Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 128–140 фф.
  • Ноябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ноябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Ӕртыццӕг, 1 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 2 ноябрь
  • Майрӕмбон, 3 ноябрь
  • Сабат, 4 ноябрь
  • Хуыцаубон, 5 ноябрь
  • Къуырисӕр, 6 ноябрь
  • Дыццӕг, 7 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 8 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 9 ноябрь
  • Майрӕмбон, 10 ноябрь
  • Сабат, 11 ноябрь
  • Хуыцаубон, 12 ноябрь
  • Къуырисӕр, 13 ноябрь
  • Дыццӕг, 14 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 15 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 16 ноябрь
  • Майрӕмбон, 17 ноябрь
  • Сабат, 18 ноябрь
  • Хуыцаубон, 19 ноябрь
  • Къуырисӕр, 20 ноябрь
  • Дыццӕг, 21 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 22 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 23 ноябрь
  • Майрӕмбон, 24 ноябрь
  • Сабат, 25 ноябрь
  • Хуыцаубон, 26 ноябрь
  • Къуырисӕр, 27 ноябрь
  • Дыццӕг, 28 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 29 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 30 ноябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 128–140 фф.

Ноябрь

Ӕртыццӕг, 1 ноябрь

[Авраам] амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй (Райд. 25:8).

Кӕд Библийы Авраамы тыххӕй афтӕ фыст ис, зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй амард, зӕгъгӕ, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ фидӕны цӕрын нал фӕндыд. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:10). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Авраам куыд цин кӕндзӕн, зӕххыл Дзӕнӕты куы цӕра ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ Хӕлар Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕна, уӕд. Мингай азты дӕргъы йӕ фидар уырнындзинад Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн фӕзминаг кӕй уыд, уый базонын дӕр ын ӕхсызгон куыннӕ уыдзӕн! Дзӕнӕты Авраам базондзӕн, Мориайы хохыл цы нывонд хъуамӕ ӕрхастаид, уый фӕсномыгӕй стырдӕр цӕмӕдӕр кӕй амыдта (Дзут. 11:19). Йӕ фырты нывондӕн куы хъуамӕ ’рхастаид, уӕд йӕ зӕрдӕ куыд скъуыдтӕ кодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ милуангай адӕмӕн сӕ бон баци бамбарын, Йегъовӕ цы дудгӕ рыст бавзӕрста, йӕ Фырты нывондӕн куы радта, уӕд. Ӕмӕ Авраам уый тыххӕй куы базона, уӕд ын уый дӕр ӕхсызгон куыннӕ уыдзӕн (Иоан. 3:16). w16.02 1:15, 16

Цыппӕрӕм, 2 ноябрь

Налат сылгоймагӕй гуырд! Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ йӕ нӕ зонын, Йессейы фыртимӕ ӕмвӕнд кӕй дӕ, ӕмӕ уымӕй дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ мады дӕр кӕй худинаг кӕныс?! (1 Сам. 20:30).

Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисын нӕ бон у, разамынд чи дӕтты, ахӕм ӕфсымӕр нӕ раст куы нӕ бамбара, уӕд. Саул, Хуыцауы ӕвӕрд паддзах, зыдта, йӕ фырт Давиды ӕмбал кӕй у, фӕлӕ цӕмӕн, уый не ’мбӕрста. Ӕмӕ Ионафаны Давидӕн баххуыс кӕнын куы фӕндыд, уӕд Саул мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йӕ фырты бирӕ адӕмы раз бафхӕрдта. Фӕлӕ Ионафан уӕддӕр йӕ фыдӕн кад кодта. Стӕй уыцы иу рӕстӕг иузӕрдион уыд Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ Давидыл дӕр, Хуыцау Израилы ног паддзахӕй кӕй равзӕрста, ууыл (1 Сам. 20:31–41). Абон не ’мбырдты разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ архайынц, цӕмӕй макӕй хъулон кӕной. Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕххӕст сты. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, раст ма бамбарой, мах цыдӕр цӕмӕн сарӕзтам, уый (1 Сам. 1:13–17). Уӕдӕ нӕ исчи раст куы нӕ бамбара, уӕд дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм. w16.02 3:14, 15

Майрӕмбон, 3 ноябрь

Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд [ӕмӕ] йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд (Матф. 16:24).

Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ кӕронмӕ нӕ фембарынц, дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай, уый донаргъуыд райсынимӕ куыд баст у, уый. Чидӕртӕ сӕ фӕзӕгъынц, сӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой, фӕлӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕй не сты. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис? Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм скуывта ӕмӕ йын дзырд радта, ӕнустӕм дын лӕггад кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Донаргъуыд кӕй райсы, уымӕй та иннӕтӕн равдисы, йӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта. Уӕдӕ цалынмӕ донаргъуыд нӕ райсай, уӕдмӕ хъуамӕ бамбарай, дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай, уый цы нысан кӕны, уый. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай, уӕд ын загътай, дӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ къухмӕ кӕй дӕттыс. Ды йын дзырд радтай, царды дын ӕппӕты сӕйрагдӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыдзӕн. Адӕймаг цыфӕнды дзырд ма ратта, уӕддӕр ӕм хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕса. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕ Хуыцауӕн цы дзырд ратта, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?! (Матф. 5:33). w16.03 1:14, 15

Сабат, 4 ноябрь

Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм (Еф. 4:15).

Павел Ефесӕгтӕм фыстӕджы бамбарын кодта, ӕмбырд куыд арӕзт у, уый ӕмӕ загъта, ӕмбырды алчидӕр алы хъуыддаджы дӕр кӕй хъуамӕ «рӕза». Уый тыххӕй Павел цӕвиттонӕн ӕрхаста адӕймаджы буар ӕмӕ бамбарын кодта, алы чырыстон дӕр кӕй хъуамӕ архайа, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн иудзинад уа ӕмӕ ӕмбырды Разамонӕг Йесойы фӕдыл цӕуой. Павел загъта, буары уӕнгтӕ иумӕ сӕ куыст кӕй кӕнынц алыхуызон нуӕртты фӕрцы (Еф. 4:16). Уӕдӕ ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, фидар ӕнӕниздзинад нын ис ӕви лӕмӕгъ, уӕддӕр цымӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа? Йесо хистӕр нӕлгоймӕгты сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕмбырдӕн разамынд дӕттой, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сын аргъ кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ хъусӕм (Дзут. 13:7, 17). Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ нӕ бон у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, ӕмӕ нын уый йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ зӕрдиагӕй хъусӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, ӕмбырдӕн цӕй стыр ӕххуыс уыдзыстӕм, сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд. Уый фӕрцы не ’мбырды уыдзӕн иудзинад ӕмӕ кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. w16.03 3:8, 9

Хуыцаубон, 5 ноябрь

Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых (Дзут. 4:12).

Иуӕй-иу ӕфсымӕрты, ӕрыгондӕр ма куы уыдысты, уӕд ничи разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ разы Хуыцауы хъуыддагимӕ баст нысӕнттӕ ӕвӕрдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын сӕ царды фыццаг бынаты никуы уыди (Матф. 10:24). Уымӕ гӕсгӕ-иу хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй, ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бар бакӕнын фӕнд кӕны, уыцы ӕфсымӕримӕ балымӕн уа ӕмӕ йын бамбарын кӕна, ӕмбырды йе ’ххуыс кӕй хъӕуы, уый. Стӕй сын фадат куы уа, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ ӕфсымӕримӕ Библийӕ ахӕм стихтыл аныхас кӕна, цӕмӕй лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕна, йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта, ууыл (Еккл. 5:4; Ис. 6:8; Матф. 6:24, 33; Лук. 9:57–62; 1 Кор. 15:58; 2 Кор. 5:15; 13:5). Хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у ӕфсымӕры бафӕрсын: «Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай, уӕд ын цавӕр дзырд радтай?» Цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ бацагайа, уый тыххӕй йӕм йӕ бон у ахӕм фарста раттын: «Цымӕ, донаргъуыд куы райстай, уӕд Йегъовӕ цы хъуыды кодта?» (Ӕмб. 27:11). Стӕй ма йӕ бафӕрс: «Ӕмӕ Хӕйрӕг та цы хъуыды кодтаид?» (1 Пет. 5:8). Ахӕм стихты стыр тых ис ӕмӕ ӕфсымӕры зӕрдӕмӕ арф бахъардзысты. w15 15/4 2:9, 11

Къуырисӕр, 6 ноябрь

Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл (1 Пет. 5:7).

Цымӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп алкӕд уайтагъд цӕуылнӕ ратты? Библийы Йегъовӕ барст цӕуы фыдимӕ (Пс. 103:13). Сывӕллон йӕ фыдӕй цытӕ фӕкуры, уыдонӕй йын фыд алцы нӕ ратты кӕнӕ йын сӕ уайтагъд нӕ ратты. Фыд зоны, сывӕллоны цыдӕр ӕвиппайды кӕй бахъӕуы, фӕлӕ йӕ стӕй ӕппындӕр кӕй нал фӕхъӕуы. Стӕй ма зоны, сывӕллонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хуыздӕр цы уыдзӕн, уый. Фыд зоны, сывӕллоны ӕнӕмӕнг цы хъӕуы ӕмӕ йӕ кӕд хъӕуы, уый дӕр. Сывӕллон фыдӕй цы куры, уый йын фыд уыцы тӕккӕ куы дӕтта, уӕд йӕ сывӕллонӕн цагъар суыдзӕн. Йегъовӕ дӕр у нӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ нӕ уарзы. Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зоны, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый ӕмӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, цы дзы курӕм, уый нын кӕд хъӕуы раттын. Уӕдӕ хорз уыдзӕн, куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратдзӕн, уымӕ (Ис. 29:16; 45:9). w15 15/4 4:6, 7

Дыццӕг, 7 ноябрь

Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн (Иак. 4:7).

Ацы дунейы кӕрон тынг ӕввахс у, ӕмӕ Сайтаны фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн «фӕтӕригъӕд» кӕнӕм, ома нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр суой, ацы дунейы хуыздӕр куыд фӕцӕрӕм, ууыл. Фӕнды йӕ, цӕмӕй ферох кӕнӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ӕмӕ къӕрцхъус мауал уӕм. Ахӕм хабар дыл макуы ӕрцӕуӕд! Къӕрцхъус у, «ма бафынӕй у»! (Матф. 16:22, 23; 24:42). Макуы баууӕнд Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл, зӕгъгӕ, кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн кӕнӕ ӕппындӕр никуы уыдзӕн. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ бауырна, Йегъовӕйы уарзондзинады аккаг кӕй не стӕм ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй никуы ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ уыцы мӕнг хъуыдытӕ Хӕйрӕгӕй цӕуынц. Ахъуыды-ма кӕн, ӕцӕгӕй Йегъовӕйы уарзондзинады аккаг чи нӕу? Хӕйрӕг. Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн никуы ныххатыр кӕндзӕн? Хӕйрӕгӕн. Махӕн та Библи зӕгъы: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн, ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый дзӕгъӕлы никуы фӕуыдзӕн (1 Кор. 15:58). Уӕдӕ дӕ Хӕйрӕг макуы фӕсайӕд йӕ мӕнг ныхӕстӕй. w15 15/5 1:16–19

Ӕртыццӕг, 8 ноябрь

Дардӕй [сӕ] уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой (Дзут. 11:13).

Авраам зыдта, Йегъовӕ-иу йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кодта, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй уырныдта, фидӕны зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы йын алкӕддӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кодта. Зӕгъӕм, Уры йӕ хӕдзар ныууагъта ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ иу горӕты дӕр нал ӕрбынат кодта. Авраам зыдта, уыцы горӕттӕм хорзӕй кӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕн ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой (Йес. Н. 24:2). Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, «фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:10). Уый «уыдта», йӕ хицау Йегъовӕ кӕмӕн уыдзӕн, уыцы дунейы куыд цӕрдзӕн, уый. Авел, Енох, Ной, Авраам ӕмӕ ма иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр фидарӕй ӕууӕндыдысты райгасдзинадыл ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыдон сӕ цӕстытыл уайын кодтой, рӕсугъд зӕххыл ӕнустӕм куыд цӕрдзысты, уый, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ уырнындзинад фидар кодта (Дзут. 11:15, 16). w15 15/5 3:8, 9

Цыппӕрӕм, 9 ноябрь

Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых (1 Кор. 1:24).

Йегъовӕ Йесо Чырыстийы уылты диссаджы хуызы равдыста, цы стыр тых ӕм ис, уый. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ. Уыцы диссӕгтӕй иуӕй-иуты тыххӕй фыст ис Библийы, ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕ нӕ уырнындзинад тынг фидар кӕнынц (Матф. 9:35; Лук. 9:11). Ӕцӕгдӕр, Йесо цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй рабӕрӕг Йегъовӕйы стыр тых. Ӕмӕ апостол Павел дӕр хуымӕтӕджы нӕ загъта: «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых». Фӕлӕ цымӕ, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый кой кодта апостол Петр дӕр (Хъуыд. 2:22). Цымӕ нын уыцы хъомысджын хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыдоны фӕрцы ӕмбарӕм, Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд цы сараздзӕн, уый. Уыцы рӕстӕг Йесо сараздзӕн ноджы стырдӕр диссӕгтӕ ӕмӕ уыдон пайда ӕрхӕсдзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма уыцы диссӕгты фӕрцы нӕ бон у базонын, Йесомӕ ӕмӕ йӕ Фыдмӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый дӕр. w15 15/6 1:1, 2

Майрӕмбон, 10 ноябрь

[Сылгоймаг] йӕхицӕн дзырдта: «Йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн» (Мар. 5:28).

Йесо бамбӕрста, уыцы сылгоймаджы Йегъовӕ кӕй сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз» (Мар. 5:34). Куыд ӕхсызгон нын у, Йесо адӕмы афтӕ тынг кӕй уарзы, уӕлдайдӕр та, низӕфхӕрд чи у, уыдоны. Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ ницӕйаг стӕм ӕмӕ нӕ ничи уарзы. Фӕлӕ Йесо, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕлвырд равдыста, зӕрдиагӕй ныл кӕй тыхсы, уый. Куыд хорз у, нӕ Паддзах ӕмӕ нӕ Хистӕр сауджын ахӕм уарзӕгой кӕй у! (Дзут. 4:15). Бирӕ рӕстӕг рынчын чи у, ахӕм адӕймаджы бамбарын махӕн, чи зоны, зын уа, уӕлдайдӕр та кӕд нӕхӕдӕг ахӕм уавӕры никуы уыдыстӕм, уӕд. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн Чырыстийыл. Уый рынчынты ӕмбӕрста, кӕд йӕхӕдӕг рынчын никуы уыд, уӕддӕр. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йесойы фӕзмӕм (1 Пет. 3:8). w15 15/6 2:11, 12

Сабат, 11 ноябрь

Сымах тыххӕй иннӕ адӕмтӕ Хуыцауы ном фауынц (Ром. 2:24).

Цӕй стыр кад нын у, Хуыцауы ном кӕй зонӕм ӕмӕ йын йӕ ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй стӕм (Хъуыд. 15:14; Ис. 43:10). Мах нӕ уӕларвон Фыдмӕ фӕкувӕм, «срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ (Матф. 6:9). Стӕй ма дзы фӕкурӕм ӕххуыс, цӕмӕй йын йӕ ном нӕдӕр нӕ ныхӕстӕй, нӕдӕр нӕ хъуыддӕгтӕй макуы фӕхудинаг кӕнӕм. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ, иннӕтӕн цы амыдтой, уый сӕхӕдӕг нӕ арӕзтой, абоны стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Йегъовӕ йӕ ном кӕронмӕ срухс кӕндзӕн, чи йӕ худинаг кӕны ӕмӕ йӕ йӕ Хицауыл чи нӕ нымайы, уыдоны куы фесафа, уӕд (Йез. 38:22, 23). Уыцы рӕстӕг адӕм суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр алчидӕр лӕггад кӕндзӕн Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг ном рухс кӕндзӕн. Ӕппынфӕстаг нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд «алкӕмӕн дӕр... суыдзӕн йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28). w15 15/6 4:7, 10

Хуыцаубон, 12 ноябрь

Уӕларв у мӕ паддзахбадӕн, зӕхх та – мӕ къӕхтӕвӕрӕн (Ис. 66:1).

Дзырд «къӕхтӕвӕрӕн» Дзуттаг Фыстыты ӕрмӕст зӕхмӕ нӕ фӕамоны, фӕлӕ ма, раджы заманты Израилы цы кувӕндон уыди, уымӕ дӕр (1 Аз. 28:2; Пс. 132:7). Уыцы кувӕндон уыди, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы бынат, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы цӕсты тынг рӕсугъд уыди. Зӕххыл Йегъовӕйы уыцы бынаты кадджын кодтой (Ис. 60:13). Абон адӕмы ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ цавӕрдӕр агъуыстмӕ, зӕгъӕм, кувӕндонмӕ, цӕуын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ис ӕнӕуынгӕ кувӕндон, ӕмӕ йын уый цыфӕнды агъуыстӕй дӕр стырдӕр кад хӕссы. Цымӕ уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у? Йегъовӕ адӕмы тыххӕй цы хъуыддаг сарӕзта, цӕмӕй сӕ бон уа йемӕ фӕрнӕй цӕрын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын, уый хуыйны ӕнӕуынгӕ кувӕндон. Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон «лӕууы» Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы. Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо донаргъуыд райста ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, цӕмӕй йын йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны Хистӕр сауджынӕй лӕггад кодтаид. Ӕмӕ растдӕр уӕд фӕзынд Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон (Дзут. 9:11, 12). w15 15/7 1:1–3

Къуырисӕр, 13 ноябрь

Фендзысты Адӕймаджы Фырты мигъыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ (Лук. 21:27).

Уыцы рӕстӕг Чырысти схорзӕхджын кӕндзӕн, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдоны, иннӕты та фесафдзӕн (Матф. 24:46, 47, 50, 51; 25:19, 28–30). Уыцы хабар бӕлвырддӕр бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл. Ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс» (Матф. 25:31–33). Цымӕ сӕгътӕ ӕмӕ фыстӕм цавӕр тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Йесойы цӕвиттон фӕвӕййы ахӕм ныхӕстӕй: «[Сӕгътӕ] ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матф. 25:46). w15 15/7 2:11, 12

Дыццӕг, 14 ноябрь

Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой! (Пс. 133:1).

Адӕймаг фӕуарзы, кӕм схъомыл, уым цы хӕринаг кӕнынц, цы ’взагыл дзурынц, цы ӕрдз ӕмӕ дзы цы ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон. Фӕлӕ раст уыдзӕн, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, мах цы уарзӕм, уый, иннӕ адӕм цы уарзынц, уымӕй хуыздӕр у? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын цины хос уа, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый (Пс. 104:24; Рарг. 4:11). Уӕдӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, мах цӕуыл ахуыр стӕм, уый хуыздӕр кӕй у? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ алыхуызон адӕмтӕ базоной, лӕггад ын кӕной ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16; 1 Тим. 2:3, 4). Ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл, мах куыд хъуыды кӕнӕм, афтӕ куы нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ сӕ хъуыды Йегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ вӕййы, уӕд сӕм зӕрдиагӕй байхъусӕм. Афтӕ кӕй фӕкӕнӕм, уый фӕрцы нӕ циныл цин ӕфты ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ацы дунейы змӕстыты никӕй фарс хӕцӕм. Хӕйрӕджы дунейы адӕм сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ сӕ алчидӕр тырны, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уа. Фӕлӕ махӕн ахӕм зондахаст ӕнӕуынон у. Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, фарн уарзын ӕмӕ нӕ сӕрныллӕгдзинадыл кӕй ахуыр кӕны, уый тыххӕйкӕй нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй фарн уарзӕм ӕмӕ сӕрныллӕг уӕм! w15 15/7 3:17, 18

Ӕртыццӕг, 15 ноябрь

[Хуыцау] тыхсы сымахыл (1 Пет. 5:7).

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн. Зӕгъӕм, нӕ уарзондзинад бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд (Матф. 24:14; 28:19, 20). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу фидар куы фӕлӕууӕм (Пс. 84:11; Иак. 1:2–5). Суанг тынг уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй уыны ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм (Пс. 56:8). Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоныл хъуыды кӕнынмӕ. Библи лӕмбынӕг кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уымӕй дӕр бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй йӕм ӕдзухдӕр кувӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй, Йегъовӕ мах тыххӕй цы зынаргъ нывонд ӕрхаста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр фӕуарзӕм (1 Иоан. 2:1, 2). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хъуыддӕгтӕй уӕлдай ма ноджыдӕр бирӕ хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый. w15 15/8 1:6, 17, 18

Цыппӕрӕм, 16 ноябрь

Фӕразон адӕймаг хуыздӕр у (Еккл. 7:8).

Ног дунейы нӕ, чи зоны, фӕразондзинад дӕр бахъӕуа. Зӕгъӕм, чи зоны, фехъусӕм, чидӕртӕ куыд цин кӕнынц, сӕ хион кӕнӕ се ’мбал кӕй райгас, ууыл. Фӕлӕ мах та, чи зоны, фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуа, чи нын амард, уыдонмӕ. Цымӕ афтӕ куы уа, уӕд иннӕты циныл цин кӕндзыстӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм? (Ром. 12:15). Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын ныр куы сахуыр уӕм, уӕд фидӕны дӕр фӕразон уыдзыстӕм. Ноджыдӕр ма кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм? Хуыцауы организаци нын Библийӕ кӕцыдӕр ахуырад ӕндӕрхуызон куы фембарын кӕны, уӕд-иу фӕразон куы уӕм, уӕд. Цымӕ уыцы ног хъуыдытӕ лӕмбынӕг раиртасӕм? Цыдӕр дзы кӕронмӕ куы нӕ бамбарӕм, уӕд фӕразон разынӕм? Кӕд о, уӕд нӕм ног дунейы дӕр фаг фӕразондзинад уыдзӕн, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нын куы ’ргом кӕна, уӕд (Ӕмб. 4:18; Иоан. 16:12). w15 15/8 3:9, 10

Майрӕмбон, 17 ноябрь

Алцӕмӕй дӕр Чырыстийау... сырӕзӕм (Еф. 4:13).

Апостол Павел Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй фӕлтӕрддзинадмӕ тырной, «цалынмӕ уырнындзинады ӕмӕ, Хуыцауы Фырт чи у, уый бӕлвырдӕй базоныны хъуыддаджы [се] ’ппӕт дӕр иу зондмӕ не ’рцӕуой, цалынмӕ [сӕ] лӕджы кары нӕ бацӕуой ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау нӕ сырӕзой, уӕдмӕ» (Еф. 4:13). Ефесы ӕмбырд фӕзынд, Павел сӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй цасдӕры размӕ, ӕмӕ дзы бирӕтӕ уӕдмӕ дӕр фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ дзы кӕйдӕрты фӕлтӕрддзинадмӕ нырма бирӕ хъуыди. Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ ныридӕгӕн фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ сты. Фӕлӕ ӕмбырдты уый алкӕмӕй зӕгъӕн нӕй. Зӕгъӕм, алы аз дӕр донаргъуыд райсынц мингай адӕймӕгтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕхъӕуы фӕлтӕрддзинадмӕ тырнын. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? (Кол. 2:6, 7). w15 15/9 1:2, 3

Сабат, 18 ноябрь

Буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй бирӕ пайда нӕй (1 Тим. 4:8).

Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг хъуамӕ ӕдзухдӕр тренировкӕтӕ кӕна, уымӕн ӕмӕ, дам, спорт адӕймаджы уӕнгрог кӕны ӕмӕ йе ’нӕниздзинадӕн дӕр пайда у. Хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, кӕимӕ тренировкӕ кӕндзыстӕм, ууыл. Ӕмбисӕндты 13:20 стихы фыст ис: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн». Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ хъусӕм, не ’фсарм нын цы дзуры, уымӕ. Ирхӕфсӕнтыл дын цас рӕстӕг ацӕуы? Царды дын сӕйрагдӕр ӕмбырдтӕ, уацамынд ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын у ӕви ирхӕфсӕнтӕ? Чырысти загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:33). Ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг ӕрвитдзынӕ, уый куы фескъуыддзаг кӕныс, уӕд дын де ’фсарм Чырыстийы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны? w15 15/9 2:13, 15

Хуыцаубон, 19 ноябрь

Цӕуыл смӕсты дӕ ӕмӕ дӕхи цӕуыл ныттар кодтай? Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн? [...] [Тӕригъӕдыл] фӕуӕлахиз уыдзынӕ? (Райд. 4:6, 7).

Йегъовӕйы фӕндыд Каинӕн баххуыс кӕнын, фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста ӕмӕ зындзинӕдты хай баци (Райд. 4:11–13). Ӕндӕр хатт та Йегъовӕ бафиппайдта, Варух раст кӕй нал хъуыды кодта ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс кӕй асаст. Йегъовӕ йын бамбарын кодта, йӕ зондахаст сраст кӕнын ӕй кӕй хъӕуы. Варух Йегъовӕйы уынаффӕмӕ байхъуыста, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ цард бахъахъхъӕдта (Йер. 45:2–5). Йегъовӕ нын уынаффӕтӕ фӕдӕтты ӕмӕ нын зонд фӕамоны, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы. Хуыцауы зондамындмӕ, уайдзӕф нын кӕй бакӕны кӕнӕ нӕ кӕй бафхӕры, ӕрмӕст уый нӕ хауы. Хуыцау ма нӕ ахуыр дӕр кӕны (Дзут. 12:6). Библийы фыст ис, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй ахуыр кодта, цӕмӕй сӕ ноджы хуыздӕр адӕймӕгтӕ рауадаид. w15 15/9 4:12, 13

Къуырисӕр, 20 ноябрь

Дӕ цагъартӕ... ӕрцыдысты. Мах фехъуыстам дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадджын номы тыххӕй. Фехъуыстам... цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй (Йес. Н. 9:9).

Гаваойнӕгтӕ зондджын разындысты ӕмӕ бамбӕрстой, Израилы адӕмы сӕрыл ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ кӕй тох кодта, уый. Раав дӕр уыдта Йегъовӕйы къух. Уыцы сылгоймаг израилаг нӕ уыди, фӕлӕ фехъуыста, Йегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй куыд ссӕрибар кодта, уый. Дыууӕ израилаг сгарӕджы йӕм куы ’рбацыд, уӕд сын загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ ацы зӕхх сымахӕн ратдзӕн». Раавы уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кӕна. Ӕмӕ кӕд зыдта, йӕхи тӕссаг уавӕры кӕй ӕппары, уӕддӕр хъуыддагӕй равдыста, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕнды, уый (Йес. Н. 2:9–13; 4:23, 24). Библийы ацы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕвиттонты фӕрцы нӕ бон у бамбарын, цы нысан кӕны Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ къух уынын. Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ын нӕ «зӕрдӕйы цӕстыты» фӕрцы йӕ къух фӕуынӕм (Еф. 1:18). Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый чи уыдта, ахӕм адӕм раджы заманты дӕр бирӕ уыди ӕмӕ ныр дӕр ис. w15 15/10 1:6, 7, 9

Дыццӕг, 21 ноябрь

Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры (Иоан. 11:5).

Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Марфӕ уыди Йесойӕн йӕ хорз ӕмбал, ӕмӕ дзы фыст ис, Йесо йӕ бирӕ кӕй уарзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо кӕй уарзта ӕмӕ кӕмӕн аргъ кодта, уыдоны ’хсӕн ма уыди ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Лазӕрӕн йӕ иннӕ хо Марийӕ дӕр уыди Йесойы ӕввахс ӕмбал, стӕй Йесо йӕ мад Марийӕйы дӕр тынг уарзта (Иоан. 19:25–27). Фӕлӕ цымӕ Марфӕйы цӕй тыххӕй уарзта? Марфӕ уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау адӕймаг, стӕй ма уыди тынг кусаг дӕр. Фӕлӕ йӕ Йесо сӕйраджыдӕр уымӕн уарзта, ӕмӕ уыди фидар уырнындзинады хицау. Марфӕ ӕууӕндыд, Йесо цыдӕриддӕр амыдта, ууыл ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у (Иоан. 11:21–27). Фӕлӕ Марфӕ дӕр уыди ӕнӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ махау уый дӕр рӕдыди. Зӕгъӕм, иухатт сӕм Йесо уазӕгуаты куы уыди, уӕд Марфӕ йӕ хо Марийӕмӕ смӕсты ӕмӕ Йесойӕн загъта, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид. Марфӕ загъта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса» (Лук. 10:38–42). w15 15/10 3:1, 2

Ӕртыццӕг, 22 ноябрь

Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).

Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы хъуыды кӕнӕм, уӕд рӕстдзинад тынг уарздзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы зынг судздзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, стӕй кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕмӕн дӕр удӕнцойы хос уыдзыстӕм. Хуыцау нын цы стыр лӕвар ракодта, ома Йесойы мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд алкӕддӕр аргъ кӕндзыстӕм, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн (Ром. 3:24). Хуссар Африкӕйӕ иу ӕфсымӕр, Марк, зӕгъгӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕртӕ азы ахӕстоны фӕбадт, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Арф хъуыды кӕнын абарӕн ис дард балцы цӕуынимӕ. Уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл цас фылдӕр хъуыды кӕнай, уыйас Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ базондзынӕ. Истӕй тыххӕй мӕ ныфс гыццыл куы асӕтты кӕнӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, ууыл мӕт кӕнын куы райдайын, уӕд Библи райсын, иу скъуыддзаг дзы бакӕсын ӕмӕ йыл арф ахъуыды кӕнын. Ӕмӕ уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы». w15 15/10 4:15

Цыппӕрӕм, 23 ноябрь

Ратт мын ӕмбарындзинад, цӕмӕй дӕ закъонмӕ гӕсгӕ цӕрон ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнон (Пс. 119:34).

Гӕнӕн куы вӕййы, уӕд-иу уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнут, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастат, уый. Ӕмӕ йӕ куы бамбара, уӕд ӕй, чи зоны, тынгдӕр бафӕнда уыцы уынаффӕмӕ байхъусын. Цыппар сывӕллоны чи схъомыл кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр, Бэрри, загъта: «Цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастай, уый дӕ сывӕллӕттӕн куы ӕмбарын кӕнай, уӕд дыл ӕууӕнддзысты». Стӕй ма сывӕллон уындзӕн, уынаффӕтӕ йын уый тыххӕй кӕй нӕ дӕттут, ӕмӕ уын уый бар ис, фӕлӕ йӕ хорзыл кӕй тыхсут, уый тыххӕй. Стӕй уӕ зӕрдыл дарут, гыццыл сывӕллон кӕй нал у. Уый ахуыр кӕны «арф хъуыды кӕнын» ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр уынаффӕтӕ хӕсса (Ром. 12:1). Бэрри ма загъта: «Сывӕллон хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ ма архайа, фӕлӕ ахуыр кӕна уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ зондӕй архайын». Уӕдӕ сӕрныллӕг ут ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн ӕмбарын кӕнут, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастат, уый. Афтӕмӕй уый дӕр уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уыдзӕн ӕмӕ зондзӕн, кӕй йын аргъ кӕнут ӕмӕ йӕ гыццыл сывӕллоныл кӕй нал нымайут. w15 15/11 2:11

Майрӕмбон, 24 ноябрь

Алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн (Гал. 6:10).

Абон Йегъовӕйӕн ӕгас зӕххыл дӕр лӕггад кӕны милуангай адӕм. Цымӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Ром. 12:10). Апостол Петр ныффыста: «Рӕстдзинады коммӕ кӕй бакастыстут, уый фӕрцы сымах уӕ удтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзат. Гъемӕ уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд». Петр ма йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза» (1 Пет. 1:22; 4:8). Нӕ ӕппӕтдунеон организацийӕн абарӕн дӕр ницӕимӕ ис. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕбынӕй уарзӕм. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы – дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр тыхы фӕрцы. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын ӕгас зӕххыл дӕр цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонимӕ иу бинонтау уӕм ӕмӕ не ’хсӕн иудзинад уа (1 Иоан. 4:20, 21). w15 15/11 4:8, 9

Сабат, 25 ноябрь

Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы... зӕгъдзысты: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм» (Зах. 8:23).

Цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базонӕм, уый тыххӕй нӕ иу цавӕрдӕр ӕвзагыл нӕ дзурын кӕны (Рарг. 7:9, 10). Кӕд адӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр уый Йегъовӕйӕн къуылымпыйы хос нӕу. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Зӕгъӕм, Грекъаг Фыстыты Йесойы ныхӕстӕй дзуттагау фыст ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр цалдӕр (Матф. 27:46; Мар. 5:41; 7:34; 14:36). Йесо цы амыдта, уый Йегъовӕйы фӕндӕй тӕлмацгонд ӕрцыд грекъаг ӕвзагмӕ, ӕмӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд та – ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр. Дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ Сыгъдӕг Фыстады чингуытӕй къопитӕ кӕй кодтой, уый фӕрцы Хуыцауы Ныхас нӕ фесӕфт. Фӕстӕдӕр сӕ къухфыстытӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр. Иоанн Златоуст (царди н. э. 4–5 ӕнусы) загъта, йӕ рӕстӕджы Йесойы ахуырӕдтӕ кӕй ратӕлмац кодтой сириӕгты, египетӕгты, индиӕгты, персайнӕгты, эфиопӕгты ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕмты ӕвзӕгтӕм дӕр. w15 15/12 1:10, 11

Хуыцаубон, 26 ноябрь

Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас! (Ӕмб. 15:23).

Нӕ ныхӕстӕ афоныл загъд куы нӕ уой, уӕд нӕ адӕм, чи зоны, ма бамбарой кӕнӕ немӕ ма сразы уой. Зӕгъӕм, 2011 азы мартъийы Японийы скӕсӕн хайы зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами бирӕ горӕттӕ ныппырх кодтой. Фӕмард дзы 15 000 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕмӕ дзы кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ фӕзиан сты, уӕддӕр сӕ фӕндыд Библийы фӕрцы иннӕ адӕмы бафидар кӕнын. Фӕлӕ зыдтой, бирӕтӕ сӕ буддисттӕ кӕй сты ӕмӕ Библи ӕвзӕр кӕй зонынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ зӕрдӕрыст адӕмӕн уайтагъд райгасдзинады тыххӕй дзурын нӕ райдыдтой, фӕлӕ сын дзырдтой, удӕнцойы хос сын чи уыд, ахӕм ныхӕстӕ ӕмӕ сын ӕмбарын кодтой, хорз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уый. w15 15/12 3:7

Къуырисӕр, 27 ноябрь

Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл (Ӕмб. 14:15).

Иуӕй-иу адӕймӕгтӕ ӕмӕ организацитӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ уын уӕ низӕн хос ӕрхъуыды кодтам. Фӕлӕ, хъыгагӕн, арӕх уыдон вӕййынц афтид ныхӕстӕ, фӕфӕнды сӕ адӕмыл ӕхца бакусын. Адӕймаг рынчын куы вӕййы, уӕд, сдзӕбӕх уа ӕмӕ фылдӕр фӕцӕра, уый тыххӕй арӕх цӕттӕ вӕййы цыфӕнды хос бафӕлварынмӕ дӕр. Фӕлӕ ӕмбаргӕ, ома зондджын, куы уӕм, уӕд алы ныхасыл дӕр не ’ууӕнддзыстӕм, уӕлдайдӕр та нын, уыцы дӕсниадыл чи нӕ ахуыр кодта, уынаффӕ ахӕм адӕймаг куы дӕтта, уӕд. Хъуамӕ-иу ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕм: «Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ацы витаминтӕ, кӕрдӕджытӕ кӕнӕ диетӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, ууыл ӕууӕндӕн ис? Ӕмӕ кӕд иннӕтӕн баххуыс кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕнӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн? Хуыздӕр нӕ уаид, фылдӕр информаци куы бацагурин ӕмӕ, мӕ низӕн чи хос кӕны, ахӕм дохтырмӕ куы ацӕуин?» (Дык. з. 17:6). w15 15/12 4:14, 15

Дыццӕг, 28 ноябрь

Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт (2 Кор. 5:14).

Павел ӕмбӕрста, Чырысти нӕ куыд тынг уарзы, мах дӕр ӕй афтӕ куы уарзӕм, уӕд нӕ уый кӕй разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ нӕ цардӕй кадджын кӕнӕм. Уӕдӕ Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ йӕ уарзондзинад разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй цӕрӕм. Уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы фӕзмӕм ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм (1 Пет. 2:21; 1 Иоан. 2:6). Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Йесо загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уарздзынӕн» (Иоан. 14:21; 1 Иоан. 5:3). Дӕхимӕ-ма ахӕм фарстатӕ ратт: «Цымӕ Чырыстийы цавӕр хъуыддӕгтӕй фӕзмын? Цавӕр хъуыддӕгты ма мӕ хъӕуы мӕхи фӕхуыздӕр кӕнын?» Ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ ацы дуне разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ зондыл цӕуӕм (Ром. 12:2). w16.01 2:7–9

Ӕртыццӕг, 29 ноябрь

Уый хуызӕн суыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ, цыхуызӕн у, ахӕмӕй йӕ фендзыстӕм (1 Иоан. 3:2).

Хъусын кӕныны хъуыддаджы уӕлдай зынгзӕрдӕ дӕ? Библи ӕмӕ «Хуыцауы арф зонд» иртасын тынг уарзыс? (1 Кор. 2:10). Уыныс ӕй, Йегъовӕ дын хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг кӕй арфӕ кӕны? Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын алцӕмӕй ахсджиагдӕр у? Иннӕты зӕрдиагӕй уарзыс ӕмӕ сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын дӕхицӕн стыр хӕсыл нымайыс? Дӕхи цӕстӕй уыныс, Йегъовӕ дын дӕ царды алыхуызон фӕзилӕнты куыд ӕххуыс кӕны, уый? Кӕд ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, о, зӕгъгӕ, загътай, уӕд, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд дӕ? Нӕ. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр, сӕрст сты ӕви нӕ, уӕддӕр ацы фарстатӕн ахӕм дзуапп ратдзысты. Стӕй сыгъдӕг тыхы фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕнфӕнды дӕр баххуыс кӕнын, цыфӕнды ныфс ын ма уа, уӕддӕр. Уӕвгӕ, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд дӕ ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕй кӕныс, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хуынд нӕ дӕ. w16.01 3:14, 15

Цыппӕрӕм, 30 ноябрь

Ӕз... алкӕддӕр цин кодтон йӕ разы (Ӕмб. 8:30).

Йесо йӕ Фыдӕн куы ’ххуыс кодта, уӕд цин кодта, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ ӕнтыст ӕмӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уый. Фӕлӕ махӕй та цы зӕгъӕн ис? Йесо загъта, адӕймаг амондджын кӕй вӕййы, йӕхӕдӕг иннӕтӕн куы фӕдӕтты ӕмӕ йӕхицӕн дӕр куы фӕдӕттынц, уӕд (Хъуыд. 20:35). Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонынӕн нын куы баххуыс кодтой, уӕд тынг цин кодтам. Фӕлӕ иннӕтӕн хорз хабар куы фӕдзурӕм, уӕд та цӕмӕн фӕцин кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ фӕуынӕм, адӕймаг Библийы ахуырӕдтӕ куы базоны ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын куы райдайы, уӕд ӕцӕг амондджын кӕй свӕййы. Тынг фӕцин кӕнӕм, адӕймаг йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цард хуыздӕрырдӕм куы фӕивы, уӕд дӕр. Хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр куыстӕн скӕнӕн нӕй. Ӕмӕ уыцы куысты фӕрцы, Хуыцауы хӕлар чи свӕййы, уыдонӕн фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс (2 Кор. 5:20). w16.01 5:6, 7

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын