Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 106–121 фф.
  • Август

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Август
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 август
  • Майрӕмбон, 2 август
  • Сабат, 3 август
  • Хуыцаубон, 4 август
  • Къуырисӕр, 5 август
  • Дыццӕг, 6 август
  • Ӕртыццӕг, 7 август
  • Цыппӕрӕм, 8 август
  • Майрӕмбон, 9 август
  • Сабат, 10 август
  • Хуыцаубон, 11 август
  • Къуырисӕр, 12 август
  • Дыццӕг, 13 август
  • Ӕртыццӕг, 14 август
  • Цыппӕрӕм, 15 август
  • Майрӕмбон, 16 август
  • Сабат, 17 август
  • Хуыцаубон, 18 август
  • Къуырисӕр, 19 август
  • Дыццӕг, 20 август
  • Ӕртыццӕг, 21 август
  • Цыппӕрӕм, 22 август
  • Майрӕмбон, 23 август
  • Сабат, 24 август
  • Хуыцаубон, 25 август
  • Къуырисӕр, 26 август
  • Дыццӕг, 27 август
  • Ӕртыццӕг, 28 август
  • Цыппӕрӕм, 29 август
  • Майрӕмбон, 30 август
  • Сабат, 31 август
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 106–121 фф.

Август

Цыппӕрӕм, 1 август

Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Матф. 26:39).

Цӕмӕй адӕймаг хорз ахуыргӕнӕг суа, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ уа хорз ахуыргӕнинаг (1 Тим. 4:15, 16). Раст афтӕ, бартӕ кӕй къухы ис, уыдон цӕмӕй иннӕтӕн зонд амоной, уый тыххӕй хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайой. Афтӕ куы кӕной, уӕд сын иннӕтӕ кад кӕндзысты ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм зӕрдиагдӕрӕй хъусдзысты. Ӕркӕсӕм-ма Йесойы цӕвиттонмӕ. Йесо йӕ Фыдмӕ алкӕддӕр хъуыста, уый йын зын куы уыд, суанг уӕд дӕр. Ӕмӕ-иу адӕмӕн ӕргом загъта, цы зонд ӕм уыд ӕмӕ сын цы амыдта, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕ кӕй сты (Иоан. 5:19, 30). Йесо алкӕддӕр арӕзта, йӕ Фыд ын цы дзырдта, уый, ӕмӕ уый фӕрцы сси, адӕмы рыст йӕ зӕрдӕмӕ исын чи зыдта, ахӕм ахуыргӕнӕг. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм йӕ фӕдыл дӕр уый тыххӕй цыдысты (Матф. 11:29). Адӕм цъӕл хъӕзӕй ӕмӕ ма гыццыл чи судзы, ахӕм цырагъӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ӕмӕ-иу Йесойы фӕлмӕн ныхасӕй сӕ зӕрдӕмӕ рухс бакалд (Матф. 12:20). Йӕ апостолтӕ-иу, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй кӕрӕдзимӕ куы фесты, уӕд дӕр-иу сӕм нӕ рамӕсты, фӕлӕ-иу сын фӕлмӕнӕй сӕ зондахаст бараст кодта (Мар. 9:33–37; Лук. 22:24–27). w18.03 26 ф., 15, 16 абз.

Майрӕмбон, 2 август

Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны (1 Пет. 3:21).

Апостол Петр донаргъуыды кой кӕнгӕйӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста, Ной нау куы арӕзта, уыцы хабар. Наумӕ кӕсгӕйӕ адӕм ӕмбӕрстой, Ной йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй снывонд кодта. Уый Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион ӕмӕ зӕрдиагӕй арӕзта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Ной ахӕм уырнындзинады хицау кӕй уыди, уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Доны хъаймӕты аирвӕзтысты. Ной нау кӕй арӕзта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыд. Адӕймаг донаргъуыд кӕй райсы, уый та ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, ууыл баууӕндыд ӕмӕ йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Донаргъуыд чи райсы, уыдон дӕр Нойау зӕрдиагӕй фӕаразынц, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ Йегъовӕ Доны хъаймӕты Нойы куыд фервӕзын кодта, раст афтӕ, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд, донаргъуыд чи у ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзӕн (Мар. 13:10; Рарг. 7:9, 10). Уӕдӕ, адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Ӕмӕ ууыл фӕстӕ чи кӕны, уымӕн тӕссаг у, йӕхи ӕнусон царды ныфсӕй ӕнӕхай куы фӕкӕна, уымӕй. w18.03 4 ф., 3, 4 абз.

Сабат, 3 август

Ӕнӕзонддзинад арф бады сывӕллоны зӕрдӕйы (Ӕмб. 22:15).

Чи зоны, иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕхицӕн дзурой, цалынмӕ сӕ сывӕллон донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ йын тӕссаг кӕй нӕ уыдзӕн, ӕмбырдӕй йӕ кӕй ацух кӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон хисайӕн хъуыдытӕ сты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? (Иак. 1:22). Чырыстон ныййарджытӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллон, йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ цӕттӕ нӕма у, афтӕмӕй донаргъуыд райса. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын дӕр раст нӕу, ӕмӕ, кӕд донаргъуыд нӕма у, уӕд ӕй Йегъовӕйы раз дзуапп дӕттын нӕ хъӕуы. Цӕуылнӕ? Адӕймаг Хуыцауы раз дзуапп дӕттын райдайы, Хуыцау хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый куы базоны, уӕд (Иак. 4:17). Уӕдӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны уыцы ахсджиаг къахдзӕф скӕнын нӕ къуылымпы кӕндзысты. Ӕмӕ сывӕллон нырма гыццыл куы уа, уӕддӕр уыдонмӕ кӕсгӕйӕ уый дӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ бауарздзӕн (Лук. 6:40). Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд ӕй уый рӕдыд къахдзӕфтӕй хъахъхъӕндзӕн (Ис. 35:8). w18.03 11 ф., 12, 13 абз.

Хуыцаубон, 4 август

Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ (Райд. 6:9).

Ной Доны хъаймӕты фӕстӕ фӕцард 350 азы, ӕмӕ уӕд дӕр йӕ зондахаст нӕ фӕивта (Райд. 9:28). Ӕцӕгдӕр, йӕ уырнындзинад ӕмӕ нын йӕ коммӕгӕсдзинад сты фӕзминаг! Нӕ бон у Нойы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын. Хъуамӕ Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахады хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, стӕй нын хъуамӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ иумӕйагӕй мацы уа (Матф. 6:33; Иоан. 15:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм цард кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм ацы дунейы адӕм хорз цӕстӕй нӕ кӕсынц. Зӕгъӕм, Хуыцау бинонты царды кӕнӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдоныл фидар кӕй хӕцӕм, уый тыххӕй иуӕй-иу бӕстӕты газетты, телевизоры ӕмӕ интернеты нӕ фыдкой фӕкӕнынц (Мал. 3:17, 18). Фӕлӕ Нойау мах дӕр тӕрсӕм Йегъовӕйӕ, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ. Мах ӕй зонӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй у йӕ бон махӕн ӕнусон цард раттын (Лук. 12:4, 5). Фӕлӕ цымӕ дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Хуыцауимӕ дарддӕр дӕр цӕудзынӕ, уый тыххӕй дыл иннӕтӕ куы худой кӕнӕ дын фидистӕ куы кӕной, уӕддӕр? Цардамӕлттӕ кӕнын дын зын куы уа, уӕд дӕр дӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардзынӕ? Нойы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад куы фӕзмай, уӕд дӕ Йегъовӕ цух ницӕмӕй ныууадздзӕн (Фил. 4:6, 7). w18.02 4 ф., 4, 8 абз.; 5 ф., 9, 10 абз.

Къуырисӕр, 5 август

Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй цы цӕуы, уыдӕттыл сразы уа (1 Кор. 2:14).

Ахӕм адӕм цӕуынц ацы хиуарзон дунейы зондыл. Павел уыцы зондахаст схуыдта, «ӕгоммӕгӕс адӕм» кӕмӕй архайынц, ахӕм зонд (Еф. 2:2). Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы зондыл цӕуынц ӕмӕ алцыдӕр кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ фӕаразынц. Ахӕм адӕм цӕрынц, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ та сӕм нымады дӕр не сты. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдон вӕййынц кадмондаг, фӕбӕллынц хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ сын иннӕтӕ сӕ митӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уый сӕм нымады дӕр нӕ вӕййы. Ахӕм адӕм фӕкӕнынц, Библи «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» кӕй хоны, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Гал. 5:19–21). Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн сӕ зондахаст бӕрӕг вӕййы ахӕм хъуыддӕгтӕй: иннӕты кӕрӕдзи ныхмӕ фӕаразынц, кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕфидауынц, кӕрӕдзийыл тӕрхондӕттӕм хъаст бадӕттынц, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, кӕм цы бахӕрой ӕмӕ цы бануазой, уый. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдоны исты кӕнӕ исчи ӕвзӕр хъуыддаг бакӕнынмӕ куы фӕцыбӕл кӕны, уӕд нӕ фӕлӕууынц ӕмӕ рӕдыд къахдзӕф саразынц (Ӕмб. 7:21, 22). w18.02 19 ф., 3–5 абз.

Дыццӕг, 6 август

[Адӕм] уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ (2 Тим. 3:2, 4).

Ирхӕфсыны кой куы кӕнӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ӕхсызгондзинад чи хӕссы, уыцы хъуыддӕгтӕй нӕхи бынтондӕр фӕцух кӕнӕм. Уӕвгӕ, Библийы дӕр фыст ис: «Адджынӕн хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ нуаз сӕн» (Еккл. 9:7). Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр хауынц. 2 Тимофеймӕ 3:4 дзырд цӕуы, ирхӕфсӕнты тыххӕй сӕ царды Хуыцауӕн бынат кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕмы тыххӕй дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы стихы афтӕ фыст кӕй нӕй, ӕмӕ адӕм ирхӕфсӕнтӕ Хуыцауӕй фылдӕр уарздзысты. Уӕд афтӕ зӕгъӕн уаид, ӕмӕ Хуыцауы дӕр уарзынц. Фӕлӕ дзы фыст ис, «Хуыцауы нӕ уарздзысты», зӕгъгӕ. Ахӕм адӕмы тыххӕй ма Библийы фыст ис, зӕгъгӕ сын «зӕххон хиирхӕфсӕнтӕ сӕ хурхыл ныххӕцынц» (Лук. 8:14, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). w18.01 25 ф., 14, 15 абз.

Ӕртыццӕг, 7 август

Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый (Ӕмб. 3:9).

Йегъовӕ у рӕдау Хуыцау. Цыдӕриддӕр нӕм ис, уый уымӕй цӕуы. Зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы сты, ӕмӕ сӕ афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй зӕххыл цард уа (Пс. 104:13–15; Аг. 2:8). Зӕгъӕм, израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын Йегъовӕ лӕвӕрдта маннӕ ӕмӕ дон (Рац. 16:35; Неем. 9:20, 21). Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ пехуымпар Елисейы уылты идӕдз сылгоймагӕн диссаджы хуызы баххуыс кодта – йӕ дурыны цы гыццыл сой уыд, уый йын сбирӕ кодта. Уый фӕрцы уыцы сылгоймагӕн йӕ бон баци йӕ хӕстӕ бафидын, ӕмӕ ма йӕ бинонтӕм цӕрыны фаг ӕхца дӕр баззад (2 Пад. 4:1–7). Йегъовӕйы ӕххуысӕй-иу Йесо дӕр диссаджы хуызы адӕмӕн хӕринаг лӕвӕрдта, иу хатт та, цӕмӕндӕр ӕхца куы бахъуыд, уӕд сӕ диссаджы хуызы самал кодта (Матф. 15:35–38; 17:27). Зӕххы ӕвӕрӕнтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы къухы кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ йӕ бон у афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ мацы цух уой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын йӕ организацийӕн, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕной (Рац. 36:3–7). w18.01 17 ф., 1–3 абз.

Цыппӕрӕм, 8 август

О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард (1 Пад. 19:4).

Рагзаманты-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон нал у сӕ зындзинӕдтӕн быхсын (Иов 7:7). Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сӕ къухтӕ не ’руагътой, ӕмӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын хъарутӕ лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл сты. Библийы дзӕгъӕлы нӕй афтӕ фыст, зӕгъгӕ, Хуыцау «фӕллад адӕймагӕн ратты тых» (Ис. 40:29). Хъыгагӕн, нӕ рӕстӕджы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕй фервӕздзысты, цасдӕр рӕстӕг Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕной, уӕд. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый арфӕдзинадыл нал нымайынц, фӕлӕ уӕззау уаргъыл. Гъемӕ Хуыцауы Ныхас нал фӕкӕсынц, ӕмбырдтӕ цух кӕнын райдайынц ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал фӕцӕуынц. Ӕмӕ Хӕйрӕг та растдӕр уымӕ бӕллы. Хӕйрӕг зоны, Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ уый нӕ фӕнды, цӕмӕй фидар уӕм. Уӕдӕ дӕм хъару куы нал уа ӕмӕ дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕр-иу Йегъовӕйӕ ма адард у. Архай-иу, цӕмӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уай, уымӕн ӕмӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ уӕ Хуыцау «бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Пет. 5:10; Иак. 4:8). w18.01 7, 8 фф., 2, 3 абз.

Майрӕмбон, 9 август

Йегъовӕйӕн йӕ бон у... ингӕнмӕ барвитын дӕр ӕмӕ ингӕнӕй ракӕнын дӕр (1 Сам. 2:6).

Библийы райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй дыккаг хабар ӕрцыд Елисейы рӕстӕджы. Уыцы рӕстӕджы Сунемы цард, зӕнӕг кӕмӕн нӕ цыд, иу ахӕм кадджын израилаг сылгоймаг. Уый Елисейы йӕ хӕдзары суазӕг кодта. Ӕмӕ йын Хуыцау йӕ хорздзинад нӕ ферох кодта – йӕ ацӕргӕ лӕгӕй йын фырт райгуырд. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ лӕппу амард. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, уыцы сылгоймаг куыд тынг маст кодтаид. Йӕ фыртыхстӕй Елисеймӕ Кармилы хохырдӕм иу-30 километры фӕцыд. Ӕмӕ йӕм куы ’рбацыд ӕмӕ йын йӕ хабар куы ракодта, уӕд пехуымпар йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийы йӕ разӕй Сунеммӕ арвыста, цӕмӕй сывӕллоны райгас кодтаид. Фӕлӕ Гиезийӕн йӕ бон нӕ баци лӕппуйы райгас кӕнын. Уӕдмӕ сывӕллоны мад ӕмӕ Елисей дӕр ӕрхӕццӕ сты (2 Пад. 4:8–31). Елисей хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд мард сывӕллоны раз Йегъовӕмӕ кувын райдыдта. Хуыцау ын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сывӕллоны райгас кодта. Мад йӕ лӕппуйы удӕгасӕй куы федта, уӕд ма йӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! (2 Пад. 4:32–37). Йегъовӕ сунемаг сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы, зӕгъӕн ис, «ингӕнӕй ракодта», ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын. w17.12 4 ф., 7, 8 абз.

Сабат, 10 август

Ӕнӕзонддзинад арф бады сывӕллоны зӕрдӕйы (Ӕмб. 22:15).

Ӕнӕзонд, ома ӕвӕлтӕрд, сывӕллон вӕййы, зондджын схонӕн та ис, царды фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, ахӕм адӕймаджы. Фӕлӕ Хуыцауы цӕсты фӕлтӕрдджын уыдзынӕ ӕви нӕ, уый карӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсдзынӕ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕндзынӕ ӕви нӕ, уымӕй (Пс. 111:10). Хуыцауы цӕсты фӕлтӕрдджын чи нӕу, уыцы ӕрыгӕтты «цыма уылӕнтӕ раппар-баппар кӕнынц, афтӕ дыууӕрдӕм... фӕкӕнынц», ома сӕхи зӕрдӕйы фӕндтыл ӕмӕ се ’мгӕртты зондыл фӕцӕуынц (Еф. 4:14). Фӕлӕ, Хуыцауы цӕсты фӕлтӕрдджын чи у, уыцы ӕрыгӕттӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Уыдон зондӕй архайынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ зонд, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын... ахуыр кӕнынц» (Дзут. 5:14). Ахӕм фӕлтӕрддзинад сӕм кӕй ис, уый бӕрӕг вӕййы, раст уынаффӕтӕ кӕй фӕхӕссынц, уымӕй. Адӕймаг ахӕм зондӕй архайа, уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй фервӕза (Ӕмб. 24:14). Дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы зондӕй архайой. Хъуамӕ уыной, Библийы уагӕвӕрдтӕн кӕй аргъ кӕныс. Ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа дӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр (Ром. 2:21–23). w17.12 20, 21 фф., 12, 13 абз.

Хуыцаубон, 11 август

Ӕддагӕттимӕ ут зондджын [...] Цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый (Кол. 4:5, 6).

«Адӕмӕн сӕхи бон у сӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнын». Ацы хъуыды бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы. Цӕмӕн? Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы уыдаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ адӕмы Хуыцауы разамынд нӕ хъӕуы ӕмӕ сӕ бон у, цыдӕриддӕр сӕ фӕнды, уый аразын. Стӕй ма ацы хъуыдыйыл бирӕтӕ уымӕн ӕууӕндынц, ӕмӕ, иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, хӕстытӕ, фыддзинад, низтӕ ӕмӕ мӕгуырдзинад раздӕр куыд парахат уыдысты, ныр афтӕ нал сты. Иу статьяйы фыст уыд: «Адӕмӕн сӕ уавӕр уымӕн хуыздӕр кӕны, ӕмӕ сӕ бафӕндыд, цы дунейы цӕрынц, уый фӕхуыздӕр кӕнын». Ацы дунейы бирӕтӕ кӕуыл хӕст сты, фӕлӕ Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм хъуыдытӕ куы хъусай, уӕд дӕ бон цы у саразын? Ӕркӕс-иу, уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ кӕнӕ-иу фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй искӕимӕ аныхас кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы хъуыды адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы, афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у ӕмӕ, уыцы хъуыды раст кӕй нӕу, уый дӕ бон куыд у сбӕлвырд кӕнын. Не ’ппӕтӕн дӕр у нӕ бон ацы дунейы зондахастӕй нӕхи бахизын, абоны стихы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕ. w17.11 24 ф., 14, 17 абз.

Къуырисӕр, 12 август

О Хуыцау, бузныг, ӕз иннӕты хуызӕн... кӕй нӕ дӕн (Лук. 18:11).

Фарисейты иннӕтӕн хатыр кӕнын цӕуылнӕ фӕндыд? Уымӕн ӕмӕ «иннӕты... ницӕуыл нымадтой» (Лук. 18:9–14). Фарисейты нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕзм. Иннӕты зын ӕмбар ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у (Кол. 3:13). Ахӕм миниуджытӕ дӕм куы уа, уӕд иннӕтӕн ӕнцон уыдзӕн дӕуӕй хатыр курын (Лук. 17:3, 4). Ахъуыды кӕн: «Чи мӕ фӕхъыг кӕны, уымӕн уайтагъд ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнын, кӕд мӕ арӕх фӕхъыг кӕны, уӕддӕр? Фӕфӕнды мӕ, цӕмӕй йемӕ бафидауон?» Цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Фарисейтӕм сӕрныллӕгдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты. Фӕлӕ мах хъуамӕ «иннӕты... [нӕхицӕй] уӕлдӕр ӕвӕрӕм» (Фил. 2:3). Уӕдӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Йегъовӕйы фӕзмын? Сӕрныллӕг дӕн?» Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд, немӕ бафидауынмӕ цы «фӕндаг» кӕны, ууыл ӕнцон цӕуӕн уыдзӕн. Тӕргай кӕнынмӕ-иу ма тагъд кӕн, фӕлӕ хатыр кӕнынмӕ (Еккл. 7:8, 9). w17.11 14, 15 фф., 6–8 абз.

Дыццӕг, 13 август

Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын (Пс. 147:1).

Чи зоны, зарын ӕфсӕрмы фӕкӕныс, дӕхи иннӕтимӕ куы фӕбарыс, уӕд. Фӕлӕ, куыдфӕнды ма уа, Йегъовӕйы не ’ппӕт дӕр хъуамӕ зарджытӕй кадджын кӕнӕм. Уӕдӕ-иу дӕ зарджыты чиныг бӕрзонддӕр сис, дӕ сӕрыл-иу схӕц ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй зар! (Езд. 3:11). Абон Паддзахады залтӕй бирӕты зарджыты ныхӕстӕ февдисынц экраныл, ӕмӕ уый фӕрцы хъӕрӕй зарын ӕнцондӕр вӕййы. Цымыдисаг ма у уый, ӕмӕ ныр Паддзахады зарджытӕ фӕзарынц, Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы хай вӕййы, уым дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды иннӕтӕн фӕзминаг уой, зарджытӕ куыд зарынц, уымӕй. Бирӕтӕ хъӕрӕй зарын нӕ фӕуӕндынц, иннӕты мӕхимӕ ӕркӕсын кӕндзынӕн кӕнӕ мын рӕсугъд хъӕлӕс нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм иу хъуыддагыл. Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ ныхасӕй «арӕх рӕдийӕм» (Иак. 3:2). Фӕлӕ, мауал дзурӕм, ууыл никуы ахъуыды кодтам. Уӕдӕ зарынмӕ дӕсны кӕй не стӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ куыннӕуал хъуамӕ зарӕм? w17.11 4, 5 фф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 14 август

Афтӕ уыдзӕн, кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъусат, уӕд (Зах. 6:15).

Ӕвдӕм цӕстылуайӕн куы фӕци, уӕд Захарийы бирӕ цӕуылдӕрты хъуыдаид ахъуыды кӕнын. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, мӕнгард адӕмы кӕй бафхӕрдзӕн, ӕмӕ уый Захарийы ныфс куыннӕ бауагътаид. Фӕлӕ уыдта, нырма кӕй ницы фӕивта. Бирӕтӕ уӕддӕр кодтой алы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ, мӕнгард митӕ. Ӕмӕ Иерусалимы кувӕндон афтӕ дӕр арӕзт нӕма фӕци. Цымӕ дзуттӕгтӕ афтӕ тагъд цӕмӕн ныууагътой, Йегъовӕ сын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг? Ау, сӕ бӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй сӕхи царды хабӕрттӕ кодтаиккой? Йегъовӕ зыдта, йӕ адӕмӕн кӕй хъуыди сӕ ныфсыл ныфс бафтауын ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын. Ӕмӕ ма Захарийӕн ноджыдӕр иу цӕстылуайӕн равдыста, фӕстаг, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, кӕй сӕ уарзта ӕмӕ, уӕдмӕ дӕр цы сарӕзтой, уымӕн кӕй аргъ кодта. Стӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта, цы хъуыддаг сын бахӕс кодта, уымӕ та ногӕй куы бавналой, уӕд сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ кувӕндон кӕй сараздзысты. Йегъовӕ сын загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. w17.10 26 ф., 1 абз.; 27 ф., 5 абз.

Цыппӕрӕм, 15 август

Хуыцау уӕ... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).

Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ куы вӕййынц, уӕд уый ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс вӕййы (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ ахӕм хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Чи зоны, кӕддӕр ӕфсымӕр цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта, ӕмӕ йӕм ныр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕу, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕна. Кӕмӕдӕр та, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕм уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн фаг курдиӕттӕ нӕй. Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныфс бацӕуа ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсай (Фил. 4:13). Иуафон Моисеймӕ дӕр афтӕ каст, ӕмӕ йын Йегъовӕ цы бахӕс кодта, уый йӕ бон нӕ бауыдзӕн саразын (Рац. 3:11). Фӕлӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй дзы ныфс бацыдаид ӕмӕ, цы хъуыди, уый сарӕзтаид. Ӕфсымӕрӕн йӕ бон кӕм у ахӕм хъӕбатырдзинад ссарын? Йӕ бон у уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувын, Библи алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ, Библийы цы хъӕбатыр адӕймӕгты кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл хъуыды кӕнын. Стӕй йӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕрныллӕгӕй зӕгъын, цӕмӕй йын бацамоной, ӕмбырды цы ӕмӕ куыд хъӕуы аразын. Ӕмӕ хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕмбырды цыфӕнды хъуыддаджы дӕр баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый. w17.09 32 ф., 19 абз.

Майрӕмбон, 16 август

Нӕ Хуыцауы ныхас та уыдзӕн ӕнустӕм (Ис. 40:8).

Библи у Хуыцауы комытӕфӕй фыст. Фӕлӕ Библийы тӕлмацтӕй уый зӕгъӕн нӕй. Септуагинтӕ, Уиклифы Библи, «Паддзах Яковы Библи» кӕнӕ ӕндӕр тӕлмацтыл куы куыстой, уӕд-иу сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ амыдта, куыд ӕмӕ цы хъӕуы фыссын, уый. Фӕлӕ ацы тӕлмацтӕ куыд фӕзындысты, уый иртасгӕйӕ адӕймаг фены: Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ йӕ Ныхас нӕ фесӕфт. Ӕмӕ нӕ уый фӕрцы тынгдӕр уырны, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый (Йес. Н. 23:14). Йегъовӕ йӕ Ныхас куыд хъахъхъӕдта, уый базонгӕйӕ ӕрмӕст нӕ уырнындзинад нӕ бафидар вӕййы, фӕлӕ ма Хуыцауы тынгдӕр бауарзӕм. Уӕвгӕ нын Йегъовӕ Библи цӕмӕн радта, стӕй цӕмӕн загъта, кӕй йӕ хъахъхъӕндзӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны, пайда нын цы у, ууыл (Ис. 48:17, 18). Уӕдӕ йӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куыннӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм? (1 Иоан. 4:19; 5:3). w17.09 21, 22 фф., 13, 14 абз.

Сабат, 17 август

Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады (Еф. 6:2).

Дӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг куы уа, уӕд дын, гӕнӕн ис, ӕмӕ зындӕр уа дӕ сывӕллӕтты ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цӕрын ахуыр кӕнын. Дӕ цардӕмбалӕн кад кӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг у. Ахъуыды-иу кӕн, цавӕр хорз миниуджытӕ йӕм ис, ууыл ӕмӕ-иу ын зӕгъ, хорзӕй цы аразы, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕ. Сывӕллӕтты раз йӕ кой ма кӕн. Фӕлтау-иу сын бамбарын кӕн, алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы ныййарӕджы куы нымайой, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй базонын. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ лӕг йӕ чырыстон бинойнаджы нӕ фӕуадзы, Библийы цы фыст ис, уый сывӕллӕттӕн дзурын кӕнӕ сӕ ӕмбырдтӕм кӕнын. Фӕлӕ ахӕм уавӕры дӕр мад хъуамӕ, йӕ бон цы у, уый араза, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амона (Хъуыд. 16:1; 2 Тим. 3:14, 15). Кӕд хо йӕ сӕрыхицауы хъуыдыйӕн аргъ кӕны, уӕддӕр йӕ бон у, фадат ын куы фӕвӕййы, уӕд, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй йӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын. Афтӕ куы кӕна, уӕд сывӕллӕттӕ базондзысты Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый (Хъуыд. 4:19, 20). w17.10 14 ф., 9, 10 абз.

Хуыцаубон, 18 август

Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут (Еф. 5:1).

Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ дӕр ис ацы миниуӕг. Суанг, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдон дӕр арӕх иннӕты зын сӕ зӕрдӕмӕ арф айсынц (Райд. 1:27). Библийы бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, адӕм-иу тӕригъӕдгӕнаг куыд разындысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, иухатт паддзах Соломонмӕ бацыдысты дыууӕ хӕтаг сылгоймаджы, быцӕу кодтой, сывӕллон сӕ дыууӕйӕ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ Соломон сӕ бафӕлварыны тыххӕй бардзырд куы радта, сывӕллоны дыууӕ дихы фӕкӕнут, зӕгъгӕ, уӕд мадӕн йӕ хъӕбулы тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ базмӕлыдысты ӕмӕ паддзахӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сывӕллоны иннӕ сылгоймагӕн раттаиккой (1 Пад. 3:23–27). Кӕнӕ ӕндӕр хабар. Фараоны чызг гыццыл Моисейы куы ссардта, уӕд ӕй бамбӕрста, сывӕллон дзуттаг кӕй у ӕмӕ йӕ удӕгасӕй уадзӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ йын «фӕтӕригъӕд кодта», ӕмӕ йӕ йӕхи сывӕллонау схӕссынвӕнд скодта (Рац. 2:5, 6). w17.09 8, 9 фф., 2, 3 абз.

Къуырисӕр, 19 август

Йегъовӕ... уын быхсы (2 Пет. 3:9).

Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр хъуамӕ уой сӕрныллӕг (Ӕмб. 22:4). Уый нын ӕрхӕсдзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Уый фӕрцы ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йегъовӕ йе стыр хорзӕхӕй дӕр схайджын кӕндзӕн. Апостол Петр загъта: «Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Пет. 5:5). Ацы дунейы фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон адӕймӕгты лӕмӕгъ адӕймӕгтыл нымайынц. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уыцы рӕсугъд миниуджытӕ фыццаджыдӕр сты Йегъовӕмӕ, Дун-дунейы ӕппӕты тыхджындӕр чи у, уымӕ. Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ фӕразондзинад цы у, уый ӕппӕты хуыздӕр Йегъовӕ равдыста. Ахъуыды-ма кӕн, Авраам ӕмӕ йӕм Лот фарстатӕ куы лӕвӕрдтой, уӕд сын зӕдты уылты дзуапп куыд фӕразонӕй лӕвӕрдта, ууыл (Райд. 18:22–33; 19:18–21). Стӕй ма ноджыдӕр ахъуыды кӕн, 1 500 азӕй фылдӕр ӕгоммӕгӕс Израилы адӕммӕ фӕразондзинад куыд ӕвдыста, ууыл дӕр (Йез. 33:11). w17.08 25 ф., 13, 14 абз.

Дыццӕг, 20 август

Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ (Фил. 4:7).

Филиппаг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ куывтаиккой, цӕмӕй йӕ фарнӕй схайджын уыдаиккой. Павел загъта, Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», зӕгъгӕ. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ ацы дзырдбаст ратӕлмац кодтой, зӕгъгӕ, «адӕймаг фыны дӕр кӕй нӕ федтаид, ахӕм» кӕнӕ «хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаид, ахӕм» фарн. Павелы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, «Хуыцауы фарн» ахӕм диссаг у, ӕмӕ йыл адӕймаджы зонд не ’ххӕссы. Уӕдӕ кӕд адӕймаг нӕ фӕзоны, йӕ зындзинӕдтӕй куыд фервӕза науӕд цы ис саразӕн, уый, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ бон у, ӕнхъӕл дӕр цӕмӕн не стӕм, ахӕм цыдӕр саразын (2 Пет. 2:9). Цы хъӕуы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр «Хуыцауы фарнӕй» хайджын уӕм? Хъуамӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр не ’ввахс Хӕлар уа. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр «Йесо Чырыстийы фӕрцы», йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн чи радта, уый фӕрцы. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Уыцы нывонды фӕрцы нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, ӕмӕ нын уый фӕрцы йӕ разы ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ йӕм нӕ бон у ӕввахс кӕнын (Иоан. 14:6; Иак. 4:8; 1 Пет. 3:21). w17.08 10 ф., 7 абз.; 12 ф., 15 абз.

Ӕртыццӕг, 21 август

Адӕймаджы зӕрдӕ зоны йӕ уды рыст ӕмӕ йын иннӕ адӕймаг йӕ цин нӕ бамбардзӕн (Ӕмб. 14:10).

Хатт адӕймаг ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг фӕзоны, йӕ зӕрдӕ цы дудгӕ рыст кӕны, уый, ӕмӕ йӕ иннӕтӕн бамбарын кӕнын йӕ бон нӕ вӕййы. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ адӕймаг фӕдзуры, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый, фӕлӕ уӕддӕр иннӕтӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, цы зӕгъинаг у, уый бамбарын. Хатгай ма адӕймаг нӕ фӕзоны, зӕрдӕрыст адӕймагӕн, йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа, ахӕмӕй цы зӕгъа, уый дӕр. Фӕлӕ арӕх ӕрмӕстдӕр фӕхъӕуы, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕуын» (Ром. 12:15). Адӕймагӕн йӕхицӕн цы зӕгъай, уый куы нӕ зонай, уӕд та дӕ бон у, ӕмӕ йӕм арвитай открыткӕ, писмо, СМС кӕнӕ та йӕм интернетӕй фыстӕг ныффыссай. Дӕ бон дзы у, йӕ зӕрдӕ йын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм стих ныффыссын, чи амард, уымӕ цы хорз миниуджытӕ уыд, уыдонӕй кӕцыдӕры кой скӕнын кӕнӕ, хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй ныффыссын. Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыцы чырыстонӕн ма стыр ӕххуыс уыдзысты нӕ куывдтытӕ дӕр. w17.07 14–16 фф., 13–16 абз.

Цыппӕрӕм, 22 август

Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд (Матф. 19:6).

Зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты цард, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ нӕ рауад, кӕнӕ суанг стыр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлынц. Ахӕм бинонтӕн сӕ бон у ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ рагон Израилӕн куыд уыд, ууыл. Йегъовӕ йӕхи хуыдта сӕ сӕрыхицау (Ис. 54:5; 62:4). Израилы адӕм Йегъовӕйы бирӕ хӕттыты фӕфыдӕнхъӕл кодтой, нӕ уыд зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕимӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цардысты. Фӕлӕ сыл Йегъовӕ уыцы тӕккӕ йӕ къух нӕ ауыгъта. Ногӕй ӕмӕ та-иу сын ногӕй сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта ӕмӕ сын зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уыдон сӕххӕст кодта (Пс. 106:43–45). Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы бинонтӕ архайынц, цӕмӕй йӕ фӕзмой. Ӕмӕ сын кӕд зындзинӕдтӕ дӕр вӕййы, уӕддӕр нӕ фӕархайынц, цӕмӕй ахицӕн уой, Библимӕ гӕсгӕ сын уый бар куы нӕ уа, уӕд. Уыдон зонынц, Йегъовӕ бинонты цардмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус «баиу» уой, кӕрӕдзийыл «баныхӕсой». Адӕймагӕн йӕ цардӕмбалмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссын йӕ бон куы нӕ уа, уӕд ын Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй дзы ахицӕн уа ӕмӕ ногӕй смой кӕна кӕнӕ ус ракура (Матф. 19:5, 9). Чырыстӕттӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразынц, цӕмӕй сӕ бинонты цард амондджын уа, уӕд афтӕмӕй вӕййынц Йегъовӕйы хицаудзинады фарс. w17.06 31 ф., 17, 18 абз.

Майрӕмбон, 23 август

Уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн (Райд. 3:5).

Сайтан Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, Йегъовӕ Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, Йегъовӕ рӕстӕй нӕ архайы ӕмӕ Хицауӕн нӕ бӕззы, стӕй, махӕн хуыздӕр куыд уа, ууыл нӕ мӕт кӕны. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уайы, ӕмӕ адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицау куы уой, уӕд амондджындӕр уыдзысты (Райд. 3:1–4). Хӕйрӕджы ма афтӕ зӕгъын дӕр фӕндыд, ӕмӕ сын тынг зын куы уа, уӕд сӕ Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын никӕй бафӕнддзӕн (Иов 2:4, 5). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ рӕстӕг радта, цӕмӕй иууылдӕр феной, ӕнӕ Хуыцауы хицаудзинадӕй цард фыдӕбойнаг кӕй у. Йегъовӕ йӕ бӕгуыдӕр зоны, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты. Уӕдӕ ма йын уӕд рӕстӕг цӕмӕн радта, цӕмӕй, рӕстытӕ дзуры ӕви нӕ, уый рабӕрӕг уыдаид? Ацы фарста хауы зӕдтӕм дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр (Пс. 83:18). Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хицау уыдаид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ бирӕтӕ бакодтой. Уый тыххӕй, чи зоны, адӕммӕ кӕнӕ зӕдтӕм ахӕм дызӕрдыггаг хъуыды фӕзындаид, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг рӕстытӕ дзырдта. w17.06 22, 23 фф., 3, 4 абз.

Сабат, 24 август

Ацӕут... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы архайай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ рауайа куыстуарзаг, ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг, стӕй фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ ма сахуыр уыдзынӕ адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын (Ӕмб. 21:5; 2 Тим. 2:24, фип.). Фӕлӕ дын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг циндзинад уӕлдайдӕр уымӕн хӕсдзӕн, ӕмӕ хуыздӕр арӕхсдзынӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссынмӕ. Стӕй ма сахуыр уыдзынӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын дӕр (1 Кор. 3:9). Чи зоны, кӕм цӕрыс, уым Библи ахуыр кӕныныл бирӕтӕ не сразы вӕййынц. Фӕлӕ дын уӕддӕр хъусын кӕнын уыдзӕн цины хос. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын у ӕнӕхъӕн ӕмбырды куыст. Ӕмӕ кӕд, Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи свӕййы, ахӕм адӕймаджы иу хо кӕнӕ иу ӕфсымӕр ссары, уӕддӕр не ’ппӕт дӕр фӕцин кӕнӕм. Зӕгъӕм, Брэндон фараст азы пионерӕй лӕггад кодта, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм ран. Брэндон загъта: «Ӕцӕг, ацы ран Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдыдтон, уыдонӕй донаргъуыд ничи райста. Фӕлӕ иннӕтӕн сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райсынц донаргъуыд, ӕмӕ ууыл ӕз дӕр цин кӕнын. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайын, уый фӕрцы дӕн тынг амондджын» (Еккл. 11:6). w17.07 23 ф., 7 абз.; 24 ф., 9, 10 абз.

Хуыцаубон, 25 август

Йӕ цӕсгом... раздӕрау ӕнкъард нал уыд (1 Сам. 1:18).

Аннӕ тынг маст кодта, цот ын кӕй нӕ цыди, ууыл. Елхъаны иннӕ ус Феннанӕйӕн та уыд бирӕ сывӕллӕттӕ (1 Сам. 1:4–7). Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй-иу ын Феннанӕ «алы аз дӕр» мӕстӕймарӕн ныхӕстӕ кодта, ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта. Цымӕ Аннӕ цы сарӕзта, цӕмӕй удӕнцой ссардтаид? Аннӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ хъуыддаг уый бар бакодта (1 Сам. 1:12). Аннӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕнӕ лӕппу кӕй ратдзӕн, кӕнӕ та йын йӕ зӕрдӕйы рыст ӕндӕр искуыд кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн. Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзардзыстӕм (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ нын чи баххуыс кӕна, уый дӕр ис. Нӕ бон у Йегъовӕмӕ, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцаумӕ», кувын (2 Кор. 1:3). Аннӕ дӕр раст афтӕ бакодта. Йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уый Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Махӕн дӕр нӕ бон у Аннӕйы бафӕзмын. Зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн ӕрмӕст сӕ кой скӕнын фаг нӕ уыдзӕн. Хъуамӕ йын лӕгъстӕ кӕнӕм, ома йын, нӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый раргом кӕнӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна (Фил. 4:6, 7). w17.06 6 ф., 10, 11 абз.

Къуырисӕр, 26 август

Иоанны фырт Симон, адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс? (Иоан. 21:15).

Йесо куы райгас, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕсаг ахстой, фӕлӕ иу кӕсаг дӕр не ’рцахстой. Йесо сын загъта: «Уӕ хыз бӕлӕгъы рахиз фарс баппарут, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут кӕсӕгтӕ». Ӕмӕ уыдон дӕр «сӕ хыз баппӕрстой, фӕлӕ йӕ сӕ бон фӕстӕмӕ сласын нал уыди, уымӕн ӕмӕ дзы тынг бирӕ кӕсӕгтӕ уыд» (Иоан. 21:1–6). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн райсомӕй кӕсаг ӕмӕ дзул бахӕрын кодта. Стӕй Петрӕн загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Йесо йӕ зыдта, Петр кӕсаг ахсыны куыст кӕй уарзта. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕй зӕгъинаг уыд, зӕгъгӕ, фылдӕр цы уарзыс, мӕн ӕмӕ уӕ цӕуыл ахуыр кодтон, уыдӕттӕ ӕви кӕсаг ахсын. Петр ын загъта: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын» (Иоан. 21:15). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Петры цардӕй ӕцӕгдӕр бӕрӕг уыд, йӕ ныхасӕн хицау кӕй у. Чырыстийы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд, ӕппынӕдзух кӕй хъусын кодта, уымӕй. Ӕмӕ фӕстӕдӕр сси чырыстон ӕмбырды цӕджындзтӕй иу. w17.05 22 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 27 август

Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг? (Дзут. 13:6).

Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йыл кӕй батыхсдзӕн, ӕмӕ йын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыд йӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Павел зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл йӕ ныфс дардта. Уый йӕ ныфс дардта «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауыл», не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр нын удӕнцой чи дӕтты, ууыл (2 Кор. 1:3, 4). Адӕймаг Хуыцаумӕ куы фӕкувы, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йемӕ ныхас фӕкӕны, ӕмӕ афтӕмӕй свӕййы Хуыцауы хорз хӕлар (Пс. 86:3; 1 Фес. 5:17; Ром. 12:12). Нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ куы раргом кӕнӕм, уӕд ӕм афтӕмӕй баввахсдӕр вӕййӕм (Пс. 65:2). Стӕй нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый куы фенӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Мах ӕй фидарӕй зонӕм: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Пс. 145:18). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фидарӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны фидар фӕлӕууын. w17.05 19 ф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 28 август

Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ (1 Сам. 16:7).

Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕ куы нӕ бамбарай кӕнӕ сӕ уынаффӕимӕ разы куы нӕ уай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ахӕм уавӕры, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕлвӕрд цӕуа нӕ уырнындзинад, ома Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ, ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уый растыл нымайӕм ӕви нӕ. Ахӕм уавӕрты дӕ сӕрныллӕгдзинад куыд бахъахъхъӕндзӕн? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг: сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ыл сӕтдзыстӕм, цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй алцы кӕй нӕ зонӕм. Суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ алцыдӕр зонӕм, уӕддӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ зоны, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыцы хъуыды нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, стӕй цӕмӕй ӕмбарӕм, нӕ бон алцы зонын кӕй нӕу, ӕмӕ-иу нӕ хъуыды аивӕм. Дыккаг: кӕд ӕмбырды исчи ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр нын сӕрныллӕгдзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс уӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ хъуыддаг кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ. Библи зӕгъы: «Фыдгӕнӕгӕн та хорз нӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ царды бонтыл дӕр нӕ бафтаудзӕн» (Еккл. 8:12, 13). Уӕдӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн (1 Пет. 5:5). w17.04 25, 26 фф., 10, 11 абз.

Цыппӕрӕм, 29 август

Мӕн адавтой дзуттӕгты зӕххӕй. Ӕмӕ ам дӕр никӕмӕн ницы ракодтон, афтӕмӕй мӕ ахӕстоны дзыхъхъы ныппӕрстой (Райд. 40:15).

Иосифы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, чидӕр йӕ ныхмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Стӕй ма комкоммӕ загъта, цы фыдракӕнды йӕ фӕаххосджын кодтой, уыцы фыдракӕнды аххосджын кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕндарӕн загъта, цӕмӕй фараонӕн йӕ кой скодтаид. Йӕ нысан уыд, цӕмӕй йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодтаиккой (Райд. 40:14). Цымӕ Иосифӕй зӕгъӕн уыд, ӕмӕ йӕ ныфс асаст ӕмӕ ницыуал арӕзта? Нӕ, афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд. Иосиф ӕй зыдта, ахӕм ӕфхӕрд ӕппын ницӕй тыххӕй кӕй ӕййафы. Ӕмӕ йӕ уавӕр дӕр сӕндарӕн уый тыххӕй бамбарын кодта. Ныфс ӕй уыд, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Иосиф йе фараонӕн, йе ӕндӕр искӕмӕн кӕй загъта, давгӕ йӕ йе ’фсымӕртӕ кӕй акодтой. Фӕстӕдӕр йе ’фсымӕртӕ Египетмӕ куы ’рцыдысты ӕмӕ йемӕ куы бафидыдтой, уӕд сӕм фараон хорз цӕстӕй ракаст ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй Египетмӕ цӕрынмӕ ӕрцыдаиккой. Стӕй ма сын загъта: «Ӕгас Египеты дӕр хорзӕй цы ис, уый сымах уыдзӕн» (Райд. 45:16–20). w17.04 20, 21 фф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 30 август

О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ! (Ром. 11:33).

Йегъовӕмӕ ис зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, ӕмӕ йӕ бон у ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр батыхсын. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ дӕр ис бар, цӕмӕй Хицау уа. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕ Фыртӕн цы хъомыс радта, ууыл. Йесойӕн йӕ бон уыди сдзӕбӕх кӕнын, иу дохтырӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕ уыд сдзӕбӕх кӕнын, ахӕм низтӕ (Матф. 4:23, 24; Мар. 5:25–29). Махмӕ уыдӕттӕ диссаг кӕсынц, фӕлӕ Йегъовӕмӕ та нӕ кӕсынц. Нӕ буар куыд конд у, уый хорз зоны, ӕмӕ нӕ цӕмӕйфӕнды дӕр у йӕ бон сдзӕбӕх кӕнын. Йӕ бон ма у суанг мӕрдты дӕр райгас кӕнын ӕмӕ афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕ мауал уа. Хӕйрӕджы дунейы чи цӕры, уыцы адӕмӕн сӕ бон нӕу афтӕ скӕнын, цӕмӕй иу бӕстӕйы мидӕг кӕнӕ цалдӕр бӕстӕйы ’хсӕн фарн уа. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ ис ахӕм зонд (Ис. 2:3, 4; 54:13). Йегъовӕйы зонд ӕмӕ зонындзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фӕфӕнды, апостол Павел абоны стихы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон зӕгъын. w17.06 28 ф., 6, 7 абз.

Сабат, 31 август

Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд (Мар. 10:9).

Ацы дунейы бирӕтӕ бинонты цардмӕ кӕсынц уӕлӕнгай цӕстӕй. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ, сӕ цард куы нӕ ацӕуа, уӕд сӕ бон у сӕ цардӕмбалы ныууадзын. Фӕлӕ чырыстӕттӕ бинонты цардмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсынц (1 Кор. 7:27). Уыдон ӕй ӕмбарынц, дзырд Хуыцауы раз кӕй радтой. Ӕмӕ уыцы дзырдӕн хицау куы нӕ разыной, уӕд афтӕ уайдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы асайдтой. Хуыцау та, сайгӕ чи кӕны, уыдонӕй йе сӕфт уыны (Лев. 19:12; Ӕмб. 6:16–19). Йегъовӕ йе сӕфт уыны, адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы ӕмӕ дзы куы ахицӕн вӕййы, уымӕй (Мал. 2:13–16). Йесо дзырдта, Фыстадмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар кӕй ис, ӕрмӕстдӕр сӕ искӕмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа ӕмӕ йын йӕ цардӕмбал куы нӕ ныххатыр кӕна, уӕд (Матф. 19:9; Дзут. 13:4). Цы ис зӕгъӕн хицӕнтӕй цӕрыны тыххӕй та? Библийы уый фӕдыл дӕр ис амындтӕ (1 Кор. 7:10, 11). Библийы бӕлвырдӕй нӕй фыст, хицӕнтӕй цӕрӕн цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй ис, уый. Фӕлӕ кӕцыдӕр уавӕрты чырыстон, гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕна, йӕ цардӕмбалӕй ацӕуыны бар ын кӕй ис, зӕгъӕм, йӕ цардӕмбал ӕй тынг куы ’фхӕра ӕмӕ йӕм йӕ къух куы иса кӕнӕ та раст дин куы ныууадза, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй йӕ цардӕн кӕнӕ йӕ уырнындзинадӕн тынг тӕссаг куы уа, уӕд. w17.04 7 ф., 14–16 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын