕй йедзаг дунейы, фӕлӕ йӕ нӕ фӕндыд фыдгӕнджытимӕ лымӕн кӕнын. Ной йӕ рӕстӕг ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не ’рвыста. Йӕ бинонтимӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтой, Хуыцау сын цы куыст бахӕс кодта, уымӕ – нау аразынмӕ. Уымӕй уӕлдай ма Ной уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр (2 Пет. 2:5). Ной, йӕ бинойнаг, йе ’ртӕ фырты ӕмӕ сӕ устытӕ сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстой ӕмӕ архайдтой Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Уый фӕрцы Доны хъаймӕты аирвӕзтысты, ӕмӕ абон адӕм иууылдӕр сты сӕ байзӕддӕгтӕ. Уӕдӕ, Йегъовӕйы коммӕ кӕй кастысты ӕмӕ сӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй кӕй хызтой, уый тыххӕй сӕ бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм. Фыццаг ӕнусы дӕр иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхи хызтой ӕнӕхуыцау адӕмӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр, Хуыцауы коммӕ кӕй кастысты, уый фӕрцы аирвӕзтысты, нӕ эрӕйы 70 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыди, уӕд (Лук. 21:20–22). w15 15/8 4:17, 18

Цыппӕрӕм, 19 октябрь

Ис рӕстӕг... худынӕн... ӕмӕ рӕстӕг кафынӕн (Еккл. 3:4).

Ирхӕфсӕнтӕ се ’ппӕт пайда не сты ӕмӕ се ’ппӕт уӕнгрог нӕ кӕнынц. Стӕй хорз нӕ уыдзӕн, ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг дӕр куы хардз кӕнӕм. Цымӕ нын не ’фсарм куыд баххуыс кӕндзӕн, ӕхсызгон нын чи уа ӕмӕ нын пайда чи фӕуа, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынӕн? Библи нӕ фӕдзӕхсы «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй». Уыцы хъуыддӕгтӕм хауынц «хӕтын, чъизи хъуыддӕгтӕ, хӕлд митӕ кӕнын, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнын, искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, хыл кӕнын, ӕнӕууӕнк кӕнын, мӕстӕй рафыцын, загъд кӕнын, къордтыл, сектӕтыл дихтӕ кӕнын, хӕлӕг кӕнын, фыднозт кӕнын, ӕнӕуаг цӕл-минас кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ». Павел ныффыста: «Ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (Гал. 5:19–21). Уӕдӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Иуӕй-иу спортивон хъӕзтыты вӕййы тыхми ӕмӕ быцӕутӕ, кӕнӕ адӕймаджы йӕ бӕстӕйы сӕрыл хӕцынмӕ фӕразӕнгард кӕнынц. Цымӕ мын ме ’фсарм ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕхи ахӕм спортивон хъӕзтытӕй хизон? Бирӕ киноты ӕнӕгъдаудзинад, фыднозт кӕнӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ афтӕ февдисынц, цыма дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Ахӕм киномӕ бакӕсын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мын ме ’фсарм цы фӕдзуры?» w15 15/9 2:11, 12

Майрӕмбон, 20 октябрь

О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы (Йер. 10:23).

Библи нын бӕлвырдӕй дзуры, Хуыцау нӕ афтӕ кӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Йегъовӕ зоны, махӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый. Ӕмӕ йӕ нӕ Хицауыл куы нымайӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм фӕрнӕйдзаг ӕмӕ амондджын. Уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕтты фидӕныл фӕхъуыды кӕны ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ цардӕй райгонд уой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, абон адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, фидӕны сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕнӕ сӕ цард снывонд кӕнынц, рӕстӕгмӕ чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕн (Пс. 90:10). Куыд бузныг стӕм нӕ уӕларвон Фыдӕй, абон нӕ цардӕй зӕрдӕрухс цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ӕрмӕст уый нын кӕй нӕ амоны, фӕлӕ ма нын диссаджы фидӕнӕй дӕр зӕрдӕ кӕй ӕвӕры! w15 15/9 4:10, 11

Сабат, 21 октябрь

Зӕххыл нӕдӕр ӕртӕх уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда ӕруардзӕн, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ (1 Пад. 17:1).

Раджы заман бирӕтӕн уыди фадат, цӕмӕй, Хуыцау Израилы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый федтаиккой ӕмӕ уый тыххӕй фехъуыстаиккой. Йегъовӕ бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ адӕмы Египетӕй ракодтаид. Уый фӕстӕ та сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй, Зӕрдӕвӕрд зӕххы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдоныл иу иннӕйы фӕдыл уӕлахиз кодтаиккой (Йес. Н. 9:3, 9, 10). Израилӕгты сӕрыл Йегъовӕ кӕй хӕцы, ууыл се знӕгты басӕттын нӕ фӕндыд, ӕмӕ уый тыххӕй бабын сты. Фӕстӕдӕр фыдзӕрдӕ паддзах Ахавӕн дӕр бирӕ фадӕттӕ уыди Хуыцауы къух фенынӕн. Илийа Йегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд, уӕларвӕй арт ӕрцыд, ӕмӕ уый Ахав дӕр федта. Уый фӕстӕ та Илийа Ахавӕн загъта, Йегъовӕ хус рӕстӕгӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ тӕрккъӕвда кӕй ныккалдзӕн, ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (1 Пад. 18:22–45). Ахав ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ федта, фӕлӕ уӕддӕр нӕ басаст, уыдӕттӕ Йегъовӕйы стыр хъаруйы фӕрцы арӕзт кӕй ӕрцыдысты, ууыл. Цымӕ ацы ӕмӕ иннӕ цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ уынӕм, Йегъовӕ куыд архайы, уый. w15 15/10 1:4, 5

Хуыцаубон, 22 октябрь

Рӕстгӕнӕг цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы (Гал. 3:11).

Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд хъуамӕ макуы дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, ӕцӕгдӕр нын кӕй бон у баххуыс кӕнын, ууыл – Хуыцауыл. Павел нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Хуыцау нӕ мидӕг цы тыхӕй архайы, уый фӕрцы йӕ бон у, цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын» (Еф. 3:20). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной, фӕлӕ зонынц, сӕхи бон алцы кӕй нӕу, уый. Мах стыр бузныг стӕм Хуыцауӕй, нӕ фарсмӕ кӕй ис ӕмӕ нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕны, уый тыххӕй. Цымӕ Хуыцауӕй фылдӕр уырнындзинад куы курӕм, уӕд нӕ фехъусдзӕн? Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «[Хуыцауӕй] йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр куы фӕдарӕм, уӕд. Фылдӕр уырнындзинад дзы куы курӕм, уӕд нӕ фехъусдзӕн. Ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд та «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл» нымад ӕрцӕудзыстӕм (2 Фес. 1:3, 5). w15 15/10 2:16–18

Къуырисӕр, 23 октябрь

Уырнындзинады фӕндагӕй [нӕ] иуварс ма ахӕссӕд (Дзут. 2:1).

Адӕймаг Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй ӕдзухдӕр куы хъуыды кӕна, уӕд фӕлтӕрдджын чырыстон суыдзӕн ӕмӕ йын уыдзӕн фидар уырнындзинад (Дзут. 5:14; 6:1). Хуыцауы тыххӕй ахъуыды кӕнынӕн-иу гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ куы нӕ рахицӕн кӕна, уӕд та дзы сабыргай адард уыдзӕн кӕнӕ ма йӕ суанг рӕстдзинады фӕндагӕй дӕр иуварс ахӕсдзӕн (Дзут. 3:12). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у: «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ» кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ куы нӕ уӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас нӕ «зӕрдӕты арф нывӕрын» нӕ бон нӕ бауыдзӕн, ӕмӕ «ацы царды сагъӕстыл, хъӕздыгдзинадыл ӕмӕ ирхӕфсӕнтыл суыдзыстӕм» (Лук. 8:14, 15). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхасыл арф хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм. Уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (2 Кор. 3:18). Ӕнусты дӕргъы нӕ бон уыдзӕн нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй фылдӕрӕй-фылдӕр зонын ӕмӕ йӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр фӕзмын. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! (Еккл. 3:11). w15 15/10 4:13, 14

Дыццӕг, 24 октябрь

Дӕ уды хорзӕн ссар зонд дӕр. Куы йӕ ссарай, уӕд дын уыдзӕн фидӕн (Ӕмб. 24:14).

Ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уой. Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕной ӕмӕ сын зонд амоной, ӕмӕ сын уый бар дӕр радта (Еф. 6:4). Уӕдӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ӕдзухдӕр ахуыр кӕной. Ахъуыды-ма кӕнут: уӕ сывӕллӕтты скъоламӕ уымӕн ӕрвитут, ӕмӕ зонут, ахуыр кӕнын ахсджиаг кӕй у, стӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй сын ног цыдӕртӕ базонын ӕхсызгон уа. Раст афтӕ ахсджиаг у, ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм кӕй цӕуынц, стӕй бинонты ахуыры кӕй вӕййынц, уый дӕр. Уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл баст у сӕ цард. Уӕдӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй рӕстдзинад бауарзой ӕмӕ бамбарой, уыцы ахуырады фӕрцы зондджын кӕй уыдзысты. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ сымах дӕр уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕдзух уацамынды цӕуой ӕмӕ хъусын кӕнын сӕ зӕрдӕмӕ цӕуа. w15 15/11 2:6

Ӕртыццӕг, 25 октябрь

Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау (1 Кор. 11:3).

Бинонты хистӕр чи уыдзӕн, уый аскъуыддзаг кодта Йегъовӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонты хистӕр тызмӕг кӕнӕ ӕгъатыр ма уа, фӕлӕ уарзӕгой. Кӕд нӕлгоймаг сылгоймагӕн йӕ хицау у, уӕддӕр ын Библи зӕгъы, кад ын кӕй хъуамӕ кӕна (1 Пет. 3:7). Ӕмӕ лӕг йӕ бинойнагӕн кад кӕндзӕн, цӕуыл тыхсы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы нӕ кӕса ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн куы аргъ кӕна, уӕд. Библийы фыст ис: «Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). Ӕцӕгдӕр, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй йӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта. Бинонты хистӕр дӕр Йесойау уарзӕгой куы уа, уӕд ӕй йӕ бинойнаг дӕр уарздзӕн, аргъ ын кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм зӕрдиагдӕрӕй хъусдзӕн (Тит. 2:3–5). w15 15/11 4:6, 7

Цыппӕрӕм, 26 октябрь

Грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кӕнын райдыдтой, дзуттагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕй (Хъуыд. 6:1).

Хорз хабар куыд парахат кодта, афтӕ, грекъагау чи дзырдта, уыцы чырыстӕттӕ дӕр фылдӕр кодтой. Адӕм иууылдӕр грекъаг ӕвзагыл кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕ парахат уыдысты грекъаг ӕвзагыл. Стӕй апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмӕ ма Библийӕ иннӕ чингуытӕ дӕр фыст ӕрцыдысты грекъаг ӕвзагыл. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи фыста, уыдон-иу хатгай Дзуттаг Фыстытӕй цавӕрдӕр ныхӕстӕй спайда кодтой. Уыцы ныхӕстӕ-иу арӕхдӕр уыдысты Септуагинтӕйӕ ӕмӕ-иу хатгай зына-нӕзына хицӕн кодтой, ӕппӕты фыццаг дзуттагау куыд фыст ӕрцыдысты, уымӕй. Афтӕмӕй ӕнӕххӕст адӕмы тӕлмац Библимӕ хаст ӕрцыд. Уый нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ кӕцыдӕр ӕвзаг кӕнӕ адӕмы иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайы (Хъуыд. 10:34). w15 15/12 1:8, 9

Майрӕмбон, 27 октябрь

О Йегъовӕ, ратт мын дзурыны бар, ӕмӕ дӕ ме ’взаг кадджын кӕндзӕн (Пс. 51:15).

Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, адӕймаг куы ницы фӕдзуры, уӕд. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн» (Еккл. 3:7). Зӕгъӕм, исчи куы фӕдзуры, уӕд мах ницы фӕдзурӕм, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм, уый (Иов 6:24). Стӕй ма нӕ фӕдзурӕм, иннӕтӕ кӕй хъуамӕ ма зоной, ахӕм хабӕрттӕ дӕр (Ӕмб. 20:19). Зондыл дзурӕг ма вӕййы, исчи нӕ куы смӕсты кӕны, уӕд нӕхиуыл куы фӕхӕцӕм ӕмӕ куы ницы фӕзӕгъӕм (Пс. 4:4). Фӕлӕ ма Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:7). Не ’мбал нын исты куы балӕвар кӕны, уӕд нӕ фӕфӕнды йӕ лӕварӕй, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ пайда кӕнын. Нӕ бон дзурын кӕй у, уый дӕр у Йегъовӕйы лӕвар. Ӕмӕ дзы уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, раст дзы куы пайда кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕм, Йегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, иннӕты куы фидар кӕнӕм ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй куы дзурӕм. w15 15/12 3:4, 5

Сабат, 28 октябрь

Дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст дон мауал нуаз, фӕлӕ-иу сӕн дӕр иу гыццыл ануаз (1 Тим. 5:23).

Абон не ’фсымӕртӕй йӕ бон никӕмӕн у иннӕты диссаджы хуызы дзӕбӕх кӕнын (1 Кор. 12:9). Фӕлӕ сӕ кӕйдӕрты баххуыс кӕнын кӕй фӕфӕнды, уымӕ гӕсгӕ нын, чи зоны, цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ амоной, уымӕй сӕ фӕрсгӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы мадзӕлттӕй кӕцыдӕртӕ адӕймагӕн ницы зиан хӕссынц. Зӕгъӕм, Павел Тимофейӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй-иу иу гыццыл сӕн анызтаид, йӕ ахсӕн кӕй рысти, уый тыххӕй. Ахӕм уынаффӕ йын уымӕн радта, ӕмӕ, Тимофей кӕм уыди, уым дон сыгъдӕг нӕ уыд. Фӕлӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Чи зоны ныл ӕфсымӕртӕй исчи ныттыххӕй уа, цӕмӕй цавӕрдӕр хостӕ кӕнӕ кӕрдӕджытӕ нуазын райдайӕм кӕнӕ нын цавӕрдӕр диетӕйӕ тынг ӕппӕла. Чи зоны нын дзура, йӕ бинонтӕй ахӕм низ кӕмӕн уыди, уымӕн кӕй баххуыс кодта. Фӕлӕ иугӕр кӕмӕндӕр баххуыс кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ махӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: бирӕтӕ кӕй нуазынц, уыцы хостӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ адӕймагӕн стыр зиан ӕрхӕссой (Ӕмб. 27:12). w15 15/12 4:13

Хуыцаубон, 29 октябрь

Чырысти... ӕрмӕстдӕр иу хатт амард тӕригъӕдты тыххӕй – рӕстгӕнӕг фыдгӕнджыты тыххӕй (1 Пет. 3:18).

Адамӕй нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй махӕй алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт (Ром. 5:12). Ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ уарзондзинад сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йесойы зӕхмӕ рарвыстаид ӕмӕ «мӕлӕт бавзӕрстаид алкӕй тыххӕй дӕр» (Дзут. 2:9). Фӕлӕ Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕ ноджы стырдӕр хъуыддаг сараздзӕн – мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн! (Ис. 25:7, 8; 1 Кор. 15:22, 26). Йесойыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты, фӕнды Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой, фӕнды зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрой (Ром. 6:23; Рарг. 5:9, 10). Йегъовӕйы лӕвар ма нын ноджыдӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? Хуыцау нын цы стыр лӕвар скодта, уый руаджы ма ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт, адӕм сӕ низтӕй сдзӕбӕх уыдзысты ӕмӕ мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты (Ис. 33:24; 35:5, 6; Иоан. 5:28, 29). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырт махӕн скодтой, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр лӕвар, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг уарзӕм (2 Кор. 9:15). w16.01 2:5, 6

Къуырисӕр, 30 октябрь

Ногӕй хъуамӕ райгуырат (Иоан. 3:7).

Цалынмӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвты цӕрынмӕ не ’рхуыдта, уӕдмӕ сын уыди ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. Уыдон бӕллыдысты, Йегъовӕ ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт куы фестын кӕна ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон куы скӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Чи зоны-иу сӕ цӕстытыл ауад, сӕ бинонтӕй ӕмӕ се ’мбӕлттӕй ӕгас чи нал у, уыдоныл куыд цин кӕндзысты, сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ куыд араздзысты ӕмӕ дзы куыд цӕрдзысты кӕнӕ бӕлӕстӕ куыд садздзысты ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ куыд хӕрдзысты (Ис. 65:21–23). Фӕлӕ цымӕ уый фӕстӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдтой? Мыййаг сӕ зӕххыл цӕрын кӕй нал фӕндыд, уый тыххӕй? Кӕнӕ, цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрстой, уый тыххӕй? Мыййаг сӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕй бафӕллайдзысты ӕмӕ амондджын нал уыдзысты? Кӕнӕ сӕ, мыййаг, уӕларвон цард цы у, уый базонын бафӕндыд? Нӕ. Уыцы хъуыддаг сӕ бӕсты аскъуыддзаг кодта Йегъовӕ. Уӕлӕрвты цӕрынмӕ сӕ куы ’рхуыдта, уӕд сын йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы фӕивта сӕ зондахаст дӕр ӕмӕ, раздӕр цӕмӕ бӕллыдысты, уый дӕр. w16.01 3:11, 13

Дыццӕг, 31 октябрь

Мах кусӕм Хуыцауимӕ, ӕмӕ уын ноджыдӕр лӕгъстӕ кӕнӕм: цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд (2 Кор. 6:1).

Йегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау. Алцыдӕр уый сфӕлдыста ӕмӕ у ӕгӕрон зонд ӕмӕ тыхы хицау. Хуыцау Иовӕн уыдӕттӕ бамбарынӕн куы баххуыс кодта, уӕд ын Иов загъта: «Ныр ӕй зонын, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр кӕй у, ӕмӕ ахӕмӕй ницы ис, дӕу цы бафӕнда ӕмӕ дӕ бон цы нӕ уа саразын» (Иов 42:2). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цыдӕриддӕр ӕй бафӕнда, уый саразын, ӕмӕ йӕ искӕй ӕххуыс нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр иннӕтӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кӕной ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у йӕ уарзондзинад. Алкӕмӕй ӕмӕ алцӕмӕй раздӕр Хуыцау сфӕлдыста йӕ Фырт Йесойы. Уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бар радта, цӕмӕй йын алцыдӕр сфӕлдисынӕн баххуыс кодтаид (Иоан. 1:1–3, 18). Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ Фырты бар ахсджиаг хъуыддаг кӕй бакодта, уымӕй уӕлдай ма уыцы хабар уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр раргом кодта. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! (Кол. 1:15–17). w16.01 5:1, 2

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын