Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es18 146–159 фф.
  • Декабрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Декабрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 декабрь
  • Хуыцаубон, 2 декабрь
  • Къуырисӕр, 3 декабрь
  • Дыццӕг, 4 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 5 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 6 декабрь
  • Майрӕмбон, 7 декабрь
  • Сабат, 8 декабрь
  • Хуыцаубон, 9 декабрь
  • Къуырисӕр, 10 декабрь
  • Дыццӕг, 11 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 12 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 13 декабрь
  • Майрӕмбон, 14 декабрь
  • Сабат, 15 декабрь
  • Хуыцаубон, 16 декабрь
  • Къуырисӕр, 17 декабрь
  • Дыццӕг, 18 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 19 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 20 декабрь
  • Майрӕмбон, 21 декабрь
  • Сабат, 22 декабрь
  • Хуыцаубон, 23 декабрь
  • Къуырисӕр, 24 декабрь
  • Дыццӕг, 25 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 26 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 27 декабрь
  • Майрӕмбон, 28 декабрь
  • Сабат, 29 декабрь
  • Хуыцаубон, 30 декабрь
  • Къуырисӕр, 31 декабрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2018
es18 146–159 фф.

Декабрь

Сабат, 1 декабрь

Йӕ ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут, афтӕмӕй, ӕмӕ уӕ зӕрдыл дарут, уе ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц (1 Пет. 5:9).

Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хӕйрӕджы фӕлварӕнты ныхмӕ фидар фӕлӕууыдаиккой ӕмӕ сӕм ныффыста ацы ныхӕстӕ. «Фидар чи фӕлӕууыд», уыдоны цӕвиттонтӕ нын ӕххуыс кӕнынц иузӕрдионӕй баззайынӕн, ныфс нӕ уадзынц, уый нӕ къухы кӕй бафтдзӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Хуыцау нӕ нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Иак. 5:11). Чи зоны, дӕ дины тыххӕй чидӕртӕ дӕ ныхмӕ цӕуынц кӕнӕ та уый тыххӕй ӕфхӕрд дӕр ӕййафыс. Йе та, чи зоны, хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ районон цӕстдарӕг дӕ ӕмӕ дыл тынг бирӕ хӕстӕ ис. Кӕд афтӕ у, уӕд дын Павелы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн. Павел карз ӕфхӕрд ӕййӕфта, стӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтыл мӕт кодта (2 Кор. 11:23–29). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ къухтӕ никуы ӕруагъта, ӕмӕ йӕ цӕвиттон иннӕты дӕр фидар кодта (2 Кор. 1:6). Дӕ фидардзинад дӕр, чи зоны, иннӕты разӕнгард кӕна, цӕмӕй уыдон дӕр фидар лӕууой. w16.04 2:11, 14

Хуыцаубон, 2 декабрь

Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут (Матф. 28:19, 20).

Йесо загъта, фӕстаг бонты хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй хъусын кӕндзысты (Матф. 24:14). Абон мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, ӕгас зӕххыл дӕр зонынц, хъусын кӕй кӕнӕм, уымӕй. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ цӕуы, кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ та – нӕ. Фӕлӕ, кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уыдонӕй дӕр нӕ иуӕй-иутӕ, ахӕм куыст кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй феппӕлынц. Мах фидарӕй уырны, Йесо цы хъуыддаджы кой кодта, уый мах кӕй аразӕм. Абон бирӕ динтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, мах хъусын кӕнӕм, Чырысти цы хорз хабар хъусын кодта, уый. Фӕлӕ цымӕ хъусын кӕныныл цы нымайынц? Чырыстийыл куыд баууӕндыдысты, уый ӕнӕуи искӕмӕн кӕй радзурынц, аргъуаны сын раныхӕстӕ кӕй вӕййы, стӕй телеуынынады кӕнӕ интернеты сӕ дины тыххӕй кӕй фӕдзурынц, ӕрмӕстдӕр уый. Чидӕртӕ та хъусын кӕныныл нымайынц, адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый, зӕгъӕм, дохтыртӕй, медицинон хотӕй кӕнӕ ахуыргӕнджытӕй лӕвар кӕй кусынц, уый. Фӕлӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц? w16.05 2:1, 2

Къуырисӕр, 3 декабрь

Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон! (Хъуыд. 25:11).

Зӕххон хицӕуттӕ цӕуынц Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ, 1914 азы бартӕ йӕ къухмӕ чи райста, уый ныхмӕ. Ӕмӕ тынг тагъд Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн, цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдон (Пс. 2:2, 7–9). Хуыцау хицауадӕн бартӕ дӕтты, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы зӕххыл цавӕрдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау уӕддӕр ис. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Ром. 13:3, 4). Хуыцау ма нӕ разӕнгард кӕны, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоны тыххӕй кувын, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын (1 Тим. 2:1, 2). Ӕнаххосӕй нӕ куы фефхӕрынц, уӕд нӕ бон вӕййы хицауадӕй ӕххуыс ракурын. Афтӕ кодта Павел дӕр. Стӕй кӕд Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ Хӕйрӕджы къухы сты, уӕддӕр дзы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ алы хицау дӕр уый зондӕй архайы (Лук. 4:5, 6). Уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдзӕн афтӕ дзурын, ӕмӕ кӕцыдӕр хицау Хӕйрӕджы зондӕй архайы. Ӕмӕ нын Библи дӕр зӕгъы, цӕмӕй макӕй фыдкой кӕнӕм (Тит. 3:1, 2). w16.04 4:5, 6

Дыццӕг, 4 декабрь

Бамбарут, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Еф. 5:17).

Цымӕ куыд базонӕн ис, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый? Библийы цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд фӕдзӕхст куы нӕ уа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бамбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый? Хъуамӕ-иу ӕм скувӕм ӕмӕ-иу нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы разамынд ратта, уымӕ гӕсгӕ бакӕнӕм. Йесо алкӕддӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Йесо-иу Хуыцаумӕ куы скуывта ӕмӕ-иу стӕй диссаджы хуызы тынг бирӕ адӕмӕн хӕринаг куы радта, дыууӕ ахӕм хабары тыххӕй (Матф. 14:17–20; 15:34–37). Фӕлӕ йӕ Хӕйрӕг ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕлвӕрдта ӕмӕ йын куы загъта, цӕмӕй дуртӕ дзултӕ фестын кодтаид, уӕд ӕм Йесо нӕ байхъуыста (Матф. 4:2–4). Йӕ Фыды хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн, сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхи пайдайӕн исты куы араза. Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ын алкӕддӕр кӕй амондзӕн, хуыздӕр бакӕнын куыд у, уый ӕмӕ йӕ хӕринагцух дӕр кӕй никуы ныууадздзӕн. w16.05 3:7, 8

Ӕртыццӕг, 5 декабрь

Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у (2 Тим. 3:16).

Библийы иуӕй-иу бынӕттӕ фыст уыдысты бӕлвырд адӕймӕгтӕн кӕнӕ адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ Библи кӕсын нӕ райдайӕм, уӕдмӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ скувӕм, цӕмӕй нын раст зӕрдӕйы уаг уа ӕмӕ-иу бамбарӕм, цы зӕгъинаг нын у, уый (Езд. 7:10; Иак. 1:5). Библи куы фӕкӕсыс, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн: «Цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Мӕ бон дзы куыд у царды спайда кӕнын? Цы бакастӕн, уый фӕрцы мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?» Ацы фарстатыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын Библи кӕсын фылдӕр пайда хӕсдзӕн. Ӕркӕсӕм-ма иу цӕвиттонмӕ. Библийы дзырд цӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, ууыл (1 Тим. 3:2–7). Ӕмӕ нӕ фылдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ ацы стихтӕ махмӕ нӕ хауынц. Фӕлӕ ацы стихтӕ махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц. w16.05 5:7, 8

Цыппӕрӕм, 6 декабрь

Дурынгӕнӕджы къухы ӕлыг куыд у, раст афтӕ стут сымах дӕр мӕ къухы (Йер. 18:6).

Дзуттӕгты Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд бахаудысты, мӕнгхуыцӕуттӕн ӕмӕ дӕлимонтӕн чи куывта, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ. Фӕлӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ, зӕгъӕм, Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы, Вавилоны цӕрджыты зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ сты (Дан. 1:6, 8, 12; 3:16–18). Данел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нымадтой сӕ Дурынгӕнӕгыл ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кодтой. Ӕмӕ кӕд Данел йӕ царды фылдӕр рӕстӕг Вавилоны фӕцард, уӕддӕр ӕй Йегъовӕйы зӕд схуыдта, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг» (Дан. 10:11, 19). Рагзаманты-иу дурынгӕнӕг ӕлыджы къуыбар формӕйы атъӕпӕн кодта ӕмӕ-иу дзы афтӕмӕй сарӕзта, цавӕр мигӕнӕн ӕй хъуыд, ахӕм. Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ Йегъовӕйы нымайынц Дунедарӕг Хуыцауыл ӕмӕ ӕмбарынц, ӕнӕхъӕн адӕмтӕ дӕр йӕ къухы ӕлыгӕй уӕлдай кӕй не сты (Йер. 18:6). Стӕй ма Хуыцауӕн йӕ бар цӕуы алы адӕймагыл хицӕнӕй дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ тыхӕй никӕй ивы. Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕхӕдӕг нӕхи раттӕм йӕ къухмӕ. w16.06 2:1, 2

Майрӕмбон, 7 декабрь

Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут (Дзут. 13:5).

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕм цас фылдӕр уа, уыйас амондджындӕр уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын уыцы хъуыды хъары, йӕ къухы чи ис, уыцы дунейы уылты. Хӕйрӕг тынг дӕсны у «цӕстыты монцтӕ» цырен кӕнынмӕ (1 Иоан. 2:15–17; Райд. 3:6; Ӕмб. 27:20). Зӕгъӕм, абон дуне йедзаг у рекламӕйӕ, ӕмӕ дзы цынӕ дзаумайӕ феппӕлынц, ахӕм нӕй. Ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр цӕст сӕхимӕ ӕлвасынц. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ цавӕрдӕр дзаума балхӕдтай, дуканийы йыл дӕ цӕст кӕй ӕрхӕцыд кӕнӕ йӕ рекламӕйы кӕй федтай, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстай, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕн хъӕуы? Ахӕм дзауматӕ куы ’лхӕнӕм, уӕд нӕ цард ӕнцондӕр нӕ, фӕлӕ зындӕр кӕндзӕн, нӕхиуыл ӕвӕрдзыстӕм уӕлдай уаргъ. Стӕй нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр зындӕр уыдзӕн. Чи зоны нын Библи иртасынӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн фаг рӕстӕг мауал уа. Стӕй ма, чи зоны, ӕмбырдтӕ цух кӕнын дӕр райдайӕм ӕмӕ уацамынды дӕр афтӕ арӕх мауал цӕуӕм. Рох дӕ ма уӕнт апостол Иоанны ныхӕстӕ: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр». w16.07 1:3,4

Сабат, 8 декабрь

Бирӕ ис «хуыцӕуттӕ»... [фӕлӕ] махӕн ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау (1 Кор. 8:5, 6).

Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ, грекъӕгтӕ, ромӕгтӕ ӕмӕ ма, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, ахӕмтӕ дӕр. Уыдон хицӕн кодтой, цы уавӕрты схъомыл сты, цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ цы цыди, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ дзы кӕмӕндӕрты зын уыди сӕ раздӕры ӕгъдӕуттӕ ныууадзын ӕмӕ Хуыцауӕн ног ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын. Апостол Павел дӕр сын сӕ зӕрдыл уымӕн ӕрлӕууын кодта, чырыстӕттӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау – Йегъовӕ. Абоны чырыстон ӕмбырды тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Пехуымпар Исай загъта, «фӕстаг бонты» алыхуызон адӕмыхӕттытӕй адӕм Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ кӕй дзурдзысты: «Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл» (Ис. 2:2, 3). Куыд ӕхсызгон нын у, абон уыцы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм! Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты алы бӕстӕтӕй, дзурынц алыхуызон ӕвзӕгтыл ӕмӕ сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм. w16.06 3:15, 16

Хуыцаубон, 9 декабрь

Йесо Чырыстиимӕ [нӕ] райгас кодта ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты йемӕ иумӕ ӕрбадын кодта (Еф. 2:6).

Сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзахбадӕнтыл куы ’рбадой, уӕд сӕм цы диссӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй (Лук. 22:28–30; Фил. 3:20, 21; 1 Иоан. 3:2). Сӕрст чырыстӕттӕ уыдзысты «ног Иерусалим», Чырыстийы усаг (Рарг. 3:12; 17:14; 21:2, 9, 10). Уыдон Йесоимӕ «адӕмы дзӕбӕх кӕндзысты». Коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой ӕмӕ суой ӕххӕст адӕм (Рарг. 22:1, 2, 17). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы стыр хорзӕх цы диссаджы хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг уыдзӕн, уыдонӕй иу у, «ингӕны» чи ис, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, уый (Иов 14:13–15; Иоан. 5:28, 29). Чырыстийы нывонд хаст куы ’рцыд, уӕдмӕ цы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ амард, уыдон, стӕй фӕстаг бонты «ӕндӕр фыстӕй» чи амӕлы, уыдон дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхдзысты, ӕмӕ та ногӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты (Иоан. 10:16). w16.07 4:13–15

Къуырисӕр, 10 декабрь

Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, ӕмӕ фынӕй кӕнат ӕмӕ уӕ фӕллад уадзат? (Мар. 14:41).

Цы хъӕуы, цӕмӕй «ма бафынӕй уӕм» ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнда, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Йесойы мӕлӕтмӕ ма цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтаиккой (Лук. 21:36). Уӕдӕ цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кувӕм (1 Пет. 4:7). Йесо загъта, зӕгъгӕ, кӕрон ӕрцӕудзӕн, «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат» (Матф. 24:44). Уымӕ гӕсгӕ, ныр уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ «ӕркув-ӕркув кӕнӕм». Хӕйрӕджы дуне нын цы рӕсугъд цард ныв кӕны, уымӕ хъуамӕ ма тырнӕм, уымӕн ӕмӕ уый митын мӕсгуытӕ амайынӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн. Хуыцау ӕмӕ нын Чырысти Библийы уылты дзурынц, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Уӕдӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ. Хъуамӕ Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Ӕмӕ хъуамӕ алкӕддӕр уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цӕттӕ разынӕм (Рарг. 22:20). Нӕ цард ууыл баст у! w16.07 2:15–17

Дыццӕг, 11 декабрь

Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут (Кол. 3:13).

Цӕмӕй бинонтӕ ӕнгом уой, уый тыххӕй хъуамӕ «кӕрӕдзийӕн барой ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕной». Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ дыууӕ дӕр рӕдийдзысты. Фӕлӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ сты хорз фадат цӕуылдӕр сахуыр кӕнынӕн, кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнынӕн ӕмӕ, Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисынӕн. Уыцы уарзондзинады хуызӕн «ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:14). Уымӕй уӕлдай, ахӕм уарзондзинад «бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», ӕмӕ йын «ӕвзӕрӕй... чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы» (1 Кор. 13:4, 5). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд уыцы хъуыддаг хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр банывыл кӕной – цалынмӕ хур нӕ аныгуыла, уӕдмӕ (Еф. 4:26, 27). Цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъай, ныххатыр мын кӕн, дӕ зӕрдӕ дын фӕриссын кодтон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Фӕлӕ ӕнӕ уымӕй бинонты ’хсӕн фарн нӕ уыдзӕн ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр нӕ кӕндзысты. w16.08 2:6

Ӕртыццӕг, 12 декабрь

Хорз цы у, уый уын бацамондзынӕн (Ӕмб. 4:2).

Йесойӕн йӕ сӕйраг хӕс уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ-иу уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн рӕстӕг ссардта – амыдта сын, куыд хъӕуы иннӕты ахуыр кӕнын, стӕй Хуыцауы адӕмӕн хорз фыййӕуттӕ цӕй фӕрцы уыдзысты, уый (Матф. 10:5–7). Филипп дӕр бирӕ хъусын кодта, фӕлӕ дзы йӕ чызджытӕ дӕр рохуаты нӕ уыдысты. Уыдонӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй иннӕтӕн Хуыцауы Ныхас арӕхстджынӕй амыдтаиккой (Хъуыд. 21:8, 9). Цымӕ абон дӕр иннӕты ахуыр кӕнын ахсджиаг у? Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыцы адӕмы нымӕц ӕгас зӕххыл дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Донаргъуыд чи нӕма райста, уыдон хъуамӕ бамбарой, сӕхӕдӕг дӕр ӕнӕмӕнг Библи кӕй хъуамӕ иртасой. Хъӕуы ма сӕ сахуыр кӕнын хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад амонын. Ӕфсымӕрты та хъӕуы разӕнгард кӕнын, цӕмӕй сӕхиуыл кусой ӕмӕ суой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ сын, «хорз цы у, уый» кӕй амонынц, уый фӕрцы сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса. w16.08 4:1, 2

Цыппӕрӕм, 13 декабрь

Йӕ къухтӕ лӕмӕгъ кӕмӕн сты, уыцы адӕймаджы хъарутӕ бауадзут, йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн зыр-зыр кӕнынц, уый бафидар кӕнут (Ис. 35:3).

Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ уӕхски-уӕхск кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы семӕ стӕм ӕнгом. Афтӕмӕй ма нӕхицӕн хорз хӕлӕрттӕ дӕр ссарӕм, стӕй ноджы фидардӕрӕй феууӕндӕм, тагъд Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоныл. Иннӕтӕн сӕ къухтӕ куы фидар кӕнӕм, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсын (Ис. 35:4). Уымӕй уӕлдай, афтӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, Хуыцау нын цы ’рцӕттӕ кодта, уый. Уӕдӕ иннӕты фидар кӕнгӕйӕ нӕхи дӕр фидар кӕнӕм. Йегъовӕ рагзаманты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд фидар кодта ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Уӕдӕ кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс ӕмӕ цӕуылдӕрты мӕт кӕныс, уӕд «дӕ къухтӕ ма ’руадз»! (Соф. 3:16). Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс агур. Уый дын йӕ фидар къухӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын хъарутӕ ратдзӕн. Фидӕны та дӕ йӕ Паддзахады фӕрцы ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Пс. 73:23, 24). w16.09 1:16–18

Майрӕмбон, 14 декабрь

Ис йӕхи рӕстӕг алы хъуыддагӕн дӕр ӕмӕ алы куыстӕн дӕр (Еккл. 3:17).

Хуыцауы лӕггадгӕнӕг йӕ уӕлӕ исты куы кӕна, уӕд хъуамӕ ӕмбара, абоны стихы ныхӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ран дӕр ис йӕхи климӕт, йӕхи уавӕртӕ, стӕй афӕдзы афонтӕ дӕр ивынц. Уымӕ гӕсгӕ адӕм алкӕд ӕмӕ алкӕм иухуызон дзаумӕтты нӕ фӕцӕуынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ боныхъӕдау нӕ ивынц (Мал. 3:6). Уӕлдайдӕр хъарм бӕстӕты вӕййы зын бацархайын, цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕс хӕдӕфсармдзинадыл ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг уа. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ фӕаргъ кӕнынц, нӕ уӕлӕ куы не скӕнӕм гом кӕнӕ ӕлхъывд дзаумӕттӕ (Иов 31:1). Стӕй ма доныбыл кӕнӕ бассейны куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ найӕн дарӕс хъуамӕ уа ӕфсармыл дзурӕг (Ӕмб. 11:2, 20). Ацы дунейы адӕм ахӕм рӕтты скӕнынц ӕнӕфсарм найӕн дарӕс, фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та фӕхъуыды кӕнынц, бирӕ кӕй уарзынц, уыцы Хуыцауӕн кад куыд хӕссой, ууыл. w16.09 3:11, 12

Сабат, 15 декабрь

Куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн? (Матф. 16:15).

Йесо-иу арӕх фарста йӕ ахуыргӕнинӕгты, цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕй. Сымахӕн дӕр уӕ бон у афтӕ кӕнын. Уӕ сывӕллӕттимӕ ӕнӕуи истӕуыл куы ныхас кӕнат кӕнӕ иумӕ исты куы аразат, уӕд-иу сӕ афӕрсут, цы хъуыды кӕнынц, уымӕй ӕмӕ-иу сӕм байхъусут. Кӕд уӕ сывӕллон Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕрыл дызӕрдыг кӕны, уӕд-иу уайтагъд ма рамӕсты ут. Фӕразон ут ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй-иу йӕ фарстатӕн дзуапп ссара. Кӕд дӕ дӕ сывӕллон истӕмӕй фӕрсы, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕнды, Библи цы дзуры, уый бамбарын. Йесойӕн 12-аздзыдӕй дӕр йӕ фарстатӕ сывӕллоны фарстатӕ нӕ уыдысты (Лук. 2:46). Уӕ сывӕллӕтты хорз базонут: цӕуыл хъуыды кӕнынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис, цы сӕ тыхсын кӕны. Афтӕ уӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ иугӕр ӕмбырдтӕм цӕуынц ӕмӕ уемӕ уацамынды вӕййынц, уӕд сӕм уырнындзинад ис. Алы бон дӕр-иу семӕ Йегъовӕйы тыххӕй ныхас кӕнут, зӕгъӕм, иумӕ истытӕ куы кусат, уӕд. Уӕ сывӕллӕтты тыххӕй кувут, семӕ куы уат, уӕд дӕр ӕмӕ, хицӕнӕй куы куват, уӕд дӕр. Базонут-иу, сӕ уырнындзинады тыххӕй цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй-иу сӕ бон сӕ сӕрты ахизын суа. w16.09 5:3–5

Хуыцаубон, 16 декабрь

Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон (Матф. 5:3).

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мингӕйттӕ хорз хабар хъусын кӕнынц «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн», ӕмӕ уымӕй ӕххӕст кӕны Библийы пехуымпарӕдтӕй иу (Рарг. 14:6). Мыййаг, ды дӕр ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕныс? Чи зоны, миссионерӕй лӕггад кӕныс кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕмӕ ацыдтӕ, науӕд та уӕхи бӕстӕйы лӕггад кӕнын райдыдтай ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр фыццаджыдӕр хъуамӕ архайа йӕхи уырнындзинад ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕныныл. Фӕлӕ нын иуӕй-иу хатт уыйбӕрц хъуыддӕгтӕ вӕййы, ӕмӕ нын ӕнцон нӕ вӕййы Библи арф иртасынӕн рӕстӕг ссарын. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыдон та ма ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлынц. Ног ӕвзаг ахуыр кӕнын сӕ кӕй хъӕуы, уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ ӕдзухдӕр иртасой Хуыцауы арф хъуыдытӕ дӕр (1 Кор. 2:10). w16.10 2:1–3

Къуырисӕр, 17 декабрь

Чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн (Матф. 26:52).

Кӕд абон бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ азӕй-азмӕ карз ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц. Зӕгъӕм, Эритрейы, Сингапуры ӕмӕ Хуссар Корейы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ахӕстоны бадынц, сӕ фылдӕр – сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ исынц, уый тыххӕй. Йегъовӕйы адӕмӕй сӕ фылдӕрӕн ахӕм фӕлварӕнтӕ нӕй. Фӕлӕ сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы ӕндӕр хуызы. Бирӕтӕ сӕ цӕрынц тынг мӕгуыр, кӕмӕндӕрты сӕ бӕстӕйы цӕуы хӕст, чидӕртӕ та бахауынц ӕрдзон бӕллӕхы. Иннӕтӕ та Авраамау, Исахъау, Иаковау ӕмӕ Моисейау ацы дунейы стыр кад ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтыл сӕ къух систой. Ӕмӕ сӕхи уды дзӕбӕхӕн цӕрыны бӕсты се ’ргом сарӕзтой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Цымӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнынӕн цы ’ххуыс кӕны? Йегъовӕйы бирӕ кӕй уарзынц ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый. Уыдон зонынц, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй схайджын кӕндзӕн ӕнӕкӕрон цардӕй, хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дунейы (Пс. 37:5, 7, 9, 29). w16.10 3:15, 16

Дыццӕг, 18 декабрь

Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны (Пс. 34:18).

Пехуымпар Йереми куы фӕтарст ӕмӕ йӕ ныфс куы асаст, уӕд ын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кодта (Йер. 1:6–10). Ахъуыды-ма кӕн, ацӕргӕ пехуымпар Данел дӕр куыд бафидар уыдаид, Хуыцау ӕм йӕ зӕды ӕххуысмӕ куы рарвыста, уӕд. Уыцы зӕд ӕй схуыдта «Хуыцауӕн тынг зынаргъ... адӕймаг»! (Дан. 10:8, 11, 18, 19). Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты, уыимӕ пионерты, стӕй азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой, уыдоны ныфсыл ныфс бафтауын? Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уӕлӕрвты иумӕ бирӕ азтӕ арвыстой, фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд дӕр ын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын кӕй хъуыди. Йесо дыууӕ хатты – хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕмӕ, зӕххыл фӕстаг аз куы лӕггад кодта, уӕд – фехъуыста, йӕ Фыд уӕлӕрвтӕй афтӕ кӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17; 17:5). Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв куы хъуырдухӕн кодта, уӕд ӕм Йегъовӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лук. 22:43). w16.11 1:7, 8

Ӕртыццӕг, 19 декабрь

Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у (Еккл. 7:9).

Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ чидӕр бафхӕрдта кӕнӕ нӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уӕд хатгай не ’нкъарӕнтыл нӕ бар нал фӕцӕуы. Нӕ адӕмыхатты, нӕ буары хуызы кӕнӕ нӕм ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕсынц, уӕд нын уый тынг хъыг вӕййы. Ӕмӕ ма афтӕ чырыстӕттӕй исчи куы бакӕны, уӕд уый адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ бынтон скъахы! Библи нын уынаффӕ дӕтты, цӕмӕй нӕхиуыл хӕцын зонӕм ӕмӕ-иу уайтагъд ма фӕтӕргай уӕм. Ацы уынаффӕтӕ адӕймаджы бирӕ мӕстытӕй бахизынц (Ӕмб. 16:32) Библийы ма фыст ис, хатыр кӕнын дӕр кӕй хъуамӕ зонӕм. Йесо загъта, зӕгъгӕ, дам, иннӕтӕн куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын Йегъовӕ дӕр нӕ хатыр кӕндзӕн (Матф. 6:14, 15). Мыййаг дын хатыр кӕнын зын у? Мыййаг дӕ фылдӕр бацархайын нӕ хъӕуы, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа? Йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар кӕмӕн нӕ фӕцӕуы, уыдон арӕх сӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайынц ӕмӕ ма, мӕсты кӕмӕ сты, уымӕй сӕ удхӕссӕг дӕр фенынц. Уый тыххӕй ма сӕ иннӕтӕ дӕр сӕхи дард ласын райдайынц. Йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн у, ахӕм чырыстон, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕты дӕр йӕ зондыл араза (Лев. 19:17, 18). w16.11 3:4–6

Цыппӕрӕм, 20 декабрь

Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ? Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис? (2 Кор. 6:14).

1870 азы Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ ма цалдӕр адӕймаджы райдыдтой Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Фыццаг уал ӕфсымӕр Расселлы фӕндыд, рӕстдзинад чи амыдта, уыцы дин ссарын. Гъемӕ Библийы цы фыст ис, уыимӕ абарста, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыцы динты ӕмӕ ма иннӕ динты ахуырӕдтӕ дӕр. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы бамбӕрста, иу дӕр дзы, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ кӕй нӕ архайы. Иухатт ма цалдӕр бынӕттон аргъуаны сӕргълӕууӕгимӕ дӕр фембӕлд – ныфс ӕй уыд, йӕ къордимӕ Библийы цы ахуырӕдтӕ ссардтой, уыдоныл кӕй баууӕнддзысты ӕмӕ сӕ се ’мбырдты дӕр кӕй амондзысты. Фӕлӕ уыдӕттӕ дины разамонджыты не ’ндӕвтой. Библииртасджытӕ йӕ тагъд бамбӕрстой, сӕ бон кӕй нӕ уыд мӕнг динтимӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. w16.11 4:14

Майрӕмбон, 21 декабрь

Рӕстдзинадӕн раттут уӕ буӕрттӕ цагъартау, цӕмӕй сыгъдӕг хъуыддӕгтӕ кӕнат (Ром. 6:19).

Мах нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй, фыднозтӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм уӕззау тӕригъӕдтӕй (1 Кор. 6:9–11). Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕн аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй фылдӕр цыдӕр хъӕуы. Зӕгъӕм, нӕхи ӕрмӕст хӕтындзинадӕй нӕ хиздзыстӕм, фӕлӕ, ӕнӕгъдау митӕ кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй дӕр. Стӕй, фыднозт кӕй нӕ кӕнӕм, уымӕй уӕлдай ма-иу уыйбӕрц нӕ бануаздзыстӕм, ӕмӕ нӕ фӕрасыг кӕнынмӕ бирӕ мауал хъӕуа. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндты фӕдыл ма цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, хъӕуа ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм. Мах тырнӕм, Павел цӕмӕ разӕнгард кодта, уымӕ. Уый загъта: «Тӕригъӕд уӕ зӕххон буӕрттӕн паддзах мауал уӕд, цӕмӕй уӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуат» (Ром. 6:12; 7:18–20). w16.12 1:19–21

Сабат, 22 декабрь

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый... у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23).

Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, уӕ уӕларвон Фыдӕй сыгъдӕг тых куы курат, уӕд уын ӕй ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн (Лук. 11:10–13). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон у, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (Кол. 3:10). Библи уыцы миниуджытӕ хоны Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъ. Ацы диссаджы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы рӕзын кӕнӕм, уӕд нын иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын ӕнтысдзӕн. Афтӕмӕй, мӕт кӕнын кӕй тыххӕй райдайдзыстӕм, ахӕм уавӕртӕй нӕхи бахиздзыстӕм. Цӕмӕй «хъомысджын Хуыцауыл» дӕ ныфс дарай ӕмӕ «де ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнай», уый тыххӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинад (1 Пет. 5:6, 7). Сӕрныллӕг куы уай, уӕд дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дыл тыхсдзӕн. Дӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый куы ӕмбарай, уӕд дӕ ныфс дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл дардзынӕ. Ӕмӕ-иу уӕд сагъӕсты бын нӕ фӕуыдзынӕ (Мих. 6:8). w16.12 3:7, 12

Хуыцаубон, 23 декабрь

[Ной уыд] рӕстдзинад хъусынгӕнӕг (2 Пет. 2:5).

Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», ӕмӕ йын Йегъовӕ цы хабар бахӕс кодта, уый хъусын кодта. Уыцы хъуыддаг ын ӕнӕмӕнгдӕр ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Нойӕн бахӕс кодта, цӕмӕй нау сарӕзтаид, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн дӕр йӕ тыхтӕ ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта (Дзут. 11:7). Нойау мах дӕр «бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Уымӕ хауы Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразын ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнын, конгрессты ӕххуыс кӕнын, стӕй филиалы кӕнӕ тӕлмацгӕнджыты офисы лӕггад кӕнын. Фӕлӕ сӕйраг у, адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы, цы ныфс нын ис, уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ ныфсыл ныфс бафты ӕмӕ нӕм фӕзыны хъарутӕ, цӕмӕй царды фӕндагыл дарддӕр згъорӕм (1 Кор. 9:24). w17.01 1:8, 9

Къуырисӕр, 24 декабрь

Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).

Хъуамӕ аргъ кӕнӕм, иннӕтӕн дӕр уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй ис, уымӕн. Йегъовӕ сӕрибардзинад не ’ппӕтӕн дӕр радта, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дыууӕ чырыстоны алкӕддӕр хӕсдзысты иухуызон уынаффӕтӕ. Уымӕ хауынц, зӕгъӕм, нӕхи куыд дарӕм ӕмӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уыимӕ баст фарстатӕ дӕр. Алы чырыстон дӕр, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдоны тыххӕй дзуапп йӕхӕдӕг дӕтты. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд иннӕты сӕрибардзинадӕн аргъ кӕндзыстӕм, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгты не ’фсымӕрты уынаффӕтӕн куы хӕссой, уӕд дӕр (1 Кор. 10:32, 33). Йегъовӕ нын уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй радта, уый фӕрцы стӕм ӕцӕг сӕрибар (2 Кор. 3:17). Мах уыцы лӕварӕн тынг аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уынаффӕты фӕрцы нӕ бон у равдисын, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм, уый. Цӕй уӕдӕ нӕ уынаффӕтӕй дарддӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, стӕй аргъ кӕнӕм, иннӕтӕ ацы диссаджы лӕварӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕн. w17.01 2:15, 17, 18

Дыццӕг, 25 декабрь

Мӕхи фӕндӕй... ницы аразын, фӕлӕ мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын (Иоан. 8:28).

Хъуамӕ ӕмбарӕм, иннӕты ’ргом нӕхимӕ ӕгӕр куы здахӕм ӕмӕ нӕхицӕй куы ’ппӕлӕм, уӕд адӕмӕн нӕхи нӕ бауарзын кӕндзыстӕм. Хъуамӕ нын уа «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд» (1 Пет. 3:3, 4; Йер. 9:23, 24). Кадуарзаг куы уӕм, уӕд уый нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг уыдзӕн. Зӕгъӕм, искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ской кодтам, цыдӕр ахсджиаг хъуыддаг нын кӕй бабар кодтой йе та, иннӕтӕ цы нӕ зонынц, ахӕм цыдӕр кӕй зонӕм кӕнӕ та бӕрнон ӕфсымӕртимӕ лымӕн кӕй стӕм, уый тыххӕй. Кӕнӕ та нӕ бон у хабар афтӕ равдисын, цыма кӕцыдӕр хорз хъуыды кӕнӕ хъуыддаг махӕй цӕуы, кӕд афтӕ нӕу, уӕддӕр. Чырысти нын у фӕзминаг. Уый-иу арӕх пайда кодта Дзуттаг Фыстытӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм ӕмбӕрстой, цы дзырдта, уый йӕхицӕй кӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ Йегъовӕйӕ. w17.01 4:12

Ӕртыццӕг, 26 декабрь

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр (Райд. 2:17).

Адам ӕмӕ Евӕ ацы закъон хорз ӕмбӕрстой. Стӕй зынӕххӕстгӕнӕн дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сын хӕринаг уыд парахатӕй. Хӕйрӕг калмы уылты Евӕйыл хинӕй рацыд, цӕмӕй Евӕ йӕ Фыд Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтаид (Райд. 3:1–5; Рарг. 12:9). Хӕйрӕг ӕй бафарста, зӕгъгӕ уын Хуыцау ӕцӕгдӕр нӕ дӕтты уый бар, цӕмӕй, «цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй» хӕрат. Ӕндӕр ныхӕстӕй, Хӕйрӕг загъта: «Ӕцӕгдӕр уын алцы аразыны бар нӕй?» Уый фӕстӕ загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Уымӕй фыддӕр мӕнг ныхас ма цы хъуамӕ уыдаид! Уый фӕстӕ Евӕйы баууӕндын кӕнынмӕ хъавыд, Хуыцаумӕ хъусын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу. Загъта йын: «Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты». Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма сӕ Йегъовӕ уыцы бӕласы дыргътӕй хӕрын уый тыххӕй нӕ уадзы, ӕмӕ сӕ цыдӕр сусӕг кӕны. Фӕстагмӕ йын Хӕйрӕг мӕнг ныфсытӕ бавӕрдта: «Суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый». w17.02 1:8, 9

Цыппӕрӕм, 27 декабрь

Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын уӕхи ’хсӕнӕй, де ’фсымӕртӕй, ратдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусат (Дык. з. 18:15).

Исай ныффыста, Чырысти кӕй суыдзӕн «хицау ӕмӕ разамонӕг» (Ис. 55:4). Данел дӕр ныффыста, кӕй фӕзындзӕн «Разамонӕг Мессийӕ» (Дан. 9:25). Ӕппынфӕстаг, Йесо Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд йӕхи тыххӕй загъта, Хуыцауы адӕмы «Разамонӕг» уый кӕй у (Матф. 23:10). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр алкӕддӕр йӕ фӕдыл цыдысты ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ йӕ кӕй равзӕрста (Иоан. 6:68, 69). Цы сӕ баууӕндын кодта? Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Аргъауӕг Иоанн федта, «арв куыд фегом ӕмӕ йӕ сӕрмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд, уый» (Мар. 1:10–12). Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд хайджын уыд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ уый фӕрцы диссӕгтӕ арӕзта ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта (Хъуыд. 10:38). Уымӕй уӕлдай ма Йесомӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыдысты хъӕугӕ миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, циндзинад ӕмӕ фидар уырнындзинад (Иоан. 15:9; Дзут. 12:2). Йесойы цардӕй куыд уыди бӕрӕг, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй у, уый, афтӕ иу разамонӕджы цардӕй дӕр нӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесойы Разамонӕгӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта. w17.02 3:15, 16

Майрӕмбон, 28 декабрь

Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты... уыдоны (Дзут. 13:7).

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны апостолтӕ райдыдтой чырыстон ӕмбырдӕн разамынд дӕттын. Уӕд «Петр иуӕндӕс апостолимӕ» дзуттӕгты ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдоны размӕ рацыд ӕмӕ сын рӕстдзинад амонын райдыдта (Хъуыд. 2:14, 15). Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ уырнджытӕ систы. Уыцы ног чырыстӕттӕ «дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой» (Хъуыд. 2:42). Апостолтӕ ма дзуапп лӕвӕрдтой ӕмбырды мысайнӕгтӕн дӕр (Хъуыд. 4:34, 35). Стӕй ма чырыстӕтты тыххӕй Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ сӕ ахуыр кодтой. Уый бӕрӕг у сӕ ныхӕстӕй: «Мах... нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ратдзыстӕм кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас амонынӕн» (Хъуыд. 6:4). Уымӕй уӕлдай ма фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй хорз хабар, хъуыстгонд кӕм нӕма ӕрцыд, уыцы рӕтты дӕр хъусын кодтаиккой (Хъуыд. 8:14, 15). Цасдӕры фӕстӕ апостолтӕм ӕрбаиу сты ӕндӕр сӕрст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон дӕр хаудысты разамонӕг советмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр разамынд лӕвӕрдтой (Хъуыд. 15:2). w17.02 4:4

Сабат, 29 декабрь

Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр дӕттут, цы йын ӕмбӕлы, уый... кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уымӕн кад кӕнут (Ром. 13:7).

Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ фылдӕрыл ӕндавы Хӕйрӕджы дунейы зондахаст. Кӕйдӕрты арвмӕ сисынц ӕмӕ, раст цыма хуыцӕуттӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм фӕкӕсынц. Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ сын кад кӕной, уый сӕм фаг нӕ фӕкӕсы. Дины разамонджыты, хицӕутты, спортсменты, артистты ӕмӕ ӕндӕр зындгонд адӕмы афтӕ бӕрзонд сисынц, ӕмӕ сӕ разы Хуыцау дӕр ницыуал вӕййы. Ӕмӕ хистӕртӕ дӕр, кӕстӕртӕ дӕр фӕзмынц ахӕм адӕмӕн сӕ ныхӕстӕ, сӕ конд, сӕ уынд ӕмӕ сӕ митӕ. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, адӕмӕн афтӕ кад кӕнын раст кӕй нӕу. Зӕххыл цы адӕм цард, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы у нӕ бон алцӕмӕй дӕр фӕзмын (1 Пет. 2:21). Хъуамӕ нӕ рох ма уа иу ахсджиаг хъуыды: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ [комк. «кад», фип.] ӕвдисын» (Ром. 3:23). Иу адӕймаг дӕр ахӕм кады аккаг нӕу, ӕмӕ йӕ Хуыцауы бынаты ӕвӕрӕм. Адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр куы кад кӕнӕм, уӕд уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. w17.03 1:6–8

Хуыцаубон, 30 декабрь

[Асӕ] цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ (1 Пад. 15:14).

Куыд ис базонӕн, нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ ис ӕви нӕ? Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Зын мын куы уа, уӕд дӕр Йегъовӕйы коммӕ бакӕсдзынӕн? Фидарӕй архайын ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕныныл?» Зӕгъӕм, дӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кодтой. Алцыдӕр сараздзынӕ, цӕмӕй дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уа? Дӕ зӕрдӕ дӕ цӕмӕ баразӕнгард кӕндзӕн? Паддзах Асӕйау махмӕ дӕр хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма иууылдӕр нӕ ныхмӕ сты. Чи зоны дӕ де ’мкъласӕгтӕ кӕнӕ ахуыргӕнджытӕ фӕхынджылӕг кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй. Кӕнӕ та дыл, чи зоны, де ’мкусджытӕ фӕхудынц, конгресмӕ ацӕуыны тыххӕй отпуск кӕй райсыс кӕнӕ фӕскуыст арӕх кӕй нӕ баззайыс, уый тыххӕй, кӕд афтӕмӕй фылдӕр ӕхца бакусис, уӕддӕр. Ахӕм уавӕрты-иу ды дӕр Асӕйау дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар (2 Аз. 14:11). Кув ӕм, хъӕбатыр у ӕмӕ дарддӕр дӕр, раст цы у, уый араз. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ Асӕйӕн кӕй баххуыс кодта. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. w17.03 3:6–8

Къуырисӕр, 31 декабрь

Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ (Ӕмб. 21:5).

Библи нын дзуры, ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ тагъд кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм. Хъуамӕ-иу алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон уа зондджын уынаффӕ рахӕссын (1 Фес. 5:21). Бинонты хистӕр исты аскъуыддзаг кӕныны размӕ хъуамӕ раиртаса, уый фӕдыл Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы фыст ис, уый. Хорз ма уыдзӕн, йӕ бинонты дӕр, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уымӕй куы бафӕрса. Хъуыды йӕ кӕныс, Хуыцау Авраамӕн кӕй загъта, цӕмӕй йӕ усмӕ байхъуыстаид? (Райд. 21:9–12). Уӕдӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ фыццаг бацагурой ӕрмӕг, цы уынаффӕ сӕ хъӕуы рахӕссын, уый фӕдыл. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, стӕй нӕ публикацитӕй фылдӕр цыдӕртӕ базыдтой ӕмӕ бамбӕрстой, сӕ уынаффӕ сӕ аивын кӕй хъӕуы, уӕддӕр нӕ тӕрсдзысты, сӕхи иннӕты цӕсты кӕй бафтаудзысты, уымӕй. Ӕмбаргӕ ӕмӕ бонзонгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕттӕ вӕййынц, куы бахъӕуы, уӕд сӕ хъуыды ӕмӕ сӕ уынаффӕ аивынмӕ. Ӕмӕ-иу сӕ не ’ппӕт дӕр уымӕй куы бафӕзмӕм, уӕд ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад (Хъуыд. 6:1–4). w17.03 2:16

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын