Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 134–149 фф.
  • Октябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Октябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дыццӕг, 1 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 2 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 3 октябрь
  • Майрӕмбон, 4 октябрь
  • Сабат, 5 октябрь
  • Хуыцаубон, 6 октябрь
  • Къуырисӕр, 7 октябрь
  • Дыццӕг, 8 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 9 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 10 октябрь
  • Майрӕмбон, 11 октябрь
  • Сабат, 12 октябрь
  • Хуыцаубон, 13 октябрь
  • Къуырисӕр, 14 октябрь
  • Дыццӕг, 15 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 16 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 17 октябрь
  • Майрӕмбон, 18 октябрь
  • Сабат, 19 октябрь
  • Хуыцаубон, 20 октябрь
  • Къуырисӕр, 21 октябрь
  • Дыццӕг, 22 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 23 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 24 октябрь
  • Майрӕмбон, 25 октябрь
  • Сабат, 26 октябрь
  • Хуыцаубон, 27 октябрь
  • Къуырисӕр, 28 октябрь
  • Дыццӕг, 29 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 30 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 31 октябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 134–149 фф.

Октябрь

Дыццӕг, 1 октябрь

Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй (Иак. 1:5).

Йегъовӕ у стыр зонды хицау, ӕмӕ уыцы зондӕй иннӕтӕн дӕр рӕдауӕй хай кӕны. Хуыцауы зондӕй цӕй фӕрцы уыдзыстӕм хайджын? Иу уый, ӕмӕ Хуыцауы зондамындмӕ куы хъусӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй хызт уыдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзыстӕм (Ӕмб. 2:10–12). Ӕмӕ нын уый фӕрцы уыдзӕн диссаджы ныфс – ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иуд. 21). Хатгай нын не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй, цы уавӕрты схъомыл стӕм, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй зын вӕййы зондамындмӕ хъусын кӕнӕ та йӕм раст цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ нын Хуыцауы зондамынд цы пайда хӕссы, уый нӕ царды куы фӕуынӕм, уӕд ӕй фембарӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмбисӕндты 3:11, 12 фыст ис: «Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд-иу ууыл дӕ къух ма ауигъ... уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны». Уӕдӕ нӕ рох макуы уӕд, Йегъовӕйы ӕрмӕстдӕр нӕ хорз кӕй фӕнды (Дзут. 12:5–11). Хуыцау нӕ хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нын зонд ӕнӕхъуаджы никуы бацамоны ӕмӕ йӕ зондамынд ӕгӕр карз никуы вӕййы. w18.03 28 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 2 октябрь

Уӕ кӕрӕдзийы-иу... суазӕг кӕнут (1 Пет. 4:9).

Ацы ныхӕстӕ апостол Петр ныффыста, Къаннӕг Азийы алы рӕттӕй чи уыд, уыцы ӕмбырдтӕм. Уыдон «фӕлварӕнты арты... бахаудысты». Цымӕ уыцы зын рӕстӕг чырыстӕттӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта? (1 Пет. 1:1; 4:4, 7, 12). Ацы ран Петр ӕцӕгӕлӕтты суазӕг кӕныны кой нӕ кодта, фӕлӕ чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы», ома, хорз кӕй зыдтой ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы иумӕ кӕимӕ архайдтой, уыдоны, суазӕг кодтаиккой. Цымӕ сын уый куыд баххуыс кодтаид? Уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кодтаиккой. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Исчи дӕ йӕхимӕ уазӕгуаты куы фӕхоны, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы, уӕ рӕстӕг иумӕ кӕй арвитут, уый? Ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр уазӕгуаты искӕй фӕхоныс? Кӕд о, уӕд тынгдӕр нӕ балымӕн вӕййут? Ӕцӕгдӕр, де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуыздӕр базонай, уымӕн хорз мадзал у уазӕгуарзондзинад ӕвдисын. Петры рӕстӕджы чи цард, уыцы чырыстӕтты хъуыди кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕр кӕнын, уымӕн ӕмӕ царды уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис махӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1). w18.03 14, 15 фф., 1–3 абз.

Цыппӕрӕм, 3 октябрь

Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад (Матф. 5:3).

Йесо бамбарын кодта, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕм амондджын кӕй сты. Ромӕгтӕм 8:6 стихы та фыст ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн». Уӕдӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд йемӕ фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты дӕр уыдзӕн фарн, ӕмӕ фидӕны та хайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. Фӕлӕ абон мах цӕрӕм, нӕ уырнындзинадӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты тӕссаг кӕм у, ахӕм дунейы. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нӕ зонд хъахъхъӕнӕм. Нӕ зонд, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм хъуыдытӕй куы нӕ дзаг кӕнӕм, уӕд нын ӕй ацы дуне байдзаг кӕндзӕн, нӕ буары монцты фӕдыл цӕуын кӕй тыххӕй райдайдзыстӕм, ахӕм хъуыдытӕй. Иудӕ загъта, чидӕртӕ уыйонг кӕй ӕрцӕудзысты, ӕмӕ сӕм «Хуыцауы сыгъдӕг тых... нӕ хӕццӕ кӕндзӕн» (Иуд. 18, 19). w18.02 19 ф., 5, 7 абз.; 20 ф., 8 абз.

Майрӕмбон, 4 октябрь

Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр (2 Тим. 3:13).

Бирӕ дохтыртӕ фӕдзӕбӕх кӕнынц, хӕцгӕ низӕй рынчын чи вӕййы, ахӕм адӕймӕгты. Тынг сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕной. Фӕлӕ хъуамӕ сӕхи дӕр хъахъхъӕной, цӕмӕй сыл сӕ рынчынты низ ма бахӕца. Раст ахӕм уавӕры абон сты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Мах цӕрӕм, Хуыцауы миниуджытӕ кӕмӕ нӕй ӕмӕ ацы дунейы зондахастӕй хъӕстӕ чи у, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ мах дӕр хъӕуы нӕхи хъахъхъӕнын. Ацы фӕстаг бонты, Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыцы адӕм ын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ӕппындӕр ницӕмӕ дарынц. Апостол Павел Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыдонмӕ цы миниуджытӕ уыдзӕн, уый тыххӕй (2 Тим. 3:1–5). Сӕхи куыд фӕдарынц, уый уынгӕйӕ хатт арвыцӕфау фӕвӕййӕм. Фӕлӕ нӕм кӕд сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ раст нӕ фӕкӕсынц, уӕддӕр нын тӕссаг у, сӕ зондахаст ӕмӕ сын сӕ уагахаст фӕзмын куы райдайӕм, уымӕй (Ӕмб. 13:20). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, адӕмӕн Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ сӕ зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм. w18.01 27 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 5 октябрь

Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд (Матф. 28:19).

Н. э. 33 азы Йесо куы райгас, уӕд иухатт фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ. Се ’хсӕн уыдысты нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ма, чи зоны, сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕд загъта абоны стихы ныхӕстӕ (1 Кор. 15:6). Уӕдӕ Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй сӕдӕгӕйттӕ фехъуыстой. Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдыл цӕуын, кӕнӕ йе ’фсондз йӕхиуыл сӕвӕрын, кӕй фӕнды, уыдоны донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы (Матф. 11:29, 30). Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ баууӕнда, Йегъовӕ йӕ фӕндон Чырыстийы фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн донаргъуыд райсын дӕр. Ӕрмӕстдӕр ахӕм донаргъуыд у Хуыцауы цӕсты раст. Фыццаг ӕнусы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбӕрстой, донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй у ӕмӕ-иу уыцы къахдзӕф саразыныл фӕстӕ нӕ кодтой. Ӕмӕ уымӕн Библийы ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ (Хъуыд. 2:41; 9:18; 16:14, 15, 32, 33). w18.03 5 ф., 8 абз.

Хуыцаубон, 6 октябрь

О Данел, Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг! (Дан. 10:11).

Абон мах цӕрӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уыдон цӕуынц, Библи «хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат» кӕй хоны, уыцы Стыр Вавилоны, ома мӕнг динты, зыгъуыммӕ зондыл (Рарг. 18:2). Ӕмӕ мах ацы дунейы стӕм ӕцӕгӕлӕтты хуызӕн, ома иннӕтӕй тынг хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хатгай хынджылӕг дӕр фӕкӕнынц (Мар. 13:13). Уӕдӕ Данелау мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс куы уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд ын мах дӕр зынаргъ уыдзыстӕм (Аг. 2:7). Цымӕ Данелы хабарӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? Данел нырма сывӕллон куы уыди, уӕд царди Иудӕйы. Ӕмӕ кӕд йӕ алыварс цӕрӕг адӕм алыхуызон фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уӕддӕр уый уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Данел йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы уарзта. Афтӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ схъомыл кодтой (Ӕмб. 22:6). Данелӕн йӕ ном цы нысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ уыдысты, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм адӕймӕгтӕ. Данелӕн йӕ ном нысан кӕны «мӕ тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау». Уӕдӕ зынаргъ ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттыл уӕ къух макуы ауадзут, фӕлӕ сӕ фӕразонӕй ахуыр кӕнут (Еф. 6:4). Уыдоны тыххӕй-иу Хуыцаумӕ кувут, стӕй-иу кувут семӕ иумӕ дӕр. Библийы рӕстдзинад сын сӕ зӕрдӕты нывӕрыныл куы архайат, уӕд уын Йегъовӕ уӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн (Пс. 37:5). w18.02 5 ф., 12 абз.; 6 ф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 7 октябрь

Алцыдӕр дӕуӕй цӕуы, ӕмӕ дӕ къухӕй цы райстам, уый дын дӕттӕм (1 Аз. 29:14).

Йегъовӕйӕн, цы нӕм ис, уый куы фӕдӕттӕм, уӕд ын афтӕмӕй лӕггад фӕкӕнӕм. Апостол Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕйы уӕларвон лӕггадгӕнджытӕ дзырдтой: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Рарг. 4:11). Ӕцӕгдӕр, ӕппӕт кад ӕмӕ намыс дӕр Йегъовӕмӕ ӕмбӕлы, ӕмӕ йын хъуамӕ, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый ма ’вгъау кӕнӕм. Йегъовӕ Моисейы уылты израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу афӕдзы мидӕг ӕртӕ бӕрӕгбоны сбӕрӕг кодтаиккой. Ӕрмӕст-иу «Йегъовӕйы размӕ... афтидкъухӕй [хъуамӕ] мачи ӕрбацыдаид» (Дык. з. 16:16). Ӕмӕ-иу мысайнаг кӕй ӕрбахастой, уый дӕр сӕ лӕггадмӕ хауди. Абон дӕр хабар афтӕ у. Йегъовӕйы организаци цы куыст кӕны, уымӕн нӕ мысайнӕгтӕй кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг вӕййы, уыцы куыстӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. w18.01 18 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 8 октябрь

Ӕз [уын] удӕнцой ратдзынӕн (Матф. 11:28).

Йесо ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут. [...] Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:29, 30). Ӕвӕдза, уыцы ныхӕстӕ куыд раст сты! Хатгай, чи зоны, ӕмбырдмӕ кӕнӕ хъусын кӕнынмӕ фӕлладӕй ацӕуӕм. Фӕлӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ та нӕ хабар куыд вӕййы? Фенцондӕр нын вӕййы, ӕмӕ цӕттӕ вӕййӕм дарддӕр дӕр нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынмӕ. Ӕцӕгдӕр, Йесойы ӕфсондз у ӕнцонхӕссӕн! Иу хомӕ, схонӕм ӕй Келли, ахӕм низ ис, ӕмӕ ӕдзух вӕййы фӕллад (синдром хронической усталости). Стӕй ма йын ис депресси ӕмӕ йӕ сӕр дӕр арӕх тынг фӕриссы. Уый тыххӕй йын ӕмбырдтӕм цӕуын хатгай тынг зын вӕййы. Фӕлӕ иу бон ӕмбырдмӕ ацыд, кӕд ын уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр, ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: «Уыцы бон дзы уыд раныхас, адӕймагӕн йӕ ныфс куы асӕтты, уый фӕдыл. Ӕфсымӕр афтӕ дзырдта, раст мын цыма мӕ зӕрдӕйы рыст ӕмбӕрста. Йӕ раныхас мӕ зӕрдӕйыл афтӕ сӕмбӕлд, ӕмӕ ма мӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, ӕмбырд у, кӕм хъуамӕ уон, уыцы бынат». Келли гъе-уӕд ӕмбырдмӕ ацӕуыныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй бацархайдта, ууыл тынг цин кодта! w18.01 8, 9 фф., 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 9 октябрь

Мӕ къах [мӕ] иннӕрдӕм фӕцӕйхаста (Пс. 73:2).

Зӕгъӕм, дӕ сывӕллон донаргъуыд райста, фӕлӕ стӕй рӕстдзинадыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, уӕд та? Зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕ, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕм ӕхсайын райдыдта кӕнӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын пайда кӕй у, ууыл (Пс. 73:1–3, 12, 13). Ахӕм уавӕры ныййарӕг йӕхи куыд дардзӕн, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у. Дӕ сывӕллон цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр-иу йемӕ афтӕ ныхас кӕн, цӕмӕй уына, йе знаг кӕй нӕ дӕ. Хъуамӕ ӕмбара, уарзгӕ йӕ кӕй кӕныс ӕмӕ йӕ хорзыл кӕй тыхсыс. Иугӕр сывӕллон донаргъуыд райста, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауӕн дзырд радта, кӕй йӕ уарздзӕн ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын кӕй лӕггад кӕндзӕн (Мар. 12:30). Адӕймаг нывонддзырд кӕй ратты, уый Йегъовӕ ахсджиаг хъуыддагыл нымайы, ӕмӕ мах дӕр уымӕ хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм (Еккл. 5:4, 5). w17.12 22 ф., 16, 17 абз.

Цыппӕрӕм, 10 октябрь

Зонын ӕй, [ме ’фсымӕр] кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд (Иоан. 11:24).

Марфӕйау Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уырныдта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Фыццаг уал ӕркӕсӕм Авраамы хабармӕ. Иухатт ын Хуыцау Исахъы тыххӕй, бирӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ уыцы фырты тыххӕй, загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы... ӕмӕ йӕ нывондӕн ӕрхӕсс» (Райд. 22:2). Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Авраамы зӕрдӕ куыдтӕтӕ кодтаид. Уый размӕ Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты (Райд. 13:14–16; 18:18; Ром. 4:17, 18). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ загъта, уыцы байзӕддаг Исахъы хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн (Райд. 21:12). Фӕлӕ Авраам Исахъы нывондӕн куы ’рхастаид, уӕд уымӕн гӕнӕн куыд уыдаид? Апостол Павел ныффыста, Авраамы фидарӕй кӕй уырныдта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у Исахъы райгас кӕнын (Дзут. 11:17–19). Авраам бӕлвырд нӕ зыдта, Хуыцау Исахъы фӕстӕмӕ цардмӕ кӕд раздахдзӕн, уый. Фӕлӕ уӕддӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй райгас кӕндзӕн. w17.12 5, 6 фф., 12–14 абз.

Майрӕмбон, 11 октябрь

Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн (Хъуыд. 20:26).

Апостол Павелау мах дӕр хъуамӕ цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм. Йегъовӕйы «фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Дӕу та? Фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд адӕмӕн хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый стыр цины хос уыдзӕн. Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм, нӕхи цардӕн дӕр ӕмӕ иннӕты цардӕн дӕр тӕссаг куыд мацӕмӕй уа, ууыл. Хъуамӕ алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй нӕ машинӕйы ӕдасӕй цӕуӕн уа ӕмӕ нӕ куысты ӕдасӕй кусӕн уа. Уымӕ хъус дарын хъӕуы, Паддзахады залтӕ куы фӕаразӕм, куы сӕ фӕцалцӕг кӕнӕм кӕнӕ ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд дӕр. Адӕмы цард, ӕдасдзинад ӕмӕ ӕнӕниздзинад ӕхца ӕмӕ рӕстӕгӕй зынаргъдӕр сты. Нӕ рӕстаг Хуыцау алкӕддӕр фӕаразы, раст цы у, уый. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды афтӕ архайын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уӕлдай тынгдӕр хъуыды кӕнынц сӕхи ӕмӕ, семӕ чи фӕкусы, уыдоны ӕдасдзинадыл (Ӕмб. 22:3). Уӕдӕ дын хистӕр нӕлгоймаг ӕдасдзинады фӕдыл уынаффӕ куы ратта, уӕд-иу ӕм байхъус (Гал. 6:1). Цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс, «цӕмӕй дыл туг ма уа» (Дык. з. 19:10). w17.11 16 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 12 октябрь

Уӕ хӕрзиуӕгӕй [уӕ] ӕнӕхай мачи фӕкӕнӕд (Кол. 2:18).

Сӕрст чырыстӕттӕн, апостол Павелау, ис диссаджы ныфс – уыдон райсдзысты «Хуыцауы хӕрзиуӕг, Йесо Чырыстийы фӕрцы... [сӕ] кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон цард» (Фил. 3:14). Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ уыдзысты йӕ уӕларвон Паддзахады ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст суой. Ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц (Рарг. 20:6). Хуыцау сын ӕцӕгдӕр диссаджы ныфс радта, ӕмӕ йӕм куыннӕ хъуамӕ тырной! Ӕндӕр фыстӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕндӕрхуызон хӕрзиуӕг – уыдон зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты. Ӕмӕ сын уый у стыр цины хос! (2 Пет. 3:13). Павелы фӕндыд иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой ӕмӕ сӕ хӕрзиуӕг райстаиккой, ӕмӕ сӕм ныффыста: «Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл» (Кол. 3:2). Уыдон хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, уӕлӕрвты цы диссаджы хӕрзиуӕг райсдзысты, уый (Кол. 1:4, 5). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоныл не ’ппӕт дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ хӕрзиуӕг нӕ цӕстыты раз уыдзӕн (1 Кор. 9:24). w17.11 25 ф., 1, 2 абз.

Хуыцаубон, 13 октябрь

Зарут Йегъовӕйӕн (Пс. 96:1).

Ног зарджыты чиныджы цы зарджытӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты куывды хуызӕн. Уыдоны фӕрцы дӕ бон у Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕнын. Иннӕ зарджыты фӕрцы та нӕ бон у нӕ кӕрӕдзийы «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕнын (Дзут. 10:24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕты дӕр фӕнды нӕ зарджыты мелодитӕ ӕмӕ ныхӕстӕ сахуыр кӕнын. Хӕдзары сӕ куы зарай, уӕд сӕ ӕмбырды дӕр уӕндонӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй зардзынӕ. Дӕ зӕрдыл дар, кады зарджытӕ зарын дӕр нӕ лӕггадмӕ кӕй хауы. Уый у диссаджы фадат, цӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм (Ис. 12:5). Зӕрдӕрайгӕйӕ куы зарай, уӕд иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кӕндзынӕ. Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр,– ӕрыгӕттӕн дӕр, ацӕргӕтӕн дӕр ӕмӕ ногтӕн дӕр,– сӕ бон у афтӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уӕдӕ-иу ма ’фсӕрмы кӕн ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй зар. Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зар! w17.11 7 ф., 18, 19 абз.

Къуырисӕр, 14 октябрь

Кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин (Матф. 10:16).

Ӕрлидзджытӕй бирӕтӕ ӕрцӕуынц, сӕрибарӕй хъусын кӕнӕн кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕтӕй. Зынгзӕрдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕрцы мингай ӕрлидзджытӕ фыццаг хатт фехъусынц «Паддзахады тыххӕй дзырд» (Матф. 13:19, 23). «Уӕззау уаргъ чи хӕссы», уыдонӕй бирӕтӕ не ’мбырдты ссарынц удӕнцой ӕмӕ ныфс, ӕмӕ сӕ бон вӕййы афтӕ зӕгъын: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис» (Матф. 11:28–30; 1 Кор. 14:25). Ӕрлидзджытӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд хъуамӕ уӕм «ӕмбаргӕ» ӕмӕ нӕхи «хъахъхъӕнӕм» (Ӕмб. 22:3). Лӕмбынӕг-иу сӕм байхъус, фӕлӕ семӕ политикӕйыл ма ныхас кӕн. Хъуамӕ архайӕм, филиалӕй, стӕй бынӕттон хицӕуттӕй цы амындтӕ райсӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ хъуамӕ нӕхи кӕнӕ иннӕты фыдбылызы ма ’ппарӕм. Ӕрлидзӕг адӕм вӕййынц алыхуызон бӕстӕтӕй ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст, ӕмӕ-иу хъуамӕ базонӕм, семӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ ма фӕхъыг кӕнӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иу бӕстӕты адӕммӕ ис бӕлвырд хъуыды, сылгоймагыл цавӕр дарӕс хъуамӕ уа, уый фӕдыл. Ӕмӕ уырдыгӕй ралидзгӕ адӕмӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд хорз уаид, нӕ дарӕсы тыххӕй нӕм куы не смӕсты уаиккой. w17.05 7 ф., 17, 18 абз.

Дыццӕг, 15 октябрь

Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн (Кол. 4:6).

Фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ не ’нӕуырнӕг хиуӕттимӕ фӕлмӕнӕй, зӕрдӕхӕларӕй ныхас кӕнӕм. Цӕуылфӕнды ма ӕууӕндой, нӕ сын хъӕуы алцӕмӕй дзурын, уый раст нӕу, зӕгъгӕ. Кӕд нӕ сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй фӕхъыг кӕнынц, уӕд нӕ бон у апостолты бафӕзмын. Павел загъта: «Ӕлгъитынц нӕ – мах сын арфӕ кӕнӕм, ӕфхӕрынц нӕ – уӕддӕр быхсӕм; нӕ фыдкой кӕнынц – уӕддӕр семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм» (1 Кор. 4:12, 13). Кӕд, нӕ хиуӕттимӕ фӕлмӕнӕй кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы семӕ хӕларӕй цӕрын, уӕд сыл нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау та ноджы тынгдӕр бандавынц (1 Пет. 3:1, 2, 16). Куыд цӕрыс, уый уынгӕйӕ уадз ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ бамбарой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты, уый: сӕ бинонтӕ амондджын кӕй сты, сӕ сывӕллӕттӕм хорз кӕй кӕсынц, ӕгъдау ӕмӕ сӕм ӕфсарм кӕй ис ӕмӕ цардӕй райгонд кӕй сты. Нӕ хиуӕттӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы никуы ’рлӕууой, уӕддӕр нын ӕхсызгон у, нӕ уаг ӕмӕ нын не ’гъдау уынгӕйӕ Йегъовӕ кӕй цин кӕны. w17.10 15 ф., 13, 14 абз.

Ӕртыццӕг, 16 октябрь

Архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй (2 Тим. 2:15).

Бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ кӕй скодтой, уый диссаг нӕу. Фыццаг ӕнусы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ – сӕрст чырыстӕттӕ – ахӕм ивындзинӕдтӕ скодтой (1 Кор. 6:9–11). Хуыцауы Паддзахад бынӕн чи нӕ райсдзӕн, уыдоны кой кӕнгӕйӕ Павел йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты». Уыдон фӕивтой Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Фӕлӕ, чырыстӕттӕ куы систы, уый фӕстӕ дӕр ма дзы чидӕртӕ стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзтой ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард сты. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, ӕмбырдӕй ацух кӕнын кӕй бахъуыд, иу ахӕм сӕрст чырыстоны тыххӕй. Фӕстӕдӕр йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта, йӕ цард аивта ӕмӕ та ногӕй ӕмбырдимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодта (1 Кор. 5:1–5; 2 Кор. 2:5–8). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы цас рӕдыдтытӕ сраст кӕнынц, уый уынгӕйӕ тынг бафидар вӕййӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй дзы, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм. w17.09 23, 24 фф., 2, 3 абз.

Цыппӕрӕм, 17 октябрь

Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).

Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад, ага́пе, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕ цӕуы (1 Иоан. 4:7). Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм уарзондзинады ис зӕрдӕйы хъарм дӕр, фӕлӕ йӕ фыццаджыдӕр равдисӕм, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын исты хӕрзты кӕй бацӕуӕм, уымӕй. Ага́пе бӕрӕг вӕййы, адӕймаджы цы хъуыддӕгтӕм фӕразӕнгард кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕй. Нӕхӕдӕг иннӕты удуӕлдай уарзтӕй куы фӕуарзӕм ӕмӕ мах дӕр ахӕм уарзтӕй куы фӕуарзынц, уӕд нӕ цард фӕхъӕздыгдӕр вӕййы ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕ фӕрайы. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕдмӕ дӕр равдыста, адӕмы кӕй уарзта, уый. Зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл ӕнустӕм цардаиккам, ӕмӕ ӕнӕуи цӕргӕ нӕ, фӕлӕ ма нын цӕмӕй цард циндзинад дӕр хастаид. Йегъовӕ уыдӕттӕ йӕхицӕн не скодта, фӕлӕ махӕн. Ӕмӕ та уый фӕстӕ дӕр адӕммӕ удуӕлдай уарзондзинад равдыста: ӕрцӕрын сӕ кодта, цы «хӕдзар» сын ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕмӕ сын балӕвар кодта зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс. w17.10 7 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 18 октябрь

Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Иак. 2:8).

Иаков ма загъта: «Кӕд хъулон митӕ кӕнут, уӕд тӕригъӕд аразут» (Иак. 2:9). Адӕмы куы уарзӕм, уӕд сӕм ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм нӕдӕр, ахуырад сӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй, нӕдӕр сӕ буары хуызы тыххӕй, нӕдӕр, ӕхсӕнады цы бынат ахсынц, уый тыххӕй. Раст нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нӕхи афтӕ ӕвдисӕм, цыма никӕй хъулон кӕнӕм. Уый хъуамӕ нӕ удыхъӕды уа. Уымӕй уӕлдай ма «уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», стӕй «йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы» (1 Кор. 13:4). Хъуамӕ уӕм фӕразон, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, цӕмӕй адӕмӕн дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм (Матф. 28:19). Ацы миниуджытӕ ма нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрӕм. Алчидӕр нӕ ахӕм уарзондзинад куы февдисы, уӕд ӕмбырдты вӕййы иудзинад ӕмӕ Йегъовӕйӕн фӕхӕссынц кад. Иннӕтӕ дӕр уыцы иудзинад куы фенынц, уӕд сӕ бафӕнды рӕстдзинад базонын. Уымӕ гӕсгӕ Библийы ног удыхъӕды тыххӕй фӕстагмӕ фыст ис: «Уымӕй уӕлдай уӕ уӕлӕ скӕнут уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:14, фип.). w17.08 26 ф., 18, 19 абз.

Сабат, 19 октябрь

Йегъовӕ сӕ ӕдзух фӕдзӕхста... уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл... йӕ зӕрдӕ рысти (2 Аз. 36:15).

Мах дӕр хъуамӕ тӕригъӕд кӕнӕм, Йегъовӕйы чи нӕма зоны, уыцы адӕмӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ тӕрхоны бон куы ’рцӕуа, уӕд исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ цалынмӕ ацы фыддунейӕн кӕрон не скодта, уӕдмӕ хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсӕм, цӕмӕй сӕ бон уа фервӕзын. Йесо дӕр нын у фӕзминаг. Уый адӕмӕн тӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ «уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл». Ӕмӕ куыд бакодта? Йесо сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Матф. 9:36; Мар. 6:34). Фӕлӕ фарисейтӕ та адӕмӕн нӕ тӕригъӕд кодтой, истӕмӕй сын баххуыс кодтаиккой, уый сӕ ӕппындӕр нӕ фӕндыд (Матф. 12:9–14; 23:4; Иоан. 7:49). Дӕу дӕр фӕнды Йесойау адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын Йегъовӕйы тыххӕй дзурын? w17.09 9 ф., 6 абз.; 10 ф., 9 абз.

Хуыцаубон, 20 октябрь

Ӕз архайын куы райдайон, уӕд мын мӕ къух чи аиуварс кӕндзӕн? (Ис. 43:13).

Ахъуыды-ма кӕнӕм ӕрыгон Иосифыл. Египеты ахӕстоны дзыхъхъы куы бадт, уӕд цымӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр уыд, уыцы бӕстӕйы йӕ фараоны фӕстӕ дыккаг лӕгӕй кӕй сӕвӕрдзысты, кӕнӕ дзы Йегъовӕ кӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ӕххормагӕй ма амӕлой? (Райд. 40:15; 41:39–43; 50:20). Йегъовӕ йын йӕ уавӕр афтӕ кӕй фӕивдзӕн, уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдаид. Цымӕ ацӕргӕ Саррӕ уый ӕнхъӕл уыдаид, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕхицӕн сывӕллон кӕй ратдзӕн? Ӕмӕ йын Исахъ куы райгуырд, уӕд дӕр ма йӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уырныдта, уый ӕцӕг кӕй у (Райд. 21:1–3, 6, 7). Мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ног дунейы размӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр диссаджы хуызы фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ дзы уый дӕр нӕ домӕм, цӕмӕй нын нӕ уавӕр диссаджы хуызы фӕива. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн диссаджы хуызы кӕй баххуыс кодта ӕмӕ абон дӕр уыцы Хуыцау кӕй у (Ис. 43:10–12). Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нын фаг хъарутӕ кӕй ратдзӕн (2 Кор. 4:7–9). Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын цыфӕнды зын уавӕрты дӕр баххуыс кӕндзӕн. w17.08 11, 12 фф., 13, 14 абз.

Къуырисӕр, 21 октябрь

Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты (Ӕмб. 16:3).

Пионерӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд иннӕ пионертимӕ ӕмгуыст кӕндзынӕ ӕмӕ суыдзынӕ фӕлтӕрдджын чырыстон. Бирӕтӕн, ӕрыгонӕй пионертӕй кӕй лӕггад кодтой, уый фӕстӕдӕр стыр ӕххуыс фӕци сӕ бинонты царды дӕр. Ус ракурыны кӕнӕ смой кӕныны размӕ пионерӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ дарддӕр пионертӕй фӕлӕггад кӕнынц (Ром. 16:3, 4). Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзынӕ, уый баст у дӕ зӕрдӕимӕ. Псаломы 20:4 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Дӕхи зӕрдӕйы фӕндиаг дӕ фӕкӕнӕд ӕмӕ дын дӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд». Уӕдӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, куыд дӕ фӕнды цӕрын. Ахъуыды кӕн, Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы хъуыддӕгтӕ аразы ӕмӕ дзы дӕуӕн дӕ бон куыд у архайын, ууыл. Ӕмӕ стӕй, йӕ зӕрдӕ йын кӕмӕй барухс кӕндзынӕ, ахӕм нысан сӕвӕр дӕ разы. Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнай, уӕд уыдзынӕ тынг амондджын, уымӕн ӕмӕ йын дӕ цардӕй кад хӕсдзынӕ. Уӕдӕ «Йегъовӕ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн» (Пс. 37:4). w17.07 26 ф., 15–18 абз.

Дыццӕг, 22 октябрь

Кадджын кӕнут Йагъы! ...Уый у зӕрдӕйӕн ӕхсызгон. Хуыцауы ӕмбӕлы кадджын кӕнын (Пс. 147:1).

Чидӕр йӕ хӕслӕвӕрд хорз куы сӕххӕст кӕны кӕнӕ хорзӕй исты куы саразы, уӕд дзы раппӕлӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ та цас тынгдӕр у кад ӕмӕ ӕппӕлды аккаг! Мах Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, йе сконд дунемӕ йын куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йын йе стыр хъару куы фӕуынӕм, уӕд. Стӕй ма йӕ фӕкадджын кӕнӕм, бирӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ уый та бӕрӕг у, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. 147-ӕм псаломӕй бӕрӕг у, чи йӕ ныффыста, уый тынг кӕй фӕндыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Суанг ма иннӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы йемӕ кадджын кодтаиккой (Пс. 147:7, 12). 147-ӕм псалом чи ныффыста, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ уыцы адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, цард, израилӕгтӕ Вавилонӕй куы ссӕрибар сты ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд (Пс. 147:2). Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы кадджын кодта, Хуыцауӕн йӕ адӕм ногӕй сӕхи бӕстӕйы кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ дӕуӕн та дӕ бон цӕй тыххӕй у Йагъы кадджын кӕнын? w17.07 17 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 23 октябрь

Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты (Лук. 16:9).

Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ фылдӕрӕн зын кӕй уыдзӕн ацы мӕнгард дунейы цардамӕлттӕ кӕнын. Йесо хъӕздыгдзинад «мӕнгард» цӕмӕн схуыдта, уый нӕ бамбарын кодта, фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ коммерци кӕй хъуамӕ ма уыдаид. Зӕгъӕм, Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уымӕй бирӕ фылдӕр (Райд. 2:15, 16). Стӕй фыццаг ӕнусы Хуыцау сӕрст чырыстӕттӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы ӕххуыс кодта, уӕд «сӕ иу дӕр афтӕ нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ мулк мӕхи у, фӕлӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг» (Хъуыд. 4:32). Пехуымпар Исай загъта, кӕй уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, зӕхх цы тыллӕг дӕтты, уымӕй адӕм се ’ппӕт дӕр бафсӕддзысты (Ис. 25:6–9; 65:21, 22). Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ сӕ хъӕуы «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зондӕй архайын, цӕмӕй «мӕнгард хъӕздыгдзинады» фӕрцы цардамӕлттӕ дӕр кӕной, ӕмӕ ма уыимӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр рухс кӕной (Лук. 16:8). w17.07 8 ф., 4–6 абз.

Цыппӕрӕм, 24 октябрь

Цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдон уыдзысты дӕ къухы (Иов 1:12).

Иовы чиныг у, Библийы чингуытӕй фыццаг фыст чи ’рцыд, уыдонӕй сӕ иу. Уым кӕсӕм, Сайтан кӕй загъта, зӕгъгӕ, дам, Иов стыр хъизӕмӕрттӕ куы бавзара, уӕд, дам, Хуыцауы ныууадздзӕн. Суанг ма йӕ фӕндыд, цӕмӕй Иовӕн хъизӕмӕрттӕ Хуыцау бавзарын кодтаид. Йегъовӕ афтӕ нӕ бакодтаид, фӕлӕ Сайтанӕн бар радта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иовӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕци. Сайтан афтӕ архайдта, ӕмӕ зӕгъӕн уыд, цыма уыцы бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты (Иов 1:13–19). Уый фӕстӕ та Иовыл бафтыдта, адӕм ыл кӕй тыххӕй ӕлгъ кодтой, ахӕм удхайраг низ (Иов 2:7). Стӕй ма йын йӕ мастыл цӕхх кодтой йӕ ус ӕмӕ, сӕхи йе ’мбӕлттӕ чи хуыдта, уыдон – алы зӕрдӕриссӕн ӕмӕ ныфссӕттӕн ныхӕстӕ йын фӕкодтой (Иов 2:9; 3:11; 16:2). Сайтанӕн йӕ къухы исты бафтыд? Йӕ ныхӕстӕ разындысты мӕнг. Кӕд Иовыл ахӕм стыр бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта (Иов 27:5). w17.06 24 ф., 9, 10 абз.

Майрӕмбон, 25 октябрь

Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ... йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад (1 Тим. 5:8).

Абон бинонты хистӕртӕ ӕмбарынц, Библимӕ гӕсгӕ сыл кӕй ис хӕс, цӕмӕй сӕ бинонты дарой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты адӕймагӕн йӕ куыст арӕх масты хос дӕр свӕййы. Куыст чи агуры, уыдон тынг бирӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ арӕх куыст ссарын зын вӕййы. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ разы вӕййынц фӕскуыст кусыныл дӕр, кӕд сын, цас ӕмбӕлы, уыйбӕрц фидгӕ дӕр нӕ бакӕнынц, уӕддӕр. Алыхуызон куыстуӕттӕ ӕмӕ компанитӕ архайынц фылдӕр цыдӕртӕ уадзыныл, сӕ кусджытӕ та къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕм тынг бафӕллайынц, стыхсынц ӕмӕ ма рынчын дӕр фӕвӕййынц. Бирӕтӕ фӕтӕрсынц, сӕ хицау сӕ цы домы, уый куы нӕ аразой, уӕд сӕ куыстӕй кӕй ратӕрдзысты, уымӕй. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион, нӕ куысты хицауыл нӕ, фӕлӕ (Лук. 10:27). Куыст нӕ цӕмӕн хъӕуы? Цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи дарын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, нӕ куыст Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр хъыгдара. w17.05 23 ф., 5–7 абз.

Сабат, 26 октябрь

Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус ӕмӕ, дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъилтӕ ма кӕн (Ӕмб. 23:22).

Гӕнӕн ис, ӕмӕ ногтӕй искӕй бафӕнда, цӕмӕй сын фӕлтӕрд чырыстӕттӕй исчи ӕххуыс кӕна сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонынӕн. Исчи нын куы зӕгъа, цӕмӕй йын йӕ сывӕллонимӕ Библи ахуыр кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ныййарӕгӕн цы бартӕ ис, махӕн ахӕм бартӕ кӕй нӕй (Еф. 6:1–4). Иуӕй-иу хатт хъусынгӕнджытӕ фӕахуыр кӕнынц, йӕ ныййарджытӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, ахӕм сывӕллонимӕ. Ӕмӕ уӕд зондыл дзурӕг уаид, сӕ хӕдзары куы ахуыр кӕниккам, сӕ ныййарджытӕй кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстӕттӕй исчи уым куыд уа, афтӕмӕй, йе та, адӕм кӕм уа, ӕндӕр ахӕм ран. Уӕд афтӕ ничи ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ сывӕллонӕн ӕвзӕрӕй цыдӕр аразӕм. Ӕмӕ, чи зоны, фӕстӕдӕр ныййарджыты сӕхи бафӕнда Хуыцауы раз сӕ хӕс ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ сӕхӕдӕг Библи ахуыр кӕндзысты. w17.06 8 ф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 27 октябрь

Ӕз, чи дзуры, уымӕн йӕ ныхас куы не ’мбарон, уӕд... уый... мӕнӕн уыдзӕн ӕндӕрбӕстаг (1 Кор. 14:11).

Сывӕллӕттӕ сӕхи сӕ ныййарджыты адӕмыхаттӕй куы нӕ нымайой, уӕд сӕ, чи зоны, ма бафӕнда сӕ ныййарджыты ӕвзаг ӕмӕ дин дӕр базонын. Чырыстон ныййарджытӕ сӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзысты, фӕлӕ, сӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл (1 Кор. 10:24). Иу ӕфсымӕр, Сэмюэл, зӕгъгӕ, зӕгъы: «Нӕ сывӕллӕттӕм нӕ хъус лӕмбынӕг дардтам, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаиккам, рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ цы ’взагыл хъары, ӕмӕ Йегъовӕйӕ зонд куырдтам. Фӕлӕ йӕ куы федтам, ӕмӕ сын нӕхи ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырд бирӕ пайда нӕ хӕссы, уӕд сфӕнд кодтам бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ахизын. Ӕмбырдтӕм ӕмӕ-иу уацамынды дӕр иумӕ цыдыстӕм. Стӕй-иу не ’мбырдӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕхимӕ фӕхуыдтам кӕнӕ-иу иумӕ искуыдӕм ацыдыстӕм. Уыдӕтты фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕ ӕфсымӕртимӕ дӕр хуыздӕр базонгӕ сты, стӕй бамбӕрстой, Йегъовӕ ӕрмӕст сӕ Хуыцау кӕй нӕу, фӕлӕ ма сӕ Фыд дӕр ӕмӕ сӕ Хӕлар дӕр. Уыцы хъуыддаг нӕм, не ’взаг нын сахуыр кодтаиккой, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр каст». w17.05 10 ф., 11–13 абз.

Къуырисӕр, 28 октябрь

Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн! (Тӕрх. 5:2).

Тагъд зӕххыл цӕрдзысты, Йегъовӕйы хицаудзинад чи равзара, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕм. Уыцы бонмӕ куыд тынг бӕллӕм! Мах дӕр фӕнды Деворӕ ӕмӕ Варакау ныззарын: «Фесӕфӕнт де знӕгтӕ иууылдӕр, о Йегъовӕ, чи дӕ уарзы, уыдон та хурау ӕрттивӕнт!» (Тӕрх. 5:31). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты, Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыддуне куы фесафа, уӕд. Армагеддоны хӕст куы райдайа, уӕд Йегъовӕйы нӕ хъӕудзӕн барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕххуыс. Уыцы рӕстӕг мах «ӕнцад лӕудзыстӕм ӕмӕ кӕсдзыстӕм, Йегъовӕ нӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ» (2 Аз. 20:17). Уӕдмӕ та уал нын ис диссаджы фадӕттӕ, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый, ӕмӕ йын ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Деворӕ ӕмӕ Варак сӕ уӕлахизы зарӕг цы ныхӕстӕй райдыдтой, уыдонӕй адӕмы нӕ, фӕлӕ Иунӕг Стыр Хуыцауы кадджын кодтой. Уыдон зарыдысты: «Адӕм... барвӕндӕй кӕй рацыдысты... уый тыххӕй арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!» (Тӕрх. 5:1, 2). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн барвӕндӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ иннӕты дӕр разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кӕной ӕмӕ йӕ кадджын кӕной! w17.04 32 ф., 17, 18 абз.

Дыццӕг, 29 октябрь

Никӕмӕн ницы ракодтон, афтӕмӕй мӕ ахӕстоны дзыхъхъы ныппӕрстой (Райд. 40:15).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иосиф ӕртындӕс азы дӕргъы цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕ дзы рох нӕ уыдысты, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын дӕр нӕ райдыдта (Райд. 45:5–8). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ Йегъовӕйӕ нӕ фӕхицӕн кодтой. Иосиф афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый фӕрцы йӕхи цӕстӕй федта, Йегъовӕ хъуыддаг йӕхӕдӕг куыд сраст кодта ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр куыд раарфӕ кодта, уый. Мах дӕр хъуамӕ, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм. Не ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ адард кӕной, кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауӕй? (Ром. 8:38, 39). Фӕлӕ ӕмбырды исчи нӕ хъыджы куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Иосифау Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм. Кӕд хъуыддаг банывыл кӕныны тыххӕй, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлд, уый сарӕзтам, уӕд дарддӕр хъуамӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакӕнӕм. Уый ӕнӕмӕнг йӕ афоныл алцыдӕр сраст кӕндзӕн, ӕмӕ уый уыдзӕн, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ. w17.04 20 ф., 12 абз.; 22 ф., 15, 16 абз.

Ӕртыццӕг, 30 октябрь

Кӕд... дӕ цагъарӕн лӕппу радтай, уӕд ӕй ӕз йӕ цард-цӕрӕнбонтӕм ратдзынӕн Йегъовӕйӕн (1 Сам. 1:11).

Аннӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодта. Йӕ лӕппуйы Силоммӕ Йегъовӕйы цатырмӕ ӕрбакодта ӕмӕ хистӕр сауджын Илийӕн загъта: «Мӕнӕ ацы лӕппуйы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта, цы дзы куырдтон, уый. Ӕмӕ йӕ ныр ӕз дӕттын Йегъовӕйӕн. Цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы» (1 Сам. 1:24–28). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Самуил цард Хуыцауы цатыры. Уым «гыццыл Самуил... стыр кодта Йегъовӕйы раз» (1 Сам. 2:21). Аннӕйӕн йӕ дзырд сӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕ уыдаид. Йӕ хъӕбул уыд йӕ цӕстырухс, фӕлӕ йын ныр уый фадат нал уыд, цӕмӕй алы бон дӕр йемӕ рӕстӕг ӕрвыстаид ӕмӕ, куыд стыр кӕны, уый уыдтаид. Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг ӕй фӕндыдаид йӕ гыццыл лӕппуйы йӕ фӕлмӕн уарзтӕй барӕвдауын, йемӕ ахъазын йе та йын истытӕ бацамонын. Фӕлӕ уӕддӕр Аннӕ, йӕ дзырд кӕй сӕххӕст кодта, ууыл нӕ фӕсмон кодта. Уыцы сылгоймагӕн Йегъовӕ уыд «йӕ зӕрдӕйы стыр цин» (1 Сам. 2:1, 2; Пс. 61:1, 5, 8). w17.04 5 ф., 7, 8 абз.

Цыппӕрӕм, 31 октябрь

Уый зон, ӕмӕ фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (2 Тим. 3:1).

Апостол Павел загъта, фӕстаг бонты кӕй «скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим. 3:2–5, 13). Уыцы ныхӕстӕ абон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый, чи зоны, дӕхиуыл дӕр бавзӕрстай. Махӕй бирӕтӕ баййӕфтой ӕфхӕрд фыдгӕнджыты къухӕй, зӕгъӕм, хылкъахджыты, расистты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фыдгӕнджыты къухӕй. Иутӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕргомӕй фӕкӕнынц, иннӕтӕ та сӕхи афтӕ февдисынц, цыма, раст цы у, уый кӕнынц, ӕцӕгӕй та зиан йеддӕмӕ ницы хӕссынц. Ӕмӕ кӕд ахӕм адӕймӕгтӕ махӕн ницы зиан ӕрхастой, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ цардыл никуыд ӕндавынц. Зӕгъӕм, сывӕллӕттӕн, ацӕргӕтӕн ӕмӕ, йӕ сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн цы митӕ бакӕнынц, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ баризынц. Уыцы фыдгӕнджытӕ хъӕддаг сырдтӕй уӕлдай не сты ӕмӕ сӕ митӕй зыны, хӕйрӕджыты зондӕй кӕй архайынц (Иак. 3:15). Куыд хорз у, Хуыцауы Ныхасӕй хорз хабар кӕй базыдтам! w17.04 10 ф., 4 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын