Сентябрь
Хуыцаубон, 1 сентябрь
Уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут (Еф. 6:4).
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн баххуыс кӕной, уый у, Хуыцау сын сӕ бар цы кадджын хӕстӕ бакодта, уыдонӕй иу (Пс. 127:3). Рагон Израилы-иу сывӕллӕттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ нымад уыдысты Хуыцауы адӕмыл. Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы хабар афтӕ нӕу. Ныййарджытӕ Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинад куы уарзой, уӕддӕр уый нырма ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр афтӕ кӕндзысты. Ныййарджытӕн сӕ нысан хъуамӕ уа сӕ сывӕллонӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уый дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса. Уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис! Сывӕллон йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕна, донаргъуыд куы райса ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕна, уӕд йӕ бон уыдзӕн стыр бӕллӕхы сӕрты ахизын (Матф. 24:13). Зынаргъ ныййарджытӕ, Хуыцау уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, цӕмӕй сымах дӕр уӕхицӕй базонат, сывӕллон йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый ныййарӕгӕн цы стыр циндзинад хӕссы, уый! w18.03 12 ф., 16, 17 абз.
Къуырисӕр, 2 сентябрь
Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс (1 Тим. 4:16).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бинонтӕн кӕнӕ ӕмбырдӕн Библийы фӕрцы зонд куы амоной, уӕд-иу хъуамӕ Чырыстийы фӕзмой. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ фӕнды Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Хуыцауы зондамынд-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм ӕмӕ-иу иннӕтӕн зонд амонгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм ӕгӕрон арфӕдзинӕдтӕй. Уый фӕрцы ныр дӕр нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ не ’мбырдты ис фарн, алчидӕр фенкъары, иннӕтӕ йӕ кӕй уарзынц ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнынц, стӕй йӕ зӕрдӕйы тас никӕмӕн ис. Ӕмӕ нӕм фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы! (Пс. 72:7). Йегъовӕ нын абон зонд кӕй амоны, уый фӕрцы нӕ цӕттӕ кӕны фидӕны цардмӕ – уӕд не ’ппӕт дӕр ӕнустӕм иу бинонтау фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕ уыдзӕн нӕ Фыд (Ис. 11:9). Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, Хуыцауы зондамынд йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. w18.03 26 ф., 15 абз.; 27 ф., 17, 19 абз.
Дыццӕг, 3 сентябрь
Аргъуыд [сын] лӕвӕрдта Иорданы цӕугӕдоны, ӕмӕ уыдон ӕргом састысты сӕ тӕригъӕдтыл (Матф. 3:6).
Адӕм-иу донаргъуыд кӕй райстой, уымӕй-иу равдыстой, Моисейы закъоны ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдоныл кӕй ӕрфӕсмон кодтой (Матф. 3:1–6). Фӕлӕ Иоанн донаргъуыд кӕмӕн радта, уыдонӕй иу кӕйдӕр фӕсмон кӕнын ницӕуыл хъуыди, уымӕн ӕмӕ иу тӕригъӕд дӕр нӕ сарӕзта (1 Пет. 2:22). Уый уыд ӕххӕст адӕймаг, Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти (Матф. 3:13–17). Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, цӕттӕ кӕй у йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн раттынмӕ (Дзут. 10:7). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдтой (Иоан. 3:22; 4:1, 2). Уыцы донаргъуыд дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ-иу адӕм, Моисейы закъоны ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдоныл ӕрфӕсмон кодтой. Фӕлӕ Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон донаргъуыд ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй хъуамӕ истаиккой. w18.03 5 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 4 сентябрь
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы адӕймагӕн... йӕ бон у алцыдӕр раиртасын (1 Кор. 2:15).
«Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы», уыдоны тыххӕй цы зӕгъӕн ис? Ахӕм адӕймӕгтӕн, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй уӕлдай сӕйрагдӕр у, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый. Ахӕм адӕм фӕархайынц, цӕмӕй «Хуыцауы фӕзмой» (Еф. 5:1). Ӕндӕр ныхасӕй, уыдон фӕархайынц, цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕной ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсой. Уыдон фидарӕй зонынц, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Ахӕм адӕм сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл нӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ фӕархайынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Пс. 119:33; 143:10). Уыдон сӕхи хизынц тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕнынц, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон (Гал. 5:22, 23). w18.02 19 ф., 3, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 5 сентябрь
О Данел, Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг! (Дан. 10:11).
Данел царди Вавилоны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уырдӕм ӕй уацары акодтой. Уымӕй уӕлдай ма вавилойнӕгтӕ дзуттӕгты сӕ сӕрмӕ нӕ хастой ӕмӕ сын сӕхицӕй дӕр ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дӕр хынджылӕг кодтой (Пс. 137:1, 3). Ӕппӕт уыдӕттӕ Данелӕн ӕмӕ иннӕ иузӕрдион дзуттӕгтӕн масты хос куыннӕ уыдаиккой! Хӕринаг ӕмӕ сын нуӕзт фӕлварӕн уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕринӕгтӕй кӕцыдӕртӕ Йегъовӕйы адӕмӕн хӕрӕн нӕ уыд. Фӕлӕ Данел «йӕхицӕн фидарӕй загъта, паддзахы хӕринӕгтӕй ӕмӕ сӕнӕй йӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кӕндзӕн» (Дан. 1:5–8, 14–17). Данелӕн ма фӕлварӕн, гӕнӕн ис, суыдаид, тынг зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй уыди ӕмӕ фӕстӕдӕр стыр бынат кӕй бацахста, уый дӕр (Дан. 1:19, 20). Фӕлӕ Данел не ссӕрбӕрзонд ӕмӕ йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайын нӕ райдыдта. Уый алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ, ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи никуы бакодта (Дан. 2:30). Бафиппаинаг ма у уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ Данелы, Нойы ӕмӕ Иовы рӕстгӕнджытӕ куы схуыдта, уӕд Данел нырма ӕрыгон лӕппу уыд (Йез. 14:14). Бӕрӕг у, Хуыцау ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, Данел ыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзӕн. Ӕмӕ йӕ Данел дӕр нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта – суанг йӕ мӕлӕты онг йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ Хуыцауӕн уыд коммӕгӕс. w18.02 5 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 6 сентябрь
[Леви] йӕ хӕдзары Йесойӕн стыр куывд скодта (Лук. 5:29).
Йесо ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй каст. Зӕгъӕм, иухатт уыди «чындзӕхсӕвы», ӕндӕр хатт та – «стыр куывды» (Иоан. 2:1–10). Чындзӕхсӕвы сӕн нал фаг кодта, ӕмӕ уӕд Йесо сарӕзта диссаг – дон сӕн фестын кодта. Фӕлӕ Йесойӕн царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр ирхӕфсӕнтӕ нӕ уыдысты. Уымӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Стӕй адӕмӕн дӕр удуӕлдайӕ ӕххуыс кодта. Адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цӕттӕ уыд хъизӕмӕртты хъӕдыл амӕлынмӕ дӕр. Йесо, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн загъта: «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг» (Матф. 5:11, 12). Кӕд Йегъовӕйы ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм, уӕд, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, нӕхи ӕрмӕст ахӕм ирхӕфсӕнтӕй нӕ хиздзыстӕм, фӕлӕ, гыццыл дӕр кӕуыл фӕдызӕрдыг уӕм, йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ, зӕгъгӕ, ахӕмтӕй дӕр (Матф. 22:37, 38). w18.01 26 ф., 16–18 абз.
Сабат, 7 сентябрь
Цагъары йӕ гыццылӕй буцахуыр куы скӕнай, уӕд уый фӕстӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзӕн (Ӕмб. 29:21).
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй йын, цы нӕм ис, уый не ’вгъау кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цас хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ рӕдаудзинадӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Паддзах Давид загъта, адӕймагмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы, ӕмӕ йын кӕд исты дӕттӕм, уӕддӕр, йӕхӕдӕг нын цы радта, уый (1 Аз. 29:11–14). Адӕймаг, цы йӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы фӕхай кӕны, уӕд уый йӕхицӕн дӕр пайда вӕййы. Зӕгъӕм, сывӕллон фембырд кодта, йӕ ныййарджытӕ-иу ын цы ’хца авӕрдтой, уыдон, ӕмӕ сын цасдӕры фӕстӕ уыцы ’хцайӕ цавӕрдӕр лӕвар балхӕдта. Ныййарджытӕ уыцы лӕварыл куыннӕ цин кӕндзысты! Кӕнӕ та, зӕгъӕм, йӕ ныййарджытимӕ чи цӕры, ахӕм ӕрыгон пионер сын ӕхца радта, цӕмӕй сын хӕдзары хӕрдзтӕ бафидынӕн баххуыс кӕна. Кӕд ӕм йӕ ныййарджытӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, уӕддӕр, чи зоны, уыцы ӕхца райсой, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллонӕн йӕ бон уыдзӕн, сӕ хорздзинӕдты тыххӕй сӕ бузныг кӕй у, уый равдисын. Афтӕ Йегъовӕ дӕр зоны, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн дӕр кӕй уыдзӕн. w18.01 18 ф., 4, 6 абз.
Хуыцаубон, 8 сентябрь
Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр (Дык. з. 30:19).
Цӕмӕй дӕ сывӕллон Хуыцауы зондӕй архайын сахуыр уа, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ йын ӕнӕуи дзурай, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Дӕ сывӕллонӕн зӕгъ, цӕмӕй ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕна: «Библимӕ гӕсгӕ, буары монцты фӕдыл цӕуын раст цӕуылнӕ у? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын алкӕддӕр пайда кӕй у, уый мӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?» (Ис. 48:17, 18). Сывӕллоны донаргъуыд райсын куы фӕнда, уӕд ма йын хъӕуы баххуыс кӕнын, донаргъуыд чырыстӕттыл Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уый бамбарынӕн дӕр. Уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ у? Ӕмбары йӕ, йӕ цард Хуыцауӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзӕн? Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ зындзинӕдтӕй бирӕ фылдӕр уыдзысты? (Мар. 10:29, 30). Сывӕллоны ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын хъӕуы, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ. Уый фӕрцы фидарӕй зондзӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕ алкӕддӕр нӕ пайдайӕн кӕй сты. w17.12 21 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 9 сентябрь
Алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй (Ис. 40:26).
Сымах, нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлут. Чидӕртӕ уӕ цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын сты. Чидӕртӕ та, сӕхӕдӕг ӕрыгон нал сты, афтӕмӕй кӕсынц сӕ ацӕргӕ хӕстӕджытӕм. Кӕмӕндӕрты та зын у сӕ бинонты фӕдарын, ӕмӕ дзырд зынаргъ дзауматыл нӕ цӕуы, фӕлӕ, цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ууыл. Ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм, бирӕты уӕ уыцы иу рӕстӕг цалдӕр зындзинадимӕ кӕй хъӕуы тох кӕнын! Кӕд Йегъовӕ, удӕгас цы нӕу, ахӕм цӕмӕдӕрты йӕ хъус дары, уӕд дӕумӕ та, йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ, йӕ хъус куыннӕ дардзӕн! Уӕвгӕ дыл куыннӕ хъуамӕ тыхса, кӕд ӕмӕ йын уый тыххӕй лӕггад кӕныс, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕныс, дӕ хӕсыл ӕй кӕй нымайыс, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ (Пс. 19:1, 3, 14). Нӕ уӕларвон Фыд махӕй алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр зоны, суанг, нӕ сӕрыл цал сӕрыхъуыны ис, уый дӕр (Матф. 10:30). Псаломзарӕггӕнӕг та афтӕ загъта: «Йегъовӕ зоны, ӕнаипп чи у, уыдоны цард» (Пс. 37:18). Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдон, ӕмӕ дын йӕ бон у уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн тыхтӕ дӕр раттын. w18.01 7 ф., 1 абз.; 8 ф., 4 абз.
Дыццӕг, 10 сентябрь
Тавифӕ, сыст! (Хъуыд. 9:40).
Петр Тавифӕйы кӕй райгас кодта, уыцы хабар фехъусгӕйӕ адӕмӕй «бирӕтӕ баууӕндыдысты Хицауыл». Уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн куыннӕ дзырдтаиккой Йесойы тыххӕй, стӕй, Йегъовӕйӕн йӕ бон мӕрдты ӕгас кӕнын кӕй у, уый тыххӕй (Хъуыд. 9:36–42). Ӕндӕр ахӕм хабар та ӕрцыд горӕт Троадӕйы (ныр Турцийӕн йӕ цӕгат-ныгуылӕн хай). Чырыстӕттӕ иу хӕдзары уӕллаг уаты ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сын апостол Павел ӕмбисӕхсӕвмӕ Фыстадӕй цыдӕртӕ амыдта. Иу ӕрыгон лӕппу, Евтих, рудзынгыл бадти ӕмӕ Павелмӕ афтӕмӕй хъуыста. Фӕлӕ иуафон бафынӕй, ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыгӕй рахауд. Лука дохтыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Евтихмӕ фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, уый бацыд ӕмӕ бамбӕрста, лӕппу ӕнӕуи кӕй нӕ фӕсур, фӕлӕ мӕлгӕ кӕй акодта. Фӕлӕ йӕм Павел куы бацыд, уӕд мард лӕппуйы йӕ хъӕбысы ӕрбакодта ӕмӕ иннӕтӕн загъта, ӕгас у, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ се ’ппӕты дӕр стыр дисы куыннӕ бафтыдтаиккой! Павел мард адӕймаджы куыд райгас кодта, уый сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд «тынг фӕцин кодтой» (Хъуыд. 20:7–12). w17.12 5 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 11 сентябрь
Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ (Пс. 46:8).
Адӕм ӕцӕгдӕр ссардтой мадзал, се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр куыд фервӕзой, уымӕн? Сабыр цӕрын нӕ сахуыр сты. Фылдӕр кӕнынц фыдракӕндтӕ, фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд ӕййафынц, стӕй терроризм дӕр тынгӕй-тынгдӕр парахат кӕны. Мӕлӕтхӕссӕг низты аххосӕй дӕр тынг бирӕ адӕм амӕлы. Абон экономикон ӕмӕ политикон организацитӕ сты хиуарзон адӕмы къухы. Ӕмӕ ахӕм адӕм та хӕстытӕн, фыддзинадӕн, низтӕн ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон не скӕндзысты. Уый ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад сараздзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ адӕмы тыххӕй цы сараздзӕн, ууыл. Хӕстытӕ: хӕстытӕ райдайынц, адӕм хиуарзон кӕй сты, гӕртамхортӕ кӕй ис, иу адӕмыхатт йӕхи иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл кӕй нымайы, уый тыххӕй, стӕй мӕнг динты аххосӕй. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт уыдӕттӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр фесафдзӕн (Пс. 46:9). Фыддзинад: Хуыцауы Паддзахады фӕрцы адӕм ныридӕгӕн дӕр ахуыр кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой. Ӕмӕ уый иу хицауадӕн дӕр йӕ къухы нӕ бафтыд (Ис. 11:9). Низтӕ: Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ахӕм ӕнӕниздзинад ратдзӕн, ӕмӕ сӕ йӕ къахы ӕнгуылдзӕй дӕр ничи схъӕрздзӕн (Ис. 35:5, 6). Мӕгуырдзинад: Йегъовӕ йын кӕрон скӕндзӕн, ӕмӕ уӕд адӕм цух ницӕмӕй ӕййафдзысты. Стӕй иууылдӕр уыдзысты йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ (Пс. 72:12, 13). w17.11 24 ф., 14–16 абз.
Цыппӕрӕм, 12 сентябрь
Цӕмӕй [дыл] туг ма уа (Дык. з. 19:10).
Ӕмбӕхсӕн горӕттӕ сӕйраджыдӕр уымӕн хъуыдысты, цӕмӕй израилӕгтыл ӕнаххос туг ма уыдаид. Йегъовӕ цардӕн тынг аргъ кӕны, ӕмӕ йе сӕфт уыны, «ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕй» (Ӕмб. 6:16, 17). Уый у рӕстаг ӕмӕ сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ-иу кӕд исчи адӕймаджы барӕй нӕ амардта, уӕддӕр ахӕм хабармӕ йӕ бон ӕнцад кӕсын нӕ уыд. Йегъовӕйӕ уӕлдай чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ адӕймаджы цардӕн нӕ аргъ кодтой. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо сын загъта: «Сымах зонындзинӕдты дӕгъӕл уӕхи бакодтат. Уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут, ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны дӕр нӕ бауагътат» (Лук. 11:52). Уыдон хъуамӕ адӕмӕн Хуыцауы Ныхас ӕмбарын кодтаиккой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтаиккой ӕнусон цардмӕ фӕндаг ссарынӕн. Ӕмӕ сӕ уыдон та, «цардмӕ чи кӕны», уый фӕдыл цӕуын нӕ уагътой, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сӕфтмӕ кодтой (Хъуыд. 3:15). Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ уыдысты сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон, ӕмӕ сӕ иннӕты мӕт ӕппындӕр нӕ уыд. Ӕвӕдза, куыд дурзӕрдӕ уыдысты! w17.11 15 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 13 сентябрь
Мӕн кӕй зоны... уый худинаг кӕмӕ фӕкӕса, уыцы адӕймагӕй, ай мӕ ахуыргӕнинаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр худинаг фӕкӕсдзӕн (Мар. 8:38).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд уый тыххӕй, чи зоны, фыццаг дӕ бинонтӕн нӕ загътай. Фӕлӕ дӕ уырнындзинад куыд фидардӕр кодта, афтӕ йӕ бамбӕрстай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый сын кӕй хъуамӕ зӕгъай. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ куы суой, уӕддӕр архай, цӕмӕй сӕ бамбарай. Адӕймаг рӕстдзинад куы базоны, уӕд тынг фӕцин кӕны. Фӕлӕ йӕ хиуӕттӕ та, чи зоны, фӕхъуыды кӕнынц, сайгӕ йӕ кӕй кӕнынц кӕнӕ цавӕрдӕр сектӕмӕ кӕй бахауд. Кӕнӕ семӕ бӕрӕгбӕттӕ кӕй нал фӕкӕны, уый тыххӕй сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ нал уарзы. Фӕтӕрсынц ма, царды хорзӕй цы ис, уыдӕттӕй йӕхи кӕй фӕцух кӕндзӕн. Хъуамӕ-иу нӕхи сӕ бынаты сӕвӕрӕм ӕмӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Уӕд ӕй базондзыстӕм, афтӕ тынг ныл цӕмӕн мӕт кӕнынц, уый (Ӕмб. 20:5). Апостол Павел-иу архайдта алыхуызон адӕмы бамбарыныл, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кодтаид. Ӕмӕ мах дӕр, нӕ бинонтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый бамбарыныл куы архайӕм, уӕд ӕй зондзыстӕм, рӕстдзинады тыххӕй сын дзурын хуыздӕр куыд уыдзӕн, уый (1 Кор. 9:19–23). w17.10 15 ф., 11, 12 абз.
Сабат, 14 сентябрь
[Йегъовӕйӕн] зарут (Пс. 33:2).
Чи зоны, зарын уый тыххӕй ӕфсӕрмы кӕныс, ӕмӕ, зарын куыд хъӕуы, уый нӕ зоныс. Фӕлӕ дын цалдӕр хуымӕтӕг уынаффӕйы баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хуыздӕр зарын райдайай. Раст куы улӕфай, уӕд дӕ хъӕлӕсы фылдӕр тых уыдзӕн ӕмӕ дын хъӕрӕй зарын ӕнцондӕр уыдзӕн. Электрон тыхы фӕрцы цырагъ куыд ссудзы, афтӕ улӕфты фӕрцы дӕр дзургӕ-дзурын кӕнӕ заргӕ-зарын дӕ хъӕлӕсы тых фӕзыны. Зарын хъӕуы, ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ хъӕрӕй йе та ноджы хъӕрдӕрӕй. Библийы фыст кады зарджытӕй иуӕй-иуты ахӕм ныхӕстӕ дӕр ис, Йегъовӕйӕн «фырцинӕй хъӕр кӕнут ӕмӕ зарут», зӕгъгӕ (Пс. 81:1). Нӕ зарджыты чиныгӕй равзар, тынгдӕр кӕй уарзыс, уыцы зарджытӕ. Фыццаг уал зарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй ӕмӕ фидарӕй бакӕс. Стӕй та сӕ фӕстӕмӕ уыцы хъӕлӕсыуагӕй афтӕ бакӕс, иу улӕфт дын ӕнӕхъӕн рӕнхъы фаг куыд суа. Уый фӕстӕ уыцы рӕнхъ, кӕсгӕ йӕ куыд хъӕрӕй кодтай, афтӕ хъӕрӕй заргӕ дӕр акӕн (Ис. 24:14). Уый фӕрцы дӕ хъӕлӕс фӕтыхджындӕр уыдзӕн, фӕлӕ-иу ма фӕтӕрс ӕмӕ-иу ма фефсӕрмы у – уый афтӕ хъуамӕ уа! w17.11 5, 6 фф., 11–13 абз.
Хуыцаубон, 15 сентябрь
Ӕцӕг Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр,– сыстадысты, цӕмӕй ацыдаиккой ӕмӕ, Йегъовӕйӕн Иерусалимы цы хӕдзар уыд, уый ногӕй сарӕзтаиккой (Езд. 1:5).
Дзуттӕгтӕ Вавилонӕй Иерусалиммӕ дард фӕндагыл куы цыдысты, уӕд сын бирӕ рӕстӕг уыди сӕ ног цӕрӕнбынатыл хъуыды кӕнынӕн. Хистӕртӕ-иу сын дзырдтой, кӕддӕр Иерусалим ӕмӕ кувӕндон куыд рӕсугъд уыдысты, уый тыххӕй (Езд. 3:12). Уыцы бӕлццӕттимӕ куы уыдаис ӕмӕ Иерусалим фыццаг хатт куы федтаис, уӕд цымӕ цы ахъуыды кодтаис? Хӕмпӕлты бын чи фӕци, уыцы хӕлддзӕгтӕ фенгӕйӕ дӕ зӕрдӕ нӕ бамӕгуыр уыдаид? Горӕты къултӕ уыдысты пырхытӕ, кӕддӕр кулдуӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ кӕм уыд, уым ныр дымгӕ сыффытт кодта. Ӕмӕ, хӕрзаг, ахӕм къултӕм кӕсгӕйӕ дӕ цӕстыты раз Вавилоны стыр, фидар къултӕ февзӕрдаиккой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕн сӕ ныфс нӕ асаст. Уыдон сӕ дард балцы рӕстӕг уыдтой, Йегъовӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кодта, уый. Ӕмӕ куыддӕр Иерусалиммӕ ӕрхӕццӕ сты, афтӕ, кувӕндон кӕм уыд, уым сарӕзтой нывондхӕссӕн ӕмӕ алы бон дӕр Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой (Езд. 3:1, 2). w17.10 26, 27 фф., 2, 3 абз.
Къуырисӕр, 16 сентябрь
Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ... демӕ ис (1 Аз. 28:20).
Хъӕбатырдзинад цы у, уый тыххӕй Соломон, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыды цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ бирӕ базыдта. Стӕй ма стыр хъӕбатырдзинад равдыста, уӕйыджы йас фӕлтӕрдджын хӕстон Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд дӕр. Ӕмӕ йын Хуыцау баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ иу лӕгъз дурӕй амардтаид (1 Сам. 17:45, 49, 50). Уӕдӕ Давидӕй хуыздӕр Соломоны ныфс чи хъуамӕ бауагътаид. Йегъовӕ йемӕ уыд ӕмӕ йын кувӕндон саразынӕн баххуыс кодта. Соломон уыцы ныхӕстыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы, ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд кӕй уыд, уый йӕ нӕ бакъуылымпы кодта. Фӕлӕ уый равдыста стыр хъӕбатырдзинад, хъуыддагмӕ бавнӕлдта, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы уыцы диссаджы кувӕндон авд азы ӕмӕ ’рдӕгмӕ арӕзт фӕци. Йегъовӕ Соломонӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ нӕ бинонтимӕ ӕмӕ ӕмбырдимӕ баст хъуыддӕгтӕ аразӕм (Ис. 41:10, 13). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хъӕбатырдзинад куы ӕвдисӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. w17.09 28 ф., 3 абз.; 29 ф., 4 абз.; 32 ф., 20, 21 абз.
Дыццӕг, 17 сентябрь
Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых (Дзут. 4:12).
Йегъовӕйы адӕмы фидарӕй уырны, йӕ ныхас кӕй у «удӕгас ӕмӕ дзы [кӕй] ис стыр тых». Библи бирӕ адӕмы цард аивта, ӕмӕ дзы цы тых ис, уый нӕхиуыл дӕр бавзӕрстам. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй иуӕй-иутӕ раздӕр уыдысты давджытӕ, наркомантӕ кӕнӕ кодтой ӕнӕгъдау цард. Чидӕртӕ уыдысты кадджын, зындгонд кӕнӕ хъӕздыг адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сын уӕддӕр царды цыдӕр нӕ фаг кодта (Еккл. 2:3–11). Фӕлӕ, йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт кӕмӕн нӕ калд, уыцы адӕм Библийы фӕрцы ссардтой, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг. Нӕ брошюрӕтӕй иуы рубрикӕйы, «Библи ивы адӕймаджы цард», зӕгъгӕ, фыст вӕййы ахӕм адӕймӕгты тыххӕй, ӕмӕ сыл мах дӕр тынг фӕцин кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма, адӕймаг чырыстон куы свӕййы, уӕд ӕй суанг уый фӕстӕ дӕр фӕхъӕуы Библийы фӕрцы йӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. w17.09 23 ф., 1 абз.
Ӕртыццӕг, 18 сентябрь
[Йӕ] къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ... [йӕ] горӕтӕй ракодтой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Лотӕн фӕтӕригъӕд кодта (Райд. 19:16).
Лоты хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы зын уавӕрты бахауынц, уый (Ис. 63:7–9; Иак. 5:11; 2 Пет. 2:9). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уой. Ахъуыды-ма кӕнӕм, израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй иуыл. Адӕймаг-иу искӕмӕн ӕхца ӕфстау куы радта, уӕд-иу йӕ бон уыд уыцы адӕймагӕн йӕ дарӕс цъынды райсын, цӕмӕй-иу ын йе ’хца фӕстӕмӕ раттаид (Рац. 22:26, 27). Фӕлӕ, цалынмӕ хур нӕ аныгуылдаид, уӕдмӕ ӕфстаудӕттӕг хъуамӕ уыцы адӕймагӕн йӕ дарӕс фӕстӕмӕ раттаид, уымӕн ӕмӕ-иу ӕхсӕв йӕхи уымӕй бамбӕрзта. Дурзӕрдӕ адӕймаджы-иу, чи зоны, нӕ фӕндыд афтӕ бакӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кодта, цӕмӕй иннӕты зын ӕмбӕрстаиккой. Ацы закъоны цы уагӕвӕрд ис, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? Не ’фсымӕр ӕххуысхъуаг куы уа кӕнӕ истӕмӕй куы тыхса, уӕд бацархайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ зын фӕрогдӕр кӕнӕм (Кол. 3:12; Иак. 2:15, 16; 1 Иоан. 3:17). w17.09 9 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 19 сентябрь
Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц (Лук. 23:34).
Йесо йӕ Фыдмӕ куывта, цӕмӕй, хъӕдыл ӕй чи байтыгъта, уыдонӕн ныххатыр кодтаид. Йесо цыфӕнды тыхст ма уыдаид ӕмӕ цыфӕнды рыст ма ’взӕрстаид, уӕддӕр уыд фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон (1 Пет. 2:21–23). Фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон адӕймӕгтӕ кӕй стӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын? Иуы тыххӕй ныффыста Павел: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Кол. 3:13). Цӕмӕй нӕ бон уа иннӕтӕн хатыр кӕнын, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕмбырды уыдзӕн иудзинад. Иннӕтимӕ фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон уӕм, уый фӕндонӕй нӕу. Уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм (Матф. 5:5). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕм ацы миниуджытӕ куы уой, уӕд Йегъовӕйӕн кад кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кӕндзыстӕм (Гал. 6:1; 2 Тим. 2:24, 25). w17.08 25, 26 фф., 15–17 абз.
Майрӕмбон, 20 сентябрь
Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын (2 Пет. 2:9).
Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ, Йегъовӕ-иу, адӕм ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ кӕй архайдта, уымӕн. Зӕгъӕм, паддзах Езекийы рӕстӕг Ассирийы паддзах Сеннахирим Иудӕйы фидаргонд горӕттӕ иууылдӕр бацахста, баззад ма дзы ӕрмӕстдӕр Иерусалим (2 Пад. 18:1–3, 13). Фӕлӕ стӕй йӕ ных уымӕ дӕр сарӕзта. Уыцы тӕссаг уавӕры Езеки куыд бакодта? Уый Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ пехуымпар Исайы уынаффӕйӕ бафарста (2 Пад. 19:5, 15–20). Езеки ма ӕмбаргӕдзинад равдыста, ӕмӕ дзы Сеннахирим цы хъалон ӕрдомдта, уый йын бафыста (2 Пад. 18:14, 15). Стӕй ма тӕссаг уыд, знаг сыл кӕй ӕртыхсдзӕн ӕмӕ уый бирӕ рӕстӕг кӕй ахӕсдзӕн, уымӕй, ӕмӕ Езеки уымӕ дӕр цӕттӕ кодта (2 Аз. 32:2–4). Фӕлӕ хабар куыд рауад? Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, ӕмӕ уыцы зӕд иу ӕхсӕвмӕ Сеннахиримы ’фсӕддонтӕй 185 000 адӕймаджы ныццагъта. Суанг Езеки дӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ хабӕрттӕ афтӕ рауайдзысты! (2 Пад. 19:35). w17.08 10 ф., 7 абз.; 11 ф., 12 абз.
Сабат, 21 сентябрь
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20).
Дӕ бон куыд у дӕхи ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнын? Цӕмӕй Йегъовӕйӕн, хуыздӕр куыд у, афтӕ лӕггад кӕнай, уый тыххӕй дӕ фыццаджыдӕр хъӕуы дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ сфидар кӕнын. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын, арф ыл хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕмбырды дзуапп дӕттын. Цалынмӕ ма скъолайы ахуыр кӕныс, уӕдмӕ архай, цӕмӕй хуыздӕр хъусынгӕнӕг суай. Адӕмыл зӕрдиагӕй тыхс – сӕ хъуыды базоныны тыххӕй-иу сӕм уӕзданӕй фарстатӕ дӕтт ӕмӕ-иу сӕм стӕй лӕмбынӕг байхъус. Ӕмбырды-иу исты саразын куы хъӕуа, зӕгъӕм, Паддзахады зал бафснайын кӕнӕ дзы исты бацалцӕг кӕнын, уӕд-иу фӕкӕсынмӕ ма фӕзивӕг кӕн. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕрныллӕг ӕмӕ ӕнӕзивӕг куы вӕййынц, уый (Пс. 110:3; Хъуыд. 6:1–3.) Апостол Павел Тимофейы йемӕ миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ фӕхуыдта, уымӕн ӕмӕ дзы ӕфсымӕртӕ «тынг ӕппӕлыдысты» (Хъуыд. 16:1–5). w17.07 23 ф., 7 абз.; 26 ф., 14 абз.
Хуыцаубон, 22 сентябрь
Алы адӕймаг дӕр мӕ разы йӕ зонгуытыл... ӕрхаудзӕн, алы адӕймаг дӕр.. сомы кӕндзӕн (Ис. 45:23).
Йегъовӕ Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, ууыл цалынмӕ адӕм дызӕрдыг кӕной, уӕдмӕ се ’хсӕн ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа, уӕд иууылдӕр ӕнустӕм йӕ дӕлбар цӕрдзысты. Ӕмӕ ӕгас Дун-дунейы дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ сабырдзинад (Еф. 1:9, 10). Хуыцау Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый ӕнӕмӕнг сбӕлвырд уыдзӕн. Ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн, Хӕйрӕджы ӕмӕ адӕмы хицаудзинад кӕй ницӕмӕн бӕззы, ӕмӕ йын кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хуыцау йӕ бартӕ ӕрӕвӕрдзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Уыцы рӕстӕг зӕххыл цы иузӕрдион адӕм баззайа, уыдонӕй зӕгъӕн уыдзӕн, зӕгъгӕ, равдыстой, Хуыцауы сӕ Хицауыл кӕй нымайынц ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон кӕй у иузӕрдионӕй баззайын (Ис. 45:24). Дӕу дӕр куыннӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы иузӕрдион адӕмы ’хсӕн уай. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ ӕмбарай, дзырддаг фарста куыд ахсджиаг у, уый. w17.06 23 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 23 сентябрь
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).
Алы адӕймаг дӕр йӕ зианыл цас маст кӕндзӕн, уый нӕй базонӕн. Фыццаг бонты зианджынӕн йе ’мбӕлттӕ, йӕ хӕстӕджытӕ йӕ фарсмӕ вӕййынц, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ сӕхи царды кӕйттӕ кӕнын райдайынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу цӕттӕ у йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынмӕ ӕрмӕст фыццаг цалдӕр боны нӕ, фӕлӕ, чи зоны, уый фӕстӕ цалдӕр мӕйы дӕр. Хъуамӕ зӕрдӕрыст адӕймагӕн удӕнцойы хос уӕм, цалынмӕ йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом нӕ байгас уа, уӕдмӕ (1 Фес. 3:7). Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ зӕрдӕрыст адӕймагӕн ӕвиппайды йӕ зӕрдӕ ӕрбауынгӕг вӕййы, зӕгъӕм, сӕ чындзӕхсӕвы бон куы ралӕууы кӕнӕ къамтӕ куы фены, кӕцыдӕр музыкӕ куы фехъусы, цыдӕр куы фӕаразы, науӕд ма суанг цыдӕр тӕф йӕ фындзыл куы ауайы, уӕд, кӕнӕ уый вӕййы афӕдзы кӕцыдӕр афон. Йӕ цардӕмбал кӕмӕн фӕзиан вӕййы, уый фыццаг хатт иунӕгӕй исты куы фӕаразы, зӕгъӕм, конгресмӕ кӕнӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ацӕуы, уӕд ын уый уӕлдай зын вӕййы. Фӕлӕ зианджын адӕймагӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууын ӕрмӕст кӕцыдӕр бӕлвырд бонты нӕ фӕхъӕуы. w17.07 16 ф., 17–19 абз.
Дыццӕг, 24 сентябрь
Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).
Иннӕтӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ арӕх нӕхи зындзинӕдтӕ айрох вӕййынц. Зӕгъӕм, моймӕдзыд хотӕ дӕр ӕмӕ, моймӕдзыд чи нӕу, уыдон дӕр зонынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕй фӕкӕнынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй феххӕст кӕнынц. Ӕмӕ уый фӕрцы сты амондджын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон дӕр у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисын, иннӕтыл кӕй тыхсы, уый. Ӕмӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хорздзинад куы фӕаразӕм, уӕд сӕм афтӕмӕй дӕр баввахсдӕр вӕййӕм. Уымӕй бафӕзмӕн ис апостол Павелы. Уый иннӕты рӕвдыдта, «дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ» ӕмӕ сын, «фыд йӕ хъӕбултӕн куыд вӕййы», афтӕ уыди (1 Фес. 2:7, 11, 12). Йегъовӕйы чи бауарзта, ахӕм ӕрыгӕттӕн сӕ бон у, ӕмӕ сӕ бинонтӕн уой удӕнцойы хос ӕмӕ сӕ фидар кӕной. Куыд? Сӕ ныййарджытӕн куы кад кӕной ӕмӕ сын ӕхцайӕ дӕр, стӕй ӕнӕуи дӕр куы ӕххуыс кӕной. Стӕй сывӕллӕттӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион куы вӕййынц, уӕд уый ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтауы. w17.06 7 ф., 13, 14 абз.; 8 ф., 17 абз.
Ӕртыццӕг, 25 сентябрь
Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы (Лук. 16:9).
Иутӕм ӕхца уыйбӕрц ис, ӕмӕ ма сӕ цоты цоты ӕмӕ ма уыдоны цоты цоты фаг дӕр у. Миллиардтӕ та сты тынг мӕгуыр. Йесо йӕ зыдта, коммерцийӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон. Библимӕ гӕсгӕ, «сӕудӕджертӕ», ома коммерци, стӕй политикӕ ӕмӕ алыхуызон динтӕ хауынц Хӕйрӕджы дунемӕ (Рарг. 18:3). Хуыцауы адӕм сӕхи бынтондӕр фӕхицӕн кодтой политикӕйӕ ӕмӕ мӕнг динтӕй. Фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн сӕ бон нӕу коммерцийӕ сӕхи бынтондӕр фӕхицӕн кӕнын. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, коммерцимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Уый тыххӕй та нӕ бон у нӕхи бафӕрсын: мӕ бон куыд у мӕ исбонӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕн, уый? Цы саразон, цӕмӕй коммерциимӕ къаддӕр баст уон? Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, Хуыцауы адӕм сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дарынц? w17.07 7, 8 фф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 26 сентябрь
Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой (Лук. 21:34).
Йесо зыдта, ацы дунейы цард уӕззау кӕй уыдзӕн, стӕй мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй йедзаг. Тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд бамбарын кодта, иуӕй-иутӕ «Паддзахады тыххӕй дзырд» сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты ӕмӕ фыццаг сӕ зӕрдӕты зынг кӕй судздзӕн. Фӕлӕ, дам, фӕстӕдӕр «ацы царды сагъӕстыл» суыдзысты, хъӕздыгдзинад сӕ сӕ фӕдыл асайдзӕн, ӕмӕ «дзырд нал сырӕздзӕн», ӕмӕ сӕ зӕрдӕты зынг ӕрмынӕг уыдзӕн (Матф. 13:19–22; Мар. 4:19). Нӕхи куы нӕ хъахъхъӕнӕм, уӕд нӕ царды сагъӕстӕ хъыгдардзысты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрӕм, уымӕй. Куыд у нӕ бон сбӕлвырд кӕнын, афтӕ кӕнӕм ӕви нӕ? Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕппӕты фылдӕр цы уарзын? Фылдӕр мын циндзинад цы хӕссы, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый ӕви ӕндӕр хъуыддӕгтӕ?» w17.05 23 ф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 27 сентябрь
Уӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн [уӕнт] (1 Кор. 14:9).
Ӕрлидзджытӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм хӕстӕг се ’взагыл дзурӕг Ӕвдисӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд сӕ хъӕуы цӕуын, бынӕттон ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдмӕ (Пс. 146:9). Фӕлӕ сӕм кӕд хӕстӕг ис се ’взагыл дзурӕг ӕмбырд, уӕд бинонты хистӕр хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса, йӕ бинонтӕн хуыздӕр кӕцы ӕмбырдмӕ уыдзӕн цӕуын. Фӕлӕ уал хъуамӕ фыццаг лӕмбынӕг ахъуыды кӕна ӕмӕ уый тыххӕй скува, стӕй ма хъуамӕ йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ дӕр аныхас кӕна (1 Кор. 11:3). Ныййарджытӕ хъуамӕ хъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕтты ӕцӕгдӕр цы хъӕуы, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй сывӕллон Библийы рӕстдзинад хорз ӕмбара, уый тыххӕй йын, алы къуыри дӕр ӕмбырдты цы базоны, уый фаг нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, сывӕллон хуыздӕр кӕй ӕмбары, уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ӕнӕуи цӕугӕ куы кӕна, уӕд ын уый стыр пайда хӕсдзӕн. Чи зоны дзы уыйбӕрц бахъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ уый ӕнхъӕл дӕр ма уой. Фӕлӕ ӕвзаг хорз куы не ’мбара, уӕд ын ӕмбырдтӕ пайда нӕ хӕсдзысты (1 Кор. 14:11). w17.05 10 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 28 сентябрь
Адӕм... барвӕндӕй кӕй рацыдысты... уый тыххӕй арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн! (Тӕрх. 5:2).
Хорз уаид, не ппӕт дӕр куы ахъуыды кӕниккам: «Цӕттӕ дӕн, цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдӕттӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы пайда кӕнынмӕ? Кӕд фылдӕр ӕхца бакусыны ӕмӕ мӕ цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй ӕндӕр горӕтмӕ кӕнӕ бӕстӕмӕ ацӕуынмӕ хъавын, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ фӕкувын, цӕмӕй йӕ бамбарон, уый мӕ бинонтыл ӕмӕ ме ’мбырдыл куыд фӕзындзӕн?» Йегъовӕ нӕ ахӕм стыр кады аккаг скодта, ӕмӕ нын радта бар, цӕмӕй йӕ хицаудзинады фарс хӕцӕм. Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы йӕхирдӕм куы фӕкодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайы, цӕмӕй адӕмы Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна. Ӕмӕ Йегъовӕйы хицаудзинады фарс куы вӕййӕм, уӕд уымӕй Хӕйрӕгӕн ӕргом равдисӕм, нӕ Хицауыл кӕй нымайӕм, уый. Нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ нӕ иузӕрдиондзинад разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн барвӕндӕй, ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уымӕй йӕ зӕрдӕ тынг барухс вӕййы (Ӕмб. 23:15, 16). Йегъовӕйыл иузӕрдион куы вӕййӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд йӕ бон вӕййы Хӕйрӕджы фидистӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11). Нӕ коммӕгӕсдзинад у нӕ лӕвар Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын у зынаргъ, стӕй йын хӕссы стыр циндзинад. w17.04 32 ф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 29 сентябрь
Хуыцауӕн дзырд куы раттай, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы. Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн (Еккл. 5:4).
Моисейы закъоны фыст ис: «Адӕймаг Йегъовӕйӕн дзырд куы ратта кӕнӕ... куы расомы кӕна... уӕд хъуамӕ йӕ ныхас ма фӕсайа. Цыдӕриддӕр загъта, уый хъуамӕ сӕххӕст кӕна» (Ным. 30:2). Фӕстӕдӕр та Соломон ныффыста, абоны стихы цы ныхӕстӕ кӕсӕм, уыдон. Йесойы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, адӕймаг Йегъовӕйӕн цы дзырд ратты, уый сӕххӕст кӕнын ахсджиаг кӕй у: «Рагон адӕмӕн... уыд загъд: „Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн“» (Матф. 5:33). Хуыцауӕн цы дзырд раттӕм, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ вӕййы. Уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй кӕнгӕ у, Йегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дардзӕн, уый. Давид уыцы хъуыды хорз бамбарын кодта: «Кӕй бон у Йегъовӕйы хохмӕ схизын, кӕй бон у йӕ сыгъдӕг бынатмӕ ссӕуын? ...Мӕнг сомытӕ чи нӕ кодта, уымӕн» (Пс. 24:3, 4). w17.04 4 ф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 30 сентябрь
Уый йе ’взагӕй нӕ кӕны фыдкой (Пс. 15:3).
Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ ӕмбырды чидӕр ӕнаххосӕй бафхӕрдта, уӕд хъуамӕ иннӕтӕн йӕ фыдкой ма кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕр кӕнӕ хо нӕ ныхмӕ уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъӕм ӕмӕ сӕ ӕххуыс ракурӕм (Лев. 5:1). Фӕлӕ уӕззау тӕригъӕд куы ничи саразы, уӕд арӕхдӕр дыууӕ чырыстонӕн сӕхи бон вӕййы бафидауын, ӕмӕ, се ’хсӕн цы рауад, уый иннӕтӕн, суанг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр, дзурын нӕ бахъӕуы (Матф. 5:23, 24; 18:15). Уӕдӕ-иу ахӕм уавӕрты иузӕрдион уӕм ӕмӕ-иу Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Иуӕй-иу хатт афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ нӕхӕдӕг цыдӕр раст нӕ бамбӕрстам ӕмӕ уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никӕмӕн уыд, цӕмӕй нын ӕвзӕрӕй исты ракӕна. Ӕмӕ уӕд куыд цин кӕндзыстӕм, не ’фсымӕры фыдкой кӕй нӕ фӕкодтам ӕмӕ уымӕй уавӕр кӕй нӕ фӕфыддӕр кодтам, ууыл! Рох нӕ ма уӕд, цыфӕнды раст куы уӕм, уӕддӕр фыдкойӕ кӕй ницы рамбулдзыстӕм. Йегъовӕйыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд ныл ахӕм рӕдыд никуы ’рцӕудзӕн. w17.04 21 ф., 14 абз.