Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es18 20–31 фф.
  • Февраль

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Февраль
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 февраль
  • Майрӕмбон, 2 февраль
  • Сабат, 3 февраль
  • Хуыцаубон, 4 февраль
  • Къуырисӕр, 5 февраль
  • Дыццӕг, 6 февраль
  • Ӕртыццӕг, 7 февраль
  • Цыппӕрӕм, 8 февраль
  • Майрӕмбон, 9 февраль
  • Сабат, 10 февраль
  • Хуыцаубон, 11 февраль
  • Къуырисӕр, 12 февраль
  • Дыццӕг, 13 февраль
  • Ӕртыццӕг, 14 февраль
  • Цыппӕрӕм, 15 февраль
  • Майрӕмбон, 16 февраль
  • Сабат, 17 февраль
  • Хуыцаубон, 18 февраль
  • Къуырисӕр, 19 февраль
  • Дыццӕг, 20 февраль
  • Ӕртыццӕг, 21 февраль
  • Цыппӕрӕм, 22 февраль
  • Майрӕмбон, 23 февраль
  • Сабат, 24 февраль
  • Хуыцаубон, 25 февраль
  • Къуырисӕр, 26 февраль
  • Дыццӕг, 27 февраль
  • Ӕртыццӕг, 28 февраль
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
es18 20–31 фф.

Февраль

Цыппӕрӕм, 1 февраль

Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ (Иак. 1:4).

Цымӕ нӕ фидардзинад «йӕ куыст» кӕронмӕ куыд хъуамӕ бакӕна? Фӕлварӕнты рӕстӕг, чи зоны, бамбарӕм, фылдӕр фӕразондзинад нӕ кӕй хъӕуы кӕнӕ нӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕй хъуамӕ уа, йе та ноджы тынгдӕр кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уӕм. Фӕлварӕны фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд уыцы миниуджытӕ нӕ царды ноджы бӕрӕгдӕр уыдзысты, ӕмӕ нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр уыдзӕн. Уӕдӕ зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзыны тыххӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты куы ахизӕм. Зӕгъӕм, кӕд дӕм цавӕрдӕр ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзыны, уӕд-иу сӕ фӕдыл ма ацу! Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй-иу уыцы хъуыдытӕ дӕ сӕрӕй фӕсурай. Мыййаг, дӕ бинонтӕй исчи дӕ ныхмӕ у, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй? Дӕ ныфс ма асӕттӕд ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн! Ма рох кӕн: цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарай, уый тыххӕй хъуамӕ фидар лӕууай (Ром. 5:3–5; Иак. 1:12). w16.04 2:15, 16

Майрӕмбон, 2 февраль

Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).

Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ кӕцыдӕр адӕймаг кӕнӕ адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр у. Се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсы. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ алыхуызӕттӕ стӕм. Уый нын у цины хос, ӕмӕ нӕ дисы дӕр ӕфтауы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, цӕмӕй, нӕ адӕмыхатмӕ цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдоныл нӕ къух сисӕм. Фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ мах иннӕтӕй хуыздӕр стӕм (Ром. 10:12). Нӕ бӕстӕйӕ кӕнӕ нӕ адӕмыхаттӕй ӕгӕр сӕрыстыр куы уӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайӕм, уымӕй. Афтӕ уыди фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды дӕр – дзуттаг ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ грекъаг идӕдз сылгоймӕгты ницӕмӕ дардтой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Хъуыд. 6:1). Нӕ бон куыд у базонын, нӕ зӕрдӕйы ахӕм сӕрбӕрзонддзинад фӕзынд ӕви нӕ? Цавӕрдӕр хъуыддаг куыд бакӕнӕн ис, уый фӕдыл дын, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хо уынаффӕ куы ратта, уӕд уайтагъд афтӕ ахъуыды кӕндзынӕ, уый мах, бынӕттонтӕ, хуыздӕр зонӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардзынӕ? Кӕд хабар афтӕ у, уӕд архай абоны стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ. w16.04 4:12, 13

Сабат, 3 февраль

Мӕн хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын (Лук. 4:43).

Йесо хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар», ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыцы куыст кодтаиккой. Цымӕ уыцы хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр чи хъусын кӕны? (Матф. 28:19). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ! Зӕгъӕм, иухатт, бирӕ бӕстӕты миссионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм сауджын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, бирӕ рӕтты лӕггад кодтон ӕмӕ-иу алы ран дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафарстон, цавӕр хабар хъусын кӕнут, зӕгъгӕ. Цымӕ-иу ын цавӕр дзуапп радтой? Сауджын загъта: «Се ’ппӕт дӕр мын ӕдылытау уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтой: „Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар“». Уӕвгӕ, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕдылытӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ уыдысты иу зондыл хӕст, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Кор. 1:10). Нӕ журналӕн дӕр, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад», зӕгъгӕ, йӕ сӕйраг нысан уый у. Уыцы журнал цӕуы 254 ӕвзагыл ӕмӕ дзы алы номырӕй дӕр рӕстӕмбис нымадӕй ныммыхуыр кӕнынц 59 милуан экземпляры бӕрц. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы дунейы ӕндӕр никӕцы журналимӕ ис абарӕн! w16.05 2:6

Хуыцаубон, 4 февраль

Алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ (2 Кор. 9:7).

Зӕгъӕм, фӕнды дӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Дӕ царды цыдӕртӕ фӕивтай, цӕмӕй дӕ бон уа фылдӕр хъусын кӕнын. Фӕлӕ дызӕрдыг кӕныс, къаддӕр ӕхца дӕм куы уа, уӕд ма раздӕрау райгонд кӕй уыдзынӕ, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ пионертӕй лӕггад кӕнӕм. Нӕ бон у Йегъовӕйӕн ӕнӕуи дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ Йесо загъта, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, йӕ Паддзахады тыххӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты чи фӕцух кӕны, уыдонӕн (Лук. 18:29, 30). Библи ма зӕгъы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй вӕййы, ӕппӕт тыхтӕй куы фӕархайӕм, цӕмӕй йӕ скадджын кӕнӕм, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм (Пс. 119:108). Уыцы хъуыддӕгты тыххӕй куы скувай ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд рахӕсдзынӕ, дӕ уавӕры хуыздӕр чи уыдзӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ кӕй тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ. w16.05 3:13

Къуырисӕр, 5 февраль

Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты, цалынмӕ не ’рхӕццӕ сты фыдбонтӕ (Еккл. 12:1).

Хистӕртӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕрыгӕттӕн фыст публикацитӕ уыдоны кӕсын нӕ хъӕуы. Уыцы статьяты цы зындзинӕдты кой вӕййы, уыдонӕй бирӕтыл чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбӕлынц. Зӕгъӕм, не ’ппӕты дӕр бахъӕуы нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын, нӕхиуыл хӕцын, архайын, цӕмӕй не ’мгӕртты зондыл ма ацӕуӕм ӕмӕ нӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй ӕмӕ ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕй хизӕм. Ӕрыгӕттӕн фыст публикацитӕ ма фӕсивӕдӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы пайда уыдзысты хистӕр кары чырыстӕттӕн дӕр (Еккл. 12:13). w16.05 5:15, 16

Дыццӕг, 6 февраль

Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй. Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ (Дык. з. 6:4, 5).

«Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй». Цӕй арф хъуыды ис ацы ныхӕсты! Уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн стыр ныфсы хос фесты, Зӕрдӕвӕрд зӕххыл кӕуыл фембӕлдысты, уыцы зындзинӕдты рӕстӕг. Уыцы ныхӕстӕ махӕн дӕр тыхтӕ ратдзысты, цӕмӕй стыр бӕллӕхы сӕрты ахизӕм ӕмӕ Дзӕнӕты дӕр, не ’хсӕн цы фарн ӕмӕ иудзинад уыдзӕн, уый хъахъхъӕнӕм. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион. Уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ. Стӕй ма хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы фарн ӕмӕ иудзинад ис, уый хъахъхъӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Чырысти фыстыл банымайдзӕн ӕмӕ фендзыстӕм, йӕ ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый: «Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад» (Матф. 25:34). w16.06 3:2, 20

Ӕртыццӕг, 7 февраль

Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр... ницы ис (Йер. 17:9).

Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн исчи йӕ рӕдыдмӕ куы бацамоны, уӕд йӕхи рӕстытӕ кӕнын райдайы. Искуы дӕ ӕмбырды исчи фӕхъыг кодта? Йе та, мыййаг, искуы цавӕрдӕр кадджын хӕстӕй ӕнӕхай фӕдӕ? Ахӕм уавӕры куыд кодтай? Дӕхи куыд дардтай, уый, мыййаг, сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг уыд? Ӕви-иу сӕйраджыдӕр архайдтай, цӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕдтаис ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаис? (Пс. 119:165; Кол. 3:13). Адӕймаг исты тӕригъӕдджын хъуыддагыл куы бафта ӕмӕ ма йӕ иннӕтӕй дӕр куы сусӕг кӕна, уӕд ын Библийы уынаффӕмӕ байхъусын зын уыдзӕн. Ӕмӕ йӕм уӕд уыцы тӕригъӕдджын хъуыддаг аразын дӕр ницыуал кӕсдзӕн (Еккл. 8:11). Иуафон порнографимӕ кӕсыныл чи фӕцахуыр, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Цасдӕры фӕстӕ бафиппайдтон, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕ йеддӕмӕ кӕй ницыуал уыдтон». Уыцы чъизи хъуыддагыл кӕй фӕцахуыр, уый тыххӕй йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Йе ’взӕр ахуыры тыххӕй йын иннӕтӕ куы базыдтой, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс бацагуырдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм. Фӕлӕ нын уынаффӕ чи дӕтта, уыдонмӕ фаутӕ хӕссын куы райдайӕм кӕнӕ нӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгты тыххӕй Хуыцауӕй хатыр курыны ӕмӕ дзы ӕххуыс агурыны бӕсты нӕхи куы рӕстытӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ныддур уыдзысты. w16.06 2:5, 6

