Май
Дыццӕг, 1 май
Аммоны фырттӕ... басастысты (Тӕрх. 11:33).
Йеффай зыдта, ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй израилӕгты аммонӕгтӕй кӕй не ссӕрибар кӕндзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ын «судзинаг нывондӕн» кӕй ратдзӕн, йӕ хӕдзарӕй йӕм фыццаг чи рацӕуа, уыцы адӕймаджы (Тӕрх. 11:30, 31). Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг уыд? Адӕмы-иу нывондӕн кӕй ӕрхастой, уымӕй Йегъовӕ алкӕддӕр йе сӕфт уыдта. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йеффай адӕймаджы нывондхӕссӕныл басудзынмӕ кӕй нӕ хъавыд (Дык. з. 18:9, 10). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ судзинаг нывонд уыди, адӕймаг-иу ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй радта, ахӕм лӕвар. Уӕдӕ Йеффайы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн кӕй балӕвар кӕна, уыцы адӕймаг цӕрӕнбонты Хуыцауы цатыры лӕггад кӕндзӕн. Йегъовӕ Йеффайы фехъуыста, ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаид (Тӕрх. 11:32). Йеффай тохы быдырӕй йӕ хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ размӕ фыццаг рацыд йӕ чызг – йӕ иунӕг, йӕ уарзон хъӕбул! Цымӕ Йеффай йӕ ныхасӕн хицау разынд? w16.04 1:11–13
Ӕртыццӕг, 2 май
Адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цы сын кастысты, уый ӕмбарынӕн (Неем. 8:8).
Цалдӕр азы размӕ ӕмбырды ахуыр кодтам чиныг «Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры». Уыцы чиныгӕй, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дзуаппытӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уый фӕрцы Йегъовӕйы тынгдӕр уарзын нӕ райдыдтай? Ӕмбырдты ма фӕхъусӕм раныхӕстӕм, Библи куыд фӕкӕсынц, уымӕ, стӕй фӕкӕсӕм равдыстытӕм, ӕмӕ уый фӕрцы Библи хуыздӕр базонӕм. Ахуыргӕнӕн брошюрӕты цы статьятӕ вӕййы, уыдон ӕмбырды кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый (1 Фес. 4:9, 10). Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ, ӕмбырды цы статья равзӕрстат, уый дӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнай, дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнай йе та хойӕн кӕнӕ ӕфсымӕрӕн ныххатыр кӕнай? «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды та фӕахуыр кӕнӕм, хъусын кӕнын ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ ӕмбарын кӕнын куыд хъӕуы, ууыл (Матф. 28:19, 20). w16.04 3:4, 5
Цыппӕрӕм, 3 май
Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн (Ром. 15:4).
Библийы иу ӕмӕ дыууӕ ахӕм хабары кой нӕй, иу адӕймаг-иу иннӕйы ныхмӕ куы сси. Искуы сыл хъуыды кодтай? Райдианы чиныджы фыццаг сӕртӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕрмӕст уым дӕр фыст ис цалдӕр ахӕм хабары: Каин амардта Авелы (Райд. 4:3–8); Ламех амардта иу ӕрыгон лӕппуйы, уыцы лӕппу йӕ кӕй ныццавта, уый тыххӕй (Райд. 4:23); Авраамы фыййӕуттӕ быцӕу кодтой Лоты фыййӕуттимӕ (Райд. 13:5–7); Агар Саррӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта, Саррӕ та Авраамыл хъуыр-хъуыр кодта (Райд. 16:3–6); Измаил «алкӕй ныхмӕ дӕр цыд, ӕмӕ алчидӕр цыди йӕ ныхмӕ» (Райд. 16:12). Цымӕ ахӕм хабӕрттӕ Библийы фыст цӕмӕн ӕрцыдысты? Уымӕн ӕмӕ, уыцы хабӕртты кӕй кой цӕуы, уыдонау мах дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ, уыдон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, мах дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм. Ӕмӕ сын сӕ цӕвиттонтыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, ахӕм уавӕрты куыд хъуамӕ архайӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм. Уый та нын баххуыс кӕндзӕн кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынӕн. w16.05 1:1, 2
Майрӕмбон, 4 май
Хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10).
Цымӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар куыд хъусын кодтой? Уыдон цыдысты, сӕ бон адӕмы ссарын кӕмдӕриддӕр уыд, уырдӕм. Зӕгъӕм, хъусын кодтой уынгты ӕмӕ базарты. Стӕй ма хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр цыдысты ӕмӕ афтӕмӕй дӕр агуырдтой «аккаг адӕймӕгты» (Матф. 10:11; Лук. 8:1; Хъуыд. 5:42; 20:20). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй цыдысты, уый фӕрцы сӕ бон уыди алыхуызон адӕмӕн хъусын кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Йесо Чырысти 1914 азӕй фӕстӕмӕ Паддзах кӕй у, уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр уыдон хъусын кӕнынц. Уыдон Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдӕмӕ айстой, ӕмӕ сын уыцы куыст у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр. Иу чиныджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, сӕ сӕйраг нысан нӕ рох кӕнынц – дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны ӕмӕ аирвӕзӕн куыд ис, уый тыххӕй хъусын кӕнын (Pillars of Faith—American Congregations and Their Partners). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абоны онг дӕр хорз хабар хъусын кӕнынц, Йесо ӕмӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъусын кодтой, растдӕр афтӕ. w16.05 2:10, 12
Сабат, 5 май
Ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ (Ӕмб. 2:5).
Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ хорзӕх ӕмӕ йӕ арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстӕм (Иак. 4:8). Ӕмӕ йыл уый фӕрцы та нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзыстӕм. Цӕй уӕдӕ, Библийы цы кӕсӕм, ууыл арф хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый ӕмбарӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы тыххӕй алцыдӕр кӕронмӕ никуы базондзыстӕм (Иов 26:14). Фӕлӕ ныр дӕр Хуыцауы базоныныл зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм зондджын ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕмб. 2:1–5). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ ивынц, фӕлӕ Йегъовӕ нӕ ивы. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йегъовӕйы уынаффӕ... уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Пс. 33:11). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы аразӕм, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм. w16.05 3:17
Хуыцаубон, 6 май
Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ (1 Сам. 16:7).
Йегъовӕ зӕрдӕтӕ кӕй уыны ӕмӕ, йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кӕндзӕн, уыдоны йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, уый зонгӕйӕ мах та куыд хъуамӕ архайӕм? Нӕ участокты чи цӕры ӕмӕ не ’мбырды чи ис, уыдонӕн-иу хъуамӕ тӕрхонгӕнӕгӕй ма ныллӕууӕм (Иоан. 6:44). Йегъовӕйы нӕ Дурынгӕнӕгыл куы нымайӕм, уӕд уый фӕзындзӕн, нӕ хотӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл дӕр (Ис. 64:8). Афтӕ сӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ныртӕккӕ цы сты, уымӕй хъауджыдӕр никуы фӕивдзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ ӕмбардзыстӕм, хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй кӕндзысты. Йегъовӕ дӕр сӕм раст ахӕм цӕстӕй кӕсы. Уый уыны, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты ӕмӕ йӕ зоны, ӕнӕххӕст ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ кӕй сты. Йегъовӕ зоны, йӕ арӕхстджын къухты сӕ алчидӕр цавӕр адӕймаг суыдзӕн (Пс. 130:3). Махӕн дӕр нӕ бон у не ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у нӕ Дурынгӕнӕгимӕ ӕмгуыст кӕнын дӕр, ома нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивой (1 Фес. 5:14, 15). Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ иннӕтӕн фӕзминаг уой (Еф. 4:8, 11–13). w16.06 1:4–6
Къуырисӕр, 7 май
Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа (1 Кор. 10:12).
Адӕмӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ (Гал. 5:22, 23). Чырысти куыд архайдта, афтӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕм адӕм дӕр хуыздӕр байхъусынц ӕмӕ ма нӕм иуӕй-иутӕ ӕндӕр цӕстӕй дӕр ракӕсынц. Зӕгъӕм, дыууӕ хъусынгӕнӕджы Австралийы иу сылгоймагимӕ куы сныхас кодтой, уӕд сӕм уый рамӕсты ӕмӕ сӕм тызмӕгӕй сдзырдта. Фӕлӕ йӕм уыцы Ӕвдисӕнтӕ уӕзданӕй байхъуыстой. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ филиалмӕ писмо ныффыста. Йӕ писмойы хатыртӕ ракуырдта ӕмӕ загъта: «Куыд ӕнӕзонд уыдтӕн! Уыдон мӕм Хуыцауы Ныхасимӕ ӕрбацыдысты, ӕз та сӕ ӕфхӕргӕ бакодтон». Уыцы хабарӕй зыны, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ уӕздан уӕм. Ӕцӕгдӕр, нӕ лӕггады фӕрцы ӕрмӕст иннӕтӕн не ’ххуыс кӕнӕм, фӕлӕ ма нӕхи удыхъӕды дӕр хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. w16.06 2:12, 13
Дыццӕг, 8 май
Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Матф. 22:39).
Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм (Ром. 5:12, 19). Ӕмӕ-иу уый тыххӕй афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ нын ӕмбырды чидӕр йӕ ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны. Куыд бакӕндзыстӕм ахӕм уавӕры? Йегъовӕйы раздӕрау уарздзыстӕм? Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмыл дӕр ӕнувыд уыдзыстӕм? Зӕгъӕм, Илий уыд Израилы хистӕр сауджын, фӕлӕ йӕ дыууӕ фырты Йегъовӕйы закъӕттӕ ницӕмӕ дардтой. Библийы фыст ис: «Илийы фырттӕ уыдысты ӕнаккаг адӕм, Йегъовӕ сӕм нымады дӕр нӕ уыд» (1 Сам. 2:12). Илий зыдта, йӕ фырттӕ тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, фӕлӕ сын зонд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ амыдта. Ӕмӕ йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ Илийы ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты бафхӕрдта. Фӕстӕдӕр Илийы байзӕддӕгтӕн хистӕр сауджынтӕй лӕггад кӕныны бар дӕр нал уыд (1 Сам. 3:10–14). Уыцы рӕстӕг куы цардаис ӕмӕ, Илий йӕ фыртты фыдхъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсы, уый куы зыдтаис, уӕд цы ахъуыды кодтаис? Уыцы хъуыддаг дын цӕлхдур суыдаид ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтаис? w16.06 4:5, 6
Ӕртыццӕг, 9 май
Ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр [уын] уыдзӕни (Матф. 6:33).
Йесо бамбарын кодта, ацы ныхӕстыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм. Уый загъта: «Уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц». Йегъовӕ алкӕддӕр фӕзоны, цы дӕ хъӕуы, уый,– суанг ӕй дӕхӕдӕг дӕр куы нӕма бамбарыс, уӕд дӕр (Фил. 4:19). Йегъовӕ зоны, тагъд дӕ дзаумӕттӕй ивинаг кӕцы уыдзӕн, уый. Зоны йӕ, цавӕр хӕринӕгтӕ дӕ хъӕуы хӕрын. Стӕй ма зоны, дӕу ӕмӕ дӕ бинонты цӕрӕнбынат дӕр кӕй хъӕуы. Ӕмӕ Йегъовӕ батыхсдзӕн, цӕмӕй дын уа, ӕцӕгдӕр дӕ цы хъӕуы, уый. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ Паддзахады хъуыддаг нын сӕйраг куы уа, уӕд нын йӕ хорздзинӕдтӕ кӕй не ’вгъау кӕндзӕн. Ӕмбарӕм ма уый дӕр, ӕмӕ «Хуыцауыл иузӕрдион» куы уӕм, уӕд нӕм цы ис, уымӕй райгонд уыдзыстӕм. «Хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый [нын] куы уа, уӕд уый фагыл нымайдзыстӕм» (1 Тим. 6:6–8). w16.07 1:17, 18
Цыппӕрӕм, 10 май
Знӕгтӕ уӕвгӕйӕ бафидыдтам Хуыцауимӕ йӕ Фырты мӕлӕты руаджы (Ром. 5:10).
Чырыстийы нывонды фӕрцы нын фӕзынд фадат, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы стыр хорзӕхимӕ куыд баст у, уый тыххӕй Павел йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн загъта: «Уӕдӕ ныр, нӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнджытыл нымад куы ’рцыдыстӕм, уӕд, фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы. Уый фӕрцы ма нын нӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ байгом фӕндаг дӕр, ныртӕккӕ хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы стыр хорзӕхмӕ» (Ром. 5:1, 2). Уый цӕй диссаджы арфӕдзинад у! Пехуымпар Данел фыста, зӕгъгӕ, кӕроны рӕстӕджы, «ӕмбаргӕ чи у», ома, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон, «бирӕты рӕстдзинадмӕ» ӕрбакӕндзысты (Дан. 12:3). Сӕрст чырыстӕттӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы милуангай «ӕндӕр фыстӕн» баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнджытӕ суой (Иоан. 10:16). Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы (Ром. 3:23, 24). w16.07 3:10, 11
Майрӕмбон, 11 май
Сӕ зӕрдӕмӕ-иу чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой (Райд. 6:2).
Зӕдтӕ афтӕ конд нӕ уыдысты, ӕмӕ зӕххон сылгоймӕгтимӕ цӕрой. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ устытӕн гуырди ӕнахуыр фырттӕ, рауад-иу сӕ ӕгъатыр уӕйгуытӕ, хуыдтой сӕ нефилимтӕ. Уыцы рӕстӕг «зӕххыл адӕм бынысӕфт... фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр... уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл» (Райд. 6:1–5). Йегъовӕ загъта, зӕххыл доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн ӕмӕ фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ адӕм сӕ царды кой кодтой, устытӕ куырдтой, моймӕ цыдысты, ӕмӕ сын «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг Ной» хъаймӕты тыххӕй цы дзырдта, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд (2 Пет. 2:5). Йесо Нойы рӕстӕг абарста нӕ рӕстӕгимӕ (Матф. 24:37–39). Абон, ацы фыддунейы кӕроны размӕ, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Фӕлӕ йӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусынц. Уӕдӕ Нойы заман чи цард, уыцы адӕмы хабар нын зондзонӕн куыд у? Суанг бинонты цардыл ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныныл дӕр хъуамӕ афтӕ ма суӕм, ӕмӕ нӕ айрох уа, Йегъовӕйы бонмӕ бирӕ кӕй нал ис, уый. w16.08 1:8, 9
Сабат, 12 май
Рӕстӕг бирӕ нал баззад. Гъемӕ, устытӕ кӕмӕн ис, уыдон абонӕй фӕстӕмӕ афтӕ цӕрӕнт, цыма сын устытӕ нӕй. [...] Ӕмӕ ацы дунейӕ чи пайда кӕны, уыдон дӕр уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ (1 Кор. 7:29–31).
Ныр у «фӕстаг бонты» кӕрон ӕмӕ «скодта тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1–5). Фӕлӕ Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн ацы дунейы ныхмӕ фӕлӕууын. Абоны стихы ныхӕстӕй Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ бинонтӕ хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийыл мауал хъуыды кӕной. Фӕлӕ рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр уой Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕ (Матф. 6:33). Кӕд тынг зын рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ бирӕ бинонтӕн сӕ цард фехӕлы, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бинонтӕ амондджын уой. Бинонджын чырыстӕттӕ Йегъовӕимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ ӕнгом куы уой, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрой ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы хъусой, уӕд, «Хуыцау цы баиу кодта, уый» ницы ахицӕн кӕндзӕн (Мар. 10:9). w16.08 2:17, 18
Хуыцаубон, 13 май
Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут (1 Пет. 5:2).
Ӕмбырдты хъӕуы фылдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Ӕмӕ фидӕны хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм ӕфсымӕрты хъӕуы ахуыр кӕнын. Павел Тимофейӕн загъта: «Бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын» (2 Тим. 2:1, 2). Павел уыди апостол ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ дзы Тимофей бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Ӕмӕ стӕй йӕхӕдӕг дӕр йӕ лӕггады Павелы мадзӕлттӕй пайда кодта (2 Тим. 3:10–12). Павел Тимофейы йӕхи бар нӕ ныууагъта, дарддӕр ӕй ахуыр кодта. Йемӕ дӕр ма йӕ акодта (Хъуыд. 16:1–5). Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕй искӕй куы бӕрӕг кӕной, уӕд сӕ бон у кӕцыдӕр уавӕрты, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй хъӕугӕ миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдоны семӕ акӕнын. Ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ куы уыной, цӕстдарджытӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ куыд арӕхсынц, цы фидар уырнындзинад сын ис, куыд фӕразон сты ӕмӕ иннӕты куыд уарзынц, уӕд уыдон дӕр уыцы миниуджытыл ахуыр кӕндзысты ӕмӕ «Хуыцауы дзугӕн» суыдзысты хорз фыййӕуттӕ. w16.08 4:16, 17
Къуырисӕр, 14 май
Дӕ къухтӕ ма ’руадз (Соф. 3:16).
Искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтты, хорзӕй куы ницӕмӕуал фенхъӕлмӕ кӕсы, уӕд Библи ахӕм адӕймаджы тыххӕй фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, йӕ къухтӕ ӕруагъта (2 Аз. 15:7; Дзут. 12:12). Хӕйрӕджы фыддунейы цӕрын афтӕ зын у, ӕмӕ адӕймаджы арӕх сагъӕстӕ сӕ быны скӕнынц ӕмӕ йӕ ныфс асӕтты. Науӕнгуыр нау размӕ цӕуын куыд нал фӕуадзы, афтӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ дӕр адӕймаджы размӕ нал фӕуадзынц (Ӕмб. 12:25). Цымӕ йӕ ахӕм уавӕрмӕ цы ’ркӕны? Чи зоны, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чидӕр фӕзиан, ӕмӕ ууыл маст кӕныс, кӕнӕ та уӕззау низимӕ тох кӕныс. Йе та дын, чи зоны, дӕ бинонты фӕдарын зын у, уымӕн ӕмӕ абон ӕхца бакусын ӕнцон нӕу. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ дины тыххӕй дӕ ныхмӕ цӕуынц. Ӕмӕ кӕд ахӕм уавӕры бирӕ рӕстӕг дӕ, уӕд дӕм, чи зоны, тыхтӕ ӕппындӕр нал ис ӕмӕ дын цард царды ад нал кӕны. Фӕлӕ дызӕрдыг ма кӕн: Хуыцау дӕм йе ’ххуысы къух раттынмӕ цӕттӕ у (Ис. 41:10, 13). w16.09 1:2, 4
Дыццӕг, 15 май
Ӕз цӕудзынӕн, дӕ фӕдзӕхстытӕ цы фӕндаг амонынц, ууыл (Пс. 119:32).
Бирӕтӕ тох кӕнынц сӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ. Кӕйдӕрты та хъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ хъусын кӕнын фӕнда. Кӕмӕндӕрты та се ’нӕниздзинад лӕмӕгъ у, чидӕр та у иунӕг. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сын зын у, чи сӕ фӕхъыг кодта кӕнӕ сӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн ныххатыр кӕнын. Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ не ’ппӕт дӕр тох кӕнӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ цы хъыгдары, уыдӕтты ныхмӕ. Стӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион адӕмӕй алкӕй дӕр кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн. Кӕд дыл де ’нӕххӕст зӕрдӕ тых кӕнын райдыдта, уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых кур. Куы кувай ӕмӕ дын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы хай кӕна, уӕд дӕм раст архайынӕн хъарутӕ уыдзӕн. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр уӕд арфӕ кӕндзӕн. Цӕй тыххӕй кувыс, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕн. Библи алы бон дӕр кӕс, стӕй-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн Библи хицӕнӕй ӕмӕ дӕ бинонтимӕ ахуыр кӕнынӕн дӕр (Пс. 119:32). w16.09 2:10, 11
Ӕртыццӕг, 16 май
Уырнындзинад... у... адӕймаг... бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты (Дзут. 11:1).
Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын исчи зӕгъа: «Ӕз эволюцийыл уымӕн ӕууӕндын, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ дӕр ууыл ӕууӕндынц. Фӕлӕ дӕу Хуыцау куыд уырны, кӕд ӕмӕ йӕ никуы ничи федта?» Афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, махӕй Хуыцауы ничи федта. Уӕдӕ, дуне куыд фӕлдыста, уый дӕр нӕ федтам (Иоан. 1:18). Фӕлӕ эволюцийыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдон дӕр ӕууӕндынц, цы нӕ федтой, ууыл. Уӕлдай нӕу, ахуыргонд уай ӕви хуымӕтӕг адӕймаг,– иу цӕрӕгойӕ ӕндӕр цӕрӕгой рауайгӕ ничи федта. Зӕгъӕм, чи зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, ӕз федтон, калмӕй пыл куыд рауад, уый? (Иов 38:1, 4). Уымӕ гӕсгӕ алчидӕр хъуамӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ раиртаса ӕмӕ сыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуа. Апостол Павел ныффыста: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. Уӕдӕ уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты» (Ром. 1:20). w16.09 4:4
Цыппӕрӕм, 17 май
Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый (Дзут. 13:2).
Израилы ӕрцӕуӕггӕгтӕ чи уыд, уыдоныл Йегъовӕ батыхст. Зӕгъӕм, сӕ бон уыди, хуымгӕрдӕны фӕстӕ-иу цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон ӕмбырд кӕнын (Лев. 19:9, 10). Йегъовӕ израилӕгтӕн бардзырд нӕ радта, ӕрцӕуӕггӕгтӕн аргъ кӕнут, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ уавӕр ӕмбӕрстаиккой (Рац. 23:9). Израилӕгтӕн сӕхи уд дӕр хорз зыдта, «ӕрцӕуӕггаг цы у, уый». Цалынмӕ сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ не скодтой, уӕдмӕ дӕр сӕм, ӕвӕццӕгӕн, сӕ адӕмыхатты кӕнӕ сӕ дины тыххӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты (Райд. 43:32; 46:34; Рац. 1:11–14). Египетӕгтӕ израилӕгтӕн бирӕ хъыцъыдӕттӕ бадардтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ иннӕтӕн афтӕ кодтаиккой, хъуамӕ сын ӕрцӕуӕггаг уыдаид «израиладжы хуызӕн» (Лев. 19:33, 34). Дзырд дӕр ыл нӕй, абон дӕр Йегъовӕ афтӕ тыхсы, не ’мбырдты цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдоныл (Дык. з. 10:17–19; Мал. 3:5, 6). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл ахъуыды кӕнын. Чи зоны, ӕвзаг нӕ зонынц кӕнӕ сӕм бынӕттон адӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц. Сӕ уавӕр сын куы ’мбарӕм, уӕд нӕм сӕ рыст тынгдӕр хъардзӕн ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уыдзыстӕм (1 Пет. 3:8). w16.10 1:3–5
Майрӕмбон, 18 май
Буар ӕнӕ улӕфтӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у (Иак. 2:26).
Иаков йӕ фыстӕджы ныффыста: «Равдис мын дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад равдисдзынӕн мӕ хъуыддӕгтӕй» (Иак. 2:18). Иаков бӕлвырдӕй бамбарын кодта, ӕнӕуи дӕ исты уырна, уый иу кӕй у, ӕмӕ дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй уа бӕрӕг, уый та – бынтон ӕндӕр. Хӕйрӕджыты дӕр уырны, Хуыцау кӕй ис, фӕлӕ уый ӕцӕг уырнындзинад нӕу. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Хуыцауы фӕндты ныхмӕ кӕй цӕуынц, уымӕй (Иак. 2:19, 20). Уырнындзинад кӕмӕ ис, уый архайдзӕн, цӕмӕй йӕ хорз хъуыддӕгтӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна. Раст афтӕ кодта Авраам дӕр. Иаков ныффыста: «Нӕ фыдӕл Авраам рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, йӕ фырт Исахъы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд? Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй цыдысты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй йӕ уырнындзинад кӕронмӕ кӕй сфӕлтӕрдта» (Иак. 2:21–23). Уый фӕстӕ, уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уый бахахх кӕныны тыххӕй Иаков загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон. w16.10 4:8
Сабат, 19 май
Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард (Еккл. 3:11).
Ахуыргӕндтӕ Дун-дунейы тыххӕй ӕмӕ нӕ Зӕххы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ цард фӕхуыздӕр. Фӕлӕ уыцы ахуыргӕндтӕн сӕ бон нӕу бирӕ ахсджиаг фарстатӕн дзуапп раттын. Зӕгъӕм, астрономтӕн сӕ бон нӕу бӕлвырдӕй зӕгъын, Дун-дуне куыд фӕзынд кӕнӕ Зӕххыл адӕм цӕмӕн цӕрынц, стӕй йыл уыйбӕрц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ цӕмӕн ис, уый. Уымӕй уӕлдай, адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, адӕймаджы ӕнустӕм цӕрын афтӕ тынг цӕмӕн фӕнды. Цымӕ сӕ бон цӕуылнӕ у ахӕм ахсджиаг фарстатӕн дзуапп раттын? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр дзурынц, Хуыцау кӕй нӕй. Уымӕй уӕлдай, адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, адӕймаджы ӕнустӕм цӕрын афтӕ тынг цӕмӕн фӕнды. Йегъовӕ сфидар кодта ӕрдзы закъӕттӕ, ӕмӕ уыцы закъӕттӕ нӕ ивынц. Ӕмӕ электриктӕй зӕгъай, инженертӕй, хирургтӕй, хӕдтӕхджыты пилоттӕй – се ’ппӕт дӕр сӕ куыст кӕнынц уыцы закъӕтты фӕрцы. w16.11 2:4, 5
Хуыцаубон, 20 май
[Хуыцауы] фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм (Хъуыд. 17:28).
Йегъовӕйӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уӕм бузныг. Цӕргӕ дӕр уый фӕрцы кӕнӕм, ӕнӕ уымӕй нӕ бон змӕлын дӕр нӕ уыдаид, ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нӕ уыдаиккам. Йегъовӕ ма нын радта тынг зынаргъ лӕвар – йӕ Ныхас Библи. Ӕмӕ фессалоникаг чырыстӕттау мах дӕр уыцы лӕварӕн тынг аргъ кӕнӕм (1 Фес. 2:13). Хуыцауы Ныхасы фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахс стӕм, ӕмӕ уый та махмӕ ӕрбаввахс (Иак. 4:8). Нӕ уӕларвон Фыд нӕ ахӕм стыр кады аккаг скодта, ӕмӕ стӕм йӕ организацийы. Уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Псаломзарӕггӕнӕг тынг рӕсугъд ныхӕстӕ загъта: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (Пс. 136:1). 136-ӕм псаломы дыууын ӕхсӕз хатты ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ, «ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт», зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд ацы ныхӕстӕ нӕхиуыл бавзардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрдзыстӕм ӕнустӕм! w16.11 3:18, 19
Къуырисӕр, 21 май
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд (Ром. 5:12).
Ромӕгтӕм 5:12 арӕх ӕмбӕлы, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикациты. Дӕ сывӕллӕттимӕ кӕнӕ ӕндӕр искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бакӕсыс ацы стих, зӕгъӕм, зӕхх ныртӕккӕ дзӕнӕт цӕуылнӕ у, адӕмы тыххӕй нывонд ӕрхӕссын цӕмӕн хъуыди йе та адӕймаг цӕмӕн мӕлы, уый куы фембарын кӕныс, уӕд. Фӕлӕ, дӕхицӕн Хуыцауы раз цавӕр ном ис, дӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты ӕмӕ дӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕр цымӕ ацы стих дӕ зӕрдыл ӕрлӕууы? Не ’ппӕт дӕр ӕй зонӕм, тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Иу бон дӕр афтӕ нӕ рацӕуы, ӕмӕ ма фӕрӕдийӕм. Фӕлӕ нын ныфсы хос у, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый. Уымӕй рох нӕу, сыджытӕй конд кӕй стӕм, ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕны (Пс. 103:13, 14). Йесо дзырдта, Хуыцауӕй нӕ рӕдыдтыты тыххӕй хатыр кӕй хъуамӕ курӕм (Лук. 11:2–4). Ӕмӕ нын Хуыцау кӕй ныххатыр кодта, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй хъуамӕ мауал мӕт кӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хорз уыдзӕн ахъуыды кӕнын, Хуыцау нын цӕй фӕрцы ныххатыр кодта, ууыл. w16.12 1:1–3
Дыццӕг, 22 май
Йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ сты, буары цы фӕнды, ууыл (Ром. 8:5).
Ромы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыди сӕ зӕрдӕтӕм арф ныккӕсын ӕмӕ сбӕрӕг кӕнын, сӕ хъуыдытӕ цӕуыл уыдысты, уый. Мыййаг сын, «буары цы фӕнды», уыдӕттыл нӕ уыдысты? Ӕмӕ абон мах дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын, ӕппӕты ахсджиагдӕр нын цы у, ууыл. Тынгдӕр цы уарзӕм ӕмӕ фылдӕр цӕуыл фӕныхас кӕнӕм? Нӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы? Чи зоны, чидӕртӕ бамбарой, сӕ хъуыдытӕ ӕдзух кӕй вӕййынц, алыхуызон сӕнтӕй куыд феной, сӕ хӕдзар куыд срӕсугъд кӕной, сӕхицӕн ног дзаумӕттӕ куыд балхӕной, фылдӕр ӕхца куыд самал кӕной йе та сӕ отпуск куыд арвитой, ууыл. Уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнӕуи ӕвзӕр не сты. Царды уыдӕттӕ дӕр фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, иухатт Йесо чындзӕхсӕвы куы уыд, уӕд дон сӕн фестын кодта. Павел та Тимофеймӕ ныффыста, цӕмӕй-иу йе ’нӕниздзинады тыххӕй «сӕн дӕр иу гыццыл анызтаид» (1 Тим. 5:23; Иоан. 2:3–11). Фӕлӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо ӕмӕ Павел сӕнӕй фылдӕр ницы уарзтой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр сӕны кой кодтой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ махӕн та нӕ хабар куыд у? Нӕ сӕйраг мӕт цы у? w16.12 2:5, 10, 11
Ӕртыццӕг, 23 май
Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн (Дзут. 13:5).
Ацы ныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты, Йесо Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад агурыны тыххӕй цы загъта, ууыл тынгдӕр баууӕндынӕн (Матф. 6:33). Иухатт апостол Петр Йесойы бафарста: «Мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм? Цы нын уыдзӕн хорзӕй?» (Матф. 19:27). Йесо йын уыцы фарстайы тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, ӕмӕ, цыфӕнды ма ныууадзой ӕмӕ сӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕной,– Хуыцау сын уый тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн. Зӕгъӕм, апостолтӕ ӕмӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уӕлӕрвты Йесоимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ. Фӕлӕ ныр дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ арфӕдзинӕдтӕ цух не сты. Йесо загъта: «Мӕ номы тыххӕй йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уый ссардзӕн, цы ныууагъта, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ уыдзӕн ӕнусон цардӕй хайджын» (Матф. 19:29). Абон Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй алчидӕр ӕмбырды йӕхицӕн ссары фыдӕлтӕ, мадӕлтӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕхи цӕмӕй фӕцух кодтам, уыдӕттӕ ахӕм арфӕдзинады раз цы сты?! w16.12 4:4, 5
Цыппӕрӕм, 24 май
Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа (Дзут. 11:1).
Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта диссаджы хъуыддӕгтӕй! Зӕгъӕм, зӕрдӕ нын бавӕрдта, йӕ ном кӕй срухс кӕндзӕн ӕмӕ афтӕ кӕй бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ зӕххыл дӕр уа (Матф. 6:9, 10). Уыцы хабӕрттӕй ахсджиагдӕр нӕй, ӕмӕ мах дӕр ӕппӕты тынгдӕр сӕ фенынмӕ бӕллӕм. Йегъовӕ ма нын зӕрдӕ ӕвӕры ӕнусон цардӕй: иутӕн – уӕлӕрвты, иннӕтӕн та – зӕххыл. Уый уыдзӕн диссаджы цард! (Иоан. 10:16; 2 Пет. 3:13). Стӕй ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, ацы фӕстаг бонты нын дарддӕр разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ацы дунейы дӕр бирӕтӕ цӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсынц, фӕлӕ уыцы хъуыддаг искуы ӕрцӕудзӕн, ууыл фӕдызӕрдыг кӕнынц. Зӕгъӕм, лотерейӕ чи фӕхъазы, уыдоны ныфс вӕййы, кӕй рамбулдзысты. Фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕви нӕ, уый сӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕ вӕййы. Ӕцӕг уырнындзинад та у, «адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа», уый. w16.10 3:1, 2
Майрӕмбон, 25 май
Хуыцау уын уӕ бар бакодта... стыр хорзӕх, ӕмӕ... [дзы] пайда кӕнут иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн (1 Пет. 4:10).
Йегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ махӕй алкӕйдӕр схайджын кодта алыхуызон курдиӕттӕй. Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕ курдиӕттӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ пайда кӕндзыстӕм (Ром. 12:4–8). Уыдоны фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Хуыцауы организацийы нын цы бынат ис, уый цӕрӕнбонтӕм нӕу, ӕмӕ, гӕнӕн ис, иу бон фӕива. Ӕркӕсӕм-ма, Йесойы царды цас цыдӕртӕ фӕивта, уымӕ. Ӕппӕты райдианы уӕлӕрвты Йегъовӕйы фарсмӕ ӕрмӕстдӕр уый уыд (Ӕмб. 8:22). Уый фӕстӕ Хуыцауӕн ӕххуыс кодта, зӕдты, Дун-дуне ӕмӕ адӕмы куы фӕлдыста, уӕд (Кол. 1:16). Фӕстӕдӕр ӕй Йегъовӕ зӕхмӕ рарвыста: уыди ӕнӕбон сывӕллон, стӕй сыстыр (Фил. 2:7). Куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт, ӕмӕ 1914 азы сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах (Дзут. 2:9). Фидӕны та, миназы фӕстӕ, Йесо йӕ Паддзахад ратдзӕн Йегъовӕйы къухмӕ, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28). w17.01 3:11, 12
Сабат, 26 май
Равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут (Йес. Н. 24:15).
Иу сылгоймаджы хъуыди уынаффӕ рахӕссын, ӕмӕ йе ’мбалӕн загъта: «Нӕ мӕ фӕнды хъуыды кӕнын. Куыд бакӕнон, уый мын ды зӕгъ. Афтӕ мын ӕнцондӕр у». Сылгоймаг йӕ сӕрибардзинадӕй – Хуыцауы диссаджы лӕварӕй – не спайда кодта, фӕлӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ бӕсты уынаффӕ ӕндӕр чидӕр рахастаид. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Уынаффӕтӕ хӕссын уарзыс, ӕви дӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ дӕ бӕсты ӕндӕр исчи хӕсса? Адӕмӕн сӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын кӕй у, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Сӕрибардзинад цы у, уый фӕдыл адӕм иухуызон нӕ хъуыды кӕнынц. Иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, нын Хуыцау алцыдӕр нӕ ныхыл ныффыста, ӕмӕ нӕ бон ницы у равзарын. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам нӕм ӕгӕрон сӕрибардзинад куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг сӕрибар. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сын сӕрибардзинад кӕй радта, ома сӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссын, стӕй сын уыцы бар дӕр ис. w17.01 2:1, 2
Хуыцаубон, 27 май
Мӕ фырт Соломон нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у... Уӕдӕ йын ӕз хъуамӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кӕнон (1 Аз. 22:5).
Чи зоны, Давид хъуыды кодта, ӕмӕ Соломон нырма нӕ сарӕхсдзӕн ахӕм ахсджиаг хъуыддагӕн разамынд дӕттынмӕ – Хуыцауы хӕдзар саразынмӕ. Кувӕндон хъуамӕ «стыр ӕмӕ... рӕсугъд» уыдаид, ӕмӕ Соломон та нырма «ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд» уыди. Фӕлӕ Давид зыдта, Йегъовӕ Соломонӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йын йӕхӕдӕг дӕр, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта, ӕмӕ ӕрмӕгӕй цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ тынг бирӕ ӕрцӕттӕ кодта. Абон дӕр хистӕр кары ӕфсымӕрты сӕ хӕстӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты бар бакӕнын куы бахъӕуы, уӕд-иу сӕ ныфс хъуамӕ ма асӕтта. Ӕрыгон ӕфсымӕрты нӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразын куы ахуыр кӕной, уӕд Йегъовӕйы хъуыддаг размӕ ноджы тынгдӕр цӕудзӕн. w17.01 5:8, 9
Къуырисӕр, 28 май
Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Райд. 3:15).
Хуыцауы Паддзахады Паддзах, Йесо, калмы сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд, уый цы стыр бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕй ӕгас Дун-дунейы фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын ахсджиаг кӕй у. Йесо донаргъуыд куы райста, уый хӕдфӕстӕ райдыдта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» алы рӕтты дӕр хъусын кӕнын (Лук. 4:43). Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йын ӕвдисӕнтӕ уой «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:6–8). Уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн фадат уыдаид, цӕмӕй Чырыстийы нывонды тыххӕй базыдтаиккой ӕмӕ сӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакодтаиккой. Абон мах дӕр Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртимӕ иумӕ хорз хабар ӕгас дунейы дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй размӕ цӕуа (Матф. 24:14; 25:40). w17.02 2:7, 8
Дыццӕг, 29 май
[Чырысти] ӕмбырдӕн кӕй радта, уыдонӕй иутӕ сты апостолтӕ (Еф. 4:11).
Кӕд разамонӕг советмӕ стыр бартӕ уыди, уӕддӕр уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбӕрстой, сӕ Разамонӕг Чырысти кӕй у. Апостол Павел ныффыста: «Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм, буарӕн йӕ сӕр Чырыстийы дӕлбар уӕвгӕйӕ» (Еф. 4:15). Ахуыргӕнинӕгтӕ-иу сӕхи цавӕрдӕр апостолы фӕдылдзӕуджытыл нӕ нымадтой. Уыдон уыдысты Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, ӕмӕ Библийы дӕр фыст ис, зӕгъгӕ сӕ «Хуыцауы фӕндӕй... схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыд. 11:26). Павел ӕмбӕрста, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ цы уынаффӕтӕ дӕттынц, уыдонмӕ хъусын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр [уыимӕ разамонӕг советы алкӕмӕн дӕр] йӕ хицау у Чырысти... Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Кор. 11:2, 3). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕн кӕй бабар кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдтаид. w17.02 4:7
Ӕртыццӕг, 30 май
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕттынц хорз разамынд, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ нымайӕнт уӕлдай кады аккагыл (1 Тим. 5:17).
Иннӕтӕн кӕй кад кӕнӕм, уый пайда у нӕхицӕн дӕр. Афтӕмӕй хиуарзон не суыдзыстӕм, стӕй-иу нӕ куы ’ппӕлой, уӕд-иу нӕхицӕй нӕ ныхъхъал уыдзыстӕм. Уый ма нӕ хъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй, тынг кӕй нымайӕм, уый нӕ истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл кӕна, уӕд нын уый цӕлхдур ма суа. Уымӕй уӕлдай ма нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы организаци адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уой ӕви ӕнӕуи адӕм – нӕ организаци иу адӕймагӕн дӕр, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр кад нӕ кӕны. Иннӕтӕн куы кад кӕнӕм, уӕд уымӕн йе стырдӕр пайда та уый уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй араздзыстӕм, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый ӕмӕ ӕвдисдзыстӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, чидӕриддӕр ын фидистӕ кӕна, уымӕн дзуапп раттын (Ӕмб. 27:11). Ацы дунейы бирӕтӕ нӕ зонынц, иннӕтӕн кад кӕнын куыд хъӕуы, уый. Мах та Йегъовӕ ууыл ахуыр кӕны, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! w17.03 1:13, 20, 21
Цыппӕрӕм, 31 май
[Иосафат] арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый (2 Аз. 20:32).
Иосафат дӕр йӕ фыдау адӕмы разӕнгард кодта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Иудӕйы горӕттӕм кънйӕзты, левитты ӕмӕ сауджынты арвыста, цӕмӕй адӕмӕн, «Йегъовӕйы закъоны чиныджы» цы фыст уыд, уый амыдтаиккой (2 Аз. 17:7–10). Суанг ма цӕгат паддзахад Израилмӕ дӕр ацыд, цӕмӕй, Ефремы хӕхбӕсты чи цард, уыцы адӕмы фӕстӕмӕ «Йегъовӕмӕ раздӕхтаид» (2 Аз. 19:4). Абон не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у, Йегъовӕ ӕгас зӕххыл дӕр цы хъуыддаг аразы, уым архайын – нӕ бон у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй алы мӕй дӕр уыцы хъуыддаджы архайай? Фӕнды дӕ иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой? Уый тыххӕй фӕкувыс? Кӕд дӕхӕдӕг дӕр архайыс, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай, уӕд дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. Цӕттӕ дӕ дӕ сӕрибар рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнынмӕ, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнай? Уымӕй уӕлдай ма, Иосафат иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой, афтӕ нӕ бон у, чи ’рлӕмӕгъ, уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. w17.03 3:10, 11