Ноябрь
Майрӕмбон, 1 ноябрь
Ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ... цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй (Тит. 2:12).
Хиуылхӕцындзинад уый у, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕ хъуыдытыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зондахаст куы сраст кӕны. Уыцы миниуӕг адӕймаг йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы – хъуамӕ йӕ йӕ удыхъӕды сфидар кӕна. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕразонӕй, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» куы фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕ «йӕ зондыл» куы фӕаразынц, уӕд уый фӕрцы сывӕллӕттӕ свӕййынц хиуылхӕцгӕ ӕмӕ зондӕй архайын сахуыр вӕййынц (Еф. 6:4). Йегъовӕйы стырӕй чи базоны, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд цавӕрдӕр хъуыддӕгты хиуылхӕцгӕ вӕййынц, уӕддӕр сӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ схонӕн нӕма вӕййы. Фӕлӕ, сӕ «удыхъӕд ногмӕ ивын» ӕмӕ Йесойы фӕзмын куы райдайынц, уӕд фӕлтӕрдджындӕр свӕййынц (Еф. 4:23, 24). Хиуылхӕцындзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сахуыр уӕм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. w18.03 29 ф., 3, 4 абз.
Сабат, 2 ноябрь
Алкӕддӕр ут уазӕгуарзон (Ром. 12:13).
Ӕмбырдтӕм нӕ фӕхонынц Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци. Ӕмӕ не ’мбырдтӕм чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр, уӕлдайдӕр та ногтыл, зӕрдиагӕй бацин кӕнӕм (Ром. 15:7). Уыдон дӕр махау Йегъовӕйы уазджытӕ сты. Уӕдӕ-иу сӕм хъуамӕ хӕларзӕрдӕ уӕм, сӕ уынд ӕмӕ сӕ конд цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр (Иак. 2:1–4). Кӕд ӕй бафиппайдтам, ӕмӕ ӕмбырдмӕ ног чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ дзы никӕй зоны, уӕд ӕй нӕ бон нӕ уаид нӕ фарсмӕ сбадын кӕнын? Ӕмбырды рӕстӕг ын куы ’ххуыс кӕнӕм, ныхас цӕуыл цӕуы ӕмӕ дарддӕр та цы уыдзӕн, уый бамбарынӕн ӕмӕ-иу ын Библийы стихтӕ ссарынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕбузныг уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд махӕй дӕр зӕгъӕн уыдзӕн, уазӕгуарзон кӕй стӕм. Ӕндӕр ӕмбырдӕй нӕм ӕфсымӕртӕ раныхӕстимӕ куы ’рбацӕуынц кӕнӕ та нын не ’мбырд районон цӕстдарӕг йе та хатгай филиалӕй ӕрвыст ӕфсымӕр куы бабӕрӕг кӕны, уӕд нын уый хорз фадат вӕййы, цӕмӕй нӕ уазӕгуарзондзинад равдисӕм (3 Иоан. 5–8). Зӕгъӕм, нӕ бон сӕ вӕййы нӕхимӕ къӕбӕр ахӕрынмӕ фӕхонын. w18.03 15 ф., 5, 7 абз.
Хуыцаубон, 3 ноябрь
Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын? (Хъуыд. 8:36).
Ӕркӕсӕм, чырыстӕтты фӕдыл чи зылд, иу ахӕм дзуттаг нӕлгоймаджы хабармӕ. Дзуттӕгтӕ уыдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм, фӕлӕ йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Уыцы нӕлгоймаг дзуттӕгты дины ӕгъдӕуттыл тынг ӕнувыд уыд. Фӕлӕ иу хабары фӕстӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти йӕм йӕхӕдӕг уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта. Ӕмӕ йӕм стӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, Анани, куы ’рбацыд, уӕд ын уый дӕр йе ’ххуысыл зӕрдиагӕй сразы. Библийы уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй фыст ис: «Уӕд сыстад ӕмӕ донаргъуыд райста» (Хъуыд. 9:17, 18; Гал. 1:14). Зын бамбарӕн нӕу, уыцы дзуттаг нӕлгоймаг кӕй уыд, фӕстӕдӕр апостол Павелӕй кӕй зыдтой, уый. Бафиппаинаг уый у, ӕмӕ Павел, Йегъовӕ йӕ фӕндон Йесойы фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны, уый куыддӕр бамбӕрста, афтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ донаргъуыд райста (Хъуыд. 22:12–16). Нӕ рӕстӕджы дӕр, Библи чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – сӕ хабар афтӕ у. w18.03 5, 6 фф., 9–11 абз.
Къуырисӕр, 4 ноябрь
Мӕ бон нӕ уыд, сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕймӕгтимӕ куыд ныхас кӕнай, уемӕ афтӕ ныхас кӕнын (1 Кор. 3:1).
Иаков йӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Зӕгъӕм, йе ’фсымӕр Исав ӕй амарынмӕ хъавыд, йӕ каис та йыл цалдӕр хатты хинӕй рацыд. Фӕлӕ кӕд Иаков ахӕм адӕмы ’хсӕн цард, уӕддӕр алкӕддӕр архайдта Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ (1 Кор. 2:14–16). Уый фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл. Иаков зыдта, уыцы зӕрдӕвӕрд йӕ бинонты уылты кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр хъуыди, уымӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ сыл тыхсти (Райд. 28:10–15). Йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй алкӕддӕр бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзы йӕ фӕндон рох кӕй не сты. Зӕгъӕм, афтӕ куы ахъуыды кодта, ӕмӕ йын Исав ӕвзӕрӕй цыдӕр саразынмӕ хъавы, уӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын... фервӕзын [мӕ] кӕн. [...] Ды мын дӕхӕдӕг куы загътай: „Ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн, денджызы был змисӕн куыд нӕй банымайӕн, афтӕ“» (Райд. 32:6–12). Иаковӕн йӕ цардӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд. w18.02 20 ф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 5 ноябрь
[Иов у] ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй (Иов 1:8).
Иов сӕмбӕлд, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр фӕлварӕнтыл. Уый размӕ «ӕгас Скӕсӕны уымӕй кадджындӕр адӕймаг нӕ уыд» (Иов 1:3). Иов уыди хъӕздыг, зындгонд ӕмӕ нымад лӕг (Иов 29:7–16). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Иов йӕхицӕй не схъал ӕмӕ афтӕ никуы хъуыды кодта, ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр фӕцӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ схуыдта йӕ «лӕггадгӕнӕг». Хӕйрӕг йӕ ныхтӕ Иовы ныссагъта. Фыццаг уал ыл фӕд-фӕдыл карз бӕллӕхтӕ ӕруагъта, цӕмӕй Иов афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтаид, ӕмӕ йӕ уыцы бӕллӕхты хай Хуыцау бакодта (Иов 1:13–21). Уый фӕстӕ Иовмӕ ӕрцыдысты йе ’ртӕ ӕмбалы. Уыдон ын сӕ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ скъахтой. Загътой йын, уыцы бӕллӕхтӕй йӕ Хуыцау йӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй ӕфхӕры! (Иов 2:11; 22:1, 5–10). Фӕлӕ уӕддӕр Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад. Иовӕн йӕ фӕлварӕнтӕ куы фесты, уӕд ын Йегъовӕ раарфӕ кодта – ӕнӕхай цӕмӕй фӕци, уый йын дыууӕ ахӕмӕй радта ӕмӕ ма Иов ноджыдӕр фӕцарди 140 азы (Иак. 5:11). Иов Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг йӕ мӕлӕты онг. w18.02 6 ф., 16 абз.; 7 ф., 18 абз.
Ӕртыццӕг, 6 ноябрь
Адӕм уыдзысты... хиппӕлой, сӕрбӕрзонд (2 Тим. 3:2).
Ахӕм адӕмы фӕфӕнды, цӕмӕй сын иннӕтӕ кад кӕной ӕмӕ сӕ ӕппӕлой. Иу ахуыргонд сӕрбӕрзонд адӕймӕгты тыххӕй ныффыста: «Сӕ зӕрдӕты ис „гыццыл кувӕндон“, ӕмӕ уыцы кувӕндоны, хуыцауӕн куыд кувай, афтӕ сӕхицӕн фӕкувынц». Иуӕй-иутӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй сӕрбӕрзонддзинад ахӕм ӕвзӕр миниуӕг у, ӕмӕ, сӕрбӕрзонд адӕмӕн суанг сӕхи зӕрдӕмӕ дӕр нӕ фӕцӕуынц, уыцы миниуӕг кӕмӕ ис, уыдон. Йегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй йе сӕфт уыны. Уымӕн «хъал цӕстытӕ» ӕнад сты (Ӕмб. 6:16, 17). Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн йӕ бон никуы бауыдзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уа (Пс. 10:4). Уыцы миниуӕг фыццаг Хӕйрӕгмӕ фӕзынд (1 Тим. 3:6). Хъыгагӕн-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ ссӕрбӕрзонд сты. Зӕгъӕм, йӕ хабар афтӕ рауад Иудӕйы паддзах Озийӕн. Бирӕ азты дӕргъы Ози Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, «фӕлӕ хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд, Йегъовӕйы кувӕндонмӕ бацыд, цӕмӕй... буд ссыгътаид». Фӕстӕдӕр йӕ хабар афтӕ рауад паддзах Езекийӕн дӕр. Уый йӕ зӕрдӕйы сӕрбӕрзонддзинадӕн бынат радта, кӕд афтӕ рӕстӕгмӕ уыд, уӕддӕр (2 Аз. 26:16; 32:25, 26). w18.01 28 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 7 ноябрь
Алчидӕр-иу... цы йӕм ис, уымӕй хицӕнӕй сӕвӕрӕд, йӕ къух цас амоны, уыйбӕрц (1 Кор. 16:2).
Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕммӕ-иу мысайнаг дӕттыны ӕгъдау кӕй уыд. Хатгай-иу мысайнӕгтӕ лӕвӕрдтой, исты саразын кӕнӕ-иу сцалцӕг кӕнын куы хъуыд, уӕд (Рац. 35:5; 2 Пад. 12:4, 5; 1 Аз. 29:5–9). Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды дӕр уыди ахӕм ӕгъдау. Зӕгъӕм, иуафон Иудейӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд чырыстӕттӕ «бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн», цӕмӕй уым цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кодтаиккой (Хъуыд. 11:27–30). Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы адӕммӕ, мысайнагӕн цы лӕвӕрдтой, уый кӕцӕй ӕфтыд? Фыццаг ӕнусы-иу чырыстӕттӕй чидӕртӕ сӕ исбон, зӕгъӕм, сӕ зӕххытӕ кӕнӕ сӕ хӕдзӕрттӕ, ауӕй кодтой, ӕмӕ-иу уыцы ӕхца апостолтӕм ӕрбахастой. Апостолтӕ та-иу уыцы ӕхца байуӕрстой, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоныл (Хъуыд. 4:34, 35). Иннӕтӕ та-иу ӕдзухдӕр се ’хцайӕ иуцасдӕр рахицӕн кодтой, ӕмӕ-иу уый мысайнагӕн радтой. Афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, Хуыцауы хъуыддагӕн ӕххуыс кодтой (Лук. 21:1–4). w18.01 18 ф., 7 абз.; 19 ф., 9 абз.
Майрӕмбон, 8 ноябрь
Лӕппутӕ дӕр сфӕлмӕцдзысты ӕмӕ бафӕллайдзысты (Ис. 40:30).
Чи зоны, цӕмӕдӕрты арӕхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ нӕ бон алцыдӕр у. Ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа. Апостол Павел дӕр кӕд бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхст, уӕддӕр йӕ бон алцы нӕ уыд. Иухатт Хуыцауӕн йӕ сагъӕстӕ куы радзырдта, уӕд ын уый загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Павел бамбӕрста, уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:7–10). Цымӕ Павелы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Павел ӕмбӕрста, ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ бауыдзӕн. Хъару-иу ӕм куы нал баззад, уӕд-иу ӕй Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бафидар кодта. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма йын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта, йӕхи хъаруйы фӕрцы кӕй никуы бакодтаид, уыцы хъуыддӕгтӕ бакӕнынӕн дӕр. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы хай кӕна, уӕд фидар уыдзыстӕм! w18.01 9 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 9 ноябрь
Ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай (2 Тим. 3:15).
Дӕ сывӕллоны донаргъуыд райсын куы фӕнда, уӕд ын-иу йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, йӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд куы райса, уӕд ыл уый цы хӕс ӕвӕры ӕмӕ йын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕсдзӕн, уый. Ныййарджытыл ис стыр хӕс – хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Ӕмӕ сын уый стыр кад куыннӕ у! Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ сын, Библийы цы фыст ис, уый амонай – хъуамӕ ма сын ӕххуыс кӕнай, цӕмӕй, цы базонынц, ууыл ӕууӕндгӕ дӕр бакӕной. Сывӕллонӕн йӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд ӕй бафӕнддзӕн йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Уӕдӕ уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ разамынд Йегъовӕйы Ныхасы агурут, йӕ сыгъдӕг тых дзы курут ӕмӕ уӕ хъарутыл ма ауӕрдут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕм уыдзӕн «ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзой». w17.12 22 ф., 17, 19 абз.
Хуыцаубон, 10 ноябрь
Бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай (Дан. 12:13).
Данелыл 100 азмӕ ӕввахс цыди ӕмӕ йын бирӕ нал баззад. Цымӕ йӕ ныфс уыди, искуы та ногӕй кӕй цӕрдзӕн? Куыннӕ! Данелы чиныджы кӕрон фыст ис, Хуыцау ын зӕды уылты афтӕ кӕй загъта: «Данел, кӕронмӕ фидар лӕуу. Ды ӕрӕнцайдзынӕ». Ацӕргӕ Данел зыдта, ингӕны «нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» кӕй ис (Еккл. 9:10). Ӕмӕ йӕхимӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ Данел зыдта, уый кӕрон кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау фидӕнӕй зӕрдӕ бавӕрдта. Дарддӕр Йегъовӕйы зӕд Данелӕн загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Уыцы хабар бӕлвырд кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй Данел ницы зыдта. Уый ӕмбӕрста, кӕй «ӕрӕнцайдзӕн». Фӕлӕ фидӕны йӕ «хал райсыны» тыххӕй кӕй хъуамӕ рабадтаид, уый йын ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, йӕ мӕлӕтӕй бирӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд кӕй райгас уыдзӕн. Уыцы хабар хъуамӕ ӕрцыдаид «бонты кӕрон». w17.12 7 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 11 ноябрь
Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ [йӕ] марӕн нӕй (Ным. 35:30).
Йегъовӕ Израилы хистӕр лӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ тӕрхон кодтаиккой. Лӕгмард-иу куы ’рцыд, уӕд-иу хистӕр лӕгтӕ хъуамӕ фыццаджыдӕр алцыдӕр сбӕлвырд кодтаиккой. Уый фӕстӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кодтаиккой, адӕймаджы чи амардта, уый афтӕ цӕмӕн бакодта, йӕ къухӕй чи амард, уымӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ раздӕр йемӕ куыд уыд, ууыл. Уый ӕнӕмӕнг уыди, цӕмӕй аскъуыддзаг кодтаиккой, лӕгмарӕн ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ. Хистӕр лӕгты-иу хъуыди базонын, туджджын иннӕ адӕймагӕй йе сӕфт уыдта ӕмӕ йӕ барӕй амардта ӕви нӕ, уый (Ным. 35:20–24). Кӕд-иу хабарӕн ӕвдисӕнтӕ уыд, уӕд-иу дыууӕйӕ къаддӕр хъуамӕ ма уыдаиккой. Хабар ӕцӕгдӕр куыд уыд, уый-иу хистӕр лӕгтӕ куы сбӕлвырд кодтой, уӕд-иу сӕ хъуыди ахъуыды кӕнын туджджынӕн йӕхиуыл дӕр, цы сарӕзта, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ. Хъуамӕ арфуынӕг уыдаиккой, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый. Сӕйраджыдӕр та сӕ хъуыди Йегъовӕйы сыгъдӕг тых. Уый фӕрцы сӕ бон уыдаид Йегъовӕйы фӕзмын, цӕмӕй уыйау арфуынӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой ӕмӕ рӕстӕй архайдтаиккой (Рац. 34:6, 7). w17.11 16 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 12 ноябрь
Уыдӕттыл хъуыды кӕн (1 Тим. 4:15).
Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд диссаджы хабӕрттӕ базыдтам. Базыдтам, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид. Стӕй ма базыдтам, Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ нӕ бон кӕй уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрын (Иоан. 3:16; Рарг. 4:11; 21:3, 4). Иуӕй-иу хатт Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕнӕ стихтӕй кӕцыдӕртӕ ӕндӕрхуызон ӕмбарын райдайӕм. Уӕд фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй, цы фӕивта, уый хорз раиртасӕм ӕмӕ йыл ахъуыды кӕнӕм (Хъуыд. 17:11). Раздӕр ӕй куыд ӕмбӕрстам ӕмӕ йӕ ныр куыд ӕмбарӕм, уый куыд хицӕн кӕны, ӕрмӕст уый фенын фаг нӕу. Ныр ӕй куыд ӕмбарӕм, уымӕ хъуамӕ лыстӕг хабӕртты онг ӕркӕсӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зонындзинӕдты «къӕбицы» фӕзындзӕн ног хӕзна. w17.06 12, 13 фф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 13 ноябрь
Амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын (Кол. 3:5).
Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты ахизынӕй тӕссаг цы уавӕрты вӕййы, уыцы уавӕрты-иу хъуамӕ уӕм уӕлдай къӕрцхъус. Зӕгъӕм, зондыл дзурӕг уаид, ӕмбӕлын чи райдыдта, ахӕм хо ӕмӕ ’фсымӕр ӕппӕты райдианы куы аныхас кӕниккой, кӕрӕдзийы къухтыл хӕцын, хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кӕнын, стӕй хибарӕй баззайынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл (Ӕмб. 22:3). Чырыстоныл ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕй фӕтых уыдзысты, уымӕй ма йын тӕссаг вӕййы, командировкӕйы куы ацӕуы йе та хойы нӕлгоймагимӕ кӕнӕ ӕфсымӕры сылгоймагимӕ кусын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр (Ӕмб. 2:10–12, 16). Тынг тӕссаг ма вӕййы, ӕнкъард куы фӕкӕнӕм кӕнӕ нӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсӕм, уӕд дӕр. Ахӕм рӕстӕг адӕймаджы фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ фарсмӕ исчи уа. Чи зоны, ахӕм ныфссаст уа, ӕмӕ йын кӕйфӕнды рӕвдыд дӕр ӕхсызгон уа. Искуы ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй ӕххуыс бацагур (Пс. 34:18; Ӕмб. 13:20). w17.11 26 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 14 ноябрь
Уӕхицӕн рахицӕн кӕнут... ӕмбӕхсӕн горӕттӕ (Йес. Н. 20:2).
Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст, израилӕгтӕй-иу исчи искӕй кӕй амардта, уымӕ. Адӕймаджы-иу барӕй чи амардта, уымӕн-иу йӕхи дӕр хъуыди амарын. Маргӕ та-иу ӕй хъуамӕ акодтаид, кӕй туг ныккалдта, уымӕн йе ’ввахсдӕр хӕстӕг, нӕлгоймаг, хуыдтой йӕ «тугисӕг» (Ным. 35:19). Афтӕмӕй-иу лӕгмар, ӕнаххос туг кӕй ныккалдта, уый йӕхи тугӕй бафыста. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Цы зӕххыл цӕрут, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх чъизи кӕны [адӕймаджы] тугӕй». Уӕдӕ-иу лӕгмарӕн уайтагъд кӕй стӕрхон кодтой, уый фӕрцы-иу Зӕрдӕвӕрд зӕхх нӕ фӕчъизи (Ным. 35:33, 34). Фӕлӕ-иу адӕймаг искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд та-иу куыд бакӕнын хъуыд? Кӕд-иу барӕй нӕ уыди, уӕддӕр-иу тугныккалды аххосджын уыд (Райд. 9:5). Фӕлӕ Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм адӕймагмӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕн – бар ын уыди, цӕмӕй тугисӕгӕй алыгъдаид, Израилы цы ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты уыди, уыдонӕй искӕцымӕ. Кӕд ын-иу уыцы горӕты баззайыны бар радтой, уӕд-иу йӕ цардӕн тӕссаг нал уыд. Фӕлӕ уым хъуамӕ цардаид хистӕр сауджыны мӕлӕты онг (Ным. 35:15, 28). w17.11 9 ф., 3–5 абз.
Майрӕмбон, 15 ноябрь
Ӕмбаргӕ адӕймаг... ӕфхӕрд ницӕмӕ ӕрдары (Ӕмб. 12:16).
Австралийӕ иу хо радзырдта: «Мӕ сӕрыхицауы фыд рӕстдзинады ныхмӕ тынг цыд. Ӕмӕ-иу ӕм цалынмӕ телефонӕй бадзырдтам, уӕдмӕ-иу Йегъовӕмӕ скуывтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид, ӕмӕ-иу ӕм мах дӕр ма смӕсты уыдаиккам. Стӕй-иу арӕх афтӕ рауад, ӕмӕ-иу бирӕ рӕстӕг куы ныхас кодтам, уӕд-иу дины тыххӕй дӕр райдыдтам дзурын, ӕмӕ-иу уый та быцӕутӕм асайдта. Ӕмӕ уый тыххӕй рагацау аскъуыддзаг кодтам, йемӕ телефонӕй цас дзурдзыстӕм, уый». Уе ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕхи хӕрай, уымӕн ӕмӕ дӕ хиуӕтты уарзыс ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнай, уый дӕ нӕ фӕнды. Фӕлӕ кӕд дӕ бинонты уарзыс, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ уай иузӕрдион. Дӕ бинонтӕ дӕр уый куы уыной, уӕд ӕй, чи зоны, бамбарой, адӕймагӕн йӕ цард кӕнгӕ кӕй у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ, уымӕй. Рӕстдзинады фӕндагыл тыххӕй никӕй слӕууын кӕндзынӕ. Фӕлӕ дӕумӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ дӕр уындзысты, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый дын пайда кӕй хӕссы. Йегъовӕ дӕуӕн куыд радта равзарыны фадат, афтӕ уыдонӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй равзарой, лӕггад ын кӕндзысты ӕви нӕ (Ис. 48:17, 18). w17.10 15, 16 фф., 15, 16 абз.
Сабат, 16 ноябрь
Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).
Хатт ӕрмӕст ныхӕстӕ фаг нӕ вӕййынц. Хъуамӕ-иу нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй дӕр равдисӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр кӕнӕ хо хъуаг куы ӕййафа, уӕд ын ӕрмӕст нӕ хорз ныхӕстӕ ницы ӕххуыс фӕуыдзысты (Иак. 2:15, 16). Стӕй Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕй ӕрмӕст кургӕ нӕ кӕнӕм, цӕмӕй «хуыммӕ кусджытӕ рарвита», фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй фыдӕбон кӕнӕм (Матф. 9:38). Апостол Иоанн ныффыста, иннӕты «хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» кӕй хъуамӕ уарзӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ уарзт хъуамӕ уа «ӕнӕхин» (Ром. 12:9; 2 Кор. 6:6). Нӕхи афтӕ куы ’вдисӕм, цыма кӕйдӕр уарзӕм, ӕцӕгӕй та афтӕ куы нӕ уа, уӕд уый ӕцӕг уарзондзинад нӕу. Уый афтӕ уыдзӕн, цыма нӕ уӕлӕ маскӕ скодтам. Ӕмӕ, хиндзинад кӕм ис, ахӕм уарзондзинад уӕвгӕ уарзондзинад у? Уым ӕцӕг уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. w17.10 8 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 17 ноябрь
Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс... ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ (Йес. Н. 1:8).
Цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ива, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кӕсӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы бон дӕр. Нӕ фылдӕрӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы аразинаг. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ мацы бахъыгдара Библи кӕсын, суанг, ӕнӕмӕнг нӕ цы фӕхъӕуы аразын, уыдӕттӕ дӕр (Еф. 5:15, 16). Библи кӕсӕн ис райсомӕй раджы кӕнӕ изӕрӕй, йе та боны мидӕг ӕндӕр кӕцыдӕр афон. Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Пс. 119:97). Фӕлӕ Библи ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ-иу, цы бакӕсӕм, ууыл арф хъуыды кӕнӕм (Пс. 1:1–3). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдзӕн нӕ бон йӕ зондджын уынаффӕтӕй нӕ царды пайда кӕнын. Уӕдӕ мыхуыргонд Библи кӕсӕм ӕви йӕ компьютеры кӕнӕ планшеты кӕсӕм,– хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕтӕм арф бахъара. w17.09 24 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 18 ноябрь
Кӕрӕдзийы зын ӕмбарут (1 Пет. 3:8).
Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ иннӕтӕн алы уавӕры дӕр ӕмбӕлы тӕригъӕд кӕнын. Зӕгъӕм, паддзах Саул амаликӕгты паддзах Агагы, Хуыцауы адӕмы знаджы, нӕ амардта, тӕригъӕд у, зӕгъгӕ. Саул ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, паддзах кӕй нал уыдзӕн (1 Сам. 15:3, 9, 15). Йегъовӕ у рӕстаг Тӕрхонгӕнӕг. Уый уыны адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕзоны, адӕймагӕн фӕтӕригъӕд кӕнын раст кӕд нӕ уыдзӕн, уый (Йер. хъ. 2:17; Йез. 5:11). Тагъд рӕстӕджы уый тӕрхон кӕндзӕн, чи нӕ йӕм хъусы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (2 Фес. 1:6–10). Уӕд уый рӕстӕг нал уыдзӕн, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн тӕригъӕд кӕна. Кӕй сӕ фесафдзӕн, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, рӕстгӕнджытӕн кӕй тӕригъӕд кӕны ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах тӕрхонгӕнджытӕ не стӕм, ӕмӕ, удӕгасӕй ныууадзын кӕй хъӕуы ӕмӕ фесафын кӕй хъӕуы, уый мах не скъуыддзаг кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм. w17.09 10, 11 фф., 10–12 абз.
Дыццӕг, 19 ноябрь
Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у... хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23).
Хиуылхӕцындзинад хауы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ. Хуыцау ацы миниуӕг, кӕм фӕхъӕуы, уым алкӕддӕр равдисы, фӕлӕ махӕн та уый алы хатт нӕ рауайы, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Ӕмӕ адӕмӕн хиуылхӕцындзинад кӕй нӕ фаг кӕны, абон бирӕ зындзинӕдтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарынц. Уый тыххӕй афтӕ рауайы, ӕмӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ аразыныл абон-райсом фӕкӕнынц, скъолайы ӕвзӕр фӕахуыр кӕнынц кӕнӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ фӕкусынц. Адӕм сӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕзонынц, уый ма ӕркӕны ахӕм хъуыддӕгтӕм дӕр: иннӕтӕн фӕкӕнынц ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фыдмитӕ, нозтыл бафтынц, лӕг ӕмӕ ус ахицӕн вӕййынц, чидӕртӕ хъӕуа-нӕ-хъӕуа хӕстӕ райсынц, стӕй ма исты ӕвзӕр хъуыддӕгтыл сахуыр вӕййынц, ахӕстонмӕ бахауынц, сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ баззайы, ӕнӕгъдау миты тыххӕй сыл исты ӕвзӕр низ бахӕцы ӕмӕ афтӕ дарддӕр (Пс. 34:11–14). Стӕй бӕрӕг у, азӕй-азмӕ адӕмӕн зындӕр кӕй у хиуылхӕцындзинад ӕвдисын. Ӕмӕ нӕм хъуамӕ уый диссаг дӕр ма кӕса, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы раджы фыст ӕрцыд, «фӕстаг бонты» бӕрӕггӕнӕнтӕй иу кӕй уыдзӕн, адӕм хиуыл хӕцын кӕй нӕ зондзысты, уый (2 Тим. 3:1–3). w17.09 3 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 20 ноябрь
Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ (Фил. 4:7).
«Хуыцауы фарнӕй» хайджын куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд уыдзысты сабыр. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (1 Пет. 5:10). Ӕмӕ уый фӕрцы сагъӕсты бын нӕ фӕвӕййӕм кӕнӕ, истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты. Тагъд цы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, уый хуызӕн хабар зӕххыл никуыма уыд (Матф. 24:21, 22). Уый махӕй алкӕуыл дӕр куыд фӕзындзӕн, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ куыд архайдзӕн, уый лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм, фӕлӕ нӕ Хуыцауы хорз зонӕм. Рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд уыд, уымӕй зонӕм, йӕ фӕнд цыфӕндыйӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕны, ӕмӕ хатт, цы саразы, уый адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Уӕдӕ Йегъовӕ абон мах тыххӕй цыдӕр куы саразы, уӕд уый фӕрцы нӕхиуыл ӕндӕр хуызы бавзарӕм, «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн», куыд архайы, уый. w17.08 12 ф., 16, 17 абз.
Цыппӕрӕм, 21 ноябрь
Нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ ут фӕразон (Иак. 5:7).
«Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?» – бафарста Йегъовӕйы йӕ иузӕрдион пехуымпар Исай. Иннӕ иузӕрдион пехуымпар Аввакум та йӕ бафарста: «Цас ма?» (Ис. 6:11; Ав. 1:2). Суанг ма Йесо Чырысти дӕр, уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕмы уынгӕйӕ загъта, «цас ма», зӕгъгӕ (Матф. 17:17). Уӕдӕ диссаг нӕ уыдзӕн, махмӕ дӕр-иу хатт ахӕм фарста куы фӕзына, уӕд. Чи зоны, дзӕгъӕлы ӕфхӕрд баййӕфтам. Кӕнӕ та ныл, гӕнӕн ис, азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, цавӕрдӕр низ нӕ уӕгъд нӕ уадзы, науӕд сфӕлмӕцыдыстӕм, «тынг уӕззау рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уымӕй (2 Тим. 3:1). Чи зоны, нӕ алыварс адӕмы митӕм кӕсгӕйӕ нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ йӕ аххосаг цыфӕнды ма уа,– стыр ныфсы хос нын у, раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм ахӕм фарста кӕй фӕзынд ӕмӕ-иу сӕм Йегъовӕ уый тыххӕй кӕй не смӕсты, уый. Фӕлӕ нын зын уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн? Ацы фарстайӕн ахуыргӕнинаг Иаков дзуапп радта, абоны стихы фыст ныхӕстӕ куы загъта, уӕд. w17.08 3, 4 фф., 1–3 абз.
Майрӕмбон, 22 ноябрь
Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы (Лук. 16:9).
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй, «мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы» сӕхицӕн уӕлӕрвты хӕлӕрттӕ скодтаиккой. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн иу мадзал у, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уый (Матф. 24:14). Индийы иу гыццыл чызгӕн уыд, ӕхца кӕм ӕмбырд кодта, ахӕм гыццыл къопп, ӕмӕ-иу дзы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лыстӕг ӕхцатӕ ныппӕрста. Уый тыххӕй йӕхицӕн хъазӕнтӕ ӕлхӕнын дӕр нал куымдта. Ӕмӕ йӕ къопп куы байдзаг, уӕд йе ’хцатӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн мысайнагӕн радта. Индийы иу ӕфсымӕрмӕ ис кокосты фермӕ, ӕмӕ иухатт бирӕ кокостӕ балӕвар кодта, ӕвзаг малаяламмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы офисӕн. Уыцы ӕфсымӕр афтӕ ахъуыды кодта: ӕнӕуи дӕр сӕ фӕхъӕуы кокостӕ ӕлхӕнын, ӕмӕ сын кокостӕ куы балӕвар кӕнон, уӕд уый ӕхцайы мысайнагӕй хуыздӕр уыдзӕн. Уый схонӕн ис «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд. Афтӕ Грецийы дӕр ӕфсымӕртӕ Вефилы бинонтӕн ӕдзухдӕр мысайнагӕн фӕдӕттынц оливӕйы сой, цыхт ӕмӕ ма ӕндӕр хойрӕгтӕ дӕр. w17.07 8 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 23 ноябрь
Сионы зарджытӕй-ма нын азарут (Пс. 137:3).
Израилӕгтӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд сӕ хъуыди бафидар кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс бауадзын. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасы рагацау фыст ӕрцыд, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн. Цымӕ куыд? Персы паддзах Кир Вавилон куы бацахста, уӕд загъта: «[Йегъовӕ] мын бахӕс кодта, цӕмӕй йын... Иерусалимы хӕдзар саразон. Уӕдӕ, уе ’хсӕн йӕ адӕмӕй чи ис, уыдонӕн сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ уӕд. Ӕмӕ уырдӕм ацӕуӕнт» (2 Аз. 36:23). Израилӕгтӕн Вавилоны ахӕм ныхӕстӕ удӕнцойы хос куыннӕ уыдаиккой! Йегъовӕ-иу Израилы адӕмы ӕрмӕст ӕмткӕй райсгӕйӕ нӕ бафидар кодта, фӕлӕ алы израиладжы дӕр хицӕнӕй. Ӕмӕ абон дӕр афтӕ фӕкӕны. Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны» (Пс. 147:3). Рынчын кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, ууыл. Йегъовӕйы зӕрдиагӕй фӕнды махӕн удӕнцой раттын ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕнын (Пс. 34:18; Ис. 57:15). Йегъовӕ нын дӕтты зонд ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕразӕм (Иак. 1:5). w17.07 18 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 24 ноябрь
Уӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзысты уӕ зӕрдӕтӕ дӕр (Лук. 12:34).
Дун-дунейы Йегъовӕйӕ хъӕздыгдӕр нӕй. Алцыдӕр йӕ къухы ис (1 Аз. 29:11, 12). Фӕлӕ Йегъовӕ у тынг рӕдау. Ӕмӕ дзы куыд бузныг стӕм, цы хӕзнатӕ нын радта, уыдоны тыххӕй! Уыцы хӕзнатӕй иуӕй-иутӕ сты: 1) Хуыцауы Паддзахад, 2) нӕ лӕггад ӕмӕ 3) йӕ Ныхасы чи ис, уыцы хӕзнатӕ. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ферох кӕнӕм, уыцы хӕзнатӕн цы стыр аргъ ис, уый. Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уыцы хӕзнатӕ куыд зынаргъ сты, ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакодтаиккам, уый тыххӕй нӕ бирӕты бахъуыди нӕ цард бынтондӕр фӕивын (Ром. 12:2). Фӕлӕ нӕ тох нӕма фӕци. Хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй цӕйдӕр тыххӕй Хуыцауы Паддзахадӕн мауал аргъ кӕнӕм – нӕдӕр мулчы тыххӕй, нӕдӕр ӕнӕгъдау буары фӕндты тыххӕй (Ӕмб. 4:23; Матф. 5:27–29). w17.06 9 ф., 1 абз.; 10 ф., 7 абз.
Къуырисӕр, 25 ноябрь
Мыййаг сӕ уый тыххӕй зоныс? (Иов 38:21).
Иов цӕмӕн хъизӕмар кодта, уый йын Йегъовӕ нӕ бамбарын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхи Иовы раз рӕстытӕ кӕнын нӕ хъуыди. Фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Иов бамбӕрстаид, адӕймаг Хуыцауы раз рыджы муры йас йеддӕмӕ кӕй нӕу. Стӕй ма йын бамбарын кодта, Иовы зындзинӕдтӕй ахсджиагдӕр хабӕрттӕ кӕй ис (Иов 38:18–20). Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕсты фӕрцы Иов йӕ зондахаст аивта. Иов цытӕ бавзӕрста, уыдӕтты фӕстӕ йын Йегъовӕ ӕргомӕй уынаффӕ кӕй радта, уый тыххӕй Йегъовӕйы дурзӕрдӕ схонӕн ис? Нӕй. Ӕмӕ Иов дӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта. Иов Йегъовӕйӕ йӕ уынаффӕйы тыххӕй бузныг уыд. Афтӕ дӕр ма загъта: «Мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын, фӕсмон кӕнын, рыг ӕмӕ фӕнычы бадын» (Иов 42:1–6). Иов Йегъовӕйы уынаффӕмӕ куы байхъуыста ӕмӕ йӕ зондахаст куы аивта, уӕд Йегъовӕ иннӕтӕн дӕр загъта, йӕ иузӕрдиондзинадӕй райгонд кӕй уыд (Иов 42:7, 8). w17.06 24, 25 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 26 ноябрь
Марийӕ... хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн (Лук. 10:42).
Куыд ис базонӕн, куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ? Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Кӕд мӕ куыст мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, уӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ цӕуы? Ӕви уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын ӕмӕ дзы фӕлмӕцгӕ дӕр акӕнын?» Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн бамбарын, ӕцӕгӕй цы уарзӕм, уый. Йесо бамбарын кодта, царды нын фыццаг бынаты цы хъуамӕ уа, уый. Иухатт уазӕгуаты уыд дыууӕ хомӕ, Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ. Марфӕ уайтагъд бавнӕлдта хӕринаг кӕнынмӕ, Марийӕ та Йесойы къӕхты раз сбадти ӕмӕ йӕм хъуыста. Уӕд Марфӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдта, Марийӕ мын цӕуылнӕ ӕххуыс кӕны, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын Йесо загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ (Лук. 10:38–42). Йесо Марфӕйӕн иу ахсджиаг хабар бамбарын кодта. Цӕмӕй нӕ царды сагъӕстӕ ма хъыгдарой ӕмӕ, Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй хъуамӕ равзарӕм «хуыздӕр хай» – ома нын хъуамӕ Йегъовӕ алкӕддӕр уа фыццаг бынаты. w17.05 24 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 27 ноябрь
Хъус дӕ фыды зондамындмӕ (Ӕмб. 1:8).
Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ сын рӕстдзинад амонын Йегъовӕ бахӕс кодта ныййарджытӕн. Уыцы хӕс нӕдӕр бабутыл ӕмӕ дедутыл ис, нӕдӕр ӕндӕр искӕуыл (Ӕмб. 31:10, 27, 28). Фӕлӕ ныййарджытӕ бынӕттон ӕвзаг куы нӕ зоной, уӕд сӕ, чи зоны, ӕххуыс бахъӕуа, цӕмӕй рӕстдзинад сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты нывӕрой. Ныййарджытӕ ӕххуыс куы фӕагурынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ сӕ хӕс кӕйдӕр бар бакӕнынмӕ хъавынц. Фӕлӕ уый фӕрцы дӕр сӕ бон вӕййы сӕ сывӕллӕтты, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» хъомыл кӕнын ӕмӕ сӕ «йӕ зондыл аразын» (Еф. 6:4). Зӕгъӕм, ныййарджытӕн сӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрсын, бинонты ахуыр хуыздӕр куыд уаид уадзын, уый тыххӕй кӕнӕ сын зӕгъын, цӕмӕй сын баххуыс кӕной сӕ сывӕллӕттӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн. Сӕ бон ма у рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ бинонты ахуырмӕ ӕндӕр бинонты хонын. Стӕй ма бирӕ ӕрыгӕттӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр сты, семӕ кӕй хъусын кодтой кӕнӕ иумӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыстой, уый фӕрцы (Ӕмб. 27:17). w17.05 11, 12 фф., 17, 18 абз.
Цыппӕрӕм, 28 ноябрь
Египетмӕ алидз (Матф. 2:13).
Йегъовӕйы зӕд Иосифӕн куы загъта, паддзах Ирод Йесойы марынмӕ кӕй хъавы, уӕд Йесойы йӕ ныййарджытӕ райстой ӕмӕ Египетмӕ алыгъдысты. Ӕмӕ уым цардысты, цалынмӕ Ирод нӕ амард, уӕдмӕ (Матф. 2:14, 19–21). Бирӕ азты фӕстӕ Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгты ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд «Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты» (Хъуыд. 8:1). Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕты кӕй бахъӕудзӕн сӕ хӕдзӕрттӕй сыстын ӕмӕ алидзын. Уый загъта: «Иу горӕты уӕ фӕдыл куы зилой, уӕд лидзут иннӕмӕ» (Матф. 10:23). Афтӕ уыд сӕ хабар мингай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн. Бирӕтӕн сӕ хиуӕттӕ фӕмард сты, стӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ исбон иууылдӕр фесӕфтой. Лидзын кӕй бахъӕуыд, уыдонӕн тӕссаг уыд фӕндагыл дӕр, стӕй лыгъд адӕмы лагеры дӕр, уымӕн ӕмӕ дзы нуӕзтой, ӕхцайыл хъазыдысты, давтой ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр ныфс уыди, лыгъд адӕмы лагеры рӕстӕгмӕ кӕй сты, кӕддӕр израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры рӕстӕгмӕ куыд уыдысты, афтӕ (2 Кор. 4:18). w17.05 3, 4 фф., 2–5 абз.
Майрӕмбон, 29 ноябрь
Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур (Пс. 119:165).
Чи зоны дӕм хатт афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ ӕмбырды чидӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы. Фӕлӕ-иу дын уый цӕлхдур ма суӕд. Дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион у, ӕххуысы тыххӕй йӕм кув ӕмӕ йыл дӕ ныфс дар. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ цыдӕр раст ма бамбарай, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, хабӕрттӕ иууылдӕр нӕ зоныс. Уӕдӕ-иу макӕй фыдкой кӕн, цӕмӕй уавӕр фыддӕр ма фӕуа. Ӕмӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг сраст кӕныныл ма архай, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс, Йегъовӕ йӕ кӕд сраст кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ йыл иузӕрдион у. Уӕд дӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн. Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» алкӕддӕр раст тӕрхон кӕй хӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ «йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» (Райд. 18:25; Дык. з. 32:4). w17.04 22 ф., 17 абз.
Сабат, 30 ноябрь
Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг... ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ (Ис. 55:7).
Аивын кӕй нӕ фӕнды ӕмӕ стыр бӕллӕхы онг дӕр ацы дунейы зондыл чи цӕудзӕн, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Йегъовӕ загъта, зӕххыл иу фыдгӕнӕг дӕр кӕй нал баззайдзӕн (Пс. 37:10). Абон бирӕтӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сусӕгӕй фӕаразынц, ӕмӕ арӕх ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц (Иов 21:7, 9). Фӕлӕ нын Библи нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «[Хуыцауӕн] йӕ цӕстытӕ кӕсынц адӕймаджы фӕндӕгтӕм ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕф дӕр уыны. Нӕй ахӕм талынг кӕнӕ саудалынг, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон кӕм бамбӕхсой» (Иов 34:21, 22). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕ никуы ис бамбӕхсӕн! Зӕххыл иу ахӕм талынг бынат дӕр нӕй, ӕмӕ дзы цытӕ цӕуы, уый Хуыцауӕн йӕ бон фенын ма уа. Уый алцыдӕр уыны. Армагеддоны фӕстӕ, фыдгӕнджытӕ кӕм уыдысты, уырдӕм бакӕсдзыстӕм, фӕлӕ сӕ нал фендзыстӕм. Сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн – ӕнустӕм фесӕфдзысты! (Пс. 37:12–15). w17.04 10 ф., 5 абз.