Цыппӕрӕм, 8 февраль

Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут (Матф. 6:25).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хӕринагыл ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл мӕт кодтой. Ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, «уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут». Ахӕм уынаффӕ сын дзӕгъӕлы нӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕт кодтой, мӕт кӕнын цӕуыл нӕ хъӕуы, ахӕм цӕуылдӕрты. Адӕймаг истӕуыл, суанг ахсджиаг хъуыддӕгтыл дӕр, ӕгӕр куы мӕт кӕна, уӕд дзы, сӕйрагдӕр цы у, уый айрох уыдзӕн. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый бамбӕрстаиккой, ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цыппар хатты бафӕдзӕхста, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд (Матф. 6:27, 28, 31, 34). Йесо зыдта, адӕймаджы цӕрынӕн цы хъӕуы, уый. Стӕй ма зыдта, «фӕстаг бонты [кӕй] скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (2 Тим. 3:1). Зӕгъӕм, абон бирӕтӕн куыст ссарын зын у, стӕй ӕргътӕ дӕр уӕлӕмӕ хизынц. Бирӕ рӕтты адӕм афтӕ мӕгуыр цӕрынц, ӕмӕ сын, цы бахӕрой, уый дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ ма Йесо уый дӕр зыдта, ӕмӕ «уд хӕринагӕй ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй зынаргъдӕр» у. w16.07 1:8, 9

Майрӕмбон, 9 февраль

Ӕз уыцы сусӕгдзинад хъусынгӕнӕг сдӕн Хуыцауы лӕвары фӕрцы, йе стыр хорзӕхы фӕрцы (Еф. 3:7).

Йегъовӕйы закъӕттӕ иууылдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы ӕххӕст кодтаиккам, уӕд йӕ хорзӕхы аккаг уыдаиккам. Фӕлӕ ӕнӕрӕдигӕ не стӕм. Зӕгъӕм, зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы» (Еккл. 7:20). Апостол Павел дӕр ныффыста: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын», стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ром. 3:23; 6:23а). О, тӕригъӕдджын адӕм сты мӕлӕты аккаг. Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ сын йе стыр хорзӕхӕй скодта, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар. «Йӕ иунӕг Фырты» зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард радтаид (Иоан. 3:16). Павел Йесойы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «кад ӕмӕ намысӕй... схайджын, мӕлӕт кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй. О, Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ уый мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр» (Дзут. 2:9). «Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ром. 6:23а). w16.07 3:3, 4

Сабат, 10 февраль

Скӕнон ын... ӕххуысгӕнӕг (Райд. 2:18).

Цард афтӕ у, ӕмӕ адӕм устытӕ курынц ӕмӕ моймӕ цӕуынц. Фӕлӕ цӕмӕй бинонты цардмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нын фылдӕр циндзинад хӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цӕмӕн. Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд ын загъта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ раттаид. Адам уыдта, цӕрӕгойтӕ се ’ппӕт дӕр къӕйттӕ кӕй сты, фӕлӕ дзы йӕхицӕн «нӕ разынд, йемӕ чи сфидыдтаид, ахӕм ӕххуысгӕнӕг». Уӕд Хуыцау Адамыл тарф фынӕй бафтыдта, йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа, скодта дзы сылгоймаджы ӕмӕ йӕ Адаммӕ ӕрбакодта (Райд. 2:20–24). Уӕдӕ бинонты цардӕн бындур ӕрӕвӕрдта Йегъовӕ. Уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йесо ногӕй загъта, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Матф. 19:4, 5). Хуыцау фыццаг сылгоймаджы Адамы фӕрскӕй кӕй скодта, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр хъуамӕ ууыл дзурӕг уыдаид, кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст кӕй сты. Хицӕн кӕныны кой дзы ӕппындӕр нӕ уыд, стӕй адӕймагӕн хъуамӕ уыдаид ӕрмӕстдӕр иу цардӕмбал. w16.08 1:1, 2

Хуыцаубон, 11 февраль

[Йесо] уырдыгӕй ацыди, цӕмӕй иннӕ горӕтты дӕр адӕмы ахуыр кодтаид ӕмӕ сын хъусын кодтаид (Матф. 11:1).

Йесо-иу Хуыцауы Паддзахады тыххӕй арӕх бирӕ адӕмы раз дзырдта. Фӕлӕ-иу иугай адӕймӕгтыл куы фембӕлд, уӕд-иу уыдонимӕ дӕр аныхас кодта, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уыд фӕлмӕн. Зӕгъӕм, иухатт хорз аныхас кодта, горӕт Сихары цур цъаймӕ чи ’рбацыд, ахӕм сылгоймагимӕ (Иоан. 4:5–30). Ныхас ма кодта хъалонисӕг Матфеимӕ, кӕнӕ Левиимӕ. Йесо йын куы загъта, мӕ фӕдыл рацу, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр йӕ фӕдыл ацыд. Стӕй Матфей стыр куывд скодта ӕмӕ Йесойы фӕхуыдта, ӕмӕ Йесо уым дӕр адӕмимӕ ныхас кодта (Матф. 9:9; Лук. 5:27–39). Йесо ма фӕлмӕнӕй ныхас кодта Нафанаилимӕ дӕр, кӕд Нафанаил назаретӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй каст, уӕддӕр. Ӕмӕ Нафанаил йӕ зондахаст фӕивта. Бафӕндыди йӕ, назаретаг Йесо цы амыдта, уый тыххӕй фылдӕр базонын (Иоан. 1:46–51). Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ног хъусынгӕнджыты ахуыр кӕнӕм адӕмимӕ фӕлмӕнӕй, хӕларзӕрдӕйӕ ныхас кӕнын. Уӕд-иу сӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм байхъусдзысты, ӕмӕ сӕ лӕггадӕй сӕхи зӕрдӕ дӕр райдзӕн. w16.08 4:7–9

Къуырисӕр, 12 февраль

Ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд. [...] Ӕмӕ лӕг дӕр йӕ усы ма ныууадзӕд (1 Кор. 7:10, 11).

Бинонтӕ ӕдзух истӕй тыххӕй куы нӕ фӕфидауынц, уӕд хатгай ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынц, ахицӕн уӕм, йе та, хицӕнтӕй цӕрӕм, зӕгъгӕ. Бинонтӕ хицӕнтӕй цӕрын райдайой, уый хуымӕтӕджы хабар нӕу. Чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, хицӕнтӕй куы цӕрой, уӕд сӕ зындзинӕдтӕй фервӕздзысты. Фӕлӕ сын арӕх афтӕмӕй ноджы фӕфылдӕр вӕййынц. Йесо бинонты кой куы кодта, уӕд йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ усимӕ баиу уыдзӕн. Ӕмӕ ма стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:3–6; Райд. 2:24). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ «ма ахицӕн кӕной», «Хуыцау цы баиу кодта, уый». Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм уой иумӕ (1 Кор. 7:39). Хуыцауы раз алчидӕр дзуапп ратдзӕн, ӕмӕ бинонтӕ уый сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд архайдзысты, цӕмӕй-иу се ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд-иу уайтагъд бафидауой, цалынмӕ хъуыддаг не стынг, уӕдмӕ. w16.08 2:10, 11

Дыццӕг, 13 февраль

Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа (Ром. 12:21).

Не знӕгтӕ нӕм хъавдзысты, мах уый ӕнхъӕл куы нӕ уӕм, уӕд ӕмӕ нӕ цӕвдзысты, лӕмӕгъдӕр куы уӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппынӕдзух уӕм къӕрцхъус. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ бон у, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадыл фӕуӕлахиз уӕм. Уый нын бантысдзӕн, йӕ ныхмӕ ӕппынӕдзух куы тох кӕнӕм, уӕд. Нӕхи куы нал хъахъхъӕнӕм ӕмӕ куы нал тох кӕнӕм, уӕд та ныл Хӕйрӕг, йӕ фыддуне ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты. Уӕдӕ макуы бауадз, цӕмӕй дӕ Хӕйрӕг тас бауадза ӕмӕ уый тыххӕй дӕ къухтӕ ӕруадзай (1 Пет. 5:9). Цӕмӕй фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕмӕн тох кӕнӕм, уый. Мах тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинадӕй хайджын уӕм. Дзуттӕгтӕм 11:6 фыст ис: «Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны». Дзырдбаст «зӕрдиагӕй агурын» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх ссарыныл хъуамӕ архайӕм ӕппӕт хъарутӕй (Хъуыд. 15:17). w16.09 2:4, 5

Ӕртыццӕг, 14 февраль

Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн (1 Кор. 10:31).

Хуыцауы Ныхас нын цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон нын баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн кад хӕсдзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр алчидӕр уӕлӕдарӕс йӕхӕдӕг февзары. Иуӕн йӕ зӕрдӕмӕ иу цӕуы, иннӕмӕн та – ӕндӕр. Стӕй алкӕмӕн йӕ къух иухуызон нӕ амоны. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ дарӕс хъуамӕ алкӕддӕр уа сыгъдӕг, аив ӕмӕ хӕдӕфсарм. Хъӕуы ма хъуыды кӕнын, кӕдӕм цӕуӕм ӕмӕ кӕм цӕрӕм, ууыл дӕр. Хӕдӕфсарм ӕмӕ аив уӕлӕдарӕс афтӕ ӕнцон ссарӕн нӕу. Дуканитӕ йедзаг сты фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ хуыд дзаумӕттӕй, ӕмӕ бахъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй ссарай хӕдӕфсарм ӕмӕ, ӕлхъывд чи нӕу, ахӕм ибкӕтӕ, къабатӕ, кофтӕтӕ, костюмтӕ ӕмӕ хӕлӕфтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр куы бафыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ хӕдӕфсарм ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ дарӕс куы ссарӕм, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уый бафиппайдзысты ӕмӕ йын саргъ кӕндзысты. Кӕд уӕлӕдарӕс ӕвзарын ӕнцон нӕу, уӕддӕр уый дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕ уӕлӕдарӕсӕй кад хӕсдзыстӕм, ӕмӕ нын уый уыдзӕн цины хос. w16.09 3:15, 16

Цыппӕрӕм, 15 февраль

Уый цӕгат айтыгъта афтид бынаты сӕрмӕ, зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл (Иов 26:7).

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ арӕхдӕр пайда кӕнут цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй, уымӕн ӕмӕ сывӕллоны зонд афтӕ у, ӕмӕ йын цы дзурай, уый уайтагъд ирд нывтӕй йӕ цӕстытыл ауайы. Хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сывӕллон фена, Библийы иу мӕнг ныхас дӕр кӕй нӕй, уый. Уӕ бон у бакӕсын абоны стихы ныхӕстӕ. Фаг нӕу, ӕмӕ йын ӕнӕуи зӕгъай, ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ ныффыссын кодта, зӕгъгӕ. Хуыздӕр уыдзӕн, сывӕллон уый йӕ цӕстытыл ирдӕй куы ауайын кӕна. Зӕгъ ын, Иов кӕй цард, телескоптӕ куы фӕзынд ӕмӕ адӕм космосмӕ тӕхын куы райдыдтой, уымӕй бирӕ раздӕр. Уыцы рӕстӕг бирӕты нӕ уырныдтаид, зӕхх кӕй ницӕуыл лӕууы, уый. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, уӕззау цыдӕртӕ истӕуыл куы нӕ лӕууой, уӕд хаугӕ кӕй кӕнынц. Сывӕллонмӕ раттӕн ис пурти кӕнӕ дур, цӕмӕй равдиса, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Ахӕм цӕвиттонты фӕрцы сывӕллон бамбардзӕн, адӕм ӕрӕджы цы базыдтой, уыдӕттӕ Йегъовӕ Библийы тынг раджы кӕй ныффыссын кодта (Неем. 9:6). w16.09 5:9, 12

Майрӕмбон, 16 февраль

Зӕрдӕйӕ ӕууӕнд (Ром. 10:9).

Уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы фӕнд цӕй мидӕг ис, уый зонай. Уырнындзинад дӕм куы уа, уӕд дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнддзӕн Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Хуыцау адӕмы Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл куы ’ууӕндӕм, уӕд уыцы хорз хабар иннӕтӕн дӕр дзурдзыстӕм. Цӕмӕй Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа уырнындзинад ӕмӕ нын хъуамӕ уа фидар. Уырнындзинад абарӕн ис дидинӕгимӕ. Дидинӕгӕн дон куы нӕ фаг кӕна, уӕд бахус уыдзӕн ӕмӕ амӕлдзӕн. Донӕфсӕст куы уа, уӕд та уыдзӕн фидар ӕмӕ рӕздзӕн. Раст афтӕ нӕ уырнындзинад дӕр: куы нӕ йӕм кӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ амӕлдзӕн (Лук. 22:32; Дзут. 3:12). Нӕ хъус ӕм куы дарӕм, уӕд та нын «фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн» ӕмӕ нын уыдзӕн «ӕнӕниз» (2 Фес. 1:3; Тит. 2:2, фип.). w16.10 4:4, 5

Сабат, 17 февраль

Фӕсдзӕуинты хистӕр сын радта ӕндӕр нӕмттӕ. Данелы схуыдта Валтасар (Дан. 1:7).

Данелы ӕмӕ йын йе ’мбӕлтты Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд вавилойнӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ сӕ дин ӕмӕ се ’гъдӕуттыл ныххӕцын кодтаиккой. Зӕгъӕм, ахуыр сӕ кодтой «халдейагау... дзурын». Стӕй ма сын фӕсдзӕуинты хистӕр радта вавилойнаг нӕмттӕ дӕр (Дан. 1:3–7). Данелӕн цы ном радта, уый баст уыди Вавилоны сӕйраг хуыцауы номимӕ, Вил, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, паддзах Навуходоносоры уымӕй фӕндыд зӕгъын, кӕсыс, Вавилоны хуыцау дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тыхджындӕр разынд, зӕгъгӕ (Дан. 4:8). Данелӕн хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой паддзахы хӕринӕгтӕй, фӕлӕ уый «йӕхицӕн фидарӕй загъта», йӕхи сӕ кӕй нӕ «фӕчъизи кӕндзӕн» (Дан. 1:8). «Чингуытӕ», ома Фыстад, йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй каст ӕмӕ сӕ кӕй иртӕста, уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр бӕстӕйы дӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар (Дан. 9:2). Ӕмӕ, Вавилоны 70 азы куы фӕцард, уӕд дӕр ма йӕ зыдтой йӕ дзуттаг номӕй (Дан. 5:13). w16.10 2:7, 8

Хуыцаубон, 18 февраль

Хуыцауы тых сӕ кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм цыдысты (Йез. 1:20).

Йесо Чырысти ӕрмӕстдӕр ӕууӕнкджын цагъары уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45–47). 1919 азӕй фӕстӕмӕ Йесо уыцы цагъары уылты йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕны Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн ӕмӕ йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайынӕн. Уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ӕмбырд уыдзӕн сыгъдӕг, стӕй дзы уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Уӕдӕ нӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд: «Ӕз та Йесойыл иузӕрдион дӕн ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ хъусын?» Йегъовӕйы Ныхасӕй базонӕн ис йӕ организацийы уӕларвон хайы тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, пехуымпар Йезекил цӕстылуайӕны федта уӕларвон уӕрдон – уыцы уӕрдон ӕвдисы Хуыцауы организацийы уӕларвон хай (Йез. 1:4–28). Тагъд Чырысти ӕмӕ сыгъдӕг зӕдтӕ ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзысты. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг ном срухс уыдзӕн ӕмӕ, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн! w16.11 3:9, 10

Къуырисӕр, 19 февраль

Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр (Дзут. 10:25).

Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ фыццаг ӕнусы куыд кодтой, афтӕ мах дӕр иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнынмӕ (1 Кор. 14:31). Хуыцауӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр хъӕуы фидар кӕнын. Ахъуыды-ма кӕн Йесо Навиныл. Уый Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид: «Йесойы разамонӕгӕй сӕвӕр, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтау ӕмӕ йӕ бафидар кӕн, уымӕн ӕмӕ фаллаг фарсмӕ ацы адӕмы разӕй уый ахиздзӕн ӕмӕ сӕ уый бакӕндзӕн, кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой» (Дык. з. 3:27, 28). Йесо хъуамӕ йӕхимӕ райстаид стыр хӕс: израилӕгты хъуыди Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсын, ӕмӕ сын уый та хъуамӕ разамынд лӕвӕрдтаид. Уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд, стӕй израилӕгтӕ ӕппынкъаддӕр иу хатт се знӕгтӕй лидзӕг фесты (Йес. Н. 7:1–9). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо Навинӕн хъуыди йӕ ныфсыл ныфс бафтауын! Уӕдӕ цӕй ӕмӕ мах дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ районон цӕстдарджытӕн, Хуыцауы адӕмы тыххӕй бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн, сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (1 Фес. 5:12, 13). w16.11 1:12, 13

Дыццӕг, 20 февраль

Фенын [дын] кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаджы цы тӕрхон баййафдзӕн, уый (Рарг. 17:1).

Библииртасджытӕ сӕ бинонтӕн, се ’мбӕлттӕн, ӕмӕ, семӕ аргъуанмӕ чи цыди, уыдонӕн бамбарын кодтой, мӕнг динтимӕ сын иумӕйагӕй кӕй ницыуал ис. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстой, уый фаг кӕй нӕу. Хъуамӕ ӕгас дуне дӕр базыдтаид, Стыр Вавилон Хуыцауы цӕсты хӕтаг сылгоймаг кӕй у! Гъемӕ 1917 азы декабрӕй 1918 азы райдианмӕ цалдӕр мин Библииртасӕджы апарахат кодтой 10 милуан буклеты, «Вавилонӕн йе сӕфт ӕрцыд», зӕгъгӕ. Уыцы буклет чырыстон динты хъуыддӕгтӕ хурмӕ ракалдта. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дины разамонджытӕ мӕстӕй фыхтысты! Фӕлӕ уый Библииртасджыты нӕ баурӕдта. Сӕ фидар фӕнд уыди дарддӕр хъусын кӕнын ӕмӕ фыццаджыдӕр Хуыцаумӕ хъусын, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29). Уый цӕуыл дзурӕг у? Ууыл, ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг уыцы чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Стыр Вавилоны уацары нӕ бахаудысты, фӕлӕ дзы сӕрибар кодтой. Ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтой. w16.11 5:2, 4

Ӕртыццӕг, 21 февраль

Йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ сты, буары цы фӕнды, ууыл. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн та сӕ хъуыдытӕ сты, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл (Ром. 8:5).

Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, ам дзырд цӕуы, чырыстон чи нӕу ӕмӕ чи у, уыдоныл. Фӕлӕ Павел фыста, «Ромы чи ис, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой, уыдонмӕ» (Ром. 1:7). Уӕдӕ ам Павел кодта чырыстӕтты кой: сӕ иутӕ цардысты, тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ, иннӕтӕ та – сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ. Уым Павел ныффыста: «Буары коммӕ куы кастыстӕм, уӕд нӕ мидӕг сӕ куыст кодтой, Закъон кӕй раргом кодта, уыцы тӕригъӕдджын монцтӕ» (Ром. 7:5). Уӕдӕ, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» чи цӕры, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ сты ӕрмӕстдӕр сӕ тӕригъӕдджын фӕндтыл. Уыдон цӕуынц сӕ монцты фӕдыл, ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый аразынц. w16.12 2:5, 7

Цыппӕрӕм, 22 февраль

Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста (Пс. 32:1).

Иуӕй-иу хатт адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, кӕддӕр цы рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уыдон, ӕмӕ йӕ уый дӕр мӕты бафтауы. Хатт-иу паддзах Давидыл йӕ рӕдыдтытӕ уӕззау уаргъау уӕз кодтой. Уый загъта: «Хъӕр кӕнын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй» (Пс. 38:3, 4, 8, 18). Уыцы уавӕры Давид куыд архайдта, уый уыд зондыл дзурӕг. Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцауыл (Пс. 32:2, 3, 5). Фӕлӕ ма, чи зоны, фӕмӕт кӕныс, ныртӕккӕ дын цы зындзинӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Давид 55 псалом куы фыста, уыцы рӕстӕг уыд тӕссаг уавӕры, марынмӕ йӕ хъавыдысты (Пс. 55:2–5). Фӕлӕ кӕд Давид ууыл мӕт кодта, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр дардта Йегъовӕйыл. Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, фӕлӕ ма ӕмбӕрста, йӕхӕдӕг дӕр цыдӕр кӕй хъуамӕ арӕзтаид (2 Сам. 15:30–34). Давиды цӕвиттонӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын? Дӕ сагъӕстӕн уый бар ма дӕтт, цӕмӕй дӕ сӕ быны скӕной, фӕлӕ дӕ уавӕры дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дыл кӕй батыхсдзӕн, ууыл. w16.12 3:14, 15

Майрӕмбон, 23 февраль

Тӕригъӕд ракодтон Йегъовӕйы раз (2 Сам. 12:13).

Йегъовӕ пехуымпар Нафаны Давидмӕ куы барвыста, цӕмӕй йын йӕ рӕдыдмӕ бацамыдтаид, уӕд ӕм Давид байхъуыста. Стӕй ма Давид Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл басаст, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд ногӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарын (Пс. 51:1–17). Давид йӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста, фӕлӕ йын зондзонӕн фесты. Ахӕм тӕригъӕдтӕ никуыуал сарӕзта. Давид йӕ мӕлӕты онг дӕр Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ дӕр ахӕмӕй бахъуыды кодта (Дзут. 11:32–34). Давиды хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм, Йегъовӕйы раз нӕ тӕригъӕдыл басӕттӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна (1 Иоан. 1:9). Стӕй ма хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕххуыс ракурӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ бон у махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм (Иак. 5:14–16). Йегъовӕ зӕгъы, кӕй нын ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ фӕстӕмӕ нӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ йын кӕд йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕм, уӕд ын йе ’ххуысы къух райсдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсгӕйӕ, Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм (Дзут. 12:12, 13). w17.01 1:13, 14

Сабат, 24 февраль

Дӕ лӕггадгӕнӕджы хъал митӕй бахъахъхъӕн (Пс. 19:13).

«Хъал митӕ» цы сты? Библийы ацы дзырдбаст фӕамоны, адӕймаг сонтӕй кӕнӕ барӕй куы саразы, чи нӕ йӕм хауы, ахӕм хъуыддаг. Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый аххосӕй хатт нӕхицӕй схъал вӕййӕм. Фӕлӕ нын паддзах Саулы хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ацы ӕвзӕр миниуӕг нӕ удыхъӕды куы ныффидар уа, уӕд Хуыцау махмӕ дӕр фӕфыдӕх уыдзӕн. 119 псаломы 21 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды бафхӕрдтай, йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыцы ӕлгъыст адӕмы». Афтӕ цӕмӕн бакодта? Хъал митӕ сты бирӕ стырдӕр тӕригъӕд, ӕнӕрхъуыдыйӕ ныл цы рӕдыдтытӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй. Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, нӕхицӕй куы схъал уӕм, уӕд Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн кад не ’рхӕсдзыстӕм. Дыккаг уый, ӕмӕ, махмӕ цы нӕ хауы, уый нӕхимӕ куы исӕм, уӕд иннӕты нӕ ныхмӕ скӕндзыстӕм (Ӕмб. 13:10). Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи иннӕты цӕсты бафтаудзыстӕм кӕнӕ нӕхи фегад кӕндзыстӕм (Лук. 14:8, 9). Йӕхицӕй чи схъал вӕййы, уый хорзӕй ницы рамбулы. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъуамӕ алкӕддӕр бонзонгӕ уӕм. w17.01 3:4, 5

Хуыцаубон, 25 февраль

Уыдон сӕхӕдӕг ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл. Уыдон йӕ сывӕллӕттӕ не сты, сӕ аипп сӕхи аххос у (Дык. з. 32:5).

Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕххӕст кӕй систы, уый тыххӕй сӕ бон нал уыди ӕххӕстӕй Хуыцауы миниуджытӕ ӕвдисын. Адам амондджын цардӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ фӕци ӕнӕхай – йӕ цот дӕр сӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой (Ром. 5:12). Уый йӕ байзӕддӕгты ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай фӕкодта. Уымӕй уӕлдай ма Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон нал уыд ӕххӕст цот рауадзын, ӕмӕ афтӕ – сӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕдӕй абоны онг адӕмы сайы (Иоан. 8:44). Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, уӕддӕр Хуыцау адӕмыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Уый се ’ппӕты дӕр уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой. Иу адӕймаджы мӕлӕт дӕр ӕй нӕ фӕнды (2 Пет. 3:9). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ адӕмӕн ногӕй фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой. Фӕлӕ уый тыххӕй йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахызт (Иоан. 3:16). w17.02 1:12–14

Къуырисӕр, 26 февраль

Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ... ис зонд (Ӕмб. 13:10).

Хуыцауы куы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕты хорз миниуджытӕ куы уынӕм, уӕд нын Йегъовӕйы организацийы цы бынат ис, уымӕн фылдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Стӕй адӕмы ӕргом нӕхимӕ не здахдзыстӕм кӕнӕ иннӕтӕн зӕндтӕ нӕ амондзыстӕм, фӕлӕ сӕ сӕрныллӕгӕй уынаффӕтӕ курдзыстӕм, ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайдзыстӕм. Нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй искӕмӕн исты хӕстӕ сӕ бар куы бакӕной, уӕд сын сӕ циныл цин кӕндзыстӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзурдзыстӕм, «ӕгас дунейы дӕр» не ’фсымӕртӕн кӕй арфӕ кӕны, уый тыххӕй (1 Пет. 5:9). Стӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм, куы кувӕм ӕмӕ, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд не ’фсарм ноджы хуыздӕр ахуыр кӕндзыстӕм (1 Тим. 1:5). Стӕй иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ «кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн» бонзонгӕдзинад ӕмӕ чырыстон миниуджытӕ ӕвдисын (1 Пет. 5:10). w17.01 4:17, 18

Дыццӕг, 27 февраль

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕттынц хорз разамынд, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ нымайӕнт уӕлдай кады аккагыл, уӕлдайдӕр та, Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы чи фыдӕбон кӕны, уыдоны (1 Тим. 5:17).

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ нымайӕм. Уӕлдайдӕр та уый хауы, разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, районон цӕстдарджытӕм, филиалты комитетты кӕнӕ Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕм. Уыдон иууылдӕр тыхсынц Хуыцауы адӕмыл, ӕмӕ сӕ Библи хоны «лӕвӕрттӕ» (Еф. 4:8). Мах сын кад кӕнӕм, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, цыфӕнды ахуырад сӕм ма уа, хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр, уӕддӕр. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ нын сты фӕзминаг. Уыдон нымадтой, разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты, ӕмӕ мах дӕр абон афтӕ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы бынаты сӕ не ’вӕрӕм кӕнӕ цыма зӕдтӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ, сӕрныллӕгӕй кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый тыххӕй сӕ нымайӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм (2 Кор. 1:24; Рарг. 19:10). w17.03 1:13

Ӕртыццӕг, 28 февраль

Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у (Мар. 10:18).

Йесо куыд тынг хицӕн кодта Иудейӕйы паддзах Ирод Агриппӕ Фыццагӕй! Иухатт адӕмы размӕ «бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕсы» рацыд ӕмӕ ныхас кӕнын райдыдта. Уӕд адӕм хъӕр систой: «Уый адӕймаджы хъӕлӕс нӕу, уый хуыцауы хъӕлӕс у!» Ирод, хӕрзаг, йӕхицӕй ныббуц. «Уӕд ӕй ӕвиппайды Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи бакодта, ӕмӕ фӕрынчын ӕмӕ йӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой, ӕмӕ амард» (Хъуыд. 12:21–23). Уыдӕттӕ уынгӕйӕ ничи загътаид, Ироды разамонӕгӕй Йегъовӕ сӕвӕрдта, зӕгъгӕ. Йесойӕн та йӕ цардӕй бӕрӕг уыди, Хуыцау ӕй кӕй равзӕрста. Уый алкӕддӕр кад хаста Йегъовӕйӕн – Кадджын Разамонӕгӕн. Йегъовӕ Йесойы Разамонӕгӕй цалдӕр азмӕ нӕ равзӕрста. Йесо куы райгас, уӕд загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. [...] Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:18–20). w17.02 3:20, 21

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын