Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es18 83–95 фф.
  • Июль

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июль
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 июль
  • Къуырисӕр, 2 июль
  • Дыццӕг, 3 июль
  • Ӕртыццӕг, 4 июль
  • Цыппӕрӕм, 5 июль
  • Майрӕмбон, 6 июль
  • Сабат, 7 июль
  • Хуыцаубон, 8 июль
  • Къуырисӕр, 9 июль
  • Дыццӕг, 10 июль
  • Ӕртыццӕг, 11 июль
  • Цыппӕрӕм, 12 июль
  • Майрӕмбон, 13 июль
  • Сабат, 14 июль
  • Хуыцаубон, 15 июль
  • Къуырисӕр, 16 июль
  • Дыццӕг, 17 июль
  • Ӕртыццӕг, 18 июль
  • Цыппӕрӕм, 19 июль
  • Майрӕмбон, 20 июль
  • Сабат, 21 июль
  • Хуыцаубон, 22 июль
  • Къуырисӕр, 23 июль
  • Дыццӕг, 24 июль
  • Ӕртыццӕг, 25 июль
  • Цыппӕрӕм, 26 июль
  • Майрӕмбон, 27 июль
  • Сабат, 28 июль
  • Хуыцаубон, 29 июль
  • Къуырисӕр, 30 июль
  • Дыццӕг, 31 июль
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
es18 83–95 фф.

Июль

Хуыцаубон, 1 июль

Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн (Тӕрх. 11:36).

Алы сылгоймаджы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йын цардӕмбал ӕмӕ сывӕллӕттӕ уа, фӕлӕ Йеффайы чызг йӕхи уыдӕттӕй фӕцух кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид. Цымӕ махӕн та нӕ бон куыд у Йеффайы чызджы удуӕлдайдзинад бафӕзмын? Ӕрыгон чырыстӕттӕй мингӕйттӕ цӕттӕ сты, цӕмӕй бынтондӕр йе та цасдӕр рӕстӕг бинонтӕ ма скӕной кӕнӕ цот ма рауадзой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразой. Ӕрыгон чи нал у, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ, сӕ рӕстӕг сӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ сӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттимӕ ӕрвитыны бӕсты, сӕ хъарутӕ иууылдӕр дӕттынц Йегъовӕйы хъуыддагӕн. Чидӕртӕ сӕ архайынц алыхуызон арӕзтадон куыстыты. Чидӕртӕ та сахуыр кӕнынц Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы, ӕмӕ стӕй фӕлӕггад кӕнынц, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, уыцы ӕмбырдты. Иннӕтӕ та сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй фылдӕр балӕггад кӕной. Афтӕ удуӕлдай кӕй сты, уый Йегъовӕйӕн стыр цины хос у ӕмӕ сын сӕ фыдӕбон ӕмӕ сӕ уарзондзинад никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10–12). Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Дӕ бон нӕ уаид Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын? w16.04 1:16, 17

Къуырисӕр, 2 июль

Иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау (Иоан. 10:16).

Чырысти йӕхи абарста фыййауимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та – фысты дзугимӕ. Ахъуыды-ма кӕн: дыууӕ фысы къуылдымыл куы уой, дыууӕ фысы – дӕлвӕзы, иу та – ӕндӕр кӕмдӕр, уӕд сӕ дзуг схонӕн уыдзӕн? Фысты иу дзуг схонӕн ис, иумӕ куы уой ӕмӕ сӕ фыййауы фӕдыл куы цӕуой, уӕд. Раст афтӕ мах дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй нӕхи дард куы ласӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн нӕ Фыййауы фӕдыл цӕуын. Цӕмӕй «иу дзуг» уӕм ӕмӕ нын «иу фыййау» уа, уый тыххӕй хъуамӕ не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ ӕмбырд кӕнӕм. Не ’мбырдты руаджы мах стӕм иу бинонтау ӕнгом (Пс. 133:1). Ӕмбырды иуӕй-иутыл сӕ ныййарджытӕ кӕнӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ сӕхи атигъ кодтой. Фӕлӕ Йесо ахӕм чырыстӕттӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын уыдзӕн, чи сӕ уарздзӕн ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм бинонтӕ (Мар. 10:29, 30). Ӕмбырдтӕм ӕдзух куы цӕуай, уӕд, чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр искӕмӕн фыд кӕнӕ мады хуызӕн, йе та хо кӕнӕ ӕфсымӕры хуызӕн суай. Уыцы хъуыддаг нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуын. w16.04 3:9, 10

Дыццӕг, 3 июль

Куы лӕууат ӕмӕ куы куват, уӕд-иу, хӕрам кӕмӕ уат, уымӕн ныххатыр кӕнут, цӕмӕй уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр уӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕна (Мар. 11:25).

Иннӕтимӕ хӕларӕй куы нӕ цӕрӕм, уӕд нӕ лӕггад, ома, Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм ӕмӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый, дзӕгъӕлы уыдзӕн. Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнӕм (Лук. 11:4; Еф. 4:32). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хатыргӕнаг уой ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрой. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Ӕфсымӕртӕн сӕ рӕдыдтытӕ уайтагъд ныббарын? Кӕд мӕ хатгай фӕхъыг кӕнынц, уӕддӕр мын семӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕхсызгон у?» Кӕд ӕй бамбӕрстай, ныххатыр кӕнын дын алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, уӕд сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Нӕ уӕларвон Фыд дын дӕ куывдтытӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн (1 Иоан. 5:14, 15). w16.05 1:6, 7

Ӕртыццӕг, 4 июль

Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:14).

Хъусын кӕнын кӕдмӕ хъӕуы? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй – цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ ацы фӕстаг бонты дӕргъы хорз хабар ӕдзухдӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый у ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Хъуыд. 1:8; 1 Пет. 4:14). Ӕндӕр динтӕй чи у, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ фӕзӕгъынц, «махмӕ сыгъдӕг тых ис», зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ хорз хабар ӕдзухдӕр хъусын кӕнынц? Иуӕй-иу динтӕ афӕлварынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтау хъусын кӕнын, фӕлӕ сын ницы рауайы. Чидӕртӕ та фӕхъусын кӕнынц ӕрмӕстдӕр иу цасдӕр рӕстӕг. Ахӕмтӕ дӕр ис, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнынц, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ фӕдзурынц. Уӕдӕ бӕрӕг у, уыдон дӕр, Йесо Чырысти цы хъуыддаг райдыдта, уый кӕй нӕ аразынц. w16.05 2:13, 16

Цыппӕрӕм, 5 июль

Ме ’фсымӕртӕ, дарддӕр дӕр цин кӕнут, цы хъӕуы, уый-иу аивут, иннӕтӕ уын цы удӕнцой ӕрхӕссынц, уымӕн аргъ кӕнут, иу зондыл хӕст ут, кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут (2 Кор. 13:11).

Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта: «Уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у ӕмӕ йӕ монцтӕ сӕ фӕдыл кӕй сайынц ӕмӕ кӕй халынц, уыцы зӕронд удыхъӕд хъуамӕ ныууадзат. Ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых ӕмӕ хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:22–24). Ацы ныхӕстӕ, «хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ удыхъӕд хъуамӕ ӕдзухдӕр ивӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ сӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Ӕмӕ нын Библийы фӕрцы уый ӕнӕмӕнг бантысдзӕн. w16.05 4:8, 9

Майрӕмбон, 6 июль

Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны (Ӕмб. 3:12).

Йегъовӕ нӕ абон цы диссаджы фарнӕй хайджын кӕны, уый абарӕн ис дзӕнӕтимӕ (Ис. 64:8). Ахӕм уавӕрты Хуыцауӕн ӕнцондӕр у, цӕмӕй нӕ дурынгӕнӕгау хуыздӕрырдӕм ива. Ӕмӕ кӕд ӕгъатыр дунейы цӕрӕм, уӕддӕр уыцы «дзӕнӕты» ницӕмӕй тӕрсӕм. Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кӕй базыдтам ӕмӕ нӕ ныр йӕ уарзтӕй кӕй рӕвдауы (Иак. 4:8). Ног дунейы мах ӕххӕстӕй схайджын уыдзыстӕм, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арфӕдзинӕдтӕй. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Уыцы рӕстӕг нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр дурынгӕнӕгау хуыздӕрырдӕм ивдзӕн ӕмӕ нӕ ахуыр кӕндзӕн. Уый ахӕм диссаг уыдзӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! (Ис. 11:9). Йегъовӕ ма афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ нӕ зонд ӕмӕ нӕ буар дӕр алцӕмӕй ӕххӕст суыдзысты. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ амындтӕ ӕмбарын ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнын. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн уый бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ ива. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, иу ахсджиаг хъуыддаг кӕй ӕмбарӕм: Йегъовӕ нӕ уымӕн ивы, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны. w16.06 1:8, 9

Сабат, 7 июль

Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй (Дык. з. 6:4).

Моисей израилӕгтимӕ фӕстаг хатт ныхас кодта нӕ эрӕйы размӕ 1473 азы. Израилӕгтӕ уыдысты Моавы зӕххыл ӕмӕ хъуамӕ Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтаиккой ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахстаиккой (Дык. з. 6:1). Моисей сын 40 азы дӕргъы разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕм разӕй цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ цӕттӕ уыдаиккой. Израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ дардтаиккой ӕмӕ йыл иузӕрдион уыдаиккой. Уӕдӕ сӕ Моисейы ныхӕстӕ куыннӕ бафидар кодтаиккой! Моисей Дӕс фӕдзӕхсты ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ закъӕтты кой куы скодта, уӕд сын загъта, Дыккаг закъоны 6:4, 5 кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Израилӕгтӕ зыдтой, сӕ Хуыцау «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ» кӕй нӕй. Иузӕрдион израилӕгтӕ лӕггад кодтой иу Хуыцауӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн. w16.06 3:2, 3

Хуыцаубон, 8 июль

Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд (Матф. 24:36).

Ацы ныхӕстӕ Йесо загъта, зӕххыл куы уыд, уӕд. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ уӕлӕрвты лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй Хӕйрӕджы дуне фесафа (Рарг. 19:11–16). Уӕдӕ Армагеддоны хӕст кӕд уыдзӕн, уый ныртӕккӕ хъуамӕ зона. Фӕлӕ йӕ мах нӕ зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ раджы аскъуыддзаг кодта. Уыцы бон кӕны хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр ӕмӕ «нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! (Ав. 2:1–3). Уый фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн? Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕй алкӕцы дӕр растдӕр йӕ афоныл сӕххӕст вӕййы! Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уыцы рӕстӕг фервӕзӕм ӕмӕ ног дунейы цӕрӕм, уӕд хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. w16.07 2:4–6

Къуырисӕр, 9 июль

Петр [ын] афтӕ: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн»! (Мар. 14:29).

Йесойы куы ’рцахстой, уӕд ӕй йӕ апостолтӕ се ’ппӕт дӕр, уыимӕ Петр дӕр, ныууагътой. Петр ма Йесойӕ ӕртӕ хатты афтӕ дӕр загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Мар. 14:53, 54, 66–72). Фӕлӕ, цы сарӕзта, ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр ныххатыр кодта ӕмӕ йыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Уыцы рӕстӕг Йесойы ахуыргӕнинаг куы уыдаис ӕмӕ, Петр цы сарӕзта, уый тыххӕй куы зыдтаис, уӕд ма Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаис? Дӕ зӕрдыл дардзынӕ, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ адӕймагӕн рӕстӕг кӕй фӕдӕтты, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна? Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ хъуыддаг йӕ афоныл кӕй равзардзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕнддзынӕ? Куы хъӕуа, уӕд Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, тӕригъӕд чи ракодта, уый ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты. Фидарӕй дӕ уырны, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы? w16.06 4:8, 9

Дыццӕг, 10 июль

Уадз ӕмӕ [уын] нӕ Хицау Йесо Чырысти йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцау... уӕ зӕрдӕтӕ барӕвдауӕнт ӕмӕ уӕ бафидар кӕнӕнт (2 Фес. 2:16, 17).

Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы ма ахӕм стыр арфӕдзинадӕй дӕр хайджын стӕм, ӕмӕ, зӕрдӕсаст куы вӕййӕм, уӕд нын удӕнцой ратты (Пс. 51:17). Фессалоникӕйы чырыстӕттӕ ӕфхӕрд куы ’ййӕфтой, уӕд сӕм Павел ныффыста, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уый нын удӕнцой куыннӕ хӕссы! Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм ӕнӕ Йегъовӕйӕ хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст (Пс. 49:7, 8). Фӕлӕ нын Йегъовӕ радта диссаджы ныфс. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Мӕ Фыды уый фӕнды, цӕмӕй, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй» (Иоан. 6:40). Ӕнустӕм цӕрыны ныфс у, Йегъовӕ нын йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй скодта, ахӕм рӕдау лӕвар. Павел дӕр уый хорз ӕмбӕрста ӕмӕ загъта: «Раргом Хуыцауы стыр хорзӕх, алыхуызон адӕмӕн ирвӕзындзинад чи хӕссы, уый» (Тит. 2:11). w16.07 3:14, 15

Ӕртыццӕг, 11 июль

Уе ’взонджы бонты уӕ цард кӕимӕ баиу кодтат, уыдоныл... гадзрахатӕй ма цӕут (Мал. 2:15).

Дӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуай, уый Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн абон дӕр тӕригъӕдыл нымад у. Ӕмӕ сӕм ахӕм хабӕрттӕ арӕх не ’рцӕуы. Фӕлӕ, зӕгъӕм, бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕр кӕйдӕр усимӕ (кӕнӕ хо кӕйдӕр лӕгимӕ) ӕмуат ӕрцыд, цӕмӕй стӕй йӕхи цардӕмбалӕй ахицӕн уа ӕмӕ йӕ цард уыимӕ баиу кӕна. Афтӕ кӕй бакодта, ууыл куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕг уа (1 Кор. 5:11–13). Ӕмӕ цалынмӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад ӕрцӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ, «кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый хъуыддагӕй равдиса» (Лук. 3:8; 2 Кор. 2:5–10). Уымӕн цас рӕстӕг бахъӕудзӕн, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Чи зоны, уыцы адӕймаджы иу аз кӕнӕ цалдӕр азы дӕр бахъӕуа, цӕмӕй хъуыддагӕй равдиса, ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕны. Фӕлӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад куы ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ «Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕууа», ома, ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕндзӕн (Ром. 14:10–12). w16.08 1:12, 13

Цыппӕрӕм, 12 июль

Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы (1 Тим. 3:1).

«Тырнын»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, адӕймаг йӕ къух кӕй ивазы, ӕнцонтӕй цӕмӕ не ’ххӕссы, уымӕ. Апостол Павелы уымӕй зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, цӕмӕй адӕймагӕн фылдӕр ӕнтыса, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Зӕгъӕм, ӕфсымӕры фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ ӕмбары, уый тыххӕй йӕ кӕй хъӕуы чырыстон миниуджытыл бакусын. Иу бон уыцы нысан йӕ къухы бафтыд, фӕлӕ ууыл не ’рлӕууыд. Ныр та йӕ фӕнды, цӕмӕй суа цӕстдарӕг, ӕмӕ дарддӕр кусы, цӕстдарӕджы чи хъӕуы, уыцы миниуджытыл. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты фӕнды пионертӕй кӕнӕ Вефилы лӕггад кӕнын, кӕйдӕр та Паддзахады залтӕ аразын. Ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафта. w16.08 3:3, 4

Майрӕмбон, 13 июль

Уыдон дӕ лӕггадгӕнджытӕ сты ӕмӕ дӕ адӕм, де стыр тых ӕмӕ сӕ дӕ фидар къухы фӕрцы фервӕзын кодтай (Неем. 1:10).

Нееми Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхт, уӕд федта, горӕт цы ӕдзӕллаг уавӕры уыд, уый. Дзуттӕгты тас бацыд, уымӕн ӕмӕ сӕм се знӕгтӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдон, ӕртхъирӕн кодтой. Гъемӕ Иерусалимы къул амайын ныууагътой. Цымӕ Неемийӕн дӕр йӕ ныфс асаст ӕмӕ уый дӕр йӕ къухтӕ ӕруагъта? Нӕ, уый Моисейау, Асӕйау ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытау йӕ зӕрдӕ алкӕддӕр дардта Йегъовӕйыл. Ӕмӕ та ныр дӕр Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдта (Рац. 17:8–13; 2 Аз. 14:8–13). Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕбын куывд фехъуыста, ӕмӕ йе «стыр тых» ӕмӕ йӕ «фидар къухы» фӕрцы дзуттӕгты бафидар кодта (Неем. 2:17–20; 6:9). Уырны дӕ, Йегъовӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн йе «стыр тых» ӕмӕ йӕ «фидар къухы» фӕрцы кӕй ӕххуыс кӕны? w16.09 1:9

Сабат, 14 июль

Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн (1 Кор. 10:31).

Иу голландиаг газеты аргъуанты сӕргълӕуджыты фембӕлды тыххӕй фыст уыд: «Тӕвд бон уыди, ӕмӕ бирӕтӕ куыдфӕндыйы кондӕй ӕрбацыдысты. [...] Ахӕм цыдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессты нӕ фендзынӕ». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй арӕх раппӕлынц, зӕгъгӕ, сӕ дарӕсӕй бӕрӕг у, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты» ӕмӕ сӕхи кӕй рӕсугъд кӕнынц, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Тим. 2:9, 10). Кӕд ацы стихты Павел сылгоймӕгты кой кодта, уӕддӕр ацы ныхӕстӕ чырыстон нӕлгоймӕгтӕм дӕр хауынц. Йегъовӕйы адӕм, сӕ уӕлӕ цы скӕной, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы, кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцау дӕр (Райд. 3:21). Библийы ӕддаг бакасты тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Дунедарӕг Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыцы хъуыддаджы бӕлвырд ӕгъдау кӕй ӕрӕвӕрдта. Уымӕ гӕсгӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм ӕмӕ не ’ддаг бакаст цавӕр уыдзӕн, уый тыххӕй хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл. w16.09 3:1, 2

Хуыцаубон, 15 июль

Адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ (2 Пет. 1:21).

Иуӕй-иутӕ уарзынц Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасын. Кӕйдӕрты та фӕфӕнды Библийы фыст хабӕрттӕ абарын, историктӕ, археологтӕ кӕнӕ ахуыргӕндтӕ цы дзурынц, уыимӕ. Райсӕм, Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, уый. Ацы ныхӕстӕ загъд ӕрцыдысты, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд. Ацы стихы фыццаг хатт ӕмбӕлы Библийы сӕйраг темӕ: Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ ном срухс уыдзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Ам Йегъовӕ ахӕсгӕ хуызы ӕмбарын кӕны, ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон цӕй фӕрцы скӕндзӕн, уый. Уӕдӕ дӕ бон куыд у Райдиан 3:15 раиртасын? Йегъовӕ гыццылгай ӕргом кодта, ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ уал фыццаг дӕ бон у, уый кой кӕм ис, уыцы стихтӕ ссарын. Стӕй базон, фыст кӕд ӕрцыдысты, уый, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фӕд-фӕдыл равӕр. Афтӕмӕй фендзынӕ, ӕмӕ кӕд Библийы фысджытӕ иу рӕстӕджы нӕ цардысты, уӕддӕр, цы фыстой, уый фӕрцы пехуымпарады хъуыды бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр кодта. Ӕмӕ уӕд ӕнӕмӕнг бамбардзынӕ, Хуыцауы «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» кӕй фыстой. w16.09 4:8

Къуырисӕр, 16 июль

Кӕй фӕрцы хицӕн кӕныс иннӕмӕй? (1 Кор. 4:7).

Раздӕр апостол Петр, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй каст. Фӕлӕ сабыргай йӕ цӕстӕнгас фӕивта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй ахӕм зӕрдӕ макӕмӕуал дардтаид (Хъуыд. 10:28, 34, 35; Гал. 2:11–14). Уӕдӕ, зӕгъгӕ, нӕ зӕрдӕ нӕхимӕ гыццыл дӕр уымӕй фехсайдта, ӕмӕ кӕмӕдӕр йӕ адӕмыхатты тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй кӕсӕм кӕнӕ нӕ адӕмыхаттӕй хъал стӕм, уӕд хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стонӕм (1 Пет. 1:22). Рох нӕ ма уӕд, иу дӕр нӕ ирвӕзындзинады аккаг кӕй нӕу, уый. Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм, уӕддӕр (Ром. 3:9, 10, 21–24). Уӕдӕ уӕд нӕхи искӕмӕй хуыздӕр куыд хъуамӕ хонӕм?! Мах дӕр хъуамӕ ацы хъуыддагмӕ кӕсӕм апостол Павелы цӕстӕй. Павел иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ... Хуыцауы бинонтӕ» (Еф. 2:19). Нӕ тых, нӕ бонӕй куы архайӕм, цӕмӕй макӕйуал хъулон кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕ удыхъӕд ногмӕ раивынӕн (Кол. 3:10, 11). w16.10 1:9

Дыццӕг, 17 июль

Йӕ закъон [ын] ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй (Пс. 1:2).

Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас, Библи, цӕмӕй уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Цӕмӕй «амондджын» уӕм ӕмӕ нын «алцыдӕр... ӕнтыса», уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм (Пс. 1:1–3; Хъуыд. 17:11). Йегъовӕ ма нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕтты «хӕринаг афоныл» дӕр (Матф. 24:45). Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕтты тыххӕй кӕсын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Стӕй афтӕмӕй ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр куы хицауиуӕг кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ (Дзут. 11:1). Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕн ма сӕ уырнындзинад фидар уыд, кӕй йӕм куывтой, уый фӕрцы. Йегъовӕ-иу сын сӕ куывдтытӕн дзуапп куы радта, уӕд-иу сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар (Неем. 1:4, 11; Пс. 34:4, 15, 17; Дан. 9:19–21). w16.10 3:7, 8

Ӕртыццӕг, 18 июль

Ахӕм уырнындзинад мӕм куы уа, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн хӕхтӕ дӕр иу ранӕй сисын ӕмӕ сӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн (1 Кор. 13:2).

Йесо загъта, «Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр» кӕй у Хуыцауы уарзын (Матф. 22:35–40). Уырнындзинад дӕр ӕмӕ уарзондзинад дӕр ахсджиаг миниуджытӕ сты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты сӕ кой арӕх иумӕ вӕййы. Павел йе ’фсымӕрты разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «нӕ уӕлӕ дарӕм уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон» (1 Фес. 5:8). Иоанн фыста: «[Хуыцауы] фӕдзӕхст та у ахӕм: хъуамӕ ӕууӕндӕм йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ» (1 Иоан. 3:23). Фӕлӕ ма Павел афтӕ дӕр ныффыста: «Ацы ӕртӕ уыдзысты: уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад. Фӕлӕ дзы ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у уарзондзинад» (1 Кор. 13:13). Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куы сӕххӕст уой, уӕд нӕ уыцы хабӕрттыл ӕууӕндын нал хъӕудзӕн. Нӕхи цӕстӕй сӕ уындзыстӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы уарзын хъӕудзӕн алкӕддӕр. Уыцы уарзондзинад нын ӕнусӕй-ӕнусмӕ тыхджындӕр кӕндзӕн. w16.10 4:15–17

Цыппӕрӕм, 19 июль

Ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта (Хъуыд. 16:5).

Фыццаг ӕнусы иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ разамонӕг советы номӕй ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтой ӕмӕ сын «дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон» (Хъуыд. 16:4). Ӕмбырдтӕ уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы сӕ «уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой». Хуыцауы организаци нын разамынд куы ратты, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы дзуры, не ’ппӕт дӕр кӕй хъуамӕ хъусӕм, разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ (Дык. з. 30:16; Дзут. 13:7, 17). Уӕдӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уый разамынды ныхмӕ нӕ цӕудзӕн, стӕй хъуыр-хъуыр дӕр нӕ кӕндзӕн. Махӕй никӕй фӕндид, цӕмӕй Диотрефы хуызӕн уа. Уый, разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты ницӕмӕ дардта (3 Иоан. 9, 10). Цы разамынд нын дӕттынц, уымӕ куы хъусӕм, уӕд не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕндзыстӕм. Уӕдӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уой? Хуыцауы организаци мын цы разамынд ратты, уымӕ уайтагъд байхъусын?» w16.11 2:10, 11

Майрӕмбон, 20 июль

Тырнут, цӕмӕй уӕ уацары цы горӕтмӕ акӕнын кодтон, уыцы горӕты уа фарн (Йер. 29:7).

Йегъовӕйы ныхасмӕ чи байхъуыста, уыцы уацайрӕгтӕ Вавилоны афтӕ ӕвзӕр дӕр нӕ цардысты. Уыди сын кусыны бар, стӕй сӕ бон уыд уыцы бӕстӕйы кӕдӕмфӕнды дӕр цӕуын. Уыцы заман Вавилоны базары куыст тынг хорз цыди. Рагон документтӕй бӕрӕг у, уацары цы дзуттӕгтӕ уыд, уыдон базары куыст кӕныныл кӕй сахуыр сты, стӕй сӕ бирӕтӕ кӕй систы хорз ӕрмгуыстгӕнджытӕ. Иуӕй-иу дзуттӕгтӕ хъӕздыг дӕр систы. Уымӕй ӕнустӕ раздӕр Египеты цагъартӕ чи уыдысты, уыцы израилӕгтӕн сӕ цард бирӕ зындӕр уыд, Вавилоны уацары чи уыд, уыдоны цардӕй (Рац. 2:23–25). Фӕлӕ та цымӕ израилӕгтӕ искуы Хуыцауӕн, куыд сын бафӕдзӕхста, афтӕ лӕггад кӕндзысты? Уыцы рӕстӕг уый никӕй бауырныдтаид, уымӕн ӕмӕ-иу вавилойнӕгтӕ сӕ уацайрӕгты никуы ссӕрибар кодтой. Фӕлӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ адӕмы кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Хуыцау цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы! (Ис. 55:11). w16.11 4:3, 5

Сабат, 21 июль

Тӕригъӕдӕн амардыстӕм (Ром. 6:2).

Кӕд уыцы чырыстӕттӕ нырма зӕххыл цардысты, уӕд сӕ афтӕ зӕгъӕн куыд уыд? Чырыстийы нывонды фӕрцы фыццаг ӕнусы Хуыцау Павелӕн дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн дӕр сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ йӕ фырттыл банымадта. Ӕмӕ йыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззадаиккой, уӕд фидӕны Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдаиккой. Фӕлӕ кӕд нырма зӕххыл уыдысты, уӕд тӕригъӕдӕн куыд амардысты? Павел ахӕм абарстӕй бамбарын кодта, сӕ цард бынтондӕр кӕй фӕивта. Павел загъта, Йесо йӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕй райгас ӕнӕмӕлгӕ буары. Уымӕ гӕсгӕ Йесойыл «мӕлӕты бар... нал цӕуы». Раст афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр цыма мӕлгӕ акодтой, афтӕ уыдысты. Сӕ цард бынтондӕр фӕивта, уымӕн ӕмӕ сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл нал цыдысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ тых, сӕ бонӕй архайдтой, цӕмӕй сӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтаиккой. «Тӕригъӕдӕн сӕхи нымадтой мардыл ӕмӕ цардысты Хуыцауы тыххӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ром. 6:9, 11). w16.12 1:9, 10

Хуыцаубон, 22 июль

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый... ссардзӕн цард ӕмӕ фарн (Ром. 8:6).

Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ дзура ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Библийы тыххӕй. Чырыстӕттӕ дӕр адӕм сты, ӕмӕ сӕ цард бирӕ цӕмӕйдӕрты у иннӕ адӕмы царды хуызӕн. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр хӕргӕ дӕр кодтой ӕмӕ нуазгӕ дӕр, бирӕтӕн сӕ уыди бинонтӕ, стӕй кусгӕ дӕр кодтой (Мар. 6:3; 1 Фес. 2:9). Фӕлӕ Павелӕн ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн уыцы хабӕрттӕ сӕ царды ӕппӕты сӕйраг нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, Библийӕ мах зонӕм, Павел цатыртӕ кӕй хуыдта ӕмӕ йӕхи уымӕй кӕй дардта. Фӕлӕ йын уыцы куыст сӕйраг нӕ уыд. Сӕйраг ын уыди Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ фылдӕр хардз кодта хъусын кӕныныл ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл (Хъуыд. 18:2–4; 20:20, 21, 34, 35). Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд уыд фӕзминаг, афтӕ махӕн дӕр у фӕзминаг (Ром. 15:15, 16). w16.12 2:5, 15, 16

Къуырисӕр, 23 июль

Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад (Ӕмб. 19:17).

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн тынг аргъ кӕны. Нӕ ныфс цӕмӕдӕр куы нӕ фӕхӕссӕм кӕнӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ цӕмӕдӕр нӕ сарӕхсдзыстӕм, уӕд нын нӕ катӕйттӕ хорз фембары. Куыстыл кӕнӕ, нӕ бинонты куыд фӕдарӕм, ууыл куы фӕтыхсӕм, науӕд, рынчын кӕнӕ ныфссаст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ бон раздӕрау бирӕ лӕггад кӕнын куы нал вӕййы, уӕд дӕр нӕ Йегъовӕ фембары. Ӕмӕ йыл зындзинӕдты дӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕн тынг аргъ кӕны. Ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм (Дзут. 6:10, 11). Стӕй дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ кӕй у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау». Ӕмӕ йӕм куы фӕкувӕм, уӕд-иу ӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, лӕмбынӕг нӕм кӕй хъусы (Пс. 65:2). «Тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» нын ратдзӕн, цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕввахс уӕм. Иуӕй-иу хатт нын баххуыс кӕны нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты (2 Кор. 1:3). Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, нӕхӕдӕг дӕр иннӕты рыст куы фембарӕм (Матф. 6:3, 4). Ӕмӕ нын зӕгъы, уыцы хорздзинад нын кӕй бафиддзӕн. w16.12 4:13, 14

Дыццӕг, 24 июль

Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад (2 Кор. 3:17).

Йесо зӕххыл куы цард ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг куы фӕлвӕрдта, уӕд йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууыд (Матф. 4:10). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв Йесо йӕ Фыдмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта ӕмӕ йын загъта, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕй кӕй фӕнды. Уый загъта: «Мӕ Фыд, кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Лук. 22:42). Уӕдӕ Йесо йӕ сӕрибардзинадӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнынӕн куыд спайда кодта ӕмӕ йын йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кодта, уымӕй йӕ нӕ бон у бафӕзмын. Цымӕ нын рауайдзӕн? Рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ мах дӕр стӕм Хуыцаумӕ гӕсгӕ конд (Райд. 1:26). Фӕлӕ нӕ бон алцы нӕу ӕмӕ нын алцы кӕныны бар дӕр нӕй. Йегъовӕйӕн цы ӕгӕрон сӕрибардзинад ис, махӕн ахӕм сӕрибардзинад нӕй. Хуыцау нын радта уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Зӕгъӕм, бинонты ’хсӕн ӕрӕвӕрдта ахӕм ӕгъдау: устытӕ хъуамӕ кӕсой сӕ лӕгты коммӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕ та – сӕ ныййарджыты коммӕ (Еф. 5:22; 6:1). w17.01 2:4, 5

Ӕртыццӕг, 25 июль

Алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут (Ром. 12:3).

Мах диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм. Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай рӕзы, размӕ цӕуы, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цыдӕртӕ ивы. Уыцы ивындзинӕдты тыххӕй нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады дӕр цыдӕртӕ фӕивы. Ӕмӕ-иу уӕд хорз уаид, сӕрныллӕг-иу куы разыниккам ӕмӕ-иу нӕхиуыл куы нӕ хъуыды кӕниккам, фӕлӕ, Йегъовӕйы хъуыддагӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл. Уый фӕрцы не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Павел Ромы чырыстӕттӕм ныффыста: «Буар иу куыд у, буары уӕнгтӕ та – бирӕ, фӕлӕ уӕнгтӕ се ’ппӕт уыцы иу куыст куыд нӕ кӕнынц, раст афтӕ мах дӕр: кӕд бирӕ стӕм, уӕддӕр стӕм иу буар – Чырыстиимӕ иумӕ» (Ром. 12:4, 5). Не ’ппӕты дӕр фӕнды Хуыцауы Паддзахадӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, нӕ хӕс цы у, уый аразын. Хистӕртӕ, ӕрыгӕтты ахуыр кӕнут, уӕхӕдӕг цы аразут, ууыл. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, цӕттӕ ут уӕхимӕ хӕстӕ исынмӕ, бонзонгӕ ут ӕмӕ хистӕр кары ӕфсымӕрты нымайут. Бинойнӕгтӕ, сымах та фӕзмут Акилӕйы ус Прискиллӕйы – сӕ царды-иу исты куы фӕивта, уӕд дӕр-иу ӕдзухдӕр уыди йӕ лӕджы фарсмӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодта (Хъуыд. 18:2). w17.01 5:15, 16

Цыппӕрӕм, 26 июль

Ӕз... ничи дӕн (Тӕрх. 6:15).

Гедеон уыди бонзонгӕ. Йегъовӕйы ныхасыл куы сразы, уӕддӕр ма йӕ фӕндыд базонын, алцыдӕр хорз бамбӕрста ӕви нӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕ райдыдта разамынд курын (Тӕрх. 6:36–40). Гедеон уыди хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхаст адӕймаг, фӕлӕ уӕддӕр хъавгӕйӕ ӕмӕ зондӕй архайдта (Тӕрх. 6:11, 27). Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уымӕй Гедеоны йӕхицӕн уӕлдай кад скӕнын нӕ фӕндыд. Йӕ хӕс куы сӕххӕст кодта, уӕд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхт (Тӕрх. 8:22, 23, 29). Исчи ӕмбырды йӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсынмӕ куы тырна, уӕд ӕй сӕрбӕрзонд адӕймаг схонӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Библи не ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын нӕ лӕггады фылдӕр ӕнтыса (1 Тим. 4:13–15). Фӕлӕ нын уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕндӕр хӕстӕ бакӕной нӕ бар? Уый раст хъуыды нӕу. Йегъовӕйы фӕрцы алкӕддӕр нӕ бон у нӕ чырыстон миниуджытыл кусын, ӕнтыстджындӕрӕй йын лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын. w17.01 3:15, 16

Майрӕмбон, 27 июль

Хуыцау... йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм (1 Иоан. 4:9).

Йегъовӕ мах тыххӕй цы нывонд радта, уый йын тынг зынаргъ слӕууыд (1 Пет. 1:19). Адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты мах тыххӕй нӕ бавгъау кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырысти Адамы бӕсты сси не ’ппӕты фыд дӕр (1 Кор. 15:45). Афтӕмӕй нын Чырысти цардмӕ фӕндаг байгом кодта ӕмӕ нын фадат радта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаздӕхӕм. Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕмы фӕстӕмӕ йӕ бинонтыл банымайын, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты ма ахиза, афтӕмӕй. Фидӕны иузӕрдион адӕм иууылдӕр ӕххӕст адӕймӕгтӕ кӕй суыдзысты, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у. Уӕд, Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр цы бинонтӕ ис, уыдоны ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Ӕмӕ уӕд не ’ппӕт дӕр уыдзыстӕм Хуыцауы сывӕллӕттӕ (Ром. 8:21). Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды, уыцы зынаргъ лӕвар нын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын. w17.02 1:17, 19

Сабат, 28 июль

Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар? (Матф. 24:45).

2013 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бамбарын кодтой, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй у сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд ӕмӕ уыдон кӕй сты Разамонӕг совет. Разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон алы къуыри дӕр фембӕлынц, цӕмӕй-иу ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссой. Афтӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕнынц ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад (Ӕмб. 20:18). Афӕдзы дӕргъы сӕ иу вӕййы уыцы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг, ӕмӕ азӕй-азмӕ уыцы хӕс радгай феххӕст кӕнынц. Уымӕй бӕрӕг у, се ’ппӕтӕн дӕр ӕмхуызон бартӕ кӕй ис (1 Пет. 5:1). Разамонӕг советы бӕрны цы ӕхсӕз комитеты ис, уыдоны дӕр уыцы ӕфсымӕртӕ сӕрдариуӕггӕнӕджы хӕстӕ азӕй-азмӕ радгай феххӕст кӕнынц. Уыцы ӕфсымӕртӕй иу дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ иннӕтӕн разамонӕг у. Уыдонӕй алчидӕр йӕхи нымайы, ӕууӕнкджын цагъар хӕринаг кӕмӕн дӕтты, уыцы «хӕдзаронтӕй» иуыл, ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ хъусы. Разамонӕг советӕн сыгъдӕг тых цавӕрдӕр хабӕрттӕ диссаджы хуызы нӕ раргом кӕны, стӕй уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕрӕдигӕ дӕр не сты. Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр ахуырад раст ма бамбарын кӕной кӕнӕ бынтон раст уынаффӕ ма рахӕссой. w17.02 4:10–12

Хуыцаубон, 29 июль

[Хуыцау] йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ йӕ мах сӕрвӕлтау мӕлӕтмӕ радта (Ром. 8:32).

Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисӕм, нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм ӕмӕ «Йегъовӕйы стӕм» (Ром. 14:8). Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уым зыны йӕ уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ сӕйраг миниуӕг. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр уыцы миниуӕг уа (1 Иоан. 4:8–11). Нӕ «уӕларвон Фыды фырттӕ» уӕм, уый нӕ кӕй фӕнды, уый ӕвдисӕм, иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй (Матф. 5:43–48). Ӕппӕты сӕйрагдӕр цы дыууӕ фӕдзӕхсты сты, уыдонӕй фыццаг у, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый, дыккаг та – иннӕты кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый (Матф. 22:37–40). Иннӕты кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕй ӕвдисӕм Йегъовӕйы кад. Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ куы хъусӕм ӕмӕ иннӕты, уӕлдайдӕр та не ’фсымӕрты, куы уарзӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ «Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзӕм» (1 Иоан. 2:5; 4:20). w17.02 2:13, 14

Къуырисӕр, 30 июль

Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд йӕ фӕдыл цӕут, кӕд Ваал у, уӕд та уый фӕдыл цӕут (1 Пад. 18:21).

Чи зоны, зӕгъай, уый дӕр зын аскъуыддзаг кӕнӕн нӕ уыд, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын алкӕддӕр ӕппӕты хуыздӕр у. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, иу ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр нӕ бафӕнддзӕн цавӕрдӕр ӕнӕуд хуыцауӕн кувын. Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд уынаффӕ рахӕссын. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты «къуылых сӕ дыууӕ къахӕй», дыууӕрдӕм кодтой. Ӕмӕ сӕ Илийа разӕнгард кодта, цӕмӕй, ӕппӕты хуыздӕр цы уыд, уый равзӕрстаиккой – Йегъовӕйӕн куывтаиккой. Цымӕ уыцы израилӕгтӕн зондджын уынаффӕ рахӕссын зын цӕмӕн уыди? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ Йегъовӕйыл нал ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕм нал хъуыстой. Уыдон сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл нӕ дардтой, стӕй нӕ архайдтой, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базыдтаиккой кӕнӕ йӕ зондӕй архайдтаиккой. Афтӕ куы кодтаиккой, уӕд, цы базыдтаиккой, уый фӕрцы сӕ бон уыдаид зондджын уынаффӕтӕ хӕссын (Пс. 25:12). Иннӕмӕй та израилӕгтӕ фӕстагмӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдоны фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдысты. Афтӕмӕй та сӕ Йегъовӕ уый тыххӕй кӕд ӕмӕ кӕд бафӕдзӕхста (Рац. 23:2). w17.03 2:6, 7

Дыццӕг, 31 июль

[Езеки], Моисей цы ӕрхуы калм скодта, уый дӕр ныцъцъӕл кодта (2 Пад. 18:4).

Нӕ бон куыд у Езекийы бафӕзмын? Гӕнӕн ис, цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм кӕнӕ нын нӕ лӕггадӕн рӕстӕг мауал уа. Зӕгъӕм, абон бирӕтӕ зындгонд адӕмӕн афтӕ кад кӕнынц, цыма хуыцӕуттӕ сты. Сӕ цӕсты стыр кад вӕййы, зындгонд чи у, фӕлӕ зонгӕ дӕр кӕимӕ нӕ вӕййынц, уыдонӕн. Бирӕтӕ дзӕвгар рӕстӕг фӕхардз кӕнынц, цӕмӕй интернеты уыцы адӕмы тыххӕй фылдӕр базоной ӕмӕ сын сӕ къамтӕм кӕсой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, интернетӕй алыхуызон социалон сетьты фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ бинонтимӕ ӕмӕ не ’ввахс ӕмбӕлттимӕ ныхас кӕнын кӕнӕ сӕм истытӕ фыссын. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм. Суанг ма, чи зоны, социалон сетьты цы къамтӕ сӕвӕрӕм кӕнӕ дзы цы ныффыссӕм, уыдӕттӕ бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕуынц, уымӕй дӕр хъал уӕм. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, хъыг дӕр фӕуӕм, исчи интернеты йӕхи не ’мбӕлтты номхыгъдӕй куы айса, уӕд. Уӕдӕ нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕхи уымӕй хизын, цӕмӕй адӕмы Хуыцауы бынаты ма ӕвӕрон? Архайын, цӕмӕй, ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕнон?» (Еф. 5:15, 16). w17.03 3:14, 17

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын