Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es17 140–153 фф.
  • Декабрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Декабрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 декабрь
  • Сабат, 2 декабрь
  • Хуыцаубон, 3 декабрь
  • Къуырисӕр, 4 декабрь
  • Дыццӕг, 5 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 6 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 7 декабрь
  • Майрӕмбон, 8 декабрь
  • Сабат, 9 декабрь
  • Хуыцаубон, 10 декабрь
  • Къуырисӕр, 11 декабрь
  • Дыццӕг, 12 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 13 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 14 декабрь
  • Майрӕмбон, 15 декабрь
  • Сабат, 16 декабрь
  • Хуыцаубон, 17 декабрь
  • Къуырисӕр, 18 декабрь
  • Дыццӕг, 19 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 20 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 21 декабрь
  • Майрӕмбон, 22 декабрь
  • Сабат, 23 декабрь
  • Хуыцаубон, 24 декабрь
  • Къуырисӕр, 25 декабрь
  • Дыццӕг, 26 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 27 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 28 декабрь
  • Майрӕмбон, 29 декабрь
  • Сабат, 30 декабрь
  • Хуыцаубон, 31 декабрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2017
es17 140–153 фф.

Декабрь

Майрӕмбон, 1 декабрь

Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон (Пс. 25:14).

Библи Авраамы хоны Хуыцауы хӕлар (Ис. 41:8; Иак. 2:23). Ӕмӕ афтӕ ӕндӕр никӕцы адӕймаджы хоны. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар ӕндӕр никуы ничи уыд? Нӕ, Библийӕ бӕрӕг у, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, Йегъовӕйӕ чи тарст, чи йыл ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ хӕлар чи сси, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдон хауынц, Павел кӕй тыххӕй фыста, уыцы бирӕ «ӕвдисӕнтӕм». Кӕд алыхуызон адӕймӕгтӕ уыдысты, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр уыцы кадӕй схайджын сты, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уой (Дзут. 12:1). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр уыцы иузӕрдион адӕймӕгты фӕзмӕм (Дзут. 6:11, 12). Ӕмӕ уӕд схайджын уыдзыстӕм диссаджы хорзӕхӕй – ӕнустӕм Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм! w16.02 2:1, 2, 19

Сабат, 2 декабрь

Ӕз... уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый (Иоан. 6:38).

Зӕгъӕм дын де ’мбал машинӕ балӕвар кодта. Машинӕйы гӕххӕттытӕ дын дӕ къухмӕ радта ӕмӕ дын загъта: «Машинӕйы дӕгъӕлтӕ мӕнмӕ уыдзысты. Ӕмӕ-иу ӕй скъӕргӕ дӕр ӕз кӕндзынӕн, ды нӕ, фӕлӕ». Цы ахъуыды кӕндзынӕ? Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд ын фӕзӕгъы: «Мӕ цард дӕуӕн дӕттын. Ныр ӕз дӕу дӕн». Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ дӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, цы дзырд радта, уый кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы фӕдзӕхсты сӕрты ахызт ӕмӕ сусӕгӕй райдыдта ӕнӕуырнӕгимӕ ӕмбӕлын. Йе та, зӕгъӕм, къаддӕр кӕй тыххӕй хъусын кӕндзӕн кӕнӕ ӕмбырдтӕ кӕй тыххӕй цух кӕндзӕн, ахӕм куыстмӕ бацыд. Цымӕ ма дзы уӕд афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уымӕ гӕсгӕ цӕры? Уый абарӕн уыдзӕн, машинӕйы дӕгъӕлтӕ дӕхимӕ куыд дарай, уыимӕ. Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд ын фӕзӕгъӕм: «Мӕ цард у дӕу, мӕн нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ алкӕддӕр фӕаразӕм, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый, нӕхи бынтон ӕндӕр цыдӕр куы фӕфӕнды, уӕд дӕр. Йесо дӕр раст афтӕ кодта, абоны стихӕй куыд зыны, афтӕ. w16.03 1:16, 17

Хуыцаубон, 3 декабрь

Нӕ дӕ ныууадздзынӕн (2 Пад. 2:2).

Иу-3 000 азы размӕ пехуымпар Илийа ӕрыгон Елисейӕн загъта, цӕмӕй йе ’ххуысгӕнӕг суыдаид. Елисей уайтагъд сразы ӕмӕ ацӕргӕ пехуымпарӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын райдыдта – кадджыныл нымад чи нӕ уыд, ахӕм куыстытӕ йын кодта (2 Пад. 3:11). Илийа Елисейы ахуыр кодта ӕхсӕз азы бӕрц. Израилы йӕ лӕггад куы фӕуд кодта, уӕд Елисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ ныууагътаид ӕмӕ ацыдаид. Фӕлӕ йын уый загъта, тынг ӕй кӕй фӕндыд йӕ ахуыргӕнӕгимӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр рӕстӕг баззайын. Кӕд ӕрыгон ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ бон куыд у Елисейы фӕзмын? Исты уын куы бахӕс кӕной, уӕд-иу ӕй ӕнӕзивӕгӕй бакӕнут, цыфӕнды хуымӕтӕг хъуыддаг куы уа, уӕддӕр. Уӕ зӕрдыл дарут, уӕ ахуыргӕнӕг уӕ хӕлар кӕй у. Кӕй уын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй-иу ын бузныг зӕгъут. Сӕйраджыдӕр та, дӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕууӕнкджын у. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй куы равдисай, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бамбардзысты, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй дын ӕмбырды дӕ бар фылдӕр хъуыддӕгтӕ бакӕна (Пс. 101:6; 2 Тим. 2:2). w15 15/4 2:13, 14

Къуырисӕр, 4 декабрь

Йӕ сомыйӕ йӕхицӕн зиан куы уа, уӕд дӕр йӕ ныхас нӕ ивы (Пс. 15:4).

Саулы фӕндыд, цӕмӕй Давиды бӕсты йӕ фӕстӕ паддзах Ионафан суыдаид (1 Сам. 20:31). Фӕлӕ Ионафан Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йыл иузӕрдион уыд. Уый йӕхиуыл нӕ хъуыды кодта. Ионафан сси Давиды ӕмбал ӕмӕ йын цы дзырд радта, ууыл фидар хӕцыд. Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу мах дӕр, цы дзырд раттӕм, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, куысты фӕдыл цӕуыл баныхас кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ архайдзыстӕм, уыцы хъуыддаг нын зын бакӕнӕн куы суа, суанг уӕд дӕр. Стӕй нын бинонты царды исты зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд дӕр нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уыдзыстӕм, ӕмӕ уымӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм (Мал. 2:13–16). Стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл иузӕрдион уыдзыстӕм, раст нӕ куы нӕ бамбарой, суанг уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай ма зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм. Афтӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11). Мах фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй араздзӕн, махӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый ӕмӕ ныл кӕй тыхсдзӕн. w16.02 3:16, 17

Дыццӕг, 5 декабрь

Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр (Ис. 30:18).

Йегъовӕ зоны, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу (Пс. 103:14). Ӕмӕ нын хъарутӕ дӕр дӕтты, цас нӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нал у. Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ бон сфӕразын кӕй нӕу, ахӕм фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд нын, «цы бакӕнӕн ис, уый... [кӕй] бацамондзӕн» (1 Кор. 10:13). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ кӕй зоны, нӕ бон цас у сфӕразын, уый. Ӕмӕ нын уый та у стыр ныфсы хос. Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ куы кувӕм, фӕлӕ нын дзуапп уайтагъд куы нӕ дӕтта, уӕд хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Рох нӕ ма уӕд: Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, фӕлӕ уый дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, хуыздӕр нын кӕд уыдзӕн баххуыс кӕнын, уыцы рӕстӕгмӕ. Библи нын зӕгъы: «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау». w15 15/4 4:8, 9

Ӕртыццӕг, 6 декабрь

Раздӕры заманты дӕр, йӕ ныфс Хуыцауыл чи дардта, уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтӕн сӕ фидауц уыд, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уый (1 Пет. 3:5).

Бинонты ахуыры рӕстӕг ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоной, ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнынц. Бинонты ахуыры рӕстӕг сӕ бон у афӕлварын, уацамынды сӕ ныхас цӕмӕй райдайдзысты, уый. Афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр хъусын кӕнынмӕ хуыздӕр цӕттӕ уыдзысты. Бинонты ахуыры рӕстӕг алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыдытӕ зӕгъын ӕмӕ, се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый фенын. Ӕмӕ уый фӕрцы бинонтӕ кӕрӕдзимӕ ноджы ӕнгомдӕр фӕкӕнынц. Лӕг ӕмӕ ус цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй кӕрӕдзи ӕмбарой ӕмӕ ӕнгом уой? Дыууӕйӕ дӕр Йегъовӕйы куы уарзой ӕмӕ йын иумӕ куы лӕггад кӕной, уӕд уыдзысты амондджын ӕмӕ се ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Стӕй хъуамӕ Авраам ӕмӕ Саррӕ, Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ, Елхъан ӕмӕ Аннӕйау кӕрӕдзийыл узӕлой (Райд. 26:8; 1 Сам. 1:5, 8). Лӕг ӕмӕ ус афтӕ куы архайой, уӕд кӕрӕдзимӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр ӕнгомдӕр кӕндзысты (Еккл. 4:12). w16.03 3:12, 13

Цыппӕрӕм, 7 декабрь

[Хӕйрӕджы] ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут, афтӕмӕй (1 Пет. 5:9).

Хӕйрӕг тох кӕны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстимӕ» (Иоан. 10:16). Фӕнды йӕ, цӕмӕй ма йын цы цыбыр рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй фылдӕры раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕна (Рарг. 12:9, 12). Цымӕ нӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыннӕ! Библийы фыст ис: «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн» (Иак. 4:7). Бирӕтӕн афтӕ куы зӕгъай, Хӕйрӕг ис, зӕгъгӕ, уӕд дыл фӕхуддзысты. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты адӕм сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ сӕ кой ӕрмӕстдӕр аргъӕутты, кинонывты ӕмӕ видеохъӕзтыты вӕййы. Ахӕм адӕм фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, иу зондджын адӕймаджы дӕр нӕ бауырндзӕн, фыдгӕнӕг зӕдтӕ кӕй ис, уый. Цымӕ адӕм афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нӕдӕр Хӕйрӕг ис, нӕдӕр дӕлимонтӕ, уый тыххӕй Хӕйрӕг мӕсты кӕны? Ӕппындӕр нӕ! Хӕйрӕгӕн, чи йыл не ’ууӕнды, уыдоны фӕсайын ӕнцондӕр у (2 Кор. 4:4). Уый йӕхӕдӕг парахат кӕны ахӕм мӕнг хъуыдытӕ, цӕмӕй афтӕмӕй дӕр адӕмы сайа. w15 15/5 2:1, 2

Майрӕмбон, 8 декабрь

[Моисей] Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл банымадта, Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг уӕвгӕйӕ цы ӕфхӕрд ӕййӕфта, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл (Дзут. 11:26).

Моисей йӕ ныййарджытӕй базыдта Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй – цагъарадӕй сӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй бакӕндзӕн (Райд. 13:14, 15; Рац. 2:5–10). Ӕвӕццӕгӕн-иу бирӕ фӕхъуыды кодта, Йегъовӕ дзуттӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл, Египетӕй уӕ ракӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытау Моисей дӕр зыдта, фидӕны Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр мӕлӕтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Иов 14:14, 15; Дзут. 11:17–19). Уымӕ гӕсгӕ Моисей ӕмбӕрста, Йегъовӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ноджы тынгдӕр уарзта ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕндыд. Уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ цард-цӕрӕнбонты Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид (Дык. з. 6:4, 5). Ӕмӕ йӕ фараон марынмӕ куы хъавыд, уӕд дӕр Моисей нӕ фӕтарст, уымӕн ӕмӕ зыдта, фидӕны йӕ Йегъовӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, уый (Рац. 10:28, 29). w15 15/5 3:11–13

Сабат, 9 декабрь

Сӕн сӕм нал ис (Иоан. 2:3).

Йесо йӕ фыццаг диссаг сарӕзта, горӕт Канӕйы чындзӕхсӕвы куы уыди, уӕд. Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ чындзӕхсӕвы сӕн не сфаг – ӕвӕццӕгӕн, фысымтӕм адӕм, ӕнхъӕл цас уыдысты, уымӕй фылдӕр ӕрбацыд. Уазджыты ’хсӕн уыди Йесойы мад Марийӕ дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ бирӕ азты дӕргъы хъуыды кодта, йӕ фырты тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдоныл, ӕмӕ зыдта, «Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт» ӕй кӕй хондзысты (Лук. 1:30–32; 2:52). Мыййаг, Марийӕ ӕмбӕрста, Йесойӕн йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй у? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы чындзӕхсӕвы Марийӕ ӕмӕ Йесо сиахс ӕмӕ чындзӕн фӕтӕригъӕд кодтой – нӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сыл адӕмы зӕрдӕ фӕхудтаид. Уымӕ гӕсгӕ Йесо 380 литры бӕрц дон диссаджы хуызы «хорз сӕн» фестын кодта (Иоан. 2:6–11). Цымӕ Йесо хӕсджын уыди, цӕмӕй уыцы диссаг сарӕзтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йесо афтӕ бакодта, адӕмыл кӕй тыхсти ӕмӕ йӕ рӕдау Фыды кӕй фӕзмыдта, уый тыххӕй. w15 15/6 1:3

Хуыцаубон, 10 декабрь

Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ? (Хъуыд. 1:6).

Йесо уӕлӕрвтӕм куы хъуамӕ аздӕхтаид, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радтой, абоны стихы цы фарста ис, уый. Йесо сын загъта, нырма уыцы рӕстӕг кӕй нӕу, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахад архайын кӕд райдайдзӕн, уый зоной. Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй се ’ргом аздахой хъусын кӕныны хъуыддагмӕ (Хъуыд. 1:7, 8). Фӕлӕ ма Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ дӕр дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой. Ӕмӕ апостолты замантӕй абоны онг чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ кувынц, цӕмӕй йӕ Паддзахад ӕрцӕуа. Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы хъуамӕ суыдаид, уыцы рӕстӕг куы ӕрӕввахс, уӕд Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, уыцы хабар кӕцы аз хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. 1876 азы Чарлз Тейз Расселл ныффыста статья «Адӕмтӕн сӕ рӕстӕг кӕд фӕуыдзӕн?». Расселл бамбарын кодта, Данелы пехуымпарады «авд рӕстӕджы» ӕмӕ Чырыстийы пехуымпарады «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» иу цӕмӕдӕр кӕй амонынц. Уыцы статьяйы куыд фыст уыди, афтӕмӕй уыцы рӕстӕджытӕ фӕуд кодтой 1914 азы (Дан. 4:16; Лук. 21:24). w15 15/6 4:11, 12

Къуырисӕр, 11 декабрь

Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты (Иоан. 11:35).

Йесо йӕ зӕрдӕмӕ арф иста иннӕты рыст. Йе ’мбал Лазӕры мӕлӕтыл адӕм куыд хъыг кодтой, уый куы федта, уӕд «йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард», кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, гыццыл фӕстӕдӕр Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн (Иоан. 11:33–36). Йесо не ’фсӕрмы кодта йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ равдисын. Ӕмӕ йӕ чи федта, уыдон бамбӕрстой, Лазӕры ӕмӕ йӕ бинонты куыд тынг уарзта. Хуыцауӕй лӕвӕрд тыхы фӕрцы Йесо йе ’мбалы фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, куыд уарзӕгой ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый (Иоан. 11:43, 44). Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, «Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм» кӕй у (Дзут. 1:3). Уӕдӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы Йесо бӕлвырдӕй равдыста, йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ Фыды дӕр тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй низтӕ, рыст ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ фӕд дӕр мауал уа. Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ ӕмӕ Йесо тынг бирӕ адӕмы райгас кӕндзысты. Йесо загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты [комк. «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты», фип.] чидӕриддӕр ис, уыдон... рацӕудзысты» (Иоан. 5:28, 29). w15 15/6 2:13, 14

Дыццӕг, 12 декабрь

Бӕрзонд дын кӕнӕнт дӕ ном (Пс. 99:3).

Йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕндзысты, мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ацӕуой, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл хӕст не сты. Уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмбарынц, Хуыцауы ам ӕмӕ ныр кӕй хъӕуы кадджын кӕнын. Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнӕм, уымӕй мах фӕзмӕм Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Моисей, Аарон ӕмӕ Самуилы (Пс. 99:1–3, 5–7). Уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайдтой, Хуыцау раст динӕн цы уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон, цалынмӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты сауджынтӕй лӕггад кӕнын нӕ райдайой, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты. Сӕрст чырыстӕттӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц «ӕндӕр фыстӕ», ныр сты милуантӕ (Иоан. 10:16). Дыууӕ къорды дӕр Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. Фӕлӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Йегъовӕ раст динӕн цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайын?» w15 15/17 1:4, 5

Ӕртыццӕг, 13 декабрь

Ӕнхъӕлмӕ [йӕм] кӕс (Ав. 2:3).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, пехуымпарӕдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Исай йӕ пехуымпарады загъта, уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгты Йегъовӕ фӕстӕмӕ Иудӕмӕ кӕй ӕркӕндзӕн, уый тыххӕй: «Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр» (Ис. 30:18). Михей дӕр ӕнхъӕлмӕ касти, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Уый загъта: «Мӕнӕн... мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ» (Мих. 7:7). Ӕмӕ сӕдӕгай азты дӕргъы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты зӕрдӕвӕрд Мессийӕйы, кӕнӕ Чырыстийы, ӕрцыдмӕ (Лук. 3:15; 1 Пет. 1:10–12). Абон мах дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй пехуымпарӕдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Тагъд уыцы Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты Хӕйрӕджы дунейӕ фервӕзын кӕндзӕн. Чырысти фыдгӕнджыты фесафдзӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн (1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ хъуамӕ алы бон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ацы дунейы кӕронмӕ ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй уыцы хабармӕ цӕттӕ уӕм. w15 15/8 2:1, 2

Цыппӕрӕм, 14 декабрь

Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕрдзӕни (Иоан. 2:17).

Израилӕгтӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сарӕзтой цатыр (Рац. 25:8). Фӕстӕдӕр та йын сарӕзтой кувӕндон (1 Пад. 8:27, 29). Дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ’рыздӕхтысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмбырд кодтой ӕмбырдгӕнӕнты (Мар. 6:2; Иоан. 18:20; Хъуыд. 15:21). Фыццаг чырыстӕттӕ та ӕмбырд кодтой хӕдзӕртты (Хъуыд. 12:12; 1 Кор. 16:19). Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕм ахуыр кӕнынц ӕмӕ Хуыцауӕн кувынц Паддзахады залты – ӕгас зӕххыл дӕр сты дӕсгай минтӕ. Йегъовӕйӕн Иерусалимы цы кувӕндон уыди, уымӕн Йесо тынг аргъ кодта. Уыцы кувӕндон куыд тынг уарзта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, абоны стихы цы ныхӕстӕ кӕсӕм, уыдон (Пс. 69:9). Паддзахады зал, Иерусалимы цы кувӕндон уыд, уыйау «Йегъовӕйы хӕдзар» схонӕн нӕй (2 Аз. 5:13; 33:4). Фӕлӕ уӕддӕр уый у, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат, ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. w15 15/7 4:1, 2

Майрӕмбон, 15 декабрь

Уӕд [уӕм] уарзондзинад (Кол. 3:14).

Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг иннӕтӕн хатыр кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй, кӕй сӕ уарзӕм, уый равдисдзыстӕм? Иннӕтӕн хатыр кӕнын ӕмӕ семӕ хӕларӕй цӕрын абон куы сахуыр уӕм, уӕд нын ног дунейы бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн уыцы миниуджытӕ ӕвдисын (Кол. 3:12, 13). Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ-иу нӕ ног дунейы цыдӕриддӕр ӕрхъӕуа, уый-иу нын уайтагъддӕр уыдзӕн. Фӕлӕ-иу хъуамӕ алы уавӕры дӕр бузныг уӕм ӕмӕ нӕм цы уа, уымӕй разы уӕм. Ӕндӕр ныхӕстӕй, уыцы рӕстӕг дӕр хъӕудзысты, Йегъовӕ нӕ абон цы миниуджытыл ахуыр кӕны, уыдон. Уӕдӕ уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды ныр куы фидар кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ног дунейыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕхи ӕнусон цардмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм (Дзут. 2:5; 11:1). Стӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, куыд тынг бӕллӕм, алчидӕр Йегъовӕмӕ кӕм хъусдзӕн, уыцы дунейы цӕрынмӕ. w15 15/8 3:11, 12

Сабат, 16 декабрь

Дарддӕр дӕр... [Йесойы] коммӕ кӕсут (Кол. 2:6).

Базары дыргътӕ куы февзарыс, уӕд ӕй феныс, рӕгъӕд дыргътӕ дӕр ӕмхуызон кӕй нӕ вӕййынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр цӕмӕдӕр гӕсгӕ вӕййы рӕгъӕд схонӕн, ӕмӕ уымӕй вӕййынц иухуызон. Раст афтӕ у фӕлтӕрдджын чырыстӕтты хабар дӕр – уыдон дӕр алцӕмӕй иухуызон не сты. Уыцы чырыстӕттӕ сты алыхуызон бӕстӕтӕй, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, сты алыхуызон кары ӕмӕ се ’нӕниздзинад дӕр иухуызон нӕу. Стӕй ма, сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уымӕй дӕр хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр се ’ппӕтмӕ дӕр ис, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ схонӕн сӕ кӕй фӕрцы ис, уыцы миниуджытӕ. Цымӕ цавӕр миниуджытӕ сты? Фӕлтӕрдджын чырыстон Йесойы «къахвӕдтыл цӕуы» ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр фӕзмы (1 Пет. 2:21). Йесо загъта, сӕйрагдӕр кӕй у, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарза, стӕй цӕмӕй адӕмы дӕр уарза, йӕхи куыд уарзы, афтӕ (Матф. 22:37–39). Ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстон архайы уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цӕрыныл – йӕ цардӕй бӕрӕг вӕййы, ӕппӕты ахсджиагдӕр ын кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уа ӕмӕ адӕмы удуӕлдай уарзтӕй уарза. w15 15/9 1:3–5

Хуыцаубон, 17 декабрь

Хуыцауы ныхас зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ, рӕстдзинад ӕргом кӕнгӕйӕ, Хуыцауы раз алы адӕймагӕн дӕр стӕм фӕзминаг (2 Кор. 4:2).

Не ’фсарм нӕ ӕрмӕст ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕ фӕдзӕхсы, фӕлӕ ма нӕ хорз хъуыддӕгтӕм дӕр разӕнгард кӕны. Уыцы хъуыддӕгтӕм хауынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ, фадат куы фӕзына, уӕд хъусын кӕнын. Павелы дӕр йе ’фсарм уымӕ разӕнгард кодта. Павел ныффыста: «Уый мӕ хӕс у. Ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон, хорз хабар куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд!» (1 Кор. 9:16). Мах дӕр Павелы куы фӕзмӕм ӕмӕ, раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг. Ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд уыдоны дӕр разӕнгард кӕндзыстӕм хорз хъуыддӕгтӕм. Ӕмӕ нын не ’фсарм ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уый нӕ къухы ӕфта. Ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, стӕй, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд не ’фсарм ахуыр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нын уӕд уыцы диссаджы лӕвар ӕцӕгдӕр хорз уынаффӕгӕнӕг уыдзӕн! w15 15/9 2:16, 18

Къуырисӕр, 18 декабрь

Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны (Ӕмб. 3:12).

Иосиф, Моисей ӕмӕ-иу Давид тынг зын уавӕрты бахаудысты, фӕлӕ-иу Йегъовӕ уыди сӕ фарсмӕ. Уыцы фӕлварӕнты рӕстӕг цӕуыл сахуыр сты, уый сын ӕххуыс кодта, Йегъовӕ сын сӕ бӕрны стырдӕр хъуыддӕгтӕ куы бакодта, уӕд дӕр. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, уый тыххӕй Библийы куы фӕкӕсӕм, уӕд фембарӕм, ӕцӕгдӕр нӕ кӕй уарзы, уый. Исты рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм, уӕд дӕр нӕ Йегъовӕ фӕуарзы. Ӕмӕ йын йӕ зондамынд нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын «зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны» (Ис. 55:7). Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд нын ис, уый. Давид загъта: «Уый дын хатыр кӕны дӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр, дзӕбӕх дӕ кӕны де ’ппӕт низтӕй дӕр, фервӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй, кадыхудау дыл ӕркӕны ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад» (Пс. 103:3, 4). Уӕдӕ нын Йегъовӕ уынаффӕ куы дӕтта кӕнӕ нын зонд куы амона, уӕд-иу ӕм уайтагъд байхъусӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ нын нӕ хорзыл хъуыды кӕны (Пс. 30:5). w15 15/9 4:13, 14

Дыццӕг, 19 декабрь

Марийӕ Йесойы... ныхасмӕ хъуыста (Лук. 10:39).

Марфӕ Йесойӕн хӕринаг цӕттӕ кӕныныл фӕци. Марийӕ йын кӕй не ’ххуыс кӕны, уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ Йесойӕн рахъаст кодта. Йесо уыдта, Марфӕ ӕгӕр кӕй тыхсы ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс». Стӕй ма йын загъта, иу цыдӕр куы ӕрцӕттӕ кӕна, уӕддӕр фаг кӕй уыдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо Марийӕйӕ раппӕлыд, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъуыста, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн» (Лук. 10:38–42). Марийӕ уыцы изӕр цы бахордта, уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр нал ӕрхъуыды кодтаид, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, кӕй никуы дзы ферох, уӕд сын Йесо цытӕ бацамыдта, стӕй дзы куыд раппӕлыд, уый. Уыцы хабарӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд апостол Иоанн ныффыста: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы [ӕмӕ] Марфӕйӕн йӕ хойы» (Иоан. 11:5). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Марфӕ Йесойы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта. w15 15/10 3:3, 4

Ӕртыццӕг, 20 декабрь

Схайджын стӕм, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ... Хуыцауӕй чи у, уыцы хъаруйӕ (2 Кор. 4:7).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон дӕр кӕй ӕххуыс кӕны, уый бӕрӕг у. Тынг арӕх фехъусӕм ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ чидӕр Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ йын Хуыцау йӕ куывдтытӕ фехъуыста (Пс. 53:2). Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр, Аллан, Филиппинты иу гыццыл сакъадахыл куы хъусын кодта, уӕд иу сылгоймагыл фембӕлд ӕмӕ, йемӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд сылгоймаг ныккуыдта. Аллан загъта: «Тӕккӕ уыцы райсом Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йӕм йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрбарвыстаид. Хуыцау ын йӕ куывдӕн дзуапп афтӕ тагъд кӕй радта, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг». Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ уыцы сылгоймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕхи царды федтой йе ’ххуысы къух – сӕ тамако ныууагътой, наркотиктӕ нал кӕнынц ӕмӕ порнографимӕ нал кӕсынц. Иуӕй-иутӕ сӕ, цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ зыдтой, уӕдмӕ дӕр бирӕ хӕттыты архайдтой уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзыныл, фӕлӕ сын сӕхи хъарутӕй ницы уади. Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы ракуырдтой, уӕд сын уый та радта, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару», ӕмӕ ӕппынфӕстаг сӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз сты (Пс. 37:23, 24). w15 15/10 1:10, 11

Цыппӕрӕм, 21 декабрь

Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Еф. 5:16).

Иуӕй-иутӕ райсомӕй раджы сыстынц, цӕмӕй Библи бакӕсой, ахъуыды йыл кӕной ӕмӕ Хуыцаумӕ скувой. Чидӕртӕ та уый фӕкӕнынц сихорафон. Чи зоны, ды та зӕгъай, Библи кӕсынӕн дын ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕй у изӕры кӕнӕ фынӕйы размӕ. Кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Библи райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕры фынӕйы размӕ дӕр кӕсын (Йес. Н. 1:8). Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй дӕ «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнай» – афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл дын цы рӕстӕг ацӕуы, уыцы рӕстӕгӕй-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсай. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, Йегъовӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй арфӕ кӕндзӕн, йӕ Ныхасыл ын чи хъуыды кӕны, стӕй дзы цы базоны, уый ӕххӕст кӕныныл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонӕн (Пс. 1:1–3). Йесо загъта, зӕгъгӕ, амондджын сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон (Лук. 11:28). Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасыл алы бон дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ахӕм арфӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ абон дӕр амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ фидӕны дӕр – ног дунейы ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд! (Иак. 1:25; Рарг. 1:3). w15 15/10 4:17, 18

Майрӕмбон, 22 декабрь

Петр [Йесойы] иуварс акодта ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд» (Матф. 16:22).

Петр Йесойӕн куы загъта, цӕмӕй йӕхицӕн фӕтӕригъӕд кодтаид, ӕмӕ йӕ ма амардтаиккой, уӕд ӕй ӕвзӕрӕй ницы фӕндыд зӕгъын. Йесо зыдта, Петр ӕй кӕй уарзы, фӕлӕ ӕмбӕрста, раст кӕй нӕ хъуыды кӕны. Цымӕ Йесо Петрӕн дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр куыд баххуыс кодта? Фыццаг уал Петрӕн бауайдзӕф кодта. Уый фӕстӕ бамбарын кодта, зын рӕстӕг ӕрмӕст йӕхиуыл чи хъуыды кӕны, уыдоныл цы ’рцӕуы, уый. Стӕй ма загъта, удуӕлдайӕ чи фӕархайы, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр (Матф. 16:21–27). Петр Йесойы ныхӕстӕй ахсджиаг хъуыддагыл сахуыр (1 Пет. 2:20, 21). Йегъовӕмӕ кувут, цӕмӕй арфуынӕг уат ӕмӕ-иу бамбарат, уӕ сывӕллоны цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый (Пс. 32:8). Чи зоны, уынут, уӕ сывӕллон раздӕрау кӕй нал цин кӕны кӕнӕ ӕфсымӕрты фыдкой кӕнын кӕй райдыдта, йе та уын алцы ӕргом кӕй нал дзуры. Уӕд-иу уайтагъд афтӕ хъуыды кӕнын ма райдайут, ӕмӕ сусӕгӕй цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразы. Фӕлӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй дӕр ма кӕсут кӕнӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ йын кӕд ницы уаид. Чи зоны йын йӕ уырнындзинад бафидар кӕнын хъӕуы. w15 15/11 2:12, 13

Сабат, 23 декабрь

Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. [...] Уӕд [уӕм] уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл (Кол. 3:12, 14).

Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, раст диныл хӕст кӕй сты. Йесо Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Апостол Иоанн та ныффыста: «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты афтӕ ис базонӕн: раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ кӕны, уый Хуыцауӕй нӕу. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕй дӕр. Уӕ зӕрдыл дарут, райдианы кӕй фехъуыстат, уыцы хабар: мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм» (1 Иоан. 3:10, 11). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты. Хуыцау ӕгас зӕххыл дӕр йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар уыцы адӕмы фӕрцы хъусын кӕны (Матф. 24:14). w15 15/11 4:10, 11

Хуыцаубон, 24 декабрь

Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас (Ӕмб. 25:11).

Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, кӕм хъусын кӕнӕм, уым адӕм цы ’гъдӕуттыл ӕмӕ цы диныл хӕст сты, ууыл, цӕмӕй ӕмбарӕм, семӕ ныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уый. Ноджыдӕр ма нӕ цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын? Зӕгъӕм нӕ чидӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ фӕхъыг кодта. Уӕд хорз уаид ахъуыды кӕнын, хабар йӕ дзурыны аккаг у ӕви нӕ. Кӕд ӕнӕмӕнг хъӕуы йемӕ аныхас кӕнын, уӕд уал хъуамӕ ӕрсабыр уӕм, цӕмӕй ныхасӕй ма фӕрӕдийӕм (Ӕмб. 15:28). Ныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ууыл ахъуыды кӕнын ма фӕхъӕуы, нӕ бинонтӕй Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн нӕ Йегъовӕйы тыххӕй радзурын куы фӕфӕнды, уӕд дӕр. Хъуамӕ фӕразон уӕм ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цы зӕгъинаг стӕм, ууыл ӕмӕ нӕм хуыздӕр кӕд байхъусдзысты, ууыл дӕр. w15 15/12 3:6, 8, 9

Къуырисӕр, 25 декабрь

Амоны [нын], цӕмӕй... ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ (Тит. 2:12).

Нӕ низы хатт куы бӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ, нӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уый куы ӕвзарӕм, уӕд хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм. Уый уӕлдай ахсджиаг у, низ сбӕрӕг кӕныны кӕнӕ хос кӕныны мадзал цыдӕр ӕнахуыр куы вӕййы, уӕд. Цымӕ, хос кӕнынмӕ кӕмӕ бацыдыстӕм, уымӕн йӕ бон у бӕлвырд бамбарын кӕнын, уыцы мадзӕлттӕ адӕймагӕн куыдӕй ӕххуыс кӕнынц? Уыцы мадзӕлттӕй бирӕ дохтыртӕ хос кӕнынц? (Ӕмб. 22:29). Чи зоны нын исчи зӕгъа, кӕмдӕр цавӕрдӕр ног хос кӕй ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ йӕ дохтыртӕй бирӕтӕ нырма зонгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнынц. Фӕлӕ цымӕ уымӕн исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Чидӕртӕ нын, чи зоны, дзурой, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр сусӕг хосӕй, кӕнӕ, буарӕн йӕхи мидӕг цы тых ис, уый фӕрцы дзӕбӕх кӕнӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ахӕм цыдӕртӕ тынг тӕссаг сты. Рох нӕ ма уӕд, Хуыцау нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй (Ис. 1:13; Дык. з. 18:10–12). w15 15/12 4:16

Дыццӕг, 26 декабрь

Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр ничи уыди, фӕлӕ уӕларвон паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у (Матф. 11:11).

Библийы бирӕ ис, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи уыд, фӕлӕ уӕлӕрвтӕм чи нӕ ацыд, ахӕм иузӕрдион адӕймӕгты цӕвиттонтӕ. Уыдонӕй сӕ иу уыд Аргъауӕг Иоанн. Йесо загъта, зӕгъгӕ, иу адӕймаг дӕр Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ ма стӕй загъта, Иоанн уӕлӕрвты паддзах кӕй нӕ уыдзӕн. Давид дӕр уыд сыгъдӕг тыхӕй хайджын (1 Сам. 16:13). Уыцы тых ын ӕххуыс кодта Йегъовӕйы тыххӕй арф хъуыдытӕ бамбарынӕн, стӕй ма йӕ сразӕнгард кодта Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ ныффыссынмӕ дӕр (Мар. 12:36). Фӕлӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр апостол Петр ныффыста, зӕгъгӕ, «Давид... уӕларвмӕ не ссыд» (Хъуыд. 2:34). Йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты схайджын кодта алыхуызон диссӕгтӕ аразыны курдиатӕй, фӕлӕ сын уыцы сыгъдӕг тых, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕвдисӕн никуы лӕууыд. Мыййаг, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой, уый аккаг нӕ уыдысты кӕнӕ уыцы хъуыддагмӕ нӕ сарӕхстаиккой? Нӕ. Уый ӕрмӕстдӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ зӕххыл Дзӕнӕты цӕрынмӕ райгас кӕндзӕн (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15). w16.01 3:16

Ӕртыццӕг, 27 декабрь

Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд ӕмвӕндӕй архайӕм (Иоан. 10:30).

Кӕй уарзӕм, уыдонимӕ иумӕ куы фӕкусӕм, уӕд сӕм ӕнгомдӕр фӕкӕнӕм. Уый фӕрцы хуыздӕр базонӕм сӕ удыхъӕд, сӕ миниуджытӕ, сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынц ӕмӕ, цӕмӕй сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй цы аразынц, уый. Йесо Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кодта, ӕвӕццӕгӕн, миллиардгай азты дӕргъы. Уый фӕрцы кӕрӕдзи афтӕ тынг бауарзтой, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ ницыуал адард кодтаид. Раст цыма иу сты, кӕрӕдзи афтӕ хорз ӕмбӕрстой. Чырысти Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты хъахъхъӕдтаид. Цымӕ цӕмӕн? Чырысти загъта: «Цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой» (Иоан. 17:11). Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд хуыздӕр базонӕм Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ. Мах бамбарӕм, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый зондыл дзурӕг цӕмӕн у, уый. Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд нӕм уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн (Иак. 4:8). Уымӕй уӕлдай ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ иухуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ нын цины хос дӕр иу хъуыддӕгтӕ сты, стӕй нӕ нысӕнттӕ дӕр иухуызон сты. w16.01 5:9, 10

Цыппӕрӕм, 28 декабрь

Ды дӕр йемӕ [дӕ файнустимӕ] аздӕх (Руф 1:15).

Ноемин дарддӕр цӕуы йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Цымӕ Руф та куыд бакӕндзӕн? Цы уынаффӕ йӕ хъӕуы рахӕссын, уымӕй ахсджиагдӕр уынаффӕ рахӕссын ӕй, ӕвӕццӕгӕн, никуы бахъуыд. Хъуамӕ кӕнӕ фӕстӕмӕ Моавмӕ, йӕ хиуӕттӕм, аздӕха, кӕнӕ йе ’фсинимӕ баззайа ӕмӕ йемӕ Вифлееммӕ ацӕуа (Руф 1:1–8, 14). Руфӕн йӕ бон уыди ахъуыды кӕнын: «Моавы мын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, уым мыл мӕ мад ӕмӕ мӕ хӕстӕджытӕ батыхсдзысты». Моав уыди йӕ райгуырӕн бӕстӕ – цы адӕм дзы царди, цы ’взагыл дзырдтой ӕмӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон хорз зыдта. Вифлеем та йын уыд ӕцӕгӕлон горӕт. Ноемин тарсти, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн Руфӕн, кӕмӕ смой кӕна ӕмӕ кӕм цӕра, уый ссарын. Гъемӕ йын загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Моавмӕ аздӕха. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Орфӕ «аздӕхт йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм» (Руф 1:9–15). Фӕлӕ Руфы нӕ бафӕндыд фӕстӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕм аздӕхын. w16.02 2:4, 5

Майрӕмбон, 29 декабрь

Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион (Пс. 18:25).

Саул ӕмӕ ма йемӕ 3 000 ӕфсӕддоны Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры Давиды фӕдыл зылдысты, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ иу ӕхсӕв Давид ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы адӕм базыдтой, Саул ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ кӕм ӕрлӕууыдысты, уый. Саул ӕмӕ йӕ адӕм фынӕй куы уыдысты, уӕд Давид ӕмӕ Авессӕ Саулмӕ сусӕгӕй бахъуызыдысты. Авессӕ Давидӕн йӕ хъусы бадзырдта: «Бауадз мӕ, ӕмӕ йӕ [Саулы] арцӕй иу цӕфӕн зӕхмӕ ныххуыйон, ӕмӕ мӕ дыккаг цӕф нал бахъӕудзӕн». Фӕлӕ йӕ Давид нӕ бауагъта ӕмӕ йын загъта: «Мацы йын бакӕн. Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн?» Стӕй ма Давид загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн!» (1 Сам. 26:8–12). Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уымӕ цы хауы, уый. Зыдта, Саулӕн кӕй хъуамӕ кад кӕна, ӕмӕ йын исты фыдбылыз сараза, ууыл хъуыды дӕр никуы кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Саулы Израилы паддзахӕй Хуыцау сӕвӕрдта. Раджы заманты куыд уыд, афтӕ ныр дӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр иузӕрдион уой ӕмӕ кад кӕной, бартӕ кӕмӕн радта, уыдонӕн. w16.02 4:1, 2

Сабат, 30 декабрь

О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос (Пс. 40:8).

Кӕд ӕрыгон адӕймаг дӕ ӕмӕ дӕ донаргъуыд райсын фӕнды, уӕд дӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕппӕты кадджындӕр хъуыддаг. Фӕлӕ донаргъуыд райсын у тынг ахсджиаг къахдзӕф. Уый иннӕтӕн ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта, ома йын дзырд радта, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ адӕймагӕн донаргъуыд райсын йӕ бон кӕд уыдзӕн? Фаг фӕлтӕрддзинад ӕм куы уа, стӕй уый йӕхи фӕнд куы уа ӕмӕ, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна, уый цы нысан кӕны, уый куы ’мбара, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕма дӕ. Кӕнӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ цӕттӕ дӕ, фӕлӕ дӕ дӕ ныййарджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ нырма банхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, цӕмӕй фестырдӕр уай ӕмӕ дӕм фылдӕр фӕлтӕрддзинад уа. Цымӕ уӕд та куыд кӕнгӕ у? Дӕ ныфс ма асӕттӕд. Фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, ууыл бакус, цӕмӕй фӕстӕдӕр донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уай. w16.03 2:1, 2

Хуыцаубон, 31 декабрь

Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у (2 Кор. 6:14).

Иуӕй-иутӕ рӕстдзинад базыдтой, бинонтӕ куы скодтой, уый фӕстӕ ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттӕ Ӕвдисӕнтӕ нӕ систы. Иннӕтӕн та сӕ цардӕмбӕлттӕ Ӕвдисӕнтӕ уыдысты, фӕлӕ стӕй ӕмбырд ныууагътой. Уыцы уавӕрты дӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайой, цӕмӕй сӕ бинонты ’хсӕн фарн уа. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Стӕй ма абон Хӕйрӕг бинонты цард фехалыныл архайы, ӕмӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бинонты ’хсӕн иудзинад уа. Дӕ цардӕмбалимӕ иумӕ рагӕй цӕрут ӕви нӕ, уӕддӕр ахъуыды кӕн, дӕуӕн дӕ бон цы у зӕгъын кӕнӕ саразын, цӕмӕй уӕ бинонтӕ ӕнгомдӕр уой. Кӕд ацӕргӕ стут, уӕд ӕрыгон бинонтӕн фӕзминаг ут. Уӕ бон у, ӕмӕ-иу сӕ уӕ бинонты ахуырмӕ фӕхонат. Афтӕмӕй фендзысты, бинонтӕ иумӕ цасфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй кӕрӕдзийыл узӕлой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа (Тит. 2:3–7). w16.03 3:14, 15

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын