Январь
Къуырисӕр, 1 январь
Уырнындзинады... сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнут (Иуд. 3).
Ӕрыгон чызг хӕдзарӕй йӕ фыды размӕ ратахт. Йӕ фыд тохы кӕй фӕуӕлахиз ӕмӕ дзӕбӕхӕй кӕй ӕрбаздӕхт, ууыл афтӕ тынг цин кӕны, ӕмӕ йӕ размӕ заргӕ ӕмӕ кафгӕ рацыд. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фыд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныхъхъарӕг кодта: «Дӕдӕй, мӕ чызг! Мӕ зӕрдӕ мын барӕхуыстай». Стӕй йын загъта, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый тыххӕй ныр йӕ хъӕбулы цард цӕхгӕр кӕй фӕивдзӕн – уый бар ын нал уыдзӕн, цӕмӕй йын бинонтӕ кӕнӕ сывӕллӕттӕ уа. Фӕлӕ йын йӕ чызг уайтагъд загъта, цӕмӕй маст ма кӕна ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕна. Бӕрӕг уыди, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕмӕ куы байхъуса, уӕд ын хорз кӕй уыдзӕн, цыфӕнды йын ма аразын кӕна, уӕддӕр (Тӕрх. 11:34–37). Куыд фидар уырнындзинад ын ис, йӕ фыд уый куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ куыннӕ барухс уыдаид. Уый зыдта, йӕ чызг ахӕм удуӕлдай кӕй у, уый Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон кӕй у. Йеффай ӕмӕ йӕ чызг сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардтой ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, цы сын амоны, уый раст кӕй у, кӕд алы хатт ӕнцон ӕххӕст кӕнӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр. Уыдоны фӕндыд Йегъовӕйы хорзӕх ссарын, ӕмӕ уый тыххӕй цӕттӕ уыдысты сӕхи цӕмӕйфӕнды фӕцух кӕнынмӕ. w16.04 1:1, 2
Дыццӕг, 2 январь
Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр (Иак. 5:11).
Хатгай дын, чи зоны, де ’мбӕлттӕй йе та дӕ бинонтӕй исчи йӕ ныхӕстӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны. Кӕнӕ, чи зоны, уӕззау рынчын дӕ йе та маст кӕныс, чидӕр дын кӕй фӕзиан, уый тыххӕй. Фӕлӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр дын Иовы цӕвиттон ныфсы хос фӕуыдзӕн (Иов 1:18, 19; 2:7, 9; 19:1–3). Иов нӕ зыдта, утӕппӕт бӕллӕхтӕ йыл ӕвиппайды цӕмӕн ӕрцыдысты, уый, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Цымӕ фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд? Сӕйраджыдӕр, Йегъовӕйы кӕй уарзта ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тарсти, уый фӕрцы (Иов 1:1). Иовы фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаид хорз рӕстӕг дӕр ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг дӕр. Стӕй ма йын Йегъовӕ баххуыс кодта, куыд хъомысджын у, уый бамбарынӕн – цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕй йын иуӕй-иутӕм йӕ хъус ӕрдардта. Уый фӕрцы Иов ноджы тынгдӕр баууӕндыд, йӕ афоныл ын Йегъовӕ йӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл (Иов 42:1, 2). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. «Йегъовӕ [Иовы] йӕ бӕллӕхтӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ, уый размӕ йӕм цы уыд, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр радта». Ӕмӕ Иов бирӕ азтӕ зӕрдӕрухсӕй фӕцард (Иов 42:10, 17). w16.04 2:11, 13
Ӕртыццӕг, 3 январь
Кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин (Матф. 10:16).
Нӕхи куыд «хъахъхъӕндзыстӕм»? Хъуамӕ рагацау хъуыды кӕнӕм, фидӕны нӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны сӕрты куыд хиздзыстӕм, ууыл. «Ӕнӕхин» та уыдзыстӕм, уыцы зын уавӕрты политикӕимӕ баст хъуыддӕгты куы нӕ архайӕм, уӕд. Адӕм политикӕимӕ баст фарстатыл ныхас кӕнын куы райдайынц, уӕд-иу хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Зӕгъӕм, искӕимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дзурӕм, цавӕрдӕр парти кӕнӕ политикимӕ разы кӕй стӕм кӕнӕ кӕй не стӕм. Чидӕртӕ адӕмы зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй цы аразынц, ууыл ныхас кӕныны бӕсты хъуамӕ адӕймагӕн Библийы равдисӕм, Хуыцауы Паддзахад адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Йе та, зӕгъӕм, кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уый гомосексуализмы кӕнӕ аборттӕ кӕныны сӕрыл дзуры. Уӕд-иу ын ӕргом зӕгъ, уыцы хабӕртты тыххӕй Библийы цы фыст ис, ӕмӕ-иу ын бамбарын кӕн, махӕн уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын цӕй фӕрцы ӕнтысы. Кӕнӕ исчи куы дзура, цавӕрдӕр закъӕттӕ аивын кӕй хъӕуы, уӕд йемӕ нӕдӕр разы кӕндзыстӕм, нӕдӕр йӕ ныхмӕ дзурдзыстӕм, ӕмӕ йын цыфӕндыйӕ дӕр йӕ хъуыды сраст кӕныныл дӕр нӕ архайдзыстӕм. w16.04 4:8, 9
Цыппӕрӕм, 4 январь
Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Хъуамӕ ахуыргӕнинӕгты цӕттӕ кӕнӕм, донаргъуыд сын дӕттӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ адӕммӕ цӕуӕм. Иу библииртасӕг уый афтӕ бамбарын кодта: «Ацы фӕдзӕхст, „ацӕут“, зӕгъгӕ, хауы алы чырыстонмӕ дӕр, ӕмӕ уӕлдай нӕу, уый тыххӕй йӕ фӕндаджы сӕрты ахизын хъӕуа ӕви океаны сӕрты» (Матф. 10:7; Лук. 10:3). Цымӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Алчи сӕ хицӕнӕй кӕй хъусын кӕндзӕн ӕви иумӕ кӕй архайдзысты, уымӕ? Иу адӕймагӕн йӕ бон нӕ бауыдаид «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр хъусын кӕнын. Уӕдӕ бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы куыст иумӕ кӕй хъуамӕ кодтаиккой. Ӕмӕ Йесо растдӕр уый кой кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ куы загъта, «адӕмахсджытӕ» уыдзыстут, зӕгъгӕ (Матф. 4:18–22). Йесо сӕ цы куыст кӕнынмӕ хуыдта, уый абарста кӕсаг ахсынимӕ. Фӕлӕ, кӕсаг иунӕгӕй чи фӕахсы ӕмӕ ӕнгуырмӕ кӕсгӕйӕ ӕнцад чи фӕбады, ахӕм кӕсагахсджыты кой нӕ кодта. Уый дзырдта, кӕсаг хызӕй чи фӕахсы, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы куыст кӕнынӕн та хъӕуы бирӕ фыдӕбон, бирӕ адӕм, стӕй хъуамӕ уыцы адӕм иумӕ архайой (Лук. 5:1–11). w16.05 2:3, 4
Майрӕмбон, 5 январь
Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн (Ӕмб. 3:5, 6).
Цымӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый базонӕн куыд ис? Уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс уыдзӕн, ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм. Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы иртасӕм, уӕд нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕн ис? Хуыцау афтӕ цӕмӕн бакодта?» Ӕмӕ Давидау мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын. Давид ныффыста: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ, сахуыр мӕ кӕн дӕ къахвӕндӕгтыл цӕуын. Ӕххуыс мын кӕн дӕ раст фӕндагыл цӕуынӕн ӕмӕ мӕ ахуыр кӕн, уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау. Ӕнӕхъӕн бон мӕ ныфс дӕуыл дарын» (Пс. 25:4, 5). Библийӕ цавӕрдӕр скъуыддзагыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ бон у дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Цы базыдтон, уымӕй мӕ бон куыд у спайда кӕнын? Ацы зонындзинӕдтӕ мын кӕм баххуыс кӕндзысты? Мӕ бон сӕ у мӕ бинонты ’хсӕн, куысты, скъолайы кӕнӕ уацамынды спайда кӕнын?» Цы базыдтай, уымӕй спайда кӕнӕн кӕм ис, уый куы бамбарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, спайда кӕнӕн дзы куыд ис, уый бамбарын дӕр. w16.05 3:9, 11
Сабат, 6 январь
Цӕстдарӕгмӕ хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа (1 Тим. 3:2).
Йегъовӕ ӕргом кӕны, ӕмбырд кӕй бар бакодта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый (1 Тим. 3:2–7). Фӕнды йӕ, цӕмӕй сӕм уыцы миниуджытӕ ӕнӕмӕнг уой. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ӕмбырд Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у. Библийы фыст ис, «йӕ Фырты тугӕй» йӕ кӕй балхӕдта (Хъуыд. 20:28). Уӕдӕ Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй иннӕтӕн фӕзминаг уой. Уыдон йӕ разы дзуапп ратдзысты, ӕмбырды чи ис, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи ӕдас хатӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ныл кӕй тыхсынц, уый фӕрцы (Ис. 32:1, 2). Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд фенӕм, Йегъовӕ ныл куыд тынг тыхсы, уый. Фӕлӕ уыцы миниуджытӕ хъуамӕ чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр уой. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр ӕмбаргӕ уӕм (Фил. 4:5; 1 Пет. 4:7). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «дзугӕн фӕзминаг» куы вӕййынц, уӕд махӕн дӕр нӕ бон вӕййы сӕ цӕвиттонӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сын «сӕ уырнындзинад фӕзмын» (1 Пет. 5:3; Дзут. 13:7). w16.05 5:8–10
Хуыцаубон, 7 январь
Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).
Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур уой, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма суӕм, исты тӕригъӕдджын хъуыддагыл ма бафтӕм, стӕй цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа. Уыдӕтты тыххӕй адӕймаг, чи зоны, Хуыцауы коммӕ мауал кӕса ӕмӕ ма йӕ ныхмӕ дӕр рацӕуа (Дан. 5:1, 20; Дзут. 3:13, 18, 19). Раст ахӕм хабар ӕрцыд Иудӕйы паддзах Озийыл (2 Аз. 26:3–5, 16–21). Ози фыццаг рӕстӕг Хуыцаумӕ хъуыста, ӕмӕ дзы уый дӕр райгонд уыд ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Фӕлӕ Ози «хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал». Суанг ма кувӕндоны буд ссудзын дӕр сфӕнд кодта, афтӕмӕй та уый ӕрмӕстдӕр сауджынтӕ хъуамӕ арӕзтаиккой. Сауджынтӕ Озийӕн, раст кӕй нӕу, уый куы загътой, уӕд сӕм йӕ маст ссыгъд! Йегъовӕ уыцы сӕрбӕрзонд паддзахы фегад кодта, ӕмӕ Ози суанг йӕ мӕлӕты онг уыд хъотырӕй рынчын (Ӕмб. 16:18). Нӕхимӕ лӕмбынӕг куы нӕ кӕсӕм, уӕд мах дӕр ссӕрбӕрзонд уыдзыстӕм. Ӕмӕ нӕм уӕд афтӕ кӕсын райдайдзӕн, цыма иннӕтӕй хуыздӕр стӕм. Стӕй ма, чи зоны, мауал хъусӕм, Библийӕ нын цы уынаффӕтӕ дӕттой, уыдонмӕ (Ӕмб. 29:1; Ром. 12:3). w16.06 2:3, 4
Къуырисӕр, 8 январь
Уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут (Еф. 4:2).
Цы цӕстӕй кӕсыс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм? Чи зоны, се ’взагӕй, сӕ дарӕсӕй, сӕхи куыд фӕдарынц ӕмӕ цавӕр хӕринӕгтӕ фӕхӕрынц, уыдӕттӕй дӕуӕй тынг хицӕн кӕнынц. Мыййаг сӕ уый тыххӕй дӕхи фӕхизыс ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг, дӕ адӕмыхаттӕй чи у, уыдонимӕ фервитыс? Дӕуӕй кӕстӕр чи у кӕнӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсыс? Кӕрӕдзийӕ цы хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнӕм, уыдон нын къуылымпыйы хос куы суой, уӕд нӕ иудзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг уыдзӕн. Цы саразӕн ис, цӕмӕй уымӕй нӕхи бахизӕм? Уый фӕдыл Павел хорз уынаффӕ радта Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн. Ефес уыди хъӕздыг горӕт ӕмӕ дзы царди алыхуызон адӕмыхӕттытӕ (Еф. 4:1–3). Фыццаг уал Павел ранымадта, цы миниуджытӕ сӕм хъуамӕ уыдаид, уыдон: сӕрныллӕгдзинад, бирӕфӕразондзинад, уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд. Уыцы миниуджытӕ абарӕн ис, хӕдзар кӕуыл фӕлӕууы, ахӕм фидар цӕджындзтимӕ. w16.06 3:17, 18
Дыццӕг, 9 январь
Кӕсут, зыд мацӕуыл кӕнут (Лук. 12:15).
Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй уӕм «хъӕздыгдзинады цагъартӕ», Йегъовӕйы цагъартӕ нӕ, фӕлӕ (Матф. 6:24). Мулк ӕмбырд кӕныныл чи фӕвӕййы, уыдонӕн сӕ цард сафтид вӕййы. Ахӕм адӕм ӕрмӕстдӕр сӕхи удыл мӕт кӕнын райдайынц. Фӕлӕ уымӕй фыддӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр нал феууӕндынц. Афтӕмӕй сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ цардӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц (1 Тим. 6:9, 10; Рарг. 3:17). Раст уый кой кодта Йесо, тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд. Паддзахады хабар, дам, «сындзыты ’хсӕн» куы ’рхауы, уӕд, дам, «зӕрдӕйы ӕндӕр бӕллицтӕ бынат скӕнынц, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг дӕр нӕ ратты» (Мар. 4:14, 18, 19). Абон дӕр хабар афтӕ у. Ацы дунейы кӕрон бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ ныр уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй нӕхицӕн мулк ӕмбырд кӕнӕм. Цы нӕм ис, уыдӕттӕ нӕ зӕрдӕйӕн цыфӕнды зынаргъ ма уой, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын сӕ Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг бахъахъхъӕндзӕн (Ӕмб. 11:4; Матф. 24:21, 22). w16.07 1:5, 6
Ӕртыццӕг, 10 январь
Уый не ’ппӕты дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хайджын уыд стыр хорзӕхӕй (Иоан. 1:16).
Сӕнӕфсирдоны хицау райсомӕй раджы ацыд базармӕ, цӕмӕй йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ баххуырстаид. Кӕй ссардта, уыдон сразы сты, цы мызд сын загъта, ууыл ӕмӕ кусынмӕ ацыдысты. Фӕлӕ ма йӕ ноджыдӕр бахъуыди кусджытӕ, ӕмӕ ма уыцы бон цалдӕр хатты ацыд базармӕ, цӕмӕй фылдӕр кусджытӕ баххуырстаид. Ӕмӕ се ’ппӕтимӕ дӕр баныхас кодта, цы сын ӕмбӕла, уый сын кӕй бафиддзӕн. Куы баизӕр, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау кусджытӕм фӕдзырдта, цӕмӕй сын сӕ мызд бафыстаид. Ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бон чи бакуыста, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, иу сахат чи бакуыста, уыдонӕн дӕр ӕмхуызон мызд бафыста. Уӕд, фыццаг кӕй баххуырста, уыцы кусджытӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Сӕнӕфсирдоны хицау сын загъта: «Цы мыздыл баныхас кодтам, ууыл уӕхӕдӕг не сразы стут? Кӕмӕн цы бафидон, уый мӕхи бар нӕу? Ӕви сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дӕн, уый сын уӕ цӕст нӕ уарзы?» (Матф. 20:1–15). Йесойы фӕсномыг ныхас нын не ’ргом здахы Йегъовӕйы миниуджытӕй сӕ иумӕ – йе стыр хорзӕхмӕ. w16.07 3:1, 2
Цыппӕрӕм, 11 январь
Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!.. Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг (Рарг. 21:5).
Кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ нӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын! (Мар. 13:10). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Хъуамӕ адӕмӕн дзурӕм, ног дунейы нӕм цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй кӕй схайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы ӕнӕкӕрон стыр хорзӕхы фӕрцы. Нӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, Чырыстийы Паддзахады дӕлбар адӕм иууылдӕр кӕй схайджын уыдзысты, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр, ӕмӕ ӕппынфӕстаг кӕй суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст адӕм. Библи зӕгъы: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Уымӕн гӕнӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы. w16.07 4:17–19
Майрӕмбон, 12 январь
Лӕг ӕххӕст кӕнӕд, йӕ усы раз ыл цы хӕс ис, уый, ӕмӕ афтӕ ус дӕр ӕххӕст кӕнӕд, йӕ лӕджы раз ыл цы хӕс ис, уый (1 Кор. 7:3).
Лӕг ӕмӕ ус ӕмуат куы ’рцӕуынц, уӕд кӕрӕдзийыл куыд ӕмӕ цас хъуамӕ узӕлой, уый тыххӕй Библи бӕлвырдӕй ницы зӕгъы. Фӕлӕ дзы уӕддӕр ахӕм узӕлд ӕмӕ цинты кой ис (Сол. з. 1:2; 2:6). Чырыстон бинонтӕ хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийыл фӕлмӕнӕй узӕлой. Адӕймаг Хуыцауы ӕмӕ иннӕты ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарза, уӕд никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзӕн уый бар, цӕмӕй йӕ йӕ цардӕмбалӕй адард кӕна. Иуӕй-иу бинонтӕ кӕрӕдзийӕ адард сты, кӕмӕндӕрты та сӕ цард дӕр фехӕлд, сӕ иу порнографимӕ кӕсыныл кӕй бафтыд, уый тыххӕй. Уӕдӕ адӕймаджы порнографи цымыдис кӕнын куы райдайа кӕнӕ йӕ цардӕмбалӕй уӕлдай ӕндӕр искӕмӕ уарзон цӕстӕй кӕсын куы райдайа, уӕд уыцы хъуыдытӕ хъуамӕ уайтагъд бындзарӕй стона. Искӕимӕ йӕхи афтӕ куы дара, цыма йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы,– йе та кӕмӕдӕрты афтӕ куы фӕкӕса,– уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ цардӕмбалы ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ уарзы. Чырыстон йӕхи хъуамӕ афтӕ ма дара. Хуыцау нын нӕ алы хъуыды ӕмӕ нӕ алы ми дӕр уыны. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уӕм (Матф. 5:27, 28; Дзут. 4:13). w16.08 2:7–9
Сабат, 13 январь
Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ дӕр уымӕн кувӕм, ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон бӕлвырдӕй зонат (Кол. 1:9).
Колоссӕгтӕ Хуыцауы фӕндон бӕлвырдӕй куы зыдтаиккой, уӕд «цардаиккой, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кодтаиккой». Ӕмӕ сын уый фӕрцы та «бирӕ ӕнтыстаид алы хорз хъуыддаджы дӕр», уӕлдайдӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы (Кол. 1:10). Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр Библи иртаса. Ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн уый хъуамӕ бамбарын кӕнӕм. Библи ӕдзух куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ царды дӕр ӕмӕ нӕ лӕггады дӕр. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Уацамынды исчи, Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм хъуыды куы фӕзӕгъы, уӕд ын мӕ бон вӕййы дзуапп Библийӕ раттын?» Ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр куы дзурӕм, уӕд уыдоны дӕр бафӕнддзӕн Библи арфдӕр иртасын ӕмӕ сын уый пайда хӕсдзӕн. w16.08 4:3, 4
Хуыцаубон, 14 январь
Нӕ тох... [у] уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ (Еф. 6:12).
Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ныл ацы дунейы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр ӕгъдӕуттӕ ма фӕзыной. Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕнӕгъдаудзинадӕй, тамакойӕ, фыднозтӕй ӕмӕ наркотиктӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ ӕдзухдӕр тох кӕнӕм нӕхи лӕмӕгъдзинӕдтимӕ ӕмӕ ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ (2 Кор. 10:3–6; Кол. 3:5–9). Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм тыхджын знӕгтыл фӕуӕлахиз уӕм? О, ис, фӕлӕ нӕ ууыл хъӕудзӕн тыхтӕ ӕрӕвӕрын! Павел йӕхи абарста, раджы заман-иу ерысты тымбылкъухӕй чи хыл кодта, ахӕм адӕймагимӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ цӕфтӕ... афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын» (1 Кор. 9:26). Хыл чи фӕкӕны, уый йӕ ныхмӕлӕууӕджы куыд хъуамӕ цӕва, раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ не знӕгты цӕвӕм. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын амоны, куыд хъуамӕ тох кӕнӕм. Ӕмӕ уый аразы Библийы фӕрцы. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны нӕ публикацитӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгрессты фӕрцы дӕр. Цыдӕриддӕр базоныс, уымӕй дӕ царды спайда кӕныс? w16.09 2:2, 3
Къуырисӕр, 15 январь
Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта (Ром. 15:3).
Махӕн дӕр Йесойау хъуамӕ Хуыцауы фӕндон ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын уой фыццаг бынаты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр уӕлӕдарӕс нӕхи зӕрдӕмӕ куы цӕуа, фӕлӕ уый тыххӕй адӕм хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд ӕй не скӕндзыстӕм (Ром. 15:2). Чырыстон ныййарджытӕ хӕсджын сты, цӕмӕй сӕ цотӕн ӕххуыс кӕной Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕ хауы, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр хӕдӕфсарм дарӕс ӕмӕ ӕддаг бакастӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной (Ӕмб. 22:6; 27:11). Цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сахуыр уой сыгъдӕг Хуыцауӕн кад кӕнын, уый тыххӕй сын хъуамӕ уой фӕзминаг ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй амоной, кӕм цавӕр уӕлӕдарӕс фидауы, уый. Уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ ӕрмӕст, сӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл ма хъуыды кӕной, фӕлӕ цы Хуыцауы ном хӕссынц, уый куыд скадджын кӕной, ууыл дӕр. w16.09 3:13, 14
Дыццӕг, 16 январь
Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы, фӕлӕ, алцыдӕр кӕмӕн бацамоной, уый суыдзӕн йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн (Лук. 6:40).
Йесо уыд хорз ахуыргӕнӕг ӕмӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдта, уымӕн ӕмӕ уарзта Йегъовӕйы, йӕ Ныхас ӕмӕ адӕмы (Лук. 24:32; Иоан. 7:46). Ныййарджытӕ дӕр Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд ӕй сӕ сывӕллӕттӕ дӕр бауарздзысты (Дык. з. 6:5–8; Лук. 6:45). Уӕдӕ, ныййарджытӕ, Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ лӕмбынӕг иртасут. Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй-иу фылдӕр базонут (Матф. 6:26, 28). Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонат, уӕд ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстут ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын дӕр уӕ бон хуыздӕр уыдзӕн. Рӕстдзинад уӕ зӕрдӕйы куы уа, уӕд уӕм уӕ бинонтимӕ ууыл ныхас кӕнынӕй хуыздӕр ницы кӕсдзӕн. Йегъовӕйы тыххӕй ӕрмӕст ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ кӕнӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ма ныхас кӕнут, фӕлӕ ӕндӕр исты аразгӕйӕ дӕр. w16.09 5:6, 7
Ӕртыццӕг, 17 январь
Дзуттагау сӕ ничи дзырдта (Неем. 13:24).
Хуыцауы Ныхас ӕндӕр ӕвзагыл куы не ’мбарӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн тынг тӕссаг уавӕры. Н. э. размӕ 5 ӕнусы дзуттӕгтӕ Вавилонӕй сӕ бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд дзы кӕмӕндӕрты сӕ сывӕллӕттӕ дзуттагау нӕ дзырдтой. Ӕмӕ Нееми уый куы базыдта, уӕд ӕй уый мӕты бафтыдта. Уыцы сывӕллӕттӕ Хуыцауы Ныхас дзӕбӕх кӕй не ’мбӕрстой, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард сты (Неем. 8:2, 8). Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыцы ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ бафиппайдтой, сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад раздӕрау циндзинад кӕй нал хӕссы. Цӕуылнӕ? Ӕндӕр ӕвзагыл исты куы фӕкӕсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг ма хъара, нӕхи ӕвзагыл нӕм куыд бахъары, афтӕ. Стӕй ма ӕндӕр ӕвзагыл дзурын кӕй фӕхъӕуы, уымӕй дӕр адӕймаг тынг бафӕллайы ӕмӕ йӕ лӕггадӕй дӕр йӕ зӕрдӕ нал фӕрайы. Уӕдӕ кӕд ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕ уырнындзинад дӕр нӕ кӕй хъӕуы хъахъхъӕнын (Матф. 4:4). w16.10 2:4–6
Цыппӕрӕм, 18 январь
Уырнындзинад... у... адӕймаг... бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты (Дзут. 11:1).
Уырнындзинад у арфӕйаг миниуӕг. Ацы миниуӕг се ’ппӕтмӕ нӕй (2 Фес. 3:2). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр уырнындзинад радта (Ром. 12:3; Гал. 5:22). Ӕмӕ дзы уый тыххӕй не ’ппӕт дӕр хъуамӕ тынг бузныг уӕм. Йегъовӕ йӕ зынаргъ хъӕбулы, Йесо Чырыстийы, радта, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр баууӕнда, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 6:44, 65; Ром. 6:23). Цымӕ ахӕмӕй цы сарӕзтам, цӕмӕй уыцы диссаджы хорздзинады аккаг суӕм? Тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ ӕрмӕстдӕр мӕлӕты аккаг стӕм (Пс. 103:10). Фӕлӕ Йегъовӕ уыдта, нӕ бон хуыздӕрырдӕм фӕивын кӕй у, уый. Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын баххуыс кодта хорз хабар бамбарынӕн. Ӕмӕ, Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдыстӕм, уый фӕрцы хайджын стӕм ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй (1 Иоан. 4:9, 10). w16.10 4:1, 2
Майрӕмбон, 19 январь
Павел ахуыргӕнинӕгты бирӕ хорз ныхӕстӕй фидар кодта (Хъуыд. 20:2).
Йӕ фыстӕджыты Павел йе ’мчырыстӕттӕй арӕх ӕппӕлыд. Кӕимӕдӕрты сӕ бирӕ азты дӕргъы балцыты цыди ӕмӕ сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕр зыдта, фӕлӕ уӕддӕр кодта сӕ хорзы кой. Зӕгъӕм, Тимофейы тыххӕй ныффыста, «уый у мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы», зӕгъгӕ, стӕй ма дзы загъта, иннӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы (1 Кор. 4:17; Фил. 2:19, 20). Титы тыххӕй та Коринфы чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, «уый у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг, мӕнау уый дӕр сымах тыххӕй фыдӕбон кӕны» (2 Кор. 8:23). Хӕрзаг, куыд тынг бафидар уыдаиккой Тимофей ӕмӕ Тит, Павел сӕ цы хъуыды кӕны, уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд! Павел ӕмӕ Варнавӕ се ’фсымӕрты бафидар кӕныны тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ дӕр ӕппӕрстой. Зӕгъӕм, уыдон зыдтой, Листрӕйы цӕрджытӕ сӕ марынмӕ кӕй хъавынц, фӕлӕ уӕддӕр уырдӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй ног ахуыргӕнинӕгты бафидар кодтаиккой ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодтаиккой Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ (Хъуыд. 14:19–22). Фӕстӕдӕр Павелыл Ефесы дуне знӕт адӕм ӕрӕмбырд. Фӕлӕ уӕддӕр Павел ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафидар кодта (Хъуыд. 20:1). w16.11 1:10, 11
Сабат, 20 январь
Ут иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнут (1 Кор. 1:10).
Йегъовӕ, йӕ организацийы зӕххон хайы чи ис, уыдонӕн разамынд дӕтты ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны. Куыд? Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы, Йесо та сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн дӕтта разамынд ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45–47; Еф. 5:23). Фыццаг ӕнусы разамонӕг советау, ӕууӕнкджын цагъар дӕр тынг аргъ кӕны Библийӕн, уымӕн ӕмӕ ацы чиныг у Хуыцауы Ныхас (1 Фес. 2:13). Библи нын дзуры, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). Фӕдзӕхсы нын, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр уыцы иу ахуырӕдтыл ӕууӕндӕм. Разӕнгард нӕ кӕны Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрынмӕ (Матф. 6:33). Хуыцауы Ныхасы ма фыст ис, хорз хабар кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты ӕмӕ, адӕмыл кӕмфӕнды ма ӕмбӕлӕм, уым (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 5:42; 17:17; 20:20). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн та фӕдзӕхсы, цӕмӕй йын йӕ организацийы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕной (1 Кор. 5:1–5, 13; 1 Тим. 5:19–21). Стӕй ма Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр дзуры, цӕмӕй нӕ буӕрттӕ сыгъдӕг дарӕм ӕмӕ йын ӕнад цы хъуыдытӕ ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй нӕхи хизӕм (2 Кор. 7:1). w16.11 3:7, 8
Хуыцаубон, 21 январь
Рацӕут дзы, мӕ адӕм (Рарг. 18:4).
Фыццаг дунеон хӕстӕй бирӕ азтӕ раздӕр Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ иннӕ Библииртасджытӕ бамбӕрстой, чырыстон динтӕ, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый кӕй нӕ амонынц. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй исты уыдаид. 1879 азы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, чырыстон динтӕй афтӕ чи дзуры, ӕмӕ Чырыстийыл ӕнувыд у, фӕлӕ ӕцӕгӕй та хицауӕдты фарс у, уыдон сты, Библи хӕтаг сылгоймаг кӕй хоны, уыцы Стыр Вавилоны хай (Рарг. 17:1, 2). Иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ бамбӕрстой, дарддӕр дӕр мӕнг динтимӕ баст куы уой, уӕд сын Хуыцау кӕй нӕ арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ сӕ аргъуантӕм писмотӕ ныффыстой, аргъуанӕй цӕугӕ кӕй кӕнынц, уый фӕдыл. w16.11 5:2, 3
Къуырисӕр, 22 январь
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн... сӕ хъуыдытӕ сты, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл (Ром. 8:5).
Чи зоны, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, Ромӕгтӕм 8:15–17 цы фыст ис, уый кастӕ. Ацы стихтӕй ис базонӕн, сӕрст чырыстӕттӕ куыд бамбарынц, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын кӕй ис, уый. Ромӕгтӕм 8 сӕры сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы сӕрст чырыстӕттыл. Уыдон райстой «Хуыцауы сыгъдӕг тых» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцау сӕ «йӕхицӕн фырттӕ кӕд скӕндзӕн» ӕмӕ сӕ «[зӕххон] буӕрттӕй кӕд фервӕздзысты», уымӕ (Ром. 8:23). Сӕрст чырыстӕттӕ фидӕны цӕрдзысты уӕлӕрвты ӕмӕ уыдзысты Хуыцауы фырттӕ. Цымӕ сын ахӕм фадат цӕй фӕрцы фӕзынд? Уыдон донаргъуыд райстой, ӕмӕ сын Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта ӕмӕ сӕ рӕстгӕнджытыл банымадта, цӕмӕй йӕ фырттӕ суой (Ром. 3:23–26; 4:25; 8:30). Фӕлӕ, Ромӕгтӕм 8 сӕры цы фыст ис, уый хъӕуы зонын, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыдоны дӕр рӕстгӕнджытыл нымайы. Уӕдӕ ацы уынаффӕтӕ уыдонӕн дӕр пайда уыдзысты. w16.12 2:1–3
Дыццӕг, 23 январь
Макуы катай кӕнут (Матф. 6:34).
Цымӕ, Йесойы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йесойы афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уый мӕт никуы кӕндзӕн. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстаиккой, ӕгӕр куы мӕт кодтаиккой, уӕд сын уый сӕ уавӕр кӕй нӕ фӕивтаид. Зындзинӕдтӕ алы бон дӕр уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ сӕ мӕтыл мӕт хъуамӕ ма ӕфтауой, раздӕр цы уыд кӕнӕ фидӕны цы ’рцӕудзӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Хатт чырыстӕттӕ фӕсагъӕс кӕнынц фидӕныл, фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, куыд уыдзӕн. Фӕлӕ цы нӕма ӕрцыд, ууыл мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ арӕхдӕр хабар, мах куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ ӕвзӕр нӕ рауайы. Стӕй дӕ рох ма уӕд, Хуыцауы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм уавӕр кӕй нӕй. Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, раздӕр цы уыд, ууыл, абоны боныл ӕмӕ фидӕныл ӕгӕр ма мӕт кӕной. w16.12 3:13, 16
Ӕртыццӕг, 24 январь
Зонд... ис бонзонгӕтӕм (Ӕмб. 11:2).
Саул рагон Израилы паддзах куы сси, уӕд фыццаг рӕстӕг уыди бонзонгӕ ӕмӕ кадджын адӕймаг (1 Сам. 9:1, 2, 21; 10:20–24). Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ схъал, йӕхиуыл фервӕссыд. Пехуымпар Самуил Галгалмӕ афоныл куы не ’рбацыд, уӕд Саул тыхсын райдыдта. Филистимӕгтӕ Израилы ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ Саулы ӕфсӕддонтӕ фыртӕссӕй алырдӕмты лидзӕг фесты. Паддзах, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Хъӕуы мӕ исты саразын, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр». Гъемӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхаста, кӕд ын уый бар нӕ уыди, уӕддӕр. Ӕмӕ йӕхимӕ Йегъовӕйы фӕфыдӕх кодта (1 Сам. 13:5–9). Самуил Галгалмӕ куы ӕрбацыд, уӕд Саулӕн бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ Саулмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнын дӕр райдыдта, зӕгъгӕ мӕ адӕм нал ӕмӕ нал уагътой (1 Сам. 13:10–14). Уый фӕстӕ ма Саул бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ паддзахбадӕнӕй ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци (1 Сам. 15:22, 23). Саул паддзах куы сси, уӕд алцыдӕр хорз уыд, фӕлӕ фӕстагмӕ йӕ кӕрон бынтон ӕвзӕр рауад (1 Сам. 31:1–6). w17.01 3:1, 2
Цыппӕрӕм, 25 январь
Ӕз ссардтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у... ахӕм адӕймаджы... Давиды (Хъуыд. 13:22).
Кӕд Давид Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, уӕддӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Давид Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд (2 Сам. 11:1–21). Давид цы сарӕзта, уымӕн нӕ уыд фӕстӕмӕ раздахӕн. Ӕмӕ йӕ тӕригъӕд цы фӕстиуджытӕм ӕркодта, уыдонӕй йӕ бон нӕ уыд йӕхи бахизын. Кӕцыдӕртӕ йын суанг цӕрӕнбонтӕм дӕр масты хос уыдысты (2 Сам. 12:10–12, 14). Уымӕ гӕсгӕ Давиды хъуыди уырнындзинад. Давид зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уырныдтаид, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодтой, уыдон сфӕразынӕн дӕр ын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр рӕдийӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу рӕдыдтытӕ иннӕтӕй стырдӕр вӕййынц, ӕмӕ сӕ хатт нӕ бон нӕ вӕййы сраст кӕнын. Ӕмӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уыдӕттӕн дӕр аивӕн нал вӕййы (Гал. 6:7). Фӕлӕ нын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, суанг кӕд уыцы зындзинӕдты нӕхи аххосӕй бахауӕм, уӕддӕр (Ис. 1:18, 19; Хъуыд. 3:19). w17.01 1:10–12
Майрӕмбон, 26 январь
Адӕймагӕн йӕ бон нӕу, хуры бын цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон раиртасын. Куыдфӕнды ма архайа, уӕддӕр сӕ нӕ раиртасдзӕн. Ӕмӕ исчи афтӕ куы зӕгъа, уыдӕттӕ бамбарынӕн мӕм фаг зонд ис, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн раиртасын (Еккл. 8:17).
Бонзонгӕдзинад нын баххуыс кӕндзӕн иу хъуыддаджы. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ цыдӕр уынаффӕ рахӕссын, фӕлӕ дарддӕр цы ӕмӕ куыд уыдзӕн, уый нӕ зонӕм кӕнӕ нӕ бар алцӕуыл нӕ цӕуы. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Фӕнды нӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, фӕлӕ хъуыды кӕнӕм: уӕд та фӕрынчын дӕн? Кӕнӕ мӕ ацӕргӕ ныййарджыты ме ’ххуыс куы бахъӕуа? Зӕрондӕй мын мӕхимӕ та чи кӕсдзӕн? Адӕтты тыххӕй цасфӕнды ма кувӕм кӕнӕ цасфӕнды ӕрмӕг ма иртасӕм, уӕддӕр сын бӕлвырд дзуаппытӕ не ссардзыстӕм. Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕй ӕмбардзыстӕм, нӕ бар алцӕуыл кӕй нӕ цӕуы. Ацы фарстаты фӕдыл фаг ӕрмӕг куы бацагурӕм, стӕй иннӕтимӕ дӕр куы аныхас кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕй разамынд куы ракурӕм, уӕд нӕ хъӕудзӕн бакӕнын, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд амоны, афтӕ (Еккл. 11:4–6). Афтӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ уынаффӕтӕн раарфӕ кӕндзӕн кӕнӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ нысӕнттӕ фӕивӕм (Ӕмб. 16:3, 9). w17.01 4:14
Сабат, 27 январь
Ма [дзы] бахӕр (Райд. 2:17).
Адам ӕмӕ Евӕйы хъуыди равзарын: Йегъовӕмӕ байхъусдзысты ӕви калммӕ? Фӕлӕ, хъыгагӕн, Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты (Райд. 3:6–13). Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй ӕххӕстдзинадӕй ӕнӕхай фесты. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы знӕгтӕ систы, уымӕн ӕмӕ «фыдхъуыддӕгтӕм кӕсын» йӕ бон нӕу – «[йӕ] цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг сты» (Ав. 1:13). Йегъовӕ уыцы фыдхъуыддаг куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд нӕдӕр уӕлӕрвты ӕмӕ нӕдӕр зӕххыл фарн ӕмӕ иудзинад нал уыдаид. Куы ницы сарӕзтаид, уӕд ыл ӕууӕнк дӕр нал уыдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм Хуыцау у, ӕмӕ, цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сфидар кӕны, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕархайы, никуы сӕ фехалы (Пс. 119:142). Уӕдӕ кӕд Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕрибардзинад радта, уӕддӕр сын уый бар нӕ уыди, цӕмӕй йын йӕ закъон фехӕлдтаиккой. Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ мӕлӕт ссардтой, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхтысты (Райд. 3:19). w17.02 1:8, 10, 11
Хуыцаубон, 28 январь
Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр (Матф. 4:4).
Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайдта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Кӕд мӕлгӕ кодта, уӕддӕр дзырдта, Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ фыст уыд, уыдоны тыххӕй (Матф. 27:46; Лук. 23:46). Цымӕ дины разамонджытӕй та цы ис зӕгъӕн? Сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ-иу, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕй куы хицӕн кодтой, уӕд-иу Фыстад ницӕмӕ ӕрдардтой. Уыцы адӕмы кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта, кӕддӕр Йегъовӕ Исайӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдон: «Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты» (Матф. 15:7–9). Йесо ма Хуыцауы Ныхасы фӕрцы адӕмы ахуыр дӕр кодта. Дины разамонджытӕ-иу ӕй куы къахтой, уӕд-иу йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ фӕлтӕрддзинадыл йӕ зӕрдӕ нӕ дардта, фӕлӕ-иу сын дзуапп Фыстадӕй радта (Матф. 22:33–40). w17.02 3:18, 19
Къуырисӕр, 29 январь
Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут... паддзахы нымайут (1 Пет. 2:17).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй хицӕуттӕн кад кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бӕстӕйы дӕр йӕхи закъӕттӕ ис, ӕмӕ иу ран иу цыдӕр фӕдомынц, иннӕ ран – ӕндӕр цыдӕр. Ӕмӕ сӕ хӕстӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд, махӕй кӕнгӕ цы вӕййы, уый фӕаразӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты куы фӕхизын кӕнынц, уӕд сӕм нӕ байхъусӕм. Мах фыццаджыдӕр Йегъовӕйӕн кад кӕнӕм ӕмӕ уый коммӕ кӕсӕм (1 Пет. 2:13–16). Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хицӕутты ӕмӕ хицауады кусджыты коммӕ кастысты ӕмӕ сын кад кодтой. Иухатт Ромы паддзах бардзырд куы радта, цӕмӕй сӕ паддзахады цӕрджытӕ иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой, уӕд уый тыххӕй Иосиф ӕмӕ Марийӕ ацыдысты Вифлееммӕ. Афтӕмӕй та Марийӕ йӕхи бар нӕ уыд, тагъд ын хъуамӕ сывӕллон райгуырдаид (Лук. 2:1–5). Апостол Павел дӕр хицӕуттӕн кад кодта. Уӕззау фыдракӕндты йӕ куы фӕаххосджын кодтой, уӕд йӕхи сӕрыл дзырдта паддзах Ирод Агриппӕйы раз ӕмӕ Ромы дӕлбар бӕстӕ Иудейӕйы хицау Фесты раз. Ӕмӕ дзы ӕфхӕргӕ никӕй бакодта (Хъуыд. 25:1–12; 26:1–3). w17.03 1:9, 10
Дыццӕг, 30 январь
Хабӕрттӕ... фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы... нӕхицӕн зонд райсӕм (1 Кор. 10:11).
Израилӕгтӕ ханаайнӕгтау алыхуызон ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл куы бафтыдысты, уӕд сӕ Йегъовӕ се знӕгтӕй нал хъахъхъӕдта (Тӕрх. 2:1–3, 11–15; Пс. 106:40–43). Уыцы уӕззау рӕстӕг, Йегъовӕйы чи уарзта, уыцы бинонтӕн сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕнцон кӕцӕй уыдаид! Фӕлӕ Библийы фыст ис, уыцы уавӕрты дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдоны тыххӕй, зӕгъӕм, Йеффай, Елхъан, Аннӕ ӕмӕ Самуилы тыххӕй. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фидар фӕнд уыди Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (1 Сам. 1:20–28; 2:26). Нӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цардыуаг сты ханаайнӕгты зондахаст ӕмӕ цардыуаджы хуызӕн – сӕ хъуыдытӕ сты ӕнӕгъдаудзинад, тыхми ӕмӕ ӕхцайыл. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы, кӕддӕр израилӕгты куыд фӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй нӕхи уыцы ӕвзӕр зондахастӕй бахизӕм. Израилӕгты хабар нын зондзонӕн фӕуыдзӕн? (1 Кор. 10:6–10). Мах хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм (Ром. 12:2). Ды дӕр ууыл зӕрдиагӕй архайыс? w16.04 1:4–6
Ӕртыццӕг, 31 январь
Ӕмбаргӕ адӕймаг бамбардзӕн, куыд бакӕнын хъӕуы, уый (Ӕмб. 1:5).
Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд уал уый размӕ хъуамӕ уынаффӕтӕ Хуыцауы Ныхасы бацагурӕм ӕмӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын бацамона, куыд бакӕнӕм, уый. Уый нӕ схайджын кӕндзӕн, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ чи уыдзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн нӕ цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдонӕй. Уӕдӕ-иу ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Цы уынаффӕ рахӕссон, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзын? Мӕ бинонтӕ амондджындӕр фӕуыдзысты ӕмӕ не ’хсӕн фарн уыдзӕн? Ӕмӕ зӕгъӕн уыдзӕн, фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг кӕй дӕн?» Йегъовӕ нын йӕхи тыххӕй нӕ уарзын кӕны ӕмӕ нӕ йӕхицӕн нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Уый нын радта сӕрибардзинад, ӕмӕ нӕ бон у равзарын, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ (Йес. Н. 24:15; Еккл. 5:4). Фӕлӕ иугӕр йӕ разамындмӕ гӕсгӕ уынаффӕтӕ рахастам, уӕд ӕй фӕнды, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Йегъовӕйы разамынд растыл куы нымайӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн раст ӕмӕ зондджын уынаффӕтӕ хӕссын. Стӕй бӕрӕг уыдзӕн, дыууӕрдӕм кӕй нӕ хӕцӕм, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр фидар зондыл хӕст кӕй стӕм (Иак. 1:5–8; 4:8). w17.03 2:17, 18