Июнь
Сабат, 1 июнь
Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоан. 4:16).
Йегъовӕ нӕ уарзгӕ кӕй кӕны, ахуыр дӕр нӕ уымӕн кӕны ӕмӕ нын нӕ зондахаст дӕр уымӕн бараст кӕны. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй дзы адард уӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕуӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт адӕймагӕн зонд бацамоныны тыххӕй ӕрмӕст уынаффӕ раттын фаг нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, дзырд цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕдыл куы цӕуа, уӕд, чи зоны, бахъӕуа адӕймаджы, ӕмбырды йын цы кадджын хӕстӕ ис, уыдонӕй ӕнӕхай фӕкӕнын. Фӕлӕ ахӕм уавӕры дӕр Хуыцауы зондамынд йӕ уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы. Афтӕмӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, бамбара, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын ӕй кӕй хъӕуы, цӕмӕй Библи арф иртаса, лӕмбынӕг ыл хъуыды кӕна ӕмӕ Хуыцаумӕ кува. Афтӕ куы кӕна, уӕд йӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн (Пс. 19:7). Ӕмӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ын уыцы кадджын хӕстӕ, чи зоны, фӕстӕмӕ йӕ бар бакӕной. Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, суанг уый дӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн тӕссаг нӕ вӕййы, уыцы адӕймаджы ӕвзӕр зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уой, уымӕй (1 Кор. 5:6, 7, 11). Стӕй нын Хуыцау зонд куы фӕамоны, уӕд алы хатт дӕр рӕстӕй фӕархайы, ӕмӕ уый фӕрцы, ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ бамбарынц, сӕ тӕригъӕд куыд уӕззау уыд, уый ӕмӕ йыл ӕрфӕсмон кӕнынц (Хъуыд. 3:19). w18.03 24 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 2 июнь
Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой (Хъуыд. 16:33).
Ахӕстонгӕс, ӕвӕццӕгӕн, Фыстад нӕ зыдта. Уӕдӕ цӕмӕй чырыстон суыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базыдтаид, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый бамбӕрстаид ӕмӕ йӕ Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын бафӕндыдаид. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ уыцы зонындзинӕдтӕ донаргъуыд райсынмӕ баразӕнгард кодтой (Хъуыд. 16:25–33). Дзырд дӕр ыл нӕй, донаргъуыды фӕстӕ дӕр архайдта, цӕмӕй йӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кодтаиккой. Уӕдӕ уын уӕ сывӕллон куы зӕгъа, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзы ӕмӕ йӕ йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уӕд куыд бакӕндзыстут? Уӕ бон ын у зӕгъын, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуа. Уыдон йемӕ аныхас кӕндзысты ӕмӕ аскъуыддзаг кӕндзысты, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ. Иннӕ донаргъуыд чырыстӕттау уымӕн дӕр йӕ зонындзинӕдтӕ Йегъовӕйы тыххӕй цӕрӕнбонты, суанг ӕнусты дӕргъы дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (Ром. 11:33, 34). w18.03 10 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 3 июнь
Йесо Чырыстийы хуызӕн... хъуыды кӕнут (Ром. 15:5).
Нӕ уырнындзинад фидар кӕныныл куы архайӕм, уӕд нын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст ивынӕн. Афтӕмӕй сабыргай сахуыр уыдзыстӕм Чырыстийы хуызӕн хъуыды кӕнын. Хуыцауы сыгъдӕг тых ма нын баххуыс кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕдуидаг стонынӕн ӕмӕ нӕ удыхъӕды, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ сфидар кӕнынӕн дӕр. Чырыстийы хуызӕн куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдзӕн, скъолайы кӕнӕ куысты нӕхи куыд фӕдарӕм ӕмӕ цы фӕдзурӕм, ууыл, стӕй, цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдоныл дӕр. Нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй архайӕм Чырыстийы фӕзмыныл. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ исты кӕнӕ исчи нӕ уӕларвон Фыдӕй адард кӕна. Чырыстийы хуызӕн куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕдӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Раст уынаффӕ рахӕссынӕн мын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты? Мӕ бынаты Чырысти куыд бакодтаид? Йегъовӕйы зӕрдӕ цӕмӕй барухс уыдзӕн?» w18.02 25 ф., 12 абз.; 26 ф., 14 абз.
Дыццӕг, 4 июнь
Ной ссардта Йегъовӕйы хорзӕх (Райд. 6:8).
Нойы фыдӕн йӕ фыдыфыд Енохы рӕстӕг адӕм бынысӕфт фесты. Суанг ма Йегъовӕйӕ дӕр «алы фыдтӕ дзырдтой» (Иуд. 14, 15). Ӕгъатыр фыдгӕнджытӕ кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр. Ӕмӕ Нойы заманты зӕхх «фыдмитӕй байдзаг». Фыдгӕнӕг зӕдтӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ райстой, устытӕ ракуырдтой, ӕмӕ сын цы фырттӕ райгуырд, уыдон систы уӕйгуыты йас ӕмӕ уыдысты тынг ӕгъатыр (Райд. 6:2–4, 11, 12). Фӕлӕ Ной иннӕтӕй тынг хицӕн кодта. «Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райд. 6:9). Ӕркӕсӕм-ма, ацы ныхӕстӕй уыцы рӕстгӕнӕг адӕймаджы тыххӕй цы базонӕн ис, уымӕ. Фыццаджыдӕр уый, ӕмӕ фыддунейы цӕргӕйӕ Ной Хуыцауимӕ цыди 70 кӕнӕ 80 азы нӕ, фӕлӕ дзӕвгар фылдӕр – Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд ыл цыди 600 азы бӕрц! (Райд. 7:11). Дыккаджы та уый, ӕмӕ махӕй уӕлдай Нойы рӕстӕг, адӕймаджы уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кодтаид, ахӕм ӕмбырдтӕ нӕ уыд. Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой. w18.02 4 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 5 июнь
Адӕм уыдзысты... ӕхцауарзаг (2 Тим. 3:2).
Ӕхцауарзаг адӕймаг ӕхцайӕ ӕфсис нӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ цард фылдӕр ӕхца бакусыныл ацӕуы. Фӕлӕ уый тыххӕй йӕхи «бирӕ мӕстыты хай бакӕны» (1 Тим. 6:9, 10; Еккл. 5:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон ӕнӕ ӕхцайӕ фӕцӕрӕн нӕй. Ӕмӕ Библийы дӕр фыст ис, ӕхца адӕймаджы иуӕй-иу хъуыддӕгты хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны (Еккл. 7:12). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн, цардӕн ӕй цы хъӕуы, ӕрмӕст уый уа, фӕлӕ уӕддӕр амондджын уа? Куыннӕ (Еккл. 5:12). Иакейы фырт Агур ныффыста: «Мӕгуырдзинад дӕр мын ма ратт ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр. Къӕбӕр мын дӕтт мӕ фаг». Зын бамбарӕн нӕу, афтӕ цӕмӕн скуывта, мӕгуырдзинад мын ма ратт, зӕгъгӕ. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй давын райдыдтаид, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцауы ном фӕхудинаг кодтаид. Фӕлӕ цымӕ афтӕ та цӕмӕн скуывта, хъӕздыгдзинад мын ма ратт, зӕгъгӕ? Уый афтӕ бамбарын кодта: «Цӕмӕй ӕгӕр ма бафсӕдон ӕмӕ дӕ ма ныууадзон ӕмӕ ма зӕгъон: „Чи у Йегъовӕ?“» (Ӕмб. 30:8, 9). Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). w18.01 24 ф., 9–11 абз.
Цыппӕрӕм, 6 июнь
Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн... мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ хатыр кӕна, уӕд (Матф. 18:35).
Хъуамӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн равдисын, Йегъовӕ нын Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм. Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнын куыд ахсджиаг у, уый бамбарын кӕнынӕн Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас паддзах ӕмӕ йӕ цагъарты тыххӕй. Бакӕс Матфейы 18:23–34 стихтӕ ӕмӕ стӕй ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Йесо нӕ куыд ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ архайын мӕ фӕнды? Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ фӕразон вӕййын ӕмӕ фӕархайын, цӕмӕй-иу сӕ бамбарон? Исчи мӕ ныхмӕ исты тӕригъӕд куы ракӕны, уӕд ын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕцыдӕр тӕригъӕдтӕ иннӕ тӕригъӕдтӕй уӕззаудӕр вӕййынц. Ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймагӕн иуӕй-иу тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Уӕдӕ, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн ис, не ’фсымӕртӕн ахӕм рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр нӕ рӕдыдтытӕ нӕ хатыр кӕндзӕн. Уыцы хабар нӕ хъуыдытыл куыннӕ ӕфтауы. Уӕдӕ цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм, Йесо нӕ куыддӕриддӕр ахуыр кӕны, афтӕ. w18.01 15 ф., 12 абз.
Майрӕмбон, 7 июнь
Ӕртын боны дӕргъы исчи дӕуӕй фӕстӕмӕ, о паддзах, искӕцы хуыцауӕй кӕнӕ адӕймагӕй исты куы ракура, уӕд ӕй хъуамӕ домбӕйтты дзыхъхъы ныппарой (Дан. 6:7).
Кӕд Данелӕн йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр дарддӕр куывта, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй исчи афтӕ ахъуыды кодтаид, ӕмӕ йӕ Хуыцауыл йӕ къух систа. Данел, Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕгӕй баззайа, ууыл кӕй архайдта ӕмӕ ахӕм хъӕбатыр кӕй разынд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – диссаджы хуызы йӕ ӕвирхъау мӕлӕтӕй фервӕзын кодта. Уыцы хабары фӕрцы Йегъовӕйы ном ӕгас Мидо-Персы паддзахадыл дӕр айхъуыст (Дан. 6:25–27). Данелы хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн? Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас кӕсын фаг нӕу – хъӕуы ма йӕ «бамбарын» дӕр (Матф. 13:23). Мах фӕнды, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та хъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕ хорз ӕмбарын. Уӕдӕ-иу цы бакӕсӕм, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Стӕй ма хъуамӕ ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, уӕлдайдӕр та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Йегъовӕйӕ зонд ӕмӕ тых куы курӕм, уӕд нын сӕ рӕдауӕй дӕтдзӕн (Иак. 1:5). w18.02 10, 11 фф., 13–15 абз.
Сабат, 8 июнь
Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый (Пс. 34:8).
Кӕд донаргъуыд дӕ, уӕд, Йегъовӕ куыд хорз у, уый зоныс, уацамынды куы вӕййыс кӕнӕ скъолайы куы фӕхъусын кӕныс, уӕд дын хъӕбатырдзинад кӕй ратты, уымӕй. Чи зоны дын зын вӕййы де ’мкъласӕгтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Чи зоны, фӕтыхсыс, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕзоныс, цы цӕстӕй дӕм ракӕсдзысты, уый. Уӕлдай зындӕр та вӕййы, зӕгъӕм дӕ ӕнӕхъӕн къласы раз куы бахъӕуы дзурын, уӕд. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурай? Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн, рӕстдзинадыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, нӕ сайты ӕрыгӕттӕн цы хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдон. Уыцы хӕслӕвӕрдтӕй иуӕй-иуты фӕрцы дӕ бон у ахъуыды кӕнын, цӕуыл ӕууӕндыс ӕмӕ цӕмӕн, стӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнӕн куыд ис. Рӕстдзинадыл фидарӕй куы ӕууӕндай ӕмӕ хорз цӕттӕ куы уай, уӕд дӕ Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурын зӕрдиагӕй фӕнддзӕн (Йер. 20:8, 9). w17.12 26 ф., 12, 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 9 июнь
Цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц (2 Тим. 3:14).
Сывӕллӕттӕн, Библийы цы адӕмы ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдӕттӕ амонын ӕнӕмӕнг у. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Тимофейӕн дӕр рӕстдзинад ӕнӕуи нӕ бацамыдтой, фӕлӕ ма йӕ ууыл «фидарӕй... баууӕндын кодтой». Ӕндӕр ныхасӕй, фидарӕй баууӕндыд, цы йын бацамыдтой, уый рӕстдзинад кӕй у. Тимофей Дзуттаг Фыстытӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдта. Фӕлӕ куы фестырдӕр, уӕд бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы баууӕндыд, Чырысти Мессийӕ кӕй у, ууыл. Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уый дӕр Тимофейау рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ уай фӕразон. Адӕймагмӕ фидар уырнындзинад иу бонмӕ нӕ фӕзыны. Стӕй, кӕд ды цӕуылдӕр ӕууӕндыс, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ дӕ сывӕллон дӕр ууыл ӕууӕнддзӕн. Цӕмӕй сывӕллон рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг сахуыр уа «арф хъуыды кӕнын» (Ром. 12:1). Уыцы хъуыддаджы ныййарӕгӕй бирӕ кӕнгӕ у, уӕлдайдӕр та, йӕ сывӕллонмӕ исты фарстатӕ куы фӕзына, уӕд. w17.12 19 ф., 3, 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 10 июнь
Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд (Иоан. 11:24).
Марфӕйӕн, Йесойы хорз ӕмбал ӕмӕ ахуыргӕнинагӕн, йе ’фсымӕр Лазӕр амард, ӕмӕ йыл тынг маст кодта. Цымӕ ма йын йӕ зӕрдӕйы рыст исты ӕрсабыр кӕндзӕн? Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:20–23). Марфӕйы фидарӕй уырныдта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Фӕлӕ тӕккӕ уыцы бон Йесо диссаг сарӕзта – Лазӕры райгас кодта. Мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Йесо кӕнӕ йӕ Фыд ахӕм диссӕгтӕ кӕй араздзысты. Фӕлӕ дӕ Марфӕйау фидарӕй уырны, чи дын амард, уыдон фидӕны кӕй райгас уыдзысты? Чи зоны, дӕ цардӕмбал, дӕ мад кӕнӕ дӕ фыд йе та дӕ ныййарджыты ныййарджытӕй чидӕр фӕзиан. Кӕнӕ та, чи зоны, дӕ хъӕбулы зианыл маст кӕныс. Фӕфӕнды дӕ, цӕмӕй йын ахъӕбыс кӕнай, йемӕ аныхӕстӕ кӕнай ӕмӕ уӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй арвитат. Куыд хорз у, махӕй алкӕй дӕр Марфӕйау кӕй ис фидар ныфс ӕмӕ нӕ бон кӕй у уыйау зӕгъын: «Зонын ӕй, чи мын амард, уый кӕй райгас уыдзӕн!» Фӕлӕ уӕддӕр хорз уаид, алчидӕр-иу нӕ куы ахъуыды кӕнид, мӕрдты райгасыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, ууыл. w17.12 3 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 11 июнь
О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы (Пс. 40:8).
Йесо уарзта Моисейы закъон. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу! Уыцы Закъон радта, Йесойӕн ӕппӕты зынаргъдӕр чи уыд, уый – йӕ Фыд Йегъовӕ. Йесо Хуыцауы закъон куыд тынг уарзта, уый бӕрӕг у абоны стихы ныхӕстӕй. Йесо ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр бӕлвырд кодта, Хуыцауы закъон ӕнаипп кӕй у, адӕймагӕн пайда кӕй хӕссы ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Матф. 5:17–19). Уӕдӕ Йесойӕн зын куыннӕ уыдаид, йӕ Фыды Закъон ын чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй сзыгъуыммӕ кодтой, уый! Йесо сын загъта: «Битъынайӕ, хъонтхорайӕ ӕмӕ зирӕйӕ дӕсӕм хай дӕттут». Уыдон Закъоны ӕппӕты лыстӕгдӕр хабӕрттӕ тынг ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ уым ӕвзӕрӕй цы уыд? Уый Йесо афтӕ бамбарын кодта: «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ та – рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дарут» (Матф. 23:23). Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕйрагдӕр уыд сӕхи ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, стӕй сӕхицӕй растдӕр никӕй ӕнхъӕлдтой. Уыдонӕй уӕлдай, Йесо ӕмбӕрста, Моисейы закъон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыди, уыдон, стӕй ма ӕмбӕрста, Закъоны алы фӕдзӕхстӕй дӕр Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕн ис, уый дӕр. w17.11 13 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 12 июнь
Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй уат сыгъдӕг ӕмӕ хӕтындзинадӕй уӕхи хизат (1 Фес. 4:3).
Чи зоны нын исчи зӕгъа: «Адӕймаг хъуамӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн цӕра. Уым ӕвзӕрӕй цы ис, ӕмӕ дӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ӕмуат ӕрцӕуай?» Фӕлӕ чырыстӕттӕ уыцы хъуыддагмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизӕм (1 Фес. 4:4–8). Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын ис закъӕттӕ ӕвӕрыны бар. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл цы закъон радта, уымӕ гӕсгӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ис, сӕ къухтӕ чи ӕрфыста, ӕрмӕстдӕр ахӕм лӕг ӕмӕ усӕн. Йегъовӕ нын закъӕттӕ дӕтты, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Йӕ закъӕттӕ сты нӕ пайдайӕн. Ӕмӕ сӕ чи ’ххӕст кӕны, уыцы бинонтӕ кӕрӕдзи уарзынц, кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнынц, ӕмӕ сӕ цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг нӕу. Йӕ закъӕттӕ йын зонгӕ-зонын чи халы, уыдоны та Хуыцау бафхӕрдзӕн (Дзут. 13:4). Хуыцауы Ныхасы фӕрцы зонӕм, нӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй куыд хизӕм, уый. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм, цӕмӕ фӕкӕсӕм, уымӕ (Матф. 5:28, 29). Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ сӕхи хизынц порнографийӕ, стӕй нӕ фӕхъусынц, ӕнӕгъдау ныхӕстӕ кӕм ис, ахӕм зарджытӕм (Еф. 5:3–5). w17.11 22 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 13 июнь
Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын (Пс. 147:1).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр сӕ Хуыцауы музыкӕйӕ ӕмӕ зарджытӕй кадджын кодтой. Рагон израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу кады зарджытӕ зарын тынг ахсджиаг хъуыддагыл нымадтой. Зӕгъӕм, паддзах Давид, кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ цы хауд, уыдӕттӕ куы цӕттӕ кодта, уӕд левиттӕй 4 000 адӕймаджы равзӕрста, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕ цагъдӕй кадджын кодтаиккой. Уыдонӕй 288 левиты «сахуыр кодтой Йегъовӕйӕн зарын ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыцы хъуыддаджы уыдысты дӕсны» (1 Аз. 23:5; 25:7). Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд уым дӕр музыкӕ цагътой ӕмӕ зарджытӕ зарыдысты. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ ӕмӕ йын арфӕ кӕнгӕйӕ уадындзты зӕлтӕ ӕмӕ зарӕггӕнджыты хъӕлӕстӕ куы баиу сты ӕмӕ ӕмхуызонӕй куы райхъуыстысты, ӕмӕ уадындзты уастмӕ, ӕрхуы тӕбӕгъты ӕмӕ музыкалон инструментты цагъдмӕ Йегъовӕйы кадӕн куы ныззарыдысты... уӕд... ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар байдзаг Йегъовӕйы кадӕй» (2 Аз. 5:13, 14; 7:6). Уыцы хабӕрттӕ израилӕгтӕн сӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар кодтаиккой! w17.11 4 ф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 14 июнь
Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Фарн ӕрхӕссынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ хъама (Матф. 10:34).
Йесо зыдта, цӕуыл ахуыр кодта, ууыл се ’ппӕт кӕй нӕ баууӕнддзысты ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты хъӕбатырдзинад кӕй хъӕудзӕн, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ. Йесойӕн йӕ нысан уыд адӕмӕн рӕстдзинад амонын, бинонты кӕрӕдзийы ныхмӕ скӕнын нӕ, фӕлӕ (Иоан. 18:37). Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ зыдтаиккой, йӕ фӕдыл цӕуын алкӕд ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн, уӕлдайдӕр та се ’мбӕлттӕ кӕнӕ сӕ бинонтӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы нӕ лӕууой, уӕд. Цӕмӕй Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ аккаг уыдаиккой, уый тыххӕй-иу фидар фӕлӕууыдысты, сӕ бинонтӕ-иу сӕ куы хынджылӕг кодтой кӕнӕ-иу сыл суанг сӕ къух куы систой, уӕд дӕр. Фӕлӕ, цы фесӕфтой, уымӕй бирӕ фылдӕр ссардтой (Мар. 10:29, 30). Кӕд, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хиуӕттӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сӕ уарзӕм. Фӕлӕ нӕ хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын: Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ фылдӕр хъуамӕ макӕй уарзӕм (Матф. 10:37). Стӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ бинонты кӕй уарзӕм, уымӕй Хӕйрӕг дӕр кӕй пайда кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. w17.10 13 ф., 3–6 абз.
Сабат, 15 июнь
Сылгоймаджы [Фыддзинад] фӕстӕмӕ къусы нытътъыста ӕмӕ къусы сӕр здыйӕ ӕрӕхгӕдта (Зах. 5:8).
Ацы цӕстылуайӕн нӕ фидар ныфс уадзы, Йегъовӕ йӕ адӕмы ’хсӕн иу фыдхъуыддагмӕ дӕр ӕнцад кӕй нӕ кӕсдзӕн. Ахӕмӕй дзы исты куы фена, уӕд ын ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ кӕрон скӕндзӕн (1 Кор. 5:13). Уый зӕд дӕр равдыста, чыргъӕд уайтагъд фӕстӕмӕ уӕззау сӕрӕй кӕй ӕрӕхгӕдта, уымӕй. Уӕдӕ Захарийы рӕстӕджы чи цард, уыцы израилӕгтӕн ацы цӕстылуайӕн уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕ сыгъдӕг дин фӕчъизи кӕнын кӕй нӕ бауадздзӕн, уымӕн. Уыцы цӕстылуайӕн ма дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕхиуыл дӕр уыцы хӕс кӕй уыд, цӕмӕй раст дин фӕчъизи кӕнын ма бауагътаиккой. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фыддзинадӕн бынат нӕй. Йегъовӕ нӕ абон ӕрбакодта йӕ сыгъдӕг организацимӕ, ӕмӕ уым уынӕм, куыд нӕ уарзы ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ ныл ис хӕс, цӕмӕй йын йӕ организацийы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнӕм. Йегъовӕйы адӕмӕн хъуамӕ фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа. w17.10 24 ф., 14, 15 абз.; 25 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 16 июнь
Дӕ закъон... дын уарзын (Пс. 119:163).
Библийӕн йӕ фыццаг 39 чиныджы ныффыстой израилӕгтӕ, кӕнӕ дзуттӕгтӕ. Ӕппӕты фыццаг «Хуыцау йӕ ныхӕстӕ уыдоныл баууӕндыд» (Ром. 3:1, 2). Ӕмӕ уыцы чингуытӕй иутӕ ныффыстой дзуттаг ӕвзагыл, иннӕтӕ та – арамейаг. Фӕлӕ н. э. размӕ 3 ӕнусмӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ дзуттаг ӕвзаг нал ӕмбӕрстой. Цымӕ цӕуылнӕ? Македойнаг Алыксандр бирӕ бӕстӕтӕ басаста, ӕмӕ Грецийы паддзахад йӕ къабӕзтӕ дардыл айвӕзта. Грецийы дӕлбар чи уыд, уыцы рӕтты адӕмӕн сӕ фылдӕр райдыдтой грекъаг ӕвзагыл дзурын, сӕхи ӕвзӕгтыл та нал дзырдтой (Дан. 8:5–7, 20, 21). Дзуттӕгтӕй дӕр бирӕтӕ фылдӕр грекъагау дзырдтой, ӕмӕ сын Дзуттаг Фыстытӕ дзуттагау кӕсын афтӕ ӕнцон нал уыд. Цы гӕнгӕ уыд ахӕм уавӕры? Грекъаг ӕвзагмӕ тӕлмац ӕрцыдысты. Ӕмӕ сӕ кӕронмӕ тӕлмац фесты н. э. размӕ 2 ӕнусы. Уыцы тӕлмац схуыдтой грекъаг Септуагинтӕ. Уый у Дзуттаг Фыстыты фыццаг ӕнӕхъӕн тӕлмац. w17.09 20 ф., 7–9 абз.
Къуырисӕр, 17 июнь
Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн (Дзут. 13:5).
Зӕгъӕм дӕ дӕ куысты хицау фылдӕр рӕстӕг кусын кӕны, бинонты ахуыр ӕмӕ дын ӕмбырдтӕ кӕд вӕййы ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ кӕд фӕцӕуыс, уыцы бонты. Уӕд дӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй ма сразы уай ӕмӕ афтӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн дӕр фӕзминаг уай. Йӕ сывӕллӕттӕн чи ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрой ӕмӕ-иу сӕ къухы бафтой, уыцы ныййарджытӕ ӕвдисынц хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты нӕ фӕразӕнгард кӕнынц пионерӕй кӕнӕ Вефилы, йе та, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнынмӕ, кӕнӕ Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразынмӕ. Чи зоны, тӕрсынц, зӕрондӕй сӕм сӕ сывӕллӕтты бон кӕсын куы нӕ уа, уымӕй. Фӕлӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ хъӕбатырдзинад ӕвдисынц ӕмӕ сӕ уырны, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сараздзӕн (Пс. 37:25). Ахӕм ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хъӕбатыр уой (1 Сам. 1:27, 28; 2 Тим. 3:14, 15). w17.09 30 ф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 18 июнь
Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый... у... хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23).
Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уой? Ныййарджытӕ йӕ зонынц, сӕ сывӕллӕттӕ ацы миниуӕгимӕ кӕй нӕ райгуырдысты. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ фыццаджыдӕр сӕхӕдӕг хъуамӕ уой хиуылхӕцгӕ, ӕмӕ уӕд сывӕллӕттӕ дӕр ууыл ахуыр кӕндзысты (Еф. 6:4). Кӕд ӕй, мыййаг, бафиппайдтай, ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн хиуылхӕцындзинад нӕ фаг кӕны, уӕд ахъуыды кӕн, уыцы хъуыддаджы сын дӕхӕдӕг фӕзминаг дӕ ӕви нӕ, ууыл. Уацамынды арӕх куы цӕуай, ӕмбырдтӕ куы нӕ цух кӕнай ӕмӕ бинонты ахуыр куы уадзай, уӕд сын уыдзынӕ фӕзминаг, дӕ цардыл дӕ бар кӕй цӕуы, уымӕй. Стӕй ма тӕрс дӕ сывӕллӕттӕн, кӕм хъӕуа, уым «нӕ» дзурын. Йегъовӕ дӕр Адам ӕмӕ Евӕйӕн алцы кӕныны бар нӕ радта. Ӕмӕ уый фӕрцы хъуамӕ Йегъовӕйы хицаудзинадӕн аргъ кӕнын сахуыр уыдаиккой. Раст афтӕ, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы фӕамонынц ӕмӕ сын сӕхӕдӕг фӕзминаг куы вӕййынц, уӕд уыдон дӕр сахуыр вӕййынц хиуылхӕцындзинадыл. Дӕ сывӕллӕтты куы сахуыр кӕнай Хуыцауы хицаудзинадӕн ӕмӕ йӕ закъӕттӕн аргъ кӕнын, уӕд сын уый уыдзӕн де стырдӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу (Ӕмб. 1:5, 7, 8). w17.09 7 ф., 17 абз.
Ӕртыццӕг, 19 июнь
Цӕмӕй буары уӕнгтӕ ма ныддихтӕ уой, фӕлӕ кӕрӕдзийыл ӕмхуызонӕй тыхсой (1 Кор. 12:25).
Цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейӕн кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ Йегъовӕйы адӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты. Уыцы зындзинӕдтӕм хауы, куыст ссарын зын кӕй у, уый, алыхуызон низтӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ, къӕрныхтӕ адӕймагӕн йӕ исбон кӕй фӕхӕссынц, уый ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ. Цӕмӕй-иу зын рӕстӕджыты кӕрӕдзийы фарсмӕ балӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд та сӕм хӕларзӕрдӕдзинад дӕр ӕвдисдзыстӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзыстӕм (Еф. 4:32). Уыцы миниуджытӕ хауынц ног удыхъӕдмӕ. Ӕмӕ нын уыдон ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн удӕнцойы хос уӕм (2 Кор. 1:3, 4). Кӕд не ’мбырды ӕрлидзджытӕ кӕнӕ мӕгуыртӕ ис, уӕд уыдонмӕ та нӕ бон куыд у ноджы стырдӕр хӕларзӕрдӕдзинад равдисын? Семӕ-иу балымӕн уӕм ӕмӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй бамбарой, ӕмбырды кӕй хъӕуынц, уый (1 Кор. 12:22). Бирӕ Ӕвдисӕнтӕ ӕрлидзджыты зын сӕ зӕрдӕмӕ арф айсынц ӕмӕ бацархайынц, цӕмӕй сын се ’взаг сахуыр кӕной (1 Кор. 9:23). Уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы. w17.08 23, 24 фф., 7–9 абз.
Цыппӕрӕм, 20 июнь
Йегъовӕ у мӕ хай... ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн (Йер. хъ. 3:24).
Алчидӕр нӕ цӕттӕ хъуамӕ уа, цас хъӕуа, уыйбӕрц фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддаджы цы ’ххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тых дӕтта. Рох дӕ ма уӕд, фӕразондзинад кӕй у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Еф. 3:16; 6:18; 1 Фес. 5:17–19). Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй дын фӕразынӕн ӕмӕ быхсынӕн ӕххуыс кӕна. Стӕй ма дӕ зӕрдыл дар, Авраамӕн, Иосифӕн ӕмӕ Давидӕн цы ’ххуыс кодта, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн. Уыцы лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ дардтой. Уыдон ӕрмӕст сӕхиуыл ӕмӕ, сӕхицӕн ӕнцондӕр куыд уыд, ууыл нӕ хъуыды кодтой. Цы хорздзинӕдтӕй схайджын сты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фӕнддзӕн, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уӕдӕ кӕд зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй, «цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм». Хатгай-иу, гӕнӕн ис, дзыназӕм, «о Йегъовӕ, кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?», зӕгъгӕ (Ис. 6:11). Фӕлӕ-иу нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых хъарутӕ бауадздзӕн, ӕмӕ-иу нӕ бон уыдзӕн зӕгъын, Йереми абоны стихы кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. w17.08 7 ф., 18–20 абз.
Майрӕмбон, 21 июнь
О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос (Пс. 40:8).
Йесо гыццыл куы уыди, уӕд-иу хъазгӕ дӕр куыннӕ кодтаид ӕмӕ-иу йӕхи дӕр куыннӕ ирхӕфстаид. Хуыцауы Ныхасы дӕр фыст ис, кӕй ис «рӕстӕг худынӕн... ӕмӕ рӕстӕг кафынӕн» (Еккл. 3:4). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо Фыстад дӕр ахуыр кодта, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр кодта. 12 азы йыл куы цыд, уӕд иухатт кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтыл ныхас кодта, ӕмӕ уыдон дисӕй мардысты, «куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты», зӕгъгӕ (Лук. 2:42, 46, 47). Йесо куы сыстыр, уӕд ын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын хаста стыр циндзинад. Хуыцау ын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдонӕй иу уыди «мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнын» ӕмӕ «куырмытӕн... цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты», уый дзурын (Лук. 4:18). Йесо уарзта адӕмӕн йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй дзурын (Лук. 10:21). Иу сылгоймагимӕ раст дины тыххӕй куы аныхас кодта, уӕд уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:31–34). Йесо хъуыддагӕй ӕвдыста, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, ӕмӕ йын уый уыд стыр цины хос. Ӕмӕ ды дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд Йесойау амондджын уыдзынӕ. w17.07 23 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 22 июнь
Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн... Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд (Фил. 4:7).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй фӕзмыдта Йегъовӕйы ӕмӕ равдыста, йӕ Фыд куыд тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый (Иоан. 5:19). Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ уый тыххӕй рарвыста, цӕмӕй «зӕрдӕсаст адӕмӕн» удӕнцой хастаид ӕмӕ-иу, «маст чидӕриддӕр кодта, уыдоны зӕрдӕтӕ» ӕрсабыр кодтаид (Ис. 61:1, 2; Лук. 4:17–21). Адӕм ӕй зыдтой, Йесо сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, цӕмӕй-иу сын сӕ зын фӕрогдӕр кодтаид (Дзут. 2:17). Библи дзуры, Йесо кӕй нӕ фӕивта. Фыст дзы ис: «Йесо Чырысти уыцы иухуызон у – знон дӕр, абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр» (Дзут. 13:8). Йесо у, «адӕмы цардмӕ чи кӕны, Уый», уымӕн ӕмӕ йӕ фӕрцы нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын. Стӕй ма Йесо йӕхӕдӕг дӕр маст бавзӕрста, ӕмӕ «йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн» (Хъуыд. 3:15; Дзут. 2:10, 18). Абон дӕр ӕм иннӕты рыст хъары, йӕ зӕрдӕ сыл фӕриссы ӕмӕ йӕ бон у адӕймагӕн «бахъуаджы сахат» удӕнцой раттын (Дзут. 4:15, 16). w17.07 13 ф., 6, 7 абз.; 14 ф., 10 абз.
Хуыцаубон, 23 июнь
Уӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзысты уӕ зӕрдӕтӕ дӕр (Лук. 12:34).
Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне ӕдзух архайынц, цӕмӕй, Йегъовӕ нын цы хӕзнатӕ радта, уыдонӕн мауал аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй сӕ фӕндиаг ма фӕуӕм. Хорз кӕм фидынц, ахӕм куыстӕй нын зӕрдӕ куы бавӕрой, хъӕздыг цардыл куы хъуыды кӕнӕм кӕнӕ нӕ куы фӕнда нӕ исбонӕй ӕппӕлын, уӕд нын уыдӕттӕ, гӕнӕн ис, къуылымпыйы хос суой. Апостол Иоанн нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ацы дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ тагъд кӕй нал уыдзысты (1 Иоан. 2:15–17). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хӕзнатӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕм. Хуыцауы Паддзахадӕн къаддӕр аргъ кӕнын цӕй тыххӕй райдайдзынӕ, уыдӕттыл дӕ къух сис. Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн ӕмӕ дӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы кӕс. Библийы фылдӕр хӕзнатӕ агур. Афтӕмӕй дӕхицӕн ӕрӕмбырд кӕндзынӕ «хӕзнатӕ уӕлӕрвты – уым сӕм давӕг хӕстӕг нӕ цӕуы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры» (Лук. 12:33). w17.06 13 ф., 19, 20 абз.
Къуырисӕр, 24 июнь
Иу бон дӕ кӕртыты – уый хуыздӕр у мин бонӕй ӕндӕр искуы (Пс. 84:10).
Йегъовӕ ӕгъатыр хицау нӕу. Йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон сты сӕрибар ӕмӕ амондджын (2 Кор. 3:17). Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Йӕ разы – кад ӕмӕ намыс, йӕ цӕрӕнбынаты – хъару ӕмӕ циндзинад» (1 Аз. 16:7, 27). Псаломзарӕггӕнӕг Ефан та ныффыста: «Амондджын сты, цины хъӕр цы у, уый чи зоны, уыцы адӕм. О Йегъовӕ, уыдон цӕуынц дӕ цӕсгомы рухсы. Ӕнӕхъӕн бон дӕ ном у сӕ цин. Дӕ рӕстдзинад сӕ сбӕрзонд кодта» (Пс. 89:15, 16). Йегъовӕ куыд хорз у, ууыл цас фылдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕуырны, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Хицау кӕй нӕй. Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг сфӕлдыста ӕмӕ йӕ бӕлвырдӕй зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Уый у рӕдау Хуыцау, ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй нын бирӕ фылдӕр дӕтты. Ӕмӕ нӕ цыфӕнды ма дома – алцыдӕр у нӕхи пайдайӕн. Суанг нӕ нӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнын дӕр куы хъӕуа, уӕддӕр Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын (Ис. 48:17). w17.06 29 ф., 10, 11 абз.
Дыццӕг, 25 июнь
Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у (Ӕмб. 13:12).
Ӕркӕсӕм-ма, Английӕ иу хойы хабармӕ. Уый тынг фӕндыд, цӕмӕй йын сывӕллӕттӕ уыдаид. Ӕмӕ йын ацы дунейы сывӕллӕттӕ кӕй нӕ уыдзӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал калди. Стӕй йӕ лӕгимӕ сфӕнд кодтой сывӕллон райсын. Фӕлӕ уӕддӕр цасдӕр рӕстӕг йӕ зӕрдӕйы рыст не ’рсабыр. Уый загъта: «Зыдтон ӕй, сывӕллон исгӕ ракӕнай ӕмӕ йын цард дӕхӕдӕг раттай, уый иу кӕй нӕу». Библийы фыст ис, «сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза, уӕд ӕй уый [кӕй] хъахъхъӕндзӕн» (1 Тим. 2:15). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ кӕй ис, уый фӕрцы ӕнустӕм цӕрдзӕн. Уӕдӕ ацы стих куыд ӕмбаргӕ у? Мады фӕхъӕуы сывӕллӕттӕм кӕсын, хӕдзары куыстытӕ кӕнын, ӕмӕ йын рӕстӕг нӕ вӕййы, цӕмӕй искӕй фыдкой кӕна кӕнӕ йӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъысса (1 Тим. 5:13). w17.06 5, 6 фф., 6–8 абз.
Ӕртыццӕг, 26 июнь
[Хуыцауӕн] исты дӕттыс кӕнӕ дӕ къухӕй исты райсы? (Иов 35:7).
Мыййаг, Елиуйы афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у? Нӕ, уый зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд. Йегъовӕ йын нӕ бауайдзӕф кодта, иннӕтӕн куыд бауайдзӕф кодта, афтӕ. Елиуйы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, мах Хуыцауӕн куы нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр ыл уый никуыд фӕзындзӕн. Йегъовӕ ницы хъуаг у. Цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр уымӕй нӕдӕр хъӕздыгдӕр фӕуыдзӕн, нӕдӕр тыхджындӕр. Уый нын йӕхӕдӕг радта, цы хорз миниуджытӕ ӕмӕ нӕм курдиӕттӕ ис, уыдон, ӕмӕ сӕ куыд пайда кӕнӕм, уый дӕр уыны. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн исты хорзы куы бацӕуӕм ӕмӕ уымӕй не ’нувыд уарзт куы равдисӕм, уӕд Йегъовӕ уыцы хъуыддаг фӕнымайы, цыма йын ӕй йӕхицӕн сарӕзтам, афтӕ. Ӕмбисӕндты 19:17 фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад». Йегъовӕ уыны, иннӕтӕн хорзӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уый. Ӕмӕ кӕд Дунесфӕлдисӕг у, уӕддӕр, цы саразӕм, уымӕ ахӕм цӕстӕй фӕкӕсы, цыма нӕ хӕс дары, ӕмӕ нын уыцы хӕс бирӕ арфӕдзинӕдтӕй бафиды. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти дӕр загъта (Лук. 14:13, 14). w17.04 29 ф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 27 июнь
Адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй (Пс. 1:2).
Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад тынгдӕр бауарзӕм? Хъуамӕ ӕмбырдтӕм цӕуӕм, ма сӕ цух кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр цы мадзӕлтты фӕрцы ахуыр кӕны, уыдон цалдӕр сты. Зӕгъӕм, алы къуыри дӕр Библи фӕахуыр кӕнӕм ахуыргӕнӕн брошюрӕйы фӕрцы. Ӕмӕ нын цӕмӕй уыцы ахуыр пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу хъуамӕ алы фембӕлдмӕ дӕр нӕхи хорз бацӕттӕ кӕнӕм. Нӕ бон у, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй алкӕцы дӕр бакӕсын. Ныртӕккӕ ахуыргӕнӕн брошюрӕ ис интернеты дӕр кӕсӕн кӕнӕ йӕ уырдыгӕй рафыссӕн. Ацы брошюрӕ нӕ сайты ис бирӕ ӕвзӕгтыл. Иуӕй-иу форматты статьяйы мидӕг стихтӕ вӕййы уайтагъд фенӕн. Фӕлӕ цӕттӕ кӕнынӕн цыфӕнды мадзал ма равзарӕм, уӕддӕр уыцы стихтӕ лӕмбынӕг куы кӕсӕм ӕмӕ сыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Библийы рӕстдзинад тынгдӕр бауарздзыстӕм. w17.05 20 ф., 14 абз.
Майрӕмбон, 28 июнь
Алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй (Ром. 14:12).
Донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ фӕфӕнды, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй кӕнӕ чырыстон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрынӕй чи сфӕлмӕцыд, уымӕн йӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй Хуыцауӕн мӕхи никуы снывонд кодтон ӕмӕ мӕ донаргъуыд ӕцӕг донаргъуыдыл дӕр нымайӕн нӕй. Куыдфӕнды ма уа, донаргъуыд кӕй райста, уый алкӕмӕн дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕхи Хуыцауӕн снывонд кодта. Ахӕм адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд дзуапп дӕтдзӕн Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ ӕмбырды раз дӕр. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йесо искуы зӕгъа, райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нын зӕгъа: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад, дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ фидардзинад, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый дӕр» (Рарг. 2:4, 19). Фӕнды нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй. w17.04 6, 7 фф., 12, 13 абз.
Сабат, 29 июнь
Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст (Дык. з. 32:4).
Иухатт Авраам Йегъовӕйы бафарста: «Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» (Райд. 18:25). Авраамы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн ӕмӕ йӕ тӕрхонмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Уый зыдта, Йегъовӕ афтӕ кӕй никуы бакӕндзӕн, цӕмӕй, «фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр». Уый йӕ уырнгӕ дӕр никуы бакодтаид. Уымӕн ӕмӕ Авраам зыдта, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йегъовӕ кӕй скъуыддзаг кӕны. Йегъовӕ алцыдӕр раст фӕаразы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ тӕрхон дӕр алкӕддӕр вӕййы раст. Библийы фыст ис: «Уый уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» (Пс. 33:5). w17.04 18 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 30 июнь
Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа! (3 Иоан. 4).
Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ се ’ввахс Хӕлар суа ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой, уӕд сын хъуамӕ уӕхӕдӕг фӕзминаг уат. Сывӕллӕттӕ куы уыной, ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад», уӕд сахуыр уыдзысты сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын ӕмӕ сӕ уырндзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый цух сӕ кӕй нӕ уадздзӕн (Матф. 6:33, 34). Уӕ царды сӕйрагдӕр уӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, фылдӕр цыдӕртӕ амал кӕнын нӕ, фӕлӕ. Хуымӕтӕг цард кӕнут ӕмӕ архайут, цӕмӕй хӕстӕ ма исат. Ӕхцамӕ ӕмӕ уын «адӕм... кад кӕной», уымӕ ма бӕллут, фӕлӕ бӕллут, цӕмӕй уын уа «хӕзна уӕлӕрвты», ома уӕ цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ райа (Мар. 10:21, 22; Иоан. 12:43). Афтӕ ӕнӕвдӕлон макуы ут, ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕттӕн рӕстӕг ма уа. Сымахӕн кӕнӕ сӕхицӕн кадджын ном скӕныныл кӕнӕ фылдӕр ӕхца бакусыныл куы нӕ фӕархайынц, фӕлӕ Йегъовӕйы фыццаг бынаты куы сӕвӕрынц, уӕд-иу сын зӕгъут, сӕрыстыр сӕ кӕй стут. Ацы дунейы адӕм куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ макуы хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕ хъуамӕ батыхсой, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕ ӕнӕмӕт цард кӕной. Рох уӕ ма уӕд, «сывӕллӕттӕ ныййарджытӕн нӕ, фӕлӕ ныййарджытӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ скӕной бынтӕ» (2 Кор. 12:14). w17.05 8, 9 фф., 3, 4 абз.