Мартъи
Цыппӕрӕм, 1 мартъи
Йеффайы атардтой (Тӕрх. 11:2).
Йеффаймӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ дзы се сӕфт уыдтой, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕсырдтой, закъонмӕ гӕсгӕ йӕм чи ӕмбӕлд, уыцы зӕххӕй (Тӕрх. 11:1–3). Фӕлӕ йӕм ӕххуысмӕ куы фӕсидтысты, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкодта (Тӕрх. 11:4–11). Йеффайӕн Йегъовӕйы номыл ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрыл тох кӕнын йе ’нкъарӕнтӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд. Йӕ фидар фӕнд уыди, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕнды, уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Ӕмӕ йын ахӕм зондахаст кӕй уыд, уый тыххӕй Йегъовӕ уымӕн дӕр ӕмӕ израилӕгтӕн дӕр раарфӕ кодта (Дзут. 11:32, 33). Йеффайы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зӕгъӕм нӕ ӕмбырды чидӕр фӕфыдӕнхъӕл кодта кӕнӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм ӕвзӕр зӕрдӕ дары, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Чидӕр нын нӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, уый нӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма бахъыгдара ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырдтӕ хъуамӕ ма ныууадзӕм. Мах хъуамӕ Йеффайы фӕзмӕм ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕн быхсын, ӕмӕ мах дӕр иннӕтӕн фӕзминаг уыдзыстӕм (Ром. 12:20, 21; Кол. 3:13). w16.04 1:7, 9, 10
Майрӕмбон, 2 мартъи
Нӕ ныфс нӕ сӕтты (2 Кор. 4:1).
Мах хъуамӕ фидар лӕууӕм кӕронмӕ, цасдӕр рӕстӕг нӕ, фӕлӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи ныгъуылы, ахӕм нау. Цӕмӕй адӕм аирвӕзой, уый тыххӕй хъуамӕ былмӕ ӕппӕт хъарутӕй ленк кӕной. Райдианы сӕ искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтта ӕмӕ былмӕ баленк кӕныныл куы нал архайа, уӕд аныгъуылдзӕн. Ӕмӕ ма былмӕ иу гыццыл куы хъӕуа, афтӕмӕй сӕ искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтта ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй куы нал архайа, уӕд уый дӕр аныгъуылдзӕн. Уӕдӕ нӕ кӕд ног дунейы цӕрын фӕнды, уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр фидар уӕм. Махӕн дӕр хъуамӕ уа апостол Павелы зӕрдӕйы уаг. Уый загъта: «Нӕ ныфс нӕ сӕтты» (2 Кор. 4:16). Павелау мах дӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм. Павел ныффыста: «Мах ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм, чи нӕ бауарзта, уый фӕрцы. Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ, нӕдӕр барджынтӕ, нӕдӕр, уӕлейӕ цы ис, уый, нӕдӕр, бынӕй цы ис, уый, ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Ром. 8:37–39). w16.04 2:17, 18
Сабат, 3 мартъи
Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй... ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн (Иак. 1:5).
Йегъовӕйӕ зонд кур, цӕмӕй-иу бамбарай, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард лӕууын дын зын цавӕр уавӕрты уыдзӕн, уый. Ӕмӕ дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй-иу ахӕм уавӕрты раст архайай. Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, ахӕстоны сбадын кӕной кӕнӕ дӕ ӕндӕр искуыд бафхӕрой. Ахӕм уавӕры-иу дзы хъӕбатырдзинад кур, цӕмӕй дӕ бон уа иннӕтӕн бӕлвырд ӕмбарын кӕнын, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайыс, уый. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай (Хъуыд. 4:27–31). Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны Библийы фӕрцы дӕр. Ахъуыды-иу кӕн, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дын дӕхи бахизынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтыл. Бахъуыды сӕ кӕн, цӕмӕй дӕ фидар кӕной, Библи дӕм куы нӕ уа, уӕд дӕр. Стӕй ма Библийы фӕрцы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, Хуыцау нын зӕрдӕ цы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл. Уый нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм (Ром. 8:25). Ног дунейы арфӕдзинӕдтӕй ӕппӕты тынгдӕр кӕмӕ бӕллыс, уыдоны тыххӕй кӕм фыст ис, уыцы стихтӕ ссар. Стӕй-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы арфӕдзинӕдтӕй куыд схайджын уыдзынӕ, уый. w16.04 4:14, 15
Хуыцаубон, 4 мартъи
Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут (Матф. 10:8).
Чырыстон динты разамонджытӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ хъусын кӕнынц. Кӕд уыцы Паддзахады тыххӕй фӕдзурынц, уӕд та сӕ фылдӕр фӕзӕгъынц, уый, дам, у, адӕймаг йӕ зӕрдӕйы цы фенкъары, уый (Лук. 17:21). Хуыцауы Паддзахад уӕларвон хицауад кӕй у ӕмӕ дзы Йесо Чырысти та паддзах кӕй у, уый адӕмӕн не ’мбарын кӕнынц. Чырыстийы кой фӕкӕнынц ӕрмӕстдӕр Рождество ӕмӕ Куадзӕны рӕстӕг, ӕмӕ ӕвдыст вӕййы ноггуырд сывӕллоны хуызы йе та хъизӕмӕртты хъӕдыл. Хуыцауы Паддзахад адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр нӕ дзурынц (Рарг. 19:11–21). Чырыстон динты разамонджытӕ ма не ’мбарынц, хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый дӕр. Ӕхца бакусыны тыххӕй кӕнӕ стыр галуантӕ саразыны тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм. Хъусын кӕныны хъуыддаг, ӕхца кӕй фӕрцы бакусай, ахӕм куыст нӕу (2 Кор. 2:17). Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдон хъуамӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсой, ӕмӕ сын уый тыххӕй фидгӕ кӕндзысты (Хъуыд. 20:33–35). w16.05 2:7, 8
Къуырисӕр, 5 мартъи
Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 10:24).
Зӕгъӕм, цавӕрдӕр уӕлӕдарӕс дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, фӕлӕ зоныс, ӕмбырды кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн. Библийы бӕлвырд ницы ис фыст, цавӕр дзаумӕттӕ хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый куыд базонӕн ис? Библи нын дзуры: «Сылгоймӕгтӕ [хъуамӕ] сӕхи рӕсугъд кӕной, сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ кӕй бийынц, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ кӕй дарынц, уымӕй нӕ, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. Стӕй сӕхи хъуамӕ рӕсугъд кӕной, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ» (1 Тим. 2:9, 10). Ацы уынаффӕйы цы хъуыды ис, уый чырыстон нӕлгоймӕгтӕм дӕр хауы. Хӕдӕфсарм куы уӕм, уӕд хъуыды кӕндзыстӕм, не ’ддаг бакаст иннӕты зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ истӕмӕй фӕхъыг кӕнӕм (1 Кор. 10:23; Фил. 3:17). w16.05 3:14
Дыццӕг, 6 мартъи
О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Фыд. Мах стӕм ӕлыг, ды та дӕ нӕ Дурынгӕнӕг, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм дӕ къухты конд (Ис. 64:8).
Адам йе Сфӕлдисӕджы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ фыртыл нал нымадта. Фӕлӕ уӕддӕр Адамы байзӕддӕгтӕй бирӕтӕ сӕ цардӕй равдыстой, Йегъовӕйы сӕ Хицауыл кӕй нымайынц (Дзут. 12:1). Сӕхи-иу сӕрныллӕгӕй се Сфӕлдисӕджы дӕлбар кӕй бакодтой, уымӕй бӕрӕг уыд, кӕй сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ Фыд ӕмӕ сӕ Дурынгӕнӕг уа Йегъовӕ, Хӕйрӕг нӕ, фӕлӕ (Иоан. 8:44). Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыдысты, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц абоны стихы ныхӕстӕ. Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй сӕрныллӕг уой ӕмӕ Хуыцаумӕ хъусой. Уыдон сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, сӕ бон кӕй у Йегъовӕйы сӕ Фыд хонын. Фӕнды сӕ, цӕмӕй Хуыцау уа сӕ Дурынгӕнӕг. Цымӕ дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Фӕнды дӕ, цӕмӕй Хуыцауы къухы уай, зынаргъ мигӕнӕн саразӕн кӕмӕй ис, ахӕм фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн? Дӕ зӕрдыл дарыс, Йегъовӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ныр дӕр кӕй ивы? w16.06 1:2, 3
Ӕртыццӕг, 7 мартъи
Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ (2 Кор. 13:5).
Ног дунемӕ тынг ӕввахс стӕм ӕмӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уымӕ. Зӕгъӕм, нӕ бон у Матфейы 6:33 стихы фыст ныхӕстыл ахъуыды кӕнын. Дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Мӕ разы цы нысӕнттӕ февӕрын ӕмӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссын, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, Йесойы ныхӕстыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕууӕндын? Афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ фылдӕр ӕхца бакусыны тыххӕй ӕмбырд фӕцух кӕнын кӕнӕ уацамынды нӕ ацӕуын? Мӕ куыстӕн мӕ фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ дӕттын куы хъӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕн? Ацы дунейӕн уый бар ратдзынӕн, цӕмӕй мын мӕ зондахаст фӕива ӕмӕ ма суанг Йегъовӕйӕн дӕр мауал лӕггад кӕнон?». Библи нын ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй, стӕй, ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдоны тыххӕй цы дзуры, уымӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ныддур уыдзысты. Кӕд уыцы хабӕрттӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын райдыдтай, уӕд цы хъуамӕ саразай? Фӕстӕ ма кӕн ӕмӕ, дӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, ууыл ахъуыды кӕн! Дӕхи-иу ма сай ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сбӕрӕг кӕн, дӕ зондахасты дӕ сраст кӕнын цы хъӕуы, уый. w16.06 2:8, 9
Цыппӕрӕм, 8 мартъи
Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм (Ис. 60:22).
Ӕгас зӕххыл дӕр ис, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕм. Уыдон сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийынц, уӕддӕр сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд дӕтты ӕмӕ сын арфӕ кӕны. 1914 азы, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ нымӕц тынг гыццыл уыд. Фӕлӕ Хуыцау хъусын кӕныны хъуыддагӕн арфӕ кодта, ӕмӕ уый фӕрцы милуангай адӕм Библийы фыст рӕстдзинад базыдтой ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. Ахӕм диссаджы хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ раджы заман загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ма загъта: «Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн». Уыцы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый нӕ рӕстӕджы ирдӕй зыны – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр систы тынг бирӕ. Зӕххыл бирӕ ахӕм бӕстӕтӕ ис, ӕмӕ сӕ цӕрджыты нымӕц Йегъовӕйы адӕмы нымӕцӕй къаддӕр у. w16.06 4:1, 2
Майрӕмбон, 9 мартъи
Сымах уыдонӕй [уӕларвон мӕргътӕй] зынаргъдӕр не стут? (Матф. 6:26).
Йесо фидарӕй зыдта: кӕд йӕ уӕларвон Фыд мӕргъты хӕринагцух нӕ уадзы, уӕд адӕмы дӕр уымӕй цух нӕ ныууадздзӕн (1 Пет. 5:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕринаг-иу нын нӕ разы тӕбӕгъы не ’рӕвӕрдзӕн. Фӕлӕ нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ-иу, цы байтауӕм, уый тыллӕг ратдзӕн кӕнӕ та нӕ бон уыдзӕн къӕбӕры фаг ӕхца бакусын. Хъуаг куы ’ййафӕм, уӕд та йӕ бон у искӕй баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй нын фӕхай кӕна, цы йӕм ис, уымӕй. Мӕргъты кой та куы ракӕнӕм, уӕд Йегъовӕ ууыл дӕр батыхст, цӕмӕй сын уа, кӕм цӕрой, уый. Ома куыд? Афтӕ сӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у сӕхицӕн ахстон скӕнын, стӕй йӕ цӕмӕй скӕной, уый дӕр сын ис. Уӕдӕ Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уа, кӕм цӕрӕм, уый. Абоны стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон Йесо куы загъта, уӕд зыдта, тагъд ӕппӕт адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй ратдзӕн. (Абар Лукайы 12:6, 7.) Чырысти йӕ цард мӕргъты кӕнӕ цӕрӕгойты тыххӕй нӕ радта. Уый амард мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын (Матф. 20:28). w16.07 1:11–13
Сабат, 10 мартъи
Хъуамӕ уыл тӕригъӕды бар ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ сымах закъоны дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы дӕлбар (Ром. 6:14).
Адӕм сӕ туджы, удхарӕй сӕ чи мары, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт куыд рахастой? Библи нын дзуапп дӕтты: «Иу адӕймаджы [ома Адамы] тӕригъӕд уымӕ ӕркодта, ӕмӕ уыцы иуы аххосӕй мӕлӕт паддзах уыд». Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ ныл цӕуы мӕлӕты бар (Ром. 5:12, 14, 17). Кӕд ныр дӕр ма тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ тӕригъӕды цагъартӕ уӕм. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна. Уӕдӕ нын «хицау» сси Хуыцауы стыр хорзӕх (Ром. 5:20, 21). Ӕмӕ нын уый цы пайда хӕссы? Павел загъта: «Стыр хорзӕх нын амоны, цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:11, 12). w16.07 3:5, 6
Хуыцаубон, 11 мартъи
Хуыцау... [ӕй] адӕймагмӕ ӕрбакодта (Райд. 2:22).
Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уӕд сӕ бинонты царды мӕсыг банкъуысыд. «Рагон калм», ома Сайтан Хӕйрӕг, Евӕйы асайдта: загъта йын, зӕгъгӕ, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» куы бахӕрай, уӕд ахӕм диссаджы зонындзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ, ӕмӕ дӕхи бон уыдзӕн скъуыддзаг кӕнын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Евӕ дӕр ыл баууӕндыд, ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй бахордта. Адамы та фӕрсгӕ дӕр нӕ бакодта, ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, йӕ сӕрыхицауы кӕй нӕ нымадта. Стӕй уыцы бӕласы дыргътӕй радта Адамӕн дӕр, ӕмӕ Адам, Хуыцаумӕ байхъусыны бӕсты, байхъуыста йӕ усмӕ ӕмӕ уыцы дыргътӕй бахордта (Рарг. 12:9; Райд. 2:9, 16, 17; 3:1–6). Хуыцау Адамӕй дзуапп куы ’рдомдта, уӕд уый йӕ усы аххосджын кӕнынмӕ фӕци. Евӕ та калмы фӕаххосджын кодта, уый мӕ фӕсайдта, зӕгъгӕ (Райд. 3:12, 13). Сӕхи цӕмӕйты рӕстытӕ кодтой! Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй сӕ банымадта тӕрхоны аккагыл. Сӕ хабар нын зондзонӕн куыннӕ у! Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕн дзуапп дӕттын зона ӕмӕ Йегъовӕмӕ хъуса. w16.08 1:1, 4, 5
Къуырисӕр, 12 мартъи
Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд (Матф. 19:6).
Иуӕй-иу бинонтӕн сӕ зындзинӕдты уидаг вӕййы, ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты кӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый. Адӕймагӕн йӕ бинонты цард, йӕхицӕн ӕй куыд сныв кодта, афтӕ куы нӕ ацӕуы, уӕд фӕфыдӕнхъӕл вӕййы, афтӕ йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йыл сайдӕй рацыдысты, ӕмӕ ма йӕхимӕ кӕнӕ йӕ цардӕмбалмӕ мӕсты кӕнын дӕр райдайы. Чидӕртӕ та тынг фӕхицӕн кӕнынц, куыд схъомыл сты, уымӕй кӕнӕ сӕ удыхъӕдӕй – сӕ иу йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом февдисы, иннӕ та нӕ. Кӕмӕдӕрты та ныхас рауайы ӕхцайы тыххӕй, сӕ ног хӕстӕджыты тыххӕй кӕнӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй. Фӕлӕ чырыстон бинонтӕн сӕ фылдӕр, Хуыцауы уынаффӕтӕм кӕй хъусынц, уый фӕрцы уыцы фарстаты кӕрӕдзи бамбарынц. Ӕмӕ уый тыххӕй сты раппӕлинаг. Зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы бинонтӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагурой. Уыцы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ сын бамбарын кӕндзысты, сӕ бон куыд у Хуыцауы Ныхасы фыст уынаффӕтӕй спайда кӕнын. Стӕй ма хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курой, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайынӕн ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон ӕвдисынӕн (Гал. 5:22, 23). w16.08 2:11–13
Дыццӕг, 13 мартъи
Нырӕй фӕстӕмӕ ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты (Лук. 5:10).
Йесойӕн зӕххыл бирӕ куыст уыди. Фӕлӕ-иу уӕддӕр рӕстӕг ссардта, цӕмӕй дарддӕр ӕххуыс кодтаид, хорз хабармӕ-иу чи байхъуыста, уыдонӕн. Зӕгъӕм, иухатт денджызы был йӕ разы дуне адӕм ӕрӕмбырд. Уӕд Йесо Петримӕ бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ахуыр кӕнын райдыдта. Уый фӕстӕ та Петрӕн бамбарын кодта иу хабар. Йесо сарӕзта диссаг: афтӕ бакодта, ӕмӕ Петр ӕрцахста тынг бирӕ кӕсаг. Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон. Йесойы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Петрыл куыд бандӕвтой? Йе ’мбӕлттимӕ «ӕппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ [Йесойы] фӕдыл ацыдысты» (Лук. 5:1–11). Никодимы фӕндыд, Йесо цы амыдта, уый тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ Сӕйраг тӕрхондоны уӕнг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ тарсти, адӕм ӕй Йесоимӕ ныхасгӕнгӕ куы феной, уӕд цы зӕгъдзысты, уымӕй. Гъемӕ йӕм ӕхсӕвы ӕрбацыд. Йесо йӕ нӕ арвыста, фӕлӕ йемӕ фӕбадти ӕмӕ йын ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарын кодта (Иоан. 3:1, 2). Уый-иу алкӕддӕр рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар кодтаид. Уӕдӕ-иу мах дӕр, чи нӕм байхъуыста, уыдонӕн нӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕнӕм: бабӕрӕг-иу сӕ кӕнӕм, хуыздӕр сын кӕд уыдзӕн, уыцы афон ӕмӕ сын Библи ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕнӕм. w16.08 4:10, 11
Ӕртыццӕг, 14 мартъи
Дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу (Мих. 6:8).
Бонзонгӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы сыгъдӕгдзинад фӕзмдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уымӕй хуыздӕр уынаффӕтӕ ничи ратдзӕн. Бонзонгӕдзинадмӕ ма хауы иннӕты хъуыдыйӕн ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕн аргъ кӕнын. Уӕдӕ нӕ «Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕудзыстӕм», йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ’ххӕст кӕнӕм ӕмӕ иннӕты хъуыдыйӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд. Нӕ уӕлӕдарӕсӕй адӕм хъуамӕ уайтагъд бамбарой, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ, афтӕ иннӕ адӕм дӕр хъуамӕ уыной, зӕрдиагӕй нӕ кӕй фӕнды Хуыцауы кадджын кӕнын. Йӕ фӕдзӕхстытӕ сты табуйаг ӕмӕ сӕ мах ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕнӕм. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ раппӕлинаг сты сӕ хӕдӕфсарм кондӕй ӕмӕ уӕздандзинадӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабармӕ байхъусынц, ӕмӕ кад хӕссынц Йегъовӕйӕн. w16.09 3:18–20
Цыппӕрӕм, 15 мартъи
Ды тох кодтай Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕймӕгтимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕ (Райд. 32:28).
Иаков зӕды ауагътаид, уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Бӕрӕг уыди, Хуыцауы арфӕдзинад ссарыны тыххӕй цыфӕнды уӕззау тохыл дӕр разы кӕй уыд (Райд. 32:24–26). Ӕмӕ йын Хуыцау йӕ фӕразондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Йегъовӕ йӕ схуыдта Израил, ома, «Хуыцауимӕ чи тох кӕны, уый» кӕнӕ «Хуыцау тох кӕны». Иаков схайджын, не ’ппӕт дӕр цы хӕрзиуӕгмӕ тырнӕм, уымӕй – Йегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинадӕй. Иаковы цардӕмбал Рахилы дӕр тынг фӕндыди фенын, Йегъовӕ Иаковӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн – йӕ лӕджы цотӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Фӕлӕ Рахилӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уӕды рӕстӕджы сылгоймагӕн уый уыди стыр масты хос. Уыцы уавӕрты Рахилӕн йӕ бон ницы уыди фӕивын. Уӕдӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид ӕмӕ дарддӕр дӕр фӕразондзинад ӕвдыстаид? Рахил йӕ къухтӕ никуы ӕруагъта, фӕлӕ дарддӕр дӕр тох кодта – Йегъовӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ йын раарфӕ кодта – Рахил хъӕбулы цин базыдта (Райд. 30:8, 20–24). w16.09 2:6, 7
Майрӕмбон, 16 мартъи
Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр (Дзут. 4:12).
Ахсджиаг ма у сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд амондджын кӕй уыдзысты (Пс. 1:1–3). Уый ис алыхуызӕтты аразӕн. Зӕгъӕм, сӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕнт, цыма дард сакъадахмӕ цӕрынмӕ цӕуынц, ӕмӕ семӕ хъуамӕ акӕной цалдӕр адӕймаджы. Стӕй сӕ бафӕрс: «Алкӕмӕ дӕр уӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ фидауат ӕмӕ хӕларӕй цӕрат?» Уый фӕстӕ семӕ аныхас кӕнут Галатӕгтӕм 5:19–23 стихтыл, цӕмӕй феной, ног дунейы цавӕр адӕймӕгтӕ цӕрдзӕн, уый. Уымӕй сӕ бон уыдзӕн дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын. Фыццаг, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ныртӕккӕ дӕр амондджын уӕм ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Дыккаг, Йегъовӕ нӕ абон ахуыр кӕны, цӕмӕй ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ уӕм (Ис. 54:13; Иоан. 17:3). Уӕ бон у нӕ публикациты не ’фсымӕртӕй искӕй биографи ссарын, зӕгъӕм, рубрикӕйы «Библи ивы адӕймаджы цард», ӕмӕ йыл сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын. w16.09 5:13, 14
Сабат, 17 мартъи
Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Еф. 5:16).
Кӕд нӕ арӕх нӕ февдӕлы, уӕддӕр-иу нӕ алчидӕр хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕна Библи иртасынӕн ӕмӕ бинонты ахуырӕн (Еф. 5:15). Фӕлӕ нӕ нысан ӕрмӕст уый хъуамӕ ма уа, цӕмӕй Библийӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕй ӕнӕуи цалдӕр сыфы бакӕсӕм кӕнӕ ӕмбырдмӕ дзуапп бацӕттӕ кӕнӕм. Хъуамӕ-иу Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕмӕ бахъара ӕмӕ-иу нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕна. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Библи иртасгӕйӕ хъуамӕ ӕрмӕст афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ацы хъуыдыты фӕрцы иннӕтӕн куыд баххуыс кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Хъуамӕ-иу дзы ссарӕм, нӕхицӕн пайда чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ дӕр (Фил. 1:9, 10). Хъуамӕ ӕмбарӕм, уацамындмӕ, ӕмбырдмӕ кӕнӕ раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ цыдӕр куы фӕкӕсӕм, уӕд арӕх, нӕхӕдӕг дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл кӕй нӕ фӕхъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, пъовыр хӕринагӕн йӕ ад фены, цалынмӕ йӕ фынгыл ӕрӕвӕрынц, уӕдмӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст уыцы комдзӕгтӕй нӕ фӕцӕрдзӕн. Цӕмӕй ӕнӕниз уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхицӕн дӕр кӕна хӕрзад, пайда хӕринӕгтӕ. Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр уырнындзинады хъуыддаджы «ӕнӕниз» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ӕфсадӕм, мах чи хъӕуы, ахӕм «хӕринагӕй». w16.10 2:10, 11
Хуыцаубон, 18 мартъи
Нӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ мах ӕмбарӕм, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый Хуыцау йӕ ныхасӕй кӕй скодта, ӕмӕ афтӕмӕй, цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ кӕй равзӕрдысты, цӕстӕй фенӕн цы нӕй, уымӕй (Дзут. 11:3).
Уырнындзинад цы у, уый тыххӕй Библийы фыст ис Дзуттӕгтӕм 11:1. Уый баст у, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, дыууӕ ахӕм хъуыддагимӕ. 1) Уырнындзинад у, «адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа», уый. «Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕ» хауынц, Хуыцау нын зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ чи нӕма ’рцыд, уыцы хабӕрттӕ, зӕгъӕм, фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый. 2) Уырнындзинад у, адӕймаг «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты». Мах зонӕм, Йегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти, зӕдтӕ ӕмӕ уӕларвон Паддзахад ӕцӕгдӕр кӕй сты, кӕд сӕ нӕ бон фенын нӕу, уӕддӕр. Цымӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ нӕ бон цӕстӕй фенын цы нӕу, уыдӕттыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕууӕндӕм? Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕнӕ уымӕй нӕ уырнындзинад ӕцӕг уырнындзинад нӕ уыдзӕн. w16.10 4:6
Къуырисӕр, 19 мартъи
Уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут (Дзут. 3:13).
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо тынг аргъ кӕнынц, сӕ номыл цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн, кӕд нӕ цас фӕнды, уыйбӕрц нӕ бон нӕу аразын, уӕддӕр (Лук. 21:1–4; 2 Кор. 8:12). Зӕгъӕм, нӕ зынаргъ ацӕргӕты бирӕ тыхтӕ бахъӕуы ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуынӕн. Ӕмӕ сӕ куыннӕ хъуамӕ ӕппӕлӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куыннӕ хъуамӕ ӕфтауӕм! Иннӕты бафидар кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕн. Кӕд ӕй уыныс, ӕмӕ адӕймагӕй раппӕлӕн ис, уӕд дзы раппӕл. Павел ӕмӕ Варнавӕ Писидийы Антиохийы куы уыдысты, уӕд сӕм ӕмбырдгӕнӕны хистӕртӕ барвыстой ахӕм ныхас: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси». Ӕмӕ Павел дӕр уыцы фадатӕй спайда кодта ӕмӕ диссаджы раныхас радзырдта (Хъуыд. 13:13–16, 42–44). Уӕдӕ дӕ бон куы уа ныхасӕй искӕй бафидар кӕнын, уӕд-иу ын ӕй ма бавгъау кӕн. Ӕмӕ дын уӕд иннӕтӕ дӕр сӕ хорз ныхӕстӕ не ’вгъау кӕндзысты (Лук. 6:38). w16.11 1:3, 15, 16
Дыццӕг, 20 мартъи
Йегъовӕйы цӕст ӕххӕссы алкӕдӕм дӕр, лӕмбынӕг кӕсы ӕвзӕртӕм дӕр ӕмӕ хӕрзтӕм дӕр (Ӕмб. 15:3).
Йегъовӕйы организацийы кӕй стӕм, уый нын стыр кад куыннӕ у! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл ис хӕс, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ацы дуне хӕлдӕй-хӕлддӕр кӕны, ӕмӕ мах та хъуамӕ «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм», Йегъовӕ дзы куыд уыны йе сӕфт, афтӕ (Пс. 97:10). Хуыцау кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы хуызӕн «хорз ӕвзӕр» нӕ хонӕм, «ӕвзӕр та – хорз» (Ис. 5:20). Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг (1 Кор. 6:9–11). Мах уарзӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, стӕй йыл стӕм иузӕрдион. Ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад бӕрӕг у, йӕ Ныхасы цы бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕмфӕнды дӕр кӕй архайӕм, уымӕй: фӕнды хӕдзары уа, фӕнды ӕмбырды, фӕнды куысты, фӕнды скъолайы. w16.11 3:13
Ӕртыццӕг, 21 мартъи
Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд (Ром. 13:1).
Библииртасджытӕ сыгъдӕгзӕрдӕ уыдысты. Фӕлӕ 1914 азӕй 1919 азы онг кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Йегъовӕ хицӕуттӕм хъусыны тыххӕй цы загъта, уый. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ хӕсты рӕстӕг, куыд къорд, афтӕ, ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайдтой. Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты президент адӕммӕ куы басидт, цӕмӕй 1918 азы 30 майы сабырдзинады тыххӕй куывтаиккой, уӕд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕр Библииртасджыты уымӕ баразӕнгард кодта. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ хӕстӕн ӕхцайӕ дӕр ӕххуыс кодтой, чидӕртӕ та сӕ суанг хӕстмӕ дӕр ацыдысты. Фӕлӕ сын кӕд сӕ рӕдыдтытӕм бацамонын хъуыди, уӕддӕр афтӕ зӕгъын раст нӕ уаид, ӕмӕ уыцы рӕстӕг уый тыххӕй Стыр Вавилоны уацары бахаудысты. Ӕцӕгӕй хабар афтӕ уыд, ӕмӕ сӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг бирӕ нал хъуыд, ӕмӕ мӕнг динтӕй бынтондӕр ссӕрибар уыдаиккой (Лук. 12:47, 48). w16.11 5:9
Цыппӕрӕм, 22 мартъи
[Мах] тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ нӕ [кӕнӕм], фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ (Ром. 8:4).
Чи зоны, ахъуыды кӕнай, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» цӕрынӕй Павел сӕрст чырыстӕтты цӕмӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ. Стӕй абоны чырыстӕтты дӕр цӕмӕн хъӕуы уымӕй фӕдзӕхсын? Хуыцау сӕ йӕ хӕлӕрттыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нӕ нымайы? Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй кӕмӕнфӕнды дӕр тӕссаг у, йӕ тӕригъӕдджын буар ын куыд дзуры, афтӕ цӕрын куы райдайа, уымӕй. Зӕгъӕм, Павел фыста, Ромы чырыстӕттӕй чидӕртӕ «сӕ гуыбыны фӕдыл» кӕй цыдысты – ӕвӕццӕгӕн сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд хӕрд, нозт, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ (Ром. 16:17, 18; Фил. 3:18, 19; Иуд. 4, 8, 12). Ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ, «ӕнӕхин чи уыд, уыдоны» сайдтой. Коринфы чырыстӕттӕй та чидӕр иуафон «йӕ фыды усимӕ» цард (1 Кор. 5:1). Уӕдӕ Хуыцау чырыстӕтты Павелы уылты хуымӕтӕджы нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» ма цардаиккой (Ром. 8:5, 6). Уыцы фӕдзӕхст абон дӕр хъӕуы зӕрдыл дарын. w16.12 2:5, 8, 9
Майрӕмбон, 23 мартъи
Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы (Ӕмб. 12:25).
Цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай, уый тыххӕй дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, кӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн куы радзурай. Чи зоны дын дӕ цардӕмбал, де ’ввахс хӕлар кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг баххуыс кӕной дӕ уавӕр хуыздӕр бамбарынӕн. Библийы фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмб. 15:22). Цӕмӕй нӕ сагъӕстӕ фӕкъаддӕр уой, уымӕн ма нын стыр ӕххуыс сты не ’мбырдтӕ дӕр. Алы къуыри дӕр ӕмбырдты вӕййыс дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ. Уыдон дыл зӕрдиагӕй тыхсынц ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй дын дӕ ныфсыл ныфс бафтауой (Дзут. 10:24, 25). Уый фӕрцы дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ, дӕ сагъӕстӕ цӕуылфӕнды куы уой, уӕддӕр сыл ӕнцондӕрӕй фӕуӕлахиз уыдзынӕ (Ром. 1:12). w16.12 3:17, 18
Сабат, 24 мартъи
[Аннӕ] Йегъовӕмӕ кувын райдыдта (1 Сам. 1:10).
Вӕййы афтӕ, ӕмӕ цавӕрдӕр низимӕ фӕтох кӕнӕм кӕнӕ, нӕ бар кӕуыл нӕ фӕцӕуы, ӕндӕр ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ нӕ сагъӕстӕ иууылдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, кӕй ныл тыхсы (1 Пет. 5:6, 7). Стӕй-иу хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй нын ӕмбырдтӕ ӕмӕ ма нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ноджыдӕр цы дӕтты, уыдӕттӕ пайда хӕссой (Дзут. 10:24, 25). Иуӕй-иу ныййарджытӕ та цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлдысты? Кӕд сӕхӕдӕг иузӕрдион сты, уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинад ныууагътой. Ахъуыды-ма кӕнӕм пехуымпар Самуилы цӕвиттоныл. Йӕ фырттӕ гыццыл сывӕллӕттӕ нал уыдысты, ӕмӕ сын цыфӕнды куы кодтаид, уӕддӕр йӕ бон нӕ уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаиккой – тыхмийӕ, дам, ми нӕй (1 Сам. 8:1–3). Ӕмӕ хъуамӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтаид. Фӕлӕ Самуил, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕхӕдӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кодтаид (Ӕмб. 27:11). Абон дӕр чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ ахӕм уавӕры сты. Уыдоны фидарӕй уырны, Йегъовӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдон кӕй ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты (Лук. 15:20). Фӕлӕ ма уыимӕ уыцы ныййарджытӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй сӕхӕдӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс ис, сӕ сывӕллӕттӕ сӕ кӕй бафӕзмдзысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты. w17.01 1:15, 16
Хуыцаубон, 25 мартъи
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Сӕрныллӕг адӕймаг ма вӕййы бонзонгӕ дӕр, ома фӕзоны, йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый, стӕй фӕуыны йӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ иннӕты уынаффӕтӕм ӕмӕ зондмӕ фӕхъусы. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн. Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй бонзонгӕ адӕймаг йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы ӕмӕ фембары, йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый. Ӕмӕ йын уый феххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн кад кӕна ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ дара. Адӕймаг йӕхиуыл куыд фервӕссы? Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Гӕнӕн ис, ӕмбырды ныл цы хӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй нӕхимӕ ӕгӕр зондджын кӕсын райдайӕм кӕнӕ нӕхицӕй схъал уӕм (Ром. 12:16). Йе та адӕмы ’ргом нӕхимӕ ӕгӕр здахын райдайӕм (1 Тим. 2:9, 10). Кӕнӕ, чи зоны, ӕдзух иннӕтӕн амонӕм, сӕхи куыд хъуамӕ дарой ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕрой, уый. Афтӕмӕй адӕймаг куыд схъал уыдзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн (1 Кор. 4:6). w17.01 3:6–8
Къуырисӕр, 26 мартъи
Лӕппуты фидауц – сӕ тых, зӕрӕдты фидауц – сӕ урс сӕр (Ӕмб. 20:29).
Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы, ӕмӕ Йегъовӕйы организаци пайда кӕны ногдӕр технологитӕй ӕмӕ мадзӕлттӕй, цӕмӕй хорз хабар ноджы фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ уа. Фӕлӕ, хистӕр кары чи ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн зын вӕййы, цӕмӕй уыцы ног мадзӕлттыл сахуыр уой (Лук. 5:39). Стӕй сӕм ӕрыгӕтты йас хъарутӕ ӕмӕ тыхтӕ нал вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ стыр пайда ӕрхӕсдзӕн, хистӕр кары ӕфсымӕртӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты куы ахуыр кӕной сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ исын, стӕй уый дзурӕг уыдзӕн сӕ уарзондзинадыл дӕр (Пс. 71:18). Бӕрнон ӕфсымӕртӕн хатт ӕнцон нӕ вӕййы сӕ бартӕй ӕрыгӕттӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг фӕуарзынц. Иннӕтӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕхӕдӕг хъуыддагмӕ сӕ хъус куы нӕ дарой, уӕд ӕй ӕрыгӕттӕ афтӕ хорз нӕ сараздзысты. Чидӕр та фӕзӕгъы, зӕгъгӕ мын иннӕты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ӕппындӕр нӕй. Фӕлӕ ӕрыгӕттӕм дӕр хъуамӕ фӕразондзинад уа, ӕмӕ сын кӕд нырма сӕ бар фылдӕр хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнынц, уӕд хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зоной. w17.01 5:3, 4
Дыццӕг, 27 мартъи
Иу раст хъуыддаджы фӕрцы... алыхуызон адӕм нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой (Ром. 5:18).
Чырысти сси Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймаг (Иоан. 1:14). Фӕлӕ Адамӕй уӕлдай Йесо Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцыд. Чырысти суанг уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауы закъӕттӕй иу дӕр нӕ фехӕлдта. Чырысти ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди йӕ цард адӕмы тыххӕй раттын, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой. Йесо уыди, Адам цавӕр хъуамӕ уыдаид, ахӕм адӕймаг: алцӕмӕй уыд ӕххӕст, Хуыцауыл алкӕддӕр уыд иузӕрдион ӕмӕ йӕ коммӕ каст (1 Тим. 2:6). Чырыстийы нывонд «бирӕтӕн» – нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн – фӕндаг байгом кодта ӕнусон цардмӕ (Матф. 20:28). Уыцы нывонды фӕрцы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уый (2 Кор. 1:19, 20). w17.02 1:15, 16
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоан. 12:12–19; Мар. 11:1–11
Ӕртыццӕг, 28 мартъи
Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй... мӕлӕт бавзӕрста (Дзут. 12:2).
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма даргъ ӕмӕ талынг тъунелы дӕ. Чи зоны хъуыды кӕныс, искуы ма рухс фендзынӕн, зӕгъгӕ. Цард дӕр абарӕн ис ахӕм балцимӕ. Чи зоны, ахӕм уӕззау рӕстӕджытӕ скӕна, ӕмӕ дӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕм хъарутӕ нал ис. Чырыстимӕ дӕр, чи зоны, афтӕ касти, хъизӕмӕртты хъӕдыл худинаг ӕмӕ стыр рыст куы ӕвзӕрста, уӕд. Йӕ царды уымӕй уӕззаудӕр рӕстӕг никуы уыдаид! (Дзут. 12:3). Фӕлӕ Чырысти фидар фӕлӕууыд. Йесо ӕмбӕрста, йӕ фидардзинады фӕрцы Хуыцауы ном кӕй срухс уыдзӕн ӕмӕ, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый кӕй сбӕлвырд уыдзӕн. Уый зыдта, йӕ хъизӕмӕрттӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты ӕмӕ уӕлӕрвты та йӕ хӕрзиуӕг ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Чи зоны, дӕуӕн дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ ис ӕмӕ дын стыр масты хос сты. Фӕлӕ ма рох кӕн, уыцы зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты. w16.04 2:10
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоан. 12:20–50
Цыппӕрӕм, 29 мартъи
Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты (Еф. 1:7).
Ацы фыддунейы бирӕ адӕм цӕрынц, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ ӕмӕ тӕригъӕд тӕригъӕдыл нал нымайынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ балхӕнын кӕй хъӕуы. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ кӕнынц, тӕригъӕд цы у, куыд ныл ӕндавы ӕмӕ нӕ бон куыд у тӕригъӕды цагъарадӕй фервӕзын. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм куы базонынц, Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна, уӕд сын уый удӕнцой ӕрхӕссы. Афтӕмӕй нын Йегъовӕ бахай кодта йе стыр хорзӕхӕй ӕмӕ равдыста йе стыр уарзондзинад (1 Иоан. 4:9, 10). Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уымӕн ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн у Чырыстийы нывонд. Стӕй уымӕй бӕрӕг у, йе стыр хорзӕх куыд ӕнӕкӕрон у, уый дӕр. Адӕймаг куы базоны, ӕмӕ, Йесойы нывондыл куы ’ууӕнда, уӕд йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ йӕ цӕсгом кӕй ссыгъдӕг уыдзӕн, уӕд ӕм цӕрын ӕрцӕуы (Дзут. 9:14). Уӕдӕ уый хорз хабар куыннӕ у, ӕмӕ йӕ адӕмӕн куыннӕ хъуамӕ дзурӕм! w16.07 4:6, 7
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Лук. 21:1–36
Майрӕмбон, 30 мартъи
[Чырысти] нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад (Дзут. 9:12).
Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ӕмӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй «ссыгъдӕг вӕййӕм», ома нын сӕ Хуыцау бынтондӕр ферох кӕны (Хъуыд. 3:19–21). Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕрст чырыстӕтты нымайы йӕ хъӕбултыл (Ром. 8:15–17). «Ӕндӕр фысты» кой куы кӕнӕм, уӕд уыдонӕн дӕр фадат ис, цӕмӕй йӕ бинонтӕй суой. Ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суой, уӕд сӕ хъӕудзӕн фӕстаг фӕлварӕны сӕрты ахизын. Ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд уыдоны дӕр банымайдзӕн йӕ зӕххон хъӕбултыл (Ром. 8:20, 21; Рарг. 20:7–9). Йегъовӕ йӕ зынаргъ хъӕбулты се ’ппӕты дӕр ӕнустӕм йӕ уарзтӕй рӕвдаудзӕн. Чырыстийы нывонд сын ӕрхӕсдзӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ. Уыцы лӕварӕн йӕ тых никуы фесӕфдзӕн. Стӕй нӕ уымӕй ӕнӕхай дӕр ничи ӕмӕ ницы фӕкӕндзӕн. w17.02 2:15, 16
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Матф. 26:1–5, 14–16; Лук. 22:1–6
Ӕрымысӕн изӕр
хурныгуылды фӕстӕ
Сабат, 31 мартъи
Кӕд [уӕ] исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг... Йесо Чырысти (1 Иоан. 2:1).
Хуыцау дӕм хорзӕй цыдӕр федта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ базыдтаис. Уый зыдта, цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ дӕм кӕй ис ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр кӕй кӕндзынӕ. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй йӕ хӕлар суыдаис. Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ нын стыр лӕвар ракодта – йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕ цард радтаид (Иоан. 3:16). Ӕмӕ куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕ хатыр курын. Мах зонӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайдзӕн, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр (1 Тим. 1:15). w16.05 4:6, 7
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Матф. 26:17–19; Мар. 14:12–16; Лук. 22:7–13 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Иоан. 13:1–5; 14:1–3