Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 162–176 фф.
  • Декабрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Декабрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 декабрь
  • Къуырисӕр, 2 декабрь
  • Дыццӕг, 3 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 4 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 5 декабрь
  • Майрӕмбон, 6 декабрь
  • Сабат, 7 декабрь
  • Хуыцаубон, 8 декабрь
  • Къуырисӕр, 9 декабрь
  • Дыццӕг, 10 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 11 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 12 декабрь
  • Майрӕмбон, 13 декабрь
  • Сабат, 14 декабрь
  • Хуыцаубон, 15 декабрь
  • Къуырисӕр, 16 декабрь
  • Дыццӕг, 17 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 18 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 19 декабрь
  • Майрӕмбон, 20 декабрь
  • Сабат, 21 декабрь
  • Хуыцаубон, 22 декабрь
  • Къуырисӕр, 23 декабрь
  • Дыццӕг, 24 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 25 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 26 декабрь
  • Майрӕмбон, 27 декабрь
  • Сабат, 28 декабрь
  • Хуыцаубон, 29 декабрь
  • Къуырисӕр, 30 декабрь
  • Дыццӕг, 31 декабрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 162–176 фф.

Декабрь

Хуыцаубон, 1 декабрь

Уӕ кӕрӕдзийы-иу ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй суазӕг кӕнут (1 Пет. 4:9).

Рагзаманты-иу адӕймаг йӕ хӕдзармӕ уазӕджы куы фӕхуыдта, уӕд-иу ӕй истӕмӕй федта. Афтӕмӕй-иу равдыста, хорз зӕрдӕ йӕм кӕй дары (Райд. 18:1–8; Тӕрх. 13:15; Лук. 24:28–30). Цымӕ мах та уазӕгуарзондзинад кӕмӕ хъуамӕ ӕвдисӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаджыдӕр не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм. Ахӕм рӕстӕг куы ралӕууа, ӕмӕ цард бынтон уӕззау куы суа, уӕд нӕ нӕ кӕрӕдзийы ӕххуыс куыннӕ хъӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ кӕрӕдзимӕ хорз зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Районон цӕстдарджыты ӕмӕ, нӕ организацийы скъолаты чи фӕахуыр кӕны кӕнӕ арӕзтадон куыстыты чи фӕархайы, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты фӕхъӕуы цӕрӕнбынӕттӕ. Иуӕй-иу бинонтӕ ӕнӕ хӕдзарӕй баззайынц ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй, ӕмӕ цалынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ цалцӕггонд не ’рцӕуынц, уӕдмӕ сӕ фӕхъӕуы, кӕм ацӕрой, ахӕм бынат. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ахӕм адӕмы суазӕг кӕнын йӕ бон у, хорз хӕдзар кӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Чи зоны, уыдон ӕнӕуи дӕр ахӕм хорздзинад бирӕ хӕттыты сарӕзтой. Мыййаг, дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕу дӕ хӕдзары цасдӕр рӕстӕгмӕ искӕй суазӕг кӕнын, кӕд дӕ хӕдзар гыццыл у, уӕддӕр? w18.03 15 ф., 6 абз.; 16 ф., 9 абз.

Къуырисӕр, 2 декабрь

Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн (Ӕмб. 24:16).

Чи ахауд, уымӕн йӕ бон фӕстӕмӕ сыстын цӕй фӕрцы бауыдзӕн? Нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Фил. 4:13). Ӕмӕ хиуылхӕцындзинад дӕр хауы, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уымӕ. Уый тыххӕй ма ахсджиаг у зӕрдӕбынӕй кувын, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Чи зоны дӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын зын кӕсы кӕнӕ та ахуыр кӕнын ӕппындӕр нӕ уарзыс. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн бар куы раттай, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ йӕ Ныхас агура (1 Пет. 2:2). Фыццаджыдӕр Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕм хиуылхӕцындзинад уа ӕмӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ зивӕг ма кӕнай. Уый фӕстӕ-иу дӕ куывдмӕ гӕсгӕ архай. Зӕгъӕм, дӕ бон уал у уыцы хъуыддагӕн цалдӕр минуты рахицӕн кӕнын. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дын, Хуыцауы Ныхасы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдон ахуыр кӕнын уыдзӕн бирӕ ӕнцондӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр (1 Тим. 4:15). w18.03 29 ф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 3 декабрь

Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны (1 Пет. 3:21).

Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаг цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ хъуамӕ базона Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй, стӕй адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй (1 Тим. 2:3–6). Уый фӕстӕ хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй йӕм фӕзына уырнындзинад. Уый йын ӕххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн (Хъуыд. 3:19). Ӕмӕ уый та тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууагъта, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕгдӕр йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта (1 Кор. 6:9, 10). Фӕлӕ, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцай, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ ӕмбырдтӕм цӕуой ӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕдзухдӕр архайой (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ кӕд адӕймаг уыцы хъуыддӕгтӕ кӕны, уӕд йӕ бон у Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕнын ӕмӕ стӕй донаргъуыд райсын. w18.03 6 ф., 12 абз.

Ӕртыццӕг, 4 декабрь

[Марийӕ] уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта (Лук. 2:51).

Йегъовӕ Марийӕйы цӕмӕн равзӕрста, цӕмӕй Йесойы мад суыдаид? Уымӕн ӕмӕ Марийӕ уыд, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта, ахӕм адӕймаг. Уый бӕрӕг у, йӕ хӕстӕджытӕм, Захари ӕмӕ Елизаветӕмӕ, уазӕгуаты куы ӕрбацыд, уӕд Йегъовӕйы йӕ ныхӕстӕй куыд скадджын кодта, уымӕй (Лук. 1:46–55). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы Ныхас тынг кӕй уарзта ӕмӕ Дзуттаг Фыстытӕ хорз кӕй зыдта (Райд. 30:13; 1 Сам. 2:1–10; Мал. 3:12). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ, цалынмӕ Йесо нӕ райгуырд, уӕдмӕ Марийӕ ӕмӕ Иосиф ӕмуат не ’рцыдысты, кӕд сӕ цард баиу кодтой, уӕддӕр. Уымӕй зыны, Йегъовӕйы фӕндон сын сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕй сӕйрагдӕр кӕй уыд (Матф. 1:25). Марийӕ ма йӕ хъус лӕмбынӕг дардта, Йесойыл-иу цы хабӕрттӕ ӕрцыд ӕмӕ-иу цы зонды ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ. Уый бӕллыд, Хуыцау Мессийӕйы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый фенынмӕ. Марийӕйы цӕвиттонӕй мах ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы фӕндон нӕ царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр кӕй хъуамӕ уа, ууыл. w18.02 21 ф., 11 абз.

Цыппӕрӕм, 5 декабрь

[Иов у] ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг (Иов 1:8).

Нӕ бон куыд у Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын? Цыфӕнды уавӕрты дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ царды фыццаг бынаты уа, стӕй йыл хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсӕм. Иовӕй уӕлдай, мах Хӕйрӕджы тыххӕй ӕмӕ йӕ хин миты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зонӕм (2 Кор. 2:11). Стӕй Библийӕ, уыимӕ Иовы чиныгӕй дӕр, зонӕм, Хуыцау цӕмӕн бауадзы, цӕмӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм. Данелы пехуымпарадӕй та зонӕм, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕр (Дан. 7:13, 14). Зонӕм ма уый дӕр, ӕмӕ уыцы Паддзахад тагъд ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн. Иовы хабарӕй ма зондӕн райсӕн уый ис, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕй исчи зындзинӕдтӕ куы ’взара, уӕд-иу ын хъуамӕ йӕ рыст нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Хатгай уыдонӕй дӕр Иовау, чи зоны, исты ӕнӕрхъуыды ныхас схауа (Еккл. 7:7). Уӕд-иу сын тӕрхон кӕнынмӕ ма фӕуӕм, фӕлӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй сӕ бамбарӕм. Афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм нӕ уарзӕгой ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд Йегъовӕйы (Пс. 103:8). w18.02 6 ф., 16 абз.; 7 ф., 19, 20 абз.

Майрӕмбон, 6 декабрь

Дӕ сӕрныллӕгдзинад [мӕ] сбӕрзонд кӕндзӕн (Пс. 18:35).

Иуӕй-иутӕ ссӕрбӕрзонд вӕййынц, рӕсугъд кӕй сты, зындгонд кӕй сты, цӕуылдӕр хорз кӕй цӕгъдынц, тыхджын кӕй сты кӕнӕ цавӕрдӕр стыр бынат кӕй ахсынц, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Давидӕн йӕ бон уыд уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцыйӕ дӕр йӕхицӕй раппӕлын, фӕлӕ уӕддӕр алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг. Голиафы куы амардта ӕмӕ йын уый фӕстӕ паддзах Саул йӕ чызджы куы лӕвӕрдта, уӕд Давид загъта: «Чи дӕн ӕз... цӕмӕй паддзахы сиахс суон?» (1 Сам. 18:18). Давидау абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй сӕрныллӕг уой. Мах зонӕм, Йегъовӕ – Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уый – йӕхӕдӕг дӕр сӕрныллӕг кӕй у, ӕмӕ нӕ уый стыр дисы ӕфтауы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон» (Кол. 3:12). Стӕй ма зонӕм уый дӕр, ӕмӕ уарзондзинад «йӕхицӕй не ’ппӕлы» ӕмӕ «йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы» (1 Кор. 13:4). Нӕ сӕрныллӕгдзинад нын иннӕтӕ куы уыной, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйы базонын. w18.01 28 ф., 6, 7 абз.

Сабат, 7 декабрь

Сӕхӕдӕг нын зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм (2 Кор. 8:4).

Нӕ рӕстӕджы афтӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ организацийӕн фӕхъӕуы ӕхцайӕ баххуыс кӕнын (Хъуыд. 4:34, 35; 1 Кор. 16:2). Чи зоны, уе ’мбырд спълан кодта ног Паддзахады зал саразын. Чи зоны, фехъуыстам, регионалон конгресс кӕй уыдзӕн, йе та кӕмдӕр ӕрдзон бӕллӕх кӕй ӕрцыд ӕмӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын кӕй хъӕуы. Нӕ мысайнӕгтӕй ма ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕн ӕмӕ нын ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы филиалтӕ ис, уыдонӕн, цӕмӕй сӕ куыст размӕ цӕуа. Ноджыдӕр ма нӕ мысайнӕгты фӕрцы ӕххуыс кӕнӕм миссионертӕн, сӕрмагонд пионертӕн ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕн. Махӕй алкӕй бон дӕр у Хуыцауы хъуыддагӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын. Мысайнаг чи цас ратты, уый арӕхдӕр ничи фӕзоны. Паддзахады залты нын цы мысайнӕгты асыччытӕ вӕййы, уым цас ныппарӕм, уый иннӕтӕн нӕ фӕзӕгъӕм. Чи зоны, афтӕ ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕ мысайнаг ахӕм гыццыл у, ӕмӕ зынгӕ дӕр никуы ракӕндзӕн. Фӕлӕ организацийы цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдонӕн сӕ фылдӕр ахӕм гыццыл мысайнӕгтӕ вӕййынц. w18.01 19 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 8 декабрь

Донаргъуыд... ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны (1 Пет. 3:21).

Чырыстийы фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг у, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис фервӕзӕн (Матф. 28:19, 20). Донаргъуыд кӕй райстай, уымӕй равдыстай, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай. Ды йын дзырд радтай, кӕй йӕ уарздзынӕ ӕмӕ дын царды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр кӕй ницы уыдзӕн. Дӕ цард Йегъовӕйы бар кӕй бакодтай, ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон та сты Хӕйрӕджы дӕлбар. Ӕмӕ Хӕйрӕджы та никӕй хорз фӕнды. Уый цин кӕнид, ды дӕр уыйау Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ куы рацӕуис ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай куы фӕкӕнис, уӕд. Ахъуыды-ма кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд кӕй райстай, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын, ууыл. Дӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Пс. 118:6). Хуыцауы фарс уай ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын уай, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! w17.12 23, 24 фф., 1–3 абз.

Къуырисӕр, 9 декабрь

Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн! (Пс. 37:8).

Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй фӕхъыг кӕна, йе та искӕмӕ хъыг фӕкӕса, нӕхӕдӕг цы загътам кӕнӕ цы сарӕзтам, уый. Уыдӕттӕ нын, гӕнӕн ис, фӕлварӕн суой. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты нӕ бон у, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисын. Ӕмӕ цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнын. Кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ уарзы. Ӕмӕ сӕ уӕд мах та куыннӕ хъуамӕ уарзӕм! Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлварӕнтӕй нӕ ирвӕзын кӕны. Уый бӕрӕг у Иосифы хабарӕй. Иосиф нырма ӕрыгон лӕппу уыди, афтӕмӕй йӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ фырхӕлӕгӕй Египетмӕ цагъарӕй ауӕй кодтой (Райд. 37:28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ уыдӕттӕ уыдта. Ӕмӕ йын кӕд зын уыд, уӕддӕр бауагъта, цӕмӕй йӕ хӕлар Иосиф ахӕм фыдӕвзарӕнты бахаудаид. Цасдӕры фӕстӕ, Потифары ус Иосифы мӕнгӕй куы фӕаххосджын кодта, тыхми бакӕнинаг мын уыд, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ахӕстоны куы сбадын кодтой, уӕд дӕр Йегъовӕ Иосифы нӕ фервӕзын кодта. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта? Нӕ! Библийы фыст ис: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта» (Райд. 39:21–23). w18.01 9, 10 фф., 12–14 абз.

Дыццӕг, 10 декабрь

Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас (1 Кор. 15:13).

Библийы ахуырӕдтӕй, дӕумӕ гӕсгӕ, сӕйрагдӕр кӕцытӕ сты? Ӕвӕццӕгӕн, фыццаджыдӕр зӕгъдзынӕ, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг ӕмӕ Царддӕттӕг кӕй у, уый тыххӕй. Чи зоны ма зӕгъдзынӕ, Йесо Чырысти мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый тыххӕй дӕр. Стӕй, Хуыцауы адӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уый кой дӕр куыннӕ скӕндзынӕ. Фӕлӕ цымӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кой дӕр скӕндзынӕ? Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ райгасдзинады тыххӕй ахуырад нымайой Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иуыл, кӕд сӕ стыр бӕллӕхы сӕрты ахизыны ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс ис, уӕддӕр. Уыцы ахуырад тынг ахсджиаг у. Чырысти куы нӕ райгас уыдаид, уӕд Хуыцауы Паддзахады Паддзах не суыдаид ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр дзӕгъӕлы уыдаид (1 Кор. 15:12–19). Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, Йесо кӕй райгас. Ӕмӕ нӕ уый фидарӕй уырны (Мар. 12:18; Хъуыд. 4:2, 3; 17:32; 23:6–8). w17.12 8 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 11 декабрь

Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ – рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дарут (Матф. 23:23).

Фарисейтӕ кастысты, адӕймаг цы тӕригъӕд ракодта, ӕрмӕстдӕр уымӕ. Йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый мӕт сӕ ӕппындӕр нӕ уыди. Иухатт Йесойы Матфейы хӕдзары фынгыл бадгӕ куы федтой, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарстой: «Уӕ ахуыргӕнӕг хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?» Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ уал базонут, цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ: „Мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат, уый“. Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Матф. 9:9–13). Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй каст? Нӕ, уый фӕндыд, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Ӕмӕ-иу хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу уый тыххӕй дӕр арӕх дзырдта (Матф. 4:17). Йесо ӕмбӕрста, уыцы «хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕй» дӕр кӕйдӕрты кӕй фӕндыд аивын. Уыдон Матфеймӕ ӕнӕуи хӕрынмӕ не ’рбацыдысты. Уыдон дӕр цыдысты Йесойы фӕдыл (Мар. 2:15). Хъыгагӕн, фарисейтӕн сӕ фылдӕр адӕммӕ Чырыстийы цӕстӕй нӕ кастысты. w17.11 13 ф., 2 абз.; 16 ф., 15 абз.

Цыппӕрӕм, 12 декабрь

Уарзондзинад [уӕм уӕд], уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл (Кол. 3:14).

Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй стӕм, уый не ’ппӕт дӕр стыр арфӕдзинадыл нымайӕм. Не ’мбырдты Хуыцауы Ныхас фӕахуыр кӕнӕм, стӕй кӕрӕдзийӕн хӕларзӕрдӕйӕ феххуыс кӕнӕм. Уый фӕрцы нӕ хӕрзиуӕг ӕдзухдӕр ис нӕ цӕстыты раз. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарынц. Ӕмӕ-иу ахӕм уавӕры уайтагъд куы нӕ бафидауӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайдзыстӕм (1 Пет. 3:8, 9). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдайӕм ӕмӕ уый тыххӕй нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм? Павел колоссӕгты разӕнгард кодта: «Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат (Кол. 3:12, 13). w17.11 27 ф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 13 декабрь

Хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ (Йес. Н. 20:4).

Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уый-иу хъуамӕ ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алыгъдаид ӕмӕ, «цы ’рцыди, уый» горӕты кулдуары раз хистӕр лӕгтӕн радзырдтаид, ӕмӕ-иу ӕй уыдон хъуамӕ горӕтмӕ бауагътаиккой. Фӕстӕдӕр-иу ӕй арвыстой, лӕгмард кӕм ӕрцыд, уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕм, ӕмӕ-иу уыдон хъуамӕ хъуыддаг равзӕрстаиккой (Ным. 35:24, 25). Ӕмӕ-иу кӕд уыдон дӕр загътой, барӕй йӕ нӕ амардта, зӕгъгӕ, уӕд-иу йӕ бон уыди фӕстӕмӕ ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ аздӕхын. Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ-иу чи алыгъд, уый-иу хистӕр лӕгтимӕ аныхас кӕнын цӕмӕн хъуыд? Хистӕр лӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой, цӕмӕй Израилы адӕм ма фӕчъизи уыдаиккой. Стӕй-иу, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн хъуамӕ баххуыс кодтаиккой, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодтаид. Иу библииртасӕг ныффыста, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймаг хистӕр лӕгтӕм куы нӕ бацыдаид, уӕд йӕхи тӕссаг уавӕры баппӕрстаид, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй цы фадат радта, уымӕй не спайда кодта. Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ куы нӕ алыгъдаид, уӕд, кӕй амардта, уымӕн йе ’ввахсдӕр хӕстӕгӕн бар уыди, цӕмӕй йӕ амардтаид. w17.11 9 ф., 6, 7 абз.

Сабат, 14 декабрь

Зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнӕг тыхтӕ не сты? Чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты? (Дзут. 1:14).

Йегъовӕ йӕ зӕдты фӕрцы йӕ адӕмы хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ фидар кӕны (Мал. 3:6; Дзут. 1:7). 1919 азы Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй фӕстӕмӕ знӕгтӕ карзӕй цыдысты раст дины ныхмӕ ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй ма парахат кодтаид (Рарг. 18:4). Фӕлӕ сын ницы рауад. Зӕдтӕ хъахъхъӕнынц Йегъовӕйы организаци, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм, Йегъовӕйы адӕм та мӕнг дины уацары ногӕй кӕй бахаудзысты, уымӕй (Пс. 34:7). Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ йӕ хъуыддаджы бирӕ кӕй фыдӕбон кӕндзысты. Нӕ фарс ис Йегъовӕйы ӕфсад. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕдтӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕндзысты ӕмӕ, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуа, уыдоны фесафдзысты (2 Фес. 1:7, 8). Уый уыдзӕн стыр бон! w17.10 28 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 15 декабрь

Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл ӕмӕ кувут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ (Иуд. 20).

Бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц кӕнӕ йӕхӕдӕг ӕмбырдыл йӕ къух куы сисы, уӕд уый тынг зын вӕййы. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕ исчи кардӕй барӕхуыста. Цы дын баххуыс кӕндзӕн уыцы рыст сфӕразынӕн? Ахсджиаг у дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Дӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын ма бауадз. Ӕдзухдӕр Библи кӕс, ӕмбырдтӕм дӕхи цӕттӕ кӕн ӕмӕ сӕ ма цух кӕн, дарддӕр хорз хабар хъусын кӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын фӕразынӕн тыхтӕ дӕтта (Иуд. 21). Фӕлӕ, зӕгъӕм, ацы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕныс, ӕмӕ дын ӕнцондӕр та нӕ фӕци? Дӕ ныфс ма асӕттӕд! Дарддӕр дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архай, ӕмӕ уый фӕрцы, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд та дӕ хъуыдытыл ӕмӕ де ’нкъарӕнтыл ногӕй дӕ бар цӕудзӕн. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд. Иуафон уымӕн дӕр йӕ хъуыдытыл ӕмӕ йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар нал цыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд йӕ зондахаст сраст кодта (Пс. 73:16, 17). Ды дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕуӕн дӕр уый баххуыс кӕндзӕн. w17.10 16 ф., 17, 18 абз.

Къуырисӕр, 16 декабрь

Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин (Ром. 12:9).

Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг йӕхи афтӕ равдыста, цыма Евӕйы мӕт кодта. Ӕцӕгӕй та, куыд архайдта, уымӕй бӕрӕг уыд, хиуарзон ӕмӕ мӕнгард кӕй у (Райд. 3:4, 5). Паддзах Давиды ӕмбал Ахитофел разынд ницӕйаг ӕмбал. Ахитофел йӕхи пайдайы тыххӕй Давидыл гадзрахатӕй рацыд (2 Сам. 15:31). Нӕ рӕстӕджы дӕр, раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыдон ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕмбырды иуты иннӕты ныхмӕ чи кӕны, уыцы адӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты «рӕсугъд, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй сайынц» (Ром. 16:17, 18). Сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма иннӕты уарзынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕхи мӕт йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт кӕнынц. Мӕнг, цӕстмӕ уарзондзинад адӕймаджы уӕлдайдӕр уымӕн ӕгад кӕны, ӕмӕ афтӕмӕй иннӕты сайгӕ кӕны. Фӕлӕ кӕд адӕмы ис асайӕн, уӕд Йегъовӕйы нӕ асайдзынӕ. Йесо Чырысти загъта, зӕгъгӕ, цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уыдоны «карзӕй» бафхӕрдзысты (Матф. 24:51). Хорз уаид ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Цымӕ мӕ уарзондзинад ӕнӕхин у, хиуарзондзинад ӕмӕ йӕм мӕнгдзинадӕй ницы хӕццӕ кӕны?». w17.10 8 ф., 6–8 абз.

Дыццӕг, 17 декабрь

Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц (Ром. 10:2).

Адӕймагӕн Библийӕ стихтӕ куы бакӕсӕм, уӕд ныхасы бар Йегъовӕйӕн раттӕм, ӕмӕ уӕд адӕймагимӕ уый фӕдзуры. Уыцы уавӕры чи сфидаудзӕн, ахӕм стихы цы уӕз уыдзӕн, нӕхи ныхӕсты уыйас уӕз нӕ уыдзӕн (1 Фес. 2:13). Уацамынды куы вӕййыс, уӕд адӕмӕн, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, Библийӕ стихтӕ бакӕсыс? Фӕлӕ адӕймагӕн стих ӕнӕуи бакӕсын фаг нӕ уыдзӕн. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Библи нӕ фембарынц. Фыццаг ӕнусы дӕр афтӕ уыд хабар. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕймаг стих йӕхӕдӕг дӕр бамбардзӕн. Нӕ бон у, ӕмӕ стихы сӕйраг хъуыдытӕ ногӕй бакӕсӕм ӕмӕ, цы нысан кӕнынц, уый йын бамбарын кӕнӕм. Афтӕмӕй-иу Хуыцауы Ныхас бахъардзӕн адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ йӕ зондмӕ дӕр (Лук. 24:32). w17.09 25 ф., 7, 8 абз.

Ӕртыццӕг, 18 декабрь

Кӕрӕдзийы зын ӕмбарут (1 Пет. 3:8).

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уай, уӕд хъуамӕ де ’фсымӕртӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр тӕригъӕд кӕнын зонай (Иоан. 13:34, 35). Тӕригъӕд кӕнын ма нысан кӕны «иумӕ хъизӕмар кӕнын» дӕр. Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уымӕн йӕ зын истӕмӕй фӕрогдӕр кӕны. Уӕдӕ хъуамӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм. Куы фенӕм, ӕрдзон бӕллӕхтӕ адӕмӕн цы стыр зиан ӕрхӕссынц, уый, уӕд сыл нӕ зӕрдӕ тынг фӕриссы ӕмӕ нӕ бафӕнды, цӕмӕй сын сӕ зын истӕмӕй фӕрог кӕнӕм. Бирӕтӕ йӕ зонынц, ахӕм рӕстӕджыты Йегъовӕйы адӕм алкӕддӕр кӕй балӕууынц иннӕты фарсмӕ (1 Пет. 2:17). Зӕгъӕм, иу япойнаг хо царди, 2011 азы зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами стыр зиан кӕм ӕрхастой, уыцы ран. Ӕмӕ сӕм Японийы алы рӕттӕй, стӕй ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыдысты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сын сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кодтаиккой. Уыцы хо уый куы федта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, дам, «ӕз тынг бафидар дӕн ӕмӕ мӕ ныфсыл ныфс бафтыд». Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Ацы хабары фӕстӕ йӕ хуыздӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы. Стӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр кӕрӕдзийыл тынг тыхсынц. Ӕгас дунейы дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кувынц мах тыххӕй». w17.09 11 ф., 12, 13 абз.

Цыппӕрӕм, 19 декабрь

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у... хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23).

Хиуыл хӕцын цӕмӕн хъуамӕ зонӕм? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уыдонӕн вӕййы къаддӕр зындзинӕдтӕ. Стӕй ма иннӕтимӕ хӕларӕй фӕцӕрынц, къаддӕр фӕмӕсты кӕнынц, мӕт ӕмӕ сагъӕсты бын нӕ фӕвӕййынц ӕмӕ сӕхимӕ нӕ ныхъхъусынц. Дыккаджы та: цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ, цы нӕ рӕдийын кӕна, уый ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ буары монцтыл нӕ бар цӕуа. Адам ӕмӕ Евӕйӕн уый нӕ рауад (Райд. 3:6). Уыдонау абон дӕр бирӕтӕ хиуыл хӕцын кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй бирӕ мӕстыты хай бавӕййынц. Йегъовӕ йӕ зоны, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нын ӕнцон кӕй нӕ вӕййы хиуылхӕцындзинад ӕвдисын. Фӕлӕ йӕ фӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу не ’взӕр хъуыдытыл ӕмӕ фӕндтыл фӕтых уӕм (1 Пад. 8:46–50). w17.09 3, 4 фф., 3, 4 абз.

Майрӕмбон, 20 декабрь

Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Кол. 3:10).

Хуссар-Африкаг Республикӕйы кӕрӕдзийӕ сӕ буары хуызӕй чи хицӕн кӕны, уыцы Ӕвдисӕнтӕн кӕддӕр уый бар нӕ уыд, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кодтаиккой. Фӕлӕ 2011 азы 18 декабры, хуыцаубоны, Йоханнесбурджы ӕппӕты стырдӕр стадионы ӕрӕмбырд 78 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕр алыхуызон расӕтӕй. Уыдон уыдысты Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ ӕмӕ, йӕ фарсмӕ чи ис, уыцы бӕстӕтӕй. Уыцы стадионы администратортӕй иу загъта: «Ацы стадионы ахӕм уӕздан адӕм никуыма федтон. Алкӕуыл дӕр ис аив уӕлӕдарӕс. Ӕмӕ ма стадион дӕр цӕхӕртӕ скалын кодтат. Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ стут алыхуызон адӕмыхӕттытӕй». Уӕдӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр иннӕ адӕмӕй кӕй хицӕн кӕнынц (1 Пет. 5:9). Цымӕ цӕмӕй? Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы мах ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй «зӕронд удыхъӕд... раласӕм», адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ, ӕмӕ «нӕ уӕлӕ скӕнӕм ног» удыхъӕд (Кол. 3:9). w17.08 17, 18 фф., 2, 3 абз.

Сабат, 21 декабрь

Афтӕ сымах дӕр фӕразон ут (Иак. 5:8).

Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй фӕразондзинад, кӕнӕ бирӕфӕразондзинад, у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон нӕу, цас хъӕуы, уыйбӕрц фӕразондзинад ӕвдисын. Фӕразондзинад у Хуыцауы лӕвар, ӕмӕ фӕразон куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Стӕй ма уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты дӕр кӕй уарзӕм. Фӕразондзинад нын куы нӕ фаг кӕна, уӕд нӕ уарзондзинады тӕгтӕ лӕмӕгъдӕр кӕндзысты, фӕразон куы уӕм, уӕд та – фидардӕр (1 Кор. 13:4; Гал. 5:22). Фӕразондзинад ма баст у ӕндӕр ахсджиаг миниуджытимӕ дӕр, зӕгъӕм, фидардзинадимӕ. Ацы миниуӕджы фӕрцы та нӕ бон у зын уавӕрты быхсын ӕмӕ уыимӕ цин кӕнын дӕр (Кол. 1:11; Иак. 1:3, 4). Фӕразондзинад ма нын ӕххуыс кӕны цыфӕнды зындзинӕдты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн. Стӕй уый фӕрцы, чи нӕ фӕхъыг кӕна, уымӕй нӕ маст нӕ исдзыстӕм. Библи ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕмбарӕм, ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ кӕй хъӕуы, уый. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Иаковы 5:7, 8 стихты. w17.08 4 ф., 4 абз.

Хуыцаубон, 22 декабрь

Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн (Ис. 41:10).

Ӕрыгӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзыстут, цалынмӕ адӕймаг балцы ацӕуа, уӕдмӕ уал кӕй хъуамӕ спълан кӕна, бӕлвырдӕй кӕдӕм ацӕудзӕн, уый. Цард абарӕн ис балцимӕ, ӕмӕ йӕ спълан кӕнын фӕхъӕуы ӕрыгонӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ ныфсджын у. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ абоны стихи цы зӕгъы, ууыл. Йегъовӕ дын дзуры, цӕмӕй дӕ разы нысӕнттӕ ’вӕргӕйӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнай (Еккл. 12:1; Матф. 6:20). Уый фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, цы сфӕлдыста, уымӕй дӕр. Ӕрдзы рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ ӕхсызгон зӕлтӕ, алыхуызон адджын хӕринӕгтӕ,– уыдӕттӕ иууылдӕр дзурӕг сты, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Уый ма бӕрӕг у, кӕй нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нын царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй амоны, уымӕй дӕр. Йӕ уынаффӕтӕм ын чи нӕ хъусы, уыдонӕн та Йегъовӕ зӕгъы: «Сымах... ӕвзӕрстат, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. [...] Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та фырхудинагӕй уӕ цӕсгом судздзӕн. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй» (Ис. 65:12–14). Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд ӕй уымӕй кадджын кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11). w17.07 22 ф., 1, 2 абз.

Къуырисӕр, 23 декабрь

[Йегъовӕ алы стъалы дӕр] хоны йӕ номӕй (Пс. 147:4).

Алы стъалы дӕр кӕм ис, уый чи зоны, уыцы Хуыцау дӕу дӕр хорз зоны. Уый алкӕддӕр фӕзоны, кӕм дӕ, цы уавӕры дӕ ӕмӕ дӕ цы хъӕуы, уый! Йегъовӕ дын дӕ уавӕр тынг хорз ӕмбары, стӕй йӕм уыйбӕрц хъару ис, цӕмӕй дын дӕ зындзинӕдты баххуыс кӕна (Пс. 147:5). Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ уавӕр ӕгӕр уӕззау у ӕмӕ дӕ бон ӕппындӕр ницы у саразын. Нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый Йегъовӕ хорз ӕмбары, стӕй, «сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Пс. 103:14). Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыцы иу рӕдыд цалдӕр хатты дӕр саразӕм ӕмӕ уый тыххӕй нӕхи хӕрӕм. Хатт тынг фӕфӕсмон кӕнӕм, цы фӕзӕгъӕм, ууыл, кӕнӕ нӕм худинаг фӕкӕсы, буары монцтӕ ныл кӕй тых кодтой йе та кӕмӕдӕр кӕй хӕлӕг кодтам, уый. Йегъовӕмӕ иу лӕмӕгъдзинад дӕр нӕй, фӕлӕ нын не ’нкъарӕнтӕ тынг хорз ӕмбары (Ис. 40:28). Ӕвӕццӕгӕн ӕй ды дӕр дӕхиуыл бавзӕрстай, Йегъовӕ йӕ фидар къухы фӕрцы зындзинӕдты сӕрты хизынӕн куыд ӕххуыс кӕны (Ис. 41:10, 13). w17.07 18, 19 фф., 6–8 абз.

Дыццӕг, 24 декабрь

Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд (Ӕмб. 22:9).

Шри-Ланкайӕ иу ӕфсымӕр фӕсарӕнтӕм куы ацыд, уӕд йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕхх ныууагъта ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй дзы ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ уадзой, стӕй дзы цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ цӕрой. Уыцы ӕфсымӕрмӕ йӕ исбонӕй ницы ӕфтиаг хауы, фӕлӕ афтӕ кӕй бакодта, уый стыр ӕххуыс у бынӕттон хъусынгӕнджытӕн, уымӕн ӕмӕ ӕхцайӕ тыхст сты. Нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕу, иу ахӕм бӕстӕйы ӕфсымӕртӕ сӕ хӕдзӕртты ӕмбырдтӕ уадзынӕн бынат скӕнынц. Уый фӕрцы сӕ агъуыстытӕ ӕххуырсын нӕ хъӕуы, ӕмӕ пионертӕ ӕмӕ, ӕхца бирӕ кӕмӕ нӕй, уыцы хъусынгӕнджытӕ къаддӕр хӕрдзтӕ кӕнынц. Иу хо ӕдзухдӕр фӕдӕтты мысайнӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн. Ӕмӕ йын Хуыцау куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй мӕнӕ цы зӕгъы: «Цалдӕр азмӕ иу диссаг бафиппайдтон. Рӕдаудзинад кӕй ӕвдисын, уый фӕрцы мӕхӕдӕг дӕр ивын. Цас рӕдаудӕр вӕййын, уыйас иннӕтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайын. Ӕнцондӕр мын вӕййы сӕ рӕдыдтытӕ сын хатыр кӕнын ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдтӕн быхсын, стӕй, истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййын, уӕддӕр тынг нӕ фӕмӕт кӕнын, ӕмӕ ма мын ӕнцондӕр вӕййы уынаффӕмӕ байхъусын дӕр». w17.07 9 ф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 25 декабрь

Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Хорз, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдон уыдзысты дӕ къухы» (Иов 1:12).

Чи зоны, Иов фӕстӕдӕр базыдта, ахӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн бавзӕрста, уый, ӕмӕ-иу, гӕнӕн ис, ахъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ уыйбӕрц цӕмӕн бахъуыди хъизӕмар кӕнын. Ӕмӕ-иу ӕм кӕд ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, уӕд та-иу, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты. Уый йын удӕнцой хаста ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын раст зондахаст уыдаид (Пс. 94:19). Иовы хабарыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст раст кӕнынӕн, стӕй-иу зындзинӕдты удӕнцой ссардзыстӕм. Иовы чиныг дӕр «фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Ацы чиныгӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Хъуамӕ нӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр ма суӕм, цӕмӕй нӕ ма ферох уа ахсджиагдӕр фарста – Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, уый. Иовау мах дӕр равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр ыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд. w17.06 24 ф., 9 абз.; 25 ф., 13, 14 абз.

Цыппӕрӕм, 26 декабрь

Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат (Мар. 6:31).

Йесо ӕмбӕрста, йӕ ахуыргӕнинӕгты-иу кӕй хъуыди сӕ фӕллад суадзын. Иухатт тынг бирӕ куы фӕхъусын кодтой, уӕд сын Йесо загъта, абоны стихы цы ныхӕстӕ бакастыстӕм, уыдон. Цӕмӕй адӕймаг баулӕфа, уый тыххӕй йӕ фӕхъӕуы йӕхи аирхӕфсын дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нын уыцы хъуыддаг ӕппӕты сӕйраг ма суа. Фыццаг ӕнусы бирӕтӕ ахӕм зондыл хӕст уыдысты: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Кор. 15:32). Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ афтӕ цӕрынц. Ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ, уый куыд ис базонӕн? Зӕгъӕм, нӕ бон у ныффыссын, къуырийы дӕргъы нын Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл цал сахаты ацыд, уый. Стӕй та ис ныффыссӕн, уыцы къуырийы дӕргъы ирхӕфсӕнтыл, зӕгъӕм, спортыл, телевизорыл кӕнӕ видеохъӕзтытыл, цал сахаты бахардз кодтам, уый. Мыййаг нӕ уыдӕттыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын нӕ хъӕуы? (Еф. 5:15, 16). w17.05 24, 25 фф., 11–13 абз.

Майрӕмбон, 27 декабрь

Уӕларвон паддзахад... абарӕн ис зынаргъ налхъуыттӕ агурӕг сӕудӕджеримӕ (Матф. 13:45).

Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта, сӕудӕджер цы диссаджы налхъуыт ссардта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй балхӕдтаид, уый тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уыдӕттӕ ауӕй кодта. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы налхъуыт йӕ цӕсты куыд зынаргъ уыдаид! Хуыцауы Паддзахад у уыцы зынаргъ налхъуыты хуызӕн. Сӕудӕджер налхъуытӕн куыд аргъ кодта, мах дӕр Хуыцауы Паддзахадӕн афтӕ куы аргъ кӕнӕм, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм нӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕхи уыцы Паддзахады дӕлбар бакӕнӕм (Мар. 10:28–30). Зӕгъӕм, Закхей адӕмы кӕй стыгъта, уый фӕрцы схъӕздыг (Лук. 19:1–9). Фӕлӕ иу бон Закхей фехъуыста, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, уый. Ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕттӕ йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ цард бынтондӕр фӕивын. Уый загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис ратдзынӕн мӕгуыртӕн, ӕмӕ хӕрамӕй кӕмӕй цы байстон, уымӕн ӕй цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн». Закхей адӕмӕй цы ’хцатӕ байста, уыдон сын фӕстӕмӕ радта ӕмӕ зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕймаг нал уыд. w17.06 10 ф., 3–5 абз.

Сабат, 28 декабрь

Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа! (3 Иоан. 4).

Искӕй сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджыты фӕндмӕ гӕсгӕ чи ’ххуыс кӕны, уыдон сӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕн кад кӕной. Уый сӕ къухы бафтдзӕн, сӕ ныййарджыты хорзы кой сын куы кӕной ӕмӕ ныййарджыты сӕйраг хӕс – сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныны хӕс – сӕхимӕ куы нӕ исой, уӕд. Стӕй ма хъуамӕ сӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарой, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр мачи мацӕмӕй фӕаххосджын кӕна (1 Пет. 2:12). Кӕд ныййарджыты хатт иннӕты ӕххуыс бахъӕуы, уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонын сӕйраджыдӕр сӕ хӕс у. Стӕй хъуамӕ сӕ хъус дарой, иннӕ чырыстӕттӕ сын сӕ сывӕллӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕ. Ныййарджытӕ, Йегъовӕмӕ кувут ӕмӕ уӕ бон цы у, уый аразут (2 Аз. 15:7). Уӕ сывӕллон Йегъовӕйы хӕлар суа, уый уын уӕд ӕппӕты сӕйраг. Ӕппӕт тыхтӕй архайут, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнат, Хуыцауы Ныхас уӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ хъары ӕви нӕ. Уӕ сывӕллон Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй суыдзӕн, ууыл макуы дызӕрдыг кӕнут. w17.05 12 ф., 19, 20 абз.

Хуыцаубон, 29 декабрь

Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн – мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн (1 Пад. 21:3).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: дыууӕ ӕнаккаг лӕджы иу адӕймаджы фӕаххосджын кодтой стыр фыдракӕнды. Фӕлӕ кӕд уыцы мӕнгӕвдисӕнтӕ сайгӕ кодтой, уӕддӕр ын мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд. Ахъуыды-ма кӕн, рӕстзӕрдӕ адӕмӕн куыд зын уыдаид, уыцы ӕнаххос адӕймаджы ӕмӕ йӕ фыртты дуртӕй куыд фӕхостой, уымӕ кӕсын. Уый уыд ӕцӕг хабар ӕмӕ ӕрцыд Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Навуфейыл Израилы паддзах Ахавы рӕстӕг (1 Пад. 21:11–13; 2 Пад. 9:26). Паддзах Ахавы фӕндыд Навуфейы сӕнӕфсирдон балхӕнын кӕнӕ йын йӕ бӕсты ӕндӕр, хуыздӕр сӕнӕфсирдон раттын, фӕлӕ Навуфей не сразы. Цӕуылнӕ? Навуфей уыцы хъуыддагыл уымӕн не сразы, ӕмӕ уый уыд, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы закъоны ныхмӕ. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ, фыдӕлты зӕхх ӕндӕр кӕйдӕр бауыдаид, уый гӕнӕн нӕ уыд (Лев. 25:23; Ным. 36:7). Бӕрӕг у, Навуфей Йегъовӕйӕн коммӕгӕс кӕй уыд. w17.04 23 ф., 1 абз.; 24 ф., 4 абз.

Къуырисӕр, 30 декабрь

Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис (Пс. 37:10).

Фыдгӕнджытӕ куы фесӕфой, уӕд зӕххыл чи баззайдзӕн? Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты». Уыцы псаломы ма фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:11, 29). Цымӕ уыцы «сабыр адӕм» ӕмӕ «рӕстгӕнджытӕ» чи сты? Сабыр адӕм сты, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы разамындмӕ чи хъусы, уыдон. Рӕстгӕнджытӕ сты, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый зӕрдиагӕй чи аразы, уыдон. Абоны дунейы фыдгӕнджытӕ рӕстгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр сты. Фӕлӕ, тагъд цы ног дуне ралӕудзӕн, уым ӕрмӕстдӕр сабыр ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕм цӕрдзӕн. Ӕмӕ уыдон зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзысты! w17.04 10, 11 фф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 31 декабрь

Дӕ къух куы амона, уӕд... хорздзинад ма бавгъау кӕн (Ӕмб. 3:27).

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны не ’фсымӕрты уарзынмӕ дӕр, уӕлдайдӕр та ӕвирхъау хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд (1 Иоан. 3:17, 18). Фыццаг ӕнусы Иудейӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд уым цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ баххуыс кодтой (Хъуыд. 11:28, 29). Стӕй ма апостолтӕ Павел ӕмӕ Петр чырыстӕтты разӕнгард кодтой, цӕмӕй уазӕгуарзон уыдаиккой (Ром. 12:13; 1 Пет. 4:9). Кӕд чырыстӕттӕ, ӕмбырдтӕ чи фӕбӕрӕг кӕны, уыцы ӕфсымӕрты суазӕг кӕнынц, уӕд, йӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕн у кӕнӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыдонмӕ цас тынгдӕр хъуамӕ равдисой уазӕгуарзондзинад! Ӕрӕджы Украинӕйы скӕсӕн хайы мингай Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ алидзын, хӕст дзы кӕй цыд, стӕй сӕ ӕфхӕргӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Хъыгагӕн дзы чидӕртӕ фӕмард. Фӕлӕ сӕ фылдӕры суазӕг кодтой ӕфсымӕртӕ Украинӕйы ӕмӕ Уӕрӕсейы. Уыцы бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ никӕй фарс рахӕцыдысты, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, «ацы дунейӕ [кӕй] не сты», ӕмӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ «хъусын кодтой хорз хабар» (Иоан. 15:19; Хъуыд. 8:4). w17.05 4 ф., 6, 7 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын