Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es18 45–57 фф.
  • Апрель

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апрель
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 апрель
  • Къуырисӕр, 2 апрель
  • Дыццӕг, 3 апрель
  • Ӕртыццӕг, 4 апрель
  • Цыппӕрӕм, 5 апрель
  • Майрӕмбон, 6 апрель
  • Сабат, 7 апрель
  • Хуыцаубон, 8 апрель
  • Къуырисӕр, 9 апрель
  • Дыццӕг, 10 апрель
  • Ӕртыццӕг, 11 апрель
  • Цыппӕрӕм, 12 апрель
  • Майрӕмбон, 13 апрель
  • Сабат, 14 апрель
  • Хуыцаубон, 15 апрель
  • Къуырисӕр, 16 апрель
  • Дыццӕг, 17 апрель
  • Ӕртыццӕг, 18 апрель
  • Цыппӕрӕм, 19 апрель
  • Майрӕмбон, 20 апрель
  • Сабат, 21 апрель
  • Хуыцаубон, 22 апрель
  • Къуырисӕр, 23 апрель
  • Дыццӕг, 24 апрель
  • Ӕртыццӕг, 25 апрель
  • Цыппӕрӕм, 26 апрель
  • Майрӕмбон, 27 апрель
  • Сабат, 28 апрель
  • Хуыцаубон, 29 апрель
  • Къуырисӕр, 30 апрель
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
es18 45–57 фф.

Апрель

Хуыцаубон, 1 апрель

Кӕддӕр сымах Хуыцауӕй уыдыстут дард ӕмӕ уыдыстут йе знӕгтӕ, уӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уӕ ныр йӕхиимӕ бафидауын кодта, чи амард, уымӕн йӕ зӕххон буары фӕрцы (Кол. 1:21, 22).

Йесойы нывондыл чи не ’ууӕнды, уыдоны Хуыцау нымайы йе знӕгтыл. Уымӕ гӕсгӕ ныл ис хӕс, цӕмӕй адӕмӕн дзурӕм, сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой. Апостол Иоанн ныффыста: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн» (Иоан. 3:36). Чырыстийы нывонды фӕрцы ис Хуыцауимӕ бафидауӕн (2 Кор. 5:18–20). Адӕмӕн рӕстдзинад амонӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой. Ӕмӕ уый дӕр хауы хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. w16.07 4:8–10

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоан. 19:1–42

Къуырисӕр, 2 апрель

Срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).

Йесо йӕ куывды фыццаг загъта, Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ срухс уа, уый тыххӕй. Йегъовӕйы ном ӕргом кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ дӕр сты сыгъдӕг. Фӕлӕ Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы бафаудта. Уый сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй адӕмӕн амона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Афтӕмӕй йын йӕ сыгъдӕг номыл цъыф бакалдта (Райд. 3:1–5). Хӕйрӕгӕй уӕлдай Йесо Йегъовӕйы номӕн стыр аргъ кодта (Иоан. 17:25, 26). Уый йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы ном рухс кодтаид (Пс. 40:8–10). Йесо куыд цард ӕмӕ иннӕтӕн цы амыдта, уымӕй равдыста, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн амона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, стӕй уый нӕ пайдайӕн дӕр кӕй у. Йесо суанг йӕ мӕлӕты онг йӕ уӕларвон Фыдыл иузӕрдионӕй баззад. Афтӕмӕй сбӕлвырд кодта, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у алкӕддӕр Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. w17.02 2:2–4

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матф. 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Иоан. 20:1

Дыццӕг, 3 апрель

Уӕрыккӕн уӕд... кад ӕмӕ намыс (Рарг. 5:13).

Раргомады 5:13 стихы цы «Уӕрыччы» кой ис, уый у Йесо Чырысти. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Зӕххыл куы уыд, уӕд ӕй схуыдтой «Хуыцауы Уӕрыкк», ӕмӕ, дам, уый «дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн» (Иоан. 1:29). Ӕмӕ уӕдӕ кады аккаг куыннӕ у. Паддзӕхтӕй искуы исчи барвӕндонӕй йӕ адӕмы тыххӕй амард, цӕмӕй сӕ ссӕрибар кӕна? Йесо у «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» (1 Тим. 6:14–16). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр фӕнды, милуангай хъомысджын зӕдтӕ йӕ куыд кадджын кӕнынц, афтӕ йӕ кадджын кӕнын: «Кӕй аргӕвстой, уыцы Уӕрыкк уый аккаг у, цӕмӕй райса тых, хъӕздыгдзинӕдтӕ, зонд, хъомыс, намыс, кад ӕмӕ арфӕ» (Рарг. 5:12). Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн кад кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Йесойӕн ӕмӕ йӕ Фыдӕн куы кад кӕнӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. (Пс. 2:11, 12; Иоан. 5:23). w17.03 1:3, 4

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоан. 20:2–18

Ӕртыццӕг, 4 апрель

Кӕд мӕ фӕстӕмӕ кӕнут... уӕд уын ӕз уыдзынӕн хицау! (Тӕрх. 11:9).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд уыди, Йеффай ууыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы ӕмбӕрста, Хуыцауы цӕсты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Тӕрх. 11:12–27). Ӕмӕ архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта. Йеффай зыдта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, адӕймаг кӕмӕдӕр маст куы фӕхӕссы, стӕй йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм кӕрӕдзийы уарзой. Уымӕй уӕлдай ма Моисейы закъонӕй зыдта, иннӕтӕн, уыимӕ дзы «йе сӕфт чи уыны», уыдонӕн, куыд хъуамӕ уа, уый дӕр (Рац. 23:5; Лев. 19:17, 18). Ӕвӕццӕгӕн, Йеффайӕн Иосифы цӕвиттон дӕр баххуыс кодта. Иосиф йе ’фсымӕртӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, кӕд дзы уыдон се сӕфт уыдтой, уӕддӕр (Райд. 37:4; 45:4, 5). Ӕмӕ йын Йеффай йӕ цӕвиттоныл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы архайдта, Йегъовӕйы цӕсты раст куыд уыд, афтӕ. Йеффайӕн йе ’фсымӕртӕ цы сарӕзтой, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ куыннӕ скъахтаиккой. Фӕлӕ йын Йегъовӕйы номыл ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрыл тох кӕнын йе ’нкъарӕнтӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд (Тӕрх. 11:1–3). w16.04 1:8, 9

Цыппӕрӕм, 5 апрель

Уыдон дарддӕр дӕр... зӕрдиагӕй хъуыстой, алцӕмӕй дӕр кӕрӕдзийӕн хай кодтой (Хъуыд. 2:42).

Йегъовӕйы адӕмӕн иумӕ ӕмбырд кӕнын алкӕддӕр стыр цины хос уыд. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй-иу Йегъовӕмӕ бакуывтаиккой ӕмӕ, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуӕн дӕр ӕмбырдтӕм цӕуын цины хос у. Фӕлӕ, чи зоны, дӕуӕн дӕр иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау ӕнцон нӕ вӕййы алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын. Чи зоны дӕ бирӕ кусын хъӕуы, бирӕ хъуыддӕгтӕ дын вӕййы йе та фӕллад вӕййыс. Ӕмбырдтӕ нын стыр ӕххуыс кӕй сты, уый куы ӕмбарӕм, уӕд ахӕм уавӕрты дӕр ӕмбырдтӕм цӕудзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ ӕмбырдтӕм нӕ фӕцӕуынц, сӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм уавӕрты тыххӕй, зӕгъӕм, уӕззау рынчын кӕй сты, уый тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бацархайын, цӕмӕй ахӕм чырыстӕттӕн сӕ бон уа ӕмбырды программӕмӕ телефонӕй хъусын кӕнӕ та йын стӕй йӕ записьмӕ байхъусын. w16.04 3:3

Майрӕмбон, 6 апрель

Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл (Иоан. 16:33).

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл хъуыды кӕн. Цы зондджын уынаффӕтӕ хастой, уыдоны фӕрцы сӕхи хызтой ацы дунейы хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго нӕ бакуывтой, Вавилоны паддзах адӕмы цы гуымирыйӕн кувын кодта, уымӕн (Дан. 3:16–18). Сӕ цӕвиттон абон дӕр бирӕ Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уой ӕмӕ сӕ бӕстӕйы тырысайӕн ма табу кӕной. Чырысти дӕр йӕхи хызта политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй кӕнӕ, адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Уый зыдта, йӕ цӕвиттон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта: «Фидар лӕуут!» Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизай. Дӕ уавӕр дын куы зоной, уӕд дӕ уыдон дӕр бафидар кӕндзысты. Зӕгъ-иу сын, цӕмӕй дӕу тыххӕй кувой. Фӕлӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг дӕр иннӕты фидар кӕнай ӕмӕ уыдоны тыххӕй Хуыцаумӕ кувай (Матф. 7:12). w16.04 4:16, 18

Сабат, 7 апрель

Дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ (Пс. 110:3).

Мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сӕ Паддзахады залты ӕмӕ конгрессты адӕмӕй ӕхца фембырд кӕнынц? Нӕ, уыдон сӕ куыст кӕнынц барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы (2 Кор. 9:7). Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кодтой дыууӕ миллиард сахаты бӕрц ӕмӕ алы мӕй дӕр Библи ахуыр кодтой фараст милуан адӕймагӕй фылдӕримӕ. Уыцы хъуыддаджы тыххӕй мызд нӕ исынц, фӕлӕ ма сӕхи ӕхца дӕр ӕхсызгонӕй хардз кӕнынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй иу иртасӕг загъта: «Сӕ сӕйраг нысан у хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ сын сауджынтӕ кӕй нӕй, уый фӕрцы къаддӕр ӕхца хардз кӕнынц. Фӕлӕ кӕд мызд нӕ исӕм, уӕд нӕ хъусын кӕнынмӕ цы разӕнгард кӕны? Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уымӕй ӕххӕст кӕны, абоны стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый. w16.05 2:9

Хуыцаубон, 8 апрель

Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын (Иак. 3:17).

Хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл кӕй тыххӕй хъуыды кӕндзыстӕм кӕнӕ сӕм кӕй тыххӕй бӕлдзыстӕм, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Йегъовӕ цы уарзы ӕмӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый бӕлвырд куы зонӕм, уӕд нын чингуытӕ, кинотӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ ӕвзаргӕйӕ раст уынаффӕ рахӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Стӕй уӕд иннӕты дӕр нӕ фӕрсдзыстӕм, куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уымӕй. Арӕхдӕр цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл вӕййы цалдӕр уынаффӕйы рахӕссӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты уыцы уынаффӕтӕй алкӕцы дӕр вӕййы раст. Фӕлӕ нӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд иуӕй-иу хатт хорз вӕййы хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ искӕцы фӕлтӕрдджын хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕй ӕххуыс бацагурын (Тит. 2:3–5; Иак. 5:13–15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи бӕсты сын уынаффӕ нӕ хӕссын кӕндзыстӕм. Хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, Библийӕ цы зонӕм, ууыл ӕмӕ стӕй уынаффӕ нӕхӕдӕг рахӕссӕм (Дзут. 5:14). Апостол Павел загъта: «Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн» (Гал. 6:5). w16.05 3:15, 16

Къуырисӕр, 9 апрель

Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн (1 Тим. 1:13).

Йегъовӕ адӕммӕ, мах сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый кӕсы зӕрдӕтӕм ӕмӕ уыны, чи цавӕр адӕймаг у, уый (1 Сам. 16:7б). Ӕмӕ уый ирдӕй рабӕрӕг, Хуыцау чырыстон ӕмбырдӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд. Хуыцау йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ кӕй ӕрбакодта, уыдонӕй бирӕтӕ адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ уый аккаг нӕ уыдысты (Иоан. 6:44). Зӕгъӕм, уыдонӕй сӕ иу уыд фарисей Савл. Фӕлӕ Йегъовӕ Савлӕй афтӕ нӕ хъуыды кодта, амӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йын каст йӕ зӕрдӕмӕ (Ӕмб. 17:3). Йегъовӕ Савлы равзӕрста, цӕмӕй дзы хорз «мигӕнӕн» сарӕзтаид – уыцы адӕймаг хъуамӕ «ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн» хъусын кодтаид (Хъуыд. 9:15, фип.). Йегъовӕ ма, «кадджын хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ» сарӕзта, раздӕр фыднозт чи кодта, давӕг чи уыд кӕнӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, ахӕм адӕймӕгтӕй дӕр (Ром. 9:21; 1 Кор. 6:9–11). Уыдон Фыстад иртӕстой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн уый бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ хуыздӕрырдӕм ивтаид. w16.06 1:4

Дыццӕг, 10 апрель

Дурынгӕнӕджы къухы ӕлыг куыд у, раст афтӕ стут сымах дӕр мӕ къухы (Йер. 18:6).

Цӕмӕй Хуыцауы къухы алкӕддӕр фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн уӕм, уымӕн нын стыр ӕххуыс сты Библи, чырыстон ӕмбырд ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг. Алы бон дӕр Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн уый бар фӕдӕттӕм, цӕмӕй нӕ хуыздӕрырдӕм ива. Рагзаманты Йегъовӕ израилаг паддзӕхтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу Хуыцауы закъон сӕхицӕн рафыстаиккой ӕмӕ-иу ӕй алы бон дӕр кастаиккой (Дык. з. 17:18, 19). Апостолтӕ дӕр зыдтой: цӕмӕй Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы Фыстад кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Цы чингуытӕ ныффыстой, уыдоны сӕдӕгай хӕттыты ӕмбӕлынц скъуыддзӕгтӕ Дзуттаг Фыстытӕй. Ӕмӕ кӕмӕн хъусын кодтой, уыдоны дӕр разӕнгард кодтой, цӕмӕй Фыстад иртӕстаиккой (Хъуыд. 17:11). Уӕдӕ мах дӕр ӕмбарӕм, тынг ахсджиаг кӕй у Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын (1 Тим. 4:15). Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алкӕддӕр уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн уӕм. w16.06 2:10

Ӕртыццӕг, 11 апрель

Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).

Йегъовӕйы адӕмӕн се ’хсӕн ахӕм уарзондзинад кӕй ис, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, фӕстаг ӕнусы цы тугкалӕн хӕстытӕ уыд, уыдоны рӕстӕг. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты фӕмард 55 милуан адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хӕсты иу адӕймаджы дӕр нӕ амардтой (Мих. 4:1, 3). Ӕмӕ уый фӕрцы «ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр» сыгъдӕг сты (Хъуыд. 20:26). Йегъовӕйы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, кӕд сӕ ныхмӕ хъомысджын знаг архайы, уӕддӕр. Уыцы знаг у Хӕйрӕг, «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (2 Кор. 4:4). Йӕ къухы сты ацы дунейы политикон организацитӕ ӕмӕ хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы архайы хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл. Фӕлӕ йын дзы ницы уайы. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр алы мадзалӕй дӕр архайы, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ зоны, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад (Рарг. 12:12). w16.06 4:3, 4

Цыппӕрӕм, 12 апрель

Акӕсут-ма быдыры дидинджытӕм (Матф. 6:28).

Чырысти нын не ’ргом раздӕхта Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕм – «быдыры дидинджытӕм». Ӕвӕццӕгӕн, Йесо кодта гладиолустӕ, иристӕ, тюльпантӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дидинджыты кой. Сӕхицӕн сӕ дзаумӕттӕ хуыйын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ахӕм рӕсугъд сты, ӕмӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «паддзах Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи»! Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо дарддӕр цы загъта, ууыл: «Кӕд Хуыцау... кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн?» (Матф. 6:29, 30) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн уырнындзинад нӕ фаг кодта, уымӕн ӕмӕ сын афтӕ загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» (Матф. 8:26; 14:31; 16:8; 17:20). Уыдон хъуамӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндыдаиккой ӕмӕ ма дызӕрдыг кодтаиккой, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕйы махыл батыхсын фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны ӕмӕ уый йӕ бон дӕр кӕй у? w16.07 1:15, 16

Майрӕмбон, 13 апрель

Хуыцау уын уӕ бар бакодта... стыр хорзӕх, ӕмӕ сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн (1 Пет. 4:10).

Царды цыфӕнды фӕлварӕныл ма сӕмбӕлӕм, Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сӕрты ахизӕм (1 Пет. 1:6). Фӕлварӕнтӕ сты алыхуызон, фӕлӕ Хуыцау дӕр йе стыр хорзӕх ӕвдисы, ӕмӕ нын алы фӕлварӕны дӕр ратдзӕн, цы нӕ хъӕуа, уый, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Йегъовӕ йе стыр хорзӕх алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, уый фӕрцы хайджын стӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Иу дзы у, Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны. Нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтимӕ дарддӕр куы фӕтох кӕнӕм, уӕд нын сӕ Йегъовӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ ныххатыр кӕны (1 Иоан. 1:8, 9). Павел ныффыста: «[Йегъовӕ] нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы, ӕмӕ нӕ бакодта йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ. Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты» (Кол. 1:13, 14). Йегъовӕйӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынг бузныг стӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ нын кӕй хатыр кӕны, уый фӕрцы ма хайджын стӕм ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕр. w16.07 3:7–9

Сабат, 14 апрель

Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Райд. 3:15).

Кӕд Хӕйрӕджы аххосӕй Едемы цӕхӕрадоны ахӕм бӕллӕх ӕрцыд, уӕддӕр Йегъовӕ адӕмӕн фидӕнӕй ныфс бавӕрдта. Уыцы ныфсы тыххӕй фыст ис Библийы фыццаг пехуымпарады. Хуыцау зӕдтӕй сӕ иуы хъуамӕ рарвыстаид, цӕмӕй Хӕйрӕгӕн «йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕна». Уыцы «байзӕддаджы» фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фӕзындаид, фыццаг дыууӕ адӕймаджы ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы фадат – зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат, Йегъовӕ ӕппӕты райдианы куыд фӕнд кодта, афтӕ (Иоан. 3:16). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый сӕхи бинонтыл дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ иннӕ бинонтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Зӕгъӕм, Евӕйӕн сывӕллон аргӕйӕ уыди тынг зын, ӕмӕ афтӕ у сӕ хабар иннӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай, сылгоймаджы «ӕдзухдӕр фӕнды, цӕмӕй [йӕ] лӕгимӕ уа». Нӕлгоймӕгтӕ та сӕ устыты хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадзынц, суанг ма сӕм сӕ къух дӕр сисынц. Ӕмӕ абон бирӕ бинонтӕн сӕ хабар афтӕ у (Райд. 3:16). Библи нӕлгоймӕгтӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ устыты уарзой ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уой. Сылгоймӕгтӕн та фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ сӕрыхицӕутты нымайой (Еф. 5:33). Чырыстон бинонтӕ ӕмвӕндӕй куы архайой ӕмӕ сӕ иу иннӕйыл куы хъуыды кӕна, уӕд, кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты кӕй тыххӕй бацӕуой, ахӕм хабӕрттӕ се ’хсӕн уыдзӕн искуы иу хатт, йе та ӕппындӕр нӕ уыдзӕн. w16.08 1:6, 7

Хуыцаубон, 15 апрель

Ус, кӕцӕй йӕ зоныс, ӕмӕ дӕ лӕджы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Ӕмӕ йӕ ды дӕр, лӕг, цӕмӕй зоныс, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? (1 Кор. 7:16).

Чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ цардӕмбӕлттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕма сты. Библи ӕмбарын кӕны, ахӕм чырыстонӕн йӕ цардӕмбалимӕ баззайын хуыздӕр цӕмӕн у, уый (1 Кор. 7:12–14). Йӕ цардӕмбал Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕмӕн у, ахӕм ӕнӕуырнӕг адӕймаг, ӕмбары йӕ ӕви нӕ, уӕддӕр, у «сыгъдӕгыл нымад». Кӕд сын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уыдон дӕр сты «сыгъдӕг», ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау хъахъхъӕны. Ӕвӕццӕгӕн, алы ӕмбырды дӕр ис, йӕ цардӕмбалӕн ирвӕзындзинады фӕндагыл слӕууынӕн чи баххуыс кодта, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕр. Апостол Петр чырыстон сылгоймӕгтӕн дзуры, зӕгъгӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, «цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ». Усӕн, «Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд» куы уа, уӕд йӕ лӕгӕн Хуыцауы фӕндаг равзарынӕн тагъддӕр баххуыс кӕндзӕн (1 Пет. 3:1–4). w16.08 2:14, 15

Къуырисӕр, 16 апрель

Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд (1 Пет. 1:22).

Библийы фыст ис, «ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй» кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм (Лук. 22:24–27). Хуыцауы Фырт иннӕты тыххӕй йӕхиуыл ӕппындӕр нӕ ауӕрста. Адӕмы тыххӕй ма суанг йӕ цард дӕр радта (Матф. 20:28). Доркӕйӕ «иннӕтӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтой, стӕй тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн дӕр» (Хъуыд. 9:36, 39). Ромы иу хо, Марийӕ, зӕгъгӕ, «бирӕ бафыдӕбон кодта» ӕмбырды тыххӕй (Ром. 16:6). Нӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной, уый бамбарынӕн? Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ рынчынты кӕнӕ ацӕргӕты куы бӕрӕг кӕной, уӕд сӕ бон у ногты семӕ акӕнын. Уавӕр куы амона, уӕд сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты дӕр акӕнын. Иуӕй-иу хатт ацӕргӕ хотӕн кӕнӕ ӕфсымӕртӕн фӕхъӕуы хӕринаг ӕрбахӕссын кӕнӕ скӕнын, йе та сын сӕ хӕдзары истытӕ бацалцӕг кӕнын. Ӕмӕ уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон вӕййы уый ӕрыгӕттӕй кӕнӕ ногтӕй искӕимӕ саразын, цӕмӕй ӕмбырды алчидӕр зона, иннӕтӕн зынаргъ кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц (Ром. 12:10). w16.08 4:13, 14

Дыццӕг, 17 апрель

Уый... у ахӕм адӕймаг, дзырд чи фехъусы, чи йӕ бамбары ӕмӕ тыллӕг чи ратты (Матф. 13:23).

Иу ӕрыгон французаг хо загъта: «Нӕ ахуыргӕнджытӕ куы базонынц, нӕ рӕстӕджы ма скъоладзаутӕй чидӕр Библийыл кӕй ӕууӕнды, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкӕсы». Бирӕтӕ ӕууӕндынц эволюцийыл, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый та сӕ нӕ уырны. Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс кӕнӕ та Библи ӕрӕджы райдыдтай ахуыр кӕнын, уӕд, мыййаг, фӕхъуыды кӕныс, уӕдта ма, иннӕтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый ӕцӕгдӕр раст у, зӕгъгӕ? Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн? Библийы фыст ис: «Сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ уый хъахъхъӕндзӕн». Хъуыды кӕнын куы зонай, уӕд дӕ уый хъахъхъӕндзӕн, дӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕмӕй у, уыцы философитӕй (Ӕмб. 2:10–12). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы хорз зонӕм (1 Тим. 2:4). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нӕ публикацитӕ куы иртасай, уӕд-иу сӕ уӕлӕнгӕйтты ма кӕс. Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕй-иу, цы кӕсыс, уый бамбарай. w16.09 4:1–3

Ӕртыццӕг, 18 апрель

Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн (Ром. 12:21).

Кӕд нӕ сабибонты хорзӕй ницы федтам кӕнӕ ныртӕккӕ ахӕм уавӕры стӕм, ӕмӕ нӕ цыма къуыммӕ батардтой, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр фӕразонӕй тох кӕнӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнгӕй раарфӕ кӕндзӕн (Райд. 39:21–23). Мыййаг, ды дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс кӕнӕ дын цавӕрдӕр хъуыддаг фӕлварӕн у? Чи зоны, ницӕй тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафыс, чидӕр дӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы кӕнӕ та дӕ исчи хынджылӕг кӕны. Йе та дӕм, чи зоны, чидӕр хӕлӕг кӕны, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй цавӕрдӕр хъуыддаджы ӕнаххосӕй аххосджын кӕны. Дӕ къухтӕ ма ’руадз! Уый бӕсты дӕ зӕрдыл дар, Иаков, Рахил ӕмӕ Иосифӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаиккой. Уыдонӕн сӕйрагдӕр уыд, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уыдаиккой. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Хуыцау тыхтӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сын арфӕ кодта. Уыдон ӕдзухдӕр тох кодтой ӕмӕ, Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй куывтой, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтой. Мах цӕрӕм ацы фыддунейы фӕстаг бонты. Ӕмӕ нын фидӕнӕй цы ныфс ис, ууыл хъуамӕ фидар хӕцӕм. Фӕнды дӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссарыныл ӕппӕт тыхтӕй архайын? w16.09 2:8, 9

Цыппӕрӕм, 19 апрель

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый... у... уырнындзинад (Гал. 5:22).

Ныййарджытӕ, хъуамӕ уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уат уӕхи уырнындзинадӕй. Уӕ хъуыддӕгтӕ уын куы уыной, уӕд сыл уый ӕнӕмӕнгдӕр хорзырдӕм фӕзындзӕн. Уӕдӕ, ныййарджытӕ, уӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕнут. Уадз ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ уыной, Йегъовӕ уӕ Хӕлар кӕй у. Бермуды сакъадӕхтӕй иу лӕг ӕмӕ ус истӕуыл куы фӕтыхсынц, уӕд сӕ сывӕллӕттимӕ Йегъовӕмӕ разамынды тыххӕй фӕкувынц, стӕй сын фӕдзурынц, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр кувой. «Нӕ хистӕр чызгӕн фӕзӕгъӕм: „Дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дар, йӕ хъуыддаджы зӕрдиагӕй архай ӕмӕ ӕгӕр мацӕуыл мӕт кӕн“. Ӕмӕ стӕй, хъуыддаг куыд рауайы, уый куы фены, уӕд ӕй фӕзоны, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Уый фӕрцы йӕ уырнындзинад афтӕ бафидар вӕййы, ӕмӕ диссаг! Хуыцауыл дӕр ӕмӕ Библийыл дӕр ноджы тынгдӕр баууӕнды». Ныййарджытӕ, рох уӕ ма уӕд: сывӕллоны зӕрдӕйы уырнындзинад тыххӕй нӕ сырӕзын кӕндзынӕ. Сымахӕн уӕ бон у садзын ӕмӕ дон кӕнын, фӕлӕ рӕзын та Хуыцау кӕны (1 Кор. 3:6). Уӕдӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курут ӕмӕ уӕ хъӕбулты ахуыр кӕнгӕйӕ уӕ тыхтыл ма ауӕрдут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уын Йегъовӕ дӕр уӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн (Еф. 6:4). w16.09 5:16–18

Майрӕмбон, 20 апрель

[Уыцы ныхӕстӕ] арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы (Дык. з. 6:7).

Серж ӕмӕ йӕ бинойнаг Мюриэл ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды ӕртӕ азӕй фылдӕр куы фӕлӕггад кодтой, уӕд ӕй бафиппайдтой, сӕ 17-аздзыд лӕппуйӕн уацамынд ӕмӕ ӕмбырдтӕ циндзинад кӕй нал хӕссынц. Серж зӕгъы: «Куы йӕ бамбӕрстам, уыцы хъуыддаг нӕ лӕппуйы рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуын кӕй бахъыгдардта, уӕд сфӕнд кодтам фӕстӕмӕ нӕ раздӕры ӕмбырдмӕ аздӕхын». Ныййарджытӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной, ӕндӕр ӕмбырдмӕ ацӕуын сӕ куы фӕнда, уӕд? Фыццаг уал ахъуыды кӕнут: уӕ бон суыдзӕн уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын дӕр ӕмӕ сын ӕндӕр ӕвзаг амонын дӕр? Уымӕн уын фаг рӕстӕг ӕмӕ уӕм фаг хъарутӕ ис? Дыккаг: уӕ хъус дарут, уӕ сывӕллӕтты уацамынды ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггад кӕнын зӕрдиагӕй фӕнды ӕви нӕ. Кӕд уӕ зӕрдӕ истӕмӕ фехсайа, уӕд, чи зоны, сфӕнд кӕнат, уӕ сывӕллӕттӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ рацӕуын. Ӕмӕ стӕй, рӕстдзинады фӕндагыл фидар куы слӕууой, уӕд уӕ бон уыдзӕн ногӕй ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггад кӕнын (Дык. з. 6:5–7). w16.10 2:14, 15

Сабат, 21 апрель

Хуыцау Нойы, нырма цӕстӕй фенӕн цы нӕ уыд, уыдӕтты тыххӕй куы бафӕдзӕхста, уӕд ӕм йӕ уырнындзинады фӕрцы разынд Хуыцауы тас, ӕмӕ сарӕзта нау йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн (Дзут. 11:7).

Адӕм Нойы куыннӕ фарстаиккой, ацы ӕнахуыр цыдӕр цӕмӕн аразыс, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу цымӕ Ной уӕд хъусӕй лӕууыд кӕнӕ-иу сын афтӕ загъта, уый уӕ хъуыддаг нӕу, зӕгъгӕ? Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, йӕ уырнындзинад ӕй кӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кодтаид. Ной йӕ алыварс цӕрӕг адӕмы фӕдзӕхста, Хуыцау фыдгӕнджытӕн тӕрхон кӕй кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн сын дзырдта, Йегъовӕ йын йӕхицӕн кӕй загъта, растдӕр уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. [...] Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны. Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты». Стӕй ма сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбарын кодтаид, сӕ бон фервӕзын куыд у, уый дӕр ӕмӕ сын дзырдтаид, Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый: «Хъуамӕ бацӕуат наумӕ». Уӕдӕ Ной «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» кӕй уыд, уымӕй равдыста йӕ уырнындзинад (Райд. 6:13, 17, 18; 2 Пет. 2:5). w16.10 4:7

Хуыцаубон, 22 апрель

Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл... йӕ бар нӕ цӕуы (Йер. 10:23).

Библийы Йегъовӕ ныффыссын кодта, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ хъомыл кӕной, уый. Чырыстӕттӕ хъуамӕ къӕрцхъус уой, цӕмӕй сыл бынӕттон ӕгъдӕуттӕ ма фӕзыной. Ацы дунейы зондахастӕн чырыстон бинонты ’хсӕн бынат нӕй (Еф. 2:2). Кӕд фыд чырыстон у, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзӕн, махмӕ сывӕллӕтты сылгоймӕгтӕ хъомыл кӕнынц, зӕгъгӕ. Библи комкоммӕ дзуры: «Фыдӕлтӕ... уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4). Хуыцауы чи уарзы, уыцы фыд ӕмӕ мады фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ уа сӕ хӕлар, гыццыл Самуилӕн куыд уыд йӕ хӕлар, афтӕ (1 Сам. 3:19). Уӕдӕ цалынмӕ нӕ бинонтимӕ ӕмӕ нӕ куыстимӕ баст фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнӕм, уӕдмӕ уал хъуамӕ Библимӕ ’ркӕсӕм. Мах ӕнӕмӕнг хъӕуы нӕ уӕларвон Фыды ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ нӕ къахдзӕфтыл нӕ бар нӕ цӕуы. w16.11 3:14, 15

Къуырисӕр, 23 апрель

Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты фыдӕбонмӕ, де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм, уӕд цы у зӕххон адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай? (Пс. 8:3, 4).

Йегъовӕмӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй у, уый ирдӕй зыны йе сконд хъуыддӕгтӕй. Уый «зонды фӕрцы сӕвӕрдта зӕххӕн бындур, арфуынындзинады фӕрцы сфидар кодта арв» (Ӕмб. 3:19). Мах Хуыцауы сконд хъуыддӕгты тыххӕй нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм. Цы зонӕм, уыдӕттӕ сты «йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам» (Иов 26:14). Фӕлӕ уӕддӕр, Дун-дунейы тыххӕй цы зонӕм, уымӕй бӕрӕг у, алцӕмӕн дӕр дзы уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй ис. Галактикӕты цы милуангай стъалытӕ ис, уыдон змӕлынц бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Хуры алыварс цы планетӕтӕ зилы, уыдон дӕр кӕрӕдзи ӕппындӕр нӕ хъыгдарынц – раст сын цыма чидӕр фӕндаджы ӕгъдӕуттӕ сфидар кодта, афтӕ! Дун-дунейы ахӕм диссаджы уаг ӕмӕ ӕгъдау ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы. Уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх цы «стыр зондӕй» сфӕлдыста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм, лӕггад ын кӕнӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм (Пс. 136:1, 5–9). w16.11 2:3

Дыццӕг, 24 апрель

Уыдон Йегъовӕйӕн суыдзысты, кувинӕгтӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи хӕсдзӕн, ахӕм адӕм (Мал. 3:3).

Малахийы 3:1–3 дзырд цӕуы, Библииртасджытыл 1914 азӕй 1919 азы райдианмӕ цы хабӕрттӕ цыд, уыдоныл. Йегъовӕ Хуыцау, ома «ӕцӕг Хицау», ӕмӕ Йесо Чырысти, ома «бадзырды минӕвар», ӕрцыдысты «Левийы фыртты», ома сӕрст чырыстӕтты, хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынмӕ. Йегъовӕ сын сӕ рӕдыдтытӕм куы бацамыдта ӕмӕ сӕ куы ссыгъдӕг кодта, уӕд цӕттӕ уыдысты ног хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ. 1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» – уый хъуамӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн разамынд лӕвӕрдтаид (Матф. 24:45). Кӕдӕй-уӕдӕй Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы фӕндон хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтой. Ӕмӕ дзы йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй тынг бузныг сты! w16.11 5:14

Ӕртыццӕг, 25 апрель

Уӕ хорзӕхӕй, бафӕлварут мӕ... зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафат, афтӕ (Мал. 3:10).

«Фыццаг [нӕ] Хуыцау бауарзта», ӕмӕ йӕ мах дӕр уымӕн уарзӕм (1 Иоан. 4:19). Ӕмӕ йӕ цас фылдӕр уарзӕм, уыйас нӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕны. Ӕмӕ нӕ тынгдӕр бауырны, кӕй уарзы, уыдонӕн ӕнӕмӕнг кӕй арфӕ кӕндзӕн (Дзут. 11:6). Йегъовӕ у нӕ Фыд, ӕмӕ йын ӕхсызгон у йӕ лӕггадгӕнджыты хорздзинӕдтӕй хайджын кӕнын. Уый йӕ удыхъӕды ис. Ӕмӕ кӕд дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн, ууыл, уӕд нӕ уырнындзинад ӕххӕст нӕу. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ «уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа» (Дзут. 11:1). Кӕд Хуыцауыл ӕууӕндӕм, уӕд нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, арфӕдзинӕдтӕй нӕ кӕй схайджын кӕндзӕн. Абоны стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу ӕй бафӕлварӕм. Уӕдӕ-иу Йегъовӕйы куы бафӕлварӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, ахӕм фадаты тыххӕй дзы тынг бузныг кӕй стӕм. w16.12 4:1–3

Цыппӕрӕм, 26 апрель

Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ (Ром. 8:6).

Гӕнӕн ис, ӕмӕ, Хуыцауӕн бирӕ азтӕ чи лӕггад кӕны, ахӕм чырыстон дӕр райдайа, «буары цы фӕнды», ӕппынӕдзух ууыл хъуыды кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон иуӕй-иу хатт фӕхъуыды кӕны хӕрдыл, куыстыл, йӕ фӕллад суадзыныл кӕнӕ бинонтӕ скӕныныл дӕр. Фӕлӕ Павел уый кой нӕ кодта. Уыцы хабӕртты ӕвзӕрӕй ницы ис. Йесо дӕр фынгыл минас кодта ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг дӕр адӕмӕн хӕринаг лӕвӕрдта. Улӕфын кӕй хъӕуы, уый дӕр ӕмбӕрста. Стӕй Павел та ныффыста, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл кӕй хъуамӕ узӕлой. Цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый нысан кӕны, адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр иу цӕуылдӕр кӕй сты ӕмӕ йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ пълӕнттӕ ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддагимӕ баст кӕй сты. Иу ахуыргонд куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ахӕм адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц сӕ хиуарзон фӕндтыл, ӕндӕр сӕ ницы фендавы ӕмӕ ныхас дӕр ӕндӕр ницӕуыл фӕкӕнынц. Ӕмӕ уый фӕзыны, куыд цӕрынц, ууыл дӕр. w16.12 2:5, 9, 10

Майрӕмбон, 27 апрель

Чи дӕ, ӕмӕ иннӕмӕн тӕрхон кӕнай? (Иак. 4:12).

Адӕймаг йӕхиуыл фервӕссы, йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндты фӕдыл куы ацӕуы, уӕд, зӕгъӕм, кадмондаг куы свӕййы, иннӕтӕм куы фӕхӕлӕг кӕны кӕнӕ йӕ маст куы нӕ фӕуромы, уӕд. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Авессалом, Ози ӕмӕ Навуходоносор дӕр сӕ тӕригъӕдджын буары фӕндты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй сӕхиуыл фервӕссыдысты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕрныллӕг кодта (2 Сам. 15:1–6; 18:9–17; 2 Аз. 26:16–21; Дан. 5:18–21). Адӕймаг ма ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр хатт бонзонгӕ нӕ разыны. Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ дыууӕ цӕвиттонмӕ: Райдиан 20:2–7 ӕмӕ Матфейы 26:31–35. Мыййаг, Авимелех ӕмӕ Петрӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕхиуыл фервӕссыдысты? Ӕви афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ хабӕрттӕ иууылдӕр нӕ зыдтой, кӕнӕ та, цы аразынц, ууыл дзӕбӕх нӕ ахъуыды кодтой? Мах нӕ зонӕм, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый, ӕмӕ раст нӕ уыдзӕн, цы сарӕзта, уый тыххӕй йын куы тӕрхон кӕнӕм. w17.01 3:9, 10

Сабат, 28 апрель

Идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ (Лук. 21:4).

Мӕгуыр идӕдз усау абон дӕр бирӕты уырны, ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы уа, уӕд нӕ Йегъовӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ ныууадздзӕн (Матф. 6:33). Ӕркӕсӕм-ма ӕфсымӕр Малколмы цӕвиттонмӕ. Малколм ӕмӕ йӕ бинойнаг Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой, ӕмӕ сӕ царды хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ федтой, фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты. Малколм загъта: «Райсом ныл цы ’рцӕудзӕн, уый нӕ фӕзонӕм, стӕй зын уавӕрты дӕр бахауӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕхи зондӕй ныфсджын чи вӕййы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн». Стӕй радта ахӕм уынаффӕ: «Кув, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнай, дӕ бон цас у, уыйбӕрц. Хъуыды кӕн, дӕ бон саразын цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ дӕ бон цы у, ууыл». Ацы дуне кӕны «фыддӕрӕй-фыддӕр», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ зындзинӕдтӕ дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (2 Тим. 3:1, 13). Уӕдӕ абон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй-иу зындзинӕдты тыххӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм. Стӕй ма хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ-иу, нӕ бон цы у, уый аразӕм. w17.01 1:17–19

Хуыцаубон, 29 апрель

Ды мын нӕ сараздзынӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзар (1 Аз. 17:4).

Йегъовӕйы номыл «хӕдзар», кӕнӕ кувӕндон, кӕй нӕ уыд, уый Давидмӕ хорз нӕ каст. Фӕлӕ, абоны стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрды ӕндӕр цыдӕр уыд. Йегъовӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, дарддӕр ын кӕй арфӕ кӕндзӕн, фӕлӕ йын загъта, кувӕндон йӕ фырт Соломон кӕй сараздзӕн (1 Аз. 17:1–4, 8, 11, 12; 29:1). Давиды тынг фӕндыд Йегъовӕйӕн кувӕндон саразын, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныфсытӕй фӕфыдӕнхъӕл. Фӕлӕ уӕддӕр, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кодта. Алыхуызон кусджыты ӕрӕмбырд кодта, ӕрцӕттӕ кодта ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ кедрбӕласы хъӕдтӕ. Кувӕндон саразыны кад уымӕ кӕй не ’рхауд, ууыл нӕ мӕт кодта. Ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы кувӕндон ӕцӕгдӕр Давиды кувӕндон не схуыдтой, фӕлӕ Соломоны кувӕндон. Давид Соломонӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта: «Йегъовӕ демӕ уӕд, мӕ фырт, ӕмӕ ды уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар сараздзынӕ» (1 Аз. 22:11, 14–16). w17.01 5:6, 7

Къуырисӕр, 30 апрель

Фервӕзын нӕ кӕн ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕн дӕ номы тыххӕй (Пс. 79:9).

Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, суанг уӕд дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Йӕ цӕсты раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ рухс дӕрдтыл кӕлдзӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном кадджын кӕндзыстӕм (Матф. 5:14–16). Сыгъдӕг цард кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, Хӕйрӕг та мӕнгдзурӕг кӕй у. Куы фӕрӕдийӕм,– ӕнӕрӕдигӕ та ничи у,– уӕд дӕр зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы ном чи ӕгад кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм. Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Йегъовӕ уыцы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Йӕхи йын чи снывонд кӕны, уыдон свӕййынц йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Йегъовӕ йӕ адӕмы нымайы рӕстгӕнджытыл. Сӕрст чырыстӕтты нымайы йӕ фырттыл, «ӕндӕр фысты» та – йӕ хӕлӕрттыл (Иоан. 10:16; Ром. 5:1, 2; Иак. 2:21–25). Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ нӕ уӕларвон Фыд Чырыстийы нывонды фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымайы ӕмӕ нӕ бон у Хуыцауы ном рухс кӕнын. w17.02 2:5, 6

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын