Сентябрь
Сабат, 1 сентябрь
Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ (Иак. 1:4).
Библийы дзырд «фидардзинад» ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ дӕ зындзинӕдтӕн фӕразай. Уымӕ ма хауы, фӕлварӕнты тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый дӕр. Фидардзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр, иузӕрдион ӕмӕ фӕразон уӕм. Иу чиныджы фыст ис: «Ахӕм зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг цыфӕнды зындзинӕдтӕн дӕр фӕфӕразы, ӕндӕр гӕнӕн ын кӕй нӕ вӕййы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ фидар ныфс кӕй вӕййы, уый тыххӕй дӕр... Ацы миниуӕджы фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у тыхдымгӕйы ныхмӕ фӕлӕууын. Уый фӕрцы адӕймаг цыфӕнды уӕззау фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууы, уымӕн ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, цы рыст ӕвзары, ууыл нӕ, фӕлӕ, йӕ разы цы нысан ис, ууыл». Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй фидар лӕууӕм (1 Кор. 13:4, 7). Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй, цы зындзинӕдтӕ ӕруадзы, уыдонӕн быхсӕм (Лук. 22:41, 42). Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый та нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын сӕ рӕдыдтытӕ барӕм (1 Пет. 4:8). Адӕймаг йӕ цардӕмбалы куы уарза, уӕд ӕм ӕнгомдӕр кӕндзӕн ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлой, уыдонӕн быхсын. Зындзинӕдтыл та суанг амондджын бинонтӕ дӕр ӕмбӕлынц (1 Кор. 7:28). w16.04 2:3, 4
Хуыцаубон, 2 сентябрь
Уыдон дарддӕр дӕр... зӕрдиагӕй хъуыстой, алцӕмӕй дӕр кӕрӕдзийӕн хай кодтой (Хъуыд. 2:42).
Чырыстӕттӕ ӕдзухдӕр иумӕ ӕмбырд кодтой, ромаг хицауад ӕмӕ дзуттаг дины разамонджытӕ сӕ фӕдыл куы зылдысты, суанг уӕд дӕр. Кӕд уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй дарддӕр дӕр иумӕ ӕмбырд кодтаиккой. Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбырдтӕн тынг аргъ кӕнынц. Разамонӕг советы 22 азӕй фылдӕр чи уыд, уыцы ӕфсымӕр Джордж Гангас загъта: «Царды мын ӕппӕты стырдӕр цин ӕмӕ ныфсы хос цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй иу у, ӕфсымӕртимӕ иумӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм, уый». Ӕфсымӕр Гангас ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз алы ӕмбырдмӕ дӕр зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсын». Ды дӕр ӕмбырдтӕм ахӕм зӕрдӕ дарыс? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуай, зын дын куы уа, уӕд дӕр. Афтӕмӕй ӕвдисдзынӕ, ды дӕр разы кӕй дӕ паддзах Давиды ныхӕстимӕ: «Йегъовӕ, ӕз бауарзтон дӕ хӕдзар, дӕ цӕрӕнбынат» (Пс. 26:8). w16.04 3:16–18
Къуырисӕр, 3 сентябрь
Де ’фсымӕримӕ уал бафидау (Матф. 5:24).
Зӕгъӕм, базыдтай, ӕфсымӕртӕй дӕм чидӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг. Ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакӕнай? Де ’фсымӕримӕ аныхас кӕн. Дӕ нысан хъуамӕ уа уыцы ӕфсымӕримӕ бафидауын. Хъуамӕ ууыл ма архайай, ӕмӕ уый дӕр фӕаххосджын кӕнай, фӕлӕ хъуамӕ дӕ рӕдыдыл басӕттай. Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Зӕгъӕм, Авраамӕн ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лотӕн уыди тынг бирӕ фос, ӕмӕ иуафон сӕ фыййӕуттӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, хизӕнтӕ сын кӕй нал фаг кодта, уый тыххӕй. Авраамы фӕндыд, се ’хсӕн цы фарн уыд, уый бахъахъхъӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Лотӕн уый бар радта, цӕмӕй йӕхицӕн зӕххытӕ фыццаг равзӕрстаид (Райд. 13:1, 2, 5–9). Куыд хорз цӕвиттон нын ныууагъта! Цымӕ Авраам ахӕм рӕдау кӕй разынд, уый тыххӕй истӕмӕй фӕцух? Ӕппындӕр нӕ! Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕм цы уыд, уымӕй йӕм бирӕ фылдӕр кӕй уыдзӕн (Райд. 13:14–17). Цымӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Не ’фсымӕримӕ бафидауыны тыххӕй нӕ нӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын дӕр куы бахъӕуа, уӕд дӕр нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. w16.05 1:11, 12
Дыццӕг, 4 сентябрь
Бамбарут, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Еф. 5:17).
Библийы нын Йегъовӕ бӕлвырдӕй дзуры, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй, давынӕй, фыднозт кӕнынӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕнынӕй (1 Кор. 6:9, 10). Йегъовӕйы Фырт Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бӕлвырдӕй бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо цыдӕриддӕр фӕдзӕхсынц, уый у нӕхи пайдайӕн. Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы нӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм, не ’нӕниздзинад у хуыздӕр ӕмӕ нӕ бинонтӕ дӕр амондджын сты. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ куы ’ххӕст кӕнӕм,– уыимӕ хорз хабар дӕр куы хъусын кӕнӕм,– уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн. w16.05 3:1
Ӕртыццӕг, 5 сентябрь
Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ, нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзысты (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Фӕлӕ нӕ уӕд дӕр хъӕудзӕн дарддӕр дӕр нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын (Ӕмб. 4:23). Цӕмӕй Йегъовӕйы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды ӕрфидар уой, уый тыххӕй рӕстӕг хъӕуы. Уӕдӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ удыхъӕды бирӕ ницы фӕивта, уӕддӕр дӕ къухтӕ ма ’руадз, фӕлӕ фӕразон у. Фыццаг рӕстӕг дын, чи зоны, зын уа, Библи куыд зӕгъы, афтӕ архайын. Фӕлӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныныл цас фылдӕр архайай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн, Хуыцау дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый аразын дӕр (Пс. 37:31; Ӕмб. 23:12; Гал. 5:16, 17). w16.05 4:14, 16
Цыппӕрӕм, 6 сентябрь
Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй (Пс. 1:2).
Абон нӕ Йегъовӕ ивы йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ ӕмбырды фӕрцы. Цымӕ цы хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас нӕ удыхъӕд ива? Хъуамӕ йӕ кӕсӕм, арф ыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, нӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразӕм. Паддзах Давид ныффыста: «Хуыссӕныл хуысгӕйӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыс, дӕуыл фӕхъуыды кӕнын ӕмбисӕхсӕв» (Пс. 63:6). Ноджыдӕр ма ныффыста: «Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн. Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фӕамонынц зонд» (Пс. 16:7). Давид Йегъовӕйы уынаффӕтыл арф хъуыды кодта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зондахаст хуыздӕрырдӕм ивта. Ӕмӕ-иу ын кӕд кӕцыдӕр уынаффӕмӕ байхъусын зын уыди, уӕддӕр-иу уымӕ гӕсгӕ бацархайдта (2 Сам. 12:1–13). Давид куыд сӕрныллӕг ӕмӕ куыд коммӕгӕс уыд, уымӕй нын фӕзминаг у. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Библи куы фӕкӕсын, уӕд ыл лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнын? Хуыцау мын цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ хъусын ӕмӕ мӕ зондахаст ивын? Ацы хъуыддаджы мӕ бон фӕхуыздӕр кӕнын цы у?» (Пс. 1:3). w16.06 1:11
Майрӕмбон, 7 сентябрь
Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у (Еккл. 7:9).
Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ никуы ницӕмӕй фӕрӕдидзысты. Сӕ рӕдыдтытӕ сын нӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг куы исӕм, уӕд нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын циндзинад нал хӕсдзӕн. Уымӕй фыддӕр та – гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа, ӕмӕ Хуыцауы организаци ныууадзӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕн дӕр нал лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ ног дунейы цӕрыны ныфсӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын иннӕты рӕдыдтытӕ къуылымпыйы хос ма уой ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнай? Алкӕддӕр дӕ хъуыдыйы дар, Йегъовӕ дын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17; 2 Пет. 3:13). Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайай, уӕд дӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕмӕнг схайджын кӕндзӕн. w16.06 4:13, 14
Сабат, 8 сентябрь
Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй (Дык. з. 6:4).
«Нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иу Йегъовӕ», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ сты иу – цы сфӕнд кӕны, уый кӕнгӕ дӕр бакӕны. Йегъовӕ Хуыцау нӕ раив-баив кӕны. Алкӕддӕр у уыцы иу Хуыцау, у иузӕрдион ӕмӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Зӕгъӕм, Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл кӕй цӕрдзысты. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыд, уӕд дӕр йӕ фӕнд нӕ фӕивта (Райд. 12:1, 2, 7; Рац. 12:40, 41). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ израилӕгты йе ’вдисӕнтӕй равзӕрста ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ныр дӕр уыцы Хуыцау... дӕн. Мӕ размӕ Хуыцау нӕ уыд, ӕмӕ мӕ фӕстӕ дӕр афтӕ». Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй нӕ ивы, уый сын бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕз алкӕддӕр уыцы Хуыцау дӕн» (Ис. 43:10, 13; 44:6; 48:12). Израилӕгтӕм стыр кад ӕрхауд – уыдон лӕггад кодтой, ивгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ алкӕддӕр иузӕрдион чи у, ахӕм Хуыцауӕн! Уыцы кадӕй хайджын стӕм абон мах дӕр (Мал. 3:6; Иак. 1:17). w16.06 3:6, 7
Хуыцаубон, 9 сентябрь
Кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут (Мар. 13:33).
Абон зӕххыл цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр сӕ арӕнтӕ фӕхъахъхъӕнынц, зӕгъӕм, ӕфсӕддонты фӕрцы ӕмӕ алыхуызон хъахъхъӕнӕн системӕты фӕрцы. Афтӕмӕй хицауад йӕ хъус фӕдары, цӕмӕй бӕстӕйӕн знаггад мачи ӕмӕ мацы ракӕна. Фӕлӕ уыцы «хъахъхъӕнджыты» фӕрцы сӕ бон у бафиппайын, зӕххон хицауӕдтӕй сын цӕмӕй у тӕссаг, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ. Уыдон нӕ зонынц, уӕлӕрвты бирӕ хъомысджындӕр хицауад кӕй ис. Тагъд уыцы уӕларвон хицауад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй, схӕцдзӕн зӕххон хицауӕдтимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр (Ис. 9:6, 7; 56:10; Дан. 2:44). Мах уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм цӕттӕ уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та нӕ хъус дарӕм Библийы фыст пехуымпарӕдтӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм (Пс. 130:6). Ацы дунейы кӕрон цас ӕввахсдӕр кӕны, уыйас махӕн дӕр зындӕр у, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Фӕлӕ куы бафынӕй уӕм, уӕд бабын уыдзыстӕм! w16.07 2:2, 9, 10
Къуырисӕр, 10 сентябрь
[Хуыцау] мын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци (1 Кор. 15:10).
Павел ӕй ӕмбӕрста, Хуыцауы стыр хорзӕхы аккаг кӕй нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ раздӕр чырыстӕтты ӕфхӕрдта. Йӕ царды кӕрон Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕз тынг бузныг дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, хъару мын чи радта, уымӕй. Уый мӕ сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй иузӕрдионыл банымадта» (1 Тим. 1:12–14). Цавӕр хъуыддагӕн ӕй сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй? Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Мӕ цард [мӕм] нымады дӕр нӕу, ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын» (Хъуыд. 20:24). Павел зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уымӕй абоны чырыстӕттӕн у фӕзминаг. Уый равдыста, Хуыцау ын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый «дзӕгъӕлы [кӕй] нӕ фӕци». w16.07 4:1–3
Дыццӕг, 11 сентябрь
Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн (Мих. 7:7).
Зӕгъӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕм тырныс кӕнӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ уавӕртӕ фӕивой. Йегъовӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бауадза, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕг мацы фӕива. Фӕлӕ уӕддӕр уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы, алкӕд вӕййы сӕ фарсмӕ. Уый бӕрӕг у Авраамы хабарӕй дӕр. Йегъовӕ йын загъта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн, фӕлӕ йӕ Исахъы райгуырдмӕ бахъуыди бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уыцы азты дӕргъы Авраам ӕвдыста фидар уырнындзинад ӕмӕ фӕразондзинад. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта (Райд. 15:3, 4; 21:5; Дзут. 6:12–15). Раст зӕгъгӕйӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕу (Ӕмб. 13:12). Ӕмӕ ӕдзух, цы нӕ нын уайы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн. Фӕлтау-иу нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ спайда кӕнӕм. Нӕ бон у нӕхиуыл кусын, цӕмӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм. Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм зондӕй, суыдзыстӕм ӕмбаргӕ, уӕззаузонд, бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм ӕмӕ сахуыр уыдзыстӕм хъуыды кӕнын. Уӕд алы бон дӕр уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, зондзыстӕм, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, не ’хца цӕуыл хардз кӕнӕм, стӕй цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс равзарӕм, уый. w16.08 3:9–11
Ӕртыццӕг, 12 сентябрь
Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг... фидар кӕны (Фил. 2:13).
Йегъовӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй амаликӕгтыл ӕмӕ ефиопӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Неемийӕн ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕн та Иерусалимы къул ногӕй самайынӕн тыхтӕ радта. Хуыцау махӕн дӕр ратдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй фидар лӕууӕм ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнӕм, кӕд адӕм нӕ ныхмӕ цӕуынц, хорз хабармӕ нӕ хъусынц ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр сагъӕсты бын фӕвӕййӕм, уӕддӕр (1 Пет. 5:10). Фӕлӕ хъуамӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ Йегъовӕ мах тыххӕй диссӕгтӕ араздзӕн. Хъуамӕ, нӕхицӕй кӕнгӕ цы у, уый аразӕм, зӕгъӕм, Библи алы бон дӕр кӕсӕм, ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сӕм цӕуӕм, нӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнӕм, стӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. Хуыцау нӕ цы хъуыддӕгты фӕрцы фидар кӕны, уыдӕттӕ аразын нӕ хъуамӕ мацы къуылымпы кӕна. Кӕд уыцы хъуыддӕгтӕй искӕцы раздӕрау зӕрдиагӕй нал аразыс, кӕд дӕ къухтӕ ӕруагътай, уӕд Хуыцауӕй ӕххуыс кур. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, йӕ сыгъдӕг тых дӕ куыд фидар кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай». w16.09 1:12
Цыппӕрӕм, 13 сентябрь
Уӕ алыварс адӕм хӕтгӕ кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр – йӕхи лӕг (1 Кор. 7:2).
Павел дзырдта, адӕймаг ус куы нӕ ракура кӕнӕ куы нӕ смой кӕна, уӕд раст кӕй бакӕндзӕн, фӕлӕ уӕддӕр загъта, уӕлдӕр цы ныхӕстӕ ис, уыдон. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Кӕд исчи йӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразы, уӕд ус ракурӕд кӕнӕ мой скӕнӕд – цӕйнӕфӕлтау монцӕй судза, фӕлтау бинонтӕ скӕнӕд». Адӕймаг ус куы ракура кӕнӕ куы смой кӕна, уӕд йӕхи бахиздзӕн монцӕй судзынӕй ӕмӕ уый цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕркӕны, уыдонӕй, зӕгъӕм, мастурбаци кӕнӕ хӕтындзинадӕй. Уымӕй уӕлдай ма адӕймаджы хъӕуы ахъуыды кӕнын йӕ карыл дӕр. Павел загъта: «Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ бон нӕу йӕ буары монцтыл хӕцын ӕмӕ йын хуыздӕр у бинонтӕ скӕнын, ӕмӕ кӕд ӕгӕр ӕрыгон нал у, уӕд бакӕнӕд, куыд ӕй фӕнды, афтӕ – тӕригъӕд нӕ ракӕндзӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ бинонтӕ скӕнӕнт» (1 Кор. 7:9, 36; 1 Тим. 4:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр, ӕрыгонӕй адӕймагӕн йӕ монцтӕ тыхджын кӕй вӕййынц, ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма сфӕнд кӕна ус ракурын кӕнӕ чындзы ацӕуын. Чи зоны, нырма уыйбӕрц фӕлтӕрдджын нӕу, цӕмӕй, бинонты цард адӕймагыл цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдон йӕхимӕ райса. w16.08 1:17
Майрӕмбон, 14 сентябрь
Алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый (2 Кор. 6:4).
Не ’ддаг бакаст иннӕтӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг вӕййы (1 Сам. 16:7). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, уыцы дзаумӕттӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц кӕнӕ мын уыдоны мидӕг ӕнцондӕр у. Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй ма дарӕм ӕлхъывд, гом кӕнӕ, чъизи монцтӕ чи ссудзы, ахӕм дарӕс. Ӕндӕр ныхӕстӕй, нӕ буары уӕнгтӕ кӕм зыной кӕнӕ цӕсты кӕм хауой, ахӕм уӕлӕдарӕс нӕ дардзыстӕм. Куыд конд стӕм, уымӕ кӕсгӕйӕ хъуамӕ мачи сӕфсӕрмы уа кӕнӕ йӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм ма азила. Нӕ дарӕс сыгъдӕг, рӕсугъд ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, не ’ддаг бакаст та – аив, уӕд адӕмы дӕр фӕнддзӕн нӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ нӕ организацийӕн хорз ном скӕндзыстӕм. Стӕй уый фӕрцы адӕм хуыздӕр хъусдзысты, цы ахсджиаг хабар сӕм хӕссӕм, уымӕ. w16.09 3:5, 6
Сабат, 15 сентябрь
Ут ӕмбаргӕ, алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн (Тит. 3:2).
Базон, иннӕтӕ ӕцӕгдӕр цӕуыл ӕууӕндынц, уый. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ йӕ ӕнӕуи дӕр зоныс. Эволюцийыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, чи фӕзӕгъы, уыдонӕй иуӕй-иуты Хуыцау дӕр уырны. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау алыхуызон цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста эволюцийы фӕрцы. Чи та фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, дам, эволюци раст куы нӕ уаид, уӕд, дам, ӕй скъолайы дӕр нӕ ахуыр кӕниккой. Иннӕтӕ та динтӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц, ӕмӕ Хуыцауыл уый тыххӕй нал феууӕндынц. Уӕдӕ, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд уал ӕй фыццаг бафӕрс, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цӕмӕн, уымӕй. Ӕмбаргӕ куы уай ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд дӕм уый дӕр, чи зоны, байхъуса. Исчи дӕ ныхмӕ куы дзура, Хуыцауыл куыд хъуамӕ ӕууӕндай, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕхи фӕлмӕнӕй бафӕрс, зӕгъгӕ, дӕумӕ гӕсгӕ уӕдӕ цард куыд фӕзынд. Дӕ бон ын у зӕгъын, ӕмӕ кӕд царды фыццаг формӕ, зӕгъӕм, кълеткӕ, эволюцийы фӕрцы фӕзынд, уӕд хъуамӕ дарддӕр йӕ бон уыдаид йӕхи хуызӕн кълеткӕтӕ ӕвзӕрын кӕнын. Химийы профессор Дэвид Димер загъта: «Царды ӕппӕты хуымӕтӕгдӕр формӕ дӕр куыд вазыгджын конд у, уый стыр диссаг у». w16.09 4:12, 13
Хуыцаубон, 16 сентябрь
Ницавӕр аргъӕй сразы сты сӕхи ссӕрибар кӕныныл, цӕмӕй сын хай уа хуыздӕр райгасӕй (Дзут. 11:35).
Навуфейы ӕмӕ Захарийы, Хуыцаумӕ кӕй хъуыстой ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кодтой, уый тыххӕй дуртӕй амардтой. Фӕлӕ уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ фидӕны фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (1 Пад. 21:3, 15; 2 Аз. 24:20, 21). Данелы та ныппӕрстой, ӕххормаг домбӕйттӕ кӕм уыд, уыцы дзыхъмӕ. Йе ’мбӕлтты та йын арты баппӕрстой. Цӕйнӕфӕлтау мӕнг хуыцӕуттӕн бакуывтаиккой, фӕлтау цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр. Уыдон фидарӕй ӕууӕндыдысты, Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй бахай кӕндзӕн ӕмӕ сын уыцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн (Дзут. 11:33, 34; Дан. 3:16–18, 20, 28; 6:13, 16, 21–23). Сӕ уырнындзинады тыххӕй пехуымпартӕй бирӕтӕй «хынджылӕг кодтой... ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр бакодтой». Афтӕ уыд, зӕгъӕм, Михей ӕмӕ Йеремийы хабар. Чидӕртӕ та, зӕгъӕм, Илийа, «ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты рахау-бахау кодтой, лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты скъуыдты ӕмбӕхстысты». Се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтӕн бафӕрӕзтой, уымӕн ӕмӕ, «цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕй сӕ фидар ныфс... уыд» (Дзут. 11:1, 36–38; 1 Пад. 18:13; 22:24–27; Йер. 20:1, 2; 28:10, 11; 32:2). w16.10 3:10, 11
Къуырисӕр, 17 сентябрь
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Паддзахады залмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу сыл бацин кӕнӕм. Ӕндӕр бӕстӕйӕ нырма ӕрӕджы чи ӕрцыд, уыдон фыццаг ӕфсӕрмы фӕкӕнынц ӕмӕ сӕхи куыддӕр хибар фӕдарынц. Куыд сӕ схъомыл кодтой кӕнӕ ӕхсӕнады цы бынат ахсынц, уый тыххӕй, чи зоны, сӕхимӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй ӕгуыдзӕгдӕр кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, салам нын кӕд ратдзысты, уымӕ, фӕлӕ-иу сӕм фыццаг нӕхӕдӕг бацӕуӕм ӕмӕ сыл бацин кӕнӕм. Кӕд де ’взагыл ис, ӕндӕр ӕвзӕгтыл хъусын кӕнынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы приложени, уӕд уый фӕрцы дӕ бон у се ’взагыл цалдӕр ныхасы сахуыр кӕнын, цӕмӕй-иу сын ӕгасцуай зӕгъай (Фил. 2:4). Чи зоны, дӕ ныфс нӕ хӕссыс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, ахӕм адӕймагмӕ бацӕуынмӕ. Ӕвӕццӕгӕн дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнут, ӕмӕ йемӕ цӕуыл аныхас кӕнай, уый нӕ зоныс. Ахӕм уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн? Куы йӕм бацӕуай, уӕд уал ын дӕхи тыххӕй исты радзур. Ӕмӕ йӕ стӕй бамбардзынӕ, уӕ бон бирӕ цӕуылдӕрты кӕй у аныхас кӕнын. Дӕ зӕрдыл дар, алы адӕммӕ дӕр хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цыдӕр кӕй ис. w16.10 1:13, 14
Дыццӕг, 18 сентябрь
Ӕз фехъуыстон, чидӕр уӕ кӕй хӕты, стӕй хӕтгӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц (1 Кор. 5:1).
Хуыцауы Ныхас нын ӕмбарын кӕны, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕг уа. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Коринфы ӕмбырды цы хабар ӕрцыд, уый. Павелӕн уыцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг зынаргъ уыдысты. Бирӕтӕн дзы рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кодта (1 Кор. 1:1, 2). Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд зын ын уыдаид, куы базыдта, чидӕр сӕ кӕй хӕты ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ ӕмбырд ӕнцад кӕй кӕсы! Павел хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй «уыцы адӕймаджы Сайтаны бар бакодтаиккой», ома йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой (1 Кор. 5:5–7, 12). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты хатт бахъӕуы, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Ӕмӕ мах дӕр ахӕм адӕймагимӕ, Фыстад куыд амоны, нӕхи афтӕ куы дарӕм, уӕд ӕмбырд сыгъдӕг уыдзӕн. Ӕмӕ, чи зоны, уыцы адӕймаг уый фӕрцы ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдайа, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. w16.11 2:14
Ӕртыццӕг, 19 сентябрь
Кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси (Хъуыд. 13:15).
Адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс куы бафтауынц, уӕд ӕм цӕрын ӕрцӕуы. Рубен зӕгъы: «Бирӕ азты дӕргъы мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн. Фӕлӕ иу бон хистӕр нӕлгоймагимӕ хъусын кодтон, ӕмӕ йӕ бафиппайдта, мӕ чемыл кӕй нӕ дӕн. Уыдтон ӕй, йӕ зӕрдӕ мыл кӕй риссы, ӕмӕ йын ӕз дӕр мӕ дзуринӕгтӕ фӕдзырдтон. Ӕфсымӕр мӕм тынг лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ мын стӕй мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, хорзӕй мын цы бантыст, уыдӕттӕ. Ӕмӕ ма мын мӕ хъус ӕрдардта Йесойы ныхӕстӕм, махӕй алчидӕр бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр кӕй у. Ацы стих мӕ зӕрдыл арӕх ӕрлӕууы ӕмӕ мын абон дӕр мӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Уыцы хистӕр нӕлгоймаджы ныхӕстӕ мын тынг баххуыс кодтой» (Матф. 10:31). Библи нын зӕгъы, ӕдзухдӕр нӕ кӕй хъӕуы кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын. Апостол Павел, дзуттӕгтӕй чырыстон чи уыд, уыдонмӕ фыста: «Алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут [кӕнӕ «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут»], цӕмӕй уӕ тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа» (Дзут. 3:13). Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхицӕй зоныс, куыд ӕхсызгон вӕййы, исчи дын дӕ ныфсыл ныфс куы бафтауы. w16.11 1:2, 3
Цыппӕрӕм, 20 сентябрь
Фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной (Хъуыд. 20:30).
Н. э. 313 азы Ромы паддзах Константин, рӕстдзинад чи ныууагъта, уыцы чырыстӕтты ахуырӕдтӕ хицӕн диныл банымадта. Константин дины разамонджытимӕ скодта ӕмбырд, хонынц ӕй Никейӕйы ӕмбырд. Уыцы ӕмбырды фӕстӕ иу сауджын, йӕ ном Арий, Ромы паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ кӕдӕмдӕр хаст ӕрцыд, Йесойы Хуыцауыл кӕй нӕ банымадта, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр Ромы паддзах сси Феодосий ӕмӕ католикон дин скодта Ромы сӕйраг дин. Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Ром «чырыстон» паддзахад сси Феодосийы рӕстӕджы. Ӕцӕгӕй та, раст дин чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕ уӕдмӕ дӕр ныххӕцыдысты мӕнг ахуырӕдтыл ӕмӕ систы Стыр Вавилоны хай. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг дӕр уыди иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдоны абарӕн уыд, Йесо цы мӕнӕуы кой кодта, уыимӕ. Уыцы иузӕрдион адӕймӕгтӕ, Хуыцауӕн лӕггад кодтой, сӕ бон куыддӕриддӕр уыд, афтӕ (Матф. 13:24, 25, 37–39). w16.11 4:8, 9
Майрӕмбон, 21 сентябрь
Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр [Йегъовӕйы] бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл (1 Пет. 5:7).
Абон Хӕйрӕг «богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:17). Уымӕ гӕсгӕ цард у уӕззау, ӕмӕ суанг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр сагъӕсты бын фӕвӕййынц. Рагзаманты дӕр-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ мӕт ӕмӕ сагъӕс кодтой. Зӕгъӕм, паддзах Давид цӕуылдӕрты мӕт кодта (Пс. 13:2). Апостол Павелӕн та «ӕппӕт ӕмбырдты мӕт» ӕнцой нӕ лӕвӕрдта (2 Кор. 11:28). Фӕлӕ сагъӕсты бын куы фӕуӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын? Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд йӕ лӕггадгӕнджытӕн рагзаманты дӕр удӕнцой ссарынӕн ӕххуыс кодта, ӕмӕ абон махӕн дӕр афтӕ ӕххуыс кӕны. Куыд? Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕкувӕм, Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕн бар куы фӕдӕттӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна ӕмӕ, кӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ куы раргом кӕныс. w16.12 3:1, 2
Сабат, 22 сентябрь
Уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнынц мӕлӕтмӕ (Ром. 6:21).
Фыццаг ӕнусы Коринфы цӕрджытӕй чидӕртӕ уыдысты давджытӕ, гомосексуалисттӕ, расыггӕнджытӕ, сӕ цардӕмбӕлттыл гадзрахатӕй цыдысты, куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы куы базыдтой ӕмӕ йӕ куы бауарзтой, уӕд фӕивтой. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕм худинаг ӕркастысты (Ром. 6:21; 1 Кор. 6:9–11). Ромы ӕмбырды дӕр иуӕй-иутӕ сӕ царды ахӕм ивындзинӕдтӕ скодтой. Павел сӕм ныффыста: «Уӕ буӕрттӕ тӕригъӕды къухмӕ ма дӕттут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынӕн, фӕлӕ, мард чи уыд ӕмӕ цардмӕ чи раздӕхт, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи раттут Хуыцауы къухмӕ, ӕмӕ уӕ буӕрттӕ дӕр раттут Хуыцауы къухмӕ раст хъуыддӕгтӕ аразынӕн» (Ром. 6:13). Павел нӕ дызӕрдыг кодта, сӕ бон кӕй уыди, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын уыдаиккой. w16.12 1:13
Хуыцаубон, 23 сентябрь
Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл (Пс. 37:3).
Йегъовӕ адӕмы куыд сфӕлдыста, уый диссаг у. Зӕгъӕм, нӕ бон хъуыды кӕнын кӕй у, уый фӕрцы нӕ бон у зын фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын ӕмӕ цыдӕртӕ пълан кӕнын (Ӕмб. 2:11). Радта ма нын тыхтӕ, цӕмӕй архайӕм, нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ нысӕнттӕ нӕ къухы куыд бафтой, ууыл (Фил. 2:13). Йегъовӕ ма нын радта ӕфсарм дӕр – нӕ зӕрдӕ нӕм фӕдзуры, уый хорз у, уый та ӕвзӕр, зӕгъгӕ. Уый фӕрцы нӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй бахизӕм ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнӕм (Ром. 2:15). Йегъовӕ нӕ бирӕ уарзы ӕмӕ зоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстыты кӕсӕм: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» ӕмӕ «Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй» (Ӕмб. 21:5; Еккл. 9:10). Чырыстон Грекъаг Фыстыты та ис ахӕм ныхӕстӕ: «Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм» ӕмӕ «Сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (Гал. 6:10; 1 Пет. 4:10). Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, нӕхи пайдайӕн дӕр ӕмӕ иннӕты пайдайӕн дӕр нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. w17.01 1:1, 2
Къуырисӕр, 24 сентябрь
Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм (1 Кор. 10:11).
Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт. Фӕлӕ ныр дӕр сӕ бон у сӕрибарӕй уынаффӕтӕ хӕссын. Уый зыны Израилы адӕмы хабарӕй дӕр. Хуыцау сын загъта, сӕ бон кӕй уыд, цӕмӕй суыдаиккой, «уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм» (Рац. 19:3–6). Израилӕгты бафӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕм суыдаиккой, ӕмӕ сын Хуыцау цы загъта, уыдон ӕххӕст кӕныныл сразы сты. Уыдон загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:8). Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр, Йегъовӕйӕн цы ныхас радтой, уый сӕ ӕххӕст кӕнын нал фӕндыд. Ацы хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ Хӕлар куы уа ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм. w17.01 2:9
Дыццӕг, 25 сентябрь
Дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу (Мих. 6:8).
Израилы паддзах Йеровоам адӕмы мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдта. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ уый тыххӕй Иудӕйӕ иу пехуымпары арвыста, цӕмӕй йын тӕрхоны хабар фехъусын кодтаид. Уыцы сӕрныллӕг пехуымпар Хуыцаумӕ байхъуыста, ӕмӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Уый тыххӕй йӕм Йеровоам мӕстӕй рафыхт, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕдта (1 Пад. 13:1–10). Уыцы пехуымпарӕн Йегъовӕ ныффӕдзӕхста, цӕмӕй Израилы къӕбӕр дӕр ма бахордтаид ӕмӕ дзы дон дӕр ма банызтаид, стӕй, цы фӕндагыл ӕрцыд, фӕстӕмӕ ууыл ма аздӕхтаид. Гъемӕ фӕстӕмӕ куы цыди, уӕд ыл фӕндагыл амбӕлд иу зӕронд лӕг. Царди Вефилы. Зӕронд лӕг йӕхи схуыдта Йегъовӕйы пехуымпар, ӕмӕ, Иудӕйӕ чи уыд, уыцы пехуымпарыл сайдӕй рацыд, зӕгъгӕ мӕ Йегъовӕ рарвыста. Пехуымпар Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызт ӕмӕ зӕронд лӕгимӕ ацыд. Йегъовӕ йӕм уый тыххӕй смӕсты. Уырдыгӕй дарддӕр куы ацыд, уӕд йӕ размӕ домбай фӕци ӕмӕ йӕ аскъуыдтӕ кодта (1 Пад. 13:11–24). Уыцы пехуымпар зӕронд лӕджы гӕдыныхӕстӕм цӕмӕн байхъуыста? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ зӕгъӕн ис, кӕй ферох кодта «Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуын». w17.01 4:1–3
Ӕртыццӕг, 26 сентябрь
Ӕз... [уынаффӕ] рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн (Ис. 46:11).
Библийы ӕппӕты райдианы фыст ис: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райд. 1:1). Раст зӕгъгӕйӕ, Хуыцау цы скодта, уыдӕтты тыххӕй, зӕгъӕм, космос, рухс ӕмӕ химӕлвасынады закъоны тыххӕй бирӕ ницы зонӕм, стӕй Дун-дунейӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу гыццыл хай уынӕм (Еккл. 3:11). Фӕлӕ нын Йегъовӕ раргом кодта, зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Хуыцау адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл амондджынӕй цардаиккой (Райд. 1:26). Адӕм хъуамӕ уыдаиккой йӕ хъӕбултӕ, йӕхӕдӕг та – сӕ Фыд. Райдианы чиныджы ӕртыккаг сӕры куыд фыст ис, афтӕмӕй иу чидӕр сфӕнд кодта Йегъовӕйы бакъуылымпы кӕнын, цӕмӕй йӕ фӕнд ма сӕххӕст уыдаид (Райд. 3:1–7). Фӕлӕ ахӕмӕй ӕппындӕр ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйы ныкъкъуылымпы кӕна (Ис. 46:10; 55:11). Уӕдӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ, ӕппӕты райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уый йӕ афоныл кӕй сӕххӕст кӕндзӕн! w17.02 1:1, 2
Цыппӕрӕм, 27 сентябрь
Кӕм ис, йӕ сыгъдӕг тыхӕй... [Моисейы] чи схайджын кодта, уый? (Ис. 63:11).
Сыгъдӕг тых цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ кӕцӕй зыдтой, Моисей дзы хайджын кӕй уыди? Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Моисей сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ фараонӕн Хуыцауы ном ныфсджынӕй фехъусын кодта (Рац. 7:1–3). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма Моисей сси диссаджы удыхъӕды хицау дӕр: уыди уарзӕгой, фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон. Уый руаджы йӕ бон уыди израилӕгтӕн разамынд дӕттын. Уӕдӕ бӕрӕг уыд, Йегъовӕ Моисейы кӕй сӕвӕрдта йӕ адӕмы сӕргъы. Моисейы фӕстӕ та Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кодта ӕндӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой. Зӕгъӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы «Навины фырт Йесо хайджын уыди зондӕй» (Дык. з. 34:9). Гедеоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ йыл «Йегъовӕйы тых ӕрцыд» (Тӕрх. 6:34). Давиды тыххӕй та загъд ис, зӕгъгӕ, «хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй» (1 Сам. 16:13). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр сӕ ныфс дардтой Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл, ӕмӕ уыцы тыхы руаджы арӕзтой, сӕхи хъаруйӕ кӕй нӕ сарӕзтаиккой, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Йес. Н. 11:16, 17; Тӕрх. 7:7, 22; 1 Сам. 17:37, 50). w17.02 3:3–5
Майрӕмбон, 28 сентябрь
Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ нӕхи уӕ уырнындзинадӕн хицау кӕнӕм, фӕлӕ стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ уырнындзинады фӕрцы лӕуут фидар (2 Кор. 1:24).
Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у апостол Павел. Уый зыдта, йе ’фсымӕртӕн уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй ис, ӕмӕ сын йӕхи хицау нӕ кодта. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон у афтӕ кӕнын, искӕй исты аскъуыддзаг кӕнын куы хъӕуа ӕмӕ йын уынаффӕ куы дӕттой, уӕд. Библийӕ цы фӕзонынц, уый сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн нӕ бавгъау кӕнынц. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарой, кӕцыдӕр хъуыддӕгты алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ рахӕсса уынаффӕ, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕтдзӕн дзуапп йӕ уынаффӕйы тыххӕй. Хъӕуы нӕ иу ахсджиаг хъуыды нӕ зӕрдыл дарын: искӕй исты аскъуыддзаг кӕнын куы хъӕуа, уӕд ын нӕ бон у баххуыс кӕнын, Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ ис, уыдон ссарынӕн. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ис бар, стӕй сыл ис хӕс дӕр, цӕмӕй уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг хӕссой. Раст уынаффӕ куы рахӕссынц, уӕд сын уый ӕрхӕссы пайда. Уӕдӕ хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын ис бар, цӕмӕй иннӕты бӕсты уынаффӕтӕ хӕссӕм. w17.03 2:11
Сабат, 29 сентябрь
Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут (Дзут. 13:17).
Ӕууӕнкджын цагъарӕн фидар уырнындзинад кӕй ис, уый бӕрӕг у, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕны ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уымӕй. Мах дӕр сын ацы ахсджиаг хъуыддаджы ӕххуыс кӕнӕм? Кӕд о, уӕд Чырысти махӕн дӕр зӕгъдзӕн ацы ныхӕстӕ: «Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат» (Матф. 25:34–40). Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты нӕ ферох кодта (Матф. 28:20). Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын сыгъдӕг тых, зӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхас разамынд дӕттынӕн ӕххуыс кодтой. Ӕмӕ абон йӕхӕдӕг дӕр афтӕ ӕххуыс кӕны ӕууӕнкджын цагъарӕн. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы... уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (Рарг. 14:4). Ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд афтӕмӕй цӕудзыстӕм нӕ Разамонӕг Чырыстийы фӕдыл. Чырысти нӕ тынг тагъд бакӕндзӕн, ӕнустӕм кӕм цӕрдзыстӕм, уыцы ног дунемӕ (Рарг. 7:14–17). Зӕххыл иу разамонӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕрдӕ ахӕм фидӕнӕй бавӕрын! w17.02 4:17–19
Хуыцаубон, 30 сентябрь
Дӕ фӕндаг Йегъовӕйы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ йыл дар, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг архайдзӕн (Пс. 37:5).
Стыр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Фӕлӕ гыццыл хъуыддӕгты та куыд бакӕнӕм? Мыййаг, адӕймаджы зондӕй нӕ фӕархайӕм ӕмӕ, нӕхимӕ раст куыд фӕкӕсы, афтӕ сӕ нӕ аскъуыддзаг кӕнӕм? Ӕви уал фыццаг бацагурӕм, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уый, ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм? Зӕгъӕм дӕ кӕд хатт дӕ бинонтӕ фӕхъыгдарынц ӕмбырдтӕм кӕнӕ конгресстӕм цӕуын, уӕд Йегъовӕйы бафӕрсыс, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ? Кӕнӕ та, зӕгъӕм, иу цасдӕр дӕ бон куыст ссарын нӕ уыд, ӕмӕ дӕ кӕдӕй-уӕдӕй иу куыстмӕ айсынмӕ хъавынц. Уыцы куысты хицауӕн зӕгъдзынӕ, алы къуыри дӕр дӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъӕудзӕн цӕуын? Цыфӕнды уавӕры ма уӕм, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм абоны стихы ныхӕстӕ. w17.03 4:6