Июль
Къуырисӕр, 1 июль
Уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн (1 Пет. 5:6).
Севнӕ уыд паддзах Езекийы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ йӕм уыд стыр бартӕ (Ис. 22:15). Фӕлӕ фӕстӕдӕр, хъыгагӕн, ссӕрбӕрзонд ӕмӕ сси кадуарзаг (Ис. 22:16–18). Севнӕ йӕхицӕн кад кӕй агуырдта, уый тыххӕй Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ йын йӕ бартӕ байстой ӕмӕ йын йӕ бӕсты ӕндӕр адӕймаджы, Елиакимы, сӕвӕрдтой (Ис. 22:19–21). Уыцы хабар ӕрцыд, ассириаг паддзах Сеннахирим Иерусалим бацахсын куы сфӕнд кодта, уӕд. Цасдӕры фӕстӕ Сеннахирим йӕ лӕггадгӕнджыты Иерусалиммӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста, цӕмӕй дзуттӕгты тас бауагътаид ӕмӕ Езеки йӕхи йӕ къухмӕ радтаид (2 Пад. 18:17–25). Сеннахиримы лӕггадгӕнджытимӕ аныхас кӕнынмӕ арвыстой Елиакимы. Фӕлӕ Елиаким иунӕгӕй нӕ рацыд. Йемӕ ма уыди дыууӕ адӕймаджы, ӕмӕ уыдонӕй иу уыд Севнӕ, ныр уыд паддзахы писыр. Куыд зыны, афтӕмӕй Севнӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕнӕхъуаджы мӕ бафхӕрдтой, зӕгъгӕ. Уый сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ сразы, ахӕм кадджын чи нӕ уыд, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл. w18.03 25 ф., 7, 8, 10 абз.
Дыццӕг, 2 июль
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсут, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстут (Гал. 5:16).
Чи зоны нӕм ахӕм фӕндтӕ фӕзыны, цӕмӕй хъӕздыгдзинады кӕнӕ нӕ буары монцты фӕдыл ацӕуӕм. Уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна нӕ хъуыдытӕ, раст цы у, уымӕ саразынӕн (Лук. 11:13). Нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Петры цӕвиттон. Хатгай-иу уый дӕр Чырыстийы хуызӕн нӕ хъуыды кодта (Матф. 16:22, 23; Лук. 22:34, 54–62; Гал. 2:11–14). Фӕлӕ-иу Петр йӕ къухтӕ не ’руагъта, ӕмӕ-иу ын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Гыццылгай Петр сахуыр Чырыстийы хуызӕн хъуыды кӕнын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый нӕ бон бауыдзӕн. Фӕстӕдӕр Петр йӕхӕдӕг ныффыста, чырыстӕттӕн сӕ бон кусын цӕуыл у, уый тыххӕй (2 Пет. 1:5–8). Уӕдӕ хъуамӕ «ӕппӕт хъарутӕй архайӕм» хиуылхӕцындзинадыл, фидардзинадыл, ӕфсымӕрты уарзӕм, ууыл ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытыл. Хорз уаид, алы бон дӕр-иу нӕхимӕ ахӕм фарста куы раттиккам: «Мӕ уырнындзинад фидар кӕныны тыххӕй абон цавӕр миниуӕгыл у мӕ бон бакусын?» w18.02 25, 26 фф., 12, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 3 июль
Йӕ ныхӕстӕ йын хӕзнайау мӕ зӕрдӕйы ӕвӕрын, мӕ хӕс цы у, уымӕй сӕ тынгдӕр хъахъхъӕнын (Иов 23:12).
Иов Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ хорз ӕмбӕрста. Стӕй Йегъовӕйӕн йӕхи дӕр хорз зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы цӕсты, раст цы у, уый арӕзта. Зӕгъӕм, Иов зыдта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы уарза, иннӕтӕм та ӕвзӕр зӕрдӕ дара (Иов 6:14). Иов йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕрыл никуы нымадта, ӕмӕ алкӕмӕ дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, ахӕм цӕстӕй каст, раст цыма йӕ бинонтӕ сты. Уый загъта: «Мӕн мӕ мады гуыбыны чи сфӕлдыста, уый дӕр Уый не сфӕлдыста?» (Иов 31:13–22). Кӕд Иов хъӕздыг ӕмӕ нымад адӕймаг уыд, уӕддӕр йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын нӕ райдыдта ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ каст. Ацы дунейы цы кадджын ӕмӕ хъӕздыг адӕм ис, уыдонӕй бирӕтӕй Иов куыд тынг хицӕн кодта! Иовы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын исты Йегъовӕйӕ ахсджиагдӕр суыдаид, дзырд хъӕздыгдзинадыл цыдаид ӕви ӕндӕр цӕуылдӕр. Уый зыдта, ӕндӕр цӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна, уӕд уый афтӕ нымад кӕй уыдзӕн, ӕмӕ, «уӕлейӕ чи ис, уыцы ӕцӕг Хуыцауыл» йӕ къух систа (Иов 31:24–28). Уымӕй уӕлдай ма Иов бинонты цард табуйагыл нымадта. Суанг ма йӕхицӕн загъта, сылгоймӕгтӕм йӕхи кӕй нӕ мондаг кӕндзӕн (Иов 31:1). w18.02 11 ф., 16 абз.; 12 ф., 18, 19 абз.
Цыппӕрӕм, 4 июль
[Ной] йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ (Райд. 6:9).
Ной ӕмбӕрста, ӕгъдауджын цард кӕнын фаг кӕй нӕу. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», ома адӕмӕн хъӕбатырӕй дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй (2 Пет. 2:5). Апостол Павел Нойы тыххӕй ныффыста: «Йӕ уырнындзинадӕй уый дунейӕн стӕрхон кодта» (Дзут. 11:7). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, адӕм Нойыл худтысты, йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ ма йӕм суанг, чи зоны, ӕртхъирӕнтӕ дӕр кодтой, фыдмитӕ йын кӕй бакӕндзысты. Фӕлӕ уый «адӕмӕй [нӕ] тарст» (Ӕмб. 29:25). Йегъовӕ йын лӕвӕрдта, иузӕрдионӕй баззайынӕн ын чи ӕххуыс кодта, ахӕм хъӕбатырдзинад. Ной Йегъовӕйӕн фондз ӕнусы дӕргъы куы фӕлӕггад кодта, уӕд ын Хуыцау бахӕс кодта, цӕмӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты фервӕзын кӕнынӕн нау сарӕзтаид (Райд. 5:32; 6:14). Уый ӕнцон кӕцӕй уыдаид! Ӕмӕ хъуыддаг ӕрмӕст нау саразыны мидӕг нӕ уыд. Ной ӕмбӕрста, адӕм ыл ноджы тынгдӕр кӕй худдзысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ ноджы карздӕрӕй кӕй цӕудзысты. Фӕлӕ уӕддӕр «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22). w18.02 4 ф., 4, 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 5 июль
Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис... иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой! (Пс. 133:1).
Хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ (1 Иоан. 4:8). Мах нӕ фӕнды не ’мчырыстӕтты тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын: «Ме ’фсымӕртӕн быхсон, уый, чи зоны, мӕ хӕс у, фӕлӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цӕуой, уый та мӕ хӕс нӕу». Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм, «уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут [кӕнӕ «быхсут»]», зӕгъгӕ (Еф. 4:2, фип.). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ӕнӕуи афтӕ кӕй нӕ загъта, «кӕрӕдзийӕн быхсут», зӕгъгӕ, фӕлӕ, дам, «уарзондзинады фӕрцы». Уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Не ’мбырдты ис алыхуызон адӕм, ӕмӕ сӕ се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ ӕрбакодта (Иоан. 6:44). Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ алкӕй дӕр цӕйдӕр тыххӕй уарзы. Ӕмӕ сӕ кӕд Йегъовӕ уарзы, уӕд мах та афтӕ куыд хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уарзты аккаг не сты? Уӕдӕ хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты, Йегъовӕ нын куыддӕриддӕр фӕдзӕхсы, афтӕ уарзӕм (1 Иоан. 4:20, 21). w18.01 16 ф., 14 абз.
Сабат, 6 июль
Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты (Еккл. 12:1).
Иуӕй-иу ныййарджытӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, зӕгъгӕ, хуыздӕр уаид, донаргъуыд райсыны размӕ уал мӕ сывӕллон исты ахуыр куы райсид ӕмӕ хорз куыст куы ссарид. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ сывӕллоны хорзыл тыхсынц. Фӕлӕ цымӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллон ӕцӕг амондджын уыдзӕн? Уӕвгӕ, ахӕм зондахаст Библимӕ гӕсгӕ раст у? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, ацы дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйы фӕндоны ныхмӕ кӕй у (Иак. 4:7, 8; 1 Иоан. 2:15–17; 5:19). Ӕмӕ сывӕллон Йегъовӕйы хӕлар куы уа, уӕд ӕй Хӕйрӕгӕй ӕмӕ ацы ӕнӕхуыцау дунейы зондӕй уымӕй тынгдӕр ницы бахъахъхъӕндзӕн. Фӕлӕ ныййарджытӕ сывӕллоны ӕргом сӕйраджыдӕр уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ ӕмӕ хорз куыст ссарынмӕ куы здахой, уӕд тӕссаг уыдзӕн, уыдӕттӕ йын, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр куы суой. Йӕ сывӕллоны чи уарзы, ахӕм ныййарӕджы кӕцӕй фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ сывӕллон цардмӕ ацы дунейы цӕстӕй кӕса? Рох кӕнын нӕ хъӕуы, адӕймаг ӕцӕг амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты куы уа (Пс. 1:2, 3). w18.03 10, 11 фф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 7 июль
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад (Матф. 6:33).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ архайынц хуымӕтӕг цард кӕныныл. Афтӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг вӕййы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы амондджындӕр сты. Джек йе стыр хӕдзар ӕмӕ йӕ бизнес ауӕй кодта, цӕмӕй йӕ бинойнагау пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Куысты мын цы зындзинӕдтӕ уыд, уыдоны тыххӕй-иу афтӕ сдӕн, ӕмӕ-иу мӕ ницыуал хъуыд. Ӕмӕ афтӕ уыд бирӕ азты дӕргъы. Мӕ бинойнаг та пионерӕй лӕггад кодта ӕмӕ-иу алкӕддӕр уыцы хъӕлдзӕг уыди. Афтӕ-иу мын бакодта: „Мӕнӕн цы хицау ис, уымӕй хуыздӕр хицауӕн скӕнӕн нӕй!“ Ныр ӕз дӕр лӕггад кӕнын пионерӕй, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр ис иу хицау, Йегъовӕ». Цӕмӕй, ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Библи ӕхцайы тыххӕй цы зӕгъы, уыимӕ разы кӕй дӕн? Мӕ царды мын фыццаг бынаты ӕхца амал кӕнын у? Ахсджиагдӕр мын цы у: ӕхца ӕви мын Йегъовӕимӕ ӕмӕ адӕмимӕ цы хӕлардзинад ис, уый? Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Йегъовӕ мӕ, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъӕуы, уый цух кӕй никуы ныууадздзӕн?» Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдоны кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн! w18.01 25 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 8 июль
Алкӕддӕр куыд коммӕгӕс уыдыстут... афтӕ дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл (Фил. 2:12).
Алы чырыстоныл дӕр ис стыр хӕс – хъуамӕ йӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайа. Уымӕ хауы Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын, стӕй Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ нын куыд арфӕ кӕны, ууыл хъуыды кӕнын. Ды дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ куы кӕнай, уӕд ноджы фидардӕрӕй зондзынӕ, Йегъовӕ дӕ хӕлар кӕй у, уый. Ӕмӕ дӕ уӕд фӕнддзӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын (Пс. 73:28). Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Матф. 16:24). Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса. Ӕмӕ уыцы ахсджиаг къахдзӕф куы сараза, уӕд ныр дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн ӕмӕ фидӕны Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрдзӕн. Ӕрыгӕттӕ, уӕдӕ дарддӕр дӕр уӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайут! w17.12 27 ф., 18, 19 абз.
Дыццӕг, 9 июль
Бирӕфӕразон [ут] (Кол. 3:12).
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ фӕразон куы уой, уӕд сывӕллӕттӕ сабыргай ӕмбарын райдайдзысты рӕстдзинадӕн «йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» (Еф. 3:18). Хъуамӕ сӕ ахуыр кӕной сӕ кармӕ гӕсгӕ ӕмӕ, сӕ бон бамбарын цас у, уымӕ гӕсгӕ. Цы базонынц, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн иннӕты раз, уыимӕ се ’мкъласӕгты раз дӕр, цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕрыл дзурын (1 Пет. 3:15). Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, дӕ сывӕллонӕн йӕ бон у Библийы фӕрцы бамбарын кӕнын, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы уавӕры вӕййы, уый? Библи уый фӕдыл цы дзуры, уый йӕхӕдӕг ӕмбары? Ӕцӕгдӕр, цӕмӕй дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы Библийы рӕстдзинад «арф нывӕрай», уый тыххӕй дӕ хъӕуы фӕразондзинад (Дык. з. 6:6, 7). Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Цӕмӕй дӕ сывӕллон рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда, уый тыххӕй ахсджиаг у, цӕмӕй йын дӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг уай. Ӕртӕ чызджы кӕмӕн ис, иу ахӕм хо, Стефани, дзуры: «Мӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кодтон, мӕн фидарӕй цӕмӕн уырны, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, стӕй нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр раст кӕй сты, уый. Уыдӕттӕ мӕхи куы нӕ уырныдтаиккой, уӕд мӕ сывӕллӕтты та куыд бауырныдтаиккой?» w17.12 20 ф., 8–10 абз.
Ӕртыццӕг, 10 июль
Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн (Иоан. 11:23).
Марфӕйы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, йе ’фсымӕр кӕй райгас уыдзӕн? Ӕвӕццӕгӕн, зыдта, ивгъуыд заманты дӕр-иу ахӕм хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд. Нырма гыццыл куы уыд, уӕд уыцы хабӕртты тыххӕй хъуыста йӕ хӕдзары, стӕй дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Библийы райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй ӕртӕмӕ. Ахъуыды-ма кӕн, Библийы райгасдзинады тыххӕй фыццаг цы хабар ис фыст, ууыл. Уыцы хабар ӕрцыд пехуымпар Илийайы рӕстӕджы. Хуыцау Илийайӕн ахӕм хъару радта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид. Иухатт, Израилӕй цӕгатырдӕм чи уыд, уыцы финикийаг горӕт Сарептӕйы куы уыди, уӕд ӕй иу мӕгуыр идӕдз сылгоймаг суазӕг кодта. Уӕд Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ уыцы сылгоймаджы хӕдзары ссад ӕмӕ сой нӕ фӕуд кодтой. Уый фӕрцы ӕххормагӕй нӕ амардысты (1 Пад. 17:8–16). Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы сылгоймагӕн йӕ фырт фӕрынчын ӕмӕ амард. Фӕлӕ йын Илийа баххуыс кодта. Уый Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Хуыцау, курын дӕ, ацы сывӕллоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздах!» Уӕд Хуыцау Илийайы куывд фехъуыста, ӕмӕ сывӕллон райгас! (1 Пад. 17:17–24). Ӕмӕ Марфӕ дӕр уыцы диссаджы хабары тыххӕй куыннӕ зыдтаид. w17.12 3 ф., 1 абз.; 4 ф., 3, 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 11 июль
Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр (Матф. 6:24).
Чи зоны нын иннӕтӕ дзурой, дӕхицӕн хорз куыст ссар, зӕгъгӕ. Хорз куыстыл та фӕнымайынц, адӕймаг кадджын, барджын ӕмӕ хъӕздыг кӕй фӕрцы суыдзӕн, ахӕм. Бирӕтӕм афтӕ кӕй кӕсы, ӕмӕ хорз куысты фӕрцы амондджын уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм. Цымӕ дын хорз куыст куы уа ӕмӕ кадджын, зындгонд куы суай, уӕд ӕцӕгдӕр амондджын уыдзынӕ? Нӕ. Рох дӕ ма уӕд, Хӕйрӕджы дӕр уый фӕндыд, цӕмӕй йӕ бар иннӕтыл цыдаид ӕмӕ йын кад кодтаиккой. Фӕлӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта? Амондджын схонӕн ӕй ис? Нӕ, уый у тынг мӕсты (Матф. 4:8, 9; Рарг. 12:12). Ӕмӕ ныр та ахъуыды кӕн, куыд тынг фӕцин кӕнӕм, иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ нын цы замманай цард ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд. Уый нын цы циндзинад хӕссы, ахӕм циндзинад нын зӕххыл иу куыст дӕр не ’рхӕсдзӕн. Уымӕй уӕлдай, адӕм хорз куыстмӕ тырнгӕйӕ арӕх кӕрӕдзиимӕ ерыс кӕнын райдайынц, свӕййынц мӕстыгӕр кӕнӕ хӕлӕггӕнаг. Фӕлӕ амондджындӕр не свӕййынц. Ӕмӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый у «дымгӕ сурӕгау» (Еккл. 4:4). w17.11 23 ф., 11–13 абз.
Майрӕмбон, 12 июль
Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты, ӕмӕ стӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм араст сты (Матф. 26:30).
Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ зарын раст дины ахсджиаг хъуыддагыл нымад уыд, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд дӕр. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр бон цы ’рцыд, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Хицауы ӕхсӕвӕр куы сбӕрӕг кодта, уӕд се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ азарыдысты. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ куыд зарыдысты, уымӕй нын сты фӕзминаг. Израилӕгтӕй уӕлдай, уыдон Йегъовӕйӕн бакувынмӕ кувӕндонмӕ нӕ цыдысты, фӕлӕ ӕмбырд кодтой хӕдзӕртты. Уыцы хӕдзӕрттӕ израилӕгты кувӕндоны хуызӕн стыр ӕмӕ рӕсугъд нӕ уыдысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр чырыстӕттӕ зӕрдӕбынӕй зарыдысты. Апостол Павел сӕм ныффыста: «Кӕрӕдзийы ахуыр кӕнут ӕмӕ фидар кӕнут псаломтӕй, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй зарут» (Кол. 3:16). Нӕ зарджыты чиныджы цы «дины зарджытӕ» ис, уыдон, ӕцӕгдӕр, зӕрдӕбынӕй зарын хъӕуы, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕйӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг кӕй стӕм. Уыцы зарджытӕ дӕр хауынц, «ӕууӕнкджын ӕмӕ [нын] зондджын цагъар» нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕ (Матф. 24:45). w17.11 4 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 13 июль
Уӕхицӕн равзарут, ӕнцон лидзӕн кӕдӕм уа, ахӕм горӕттӕ (Ным. 35:11).
Израилы цы ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты уыд, уыдонмӕ ӕнцон лидзӕн уыди. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй уыцы горӕттӕй ӕртӕ уыдаиккой Иорданы иу фарс, ӕртӕ та – иннӕ фарс. Цӕмӕн? Цӕмӕй-иу, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн уыцы горӕттӕй искӕцымӕ алидзын ӕнцондӕр уыдаид ӕмӕ-иу ӕм тагъддӕр бахӕццӕ уыдаид (Ным. 35:12–14). Уыцы горӕттӕм цы фӕндӕгтӕ кодтой, уыдон хорз цалцӕггонд уыдысты (Дык. з. 19:3). Дзуттаг ӕгъдӕутты тыххӕй фыст кӕм ис, иу ахӕм чиныджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыцы горӕттӕм цы фӕндӕгтӕ кодтой, уыдоныл уыд амонӕнтӕ, ӕмӕ-иу уый фӕрцы марӕгӕн горӕт ссарын ӕнцондӕр уыд. Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алидзыны фадат ын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы йӕ сӕр ӕфснайын нӕ хъуыди. Ӕмӕ йын уый фӕрцы тӕссаг нӕ уыд, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын кӕй райдайдзӕн, уымӕй дӕр. Ахъуыды-ма кӕн: афтӕ чи загъта, лӕгмарӕн йӕхи дӕр амарын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау батыхст, цӕмӕй, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн фӕтӕригъӕд кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Уыцы закъоны тыххӕй иу библииртасӕг ныффыста: «Алцыдӕр афтӕ бӕлвырд уыд, стӕй афтӕ хуымӕтӕг ӕмӕ афтӕ ӕнцон аразӕн, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ӕрхъуыды кӕнӕн нӕ уыди». Йегъовӕ дурзӕрдӕ тӕрхонгӕнӕг нӕу, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд карздӕр бафхӕра, уымӕ нӕ бӕллы. Уый у «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау» (Еф. 2:4). w17.11 14 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 14 июль
Раздӕхут мӕм... ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн (Зах. 1:3).
Тыхтон фӕтӕхы, чыргъӕды мидӕг сылгоймаг бады ӕмӕ, къадзы базыртӕ кӕуыл ис, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы ӕрбатӕхынц. Ахӕм ӕнахуыр цӕстылуайӕнтӕ федта Захари (Зах. 5:1, 7–9). Цымӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн ахӕм диссаджы цӕстылуайӕнтӕ цӕмӕн равдыста? Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон хъуамӕ сӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарой Захарийы ӕхсӕзӕм ӕмӕ ӕвдӕм цӕстылуайӕнмӕ. Йегъовӕ фыддзинадӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фыддзинадӕй не сӕфт уынӕм. Ацы цӕстылуайӕнтӕ ма нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, нӕ уарзӕгой Фыды зӕрдӕ куы рухс кӕнӕм, уӕд нӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ йе ’лгъыст нӕ баййафдзӕн. Ацы фыддунейы сыгъдӕг цард кӕнай, уый ӕнцон нӕу, фӕлӕ нын Йегъовӕйы фӕрцы уый алкӕддӕр ӕнтысдзӕн. w17.10 21 ф., 1 абз.; 25 ф., 19 абз.
Къуырисӕр, 15 июль
Ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕгъдауджын... сӕ бон куыд уа ӕрыгон сылгоймӕгты [раст] зондыл аразын (Тит. 2:3, 4).
Моймӕдзыд чи нӕу, уыцы хотӕн ис бирӕ фадӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Сӕ бон у пионертӕй лӕггад кӕнын, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуын, проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайад исты куы араза, уӕд уым ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнын. Кӕйдӕрты та фӕхонынц Галаады скъоламӕ дӕр. Нӕ ацӕргӕ хотӕн сӕ бон нӕу уыцы фадӕттӕй се’ ппӕтӕй спайда кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр уыдон ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад сты, ӕмӕ сӕ мах тынг уарзӕм! Кӕд дзы кӕмӕндӕрты сӕ бон нал у, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц аразын, уӕддӕр сӕ бон у хъӕбатырдзинад ӕвдисын ӕмӕ ӕмбырдӕн алыхуызон хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг ацӕргӕ хойӕн куы зӕгъа, цӕмӕй ӕрыгон хоимӕ йӕ дарӕсы тыххӕй аныхас кӕна, уӕд ацӕргӕ хойы бахъӕудзӕн хъӕбатырдзинад. Уый ӕрыгон хойы уайдзӕфты бын нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй зӕгъдзӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕна, йӕ уӕлӕдарӕсы тыххӕй иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, ууыл (1 Тим. 2:9, 10). Ацӕргӕ хотӕ иннӕтыл афтӕ куы тыхсой, уӕд ӕмбырд фидар кӕндзӕн. w17.09 31, 32 фф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 16 июль
Ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ (Ӕмб. 2:5).
Бирӕ хъомысджын хицӕутты нӕ фӕндыд, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕм Библи кастаиккой. Фӕлӕ, Хуыцауы чи уарзта, ахӕм адӕймӕгты уый нӕ урӕдта, ӕмӕ-иу архайдтой, цӕмӕй Библи алкӕмӕ дӕр фӕхӕццӕ уыдаид. Уыдонӕй иу уыди Джон Уиклиф, цард 14 ӕнусы Английы. Уиклиф уыд ахӕм хъуыдыйыл хӕст, зӕгъгӕ, дам, алы адӕймагӕн дӕр хъуамӕ йӕ бон уа Библи кӕсын. Йӕ рӕстӕджы Английы адӕмӕн сӕ фылдӕр, Библийы цы фыст ис, уый сӕхи ӕвзагыл никуы фехъуыстой. 1382 азы Джон Уиклиф ӕмӕ ма йемӕ чидӕртӕ Библи англисаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой. Уыди ахӕм адӕймӕгтӕ, хуындысты лоллардтӕ, ӕмӕ Английы алы рӕтты хъӕуӕй-хъӕумӕ къахӕй цыдысты ӕмӕ адӕмӕн Библи кастысты, стӕй-иу сын йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕй, къухӕй-иу кӕй рафыстой, ахӕм къопитӕ ныууагътой. Уый фӕстӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы Европӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты Библи тӕлмац кӕнын райдыдтой, адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕй ӕмбӕрстой, уыцы ӕвзӕгтӕм, ӕмӕ йӕ мыхуыр дӕр кодтой. w17.09 20, 21 фф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 17 июль
Бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ (1 Кор. 7:28).
Иуӕй-иу бинонтӕ сӕмбӕлынц ахӕм зындзинадыл – цот сын нӕ фӕцӕуы, кӕд уымӕ тынг фӕбӕллынц, уӕддӕр (Ӕмб. 13:12). Раджы заманты-иу сылгоймагӕн зӕнӕг куы нӕ цыди, уӕд-иу уый худинагыл нымад уыд. Рахил дӕр, Иаковы ус, тынг маст кодта, йӕ хойӕн сывӕллӕттӕ кӕй уыд, уымӕн та цот кӕй нӕ цыди, ууыл (Райд. 30:1, 2). Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон ма цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц? Уый у цардӕмбалы мӕлӕт. Бирӕтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ сыл искуы ахӕм ӕвирхъау хабар ӕрцӕудзӕн. Чырыстӕтты фидар ныфс ис, фидӕны Йегъовӕ, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ сын уый стыр удӕнцой хӕссы (Иоан. 5:28, 29). Нӕ Фыд Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бавӕрдта, ӕмӕ нын уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ зын рӕстӕджыты вӕййынц удӕнцойы хос. w17.06 4 ф., 1 абз.; 5 ф., 6 абз.; 6 ф., 9 абз.
Цыппӕрӕм, 18 июль
Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау (Рац. 34:6).
Иухатт Хуыцау йӕхи Моисейӕн раргом кодта: фехъусын ын кодта йӕ ном, стӕй йын йӕ миниуджытӕй дӕр кӕцыдӕртӕ ранымадта. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд йе стыр тых ӕмӕ зонды кой скӕнын. Фӕлӕ йын фыццаджыдӕр загъта, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у, уый (Рац. 34:5–7). Моисейы фӕндыд фидарӕй зонын, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый (Рац. 33:13). Кӕд нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын зонӕм, уӕддӕр, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт хиуарзон разынӕм. Хатт нын зын вӕййы равзарын, нӕхи уды кой бакӕнӕм ӕви иннӕтӕн баххуыс кӕнӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты зын тынгдӕр ӕмбарӕм? Фыццаг, хъуамӕ раиртасӕм, Йегъовӕ ӕмӕ адӕм ацы миниуӕг куыд ӕвдисынц, уый. Дыккаг, хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ бон Хуыцауы фӕзмын куыд у ӕмӕ уый нӕхицӕн цы пайда хӕсдзӕн, ууыл. w17.09 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 3 абз.
Майрӕмбон, 19 июль
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Ног удыхъӕд скӕнын нӕ уый тыххӕй хъуамӕ ма фӕнда, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ ’ппӕлой, фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм. Дӕ зӕрдыл дар, ӕххӕст зӕд дӕр ма кӕй сси сӕрбӕрзонд ӕмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта. (Абар Йезекилы 28:17.) Мах та ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ нын бирӕ зындӕр у нӕхи сӕрбӕрзонддзинадӕй хизын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ сӕрныллӕг уӕм. Цӕй фӕрцы? Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм (Дык. з. 17:18–20). Уӕлдайдӕр нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын, Йесо Чырысти цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ куыд сӕрныллӕгӕй лӕггад кодта, ууыл (Матф. 20:28). Йесо ахӕм сӕрныллӕг уыд, ӕмӕ ма йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ дӕр ныхсадта (Иоан. 13:12–17). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл ма нымайӕм (Гал. 6:3, 4). w17.08 25 ф., 11, 12 абз.
Сабат, 20 июль
Хуыцаумӕ кувут... афтӕмӕй [дзы] курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ (Фил. 4:6, 7).
Чи зоны-иу нӕм афтӕ каст, ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, уый аразӕм, фӕлӕ стӕй хабӕрттӕ, куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ нӕ рауадысты. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕмбӕлдыстӕм бирӕ зындзинӕдтыл, кӕнӕ нӕ уавӕртӕ бынтондӕр кӕй фӕивтой, уый тыххӕй нӕ бахъуыди нӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ саразын (Еккл. 9:11). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕт мацӕуыл кӕнӕм ӕмӕ «Хуыцауы фарнӕй» хайджын уӕм? Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, мӕт ӕмӕ сагъӕстӕн сӕ хос кӕй у Хуыцаумӕ кувын. Уӕдӕ истӕуыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд-иу уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ кувын райдайӕм (1 Пет. 5:6, 7). Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд-иу ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, кӕй дыл тыхсы, ууыл. Цы арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын кӕны, уыдоны тыххӕй йын «бузныг... дзур». Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, йӕ бон кӕй у, «цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын», уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Еф. 3:20). w17.08 9 ф., 4, 6 абз.; 10 ф., 10 абз.
Хуыцаубон, 21 июль
Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн (Ӕмб. 15:22).
Чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕрыгонӕй райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хаста. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд хорз уаид, искӕимӕ сӕ куы аныхас кӕнис, фидӕнмӕ дӕм цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъдзысты, пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты кӕй сахуыр уыдзынӕ ӕмӕ дын уый царды стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн. Йесо уӕлӕрвты куы уыд, уӕд йӕ Фыдӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Ӕмӕ зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд дӕр ма ног цыдӕртӕ базыдта, зӕгъӕм, адӕмӕн хорз хабар дзурын стыр циндзинад кӕй хӕссы, уый. Стӕй-иу фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый дӕр ын уыди цины хос (Ис. 50:4; Дзут. 5:8; 12:2). Йесо загъта: «Ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут» (Матф. 28:19, 20). Ацы хъуыддаг дын ӕппӕты сӕйрагдӕр куы суа, уӕд дӕ цард уыдзӕн арфӕйаг ӕмӕ Хуыцауӕн кад хӕсдзӕн. Цыфӕнды хъуыддаджы куыд у, афтӕ ацы хъуыддаджы дӕр хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй фӕлтӕрдджын суай. w17.07 23 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 22 июль
Ӕз [уын]... уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн (Ис. 66:13).
Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕппӕты тынгдӕр нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны нӕ тӕригъӕдгӕнаг Фыд Йегъовӕ, уый нын ратты ӕцӕг удӕнцой (2 Кор. 1:3, 4). Зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уыдон ма удӕнцой ссарынц чырыстон ӕмбырды дӕр (1 Фес. 5:11). Дӕ бон куыд у, ныфссаст чи у, уымӕн йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнын ӕмӕ йын удӕнцой раттын? (Ӕмб. 17:22). Дӕ зӕрдыл дар, кӕй ис «рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:7). Иу идӕдз хо, Далин, зӕгъы: «Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны фӕхъӕуы, цӕуылты хъуыды кӕнынц ӕмӕ цы ’нкъарынц, уый искӕмӕн радзурын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй зӕрдӕрыст адӕймагмӕ байхъусай, дӕхӕдӕг мацы дзур, афтӕмӕй». Юнийӕн йе ’фсымӕр йӕхи амардта, ӕмӕ Юни афтӕ зӕгъы: «Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы рыст, чи зоны, кӕронмӕ ма бамбарай. Фӕлӕ ахсджиаг уый у, ӕмӕ дӕ фӕндгӕ кӕй кӕны, цӕмӕй сӕ бамбарай». Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы рыст иухуызон кӕй нӕ вӕййы, стӕй, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр иухуызон кӕй нӕ фӕдзурынц. w17.07 13 ф., 3 абз.; 14 ф., 11–13 абз.
Дыццӕг, 23 июль
Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн (Пс. 83:18).
Абон бирӕтӕн сӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр у ӕхца. Сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, цӕмӕй фылдӕр ӕхца самал кӕной кӕнӕ цӕмӕй, нырмӕ цы ’хцатӕ ӕрӕмбырд кодтой, уыдон бахъахъхъӕной. Кӕмӕндӕр та ӕппӕты ахсджиаг у йе ’нӕниздзинад, йӕ бинонтӕ, чидӕр та фӕтырны, царды йын исты бантыса, уымӕ. Фӕлӕ иу хъуыддаг уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр у: Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый хъуамӕ сбӕлвырд уа. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд царды сагъӕсты ӕмӕ зындзинӕдты тыххӕй, гӕнӕн ис, айрох кӕнӕм, куыд ахсджиаг у, уый. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, алы бон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизын, стӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. w17.06 22 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 24 июль
Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ (1 Кор. 11:1).
Йегъовӕ уарзӕгой Хицау у. Бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы куы фӕзмой ӕмӕ иннӕтимӕ тызмӕг куы нӕ уой, стӕй сӕ ӕгӕр бирӕ куы нӕ домой, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы сӕ Хицауыл нымайынц. Апостол Павел ӕппӕт тыхтӕй архайдта Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты фӕзмыныл. Павел-иу иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домдта ӕмӕ-иу сын, раст цы у, уый тыххӕй нӕ аразын кодта, фӕлӕ-иу сӕ уымӕ фӕлмӕнӕй разӕнгард кодта (Ром. 12:1; Еф. 4:1; Филим. 8–10). Афтӕмӕй Павел фӕзмыдта Йегъовӕйы. Ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй. Йегъовӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоны куы нымайӕм ӕмӕ семӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд уымӕй дӕр ӕвдисдзыстӕм, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ кӕд, цы уынаффӕ рахастой, уый кӕронмӕ не ’мбарӕм кӕнӕ алцӕуыл разы не стӕм, уӕддӕр сӕм хъусдзыстӕм. Йегъовӕйы йӕ Хицауыл чи нымайы, уыдоны хъӕуы афтӕ кӕнын, кӕд ацы дунейы адӕм бынтон ӕндӕрхуызон архайынц, уӕддӕр (Еф. 5:22, 23; 6:1–3; Дзут. 13:17). w17.06 30 ф., 14, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 25 июль
Хуыцау [уӕ] йӕхӕдӕг ахуыр кӕны уӕ кӕрӕдзийы уарзын (1 Фес. 4:9).
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй йӕ ныфс кӕмӕн асаст, йӕхимӕ чи ныхъхъуыста кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн фӕхъӕуы сӕ фарсмӕ балӕууын, бафидар сӕ кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауын (Ӕмб. 12:25; Кол. 4:11). «Уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдоны» ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй (Гал. 6:10). Библийы раджы фыст ӕрцыд, ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» бирӕтӕ кӕй уыдзысты хиуарзон ӕмӕ зыдгӕнаг (2 Тим. 3:1, 2). Мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы, йӕ Ныхас ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзӕм. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй хатт нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Фӕлӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ бацархайӕм, цӕмӕй хъуыддаг уайтагъд банывыл кӕнӕм (Еф. 4:32; Кол. 3:14). Уӕдӕ Йегъовӕйы, йӕ Ныхас, стӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты алкӕддӕр тынг уарзӕм! w17.05 21 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 26 июль
Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм (1 Иоан. 1:8).
Чырыстӕттӕ ӕмбарынц, ацы дунейы адӕмы хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй хатт ӕнаххосӕй ӕфхӕрд дӕр кӕй ӕййафдзысты. Фӕлӕ сӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕмбырды дӕр ис, уӕд уый сӕ уырнындзинадӕн фӕлварӕн свӕййы. Дӕуыл дӕр ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Цӕлхдур дын суыдзӕн? Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ нын ӕмбырды исчи ӕппын ницӕй тыххӕй маст бавзарын кӕна кӕнӕ та нӕхӕдӕг дӕр искӕй хъыджы бацӕуӕм. Ахӕм хабӕрттӕ арӕх не ’рцӕуы, фӕлӕ куы ’рцӕуынц, уӕддӕр сӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ нӕ ныддиссаг кӕнынц ӕмӕ сын цӕлхдур не свӕййынц. Ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хотӕй исчи нӕ хъыджы куы бацӕуа, уӕддӕр-иу хъуамӕ иузӕрдионӕй баззайӕм. Ӕмӕ нын уымӕн баххуыс кӕндзысты, Йегъовӕ Библийы цы уынаффӕтӕ радта, уыдон (Пс. 55:12–14). w17.04 19 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 27 июль
Бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ (1 Кор. 7:28).
Кӕд дӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны, уӕд уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ноджы фылдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлут. Фӕлӕ ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай. Йегъовӕ зӕгъы, уый бар нын кӕй нӕй, цӕмӕй нӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уӕм кӕнӕ хицӕнтӕй цӕрӕм, Йегъовӕйӕн кӕй нӕ лӕггад кӕны, ӕрмӕст уый тыххӕй (1 Кор. 7:12–16). Кӕд дӕ сӕрыхицау Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты бинонтӕн разамынд нӕ дӕтты, уӕддӕр ӕй хъуамӕ нымайай, уымӕн ӕмӕ уый бинонты хистӕр у. Ӕмӕ кӕд дӕ ус Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны, уӕддӕр ӕй хъуамӕ уарзай, йемӕ фӕлмӕн уай ӕмӕ йыл тыхсай (Еф. 5:22, 23, 28, 29). Дӕ цардӕмбал дӕ, дӕу цас фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын куы нӕ уадза, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын? Иу хойӕн йӕ лӕг загъта, цӕмӕй къуырийы мидӕг уацамынды цӕуа ӕрмӕстдӕр бӕлвырд кӕцыдӕр бонты. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕмбал мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕппындӕр нӕ уадзы? Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ бон нӕ уаид йӕ ныхасмӕ байхъусын?» Ӕмбаргӕ куы уай, уӕд дӕхи ӕнӕхъӕугӕ мастӕй бахиздзынӕ (Фил. 4:5). w17.10 13 ф., 7, 8 абз.
Хуыцаубон, 28 июль
Арф [сӕ] нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы (Дык. з. 6:7).
Библийы рагацау фыст ӕрцыд, Йегъовӕйы организацимӕ кӕй ӕрбацӕудзысты «алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕм (Зах. 8:23). Фӕлӕ уын кӕд уӕ сывӕллон уе ’взаг хорз не ’мбары, уӕд уын зын уыдзӕн, цӕмӕй йын рӕстдзинад амонат. Уӕ сӕйрагдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ сты уӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы куы базоной, уӕд сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын (Иоан. 17:3). Цӕмӕй уӕ сывӕллон Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ базона, уый тыххӕй сыл хъуамӕ арӕх дзурат (Дык. з. 6:6, 7). Сывӕллӕттӕ бынӕттон ӕвзаг сахуыр кӕндзысты скъолайы, стӕй иннӕтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ уын уе ’взаг та сӕйраджыдӕр сахуыр кӕндзысты, семӕ арӕх куы ныхас кӕнат, уӕд. Уӕ сывӕллӕттӕ уе ’взагыл куы дзурой, уӕд сын уемӕ ныхас кӕнын ӕмӕ уын, цы хъуыды кӕнынц, уый дзурын ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ ма сын уый ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр фӕпайда уыдзӕн. Зӕгъӕм, иу ӕвзагӕй фылдӕр куы зоной, уӕд хъуыды кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзысты ӕмӕ сын иннӕты хъуыды ӕмбарын, иннӕтимӕ лымӕн кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. w17.05 9 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 29 июль
Ацу ӕмӕ Фаворы хохыл ӕрбынат кӕн... Ӕмӕ дӕм ӕз... Сисарӕйы... ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзынӕн (Тӕрх. 4:6, 7).
Израилӕгты знӕгтӕм уыди 900 хӕстон бӕхуӕрдоны, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ. Израилӕгтӕм та рӕстмӕ нӕдӕр хӕцӕнгарз уыди, нӕдӕр хӕстон дзауматӕ (Тӕрх. 4:1–3, 13; 5:6–8). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ Варакӕн загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Варак ӕмӕ йӕ хӕстонтӕ Фаанахы се знӕгтимӕ тохы бацыдысты (Тӕрх. 4:14–16). Цымӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта? О. Ӕвиппайды арв фемӕхст, ӕмӕ бӕстӕ цъыфдзаст сси. Уый израилӕгтӕн стыр ӕххуыс фӕци. Варак Сисарӕйы ӕфсад фӕсырдта 24 километры, суанг Харошеф-Гоимы онг. Фӕндагыл кӕмдӕр Сисарӕйы бӕхуӕрдон цъыфы ныссагъд, ӕмӕ йӕ уым ныууагъта – ницыуал пайда йын уыд. Йӕхӕдӕг та алыгъд Цананниммӕ. Уым Сисарӕ бамбӕхст Иаилы цатыры. Сисарӕ тынг бафӕллад, ӕмӕ уайтагъд афынӕй. Ӕмӕ йӕ уӕд Иаил амардта. Уымӕн хъӕбатырдзинад куыннӕ хъуыд (Тӕрх. 4:17–21). Афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕрцы израилӕгтӕ се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты! w17.04 29, 30 фф., 6–8 абз.
Дыццӕг, 30 июль
Йегъовӕ адӕмты ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕудзӕн. [...] Фыдгӕнджыты фӕкӕндзӕн хъамайы амӕттаг (Йер. 25:31).
Цымӕ ма Армагеддоны фӕстӕ зӕххыл исты организаци уыдзӕн? Библийы фыст ис: «Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Пет. 3:13). Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх, ома адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ, сӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕм, нал уыдзысты. Фӕлӕ цымӕ сӕ бӕсты цы уыдзӕн? Сӕ бӕсты уыдзӕн «ног арв ӕмӕ ног зӕхх». Ног арв амоны ног хицауадмӕ – Хуыцауы Паддзахадмӕ. Йӕ сӕргъы ис Йесо Чырысти ӕмӕ ма йемӕ хицӕуттӕ уыдзысты 144 мины. «Ног зӕхх» та амоны, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ. Чырысти ӕмӕ йӕ Паддзахад алы хъуыддаджы дӕр архайдзысты, уаг ӕмӕ ӕгъдауы Хуыцау Йегъовӕ куыд архайы, афтӕ (1 Кор. 14:33). Уӕдӕ «ног зӕхмӕ» чи хауы, уыдонӕн алцыдӕр уыдзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Адӕмӕн зӕххыл уыдзӕн хорз разамонджытӕ (Пс. 45:16). Уыдонӕн та разамынд дӕтдзысты Чырысти ӕмӕ 144 мины. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕмӕн зиан чи хаста, уыцы организациты бӕсты уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу организаци – иудзинад кӕм уыдзӕн ӕмӕ адӕмӕн зиан чи нӕ хӕсдзӕн, ахӕм организаци! w17.04 11 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 31 июль
Дыууӕйӕ уыдзысты иу буар (Райд. 2:24).
Бинонты цард у табуйаг. Дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн дзырд куы раттынц, уӕд дзырд раттынц Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ, сӕ фарсмӕ чи вӕййы, уыцы адӕмы раз дӕр. Бирӕ бӕстӕты арӕх сӕ кӕрӕдзийӕн дзырд раттынц, кӕрӕдзи кӕй уарздзысты, кӕрӕдзийӕн аргъ ӕмӕ кад кӕй кӕндзысты, «цалынмӕ а-зӕххыл цӕрынц, уӕдмӕ, Хуыцау ӕмкъайадӕн цы уаг сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ». Чидӕртӕ, чи зоны, раст ахӕм ныхӕстӕ нӕ фӕзӕгъынц, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы раз дзырд раттынц. Кӕрӕдзийӕн ахӕм дзырд куы раттынц, уӕд свӕййынц лӕг ӕмӕ ус. Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ, бинонтӕ хъуамӕ иумӕ уой цард-цӕрӕнбонты (1 Кор. 7:39). Йесо загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд». Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, нӕ бинонты цард куы нӕ ацӕуа, уӕд ахицӕн уыдзыстӕм, зӕгъгӕ (Мар. 10:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххыл иу ӕххӕст адӕймаг дӕр нӕй, ӕмӕ уый тыххӕй иу ӕххӕст бинонтӕ дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ Библи зӕгъы, алы бинонтӕн дӕр хаттӕй-хатт сӕ царды кӕй уыдзӕн зындзинӕдтӕ (1 Кор. 7:28). w17.04 7 ф., 14, 15 абз.