Август
Ӕртыццӕг, 1 август
Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа (Иак. 1:4).
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, тӕрхонгӕнӕг Гедеон разамынд кӕмӕн лӕвӕрдта, уыцы израилаг ӕфсад се знӕгтимӕ карз тохы куыд бацыдысты. Гедеон ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ мадиамӕгты ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыдоны сырдтой ӕнӕхъӕн ӕхсӕв, 32 километры бӕрц! Израилӕгтӕ се знӕгтӕ бирӕ азты дӕргъы хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой, ӕмӕ ныр сӕ тох хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой. Гедеоны ӕмӕ йе ’фсӕддонты хъуыди се знӕгты баййафын ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнын! (Тӕрх. 7:22; 8:4, 10, 28). Мах дӕр хӕцӕм уӕззау тохы. Не знӕгтӕ сты Хӕйрӕг, йӕ дуне ӕмӕ нӕхи ӕнӕххӕстдзинад. Чидӕртӕ нӕ уыцы знӕгтимӕ тох кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы бирӕ хӕттыты фӕуӕлахиз стӕм. Фӕлӕ нӕ фӕстаг тох нырма разӕй ис. Иуӕй-иу хатт тох кӕнынӕй йе та ацы фыддунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй бафӕллайӕм. Ӕмӕ нӕ Йесо дӕр бафӕдзӕхста, фӕстаг бонты уӕззау фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕ карзӕй кӕй ӕфхӕрдзысты. Фӕлӕ ма загъта, фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм (Матф. 24:13). w16.04 2:1, 2
Цыппӕрӕм, 2 август
Уыдон дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой, алцӕмӕй дӕр кӕрӕдзийӕн хай кодтой (Хъуыд. 2:42).
Ӕмбырдты фӕахуыр кӕнӕм Библи, ӕмӕ нын афтӕмӕй Йегъовӕ фӕамоны, куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый (Ис. 30:20, 21). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймаг ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуы, уӕд уый дӕр бамбары, разамынд нын Хуыцау кӕй дӕтты (1 Кор. 14:23–25). Йегъовӕ ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уым цы базонӕм, уый вӕййы Йегъовӕйӕ. Уӕдӕ ӕмбырдты мах фӕхъусӕм, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ ӕмӕ фенкъарӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йесо, ӕмбырды Хистӕр, загъта: «Мӕ номыл дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ кӕм ӕрӕмбырд уой, уым ӕз дӕр уыдзынӕн семӕ» (Матф. 18:20). Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо «авд сызгъӕрин цырагъдарӕны ’хсӕн... рацу-бацу кӕны», ома ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты (Рарг. 1:20–2:1). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо не ’мбырдты вӕййынц ӕмӕ нӕ фидар кӕнынц. Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕхимӕ ӕмӕ йын йӕ Фыртмӕ баввахс уай, ууыл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайыс, уымӕ? w16.04 3:13, 14
Майрӕмбон, 3 август
Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у (Еккл. 7:9).
Иу хо дыууӕ ӕфсымӕрӕн салам радта, фӕлӕ дзы сӕ иумӕ хъыг фӕкасти, салам сын куыд радта, уый. Ӕмӕ хицӕнӕй куы аззадысты, уӕд уыцы ӕфсымӕр иннӕмӕн хойӕ хъаст кӕнын райдыдта. Фӕлӕ йын иннӕ ӕфсымӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уыцы хо 40 азы дӕргъы зындзинӕдтӕ ӕййафгӕйӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта. Загъта йын, уыцы хойӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр кӕй нӕ уыдаид ӕфсымӕры фӕхъыг кӕнын. Чи фӕхъыг, уыцы ӕфсымӕр ахъуыды кодта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, раст дӕ. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, хомӕ йӕ зӕрдӕйы маст кӕй нӕ хӕсдзӕн. Цымӕ ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзыстӕм, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Адӕмы чи уарзы, уый сын сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн (Ӕмб. 10:12; 1 Пет. 4:8). Иннӕты рӕдыдтытӕ куы «ницӕмӕ дарай», уӕд дӕ уый Йегъовӕйы цӕсты «рӕсугъд кӕндзӕн» (Ӕмб. 19:11). Уӕдӕ дӕ исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Мӕ бон нӕу, ӕмӕ ацы хъуыддаг мацӕмӕ ӕрдарон? Ацы хабар уый аккаг у, ӕмӕ йыл хъуыды кӕнон?» w16.05 1:8, 9
Сабат, 4 август
Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).
Абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны? Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ! Цӕмӕ гӕсгӕ зӕгъӕм афтӕ? Уымӕн ӕмӕ мах хъусын кӕнӕм, Йесо кӕй хъусын кодта, уыцы хабар – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг аразӕм, Йесо йӕ куыд арӕзта, афтӕ – нӕхӕдӕг цӕуӕм адӕммӕ. Хорз хабар хъусын кӕнынмӕ та нӕ цы разӕнгард кӕны? Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Стӕй нӕ куыст аххӕссыд ӕгас зӕххыл дӕр – хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕвзӕгтыл дӕр. Ӕмӕ уыцы куыст кӕндзыстӕм ӕппынӕдзух, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Йегъовӕйы адӕм ацы фӕстаг бонты дӕргъы цы стыр куыст кӕнынц, уый диссаг куыннӕ у! Фӕлӕ нын цымӕ уый цӕй фӕрцы ӕнтысы? Уый бӕрӕг у апостол Павел ныхӕстӕй, фыст сты абоны стихы. Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр фидар кӕнӕд, цӕмӕй нӕ бон уа хорз хабар хъусын кӕнын, Йесо нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ! (2 Тим. 4:5). w16.05 2:17, 18
Хуыцаубон, 5 август
Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут (Ром. 12:9).
Йегъовӕмӕ хъусдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Куы йӕм хъусӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон зӕрдиагӕй куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды. Хӕйрӕг афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй хицау уа. Фӕлӕ мах Йегъовӕмӕ хъусӕм, ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, нӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайӕм. Ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд уымӕн тынг аргъ кӕны (Иов 2:3–5; Ӕмб. 27:11). Фӕлӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ нӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын нӕ хъӕуы, уӕд ма куыд равдыстаиккам, иузӕрдион ыл кӕй стӕм ӕмӕ йӕ нӕ Хицауыл кӕй нымайӕм, уый? Йегъовӕ нын зӕгъы, цӕмӕй йын йӕ миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ӕмӕ ууыл «ӕппӕт хъарутӕй архайӕм» (2 Пет. 1:5–7). Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй архайӕм, нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл нӕ бар куыд цӕуа, ууыл (Ром. 8:5). Ӕмӕ уый нӕ къухы куы бафты, уӕд нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы. w16.05 4:12, 13
Къуырисӕр, 6 август
О Йегъовӕ, ды дӕ... нӕ Дурынгӕнӕг (Ис. 64:8).
Йегъовӕ нын зоны нӕ хъӕндзинӕдтӕ, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, стӕй, ныронг куыд фӕивтам, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ хуыздӕрырдӕм фӕивыныл куы фӕархайы, уӕд уыдӕттӕ йӕ зӕрдыл фӕдары (Пс. 103:10–14). Йегъовӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо йӕ апостолты хъӕндзинӕдтӕм цы цӕстӕй каст, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, йӕ апостолтӕ-иу хатгай быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Ды уым куы уыдаис, уӕд сӕ цы ахъуыды кодтаис? Ӕвӕццӕгӕн, загътаис, зӕгъгӕ, адоны фӕлмӕн ӕлыг схонӕн нӕй. Фӕлӕ Йесо зыдта, фӕлмӕнӕй ӕмӕ сын фӕразонӕй цы зонд амоны, уымӕ куы хъусой ӕмӕ уыйау сӕрныллӕг куы уой, уӕд сӕ бон аивын кӕй бауыдзӕн (Мар. 9:33–37; 10:37, 41–45; Лук. 22:24–27). Йесойы райгасдзинады фӕстӕ апостолтӕ схайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ сӕ уӕлдӕр чи у, уый сын сӕйраг нал уыд. Сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, Йесо сын сӕ бар цы куыст бакодта, ууыл (Хъуыд. 5:42). w16.06 1:10
Дыццӕг, 7 август
Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй (Дык. з. 6:4).
Йегъовӕ у иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ ӕндӕр никӕцы хуыцауы ис йемӕ абарӕн (2 Сам. 7:22). Уӕдӕ Моисейы ныхӕстӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, уый. Хъуамӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтау алыхуызон мӕнгхуыцӕуттӕн ма куывтаиккой. Уыцы адӕмты уырныдта, сӕ хуыцӕуттӕн сӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы. Зӕгъӕм, египетӕгтӕн уыд хуры хуыцау Ра, арвы ус-хуыцау Нут, зӕххы хуыцау Геб, Нилы хуыцау Хаппи, стӕй ма куывтой алыхуызон цӕрӕгойтӕн дӕр. Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы куы ’руагъта, уӕд равдыста, уыцы мӕнг хуыцӕуттӕ йӕ разы кӕй ницы сты. Ханаайнӕгты сӕйраг хуыцау уыди Ваал, ӕмӕ сӕ уырныдта, уыцы мӕнг хуыцау царддӕттӕг кӕй у. Нымадтой ма йӕ арвы, къӕвдайы ӕмӕ тыхдымгӕйы хуыцауыл дӕр. Бирӕ рӕтты адӕм Ваалы нымадтой сӕ хъӕу кӕнӕ сӕ горӕты хъахъхъӕнӕгыл (Ным. 25:3). Уӕдӕ израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, сӕ Хуыцау «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» кӕй у ӕмӕ «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ [кӕй] нӕй» (Дык. з. 4:35, 39). w16.06 3:4, 5
Ӕртыццӕг, 8 август
Ахуыр [сӕ] кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ (Матф. 28:20).
Йесо Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ адӕмыл куыд иузӕрдион уыд, уымӕй нын у фӕзминаг. Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕм уый аккаг сты, цӕмӕй сыл иузӕрдион уӕм, ӕмӕ уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Мах нӕхи цӕстӕй уынӕм, ацы фӕстаг бонты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты, уый. Хуыцау сын ӕххуыс кӕны ӕгас дунейыл дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ уыцы куыст абон уыдоны йеддӕмӕ ничи кӕны. Уымӕй уӕлдай ма сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы се ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ сты амондджын. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй» (Ис. 65:14). Мах ӕцӕгдӕр амондджын стӕм, Йегъовӕйы разамынды руаджы нӕ къухы афтӕ бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй ӕфты, уый тыххӕй. Фӕлӕ Хӕйрӕджы къухы чи ис, уыдонӕй уый зӕгъӕн нӕй, стӕй сӕ фидӕнӕй дӕр ницы ныфс ис. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъусӕм. w16.06 4:10–12
Цыппӕрӕм, 9 август
Ма бафынӕй ут (Матф. 25:13).
Рагзаманты хъахъхъӕнджытӕ горӕттӕ куыд хъахъхъӕдтой, уымӕй ис базонӕн, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Стыр горӕтты алыварс-иу, зӕгъӕм, Иерусалимы алыварс, уыди бӕрзонд къултӕ амад. Уый фӕрцы знӕгтӕн сӕ бон нӕ уыди горӕтмӕ бабырсын, стӕй ма къулты сӕрӕй хорз зынди, горӕты алыварс цы цыди, уый дӕр. Къулты сӕр ӕмӕ-иу кулдуӕртты раз лӕууыд хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ-иу ӕхсӕвӕй-бонӕй горӕт хъахъхъӕдтой. Зӕгъгӕ, знӕгтӕ ӕрбацӕуынц, уӕд хъахъхъӕнджытӕ хъуамӕ горӕты цӕрджыты бафӕдзӕхстаиккой (Ис. 62:6). Сӕ куыст тынг ахсджиаг уыди, уымӕн ӕмӕ лӕмбынӕг куы нӕ кастаиккой кӕнӕ куы бафынӕй уыдаиккой, уӕд дуне адӕм бабын уыдаид (Йез. 33:6). Дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй н. э. 70 азы ромаг ӕфсӕддонтӕ бацахстой, Иерусалимы къулы фарсмӕ чи уыд, уыцы мӕсыг, Антонийы мӕсыг, зӕгъгӕ. Цымӕ уый сӕ къухы цӕй фӕрцы бафтыд? Йӕ кулдуӕртты раз чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнджытӕ кӕй бафынӕй сты, уый фӕрцы! Уырдыгӕй ромӕгтӕ бабырстой кувӕндонмӕ, арт ыл бандзӕрстой, ӕмӕ стӕй горӕт дӕр ныппырх кодтой. Дзуттаг адӕмыл уӕд цы бӕллӕх ӕрцыд, уымӕй стырдӕр бӕллӕх сыл никуы ’рцыд. w16.07 2:2, 7, 8
Майрӕмбон, 10 август
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй сымах дӕр семӕ ӕнӕуаг адӕмы рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат (2 Пет. 3:17).
Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы хайджын стӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ хатыр кӕндзӕн. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты «Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй хӕлд митӕ кодтаиккой» (Иуд. 4). Уыдон Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон у тӕригъӕдтӕ аразын, Йегъовӕ мын уӕддӕр ныххатыр кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ноджы стырдӕр бӕллӕх та уый уыд, ӕмӕ ма иннӕ ӕфсымӕрты дӕр рӕдийын кодтой. Ӕмӕ кӕд абон дӕр исчи афтӕ кӕны, уӕд уый, «Хуыцауы стыр хорзӕх кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы сыгъдӕг тых... фауы» (Дзут. 10:29). Абон дӕр Хӕйрӕг иуӕй-иу чырыстӕтты рӕдыд зондыл сарӕзта – афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр сын Хуыцау хатыр кӕндзӕн. Раст у, Йегъовӕ хатыр кӕны, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Фӕлӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕдзухдӕр нӕ тӕригъӕдджын монцтимӕ тох кӕнӕм. w16.07 3:16, 17
Сабат, 11 август
Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны (Матф. 19:9).
Адӕймагӕн йӕ цардӕмбалмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы нӕ уа, афтӕмӕй куы ахицӕн уой, уӕд сын ногӕй ус ракурын кӕнӕ моймӕ ацӕуыны бар нӕ уыдзӕн. Чырыстоныл йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацӕуа, фӕлӕ куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон у ныххатыр кӕнын, пехуымпар Оси йӕ хӕтаг ус Гомерӕн куыд ныххатыр кодта, афтӕ. Стӕй Йегъовӕ дӕр Израилы адӕмӕн ныххатыр кодта, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй цыдысты, ууыл куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд (Оси 3:1–5). Уымӕй уӕлдай, адӕймаг куы зона, йӕ цардӕмбал ыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын ныххатыр кодта. Ӕмӕ йын уӕд Библимӕ гӕсгӕ уый бар нал уыдзӕн, цӕмӕй дзы ахицӕн уа. Абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд дзырдта, «Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, уыдонӕй» бинонтӕ чи не скӕны, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Кӕмӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын, уый афтӕ бакӕнӕд» (Матф. 19:10–12). Бирӕтӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтой, ус кӕй нӕ ракурдзысты кӕнӕ кӕй не смой кӕндзысты, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл. Ӕмӕ уый тыххӕй сты раппӕлинаг. w16.08 1:15, 16
Хуыцаубон, 12 август
Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта. [...] Чи дзы тӕрсы, уыдон цух ницӕмӕй сты (Пс. 34:8, 9).
Ӕрыгӕттӕн се уӕнгты цы хъару ис, уый фӕрцы Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕ бон бирӕ у аразын (Ӕмб. 20:29). Вефилты иуӕй-иу ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ лӕггад кӕнынц, Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕм мыхуыр кӕнынц, уыцы хайады. Бирӕтӕ та сӕ аразынц ӕмӕ цалцӕг кӕнынц Паддзахады залтӕ кӕнӕ, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн феххуыс кӕнынц. Ӕрыгон пионертӕй та бирӕтӕ сахуыр кӕнынц ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар сӕхи ӕвзагыл хъусын кӕной. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты» (Пс. 34:10). Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдоны уый никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны. Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, уӕд ӕй «бафӕлварӕм ӕмӕ базонӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый». Ӕмӕ уӕд нӕхицӕй амондджындӕр нӕ вӕййы! w16.08 3:5, 8
Къуырисӕр, 13 август
Ӕз [уӕ] фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ... уыдзыстут арфӕдзинад. Ма тӕрсут. Ныфсджын ут (Зах. 8:13).
Йегъовӕйӕн йӕ бон у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ ратта (1 Аз. 29:12). Уӕдӕ дзы хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм, ӕмӕ нӕ бон уа Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыддунейы ныхмӕ тох кӕнын (Пс. 18:39; 1 Кор. 10:13). Хуыцау нын ӕххуыс кӕны йӕ Ныхасы фӕрцы дӕр, ӕмӕ дзы уый тыххӕй дӕр бузныг стӕм. Стӕй ма алы мӕй дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн райсӕм бирӕ публикацитӕ. Захарийы 8:9, 13 стихты ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, Иерусалимы кувӕндон ногӕй арӕзт куы цыд, уӕд, фӕлӕ абон махӕн дӕр тынг ӕххуыс кӕнынц. Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны, ӕмбырдты, конгрессты ӕмӕ нӕ алыхуызон скъолаты кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы дӕр. Уым цы базонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн, нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн ӕмӕ ныл чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ цы бирӕ хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн (Пс. 119:32). Зӕрдиагӕй архайыс, цӕмӕй уыцы ахуыры фӕрцы дӕхи фидар кӕнай? w16.09 1:10, 11
Дыццӕг, 14 август
Бамбарут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст (Ром. 12:2).
Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыдта, сылгоймаг йӕ уӕлӕ нӕлгоймаджы дарӕс кӕй кодта, нӕлгоймаг та сылгоймаджы дарӕс (Дык. з. 22:5). Хуыцауы закъонӕй бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, нӕлгоймаг йӕ дарӕсӕй сылгоймаджы хуызӕн куы вӕййы, сылгоймаг та – нӕлгоймаджы хуызӕн, кӕнӕ зын зӕгъӕн куы вӕййы, ай нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг. Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, нӕ алыварс адӕм цыфӕнды ӕгъдауыл хӕст ма уой ӕмӕ нӕм цыфӕнды климӕт ма уа, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ. Хуыцауы адӕмӕн цавӕр уӕлӕдарӕс ӕмбӕлы кӕнӕ не ’мбӕлы дарын, уый лыстӕггай фыст никуы ис. Библийы уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ хорз уынаффӕтӕ рахӕссӕм. w16.09 3:3, 4
Ӕртыццӕг, 15 август
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ [йӕ] се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты (Мар. 14:50).
Библийы фысджытӕм-иу лӕгдзинад кӕй разынд ӕмӕ-иу, ӕцӕг цы уыд, уыдӕттӕ кӕй ныффыстой, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Уыцы заманты-иу ӕндӕр фысджытӕ сӕ разамонджытӕй ӕмӕ сӕ адӕмӕй ӕппӕлыдысты, бӕрзонд-иу сӕ систой. Фӕлӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕ гӕдыныхӕстӕ никуы кодтой. Фыстой сӕ адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгты ӕмӕ суанг сӕ паддзӕхты ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй дӕр (2 Аз. 16:9, 10; 24:18–22). Стӕй-иу нӕдӕр сӕхи рӕдыдтытӕ басусӕг кодтой, нӕдӕр Хуыцауы иннӕ лӕггадгӕнджыты рӕдыдтытӕ (2 Сам. 12:1–14). Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи фӕцӕры, уыдон ӕй фенынц, сӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй ивы. Ӕмӕ сӕ уый фӕрцы дӕр бауырны, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у (Пс. 19:7–11). Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ хъахъхъӕнынц, цӕмӕй бирӕтау мӕнг динты ахуырӕдты къӕппӕджы ма бахауӕм (Пс. 115:3–8). Зӕгъӕм, эволюцийы ахуырадмӕ гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ ӕрдз у хуыцау, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон цы уыд саразын, уыдонӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрдзы конд сты. Иуӕй-иутӕ та зӕгъынц, ӕмӕ адӕмӕн сӕхи бон у хорз цард саразын. Фӕлӕ сын ныры онг цы бантыст, уыдӕттӕм гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ искуы адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзысты (Пс. 146:3, 4). w16.09 4:10, 11
Цыппӕрӕм, 16 август
Уадз ӕмӕ... уидза, ма-иу ӕй фӕхъыг кӕнут (Руф 2:15).
Вооз Руфыл тыхсти ӕмӕ йын йӕ уавӕр ӕмбӕрста. Загъта йын, цӕмӕй ӕфсиртӕ уыгътаид йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕм хӕстӕг, цӕмӕй йӕ, цы нӕлгоймӕгтӕ дзы куыстой, уыдон ма бахъыгдардтаиккой. Стӕй ма йын загъта, йӕ бон кӕй у йе ’ххуырст кусджытимӕ хӕрын дӕр ӕмӕ дон нуазын дӕр. Ӕмӕ кӕд мӕгуыр ӕндӕрбӕстаг сылгоймаг уыд, уӕддӕр ӕм Вооз уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта (Руф 2:8–10, 13, 14). Руф йе ’фсиныл тынг ӕнувыд кӕй уыд, Воозӕн йӕ зӕрдӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ фӕцыд, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕн кувын кӕй райдыдта, уый дӕр. Уыцы сылгоймаг йӕхи бакодта Йегъовӕйы базыры бын. Воозы хӕларзӕрдӕдзинад дзурӕг уыд, Йегъовӕ Руфы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл (Руф 2:12, 20; Ӕмб. 19:17). Уӕдӕ мах дӕр хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд «алыхуызон адӕмӕн» ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй рӕстдзинад базоной ӕмӕ бамбарой, Йегъовӕ сӕ куыд тынг уарзы, уый (1 Тим. 2:3, 4). w16.10 1:10–12
Майрӕмбон, 17 август
Ӕз Йегъовӕйы бафарстон, ӕмӕ мын дзуапп радта, цӕмӕй тарстӕн,– алцӕмӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта (Пс. 34:4).
Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын дзурын. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Нӕ куывдтытӕн нын дзуапп куыд дӕтты, уый куы уынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн (1 Иоан. 5:14, 15). Уырнындзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ курӕм йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй нӕм фылдӕр уырнындзинад уа (Лук. 11:9, 13). Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд дзы ӕрмӕст ӕххуыс хъуамӕ ма курӕм. Хъуамӕ ма йын бузныг дӕр дзурӕм ӕмӕ йӕ кадджын дӕр кӕнӕм. Хуыцауы «диссаджы хъуыддӕгтӕ» уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ нӕ бон банымайын дӕр нӕ бауыдзӕн! (Пс. 40:5). Нӕ куывдтытӕй ма хъуамӕ бӕрӕг уа, «нӕ зӕрдыл [кӕй] дарӕм, ахӕстоны чи ис, уыдоны, цыма мах дӕр семӕ ахст стӕм, афтӕ». Стӕй ма хъуамӕ кувӕм, ӕгас дунейы дӕр нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр, уӕлдайдӕр та, «разамынд нын чи дӕтты», уыдоны тыххӕй. Йегъовӕ нын не ’ппӕты куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый куы фенӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц! (Дзут. 13:3, 7). w16.10 3:8, 9
Сабат, 18 август
Сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады руаджы, ӕмӕ уый уӕхи фӕрцы нӕу – уый Хуыцауы лӕвар у (Еф. 2:8).
Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕм хъуыддагӕй ӕвдисынц, Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахадыл кӕй ӕууӕндынц, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕнӕхъӕн зӕххыл се ’хсӕн ис ахӕм фарн, ӕмӕ йӕ абарӕн ис дзӕнӕтимӕ. Уыцы «дзӕнӕты» ныр «цӕры» аст милуан адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый ис бӕркадджынӕй (Гал. 5:22, 23). Ӕвӕдза, цӕй стыр тых ис уырнындзинадӕн ӕмӕ уарзондзинадӕн! Уыцы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй кад ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис не ’хсӕн ахӕм фарн (Ис. 55:13). Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кӕндзысты, цалынмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл нӕ аххӕсса, уӕдмӕ. Уӕд адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕххӕст, рӕстаг ӕмӕ амондджын, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕнустӕм кадджын кӕндзысты. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндӕм! w16.10 4:18, 19
Хуыцаубон, 19 август
Сымахӕй чидӕртӕ кӕнынц, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ (2 Фес. 3:11).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын Библийӕ цы разамынд дӕттынц, уымӕ хъуамӕ хъусӕм. Фыццаг ӕнусы чидӕртӕ «кодтой, чи не ’мбӕлд, ахӕм митӕ, кусгӕ ӕппындӕр нӕ кодтой, фӕлӕ сӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъыстой». Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕдзӕхстой, фӕлӕ сын уыдон сӕ уынаффӕтӕ ницӕмӕ дардтой. Павел ӕмбырдӕн бамбарын кодта, йӕхи афтӕ чи дары, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый. Павел ныффыста: «Ахӕммӕ та уӕ хъус лӕмбынӕг дарут ӕмӕ йемӕ мауал иу кӕнут». Фӕлӕ йӕм знаджы цӕстӕй дӕр хъуамӕ ма кастаиккой (2 Фес. 3:11–15). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи ницӕмӕ дары, зӕгъӕм, ӕнӕуырнӕгимӕ чи ’мбӕлы, уымӕн баххуыс кӕной (1 Кор. 7:39). Сӕ уынаффӕтӕм сын цы цӕстӕй кӕсыс? Кӕй кой кӕнынц, уый куы зонай, уӕд бацархайдзынӕ, цӕмӕй йемӕ рӕстӕг мауал ӕрвитай, кӕд йемӕ дарддӕр уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл ныхас кӕндзынӕ, уӕддӕр? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд, чи зоны, бамбара, йӕ хъуыддӕгтӕ йӕхицӕн дӕр зиан кӕй хӕссынц ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр кӕй нӕ цӕуынц. Ӕмӕ уый фӕрцы, чи зоны, йӕ уагахаст фӕива. w16.11 2:13
Къуырисӕр, 20 август
Уӕхи ’хсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной (Хъуыд. 20:30).
Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цалдӕр мин ног чырыстоны сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты. Уыцы чырыстӕттӕ систы «ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ... сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм» (1 Пет. 2:9, 10). Цалынмӕ апостолтӕ ӕгас уыдысты, уӕдмӕ ӕмбырдтӕм лӕмбынӕг сӕ хъус дардтой. Фӕлӕ апостолтӕ куы амардысты, уӕд ӕмбырды иуӕй-иутӕ райдыдтой мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын, «цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акодтаиккой» (2 Фес. 2:6–8). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ уарзтой Аристотель ӕмӕ Платоны философитӕ ӕмӕ иннӕтӕн, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый нӕ амыдтой, фӕлӕ уыцы философты хъуыдытӕ. Бирӕтӕ сӕ ӕмбырдты уыдысты цӕстдарджытӕ. Ӕмӕ кӕд Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, «сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут», зӕгъгӕ, уӕддӕр уыдон сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын райдыдтой. Ӕмӕ афтӕмӕй фӕстӕдӕр фӕзынд сауджынтӕ (Матф. 23:8). w16.11 4:8
Дыццӕг, 21 август
Тӕригъӕд уӕ зӕххон буӕрттӕн паддзах мауал уӕд (Ром. 6:12).
Раздӕр ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтам, афтӕмӕй Хуыцауы цӕсты бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтам. Мах уыдыстӕм «чъизи митӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгты цагъартӕ», ӕндӕр ныхасӕй – «тӕригъӕды цагъартӕ» (Ром. 6:19, 20). Фӕлӕ стӕй Библийӕ рӕстдзинад базыдтам, нӕ цард фӕивтам, нӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам. Мах «тӕригъӕдӕй... ссӕрибар стӕм» ӕмӕ «систӕм рӕстдзинады цагъартӕ» (Ром. 6:17, 18). Куыд бакӕндзыстӕм, уый кӕнгӕ у нӕхицӕй: кӕнӕ нӕ тӕригъӕдджын хъуыдыты ӕмӕ фӕндты фӕдыл цӕудзыстӕм, кӕнӕ сын сӕ рохтыл хӕцдзыстӕм. Уӕдӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ зӕрдӕ мӕм цы дзуры? Мыййаг, иуӕй-иу хатт ме ’нӕххӕст зонд ӕмӕ буары фӕдыл нӕ ацӕуын? Ӕви ме ’взӕр фӕндтӕн уайтагъд сӕ хурхыл бахӕцын?» Кӕд Хуыцауы стыр хорзӕхӕн аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. w16.12 1:11, 12
Ӕртыццӕг, 22 август
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый... ссардзӕн... фарн (Ром. 8:6).
Махӕн ис фарн нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ не ’мбырды дӕр. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иуӕй-иу хатт кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Фӕлӕ афтӕ куы рауайы, уӕд бацархайӕм Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Де ’фсымӕримӕ... бафидау» (Матф. 5:24). Уыцы ӕфсымӕр кӕнӕ хо дӕр «фарндӕттӕг Хуыцауӕн» кӕй лӕггад кӕны, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд нын йемӕ бафидауын дӕр зын нӕ уыдзӕн (Ром. 15:33; 16:20). «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» куы хъуыды кӕнӕм, уӕд не Сфӕлдисӕгимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ уыцы фарнӕй зынаргъдӕр ницы ис! Пехуымпар Исай ныффыста: «Фидар зондыл хӕст чи у, уыцы адӕймаджы ды [Йегъовӕ] схайджын кӕндзынӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ» (Ис. 26:3; Ром. 5:1). w16.12 2:5, 18, 19
Цыппӕрӕм, 23 август
Хицауимӕ иудзинады кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цин кӕнут (Фил. 4:4).
Мах цӕрӕм Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ фӕстаг бонты. Ӕмӕ суанг абон дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны. Уый нын дӕтты зонындзинӕдтӕ парахатӕй, стӕй не ’хсӕн ис фарн, ӕмӕ цыма ныр дӕр дзӕнӕты цӕрӕм, афтӕ стӕм (Ис. 54:13). Йесо зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ нын Йегъовӕ абон ӕцӕгдӕр радта уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕгас зӕххыл дӕр (Мар. 10:29, 30). Стӕй ма, Хуыцауы зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕты ӕрцард фарн, цардӕй сты райгонд ӕмӕ уыдонӕй амондджындӕр адӕм нӕй (Фил. 4:5–7). «Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнай, уӕд райсдзынӕ, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдта, уый», ӕмӕ ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн (Дзут. 10:35, 36). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг кӕй раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын хӕрзиуӕг кӕй ратдзӕн! (Кол. 3:23, 24). w16.12 4:17, 20
Майрӕмбон, 24 август
Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад (2 Кор. 3:17).
Кӕд нын алцы кӕныны бар нӕй, уӕд, цы сӕрибардзинад нын ис, уый ӕцӕг сӕрибардзинад схонӕн ис? Ис! Цӕмӕн? Алцы кӕныны бар нын кӕй нӕй, уый нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕны. Зӕгъӕм, ӕндӕр горӕтмӕ машинӕйыл цӕуынвӕнд скодтай. Фӕлӕ фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ куы нӕ уаид, ӕмӕ, кӕй куыд фӕнды, афтӕ куы цӕуид, уӕд фӕндагыл ӕдас уаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Адӕймагӕн алцы кӕныны бар кӕй нӕй, уый ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй иууылдӕр ӕцӕг сӕрибар уой. Адӕймагӕн алцы кӕныны бар кӕй нӕй, уый йӕ пайдайӕн кӕй у, уый бӕрӕг у Адамы цӕвиттонӕй. Хуыцау ын цы стыр сӕрибардзинад радта, уый йын фаг нӕ уыд. Адам Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт ӕмӕ йын цы бӕласы дыргътӕй загъта, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уыдонӕй бахордта. Йӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй не спайда кодта, уый аххосӕй адӕм цалдӕр мин азы хъизӕмар кӕнынц (Ром. 5:12). Адамы уынаффӕ цы стыр зиан ӕрхаста, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕндзыстӕм ӕмӕ, Йегъовӕ цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ ӕрфидар кодта, уыдоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм. w17.01 2:6, 8
Сабат, 25 август
Алкӕмӕн дӕр [уӕ] дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут (Ром. 12:3).
Адӕймаг бонзонгӕ куы уа ӕмӕ йын исты ног хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд уал лӕмбынӕг ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ куы бамбара, кӕй йыл нӕ аххӕсдзӕн, уӕд ӕй йӕхимӕ нӕ райсдзӕн. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йемӕ «бонзонгӕйӕ цӕуӕм» (Мих. 6:8). Уӕдӕ нын исты ног хӕстӕ нӕ бар куы бакӕной, уӕд-иу Гедеонау Йегъовӕйӕ разамынд ӕмӕ ӕххуыс курӕм. Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, ууыл. Хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕмӕ кӕд нӕ къухы исты бафтыд, уӕд уый Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ ӕххуысы фӕрцы кӕй у (Пс. 18:35). Уӕдӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ куы цӕуӕм, уӕд, цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕ уыдзыстӕм. w17.01 3:17, 18
Хуыцаубон, 26 август
Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы... нӕу (1 Кор. 15:58).
Йесо зыдта, тагъд зӕххыл кӕй нал лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ, цы хъуыддаг райдыдта, уый йӕ фӕстӕ иннӕтӕ кӕй араздзысты. Кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр ӕй фидарӕй зыдта, хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕхицӕн цы бантыст, уыдонӕн уымӕй фылдӕр кӕй бантысдзӕн (Иоан. 14:12). Йесо сын алцыдӕр бацамыдта, ӕмӕ ӕцӕгдӕр хорз хабар алы бӕстӕты фехъусын кодтой (Кол. 1:23). Йесо куы амард, уӕд ӕй Йегъовӕ райгас кодта ӕмӕ йын йӕ бар бакодта ноджы фылдӕр куыст, стӕй ма йын радта, «цыдӕриддӕр хицауад, хицаудзинад, барджынтӕ, сӕргълӕуджытӕ» ис, уыдонӕй стырдӕр бартӕ (Еф. 1:19–21). Мыййаг, Армагеддонмӕ куы нӕ фӕцӕрӕм, фӕлӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ цӕрдзыстӕм ног дунейы. Уым нӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн бирӕ куыст, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст. Ныр та уал нӕ хъӕуы тынг ахсджиаг хъуыддаг аразын – хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр – хистӕрӕй, кӕстӕрӕй – «бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы»! w17.01 5:17, 18
Къуырисӕр, 27 август
Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын (Мал. 3:6).
Йесо «ӕрмӕстдӕр иу хатт» амард, фӕлӕ йӕ нывонд алкӕддӕр йӕ тыхы уыдзӕн (Дзут. 9:24–26). Адамы аххосӕй нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастам, фӕлӕ нӕ уыцы нывонд та ссӕрибар кӕндзӕн. Чырыстийы нывонды фӕрцы Хӕйрӕджы дунейы цагъартӕ нал стӕм ӕмӕ мӕлӕтӕй нал тӕрсӕм (Дзут. 2:14, 15). Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕрдзы закъӕттӕ куыд никуы фӕивынц, афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ ныхас никуы фӕивы. Хуыцау нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн. Йегъовӕ нын ӕрмӕст цард нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нӕ йӕ уарзтӕй дӕр хайджын кӕны. Библийы фыст ис: «Хуыцау [нӕ] кӕй уарзы, уый мах нӕхӕдӕг базыдтам ӕмӕ уыцы уарзтыл баууӕндыдыстӕм. Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:16). Ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн рӕсугъд Дзӕнӕт. Ӕмӕ нӕ Хуыцау цы уарзтӕй уарзы, мах дӕр кӕрӕдзи уыцы уарзтӕй уарздзыстӕм. Уӕд мах дӕр Хуыцауы иузӕрдион зӕдтимӕ иумӕ дзурдзыстӕм: «Табу, кад ӕмӕ намыс нӕ зондджын, арфӕйаг, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ. Аммен» (Рарг. 7:12). w17.02 2:16, 17
Дыццӕг, 28 август
Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй (2 Кор. 7:1).
1973 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыд ахӕм фарстайыл: «Йӕ тамако чи нӕ ныууагъта, уыдонӕн сӕ бон донаргъуыд райсын у?» Йӕ дзуапп уыди ахӕм: «Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй нӕ». Дарддӕр дзы цалдӕр стихы фӕрцы бамбарын кодтой, йӕ тамако ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый (1 Кор. 5:7). Фыст дзы уыд: «Чи зоны, уый искӕмӕ ӕгӕр карз хъуыддаг фӕкӕса. Фӕлӕ уый адӕм не ’рымысыдысты – уый у, Хуыцау йӕ Ныхасы кӕй ныффыссын кодта, уыцы уагӕвӕрд». Ӕрӕджы Иугонд Штатты динты тыххӕй цы чиныг рацыд, уым фыст ис: «Чырыстон динты разамонджытӕ сӕхи адӕмы ӕмӕ иннӕ адӕмы зӕрдӕтӕ балхӕныны тыххӕй арӕх сӕ ахуырӕдтӕ фӕивынц». Цымӕ ма ӕндӕр ахӕм дин ис, ӕмӕ дзы алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ архайой, уый сӕ адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕддӕр? w17.02 4:15
Ӕртыццӕг, 29 август
Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн (Матф. 23:12).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты сӕрныллӕг, ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сын, цавӕрдӕр зындгонд адӕймӕгтӕн куыд фӕкӕнынц, афтӕ хъулон митӕ кӕной. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнынц бирӕ дины разамонджытӕй, стӕй Йесойы рӕстӕджы цы дины разамонджытӕ уыд, уыдонӕй дӕр. Йесо уыдонӕй афтӕ загъта: «Уыдон уарзынц фынгтыл уӕлейӕ бадын, ӕмбырдгӕнӕнты та – разӕй. Уарзынц, цӕмӕй сын базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой ӕмӕ сӕм, ахуыргӕнӕг, зӕгъгӕ, дзурой» (Матф. 23:6, 7). Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Фыд – уӕларвон Фыд. Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти. Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг» (Матф. 23:8–11). Уӕдӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕмбырдты цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдон сӕрныллӕг кӕй сты, уый тыххӕй уый аккаг сты, цӕмӕй сӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ уарзой, нымайой сӕ ӕмӕ сын кад кӕной. w17.03 1:14, 15
Цыппӕрӕм, 30 август
Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).
Алчидӕр уынаффӕтӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг хӕсса, ӕмӕ уыцы хӕс хъуамӕ иннӕтыл ма ӕвӕрӕм. Хъуамӕ-иу алчидӕр йӕхӕдӕг базона, Хуыцаумӕ раст цы кӕсы, уый, ӕмӕ-иу стӕй уымӕ гӕсгӕ архайа. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ иннӕты нӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕссын бауадзӕм? Сӕ зондмӕ сын куы фӕхъусӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвзӕр уынаффӕ куы рахӕссӕм (Ӕмб. 1:10, 15). Уый тынг тӕссаг у. Нӕ хӕс у, цӕмӕй, Библимӕ гӕсгӕ не ’фсарм куыд ахуыр у, афтӕ архайӕм. Кӕд иннӕтӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕссой, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕддӕр уынаффӕ рахастам – «семӕ... ацыдыстӕм». Ӕмӕ нӕ ахӕм уынаффӕ та бӕллӕхты баппардзӕн. Апостол Павел галатӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕты ма уагътаиккой сӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕссын (Гал. 4:17). Се ’мбырды иуӕй-иу ӕфсымӕрты фӕндыд иннӕты бӕсты уынаффӕтӕ хӕссын. w17.03 2:8–10
Майрӕмбон, 31 август
[Иоси] нырма бынтон ӕрыгон уыди, афтӕмӕй, райдыдта йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы агурын. Дыууадӕсӕм аз та бавнӕлдта Иудӕ ӕмӕ Иерусалим кувӕн бынӕттӕй, кувӕн цӕджындзтӕй... сыгъдӕг кӕнынмӕ (2 Аз. 34:3).
Иоси ӕппӕт тыхтӕй архайдта Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Иосийау ӕрыгӕттӕ дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы ӕрыгонӕй райдайой агурын. Иоси, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыды фыдӕй, паддзах Манассийӕ, базыдта, Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, дӕ бинонтӕй ӕмӕ ӕмбырдӕй хистӕр кары чи ис, уыдонимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын. Йегъовӕ сын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй дын сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у радзурын. Стӕй дӕ рох ма уӕд, Иоси Фыстадӕй цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй бахъардта. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ, цы хъуыди, уыдӕттӕ уайтагъд фӕивта. Ды дӕр Библи куы кӕсай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕмӕ хъусын. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы та ӕввахсдӕр кӕндзынӕ, уыдзынӕ амондджындӕр ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзурын (2 Аз. 34:18, 19). Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ма, гӕнӕн ис, бамбарай, дӕ лӕггады дӕ цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ уӕд дӕ бон у Иосийау ӕппӕт тыхтӕй бацархайын ӕмӕ, цы хъӕуы, уыдӕттӕ фӕивын. w17.03 3:18, 19