Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es18 134–146 фф.
  • Ноябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ноябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 ноябрь
  • Майрӕмбон, 2 ноябрь
  • Сабат, 3 ноябрь
  • Хуыцаубон, 4 ноябрь
  • Къуырисӕр, 5 ноябрь
  • Дыццӕг, 6 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 7 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 8 ноябрь
  • Майрӕмбон, 9 ноябрь
  • Сабат, 10 ноябрь
  • Хуыцаубон, 11 ноябрь
  • Къуырисӕр, 12 ноябрь
  • Дыццӕг, 13 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 14 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 15 ноябрь
  • Майрӕмбон, 16 ноябрь
  • Сабат, 17 ноябрь
  • Хуыцаубон, 18 ноябрь
  • Къуырисӕр, 19 ноябрь
  • Дыццӕг, 20 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 21 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 22 ноябрь
  • Майрӕмбон, 23 ноябрь
  • Сабат, 24 ноябрь
  • Хуыцаубон, 25 ноябрь
  • Къуырисӕр, 26 ноябрь
  • Дыццӕг, 27 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 28 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 29 ноябрь
  • Майрӕмбон, 30 ноябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
es18 134–146 фф.

Ноябрь

Цыппӕрӕм, 1 ноябрь

Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11).

Хуыцауы знаг, Хӕйрӕг, йӕ хицаудзинады ныхмӕ рацыд ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ дын адӕм сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц. «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн»,– загъта Хӕйрӕг. Стӕй Иовы тыххӕй загъта: «Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 2:4, 5). Цымӕ Хӕйрӕг уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕивта? Куыннӕ стӕй! Уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕд дӕр «ӕхсӕвӕй-бонӕй» Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл фаутӕ ӕвӕрдта (Рарг. 12:10). Абон дӕр Хӕйрӕг зӕгъы, адӕм Хуыцауӕн сӕхи пайдайы тыххӕй кӕй лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ тынг бӕллы, цӕмӕй Хуыцауы нӕ хицауыл мауал нымайӕм ӕмӕ йын мауал лӕггад кӕнӕм. Уӕдӕ-иу фӕлварӕнты рӕстӕг дӕ цӕстытыл ауайын кӕн ахӕм ныв: иуырдыгӕй лӕууынц Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ. Уыдон кӕсынц, цы сараздзынӕ, уымӕ ӕмӕ дзурынц, кӕй фӕцуддзынӕ. Иннӕрдыгӕй та лӕууынц Йегъовӕ, нӕ Паддзах Йесо Чырысти, чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ мингай зӕдтӕ. Уыдон дӕр уынынц, куыд тох кӕныс, уый ӕмӕ дӕ фидар кӕнынц, цӕмӕй дӕ ныфс ма асӕтта. Стыр цины хос сын у, фидар кӕй лӕууыс ӕмӕ иузӕрдион кӕй дӕ, уый, стӕй кӕй хъусыс, Йегъовӕ абоны стихы цы зӕгъы, уымӕ. w16.04 2:8, 9

Майрӕмбон, 2 ноябрь

Демӕ акӕн ноджыдӕр иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы (Матф. 18:16).

Кӕд уый фӕрцы бафидауат, «уӕд ссардтай де ’фсымӕры». Ӕмӕ ӕфсымӕримӕ цалдӕр хатты куы аныхас кӕнай ӕмӕ уӕддӕр куы нӕ бафидауат, ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ радзурай хабар хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Арӕхдӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ, Матфейы 18:15–17 цы къахдзӕфты кой ис, уыдон се ’ппӕт нӕ бахъӕуы саразын. Ӕмӕ уый ӕхсызгон куыннӕ у, уымӕн ӕмӕ фылдӕр хатт, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый йӕ рӕдыдыл басӕтты ӕмӕ йӕ сраст кӕны. Уый фӕрцы йӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнын дӕр нӕ бахъӕуы. Ӕмӕ уӕд, кӕй фӕхъыг кодта, уый йӕ, чи зоны, мауал аххосджын кӕна ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Уӕдӕ Йесойы уынаффӕйӕ бӕрӕг у, хабар уайтагъд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дзурын кӕй нӕ фӕхъӕуы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуӕн ис, уыцы уынаффӕйӕ фыццаг дыууӕ къахдзӕфы куы саразӕм, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ӕмӕ, адӕймаг кӕй фӕрӕдыд, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. w16.05 1:15, 16

Сабат, 3 ноябрь

Уыдон... ацы дунейӕ не сты (Иоан. 17:16).

Мах стӕм Хуыцауы Паддзахады фарс. Зӕххон хицӕуттӕй искӕй фарс куы уыдаиккам, уӕд ма уацамынды афтӕ куыд хъуамӕ дзырдтаиккам, зӕгъгӕ, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн?! Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ мӕнг динтӕ политикӕйы архайынц ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы дихтӕ кӕнынц. Уыдонӕй уӕлдай, мах ацы дунейы хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм, ӕмӕ уый фӕрцы ӕгас дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн ис иудзинад (1 Пет. 2:17). Фӕлӕ Хӕйрӕджы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕна, афтӕ нын зындӕр уыдзӕн политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи хизын. Абон дӕр бирӕтӕ сты «зындзырд» ӕмӕ «хивӕнд», ӕмӕ цас дарддӕр, уыйас фыддӕр кӕндзысты (2 Тим. 3:3, 4). Абон иуӕй-иу бӕстӕты политикон уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй фӕивы, уый тыххӕй уыцы бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. w16.04 4:3,4

Хуыцаубон, 4 ноябрь

Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн (Гал. 6:7).

Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ бон у, цыдӕриддӕр сӕ фӕнды, уый аразын. Фӕлӕ мах фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уӕдӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтыл ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ-иу стӕй уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй, ӕмӕ мах дӕр уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Райд. 9:4; Хъуыд. 15:28, 29). Нӕ бон у Йегъовӕмӕ дӕр кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссӕм. Цы уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм, уыдон ныл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдзысты. Хорз уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕд Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм. Ӕвзӕр уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕд та дзы адард уыдзыстӕм. Нӕ уынаффӕтӕ ӕрмӕст нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ ма иннӕ адӕмыл дӕр фӕзынынц. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмӕй исты саразӕм, ӕмӕ уый тыххӕй не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн сӕ ныфс асӕтта кӕнӕ та сын къуылымпыйы хос суа. Стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах тыххӕй ӕмбырды иудзинад хӕла. Уӕдӕ цавӕр уынаффӕтӕ хӕссӕм, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Ром. 14:19). w16.05 3:4, 5

Къуырисӕр, 5 ноябрь

Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны (Ис. 48:17).

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ бон цы у, уый куы фӕаразӕм, цӕмӕй нын кӕсынӕн ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг уа (Еф. 5:15, 16). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, алкӕмӕн дӕр нӕ тӕссаг кӕмӕй у, иу ахӕм хъуыддаг. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ кӕнӕ кӕцыдӕр публикацитӕ махмӕ нӕ хауынц. Зӕгъӕм нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библийы кӕцыдӕр хай махӕн уадиссаг ницы пайда у. Кӕнӕ, зӕгъӕм, афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цавӕрдӕр публикаци сӕрмагондӕй кӕмӕн фыст у, мах уыдонмӕ нӕ хауӕм. Цымӕ ахӕм публикаци тагъд-тагъд акӕсӕм кӕнӕ йӕ ӕппындӕр нӕ бакӕсӕм? Кӕд афтӕ у, уӕд тӕссаг уыдзӕн, нӕхи куы фӕцух кӕнӕм, пайда нын чи уыдзӕн, ахӕм ахсджиаг хъуыдытӕй. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. w16.05 5:5, 6

Дыццӕг, 6 ноябрь

Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сымах, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, бацархайут ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый аразут фӕлмӕнӕй (Гал. 6:1).

Йегъовӕ махӕй алкӕй дӕр хуыздӕрырдӕм ивы ӕмбырдтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы бафиппайынц, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд бацархайынц, цӕмӕй нын баххуыс кӕной. Фӕлӕ нын уынаффӕтӕ сӕхи зондӕй нӕ фӕдӕттынц. Фыццаг уал сӕрныллӕгӕй Йегъовӕмӕ скувынц, ӕмӕ дзы зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ракурынц. Уый фӕстӕ Библийы ӕмӕ нӕ публикациты бацагурынц, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Йегъовӕ нӕ куыд ивы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрын. Уый фӕрцы ма раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм, нӕ участокты цы адӕм цӕры ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонмӕ дӕр. Хуыцау тыхӕй никӕй ивы. Хуыцау адӕймагӕн йӕ раст уагӕвӕрдтӕ бамбарын кӕны, ӕмӕ стӕй адӕймаг хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, йӕ царды исты аивдзӕн ӕви нӕ. w16.06 1:13, 14

Ӕртыццӕг, 7 ноябрь

Ды... ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом (Йер. 45:5).

Апостол Иоанн загъта, зӕгъгӕ, дунейы цы ис, уый, ома «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын», чи уарзы, уыцы адӕймаг «Фыды нӕ уарзы» (1 Иоан. 2:15, 16). Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, цӕмӕй базонӕм, мыййаг, ацы дуне уарзын нӕ райдыдтам. Чи зоны, нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдтой ацы дунейы ирхӕфсӕнтӕ, адӕмӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ уынд, йе та нӕ фӕнды, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитын. Кӕнӕ, чи зоны, уӕлдӕр ахуырмӕ тырнӕм, цӕмӕй нӕ къухы «бирӕ цыдӕртӕ» бафта. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, ног дунейы къӕсӕрыл кӕй лӕууӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Моисейы ныхӕстӕ, фыст сты Дыккаг закъоны 6:4. «Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ [кӕй] нӕй», ууыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд ӕрмӕстдӕр ууыл уыдзыстӕм иузӕрдион ӕмӕ йын лӕггад кӕндзыстӕм йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ (Дзут. 12:28, 29). w16.06 3:14

Цыппӕрӕм, 8 ноябрь

Агурут... [Хуыцауы] паддзахад, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр цух нӕ уыдзыстут (Лук. 12:31).

Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаджы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдон бирӕ не сты, йӕ зӕрдӕ цы фӕагуры, уыдӕттӕн та нымӕц дӕр нӕй. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Адӕймаджы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы? Цы бахӕра, йӕ уӕлӕ цы скӕна ӕмӕ кӕм цӕра, уый. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ арӕх фылдӕр цыдӕртӕ фӕагуры. Ӕмӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, сӕ зӕрдӕ цы фӕагуры, уыдӕттӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй нӕ хъӕуынц. Адӕм цӕмӕты фӕбӕллынц, уый бӕстӕйӕ бӕстӕмӕ хицӕн кӕны. Мӕгуыр бӕстӕты бирӕтӕн сӕ бӕллиц у, цӕмӕй сӕхицӕн телефон, мотоцикл кӕнӕ иу гыццыл зӕххы гӕбаз уӕддӕр самал кӕной. Хъӕздыг бӕстӕты та адӕмы фӕхъӕуы фылдӕр зынаргъ дзаумӕттӕ, стырдӕр хӕдзар кӕнӕ зынаргъдӕр машинӕ. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нын тӕссаг у мулчы къӕппӕджы бахауынӕй, ӕндӕр ныхасӕй, ӕцӕгӕй нӕ цы нӕ хъӕуы ӕмӕ нӕ бон балхӕнын дӕр цы нӕу, ахӕм цӕмӕдӕрты бӕллын куы райдайӕм, уымӕй (Дзут. 13:5). w16.07 1:1–3

Майрӕмбон, 9 ноябрь

Тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕнат, ууыл ма хъуыды кӕнут (Ром. 13:14).

Абон бирӕтӕ царды сагъӕстыл систы, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ Хуыцауы зонын ницӕмӕн хъӕуы (Матф. 5:3). Ацы дуне адӕймагӕн йӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ» ӕмӕ «цӕстыты монцтӕ» цырен кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕн сӕ мӕт у, дунейы цы ис, уыдӕттӕй фылдӕр куыд спайда кӕной, ӕрмӕстдӕр ууыл (1 Иоан. 2:16). Мах фӕнды, цӕмӕй нын нӕ царды фӕндагамонӕг уа Хуыцауы сыгъдӕг тых, ацы дунейы зондахаст нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бамбарын кодта, разӕй нӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (1 Кор. 2:12). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхимӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, суанг хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ дӕр хъыгдарой Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Лук. 21:34, 35). Мах уырны, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый, ӕмӕ ныл уый тыххӕй адӕм, чи зоны, худой (2 Пет. 3:3–7). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн, уымӕн нын бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уа, уӕд хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуӕм. w16.07 2:13, 14

Сабат, 10 ноябрь

Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр. [...] Ды нын ныххатыр кӕндзынӕ нӕ тӕригъӕдтӕ (Пс. 65:2, 3).

Бирӕтӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, цӕмӕй сын фенцондӕр уа. Фӕлӕ сӕ кӕй хъусы, уый та сӕ нӕ фӕуырны. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ базоной, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ номӕй исты куы ракурат, уӕд уын ӕй сараздзынӕн» (Иоан. 14:14). Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо дзырдта, ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕйӕ, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цы у, уый курын. Иоанн дӕр уый тыххӕй фыста: «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14). Нӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, кувын сӕ ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын фенцондӕр уа. Уый фӕрцы сӕ бон у, ӕмӕ баввахс уой, «стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ» (Дзут. 4:16). Кувын куыд хъӕуы, кӕмӕ хъӕуы ӕмӕ цӕй тыххӕй хъӕуы, уый сын куы амонӕм, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой ӕмӕ зын рӕстӕджы удӕнцой ссарой (Пс. 4:1; 145:18). w16.07 4:11, 12

Хуыцаубон, 11 ноябрь

Иузӕрдион дыл чи у, уыдон дын арфӕ кӕндзысты. Дзурдзысты дӕ паддзахады кады тыххӕй ӕмӕ де стыр хъомысы тыххӕй. Адӕймаджы фырттӕн дзурдзысты... йӕ паддзахады кад ӕмӕ намысы тыххӕй (Пс. 145:10–12).

Ацы ныхӕстимӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр сразы уыдзысты. Фӕлӕ, зӕгъӕм, низы тыххӕй кӕнӕ дӕ кармӕ гӕсгӕ дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Уӕд дӕ рох ма уӕд: кӕд дохтыртӕн йе та дӕм чи кӕсы кӕнӕ дӕ чи абӕрӕг кӕны, уыдонӕн хорз хабар дзурыс, уӕд уымӕй кадджын кӕныс Йегъовӕйы. Кӕд дӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны бадыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ уавӕрты дӕ бон куыд у, афтӕ иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурыс, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныс (Ӕмб. 27:11). Кӕд дӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ йыл ды уӕддӕр иузӕрдион дӕ, уӕд ын уый дӕр тынг ӕхсызгон у (1 Пет. 3:1–4). Уӕдӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр дӕ бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ архайын, цӕмӕй дын фылдӕр ӕнтыса. Ныфс кӕмӕн нӕй, уыдонӕн рӕстдзинад куы дзурай, уӕд дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. w16.08 3:19, 20

Къуырисӕр, 12 ноябрь

Устытӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт, Хицауы коммӕ куыд кӕсынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау, Чырысти ӕмбырды, йӕ буары, сӕр куыд у, афтӕ (Еф. 5:22, 23).

Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ сылгоймаг нӕлгоймагӕй цӕмӕйдӕр ӕвзӕрдӕр у. Бинонты ’хсӕн сылгоймагӕн кадджын бынат кӕй ис, уый бӕрӕг у, Йегъовӕ цы загъта, уымӕй: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг» (Райд. 2:18). Ус хъуамӕ йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕна, цӕмӕй йӕ бинонтӕн хорз хистӕр уа. Лӕг та хъуамӕ фӕзма Чырыстийы, «ӕмбырды... сӕры», ӕмӕ йӕ усӕн уа фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой сӕрыхицау. Ахӕм сӕрыхицауимӕ ус тыхсгӕ дӕр ницӕуыл кӕндзӕн, стӕй йын ӕхсызгон уыдзӕн йӕ лӕджы нымайын, ӕххуыс ын кӕнын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой, уый сӕ куыд бауарзта, афтӕ (Иоан. 13:34, 35; 15:12, 13; Еф. 5:25). Уӕдӕ чырыстон бинонтӕ дӕр хъуамӕ кӕрӕдзи афтӕ тынг уарзой, ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд сӕ иу иннӕйы бӕсты йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уа. w16.08 2:3, 4

Дыццӕг, 13 ноябрь

Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас! (Ӕмб. 15:23).

Дӕ хорз ныхӕстӕ иннӕты ныфс бауадздзысты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр аразын бафӕнддзӕн. Стӕй дӕ рох ма уӕд, ӕмбырды-иу хорз дзуапп куы раттай, уӕд уымӕй дӕр иннӕты тынг кӕй бафидар кӕндзынӕ. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Неемийӕн ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕн сӕ къухтӕ фӕфидар сты. Ӕмӕ сӕ Иерусалимы къул самайынӕн 52 боны йеддӕмӕ нӕ бахъуыд! (Неем. 2:18; 6:15, 16). Нееми уыцы куыстӕн ӕрмӕст разамынд нӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ ма йӕхӕдӕг дӕр къул амадта (Неем. 5:16). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ нӕ организацийы арӕзтадон куыстыты архайынц, стӕй се ’мбырды Паддзахады зал фефснайынц ӕмӕ йӕм фӕзилынц. Ӕмӕ афтӕмӕй Неемийы фӕзмынц. Уыцы уарзӕгой ӕфсымӕртӕ ма се ’мчырыстӕттимӕ уацамынды дӕр цӕуынц, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнынц, ӕмӕ афтӕмӕй, «йӕ зӕрдӕ сагъӕстӕй дзаг кӕмӕн у, уыдонӕн» сӕ къухтӕ фидар кӕнынц (Ис. 35:3, 4). w16.09 1:15, 16

Ӕртыццӕг, 14 ноябрь

Уарзондзинад... чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны (1 Кор. 13:4, 5).

Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕнды Библийы фӕдзӕхстмӕ хъусын: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын» (Кол. 3:2, 5). Махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй мах аххосӕй ӕмбырды искӕмӕн зын уа ацы фӕдзӕхстмӕ хъусын. Раздӕр ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, чи зоны, нырма тох кӕнынц чъизи хъуыдытимӕ (1 Кор. 6:9, 10). Мах та нӕ фӕнды, цӕмӕй сын уыцы тохы фӕзындӕр уа. Нӕ уӕлӕдарӕсы фӕрцы ӕмбырд ис схонӕн, ӕгъдау ӕмӕ ’фсарм кӕм ис, ахӕм бынат. Чи цы дзаума дардзӕн, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ иууылдӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ конды фӕрцы иннӕтӕн ӕнцондӕр уа Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг цард кӕнын,– фӕнды хъуыдыты уа, фӕнды ныхасӕй, фӕнды хъуыддӕгтӕй (1 Пет. 1:15, 16). w16.09 3:9, 10

Цыппӕрӕм, 15 ноябрь

Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ... кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном (Пс. 148:12, 13).

Францийӕ иу лӕг ӕмӕ ус загътой: «Кӕд нӕхӕдӕг Йегъовӕйыл ӕууӕндӕм, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йыл нӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕууӕнддзысты. Уырнындзинад адӕймаг йӕ туджы нӕ рахӕссы. Сывӕллонмӕ уырнындзинад сабыргай фӕзыны». Австралийӕ та иу ӕфсымӕр ныффыста: «Сывӕллоны зӕрдӕйы уырнындзинад сырӕзын кӕнай, уымӕй зындӕр, ӕвӕццӕгӕн, ницы ис... Вӕййы афтӕ, ӕмӕ дӕ сывӕллоны фарстайӕн дзуапп радтай ӕмӕ дӕм афтӕ фӕкаст, цыма дӕ бамбӕрста. Фӕлӕ та дӕм цасдӕры фӕстӕ уыцы фарста ногӕй куы раттид! Абон дӕ зонынмондаг сывӕллон разыйӕ цы дзуаппӕй баззад, уый йӕм, чи зоны, райсом фаг мауал фӕкӕса. Кӕцыдӕр фарстатӕм-иу дӕ хъӕудзӕн ногӕй раздӕхын». Мыййаг уӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрын нӕ рауайдзӕн? Ӕцӕгдӕр, уый йӕхи зондӕй йӕ бон никӕмӕн бауыдзӕн (Йер. 10:23). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ разамынд куы курат, уӕд уый ӕнӕмӕнг уӕ къухы бафтдзӕн. w16.09 5:1, 2

Майрӕмбон, 16 ноябрь

Тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн (Ӕмб. 3:27).

Ӕрцӕуӕггӕгтӕн зын вӕййы, цӕмӕй ног бӕстӕйы культурӕйыл сахуыр уой. Уыцы хъуыддаджы сын фӕзминаг у Руф. Зӕгъӕм, уымӕй, ӕмӕ, цӕрынмӕ цы бӕстӕмӕ ӕрцыд, уый ӕгъдӕуттӕн аргъ кодта. Уый равдыста, ӕфсиртӕ уидзынӕн бар кӕй ракуырдта, уымӕй (Руф 2:7). Кӕд ын уый бар ӕнӕуи дӕр уыд, уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ дзы иннӕтӕ цыдӕр дарынц. Фӕзминаг ма у уымӕй дӕр, ӕмӕ йын цы хӕрзты бацыдысты, уыдоны тыххӕй тынг бузныг уыд (Руф 2:13). Ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ’рлыгъд, уыдон дӕр афтӕ уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын куы уой, уӕд сын бынӕттон цӕрджыты цӕсты дӕр, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕсты дӕр кад уыдзӕн. Йегъовӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ алыхуызон адӕмӕн радта хорз хабар фехъусыны фадат, ӕмӕ нын уый тынг ӕхсызгон у. Кӕмӕндӕрты сӕхи бӕстӕйы, чи зоны, нӕ уыдаид сӕ бон Библи ахуыр кӕнын кӕнӕ Йегъовӕйы адӕмимӕ сӕрибарӕй ӕмбырдтӕм цӕуын. Фӕлӕ сын ныр та уыцы фадат ис, ӕмӕ сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй не ’хсӕн сӕхимӕ ӕцӕгӕлӕттӕ ма кӕсой. w16.10 1:17–19

Сабат, 17 ноябрь

Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй... хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста (Дзут. 12:2).

Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй милуангӕйттӕ Йесойы фӕзмынц – уыдон фӕхъуыды кӕнынц, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл ӕмӕ йыл фӕлварӕнты рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайынц. Сӕ иу у Рудольф Грайхен. Уый райгуырд 1925 азы Германийы. Гыццыл ма куы уыд, уӕд йӕ ныййарджытӕ сӕ хӕдзары къултыл ӕрцауыгътой Библийӕ ист нывтӕ. Рудольф загъта: «Иу нывыл дзы уыд бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк, сӕныкк ӕмӕ фыранк, род ӕмӕ домбай, ӕмӕ иууылдӕр уыцы сабыр уыдысты, хизгӕ та сӕ кодта гыццыл лӕппу. [...] Уыцы нывтӕ мӕ зонды тынг ныффидар сты» (Ис. 11:6–9). Рудольф-иу бирӕ хъуыды кодта, зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, ууыл, ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд. Уый фӕрцы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, кӕд ӕй нацисттӕ (гестапо) ӕмӕ уый фӕстӕ та Скӕсӕн Германийы коммунисттӕ (Штази) бирӕ азты дӕргъы ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр. Рудольф ма бирӕ ӕндӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд. Йӕ мад тифӕй амард Равенсбрюкы концлагеры. Йӕ фыд та загъта, ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нал дӕн, зӕгъгӕ. w16.10 3:12–14

Хуыцаубон, 18 ноябрь

Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй... банымадтат... ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл (1 Фес. 2:13).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ тынг аргъ кӕнынц Хуыцауы Ныхасӕн – Библийӕн. Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын хатт Библийӕ уынаффӕ раттынц. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕмӕ байхъусӕм? Ӕркӕсӕм-ма Еводи ӕмӕ Синтихийы хабармӕ. Ацы дыууӕ сылгоймаджы цардысты фыццаг ӕнусы ӕмӕ уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Иуафон сӕ мыды къӕм бахауди. Ацы дыууӕ хойы ’хсӕн цы рауад, уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр масты хос фӕци. Хабар цӕуыл аскъуыддзаг, уый Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ апостол Павел Еводийӕн ӕмӕ Синтихийӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, байхъуыстой ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кодтой (Фил. 4:2, 3). Абон дӕр иуӕй-иу хатт ӕмбырдты ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд-иу ӕппынфӕстаг уӕддӕр нӕ кӕрӕдзи бамбардзыстӕм кӕнӕ та-иу ахӕм хабӕрттӕ не ’хсӕн ӕппындӕр никуы рауайдзӕн. Йегъовӕйы Ныхасӕн ӕцӕгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд йӕ амындтӕм гӕсгӕ цӕрдзыстӕм (Пс. 27:11). w16.11 3:1–3

Къуырисӕр, 19 ноябрь

Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн? (Ӕмб. 24:10).

Алкӕй дӕр хъӕуы ныфсы ныхӕстӕ. Уӕлдайдӕр та сывӕллӕтты фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕ сӕ ныййарджытӕ ныфс уадзой. Иу ахуыргӕнӕг, Тимоти Эванс, зӕгъы: «Сывӕллӕтты... хъӕуы ныфс уадзын, дидинджытыл дон кӕнын куыд хъӕуы, афтӕ». Стӕй ма загъта: «Сывӕллӕтты ныфс куы уадзай, уӕд афтӕ никуы хъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, ницы дӕн ӕмӕ никӕй хъӕуын». Фӕлӕ мах цӕрӕм фӕстаг бонты, ӕмӕ бирӕтӕ сты хиуарзон, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис, ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ дӕр арӕх нал фехъусдзынӕ (2 Тим. 3:1–5). Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, афтӕмӕй уырнындзинады хъуыддаджы ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр кӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзыстӕм. Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Иовӕн, цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд ӕмӕ йын иннӕтӕ цы дзырдтой, уый тыххӕй йӕ ныфс асастаид. Фӕлӕ йӕ фыдвӕндӕй ницы рауад. Иов Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад (Иов 2:3; 22:3; 27:5). Махӕн нӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы фыдвӕндты ныхмӕ фӕлӕууын, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс куы уадзӕм, уӕд. Уый фӕрцы нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн. w16.11 1:4, 6

Дыццӕг, 20 ноябрь

[Хуыцау уӕ] талынгӕй... ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ... ӕрхуыдта (1 Пет. 2:9).

16 ӕнусы райдианы цалдӕр хъӕбатыр нӕлгоймаджы райдыдтой Хуыцауы Ныхас хуымӕтӕг адӕмы ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын. Сыгъдӕгзӕрдӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Библи сӕхи ӕвзӕгтыл кӕсын райдыдтой, ӕмӕ сӕм фӕзынд фарстатӕ: «Библийы удсыгъдӕггӕнӕны тыххӕй кӕм ис фыст? Кӕм дзы ис фыст, адӕймаг куы амӕла, уӕд сауджынӕн бафидын кӕй хъӕуы, цӕмӕй мардыл саргъауа? Кӕнӕ дзы папӕты ӕмӕ кардиналты кой кӕм ис?». Аргъуаны разамонджытӕ мӕстӕй фыхтысты, адӕм сыл кӕй нал ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй. Сӕ ахуырӕдтыл-иу йӕ къух чи систа, уыдонӕн-иу мӕлӕты тӕрхон рахастой. Аргъуан архайдта, цӕмӕй адӕм Библи ма кастаиккой ӕмӕ-иу сӕм фарстатӕ ма фӕзындаид. Ӕмӕ-иу фылдӕр хатт уыцы хъуыддаг сӕ къухы бафтыд. Фӕлӕ уӕддӕр разынд, Стыр Вавилоны уацары баззайын кӕй нӕ бафӕндыд, ахӕм хъӕбатыр адӕймӕгтӕ. Уыдон Хуыцауы Ныхасы ад базыдтой, ӕмӕ сӕ фӕндыд ноджы фылдӕр базонын! w16.11 4:13

Ӕртыццӕг, 21 ноябрь

Ӕууӕнкджын ӕвдисӕн нӕ фӕсайдзӕн (Ӕмб. 14:5).

Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уый хъуамӕ сайгӕ ма кӕна (Еф. 4:25). Мах нӕ фӕнды, ӕмӕ уӕм Сайтаны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ уый у «мӕнгдзинады фыд». Стӕй, зӕгъӕм, Анани ӕмӕ йӕ ус, сайгӕ кӕй акодтой, уый тыххӕй амардысты. Уӕдӕ мах мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕнӕм (Иоан. 8:44; Хъуыд. 5:1–11). Фӕлӕ цымӕ уый фаг у, цӕмӕй адӕймаджы ӕнӕзӕрдӕхудт схонӕн уа? Хуыцауы стыр хорзӕхӕн чи аргъ кӕны, уый алы хъуыддаджы дӕр уыдзӕн ӕнӕзӕрдӕхудт. Гӕнӕн ис, афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ адӕймаг комкоммӕ гӕдыныхӕстӕ нӕ кӕны, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудт схонӕн нӕй. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Давгӕ ма кӕнут, ма сайут, ма кӕнут цӕстфӕлдахӕн митӕ». Цымӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй сӕхи цӕмӕн хъуамӕ хызтаиккой? Йегъовӕ загъта: «Ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ» (Лев. 19:2, 11). Чи зоны, мӕнг ныхас нӕ загътам. Фӕлӕ кӕд нӕ ныхӕстӕй иннӕты, ӕцӕг цы нӕу, ахӕм цӕуылдӕр баууӕндын кодтам, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ асайдтам. w16.12 1:17, 18

Цыппӕрӕм, 22 ноябрь

Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд (Фил. 4:7).

Библийы фыст ис, Йесо-иу адӕмимӕ куыд ныхас кодта, уый тыххӕй. Уыдон ӕм хъусын тынг уарзтой, уымӕн ӕмӕ-иу сын йӕ ныхӕстӕ хастой удӕнцой ӕмӕ-иу сӕ ног тыхтӕ бауагътой. Уӕлдайдӕр та стыр ӕххуыс уыдысты ныфссаст адӕмӕн (Матф. 11:28–30). Йесо иннӕтыл алкӕддӕр тыхсти ӕмӕ сын сӕ хъуыдытӕн ӕмӕ се ’нкъарӕнтӕн аргъ кодта (Мар. 6:30–32). Йӕ апостолтӕн, йемӕ-иу чи уыд, уыдонӕн, зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ абон мах дӕр нӕ ныууадздзӕн. Цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ йӕ разы уӕм. Йесо у нӕ уӕларвон Паддзах, ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый ныр дӕр хъуыддагӕй ӕвдисы. Уӕдӕ истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд ӕй фидарӕй зон, растдӕр дын йӕ афоныл кӕй баххуыс кӕндзӕн. Йесойы ныхӕстӕ нӕ уадзынц ныфс, ӕххуыс нын кӕнынц, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ сагъӕстӕй фервӕзын (Дзут. 2:17, 18; 4:16). w16.12 3:4, 6

Майрӕмбон, 23 ноябрь

Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын (Райд. 6:13).

Нойы заман зӕхх «фыдмитӕй байдзаг» ӕмӕ адӕм бынысӕфт фесты (Райд. 6:4, 9–12). Ной Йегъовӕйы тӕрхон хъусын кодта, фӕлӕ йӕ бон нӕ уыд адӕмӕн тыххӕй афтӕ бакӕнын, цӕмӕй уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстаиккой. Стӕй йӕ бон нӕ уыд афтӕ бакӕнын дӕр, цӕмӕй Доны хъаймӕт тагъддӕр райдыдтаид. Нойы хъуыди ӕууӕндын, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ уыцы ӕвзӕр адӕмы йӕ афоныл кӕй фесафдзӕн (Райд. 6:17). Нӕ рӕстӕджы дӕр дуне у фыддзинадӕй йедзаг, ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕ фесафдзӕн (1 Иоан. 2:17). Мах хъусын кӕнӕм «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар», фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон нӕу адӕмӕн тыххӕй афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Уӕдӕ «стыр бӕллӕх» фӕтагъддӕр кӕнын дӕр нӕ бон нӕу (Матф. 24:14, 21). Нойау махӕн дӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар ӕмӕ нӕ хъуамӕ уырна, тагъд Хуыцау ацы фыддуне кӕй фесафдзӕн (Пс. 37:10, 11). Мах ӕй фидарӕй зонӕм, йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ цас хъӕуы, уымӕй иу бон дӕр фылдӕр ацы фыддунейӕн кӕй нӕ фӕраздзӕн (Ав. 2:3). w17.01 1:5–7

Сабат, 24 ноябрь

Ӕз, Йегъовӕ, дӕн... пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны (Ис. 48:17).

Абон адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ фӕпайда кӕнынц ӕмӕ ӕвзӕр уынаффӕтӕ рахӕссынц, кӕнӕ ма дзы искӕмӕн зиан дӕр ӕрхӕссынц. Библи зӕгъы, адӕм «фӕстаг бонты... хорздзинадӕн аргъ кӕнын [кӕй] нӕ зондзысты» (2 Тим. 3:1, 2). Уӕдӕ нын Йегъовӕ цы зынаргъ лӕвар радта, уымӕн хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ дзы раст нӕ пайда кӕнӕм? Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕхи бон у равзарын ӕмбӕлттӕ, уӕлӕдарӕс ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ. Фӕлӕ нын нӕ сӕрибардзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕфсон фӕуа, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты рахӕссӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕуа, ахӕм уынаффӕ кӕнӕ ацы дунейы модӕйы фӕдыл ацӕуӕм (1 Пет. 2:16). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ сӕрибардзинадӕй «нӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн... архайӕм». Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй «алцыдӕр аразӕм Хуыцауы кадӕн» (Гал. 5:13; 1 Кор. 10:31). w17.01 2:12–14

Хуыцаубон, 25 ноябрь

Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстон, уӕд... ком дардтон ӕмӕ уӕлӕрвты Хуыцаумӕ куывтон (Неем. 1:4).

Неемийы хабар нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бонзонгӕ уӕм. Ног хӕстӕ нын нӕ бар куы бакӕной кӕнӕ нын сӕ куы фӕивой, уӕд нӕхиуыл нӕ ныфс нӕ дардзыстӕм. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг Йегъовӕмӕ не скуывта, афтӕмӕй ӕмбырды хъуыддӕгтӕм бавнӕлдта. Йе та хо кӕнӕ ӕфсымӕр уынаффӕ рахаста, ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй йын раарфӕ кӕна. Уый бонзонгӕдзинадыл дзурӕг уыдзӕн? Бонзонгӕ адӕймаг нӕ рох кӕны, Хуыцауы раз ӕмӕ Хуыцауы организацийы цы бынат ахсы, уый. Кӕд исты зонӕм ӕмӕ нӕм фӕлтӕрддзинад дӕр ис, уӕддӕр уый ницӕуыл дзурӕг у. Ӕмӕ кӕд кӕцыдӕр уавӕры фыццаг хатт нӕ бахаудыстӕм, уӕддӕр нӕхиуыл нӕ ныфс нӕ дардзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Мах иууылдӕр стӕм Хуыцауы стыр бинонтӕй, ӕмӕ стыр бынат бацахсынмӕ нӕ тырнӕм, фӕлӕ ныл нӕ бинонты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл архайӕм (1 Тим. 3:15). w17.01 4:7, 8

Къуырисӕр, 26 ноябрь

Зӕхх радта адӕймаджы фырттӕн (Пс. 115:16).

Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой (Райд. 1:28; Пс. 37:29). Уый Адам ӕмӕ Евӕйӕн цӕстуарзонӕй алцыдӕр радта, цӕмӕй амондджын уыдаиккой (Иак. 1:17). Йегъовӕ сӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бон уыдаид хъуыды кӕнын, уынаффӕтӕ хӕссын, уарзын ӕмӕ сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ скӕнын. Адамӕн йӕ бон уыд Хуыцауимӕ ныхас кӕнын, ӕмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Загъта ма йын, хӕринаг куыд хъуамӕ амал кӕна, стӕй цӕрӕгойтӕм ӕмӕ зӕхмӕ куыд хъуамӕ зила, уый дӕр (Райд. 2:15–17, 19, 20). Йегъовӕ ма Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ скодта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид ад ӕмбарын, тӕфтӕ ӕвзарын, уырзӕй сгарын, уынын ӕмӕ хъусын. Уый фӕрцы Дзӕнӕты сӕ рӕсугъд хӕдзары зӕрдӕрухсӕй цардаиккой. Уыди сын, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй ради, ахӕм куыст. Сӕ бон ма уыд бирӕ ног цыдӕртӕ базонын дӕр. Ӕмӕ ахӕм диссаджы цардӕй цардаиккой ӕнустӕм. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сын ӕххӕст цот рацыдаид. Зӕхх йӕ бирӕ диссӕгтимӕ хъуамӕ адӕмӕн ӕнустӕм сӕ хӕдзар суыдаид. w17.02 1:6, 7

Дыццӕг, 27 ноябрь

Хъуамӕ йӕхицӕн рафысса ацы закъон... ...Ӕмӕ фидар хӕца, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл (Дык. з. 17:18, 19).

Хуыцау-иу йӕ адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас куыд ӕххуыс кодта? Ӕркӕсӕм паддзах Иосийы хабармӕ. Моисейы закъон куы ссардтой, уӕд ын ӕй йӕ писыр кӕсын райдыдта. Иоси, Хуыцауы Ныхасы цы фыст уыд, уый куы бамбӕрста, уӕд гуымирытӕ иууылдӕр фесафын кодта. Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй Куадзӕн сбӕрӕг кодтаиккой. Ахӕм Куадзӕн уый размӕ никуыма скодтой (2 Пад. 22:11; 23:1–23). Иоси ӕмӕ иннӕ иузӕрдион разамонджытӕ архайдтой Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ-иу куы бамбӕрстой, цы разамынд дӕттынц, уым сӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд-иу афтӕ бакодтой. Уыцы ивындзинӕдты фӕрцы адӕм Йегъовӕйы фӕндон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ рагзаманты Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы паддзӕхтӕй чидӕртӕ Хуыцауы зондмӕ нӕ хъуыстой. Ӕмӕ-иу дзы Йегъовӕ кӕмӕндӕрты зонд бацамыдта, кӕйдӕрты бӕсты та-иу ӕндӕр искӕй равзӕрста (1 Сам. 13:13, 14). Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ сӕвӕрдта, зӕххон разамонджытӕй бирӕ хуыздӕр чи уыд, ахӕм Разамонӕджы. w17.02 3:11, 12, 14

Ӕртыццӕг, 28 ноябрь

[Адӕймаджы] зӕдтӕй... бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл (Пс. 8:5).

Хуыцау адӕмы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райд. 1:27). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у, Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытӕ ӕвдисын. Зӕгъӕм, адӕмӕн сӕ бон у уарзын, вӕййынц хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Адӕмӕн ма Хуыцау радта ӕфсарм дӕр – фӕзонынц, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы (Ром. 2:14, 15). Адӕмӕн сӕ фылдӕр уарзынц, сыгъдӕг ӕмӕ рӕсугъд цы у, уый, стӕй сӕ фӕфӕнды иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын. Кӕд ӕй сӕхӕдӕг дӕр нӕ фембарынц, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕфӕзмынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ нымайӕм. Фӕлӕ, адӕмӕн куыд кад кӕнӕм, ууыл дӕр хъӕуы хъуыды кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ сӕ ӕгӕр бӕрзонд сӕвӕрдтам. w17.03 1:5, 6

Цыппӕрӕм, 29 ноябрь

[Хуыцау] фӕфӕсмон кодта, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыд, ууыл ӕмӕ сыл ӕй нал ӕруагъта (Ионӕ 3:10).

Адӕмӕй бирӕтӕ мӕстыйӕ, сӕ сӕрмӕ фыццаг цы ныццӕвы, уый саразынц, фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ бакӕны, суанг мӕсты куы вӕййы, уӕд дӕр. Йегъовӕ куы федта, ниневиӕгтӕ се ’взӕр хъуыддӕгтыл кӕй ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сӕ кӕй ныууагътой, уӕд «фӕфӕсмон кодта», ома йӕ уынаффӕ аивта. Уымӕй бӕрӕг у, уӕззау зондӕй кӕй архайы, стӕй сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у. Иуӕй-иу хатт ма уынаффӕ аивын хорз уаид, уавӕртӕ куы фӕивой, уӕд дӕр. Йегъовӕ дӕр-иу уый тыххӕй йӕ уынаффӕтӕ аивта (1 Пад. 21:20, 21, 27–29; 2 Пад. 20:1–5). Кӕнӕ та ног исты куы базонӕм, уӕд дӕр нӕ бахъӕуы нӕ уынаффӕ аивын. Ахъуыды-ма кӕнӕм, паддзах Давид куыд бакодта, ууыл. Саулы фырты фырт Мемфивосфейы тыххӕй йын мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой, ӕмӕ уынаффӕ уыдонмӕ гӕсгӕ рахаста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый куы базыдта, уӕд йӕ уынаффӕ аивта (2 Сам. 16:3, 4; 19:24–29). w17.03 2:14, 15

Майрӕмбон, 30 ноябрь

Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр (Фил. 4:5).

Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ фыццаг хъӕуы ахъуыды кӕнын, Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты ӕмӕ нӕ бон уыдонмӕ гӕсгӕ архайын куыд у, ууыл. Зӕгъӕм, хо кӕцыдӕр бон фӕнд кӕны уацамынды ацӕуын (Хъуыд. 4:20). Фӕлӕ уыцы бон йӕ лӕджы фӕнды, цӕмӕй хӕдзары баззайа, нӕ рӕстӕг, дам, иумӕ рагӕй нал арвыстам ӕмӕ, дам, иумӕ искуыдӕм куы ацӕуиккам. Хойӕн йӕ бон у, раст уынаффӕ рахӕссынӕн ын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтыл ахъуыды кӕнын. Зоны йӕ, Хуыцауы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы дӕр кӕй хъуамӕ архайа (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 5:29). Фӕлӕ йӕ лӕджы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбаргӕ кӕй хъуамӕ уой, уый дӕр дзы рох нӕу (Еф. 5:22–24). Йӕ бон у ахъуыды кӕнын: йӕ лӕг ӕй хъусын кӕнынмӕ ӕппындӕр нӕ уадзы ӕви йӕ ӕрмӕст уыцы бон фӕнды, цӕмӕй йӕ бинойнаг йемӕ рӕстӕг арвита? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг чи у, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр рухс кӕнын. w17.03 4:17

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын