Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es18 121–134 фф.
  • Октябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Октябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 октябрь
  • Дыццӕг, 2 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 3 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 4 октябрь
  • Майрӕмбон, 5 октябрь
  • Сабат, 6 октябрь
  • Хуыцаубон, 7 октябрь
  • Къуырисӕр, 8 октябрь
  • Дыццӕг, 9 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 10 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 11 октябрь
  • Майрӕмбон, 12 октябрь
  • Сабат, 13 октябрь
  • Хуыцаубон, 14 октябрь
  • Къуырисӕр, 15 октябрь
  • Дыццӕг, 16 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 17 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 18 октябрь
  • Майрӕмбон, 19 октябрь
  • Сабат, 20 октябрь
  • Хуыцаубон, 21 октябрь
  • Къуырисӕр, 22 октябрь
  • Дыццӕг, 23 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 24 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 25 октябрь
  • Майрӕмбон, 26 октябрь
  • Сабат, 27 октябрь
  • Хуыцаубон, 28 октябрь
  • Къуырисӕр, 29 октябрь
  • Дыццӕг, 30 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 31 октябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
es18 121–134 фф.

Октябрь

Къуырисӕр, 1 октябрь

Уый сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон. Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 145:19).

Йегъовӕ у, «фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау» (Ром. 15:5). Нӕ уавӕр нын ӕппӕты хуыздӕр Йегъовӕ ӕмбары. Ныртӕккӕ цы уавӕры стӕм, стӕй цы уавӕрты схъомыл стӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ кӕронмӕ уый йеддӕмӕ ничи зоны. Уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый. Йегъовӕйӕ хъарутӕ куы фӕкурӕм, уӕд нын дзуапп куыд ратты? Фидар фӕлӕууыны тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд нын, «цы бакӕнӕн ис, уый... бацамоны» (1 Кор. 10:13). Иуӕй-иу хатт нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кӕны. Фӕлӕ нын арӕхдӕр та хъарутӕ ратты, «цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кол. 1:11). Йегъовӕ нын хорз зоны нӕ удыхъӕд, стӕй, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый дӕр, ӕмӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ уавӕр афтӕ уӕззау суа, ӕмӕ йыл нӕ бон иузӕрдионӕй баззайын мауал уа. w16.04 2:5, 6

Дыццӕг, 2 октябрь

Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн (Матф. 22:21).

Библи нын дзуры, зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уӕм. Фӕлӕ ма нын дзуры, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ хъусӕм (Хъуыд. 5:29; Тит. 3:1). Ацы дыууӕ хъуыдыйы кӕрӕдзиимӕ куыд сбӕттӕн ис, уый бамбарӕн ис Йесойы ныхӕстӕй. Уый загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон. «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн фӕдӕттӕм», хицауад цы закъӕттӕ сфидар кӕны, уыдон куы феххӕст кӕнӕм, хицауады кусджытӕм хорз цӕстӕй куы фӕкӕсӕм ӕмӕ хъалонтӕ куы фӕфидӕм, уӕд (Ром. 13:7). Фӕлӕ нӕ хицауад Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы хизын кӕна, уӕд сын уӕзданӕй бамбарын кӕндзыстӕм, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзыстӕм. Политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайӕм (Ис. 2:4). Зӕххон хицӕуттӕн бартӕ Йегъовӕ кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхмӕ нӕ цӕуӕм. Стӕй нӕ бӕстӕйы кӕнӕ нӕ адӕмыхатты сӕрыл дӕр нӕ тох кӕнӕм (Ром. 13:1, 2). Хицауад фӕивыныл кӕнӕ политиктыл бандавыныл нӕ архайӕм, стӕй хъӕлӕс дӕр никӕуыл кӕнӕм ӕмӕ, политиктӕ суӕм, уымӕ дӕр нӕ тырнӕм. w16.04 4:1, 2

Ӕртыццӕг, 3 октябрь

Иннӕ адӕмӕй... уӕлдай [дын] ма уӕд (Матф. 18:17).

Дыууӕ чырыстоны кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц, уӕд арӕхдӕр сӕхи бон вӕййы бафидауын. Фӕлӕ Матфейы 18:15–17 фыст ныхӕстӕй бӕрӕг у: цавӕрдӕр уавӕрты сӕ, чи зоны, иннӕты ӕххуыс дӕр бахъӕуа. Ацы стихты Йесо цы «тӕригъӕды» кой кӕны, уый, дыууӕ чырыстоны цыдӕр гыццыл хъуыддаджы кӕй нӕ бафидауынц, уымӕ нӕ амоны. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо загъта, зӕгъгӕ, тӕригъӕд чи ракодта, уыимӕ йе ’фсымӕр хибарӕй куы аныхас кӕна, стӕй та ӕвдисӕнтӕм ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕм куы фӕдзура, фӕлӕ уый уӕддӕр куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд сын хъуамӕ «иннӕ адӕмӕй ӕмӕ хъалонисджытӕй уӕлдай ма уа». Абон ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ ахӕм адӕймаджы хъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Уӕдӕ Йесо Матфейы 18:15–17 стихты цы «тӕригъӕды» кой кодта, уымӕ хауы, зӕгъӕм, мӕнг ныхӕстӕ кӕнын кӕнӕ искӕй фыдкой кӕнын. w16.05 1:14

Цыппӕрӕм, 4 октябрь

Бамбарут, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Еф. 5:17).

Библийы царды алы хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд амындтӕ нӕй. Зӕгъӕм, цавӕр дзаумӕттӕ хъуамӕ дарӕм, уый фӕдыл дзы бӕлвырдӕй ницы ис фыст. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у Йегъовӕйы стыр зонд. Бӕстӕйӕ-бӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ уӕлӕдарӕс хицӕн кӕны, стӕй, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ модӕ дӕр ивы. Фӕлӕ, Библи цы дзуры, уый абон дӕр нӕ царды ахады. Стӕй дзы, кӕм хъуамӕ кусӕм, нӕхи куыд хъуамӕ ирхӕфсӕм ӕмӕ нӕхицӕн куыд хъуамӕ хос кӕнӕм, уый фӕдыл дӕр бӕлвырд амындтӕ нӕй. Уӕдӕ нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, фӕлӕ уый фӕдыл Библийы бӕлвырд амындтӕ куы нӕ уа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Нӕхи куыд фӕнды, афтӕ бакӕныны бӕсты-иу хъуамӕ хъуыддагыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ рахӕссӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Пс. 37:5). w16.05 3:2, 6

Майрӕмбон, 5 октябрь

Адӕймаджы ныхасыл [ӕй] нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл (1 Фес. 2:13).

Ӕвӕццӕгӕн, махӕй алкӕмӕн дӕр ис, Библийы йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, ахӕм чингуытӕ. Иуӕй-иутӕ уарзынц Евангелитӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ дзы Йесойы цӕвиттоны фӕрцы ис Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ фенӕн (Иоан. 14:9). Иннӕты зӕрдӕмӕ та цӕуынц, пехуымпарӕдтӕ фыст кӕм сты, уыцы чингуытӕ, зӕгъӕм, Раргомады чиныг, уымӕн ӕмӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Кӕмӕндӕрты удӕнцойы хос у Псаломты чиныг, чидӕртӕ та ӕхсызгонӕй фӕкӕсынц, Ӕмбисӕндты чиныджы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Библи алы адӕймагӕн дӕр хӕссы пайда. Библи кӕсын кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уарзӕм нӕ публикацитӕ кӕсын дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл арӕзт сты. Цыдӕриддӕр литературӕ исӕм, уый нын Йегъовӕ дӕтты. Уыцы литературӕйы фӕрцы йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (Тит. 2:2). w16.05 5:1–3

Сабат, 6 октябрь

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын. Ахӕм миниуджыты ныхмӕ закъон нӕй (Гал. 5:22, 23).

Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ бирӕ хъуыддӕгты аива. Зӕгъӕм, уый фӕрцы нӕ бон у Чырыстийы фӕзмын ӕмӕ нӕ удыхъӕды, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ фидар кӕнын. Уыцы миниуджытӕй иу у уарзондзинад. Мах Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй уый бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ хуыздӕрырдӕм ива. Мах ӕмбарӕм, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты. Уымӕй уӕлдай ма нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны ацы дунейы ӕвзӕр зондахасты ныхмӕ фӕлӕууынӕн (Еф. 2:2). Апостол Павел нырма ӕрыгон куы уыди, уӕд ын йӕ зондахастыл бандӕвтой дзуттаг дины сӕрбӕрзонд разамонджытӕ. Фӕлӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕивта. Фӕстӕдӕр Павел ныффыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Павелау Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдиаг куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн (Пс. 10:17). w16.06 1:12

Хуыцаубон, 7 октябрь

О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг (Рарг. 4:11).

Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ Йегъовӕ нӕ иунӕг Хуыцау у, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион. Уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн дӕр кӕнӕ та ма мӕнг ахуырӕдтыл дӕр уӕм хӕст. Йегъовӕ, ӕндӕр хуыцӕутты сӕргъы чи лӕууы кӕнӕ уыцы хуыцӕуттӕй хъомысджындӕр чи у, ахӕм Хуыцау нӕу. Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ лӕггад кӕнын дӕр ӕрмӕстдӕр уымӕн хъӕуы. Йегъовӕ нын царды хъуамӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр уа. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нын Йегъовӕйӕ сӕйрагдӕр куыд ма суой. Цымӕ уыдон цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты радта, уыдонӕй бӕрӕг у, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй хъуамӕ ма лӕггад кӕной. Хъуамӕ сын мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа (Дык. з. 5:6–10). Мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ абарӕн кӕй ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ абон тынг бирӕ сты, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕй зын зӕгъӕн вӕййы, уыцы хъуыддагимӕ баст кӕй сты. Фӕлӕ Йегъовӕ абон дӕр у «иу Йегъовӕ», ӕмӕ йӕ закъӕттӕ дӕр нӕ фӕивтой (Мар. 12:29). w16.06 3:10, 12

Къуырисӕр, 8 октябрь

Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн (Матф. 6:14).

Петр куы бафарста, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд авд хатты хъуамӕ ныххатыр кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын дын: авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты» (Матф. 6:15; 18:21, 22). Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ алкӕддӕр хатыр кӕнӕм (Матф. 6:15; 18:21, 22). Рох дӕ ма уӕд, не ’ппӕт дӕр рӕдийаг кӕй стӕм, ӕмӕ ды дӕр, чи зоны, искӕй фӕхъыг кӕнай. Уӕдӕ йӕ куы бамбарай, кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтай, уӕд-иу, Библи куыд дзуры, афтӕ бакӕн – уыцы адӕймагӕй-иу хатыр ракур ӕмӕ-иу йемӕ бафидауыныл бацархай (Матф. 5:23, 24). Иннӕтӕ нын нӕ рӕдыд куы ныххатыр кӕнынц, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм (1 Кор. 13:5; Кол. 3:13). Иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр хатыр кӕндзӕн. Цӕй ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыды фӕзмӕм, ӕмӕ нын уый куыд хатыр кӕны, афтӕ мах дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнӕм! (Пс. 103:12–14). w16.06 4:15, 17

Дыццӕг, 9 октябрь

Хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр (Ром. 1:16).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ацы фӕстаг бонты хъусын кӕной «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар... ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» у «Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар» дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй схайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы (Хъуыд. 20:24; Еф. 1:3). Цымӕ мах дӕр Павелау Йегъовӕйы стыр хорзӕхы тыххӕй бузныг стӕм ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм? (Ром. 1:14, 15). Йегъовӕйы стыр хорзӕх махӕн, тӕригъӕдджын адӕмӕн, бирӕ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Ӕмӕ нӕ хӕс у, цӕмӕй иннӕ адӕмӕн дӕр фехъусын кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы ӕмӕ уыдонӕн дӕр цы пайда хӕссы. w16.07 4:4, 5

Ӕртыццӕг, 10 октябрь

Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт (Лук. 12:40).

Йесойӕн йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд уыцы хъуыддаг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕртӕ хатты сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта (Иоан. 12:31; 14:30; 16:11). Чырысти зыдта, Хӕйрӕг адӕмы талынджы кӕй дардзӕн, цӕмӕй, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый мацӕмӕ дарой ӕмӕ, ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, ууыл ма ӕууӕндой (Соф. 1:14). Мӕнг динты руаджы Хӕйрӕг адӕмӕн «сӕ сӕрызонд... бакуырм кӕны» (2 Кор. 4:3–6). Ацы дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг ӕмӕ Чырысти ныр Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, адӕмӕн уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд сӕ бирӕты хъусын дӕр нӕ фӕфӕнды. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕуӕн дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загътой, «мӕн уыдӕттӕ нӕ хъӕуынц», зӕгъгӕ. Адӕмӕй бирӕтӕ Библийы фыст пехуымпарӕдтыл кӕй не ’ууӕндынц, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Мах ӕй хорз зонӕм, цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. w16.07 2:11, 12

Цыппӕрӕм, 11 октябрь

Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа (Еф. 5:33).

Лӕппу ӕмӕ чызг сӕ чындзӕхсӕвы бон афтӕ амондджын сты, ӕмӕ фырцинӕй зӕххыл нал хӕцынц, сӕ цӕсгӕмттӕй хуртӕ ӕмӕ мӕйтӕ кӕсы. Бинонтӕ скӕнӕг Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй алы бинонтӕ дӕр амондджын уой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн йӕ Ныхасы дӕтты зондджын уынаффӕтӕ (Ӕмб. 18:22). Фӕлӕ, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ Библи ӕргом зӕгъы, зӕгъгӕ, бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн «фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ» (1 Кор. 7:28). Цы ис саразӕн, цӕмӕй уыцы зындзинӕдтӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ къаддӕр уой? Ӕмӕ чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? Библи дзуры, уарзондзинад тынг ахсджиаг миниуӕг кӕй у. Лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийыл хъуамӕ бӕтта, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы (грекъ. э́рос), ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма, ӕнувыд ӕмбӕлтты ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы, уый дӕр (грекъ. фили́а). Сывӕллӕттӕ сын куы фӕзыны, уӕд та сӕ ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы, хӕстӕджыты цы уарзондзинад фӕбӕтты, уый (грекъ. сторге́). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн уа, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад (грекъ. ага́пе), уымӕн ӕмӕ бинонты амонд сӕйраджыдӕр уымӕй кӕнгӕ у. w16.08 2:1, 2

Майрӕмбон, 12 октябрь

Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ (1 Тим. 4:16).

Тимофей уӕдмӕ дӕр уыди фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг. Фӕлӕ цӕмӕй дарддӕр ӕнтыстджын уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус дардтаид, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амыдта, уымӕ. Хорз ӕм кӕй хъуыстой, уымӕй ныфсджын хъуамӕ ма уыдаид. Тимофей зыдта, адӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ уавӕртӕ дӕр ивгӕ кӕй кӕнынц. Ӕмӕ сын цӕмӕй дарддӕр дӕр сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ардтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди, куыд сӕ ахуыр кодта, уый ивын. Абон мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд арӕх адӕмы сӕхимӕ нӕ баййафӕм. Кӕмдӕрты та бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕм кӕнӕ, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, уыцы хӕдзӕрттӕм мидӕмӕ бацӕуӕн нӕ вӕййы. Кӕд уӕ территорийы дӕр афтӕ у, уӕд хорз нӕ уаид ӕндӕр мадзӕлттӕ бафӕлварын? Иу диссаджы мадзал у, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕты зӕрдӕмӕ уый тынг цӕуы, ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ кӕны. Уыдон фӕхъусын кӕнынц ӕфсӕнвӕндаджы вокзалты, автобусты лӕууӕндӕтты, базарты, паркты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм рӕтты. w16.08 3:14–16

Сабат, 13 октябрь

Бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны (Дзут. 12:12).

Йегъовӕ нын радта бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Уыдон ныл зӕрдиагӕй тыхсынц ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц (Дзут. 12:12, 13). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй бирӕтӕн сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ раст ахӕм ӕххуыс бакодтой. Ӕмӕ абон дӕр хабар афтӕ у. Нӕ бон та цы у саразын? Ахъуыды кӕнӕм, израилӕгтӕ амаликӕгтимӕ тохы куы бацыдысты, уӕд Аарон ӕмӕ Хур Моисейӕн йӕ къухтыл куыд хӕцыдысты (Рац. 17:8–13). Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хъуыддагӕй баххуыс кӕнын. Кӕуылдӕр азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, чидӕр низимӕ тох кӕны, кӕмӕндӕр та йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ цӕуынц. Чидӕр иунӕгӕй ӕнкъард кӕны, кӕмӕндӕр та йе ’ввахс адӕмӕй чидӕр фӕзиан. Ӕрыгӕттӕн дӕр ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ ацы дунейы адӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтыл фӕардауынц. Кӕнӕ сӕ фӕразӕнгард кӕнынц уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ, бирӕ ӕхца бакусынмӕ кӕнӕ кадджын куыст ссарынмӕ. Уӕдӕ ӕрыгӕтты дӕр нӕ бон у фидар кӕнын (1 Фес. 3:1–3; 5:11, 14). Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хотыл зӕрдиагӕй батыхсын, Паддзахады залы куы уай, семӕ куы хъусын кӕнай, фынгыл куы бадай кӕнӕ телефонӕй куы ныхас кӕнай, уӕд. w16.09 1:13, 14

Хуыцаубон, 14 октябрь

Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн (1 Кор. 10:31).

Мах хӕсджын стӕм нӕ сыгъдӕг Хуыцауы раз, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты раз, стӕй адӕмы раз дӕр, цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕсӕй кад хӕссӕм, цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн (Ром. 13:8–10). Уӕлдай тынгдӕр уый хъуамӕ бӕрӕг уа ӕмбырды ӕмӕ уацамынды. Мах хъуамӕ нӕхи рӕсугъд кӕнӕм, «йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны», уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Тим. 2:10). Иу ран цавӕрдӕр уӕлӕдарӕсмӕ хорз цӕстӕй кӕм кӕсынц, уымӕ ӕндӕр ран, гӕнӕн ис, кӕсой ӕвзӕр цӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы адӕм нымайынц бынӕттон ӕгъдӕуттӕ, цӕмӕй сыл макӕй зӕрдӕ бахуда. Ӕмбырдмӕ кӕнӕ конгресмӕ куы цӕуӕм, уӕд ацы дунейы адӕмы сӕ ӕнахуыр кондӕй нӕ фӕзмдзыстӕм, нӕ дарӕс уыдзӕн аив ӕмӕ хӕдӕфсарм. Уӕд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ фефсӕрмы уыдзыстӕм, ӕмӕ нын фадат куы фӕзына, уӕд нӕ бон уыдзӕн сӕрибарӕй Библийӕ иу-дыууӕ ныхасы зӕгъын. w16.09 3:7, 8

Къуырисӕр, 15 октябрь

Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау (Дзут. 3:4).

Диссаджы бӕлвырдгӕнӕн! Цӕрӕг удтӕ афтӕ вазыгджын конд сты, ӕмӕ сӕ хъуамӕ чидӕр сфӕлдыстаид. Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, ахӕм адӕймагимӕ дӕ бон куыд у аныхас кӕнын? Фыццаг уал базон, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕм цымыдисаг цы кӕсы, уый (Ӕмб. 18:13). Кӕд наукӕ уарзы, уӕд ын равдис, Библи наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ дӕр раст кӕй у, уый чи бӕлвырд кӕны, ахӕм стихтӕ. Истори чи уарзы, уымӕн та равдисӕн ис Библийы пехуымпарӕдтӕ, стӕй Библийы дӕр ӕмӕ историйы чингуыты дӕр кӕй кой ис, ахӕм хабӕрттӕ. Кӕмӕндӕр та йӕ зӕрдӕ бацагайдзысты Библийы уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, Йесойы зындгонд раныхасы чи ис, уыдон. Дӕ нысан хъуамӕ уа адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ссарын, йемӕ быцӕу кӕнын нӕ, фӕлӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус. Фӕлмӕнӕй йӕм фарстатӕ дӕтт ӕмӕ-иу ын дӕ хъуыды дӕр фӕлмӕнӕй, сабырӕй зӕгъ, уӕлдайдӕр та дӕхицӕй хистӕримӕ куы ныхас кӕнай, уӕд. Ӕмӕ дӕм уӕд адӕймаг дӕр хуыздӕр байхъусдзӕн. w16.09 4:14–16

Дыццӕг, 16 октябрь

Уӕ кӕрӕдзийыл... узӕлут (Ром. 15:7).

Кӕд дӕ фӕнды ӕрцӕуӕггӕгтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын ӕмбырд хи бинонты ад скӕна, уӕд-ма афтӕ ахъуыды кӕн: «Гъеныр ӕз ӕндӕр бӕстӕйы куы уаин, уӕд мӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй мӕм хорз цӕстӕй ракӕсой?» (Матф. 7:12). Ног бӕстӕйы цӕрын чи нӕма сахуыр, уыдонимӕ фӕразон у. Адӕймаг сын фыццӕгты сӕ зондахаст нӕ фембары, стӕй сӕхи афтӕ цӕмӕн фӕдарынц, уый дӕр. Фӕлӕ хорз уаид, афтӕ куы нӕ хъуыды кӕниккам, кӕй уӕрдоны бадыс, уый зарӕг кӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ, цавӕртӕ сты, ахӕмтӕй куы уарзиккам. Сӕ бӕстӕйы ӕмӕ сын сӕ культурӕйы тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд сӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Зӕгъӕм, не ’мбырды кӕнӕ нӕ территорийы цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ культурӕйы тыххӕй нӕ бон у нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ӕрмӕг бацагурын. Ис ма сӕ уазӕгуаты дӕр фӕхонӕн. Кӕд Йегъовӕ «ӕндӕр адӕмтӕн уырнындзинады дуар... байгом кодта», уӕд махӕн дӕр нӕ бон нӕу, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн нӕ хӕдзары дуар байгом кӕнын? (Хъуыд. 14:27; Гал. 6:10; Иов 31:32). w16.10 1:15, 16

Ӕртыццӕг, 17 октябрь

Тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн чи бафӕрӕзта, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут (Дзут. 12:3).

Йесо Чырысти сӕмбӕлд ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕныл, фӕлӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Цӕй фӕрцы бафӕрӕзта? Павел загъта: «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс». Уый фӕстӕ Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй «лӕмбынӕг ахъуыды кодтаиккой» Йесойы цӕвиттоныл (Рарг. 2:13). Фыццаг ӕнусы Йесойау бирӕ чырыстӕтты амардтой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уыдонӕй иу уыд Антипӕ (Рарг. 2:13). Зӕххыл цӕрынмӕ чи райгас уыдзӕн, уыцы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй уӕлдай уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ хӕрзиуӕг райстой (Дзут. 11:35). 1914 азы Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй чи амард, уыдон райгас сты уӕларвон цардмӕ, цӕмӕй йемӕ иумӕ хицӕуттӕ уой (Рарг. 20:4). w16.10 3:12

Цыппӕрӕм, 18 октябрь

Алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут (Дзут. 3:13).

Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй никуы феппӕлынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи ныййарджытӕй дӕр хорз ныхас никуы фехъуыстой. Хорз ныхӕстӕ ӕрмӕст сывӕллӕтты нӕ хъӕуы, фӕлӕ стырты дӕр. Фӕлӕ уыдонӕй дӕр арӕх нӕ феппӕлынц. Зӕгъӕм, бирӕтӕ хъаст кӕнынц, куысты сын сӕ фыдӕбоны тыххӕй бузныг дӕр кӕй ничи фӕзӕгъы. Цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, уый тыххӕй нӕ бон у, ӕмӕ-иу сӕ раппӕлӕм, исты хъуыддаг сын хорз куы рауайа, уӕд. Стӕй ма нӕ бон у, ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджыты тыххӕй дзурӕм ӕмӕ ныфссаст кӕнӕ ӕнкъард куы уой, уӕд-иу сӕ бафидар кӕнӕм (1 Фес. 5:14). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ арӕх кӕй вӕййӕм, уый фӕрцы нын вӕййы бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй-иу сӕ ныхасӕй барӕвдауӕм (Еккл. 4:9, 10). Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕ йӕ зонынц, цӕмӕн сын аргъ кӕнын ӕмӕ сӕ цӕмӕн уарзын? Уый равдисынӕн алы фадатӕй дӕр спайда кӕнын?» Ӕмӕ уал ацы фарстатӕн дзуапп раттыны размӕ ахъуыды кӕн, Библи цы зӕгъы, ууыл: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!» (Ӕмб. 15:23). w16.11 1:3–5

Майрӕмбон, 19 октябрь

Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой! (Пс. 133:1).

Хуыцау йӕ адӕмы тыххӕй загъта: «Се ’ппӕты дӕр иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иумӕ уыдзысты, фыстӕ кӕрты иумӕ куыд вӕййынц... афтӕ» (Мих. 2:12). Йегъовӕ ма загъта, йӕ адӕм ын йӕ Ныхасы фыст рӕстдзинад кӕй ӕмбардзысты ӕмӕ йын иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй лӕггад кӕндзысты. Уый загъта: «Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Соф. 3:9). Йегъовӕйӕн нӕ бон иумӕ лӕггад кӕнын кӕй у, уый тыххӕй дзы бузныг куыннӕ стӕм! Уӕдӕ бӕрӕг у: фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу Хуыцауы Ныхасы фыст разамындмӕ гӕсгӕ куы архайдтой, уӕд-иу се ’мбырдтӕ уыдысты сыгъдӕг, стӕй-иу дзы уыди фарн ӕмӕ иудзинад (1 Кор. 1:10; Еф. 4:11–13; 1 Пет. 3:8). Абон дӕр Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ сӕм алцыдӕр у уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ сын уый фӕрцы хорз хабар хъусын кӕнын ӕнтысы ӕгас зӕххыл дӕр. w16.11 2:16, 18

Сабат, 20 октябрь

Сымах... стут... «паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат», талынгӕй уӕ чи ракодта... уымӕн йӕ «диссаджы миниуджыты тыххӕй» (1 Пет. 2:9).

Н. э. фыццаг цалдӕр ӕнусы бирӕтӕн сӕ бон уыди Библи грекъаг кӕнӕ латинаг ӕвзагыл кӕсын. Ӕмӕ сӕ бон уыд Хуыцауы Ныхасы ахуырӕдтӕ ӕмӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ абарын. Аргъуаны ахуырӕдтӕ мӕнг кӕй сты, уый-иу чи бамбӕрста, уыдон-иу сыл нал ӕууӕндыдысты. Фӕлӕ цы хъуыды кодтой, уый тыххӕй иннӕтӕн ӕргом куы дзырдтаиккой, уӕд ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззадаиккой, суанг ма сӕ маргӕ дӕр акодтаиккой. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ грекъаг ӕмӕ латинаг ӕвзӕгтыл бирӕтӕ нал дзырдтой. Ӕмӕ аргъуаны разамонджытӕ та Хуыцауы Ныхас хуымӕтӕг адӕмы ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын нӕ уагътой. Аргъуаны ахуырӕдтимӕ разы чи нӕ уыд, уыдоны-иу карзӕй бафхӕрдтой. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ гыццыл къордтӕй ӕмбырд кодтой, кӕмӕндӕрты та сӕ уыцы фадат дӕр нӕ уыд. Сӕрст чырыстӕттӕн дӕр, «паддзӕхтӕн» ӕмӕ «сауджынтӕн», сӕ бон нӕ уыд Хуыцауӕн бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын. Стыр Вавилон адӕмыл йӕ дзӕмбытӕй фидар ныххӕцыд! w16.11 4:8, 10, 11

Хуыцаубон, 21 октябрь

Ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн... нӕ райсдзысты (1 Кор. 6:9).

Хъуамӕ нӕхи хизӕм, коринфӕгтӕй иуӕй-иутӕ цы стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдонӕй. Науӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нын Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хай ис ӕмӕ ныл «тӕригъӕды бар нал цӕуы». Фӕлӕ чидӕр стыр тӕригъӕдыл кӕй нӕ нымайы, ахӕм хъуыддӕгтӕй та цы ис зӕгъӕн? Цымӕ ӕдзухдӕр архайӕм, цӕмӕй уыдонӕй дӕр нӕхи хизӕм ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм? (Ром. 6:14, 17). Ахъуыды-ма кӕнӕм апостол Павелыл. 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 цы стыр тӕригъӕдты кой ис, ахӕм тӕригъӕдтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ арӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕ дзырдта, ницы тӕригъӕд аразын, зӕгъгӕ. Уый ныффыста: «Ӕз... дӕн ӕнӕххӕст, ауӕй мӕ кодтой тӕригъӕдӕн. Гъемӕ, цы аразын, уый мӕхӕдӕг дӕр не ’мбарын. Цы мӕ фӕфӕнды, уый нӕ бакӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уый та саразын» (Ром. 7:14, 15). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Павел тӕригъӕдыл ӕндӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр кӕй нымадта, ӕмӕ уыдонимӕ дӕр тох кодта (Ром. 7:21–23). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Павелы фӕзмӕм ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» уӕм. w16.12 1:15, 16

Къуырисӕр, 22 октябрь

Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22).

Истӕуыл куы фӕмӕт кӕныс, уӕд дӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды фӕфӕнды, цӕмӕй йын дӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕнай. Кӕд, дӕ уавӕры дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сарӕзтай, фӕлӕ ма уӕддӕр тыхсыс, уӕд уый ницы пайда уыдзӕн. Стырдӕр ӕххуыс дын уыдзӕн, уыцы хъуыддаджы тыххӕй Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы кувай (Пс. 94:18, 19). Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй ӕмӕ ӕппынӕдзух куы фӕкувӕм, уӕд нын куыд баххуыс кӕны? Нӕ зӕрдӕтӕ нын ӕрсабыр кӕны ӕмӕ нӕ ӕвзӕр хъуыдытӕй ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй фервӕзын кӕны. Ӕмӕ кӕд адӕймаг раздӕр цӕмӕйдӕрты тарсти ӕмӕ сагъӕсты бын уыди, уӕд ын ныр та Хуыцау йӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрын кодта, адӕймаджы зонд кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм фарн. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, уыцы фарн цы у, уый. Дӕуӕн дӕр ӕй дӕ бон у дӕхиуыл бавзарын. «Хуыцауы фарны» фӕрцы цыфӕнды зындзинадыл дӕр фӕуӕлахиз уыдзынӕ! Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дар, уымӕн ӕмӕ уый зӕгъы: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:10). w16.12 3:3, 4

Дыццӕг, 23 октябрь

Моисей куы сыстыр, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын (Дзут. 11:24).

Моисей Египеты хӕзнатыл йӕ къух систа ӕмӕ, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын» (Дзут. 11:25, 26). Уӕдӕ мах дӕр Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Моисейы уырнындзинад бафӕзмӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ цы сӕрибардзинад радта, уымӕй пайда кӕнӕм йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, исчи нӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕсса, уый ӕнцондӕр у. Фӕлӕ уӕд нӕхи иу стыр арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм. Уыцы арфӕдзинады тыххӕй фыст ис Дыккаг закъоны 30:19, 20 стихты. 19 стихы фыст ис, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй радта равзарыны бар. Дарддӕр 20 стихы фыст ис, кӕй сын радта фадат, цӕмӕй, кӕй йӕ уарзынц, уый равдыстаиккой. Махӕн дӕр нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уӕдӕ нӕ бон у нӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй дзы Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм. Уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа! w17.01 2:10, 11

Ӕртыццӕг, 24 октябрь

Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад... ӕмӕ иузӕрдионӕй архай (Пс. 37:3).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цы зонӕм ӕмӕ цы аразынхъом стӕм, уыдӕттӕй раст пайда кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы ӕмӕ зоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, нӕ бон алцы кӕй нӕу. Зӕгъӕм, нӕхи бон никуы бауыдзӕн ӕнӕххӕстдзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон скӕнын. Уӕдӕ нӕ бон нӕу иннӕты бӕсты уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, куыд цӕрой, уый сын амонын дӕр, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр радта сӕрибардзинад (1 Пад. 8:46). Ӕмӕ цыфӕнды зондджын ӕмӕ фендджын ма уӕм, уӕддӕр, Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ, мах алкӕддӕр сывӕллӕттӕй уӕлдай нӕ уыдзыстӕм (Ис. 55:9). Хъуамӕ алы уавӕры дӕр Йегъовӕйӕ разамынд курӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ, нӕхи бон цы нӕ уа, уый кӕй сараздзӕн, ууыл. Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр, нӕ уавӕры нӕ бон цы у, уый аразӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм. Цыбырдзырдӕй, хъуамӕ нӕ «зӕрдӕ дарӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ аразӕм хорздзинад», стӕй хъуамӕ «иузӕрдионӕй архайӕм». w17.01 1:2–4

Цыппӕрӕм, 25 октябрь

Цом мемӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ Иерусалимы мемӕ иу фынгыл баддзынӕ (2 Сам. 19:33).

Верзели не сразы. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ тынг зӕронд уыди. Ӕмӕ паддзахӕн загъта, зӕгъгӕ дын уаргъ йеддӕмӕ ницы уыдзынӕн ӕмӕ, дам, мӕ бӕсты Кимгамы акӕн. Кимгам, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фырт уыди (2 Сам. 19:31–37). Верзели бонзонгӕ кӕй уыди, уый йын баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Давиды ныхасыл цӕуылнӕ сразы? Мыййаг, йӕхиуыл ӕгӕр ауӕрста кӕнӕ йӕ зӕрондӕй йӕ сабыр цард ныууадзын нӕ фӕндыд? Нӕ. Верзели ӕмбӕрста, азтӕ йыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой ӕмӕ йӕ царды уавӕртӕ кӕй фӕивтой (Гал. 6:4, 5). Ӕрмӕстдӕр исты хӕстӕ райсыныл кӕнӕ нӕхицӕн ном скӕныныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхицӕй дарддӕр никӕйуал уындзыстӕм, нӕхи иннӕтимӕ бардзыстӕм ӕмӕ фӕстагмӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм (Гал. 5:26). Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн фылдӕр ӕххуыс уыдзыстӕм (1 Кор. 10:31). w17.01 4:5, 6

Майрӕмбон, 26 октябрь

Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз (Райд. 1:31).

Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ цыдӕриддӕр скодта, уый нӕ стыр дисы ӕфтауы (Йер. 10:12). Нӕ Хуыцау Йегъовӕ йе сконд хъуыддӕгтӕй алцӕмӕн дӕр сӕвӕрдта арӕнтӕ. Уый сфидар кодта ӕрдзы закъӕттӕ, стӕй адӕмӕн дӕр радта, кӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ цардаиккой, ахӕм закъӕттӕ, цӕмӕй Дун-дунейы уаг ӕмӕ ӕгъдау уыдаид (Пс. 19:7–9). Цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттӕй алцӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат ӕмӕ дзы алцыдӕр йӕхи куыст кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр иууылдӕр сты кӕрӕдзийыл баст. Зӕгъӕм, химӕлвасынады закъоны фӕрцы зӕххы алыварс ис атмосферӕ, стӕй денджызтӕ ӕмӕ океантӕ сӕ былтӕй нӕ ракӕлынц. Ӕнӕ уыцы закъонӕй зӕххыл цард нӕ уаид. Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр, уыимӕ адӕм дӕр, сты ӕрдзы закъӕтты дӕлбар. Уӕдӕ Дун-дунейы алцыдӕр афтӕ конд кӕй у, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй бӕлвырд фӕнд кӕй ис. Хорз уаид, хъусын кӕнгӕйӕ адӕмы, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауимӕ куы зонгӕ кӕниккам (Рарг. 4:11). w17.02 1:4, 5

Сабат, 27 октябрь

[Хуыцау] Моисейы... сӕвӕрдта... цы зӕд [ӕм] фӕзынд, уый уылты, цӕмӕй сын уыдаид хицау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг (Хъуыд. 7:35).

Моисейы фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн ног разамонӕгӕй сӕвӕрдта Йесо Навины. «Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг» дзы ныфс бауагъта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ханаайнӕгты ныхмӕ ракодтаид (Йес. Н. 5:13–15; 6:2, 21). Бирӕ азты фӕстӕ паддзах Езеки дӕр зын уавӕры бахауд – Ассирийы ӕфсад Иерусалим бацахсынмӕ хъавыд. Фӕлӕ иу ӕхсӕвмӕ «Йегъовӕйы зӕд... Ассирийы ӕфсадӕй ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин лӕджы» (2 Пад. 19:35). Зӕдтӕ ӕххӕст сты, кӕмӕн ӕххуыс кодтой, уыцы адӕм та – нӕ. Зӕгъӕм, иухатт Моисей Йегъовӕйы не скадджын кодта (Ным. 20:12). Йесо Навин та Йегъовӕйы нӕ бафарста, афтӕмӕй гаваойнӕгтимӕ бадзырд скодта (Йес. Н. 9:14, 15). Иуафон Езекийӕн дӕр йӕ «зӕрдӕ схъал» (2 Аз. 32:25, 26). Фӕлӕ кӕд уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕм израилӕгтӕ хъуамӕ хъуыстаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой, Йегъовӕ уыцы разамонджытӕн йӕ зӕдты уылты кӕй ӕххуыс кӕны. Уӕдӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ Разамонӕг кӕй уыди. w17.02 3:7–9

Хуыцаубон, 28 октябрь

Паддзахбадӕныл чи бады, стыр тыхы хицау чи у, уымӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн уӕд арфӕ, кад ӕмӕ намыс ӕнусӕй-ӕнусмӕ (Рарг. 5:13).

Искӕмӕн кад кӕнын нысан кӕны уӕлдай аргъ ын кӕнын, нымайын ӕй, бӕрзонд ӕй ӕвӕрын. Адӕймаг исты хорз хъуыддаг куы саразы кӕнӕ йӕ бӕрны цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ куы вӕййы йе та цавӕрдӕр бынат куы фӕахсы, уӕд вӕййы кады аккаг. Раргомады 5:13 куыд фыст ис, афтӕмӕй, «паддзахбадӕныл чи бады», уый ӕмӕ «Уӕрыкк» ӕцӕгдӕр уый аккаг сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм. «Паддзахбадӕныл чи бады», уый у Йегъовӕ. Ӕмӕ йын кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй базонӕн ис Раргомады 4 сӕрӕй. Уым бакӕсӕн ис, зӕдтӕ Йегъовӕйы, «ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры», уыцы Хуыцауы, кӕй кадджын кӕнынц ӕмӕ кӕй дзурынц: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Рарг. 4:9–11). w17.03 1:1, 2

Къуырисӕр, 29 октябрь

Йӕ зӕрдӕйыл йӕ ныфс чи дары, уый у ӕнӕзонд (Ӕмб. 28:26).

Ис ахӕм ныхас, дӕ зӕрдӕ дын цы дзуры, уымӕ хъус, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый арӕх хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй, уынаффӕ куы хӕссӕм, уӕд не ’нӕххӕст зӕрдӕмӕ ма хъусӕм. Нӕ зӕрдӕйыл ӕууӕнк нӕй, уымӕн ӕмӕ «зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис» (Йер. 17:9). Адӕймаг йе ’нӕххӕст зӕрдӕйы фӕдыл куы ацӕуы, уӕд уый бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны, уымӕн Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ (Йер. 3:17; 13:10; 1 Пад. 11:9). Уӕдӕ нӕм нӕ зӕрдӕ цы дзуры, уый куы аразӕм, не ’нкъарӕнтыл нӕ бар куы нӕ цӕуа ӕмӕ нын нӕ хъуыдытыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл куы ӕндавой, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Зӕгъӕм, мӕсты адӕймагӕн раст уынаффӕ рахӕссын тынг зын уыдзӕн (Ӕмб. 14:17; 29:22). Кӕнӕ ныфссаст чи у, уый дӕр раст уынаффӕ зынтӕй рахӕсдзӕн (Ным. 32:6–12; Ӕмб. 24:10). Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд ӕй хъуамӕ, цы ӕнкъарӕм, уымӕ гӕсгӕ ма рахӕссӕм. w17.03 2:12, 13

Дыццӕг, 30 октябрь

Дӕ разы иузӕрдионӕй... цардтӕн, мӕ зӕрдӕ дын ӕнӕхъӕнӕй дӕр... радтон (2 Пад. 20:3).

Адӕм иууылдӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕдзух рӕдийынц. Фӕлӕ Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы. Кӕд сыл фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ йӕм сӕрныллӕгӕй кувӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, уӕд нын, «нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы», уый нӕ бакӕндзӕн (Пс. 103:10). Фӕлӕ хъуамӕ «нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» уа йемӕ (1 Аз. 28:9). «Йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» Хуыцауимӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕна. Дзырд «зӕрдӕ» Библийы арӕх фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ – йӕ фӕндтӕм, йӕ бӕллицтӕм, йӕ хъуыдытӕм, йӕ нысӕнттӕм, йӕ курдиӕттӕм, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ исты аразынмӕ цы фӕразӕнгард кӕны, уымӕ. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ «нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» Йегъовӕимӕ уа. Мах ын уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уый нӕ хӕс у кӕнӕ афтӕ сахуыр стӕм. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ зӕрдиагӕй фӕнды (2 Аз. 19:9). w17.03 3:1, 3

Ӕртыццӕг, 31 октябрь

Йегъовӕ... сӕрныллӕг адӕймаджы уыны, сӕрбӕрзонд чи у, уыимӕ та йын иумӕйагӕй ницы ис (Пс. 138:6).

Абон нӕ къухы хорзӕй исты куы бафты, уӕд цымӕ Йегъовӕ мах дӕр «нӕхи бар» нӕ ныууадзы, цӕмӕй, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый раргом уа? Зӕгъӕм, ӕфсымӕр йӕ раныхас бацӕттӕ кӕныныл тынг бафыдӕбон кодта ӕмӕ йӕ стӕй ӕмбырды бирӕ адӕмы раз радзырдта. Ӕмӕ дзы уый фӕстӕ иууылдӕр ӕппӕлынц, арфӕтӕ йын кӕнынц. Уӕд куыд бакӕндзӕн? Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Афтӕ сымах дӕр, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхсынц, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах стӕм ницӕйаг цагъартӕ. Нӕ хӕс цы уыд, уый бакодтам“» (Лук. 17:10). Езекийӕн йӕ зӕрдӕ куы схъал, уӕд, «Хуыцау ын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕн нӕ саргъ кодта» (2 Аз. 32:24–27, 31). Уӕдӕ нӕ исчи нӕ раныхасы тыххӕй куы ’ппӕла, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг разынӕм? Нӕ бон у, Йегъовӕ нын хорзӕй цас цыдӕртӕ сарӕзта, ууыл хъуыды кӕнын. Стӕй нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ нын куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. w17.03 4:12–14

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын