Июнь
Майрӕмбон, 1 июнь
Ӕз [ӕй] судзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн (Тӕрх. 11:31).
Йеффайӕн нӕ уыд, йӕ ном ын чи хастаид ӕмӕ йӕ зӕххытӕ кӕмӕн баззадаиккой, уый (Тӕрх. 11:34). Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕн дзырд радтон, ӕмӕ йӕ мӕ бон фӕсайын нӕу» (Тӕрх. 11:35). Йегъовӕ Йеффайы зынаргъ нывонд айста ӕмӕ йын раарфӕ кодта. Йеффайы бынаты куы уыдаис, уӕд ды дӕр афтӕ бакодтаис? Нӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын дзырд радтам, цыфӕнды ма уа, уӕддӕр ын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстам, уый тыххӕй нӕ нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын дӕр кӕй хъӕудзӕн. Фӕлӕ нӕ удуӕлдайдзинад тынгдӕр фӕхъӕуы, нӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг нын куы бахӕс кӕнынц, уӕд. Ахӕм уавӕры дӕр Йегъовӕйы коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, кӕддӕр ын цы дзырд радтам, уый кӕй ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, уыдон алкӕддӕр вӕййынц, нӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнӕм, уымӕй фылдӕр (Мал. 3:10). w16.04 1:11, 14, 15
Сабат, 2 июнь
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый (Рарг. 2:7).
Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуӕм ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын уӕм. Ӕмбырды арӕх фӕныхас кӕнӕм, Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл. Ӕмӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр феууӕндӕм, Йегъовӕ нын фидӕны тыххӕй цы зӕгъы, ууыл дӕр. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нын нӕ хотӕ дӕр нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц, ӕмӕ ӕрмӕст, сценӕйӕ куы фӕдзурынц, уӕд нӕ, фӕлӕ, дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕн зӕрдиагӕй куы фӕзарынц, уӕд дӕр (1 Кор. 14:26). Стӕй ма нын тынг ӕхсызгон вӕййы семӕ ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ нын уыдон сты, ӕцӕгӕй ныл чи тыхсы, ахӕм ӕмбӕлттӕ (1 Кор. 16:17, 18). w16.04 3:6, 7
Хуыцаубон, 3 июнь
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хорз хабар «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» кӕй хъусын кӕндзысты. Стӕй сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ аххӕсса ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц Йесойы пехуымпарад, зӕгъгӕ, хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Америкӕйы Иугонд Штатты чырыстон динты кусджытӕ сты 600 000 бӕрц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та дзы ис 1 200 000 бӕрц. Католикон сауджынтӕ ӕгас дунейы сты 400 000 адӕймагӕй гыццыл фылдӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та сты 8 000 000 фылдӕр ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынц 240 бӕстӕйы. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнынц, ӕмӕ уымӕй кад хӕссынц Йегъовӕйӕн! (Пс. 34:1; 51:15). w16.05 2:13, 14
Къуырисӕр, 4 июнь
Йӕ маст чи нӕ уромы, уый загъд ракъахы, ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймаг бирӕ тӕригъӕдтӕ саразы (Ӕмб. 29:22).
Дунемӕ куы акӕсай, уӕд ахӕм зондахаст адӕмӕн зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы. Бирӕты фӕнды ӕрмӕстдӕр сӕхи зондӕй цӕрын, сты сӕрбӕрзонд, хиуарзон, иу иннӕмӕй хуыздӕр уа, ууыл архайынц ӕмӕ сӕм нымады дӕр нӕу, искӕй зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕндзысты, уый (Райд. 3:1–5). Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын бамбарын кодта, иннӕтимӕ хӕларӕй кӕй хъуамӕ цӕрой, кӕд сын уый ӕнцон нӕ уа, уӕддӕр. Зӕгъӕм, разӕнгард сӕ кодта, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уой, фарнмӕ тырной, сӕ зӕрдӕты мастӕн бынат ма дӕттой, кӕрӕдзиимӕ бафидауыныл фӕстӕ ма кӕной ӕмӕ се знӕгты уарзой (Матф. 5:5, 9, 22, 25, 44). w16.05 1:4, 5
Дыццӕг, 5 июнь
Хорз цы у, уый аразын мӕ фӕфӕнды, фӕлӕ мӕ цы фӕфӕнды, уый саразын мӕ бон нӕ вӕййы (Ром. 7:18).
Донаргъуыд райсыны размӕ нӕ бирӕты хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ сарӕзтаиккам. Фӕлӕ йӕ ӕмбарӕм: цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы хуызӕн тынгдӕр уӕм, уый тыххӕй нӕ ныр дӕр хъӕуы нӕ удыхъӕды цыдӕртӕ ивын, кӕд уыдон ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ не сты, уӕддӕр (Еф. 5:1, 2; 1 Пет. 2:21). Чи зоны, бафиппайдтам, арӕх цӕуылдӕрты кӕй фӕхъуыр-хъуыр кӕнӕм кӕнӕ иннӕты фыдкой кӕй фӕкӕнӕм. Йе та, чи зоны, адӕм цы зӕгъдзысты, уый тасӕй, раст цы у, уый нӕ саразӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы фӕивыныл архайӕм, фӕлӕ уӕддӕр уыцы иу рӕдыдтытӕ кӕнӕм. Фӕлӕ ма рох кӕнӕм, нырма ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый (Кол. 3:9, 10). Ӕмӕ кӕд донаргъуыд бирӕ азты размӕ райстам, уӕддӕр рӕдийӕм. Хатгай нӕм, чи зоны, ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ фӕзыны кӕнӕ та ныл цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинад фӕтых вӕййы. Ӕмӕ, чи зоны, уыцы иу хъӕндзинадимӕ бирӕ азты дӕргъы тох кӕнӕм (Иак. 3:2). w16.05 4:3–5
Ӕртыццӕг, 6 июнь
Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны, ӕмӕ йӕ фырттыл кӕй нымайы, уыдонӕй алкӕй дӕр бафхӕры (Дзут. 12:6).
Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, цалынмӕ мӕхицӕн сывӕллӕттӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстон, мӕ ныййарджыты зондамынд мын цы стыр пайда уыд, уый. Ӕцӕгдӕр, азтӕ куы рацӕуы, уӕд бамбарӕм, зонд нын уый тыххӕй кӕй амыдтой ӕмӕ нӕ уарзгӕ кодтой (Дзут. 12:5, 11). Йегъовӕ дӕр нӕ йӕ хъӕбултау уарзы, ӕмӕ дурынгӕнӕгау фӕразонӕй архайы, цӕмӕй нӕ хорз мигӕнӕнтӕ рауайа. Уый фӕнды, цӕмӕй уӕм зондджын ӕмӕ амондджын, стӕй йӕ цӕмӕй мах дӕр нӕ Фыдау уарзӕм (Ӕмб. 23:15). Йегъовӕйы ӕппындӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй хъизӕмар кӕнӕм. Стӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, чи не ’рфӕсмон кӕна, уыцы тӕригъӕдджынтау амӕлӕм (Еф. 2:2, 3). Цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ базыдтам, уӕдмӕ нӕм, чи зоны, бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы арӕхстджын къухты фӕивтам, ӕмӕ нӕ удыхъӕды фӕзынд рӕсугъд миниуджытӕ (Ис. 11:6–8; Кол. 3:9, 10). w16.06 1:7, 8
Цыппӕрӕм, 7 июнь
Йӕхи ацы гыццыл сабийау чи ӕрныллӕг кӕна, уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад уый уыдзӕн (Матф. 18:4).
Гыццыл сывӕллӕттӕ фылдӕр хатт вӕййынц сӕрныллӕг ӕмӕ ног цӕуылдӕрты зӕрдиагӕй фӕахуыр кӕнынц (Матф. 18:1–3). Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ куы ’ххуыс кӕной, цӕмӕй рӕстдзинад базоной ӕмӕ йӕ бауарзой (2 Тим. 3:14, 15). Цӕмӕй уый сӕ къухы бафта, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕр рӕстдзинад уарзой ӕмӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразой. Афтӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕн дӕр рӕстдзинад бауарзын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты: сӕ ныййарджытӕ сын зонд кӕй амонынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ уыдон дӕр ӕмӕ Йегъовӕ дӕр уарзгӕ кӕнынц. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд ын, Данелау, тынг зынаргъ суыдзыстӕм (Дан. 10:11, 19). Йегъовӕ нӕ дарддӕр дӕр йӕ Ныхасы фӕрцы, стӕй йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы хуыздӕрырдӕм ивдзӕн. w16.06 2:14, 17
Майрӕмбон, 8 июнь
Ӕз ссардтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у... ахӕм адӕймаджы – Йессейы фырт Давиды (Хъуыд. 13:22).
Давидмӕ уыди бирӕ хорз миниуджытӕ, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ тынг уарзта (1 Сам. 13:13, 14). Фӕлӕ суанг уый дӕр тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ бакодта. Ури хӕсты куы уыд, уӕд ын Давид йӕ усимӕ, Вирсавиимӕ, ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын. Давиды нӕ фӕндыд, цӕмӕй уый тыххӕй исчи базыдтаид. Гъемӕ Уримӕ тохы быдырӕй йӕхимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ стӕй хӕдзармӕ арвыста. Ныфс ӕй уыд, Ури йӕ бинойнагимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм афтӕ кӕй ахъуыды кӕндзысты, ӕмӕ сывӕллоны фыд Ури у. Фӕлӕ Ури сӕхимӕ нӕ ацыд. Уӕд Давид афтӕ бакодта, цӕмӕй Урийы хӕсты амардтаиккой. Уыцы уӕззау тӕригъӕдты тыххӕй Давид ӕмӕ йӕ бинонтӕ бирӕ мӕстытӕ бавзӕрстой (2 Сам. 12:9–12). Фӕлӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ Давидӕн ныххатыр кодта. Уый зыдта, Давиды рӕстӕй цӕрын кӕй фӕндыд (1 Пад. 9:4). Уыцы рӕстӕг Израилы куы цардаис, уӕд цы ахъуыды кодтаис? Давид ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтаис? w16.06 4:7
Сабат, 9 июнь
Уӕдӕ кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут (Мар. 13:33).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Мах зонӕм, «кӕроны рӕстӕг» тагъд кӕй фӕуыдзӕн. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ма «стыр бӕллӕхмӕ» бирӕ рӕстӕг хъӕуа (Дан. 12:4; Матф. 24:21). Зӕххыл цӕуы ӕвирхъау хӕстытӕ, стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран ӕрцӕуы зӕххӕнкъуыстытӕ. Сарӕх сты фыднизтӕ, фыдракӕндтӕ, бирӕ рӕтты адӕм ӕххормаг ӕййафынц. Дины разамонджытӕ адӕмы сайынц, ӕгъдау нал ис. Зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр (Матф. 24:7, 11, 12, 14; Лук. 21:11). Ӕмӕ тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Чырысти куы ’рцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕна, уымӕ (Мар. 13:26, 27). Фӕлӕ стыр бӕллӕх кӕцы аз райдайдзӕн, уӕлдайдӕр та кӕцы бон ӕмӕ кӕцы сахат, уый банымайын нӕ бон нӕу, тынг нӕ куы фӕнда, уӕддӕр. w16.07 2:2–4
Хуыцаубон, 10 июнь
Баввахс уӕм, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувӕм (Дзут. 4:16).
Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы ахӕм арфӕдзинадӕй хайджын стӕм, ӕмӕ нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын. Ахӕм фадат нын Йегъовӕ радта йӕ Фырты фӕрцы. Библийы фыст ис: «Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы нӕ бон у Хуыцауимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын ӕмӕ йӕ разы ныфсджынӕй ӕрлӕууын» (Еф. 3:12). Павел нӕ разӕнгард кодта Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувынмӕ, «цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна» (Дзут. 4:16б). Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ тынг тыхст куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕмӕ дзыназын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Ӕмӕ кӕд уый аккаг не стӕм, уӕддӕр нын дзуапп ратты. Арӕх нын баххуыс кӕны не ’мчырыстӕтты уылты. Нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы, «уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзут. 13:6). w16.07 3:12, 13
Къуырисӕр, 11 июнь
Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ сӕрыхицау. Сымах... стут Саррӕйы сывӕллӕттӕ (1 Пет. 3:6).
Нойӕн ӕмӕ йе ’ртӕ фыртӕн уыд ӕрмӕстдӕр иугай устытӕ, фӕлӕ уӕды заманты нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕн уыди цалдӕргай устытӕ. Бирӕ адӕмыхӕттытӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нымад нал уыдысты, суанг ма сӕ дины ӕгъдӕуттӕ дӕр уыдонимӕ баст уыдысты. Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Ханааны зӕхмӕ куы ’рцыдысты, уӕд федтой, уыцы бӕстӕйы адӕм тынг ӕнӕгъдау кӕй уыдысты ӕмӕ бинонты цард хынджылӕггаг кӕй скодтой. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджытӕ амӕй-ай хӕлддӕр митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй Йегъовӕ уыцы горӕттӕ сӕфты хай бакодта. Авраам уыцы ӕнӕгъдау адӕмӕй тынг хицӕн кодта. Уый йӕ бинонтӕн уыди хорз сӕрыхицау. Стӕй Саррӕ дӕр уыди фӕзминаг, Авраамӕн коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй (1 Пет. 3:3–5). Авраам бацархайдта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъ ракуырдтаид Йегъовӕйӕн кувӕг чызджы. Раст афтӕ бакодта Исахъ дӕр – йӕ фырт Иаковӕн загъта, цӕмӕй ӕркодтаид, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кодта, ахӕм чызджы. Фӕстӕдӕр Иаковы фырттӕй рацыдысты Израилы 12 мыггаджы. w16.08 1:10
Дыццӕг, 12 июнь
Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм (Ис. 60:22).
Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны ныр, фӕстаг бонты. Ахъуыды-ма кӕн, 2015 лӕггады азы ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кодтой 8 220 105 хъусынгӕнӕджы! Ацы пехуымпарады фӕстаг ныхӕстӕ хауынц алы чырыстонмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ загъта: «Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн». Мах абарӕн ис, тагъдӕй-тагъддӕр чи цӕуы, ахӕм поезды чи бады, уыцы адӕмимӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ тагъдӕй-тагъддӕр куыд цӕуы, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Фӕлӕ нӕ фылдӕр аразын кӕй хъӕуы, уый цымӕ ӕмбарӕм? Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм? Бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ райдайынц пионертӕй кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ бирӕтӕ, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ кӕй ацӕуынц кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты кӕй архайынц, уый дӕр нын нӕ циныл цин куыннӕ ӕфтауы. Куыд зыны, афтӕмӕй алкӕмӕн дӕр «Хицауы хъуыддаджы» бирӕ куыст ис, ӕмӕ ӕрмӕст ӕфсымӕртӕн нӕ, фӕлӕ хотӕн дӕр (1 Кор. 15:58). w16.08 3:1, 2
Ӕртыццӕг, 13 июнь
Йегъовӕйы къух цыбыр не сси, цӕмӕй йӕ бон фервӕзын кӕнын ма уа (Ис. 59:1).
Хуыцау стыр диссӕгтӕ куы сарӕзта ӕмӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ ныхмӕ рацыдысты амаликӕгтӕ. Моисейы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Йесо Навин, хъӕбатыр адӕймаг, израилӕгты хӕстмӕ акодта. Моисей та Аароны ӕмӕ Хуры акодта, уырдӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы къуыпмӕ. Уырдыгӕй сӕм тохы быдыр хорз зындаид. Моисей дарддӕр цы сарӕзта, уый фӕрцы израилӕгтӕ амаликӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Ӕцӕг Хуыцауы лӕдзӕгыл хӕрдмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ афтӕ дардта. Цалынмӕ йыл афтӕ хӕцыд, уӕдмӕ Йегъовӕ израилӕгты къухтӕ фидар кодта, цӕмӕй амаликӕгтыл уӕлахиз кодтаиккой. Фӕлӕ Моисейӕн йӕ къухтӕ куы ныууӕззау сты, уӕд уӕлахиз кӕнын райдыдтой амаликӕгтӕ. Аарон ӕмӕ Хур уый куы ауыдтой, уӕд ын «дур ӕрбахастой, ӕмӕ дурыл сбадт». Сӕхӕдӕг та «йӕ фӕйнӕ фарс слӕууыдысты ӕмӕ йын йӕ къухтыл хӕцыдысты. Ӕмӕ цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йӕ къухтӕ не ’руагъта». Афтӕмӕй Хуыцауы фидар къухы фӕрцы израилӕгтӕ амаликӕгтыл фӕуӕлахиз сты (Рац. 17:8–13). w16.09 1:5–7
Цыппӕрӕм, 14 июнь
Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад (Ром. 7:21).
Павел фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы кура ӕмӕ Чырыстийы нывондыл куы ӕууӕнда, уӕд уыцы тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Цымӕ нӕ бон у, ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уӕм? Ӕнӕмӕнгдӕр! Уый тыххӕй хъуамӕ фӕзмӕм Павелы, хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм, ӕмӕ хъуамӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм. Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ бауадзы, цӕмӕй равдисӕм, цавӕрдӕр хъуыддагыл куыд тынг тыхсӕм, уый. Зӕгъӕм, дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи уӕззау низӕй фӕрынчын кӕнӕ та дӕу кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕй чидӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдта. Куыд кӕндзынӕ уӕд? Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарай, уӕд ын лӕгъстӕ кӕндзынӕ, цӕмӕй дын тыхтӕ ратта, ӕмӕ йыл дарддӕр иузӕрдион уай, дӕхимӕ ма ныхъхъусай ӕмӕ йемӕ раздӕрау ӕнгом уай (Фил. 4:13). Павелы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой, куывды фӕрцы адӕймагӕн йӕ хъарутӕ кӕй сног вӕййынц ӕмӕ йӕ бон кӕй бавӕййы дарддӕр фидар лӕууын. w16.09 2:14, 15
Майрӕмбон, 15 июнь
Ахуыргӕнинӕгтӕй грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кӕнын райдыдтой, дзуттагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕй (Хъуыд. 6:1).
Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды иуӕй-иутӕ иннӕты хъулон кӕнын райдыдтой. Грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кодтой, сӕ идӕдзты сын кӕй ницӕмӕ дарынц. Уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ уыцы хъуыддаг авд нӕлгоймаджы бар бакодтой. Уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд грекъаг нӕмттӕ. Ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕ афтӕ барӕй бакодтой, цӕмӕй мачиуал мӕт кодтаид, чидӕр кӕйдӕр кӕй хъулон кӕндзӕн, ууыл (Хъуыд. 6:2–6). Ӕмбарӕм ӕй ӕви нӕ,– не ’ппӕтыл дӕр тынг ӕндавынц, цы адӕмыхаттӕй стӕм, уымӕн йе ’гъдӕуттӕ, йӕ зондахаст (Ром. 12:2). Уымӕй уӕлдай, чи зоны, арӕх нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ кӕнӕ не ’мкъласӕгтӕ нӕ разы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц, ӕндӕр бӕстӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у кӕнӕ йӕ буары хуыз ӕндӕр кӕмӕн у, уыдонӕй. Мыййаг, мах дӕр ахӕм зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ стӕм? Кӕнӕ нын нӕхи адӕмыхаттыл исчи куы фӕхуды, уӕд нӕ фӕмӕсты кӕнӕм? w16.10 1:7, 8
Сабат, 16 июнь
Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй... [Хуыцауы] уыцы миниуджытӕ... ирдӕй зынынц... бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты (Ром. 1:20).
Ӕрдзмӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм бахъары, ӕппӕт дӕр куыд ӕнахуыр диссаджы конд у, уый. «Нӕ уырнындзинады фӕрцы» йӕ бамбарӕм, Сфӕлдисӕг кӕй ис, кӕд ӕй цӕстӕй фенӕн нӕй, уӕддӕр. Базонӕм, цы рӕсугъд удыхъӕды ӕмӕ стыр зонды хицау у (Дзут. 11:3, 27). Цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, ахуыргӕндтӕ цы раиртӕстой, уый фӕрцы. Уымӕн нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты видеофильм «Чудеса творения прославляют Бога», брошюрӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа» ӕмӕ чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Нӕ брошюрӕты вӕййы, ахуыргӕндтӕй кӕнӕ ӕндӕр адӕмӕй кӕй райстой, ахӕм интервьютӕ. Фӕдзурынц дзы, Хуыцауыл куыд баууӕндыдысты, уый тыххӕй. Рубрикӕйы «Случайность или замысел?» цы статьятӕ вӕййы, уыдоны дзырд фӕцӕуы, алыхуызон цӕрӕгойтӕ кӕнӕ зайӕгойтӕ куыд диссаджы конд сты ӕмӕ ахуыргӕндтӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ кӕй саразынц, ууыл. w16.09 4:4, 5
Хуыцаубон, 17 июнь
Хуыцау бамбарын кодта, сӕ уырнындзинады фӕрцы сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта, уый (Дзут. 11:39).
Дзуттӕгты чиныджы 11-ӕм сӕры кӕй кой цӕуы, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд Йесо Чырысти уӕларвон цардмӕ фӕндаг нӕма байгом кодта (Гал. 3:16). Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уымӕ (Пс. 37:11; Ис. 26:19; Оси 13:14). Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй Дзуттӕгтӕм 11:13 стихы фыст ис: «Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой». Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, фидӕны чи уыдзӕн, уыцы ног дунемӕ ӕмӕ-иу сӕ цӕстытыл уайын кодтой, куыд дзы цӕрдзысты, уый. Сӕ иу уыд Авраам. Йесо Авраамы тыххӕй загъта: «Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ цин кодта» (Иоан. 8:56). Уый зӕгъӕн ис Саррӕйӕ, Исахъӕй, Иаковӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕй дӕр. Се ’ргом здӕхт уыд фидӕны Паддзахадмӕ, «йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у», уымӕ (Дзут. 11:8–11). w16.10 3:4, 5
Къуырисӕр, 18 июнь
Хуыцаумӕ кувут... алцӕй тыххӕй дӕр (Еф. 6:18).
Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кодта, цӕмӕй рӕстдзинад бамбӕрстаиккам ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндыдаиккам. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! (Лук. 10:21). Хуыцау нӕ йӕ Фырты фӕрцы, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕджы» фӕрцы, йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта, ӕмӕ йын уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр арфӕ кӕнӕм (Дзут. 12:2). Куы йӕм кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, йе стыр хорзӕхы тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм (1 Пет. 2:2). Хъуамӕ ӕдзухдӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм. Ӕмӕ нын нӕ хъуыддӕгтӕ хъуамӕ иннӕтӕ дӕр уыной. Зӕгъӕм, хъуамӕ ӕдзухдӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10). Стӕй ма хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ «зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзӕм» (Кол. 3:5, 8–10). w16.10 4:11, 12
Дыццӕг, 19 июнь
[Йегъовӕ] уӕлӕрвтӕ стыр зондӕй... сфӕлдыста (Пс. 136:5).
Йегъовӕ Дун-дунейы алцӕмӕн дӕр сӕвӕрдта диссаджы уаг ӕмӕ ӕгъдау. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ адӕм дӕр бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггад кӕной. Ӕмӕ нын Библи дӕр уый тыххӕй радта, цӕмӕй зонӕм, куыд ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уый. Хуыцау нын Библийы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд. Израилӕгтӕ Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ кӕй цардысты, уый фӕрцы сӕм алцыдӕр уыд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, уыди сӕм, «ӕмбырды цатыры бахизӕны раз бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ» (Рац. 38:8). Фӕстӕдӕр паддзах Давид сауджынты ӕмӕ левитты адих кодта къордтыл, кувӕндоны сӕ чи цы куыст хъуамӕ кодтаид, уымӕ гӕсгӕ (1 Аз. 23:1–6; 24:1–3). Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдты дӕр алцӕмӕн дӕр уыд уаг ӕмӕ ӕгъдау. Уыди сын разамонӕг совет, ома, ӕмбырдтӕн разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм нӕлгоймӕгты къорд. Фыццаг рӕстӕг уыцы советы уыдысты ӕрмӕстдӕр апостолтӕ (Хъуыд. 6:1–6). Уыцы ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы фӕндӕй фыстӕджытӕ дӕр фыстой (1 Тим. 3:1–13; Тит. 1:5–9). w16.11 2:3, 6, 8, 9
Ӕртыццӕг, 20 июнь
Уацары ацӕуыны аккаг чи у, уый уацары ацӕуӕд! (Йер. 15:2).
Н. э. размӕ 607 азы Вавилоны паддзах Навуходоносор Дыккаг йе стыр ӕфсадимӕ бабырста Иерусалиммӕ. Адӕмӕн дзы цытӕ бакодта, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Се ’рыгон лӕппуты [сын] сӕ кувӕндоны мидӕг хъамайӕ амардта. Ӕмӕ нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл. Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта ӕмӕ Иерусалимӕн йӕ къул ныппырх кодта. Стӕй йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр басыгътой, гъемӕ горӕтӕй ницыуал ныууагътой» (2 Аз. 36:17, 19). Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, уый дзуттӕгтӕм хъуамӕ диссаг ма фӕкастаид. Хуыцау сӕм бирӕ азты дӕргъы йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ фӕдзӕхстаиккой. Уыдон сын дзырдтой, Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр куы нӕ хъусой, уӕд сӕ вавилойнӕгты къухмӕ кӕй ратдзӕн, ӕмӕ дзы уыдон бирӕты карды комӕй кӕй ныццӕгъддзысты ӕмӕ, чи аирвӕза, уыдоны та Вавилонмӕ уацары кӕй акӕндзысты. w16.11 4:1, 2
Цыппӕрӕм, 21 июнь
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд (Ром. 5:12).
«Иу адӕймаг», Адам, тӕригъӕд кӕй ракодта, уый аххосӕй «дунемӕ ӕрцыд» тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт. Афтӕмӕй «иу адӕймаджы тӕригъӕд уымӕ ӕркодта, ӕмӕ уыцы иуы аххосӕй мӕлӕт паддзах уыд». Фӕлӕ Хуыцау ахӕм стыр хорзӕх равдыста, ӕмӕ «иу адӕймаджы, Йесо Чырыстийы», радта, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр фервӕзыны фадат фӕзындаид (Ром. 5:12, 15, 17). «Иу адӕймаг [Йесо] коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ». Гъемӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы ӕмӕ «Йесо Чырыстийы фӕрцы... адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты» (Ром. 5:19, 21). Йегъовӕ хӕсджын нӕ уыд йӕ Фырты мах тыххӕй раттын. Фӕлӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ уӕддӕр батыхст, цӕмӕй нын тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны фадат фӕзындаид. Хуыцау ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый аккаг нӕ иу дӕр нӕ уыд. Уӕдӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц ӕмӕ нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уымӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм, ӕмӕ уый хъуамӕ нӕ цардӕй дӕр бӕрӕг уа. w16.12 1:1, 6, 7
Майрӕмбон, 22 июнь
Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уый суыдзӕн Хуыцауы знаг, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын буар Хуыцауы закъоны коммӕ нӕ кӕсы (Ром. 8:7).
Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕм арф ныккӕсӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Павел загъта: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ» (Ром. 8:6). Уӕдӕ ахӕм чырыстонӕн тӕссаг у, ныртӕккӕ Йегъовӕйы хӕлар куы нал уа, фидӕны та йӕ цард дӕр куы фесафа, уымӕй. Фӕлӕ Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ хабар ӕнӕмӕнг афтӕ рауайдзӕн. Адӕймагӕн йӕ бон у фӕивын. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Коринфы ӕмбырдӕй чи уыд ӕмӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы нӕлгоймаджы. Кӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр стӕй фӕивта – йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ ныууагъта. Ӕмӕ та йӕ бон баци Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (2 Кор. 2:6–8). Уыцы адӕймаг йӕ «тӕригъӕдджын буары коммӕ» кӕй каст, уый тыххӕй стыр тӕригъӕдтӕ ракодта. Фӕлӕ йӕ бон баци фӕивын. Уӕдӕ кӕд абоны чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ тӕригъӕдджын фӕндты фӕдыл адзӕгъӕл сты, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон у фӕивын. Павел цӕмӕй фӕдзӕхста, уый сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сӕ ӕнӕмӕнг бафӕнддзӕн, цы хъӕуы, уый фӕивын! w16.12 2:5, 12, 13
Сабат, 23 июнь
Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22).
Мах ӕй зонӕм, нӕ бон кӕй у нӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ уымӕй адӕймагӕн куыд фенцон вӕййы! Хуыцауӕн «йӕ бон у, цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын», ӕмӕ ууыл иу мисхал дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм (Еф. 3:20). Ахъуыды-ма кӕн: Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ фылдӕр сараздзӕн, фӕлӕ, дам, бирӕ фылдӕр! Цӕмӕй нӕ хӕрзиуӕг райсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. Моисей Израилы адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ [дын] ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл. Фӕлӕ дын арфӕ ӕрмӕстдӕр уӕд кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг куы ’ххӕст кӕнай. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ» (Дык. з. 15:4–6). Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дын кӕй арфӕ кӕндзӕн, уый дӕ фидарӕй уырны? Уый ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн. w16.12 4:8, 9
Хуыцаубон, 24 июнь
Йегъовӕ... сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм (Дык. з. 7:6).
Йегъовӕ афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ хӕлар Авраамӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕнын (Райд. 22:15–18). Стӕй ма, Йегъовӕ йӕ сӕрибардзинадӕй куыд фӕпайда кӕны, уымӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы. Зӕгъӕм, уый бӕрӕг уыд, израилӕгты-иу се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй куыд бафхӕрдта, уымӕй. Сӕ хъуыддӕгтыл-иу зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд-иу сын ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзта. Уый загъта: «Ӕз сӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ мыл гадзрахатӕй нал цӕудзысты. Мӕхи фӕндӕй сӕ уарздзынӕн» (Оси 14:4, фип.). Йегъовӕ йӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн уа хорз, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг! Йегъовӕ зӕдты дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр куы сфӕлдыста, уӕд ӕй бафӕндыд, цӕмӕй сын уыдаид уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Ӕмӕ ӕппӕты фыццаг ахӕм лӕварӕй схайджын кодта Йесойы – йӕ фыццаггуырд Фырты. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» (Кол. 1:15). Йесо йӕ сӕрибардзинадӕй куыд спайда кодта? Зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ дӕр аскъуыддзаг кодта, Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн, ӕмӕ, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ фарс нӕ рахӕцыд. w17.01 2:3, 4
Къуырисӕр, 25 июнь
Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).
Иуӕй-иу хатт нӕ уавӕртӕ кӕй фӕивынц, уый тыххӕй нын кӕнӕ фылдӕр фадӕттӕ фӕзыны, кӕнӕ та къаддӕр. Ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ, де ’нӕниздзинад хорз у ӕви ӕвзӕр,– Йегъовӕ йӕ зоны, дӕ бон ын лӕггад кӕнын цас у, уый. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы. Ӕмӕ стыр аргъ кӕны, йӕ номы тыххӕй цы аразӕм, уымӕн. Йесойӕн-иу Хуыцау цыфӕнды ма бахӕс кодтаид, уӕддӕр-иу цин кодта, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы фӕзмын (Ӕмб. 8:30, 31). Бонзонгӕ адӕймаг бузныг у, ӕмбырды йыл цы хӕстӕ ис, уыдонӕй. Ӕгӕр нӕ фӕхъуыды кӕны, йӕ бон цавӕр хӕстӕ уаид йӕхимӕ райсын кӕнӕ иннӕтӕн сӕ къухы цы бафты, ууыл. Бонзонгӕ адӕймаг, ныртӕккӕ йыл Хуыцауы организацийы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕхсызгонӕй феххӕст кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕмбары, Йегъовӕ йын сӕ кӕй радта. Ахӕм адӕймаг аргъ кӕны, Йегъовӕ йӕ организацийы иннӕтӕн дӕр цы бынат радта, уымӕн. Стӕй иннӕты нымайы ӕмӕ сын ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕны (Ром. 12:10). w17.01 3:13, 14
Дыццӕг, 26 июнь
Сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд уа, афтӕ мемӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы (Фил. 2:22).
Иуӕй-иу хатт ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕ разамынд фӕдӕттынц хистӕр кары ӕфсымӕрты куыстӕн. Ӕмӕ хорз уаид, уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты сӕ зондӕй куы бафӕрсиккой. Тимофей апостол Павелӕй бирӕ кӕстӕр уыди. Уыдон бирӕ азты дӕргъы иумӕ лӕггад кодтой. Павел коринфӕгтӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Тимофейы дӕр уӕм уый тыххӕй ӕрвитын, ӕмӕ уый у мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы. Уый уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийӕн кусгӕйӕ алцыдӕр куыд аразын... уый» (1 Кор. 4:17). Бӕрӕг у, Павел ӕмӕ Тимофей уӕхски-уӕхск кӕй лӕггад кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныфсы хос кӕй уыдысты. Павел-иу рӕстӕг рахицӕн кодта ӕмӕ-иу Тимофейӕн амыдта, «алцыдӕр куыд арӕзта», уый. Тимофей алцӕуыл дӕр тагъд ахуыр кодта, ӕмӕ йӕ Павел тынг бауарзта. Ӕмӕ йӕ зыдта, коринфаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад кӕй бафидар кӕндзӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Павелау сӕ бон у ӕрыгон нӕлгоймӕгты ахуыр кӕнын ӕмбырдӕн разамынд дӕттын. w17.01 5:13, 14
Ӕртыццӕг, 27 июнь
Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).
Йегъовӕ у царды суадон, ӕмӕ, кӕй райгас кӕна, уыдонӕн суыдзӕн сӕ Фыд (Пс. 36:9). Уӕдӕ Чырысти йӕ куывды дзӕгъӕлы нӕ загъта, «нӕ уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ (Матф. 6:9). Йегъовӕ Чырыстийӕн бабар кодта, цӕмӕй фидӕны мӕрдты райгас кӕна (Иоан. 6:40, 44). Ӕмӕ Дзӕнӕты Чырысти ӕцӕгдӕр суыдзӕн «райгасдзинад ӕмӕ цард» (Иоан. 11:25). Йегъовӕ хъулон никӕй кӕны, ӕмӕ уый бӕрӕг у Чырыстийы ныхӕстӕй: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр» (Мар. 3:35). Хуыцауӕн йӕ фӕнд у, цӕмӕй «тынг бирӕ адӕм» ӕппӕт адӕмтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй суой йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды ӕмӕ Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон дӕр дзурдзысты ацы ныхӕстӕ: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!» (Рарг. 7:9, 10). w17.02 2:10, 11
Цыппӕрӕм, 28 июнь
Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты... уыдоны (Дзут. 13:7).
Цӕмӕй хорз хабар алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм базыдтаиккой, уый тыххӕй 1884 азы арӕзт ӕрцыд Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕмӕ трактатты ӕхсӕнад. Йӕ президент уыди ӕфсымӕр Чарлз Тейз Расселл. Расселл зӕрдиагӕй Библи иртӕста ӕмӕ ныфсджынӕй хурмӕ калдта аргъуанты мӕнг ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, Троицӕйы тыххӕй ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырӕдтӕ. Уый бамбӕрста, Чырыстийы ӕрцыд йӕхи цӕстӕй кӕй ничи фендзӕн ӕмӕ 1914 азы «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» кӕй фӕуыдзӕн (Лук. 21:24). Ацы хабӕрттӕ адӕмӕн фехъусын кӕныны тыххӕй Расселл йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йе ’хца ӕппындӕр не ’вгъау кодта. Бӕрӕг у, уыцы рӕстӕджы Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти ӕмбырдтӕн разамынд ӕфсымӕр Расселлы уылты кӕй лӕвӕрдтой. Ӕфсымӕр Расселл йӕхицӕн кад никуы агуырдта. 1896 азы ныффыста: «Мах нӕхицӕн кад ӕмӕ цыт нӕ агурӕм, стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы ныффыссӕм, уыдон адӕм арвмӕ исой. Стӕй уымӕ нӕ бӕллӕм, ӕмӕ нӕм иннӕтӕ, „Дӕ бӕрзонддзинад“ кӕнӕ „Равви“, зӕгъгӕ, дзурой. Нӕдӕр нӕ уый фӕнды, цӕмӕй исчи йӕхи махӕй искӕй фӕдылдзӕуӕгыл нымайа». Фӕстӕдӕр ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, «ацы хъуыддаг адӕймагӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй». w17.02 4:8, 9
Майрӕмбон, 29 июнь
Ӕмбаргӕ адӕймаг уымӕй зондджын у, ӕмӕ, цы фӕндагыл цӕуы, уый ӕмбары (Ӕмб. 14:8).
Алкӕй дӕр нӕ фӕхъӕуы уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ цавӕрдӕр фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Иуӕй-иутӕ вӕййынц тынг ахсджиаг, иннӕтӕ та – нӕ. Фӕлӕ нӕ уынаффӕтӕй бирӕтӕ нӕ цардыл тынг фӕзынынц. Раст уынаффӕтӕ куы рахӕссӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахизӕм ӕмӕ нӕ цард вӕййы фӕрнӕйдзаг. Фӕлӕ ӕвзӕр уынаффӕтӕ куы рахӕссӕм, уӕд та нӕ цард схӕццӕтӕ вӕййы, нӕхи масты хай бакӕнӕм ӕмӕ фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн зондӕй архайынӕн ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн? Хъуамӕ ӕнӕмӕнг Хуыцауыл ӕууӕндӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй йӕ фӕнды махӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ нын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн зонд кӕй дӕтдзӕн. Стӕй ма хъуамӕ ӕууӕндӕм йӕ Ныхасыл дӕр ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл дӕр (Иак. 1:5–8). Йегъовӕмӕ цас ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас цас фылдӕр уарзӕм, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, цы нӕ хъӕуы, уый Йегъовӕйӕ хуыздӕр кӕй ничи зоны. Ӕмӕ афтӕмӕй сахуыр уыдзыстӕм уынаффӕтӕ хӕссыны размӕ йӕ Ныхасы разамынд агурын. w17.03 2:2, 3
Сабат, 30 июнь
Нӕ каст дӕумӕ у (2 Аз. 20:12).
Иудӕйы ныхмӕ стыр ӕфсад куы рацыд, уӕд Иосафат йӕ фыдау йӕ ныфс сӕвӕрдта Йегъовӕйыл (2 Аз. 20:2–4). Ӕмӕ кӕд Иосафаты тас бацыди, уӕддӕр «йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы бацагурон», зӕгъгӕ. Иосафат скуывта, ӕмӕ йӕхи номӕй ӕмӕ йӕ адӕмы номӕй сӕрныллӕгӕй загъта: «Махмӕ нӕй уыцы тых, цӕмӕй нӕм цы дуне адӕм ӕрбабырсы, уыдоны ныхмӕ фӕлӕууӕм. Мах нӕ зонӕм, цы кӕнӕм, уый». Иосафат ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ уый бӕрӕг у, абоны стихы ныхӕстӕй. Мах дӕр хатт нӕ фӕзонӕм, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты куыд ахизӕм, уый ӕмӕ ма тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнӕм (2 Кор. 4:8, 9). Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Иосафат куыд бакодта, уый. Ӕппӕт адӕмы раз дӕр скуывта ӕмӕ загъта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр се знаджы раз ӕдых кӕй сты (2 Аз. 20:5). Бинонты хистӕртӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ Иосафаты бафӕзмой. Уӕ бинонтӕ цавӕрдӕр зындзинадыл куы сӕмбӕлой, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй уын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕна ӕмӕ, куыд кӕнгӕ у, уый дӕр уын бацамона. Уадз ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр уыцы куывдтытӕ фехъусой, ма-иу фефсӕрмы у. Уый фӕрцы йӕ фендзысты, дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс. Ӕмӕ Йегъовӕ Иосафатӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ сымахӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн. w17.03 3:12, 13